Æртыггаг чиныг – НАРТЫ КАДДЖЫТÆ

СÆРГÆНДТÆ

САТАНА КУЫД ФЕСГУЫХТИ

Нартыл фыдаз, фыддуг ыскодта. Сæ фосы рæгъæуттæ ‘ххормагæй цагъды кодтой æмæ стыхстысты. Æмæ дам цын уæд Сырдон афтæ зæгъы: – Мæнæн нæ – фос ис, нæ – хос ис, а – фæлæ уæхæдæг цæуылнæ ‘рхъуыдыкæнут исты? Къибитыфæзмæ цæ исчи фæтæрæд, уым мит зæххыл нæ хæцы. Дзала хоскæрдæг дзы астæумæ зайы, æмæ цæ уым фæхизут. Нартæ хъуыдыкодтой: уæдæ цæ чи фæтæрдзæни фосы Къибитыфæзмæ? Хæлттæ сæппæрстой, æмæ Уырызмæджы хал ысхаудта. Уырызмæг сæхимæ ‘рбацыд æмæ йæхи мæсты риуыгъд æркодта къæлæтджыныл.

– Цы кæныс, мæ сæры хицау, цæуыл мæсты дæ? – афарста йæ Сатана.

– Куыннæ уон мæсты! Нарты фос сыдæй цагъды кæнынц. Къибитыфæзмæ цæ скъæрынц. Хæлттæ сæппæрстой, æмæ мæ хал ысхаудта. Ныр мын æнæдзургæ нæй, фæлæ мæ ныфс нал хæссын. Цы бакæндзынæн æз уытæппæт фосæн зæронд-зæронды?

– Уыууыл мын мацæмæй тыхс, æз цæ аскъæрдзынæн дæ бæсты.

Райсомы Сатана йæ дзыггутæ цыбыр цагъд акодта. Йæ уæлæ лæджы дарæс ыскодта, рацыд уынгмæ ‘мæ ныхъхъæркодта:

– Уæ фос ратæрут, Нартæ, æмæ уын цæ Къибитыфæзы фæхизон! Нартæ сæ фос рауагътой. Сатана цын Уырызмæджы Æрфæны сæ разæй ыскодта рæгъауæн. Миты цын фæндаг гæрста Уырызмæджы бæх, æмæ ныххæддзæ сты уайтагъд Къибитыфæзмæ.

Къибитыфæз сохъхъыр æлдары уыди. Уым йæ дыргътæй иутæ сыфтæр калдтой, иннæтæ рæгъæдкодтой. Афтæ йæ кæрдæг дæр, йæ хъæд дæр. Мит ыл æппындæр нæ хæцыди.

Сатана йæ фос ауагъта сæхи бар фæзы, йæхæдæг дыргътыл азылд. Уæд Сохъыр æлдарæн иу чидæр бамбарынкодта хъуыддаг æмæ йæ бæхыл абадти æлдар æмæ рацыди Сатанамæ.

– Чи дæ, ай мæ зæхх куы у, уæд æм кæцæй æрхаудтæ?

– Æз мæгуыр лæг дæн, æххуырстæй кусын Нарты Уырызмæгæн. Сæ бæстыл залты мит æмæ æнусон цъити ныууарыди. Нартæ хæлттæ сæппæрстой æмæ Уырызмæджы хал ысхаудта. Æз йе ‘ххуырст дæн æмæ мæ ардæм рарвыста. Мæнæн та йæ коммæ æнæ кæсгæ нæй.

– Хорз. Уæдæ мын зæгъ: рагæй дæ ‘ххуырсты Уырызмæгмæ? – Рагæй, цалдæр азы.

– Йæ ус Сатанайы дæр ын зоныс?

– Куыннæ йæ зонын, арвыдзуары хуызæн.

– Гъеуый мын мæ къухты куы бафтауис, уæд дын æз та мæ чыззы радтин.

– Уым зынæй ницы ис. Æз къуырийы фæстæ Нартæм цæудзынæн æмæ-иу мемæ рацу. Мæ ныццыдмæ Уырызмæг уым нæ уыдзæн. Мæйбалцы фæцыди, æмæ дæ раст Сатанайы хæдзармæ бакæндзынæн.

Сохъыр æлдар дæр ницыуал загъта.

Къуырийы фæстæ мит басау ис. Сохъыр æлдар æмæ Сатана Нартæм рацыдысты. Сатана йын йæ бæх райста ‘мæ йын афтæ:

– Ам мæм фæлæу, æз ын зæгъон Сатанайæн.

Æмæ хæдзармæ бацыди, йæ дарæс раивта ‘мæ йæм дзуры Уырызмæгмæ Сатана:

– Къибитыфæзы хицау Сохъыр æлдар мемæ ис, æмæ ды фæсдуар æрымбæхс, стæй йæ мæхи бар уадз.

Уырызмæг фæсдуар æрымбæхсти.

Сатана дуармæ рацыди ‘мæ йæм дзуры Сохъыр æлдармæ:

– Мидæмæ уазæг, фысым дын ыстæм.

Сохъыр æлдарæн дæр æхсызгон куыннæ уыди ‘мæ барасти Сатанайы фæстæ.

Уæд ын Сатана афтæ зæгъы:

– Бахатыркæн, уазæг! Нæ лæг ам нæй æмæ æз, сылгоймаг, уыйбæрц кæм сарæхсдзынæн!

– Ницы кæны, Сатана, æз æнæуый дæр дæ уындмæ рагæй бæллыдтæн, фæлæ мæ къухты никуы бафтыди ардæм æрцæуын.

Сатана йын хæрд, нозт йæ разы авæрдта, лæггад ын кæны. Сохъыр уæйыгæн нозт йæ сæры бацыд, цухмухтæ райдыдта. Сатана уый куы базыдта, ай Сохъыр æлдар фæнозтджын, уæд ын афтæ зæгъы:

– Дæхи уал æруагътаис хуыссæныл.

Сохъыр æлдар ысразы ис, йæхи сынтæгыл æруагъта, фæлæ фынæй нæ кодта, аивтæй хъахъхъæдта Сатанайы. Сатана барæй разкъæрт ыскодта, хæдзар æфснайы ‘мæ йæ зæнгтæ куы фæзынынц, уæд та æлдарæн йæ зæрдæ бахъыдзыкæны, рафтбафт райдыдта хуыссæны. Уæд æм Сатана дзуры: – Бахатыркæн, мæ уазæг, мæ сæры хицау ам нæй, нырма рæхджыты не ‘рцæудзæн. Æз ын алы изæр йæ уд æхсгæ фæкæнын. Æмæ ныр нæ хæдзары лæджы къахæй ды дæ, дæ уд кæм и, уый мын зæгъ, æмæ дын æй ныхсон.

– Мæ уд дæ разы цæджындзы.

Сатана цæджындзыл цинтæкæны, стæй йæ ‘хсы, сæрфтытæ йæ кæны. Сохъыр уæйыг æм кæсы ‘мæ худы:

– Мæ уд уым цы ми кæны, дæ разы къонайы дзыхъы ис.

Сатана та къонайы дзыхъы сæрфтытæкæны, æхсы йæ, уызæлы йыл, цин ыл кæны.

– Мæ уд уым цы ми кæны, Сатана? Мæ уд фæсхох цы саг хизы, уый мидæг ис.

Сатана фæмæсты ‘мæ йын афтæ:

– Æз дын дæуæн лæггадкæнын, ды та мæ хынджылæгкæныс.

Бауад Сатана фæсдуармæ æмæ Уырызмæгæн сусæгæй афтæ:

– Уайгæ фæсхохмæ, уым йæ уд саджы мидæг ис, уый хизы æмæ йæ амар.»

Уырызмæг фæстæ-дуæрттыл ахызти ‘мæ ацыд фæсхох саджы марынмæ. Ахæддзæ фæсхохмæ, кæсы, æмæ дыууадæс хосдзауы хос кæрдынц, æхсæзæй та ссивгæ ‘мæ мæкъуылтæ амайынц. Уырызмæг цæм дзуры:

– Байриат, хосдзаутæ!

– Арфæгонд уай Хуыцауæй, хорз бæлцдзон.

– Цавæр куыст кæнут уый. Иучысыл уæ фæллад дæр ысуадзут. – Цыфыддæр йæ сæры хай Сохъыр æлдарæн. Ам бон изæрмæ дыууадæс хосдзауæй цы хос ныккæрдæм, уый æхсæзæй ыссивынц æмæ амайынц. Изæры иу цавæрдæр саг æрцæуы, æмæ йын иу хъуыртты фаг дæр не ‘свæййы уыцы хос. Æмæ тухæнæй мæлæм.

– Уæдæ мын ам æввахс æмбæхсæн æркæнут, æз уæ фервæзынкæндзынæн.

Æмбæхсæн ын æркодтой хосдзæуттæ. Изæры саг хос хæрынмæ ‘рбацыди. Уырызмæг æй фатæй фехста ‘мæ йæ амардта. Акъæртт æй кодта, æмæ йын йæ хуылфæй тæрхъус систа. Тæрхъусы дæр акъæрткодта, æмæ уымæн та æртæ бæлоны систа йæ хуылфæй.

Стæй цæ рахаста ‘мæ цæ Сатанамæ радта.

Сатана йын афтæ:

– Гъер Нарты фæсивæды акæн, æмæ Къибитызæххы Сохъыр æлдары фæллой æрхæссут. Йæ чыззы дæр ын æркæнут.

Уырызмæг Нарты фæсивæды акодта Къибитызæхмæ. Уырдыгæй ратардтой Сохъыр æлдары фосрæгъæуттæ ‘мæ йын йæ чыззы дæр ракодтой. Цалынмæ Нартæ хъæумæ цыдысты, уæдмæ Сатана бæлæттæй иуы къубал сыскъуыдта, æмæ Сохъыр æлдар рарынчын и.

Æмæ йын афтæ зæгъы æлдар Сатанайæн:

– Мæ уды бар мын чидæр базыдта, ме уæнгтæ риссынц.

– Цытæ дзурыс, æлдар! Уый анызтай, æмæ дæм уымæн афтæ кæсы. Уырызмæджитæ хъæугæронмæ куы ‘рхæддзæ сты, уæд цæ Сатана базыдта, æмæ дыггаг бæлоны къубал дæр сыскъуыдта. Æлдар мæнгуды мидæг баззади. Ацархайдта ма бæргæ уæлæмæ сыстыныл, фæлæ йæ бон ницыуал баци. Æмæ йын уæд фæстагмæ афтæ зæгъы Сатанайæн:

– Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, чидæр мын мæ уды бар базыдта ‘мæ мæ мары. Фæлæ мæ гъер афтæмæй куы ныууадзид!

Уæд æм Сатана дзуры:

– Уæдæ афтæ ‘нхъæлдтай, æмæ ды Нарты, цы сты уымæй сеппæты дæр аныхъуырдзынæ?

Сатана сыскъуыдта æртыггаг бæлоны къубал дæр. Æмæ уæйыг йæ уд систа. Уæдмæ Уырызмæджитæ дæр æрбахæддзæ сты.

Æлдары мардыл цинæй мардысты. Марды фаджысы рагъмæ аппæрстой. Стæй куывдтæ фæкодтой сæхицæн. Йæ чызг та Нартæм баззад Сохъыр æлдарæн.

САТАНАЙЫ ЛÆГДЗИНАД

Нарты Уырызмæг базæронд и. Нал уыди йæ бон цуаны цæуын. Нартæ та быгъдуаны хъомгæс рауагътой, афтæмæй Уырызмæджы рад æрхауди. Уырызмæгмæ изæры Нартæй иу кæстæр бадзырдта:

– Гъе, Уырызмæг, ам дæ?

– Ам дæн, цы хабар ис?

– Ницы, фæлæ райсом быгъдуаны хъомгæс дæ рад у. Цæуын дæ бахъæудзæн.

– Уа хорз уа дæ цард, ца хорз ныхас мын зæгъыс. Мæ сæрæн нæ дæн æмæ куыд ацæуон?

– Ацы радæн ма фехал, иннæ хатт дæ нал бахъыгдардзыстæм. Уырызмæг ницыуал загъта, мидæмæ бахызти ‘мæ йæ Сатана фæрсы: – Цы кæныс, зæронд, дæ базгуытæ уагъдæй куы ‘рбацыдтæ? Уагæры дын цы загъта Нарты кæстæр?

– Уадиссаг хорзæй ницы. Быгъдуаны хъомгæсы нæ рад æрхаудис, æмæ мæ катайы дæн, зæронд-зæронды кæдæм фæцæуон?

– Дæу куынæ равзæрстаиккой, уæд гæнæн нæ уыди?

– Иннæ радæн дам дæм нал фæдзурдзыстæм.

– Цæй, иу рады тыххæй ницы кæны, зæронд. Уый фаг мæхæдæг дæр ысуыдзынæн.

Изæры Сатана йæ дзыггуты цыбырдзагъд акодта, рæуæды уæцъæф асыгъдæгкодта ‘мæ йæ йæ сæрыл æркодта, иннæ хъуынтæ куыннæ зындаиккой. Йæ рустæ мыдамæст акодта, йæ дзыггутæй цыбыр кæрдæнтæ скодта ‘мæ цæ бандæгъта, цыма йыл гæзæмæ хъуынтæ фæхæцыди. Йæхиуыл лæгдарæс ыскодта ‘мæ райсомы хъæркæны:

– Гъе, Нартæ! Уæ хъомвос ратæрут æмæ цæ фæхизон!

– Кæм цæ фæхиздзынæ, бæстæ дзæгæрæгсыгъд куы бакодта? – Уый мæхæдæг зонын.

Сатана Нарты хъомвос æрæмбырдкодта. Стæй Уырызмæгмæ бацыд æмæ йæ фæрсы:

– Кæдæм фæтæрон фосы?

Уырызмæг зæгъы:

– Кæдæм фæтæрай, ахæм бынат бæргæ ис, фæлæ чи уæнды уырдæм! – Бынбауай, цы лæг дæ! Æз ус куы дæн æмæ мæ ныфс куы хæссын, уæд ды куыд де уæнг амардтай? Зæгъ, кæдæм цæ фæтæрон?

– Авд хохы фæстæ цæры Æхсонты уæйыг. Уый бæстæ алы хатт дæр вæййы астæумæ кæрдæджы.

Сатана йæ фос фæтардта Æхсонты уæйыджы бæстæм.

Хизы цъæхцъæхид астæумæ кæрдæджы йæ фос. Уæд Æхсонты уæйыг афæлгæсы ‘мæ зæгъы: «Ох-хай, ай мæ бæстæм мæхицæй тыхджындæр ызмæлæг куы фæзынди, уæд чи уыдзæни?»

Æхсонты уæйыг ысбадти йæ бæхыл æмæ рацæуы. Сатана йæ уыны. Куыд æввахсдæр кодта, афтæ бæрæгдæр, стылдæр кодта. Уыны Сатана барæджы къæхты бынæй сыджыт хъæбысыдзæгтæй ысхъиуы ‘мæ бæх йæ фæстæ уæрмытæ уадзы. Бæх йæ къæдзил рацъыкласы ‘мæ бæласыл атыхсы, стæй йæ йæ фæдыл æд уидæгтæ раласы. Сатана старсти. Æрбаввахс и уæйыг. Йæ цæстыты къуырфытæ цæдджинаджы йæстæ, йæ фындзы рагъ æртæ лæджы дæргъæн. Йæ дзых та стыр къутуйы йас. Дæндæгтæ дуæртты йæстæ.

Æрбацыдис уæйыг. Фæрсы Сатанайы:

– Ай æмæ чи дæ, дзигло?

Сатана зæгъы:

– Хъомгæс дæн.

– Кæй хъом хизыс?

– Нарты! – зæгъы Сатана.

– Ау, æмæ уæд Уырызмæджы нæ зоныс?

– Зонын.

– Цæмæй у мæнæй кадджындæр?

– Уый кадæн кад кæм ис! Стур аргæвды, Æртæ Нарты ‘рхоны ‘мæ Æртæ Нарты иу гал хæрд нæ фæвæййынц.

– Æндæр ма цы?

– Уазджытимæ бадгæйæ се ‘мныуæзт фæкæны. Æгас адæмы нуæзтæй афæлдахы, фæлæ Уырызмæгыл нуæзт æппындæр нæ фæзыны.

– Æндæр ма йæм цы ис?

– Æндæр куы зæгъай, уæд уымæн ис ус Сатана. Уый тъæпæнæджы бæрц карз ронг бантауы, стæй Æртæ Нарты куы ‘рхонынц, уæд фæдарынц уыцы ронг æмæ йæ Æртæ Нарты адæм нуæзт нæ фæвæййынц. Сау расыг вæййынц, ахæм бæркады къух ын ис. Æнтаугæ та æхсæвы бакæны ‘мæ боны цъæхмæ сæнхъизы – нуазынæн фæбæззы.

– Уыдон хорз миниуджытæ сты, фæлæ, Нарты фыййау, райсом мæ хуындмæ хъуамæ ‘рцæуай – бакæсай, кæддæра мæн та адæм куыд зонынц. Сатана сразы ис. Райсом Æхсонты уæйыг гал аргæвдынкодта. Æрхуыдта, Æртæ Нарты цы уыдысты, уымæй æртывæр адæмы ‘мæ Сатанайы дæр æркодтой. Гал уæларт афтæ тынг ыснæрсти, æмæ ма иу ахæм бæрц адæмы фаг дæр уыд. Фæрсы Æхсонты уæйыг Сатанайы:

– Цæй, куыд дæм кæсы, Нарты хъомгæс, мæ фынгæвæрд?

Сатана зæгъы:

– Тынг хорз. Нарты фынгæвæрдæй æртæ хатты хуыздæр.

Дыггаг бон Æхсонты уæйыг æмæ кæй æрхуыдта, уыцы адæм райдыдтой нуазын. Æхсонты уæйыг уыйбæрц нуазы ‘мæ бадты адæм цас нуазынц, уымæй æртæ хатты фылдæр. Адæм ныррасыг ысты, фæлæ Æхсонты уæйыг æндæрхуызон дæр нæ кодта, цыма гъеуæд æрбадт, йæхи афтæ дардта. Æхсонты уæйыг та уæд Сатанайы фæрсы:

– Цæй цы зæгъыс, Нарты хъомгæс, Уырызмæджы йас мæ бон у бафæразын?

Сатана зæгъы:

– Ды ‘ртæ хатты тынгдæр бафæраздзынæ.

Æхсонты уæйыг зæгъы йæ усæн:

– Бантау карз ронг ахæм, æмæ райсоммæ куыд сæнхъиза.

Æхсонты уæйыг бантыдта ронгæн ныуæзтаг. Уæд Сатана схинкодта сусæгæй нуæзтагæн æмæ райсоммæ ‘ппындæр æндæрхуызон нæ фæци. Æхсонты уæйыг йæ усы фæрсы:

– Ранхъызти ныуæзтаг?

– Æндæрхуызон дæр нæ кæны! – зæгъы ус.

– Кæд ма дын кодта афтæ?

– Никуы.

Æхсонты уæйыг зæгъы:

– Фæдзурут ма Нарты хъомгæсмæ!

Æркодтой Сатанайы. Æхсонты уæйыг æм дзуры:

– Ды исты зоныс Сатанайы митæй, Нарты хъомгæс?

– Зонын цыдæртæ.

– Ме ‘фсин æнтуантæ бакодта ‘мæ йын не ‘нхъизынц. Цы бакæнæм? Фесæфдзæни уытæппæт хойраг.

Сатана зæгъы:

– Гъеныр Сатана, уæд цæ цæсты ныкъуылдмæ ранхъизынкæнид. Мæ хызыны йæ хосæй цыдæр уыд.

Сатана ‘ндæр æнхъизæн систа, доны йæ ауыдæста, стæй йæ ‘ндæр æнтуаны ныккодта ‘мæ сæнхъызтысты. Уыйфæстæ Сатана зæгъы: – Йех, ныр Сатана, йæхæдæг к’ уаид, уæд ноджы тагъддæр ранхъызтаиккой.

Æхсонты уæйыг та фæрсы:

– Куыд æй базондзынæн Сатанайы, уый мын бацамон, æз æй Нартæй тыхæй дæр байсдзынæн.

– Цы дын зæгъон, – зæгъы Сатана йæхæдæг – мыййаг куынæ бахъуыдыкæнай мæ ныхæстæ ‘мæ Сатанайы ‘фсон æндæр искæй куы ‘ркæнай – тæрсын уымæй. Хуыздæр уаид, мæ рад тагъд фæуыдзæни, æмæ мемæ ку’ ацæуис, уæд дын æй комкоммæ мæхæдæг бацамонин.

– Уæдмæ мæнæн лæууæн нæй, Нарты хъомгæс, фæлæ дын бар ис цæмæй ме ‘рцыдмæ мæ зæххыл дæ хъом хизай. Зæгъ мын Сатанайы миниуджытæ. Сатана зæгъы йæхæдæг:

– Сатанайы миниуджытæ сты ахæмтæ. Райсом хур куыддæр Нартыхъæумæ йæ был ныддара, афтæ Нарты чындзытæ, чыззытæ, устытæ цæудзысты хурыскæсæнырдæм дон хæссынмæ. Ды хурскæсæнырдыгæй лæу æмæ цæм кæс. Хуры тынтæ тынгдæр кæй ныхыл ахъазой æмæ ирддæр кæй ных уа, уый уыдзæн Сатана. Ноджы йæ базондзынæ афтæ: йæ дæллагхъуырæй сæууон ыстъалыйы ныв зындзæни. Ноджы ма йæ базондзынæ афтæ: дон куыддæр иса, афтæ цæнгты хъултæй стъæлфæнтæ кæлдзæни. Кæд уыцы миниуджытæй ницы рахатай, уæд кæмдæр уыдзæни ‘мæ йæм банхъæлмæкæсдзынæ.

Æхсонты уæйыг рарасти Нартæм, цæмæй фæкæна Сатанайы. Сатана зыдта, уæйыг Нарты æвыдæй нæ ныууадздзæни.

Æхсонты уæйыг бафæдзæхста йæ усæн:

– Ме ‘рцыдмæ мын ысцæттæкæн нуæзт æмæ хæрдæн цы хъæуы, уый. Къуырийы ‘мгъуыдмæ ам уыдзынæн.

Æхсонты уæйыг Нартæм ацыд. Йæ ус, цы хъуыдис, уый бантыдта, фæлæ та цын Сатана хин ыскодта ‘мæ не ‘нхъызтысты. Æхсонты уæйыджы ус Нарты фыййаумæ – Сатанамæ фæдзырдта ‘мæ йын зæгъы:

– Дæ рын бахæрон, нæ лæг мæ мардзæни, исты хос мын ыскæн, цæмæй ранхъизой мæ нуæзтытæ.

Сатана зæгъы:

– Афтæ тынг цæмæй тæрсыс дæ лæгæй?

– Сфизонæг мæ кæндзæни, ахæм туджы хицау у. Цы зæгъа, уый афоныл хъуамæ уа. Мæ уд мын рафтыдта.

– Æз дæ раны к’ уаин, – зæгъы Сатана, – уæд ын базонин, йæ уд кæм ис, уый æмæ дзы схъазин.

– Уый бæргæ зонын, йæ уд кæм ис, фæлæ раздæр уый басгары. – Уагæры кæм ис уыцы уд?

Æхсонты уæйыджы ус зæгъы:

– Аххæрæгæй тарвазы ‘хсæн ис лагъз æвæрд, йæ мидæг чысыл хъама, уый куы райсай, æмæ йæ ‘мбисы уонг ысластай зæгъгæ, уæд йæ тых сæтты. Чысыл æй фæрæхуыстай, уæд та мæлгæ кæны, æндæр ницæмæй ис уымæн мæлæт.

– Хорз уæдæ, – зæгъы та Сатана, – æз афтæ бакæндзынæн æмæ дæхицæн лæгъстæйаг куыд уа. Æрмæст мын, цы изæр æрцæуа, уыцы ‘хсæв дæ дарæс авæр, стæй йæ мæхи бар уадз. Дæ нуæзтытæ та дын æз сæнхъизынкæндзынæн. Иучысыл къæртайы дзаг дзы хицæнæй æрывæр æмæ- иу дæхи ма равдис иу æхсæв.

Æхсонты уæйыджы ус йæ дарæс радта Сатанамæ ‘мæ зæгъы: – Кæд дæ фæнды, уæд æртæ ‘хсæвы дæр дæ бар, æз ма дзы ирвæзгæ куы фæкæнин.

Æхсонты уæйыг Нартыхъæумæ ‘рцыди, æрлæууыди хурыскæсæнырдыгæй. Райсомы Нарты сылыстæг донхæссынмæ цыдысты ‘мæ цæм Æхсонты уæйыг кæсы. Нарты фыййау ын куыд бацамыдта, афтæ хъахъхъæны, фæлæ дзы ахæм ничи разынди ‘мæ уæд Нарты устытæй иуы фæуырæдта ‘мæ йæ фæрсы:

– Нарты Сатана бынаты ис?

– Нæй, – зæгъы ус.

– Уæдæ кæм ис?

– Æз æй нæ зонын, Уырызмæджы бафæрс.

– Йæ хæдзар кæцы у?

– Уæртæ, даргъдæр мæсыджы цур цы хæдзар ис, уый у.

Æхсонты уæйыг æрбацыди Нарты уынгты. Нартæ йæм кæсынц æмæ зæгъынц:

– Чи уа ай, пайдайы цыд нæм не ‘ркодта.

Барасти Æхсонты уæйыг Уырызмæджы кæртмæ ‘мæ бахъæркодта: – Уырызмæг, æддæмæ мæм ракæс!

Хъæрмæ Уырызмæг лæдзæгæнцæйтты рацыди ‘мæ радзырдта:

– Кæцы дæ уый?

Æхсонты уæйыг зæгъы:

– Æз дæн, Æхсонты уæйыг!

– Гъе, бынсæфт фæуай, кæд дæ цы хуыцау æрхаста! Цы дæ хъæуы? – Сатана дын кæм ис?

– Ам нæй, рæхджы фæзындзæни.

– Дард ис?

– Дард, Нарты фос хизы.

– Кæм?

– Æхсон уæйыджы бæсты.

– Ау, уым Нарты хъомгæс ис, гæзæмæ милджын быллы, æндæр дзы сылгоймаджы мыггагæй куы никæй федтон.

– Гъеуый Сатана йæхæдæг уыд.

Æхсонты уæйыг фæмæсты ис. Уырызмæгыл фæхъæркæны:

– Гъе, куыйты Нарт, уæ ус дæр хин, уæ лæг та дывæр хин. Æцæг зæгъыс, дæ ус Сатана Нарты рæгъæуттæ хизы?

– Æцæг!

Æхсонты уæйыг зæронд Уырызмæгмæ февнæлдта, йæ фæсарц æй авæры ‘мæ зæгъы:

– Хæссын дæ мемæ. Куыддæр уыцы фыййау Сатана нæ разына, афтæ дæ мæ дзабыртæ байсæрддзынæн.

Рацыди Æхсонты уæйыг. Нартæ донласты хуызæн фесты. Цæуынц. Уырызмæг æрæджиау фæсмонкæны: «Цæмæн хъæркодтон Сатанайы, а- мæхæдæг сæфын, уый æгъгъæд у.»

Æрхæддзæ сты Æхсонты уæйыджы хъæумæ. Сатана бацыди Æхсонты уæйыджы усы хуызы, карз ронг систа й’ армы ‘мæ йæ рахаста Æхсон уæйыгмæ, стæй зæгъы:

– О, нæ лæг! Кæдæм цыдтæ? Нарты хъомгæс йæхæдæг разындис Сатана. Мæнæн загъта, цæмæй дæм хæрзæггурæггаг фæуон. Айс мæ къухæй нуазæн.

Æхсонты уæйыг ысцинкодта, райста нуазæн æмæ фæрсы:

– Кæм и ныр?

– Йæхи дæм цæттæкæны, йæ дарæс ивы.

Æхсонты уæйыг фырцинæй нуазæн анызта. Стæй æрхызти йæ бæхæй æмæ Уырызмæджы дæр баппæрста Сатанайы размæ, йæхи ус æй æнхъæлдта. Æхсонты уæйыг зæгъы:

– Уыцы зæронды мацы фæкæнут, мæн хуыссæг ахсы ‘мæ æрхуыссон. Æхсонты уæйыг æрхуыссыд, йæ хъама йе ‘ртты дары, афтæмæй. Æрфынæй.

Уæд Сатана зæгъы Уырызмæгæн:

– Гъеныр нæ сæр бахъуыд. Æз ын йæ нуæзты фынæйы хос акодтон æмæ нæ ныр фæцырд хъæуы.

Бацыдысты Сатана ‘мæ Уырызмæг фынæй Æхсон уæйыгмæ. Уырызмæг хъамайыл фистонырдыгæй ныххæцыдис æмæ йæ ‘мбисмæ сласта – уæйыджы ныфс асасти, æрмæст ма мидызмæлды фынæй уыди. Сласта йæ ‘мæ йæ тых асасти. Стæй хъамайыл хæцгæйæ Уырызмæг зæгъы:

– Уæлæмæ сыст: Æхсонты уæйыг, кæд дæ мæ ус Сатана хъæуы, кæннод æй кæнгæ кæнын!

Æхсонты уæйыг фехъал и, афæлвæрдта ма йæ тыхтæ, фæлæ йæ уæдмæ Уырызмæг барæхуыста ‘мæ ныззырзыркодта уæйыг. Иу богъ ма фæкодта, стæй адаргъ и ‘мæ амард.

Сатана Æхсонты уæйыджы усæн радта фæстæмæ йæ дарæс æмæ зæгъы: – Фервæзтæ ныр дæ хъиамæтæй.

Ус дæр раарфæкодта, стæй йæ цæгатмæ цæуыныл ныллæууыд.

Уырызмæг æмæ Сатана Нарты хъомвосимæ баиукодтой Æхсонты уæйыджы фос дæр, стæй сæ бæстæм, Нартæм, хъазгæ ‘мæ худгæ ‘рфардæг ысты. Æрыййæфтой Нарты сагъæссагæй. Куыддæр Уырызмæг æмæ Сатанайы ауыдтой, афтæ сцинкодтой æмæ кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг уадысты. Уырызмæг æмæ Сатана Нартæн ыстыр куывд ыскодтой. Нартæ иу къуырийы дæргъы бадтысты фынгтыл. Йæ фæстæ Нарты адæмыл Уырызмæг æмæ Сатана Нарты фос байуæрстой – алкæмæн йæхионы радтой. Уыйфæстæ та цы фос фæкодтой Æхсонты уæйыгæй, уыдоны дæр Нартыл æмхуызон байуæрстой.

Нартæ дæр арфæгæнæг систы Уырызмæг æмæ Сатанайæн. Сæ фосы ‘ддейы ма цæм фос ноджы бафтыди. Ис исы нæ мары, фæлæ йæ фылдæр кæны. Нартæ дæр куыннæ цинкодтаиккой.

БÆГÆНЫ КУЫД ФÆЗЫНДИ

Уырызмæг хъæды уыдис æмæ сырддон цъиумæ фæкомкоммæ. Сырддон цъиу – мæнæ хуымæллæгæй гага нерызгъæлы – уыдонæй æртæ гагайы ахордта ‘мæ ‘рхауди зæхмæ. Цъиу мæлгæ н’ акодта, фæлæ ратулбатулкодта. Уырызмæг сæхимæ куы ‘рцыд, уæд æй Сатанайæн радзырдта, сырддон цъиу, мæцкъорæй цы гагатæ æрызгъæлд, уыдонæй фæрасыг зæгъгæ.

Сатана йын афтæ зæгъы:

– Æрхæсс дзы, нæ лæг. Мæн хъæуы гъеуымæй æмæ дзы куыд æрхæссай, афтæ.

Гъемæ дзы ‘рхаста, æндæр цы уыдаид.

Хорæй къуымæл ыскодта ‘мæ йыл хуымæллæгæй æнтуан скодта ‘мæ къуымæлæй тынгдæр расыгкодтой. Сатана фæстæдæр бæгæны ‘рхъуыдыкодта ‘мæ хуымæллæгæй бæгæны кæнын байдыдта.

Уæдæй фæстæмæ бæгæны кæнынц.

САТАНАЙЫ ЗАРÆГ

Ой, Сатана, æгъдаудæдтæг,

Ой,

Бузныг дæ у алы цæуæг,

Ой!

Ой, Сатана, бæркады къух,

Ой!

Уазæг дæр дæ куынæ у цух,

Ой!

Ой, Сатана, ныфсы сæр дæ,

Ой!

Дзæбæх вæййыс ды алкæмæ,

Ой!

Ой, Сатана, хъæздыггæнæг.

Ой!

Бæрæгвæййы дæ фынгæвæрд,

Ой!

Ой, Сатана, нæртон æфсин,

Ой!

Дæумæ вæййы нæ цыд, нæ цин,

Ой!

Ой, Сатана, дзаг къæбицтæ,

Ой!

Мах фæбæллæм дæ дзаг фынгмæ,

Ой!

Ой, Сатана, дæ буц цинтæ,

Ой!

Æрдав та нын хæбизджынтæ,

Ой!

Ой, Сатана, ды бонджын дæ,

Ой!

Æрхæсс та нын физонджытæ,

Ой!

Ой, Сатана, рæвдауæг дæ,

Ой!

Раппæлинаг дæ уагæй дæ,

Ой!

Ой, Сатана, Нæртон æфсин,

Ой!

Дæуыл кæнæм æдзухдæр цин,

Ой!

ЦÆУЫЛ АХИЦÆН САТАНА ‘МÆ УЫРЫЗМÆДЖЫ БЫЦÆУ Нарты Уырызмæг кадджын æмæ номдзыд лæг уыди. Стæры, æнæуый хъуыддаджы, бынаты, куывды, ныхасы – иуыл Уырызмæджы фарстой. Уырызмæгмæ фæллой дæр бирæ уыд. Иуахæмы зæгъы Уырызмæг Сатанайæн:

– Цымæ æнæ мæн цы уаис, Сатана, æз дын куынæ уаин, уæд? Сатана зæгъы:

– Цæрин адæмы цардæй.

– Уæй, ницы бакæндзынæ. Фæллой æз кæнын, ды сылгоймаг дæ, фæллойкæнын дæ бон нæу.

– Сылгоймаг фылдæр фæллойкæны, фæлæ нæлгоймаджы цæсты н’ ахады. Уæдæмæ дæ Нартæ дæр мæ ‘руаджы зонынц. Æз цыфæнды мæгуыры дæр цæрæг ыскæндзынæн.

– Уæдæ Нартæм Сырдонæй мæгуырдæр ничи ис æмæ гъеуый ысцæрæгкæн.

– Ма кæн! Æз Сырдонмæ ку’ ацæуон, уæд иу афæдзмæ де ‘ввонг фæллæйттæй рæбыны ницыуал аззайдзæни.

– Хæснаг ыскæнæм!

– Скæнæм! – зæгъы Сатана дæр.

Сатана Уырызмæгæй ницы ахаста ‘ппындæр æмæ ацыди Сырдонмæ. Бадзырдта йæм:

– Ам дæ, Сырдон?

– Ам бæргæ дæн. Кæцæй фæдæ, Сатана?

– Демæ мæ фæнды фæллойкæнын.

– Уый та куыд?

– Нæ лæгимæ хæснаг ыскодтон æмæ мын бар радта ‘мæ афæдз дæ хæдзары фæцæрон.

– Фæнды дыууæ афæдзы цæр, чи дæ нæ уадзы, æгайтма мæ дæ сæрмæ хæссыс!

Сатана Сырдонтæм æрцарди. Сатана иугæндзон куы иу ранмæ, куы ‘ндæр хъуыддагмæ рарвитбарвиткодта Сырдоны. Сырдоны ‘рцыдмæ Сырдоны хæдзар – сæрфт, сыгъдæг, йæ дарæс хуыд æмæ ‘хсад. Сырдон бынтон æндæр Сырдон фестади.

Нарты адæм дис дæр ма кодтой æмæ арæх дзырдтой:

– Сырдон ма Сырдон кæм у, фæлæ Нартæн фарс ласы.

Хъуыста Сырдон уыцы ныхæстæ ‘мæ цæ дзырдта Сатанайæн. Сатана дæр фылдæр æмæ хуыздæр æркасти Сырдонмæ. Арæзта дарæс æмæ цæ Сырдонæн фæивынкодта фосыл. Сырдонмæ фæзынди фос дæр. Нартæ та къорд бонты фæстæ зæгъынц: «Ничи кæсы Сырдонмæ, нал фосæй хъуаг у, нал – дарæсæй у цух.»

Сырдон уыцы ныхæстæ ракодта Сатанайæн, æмæ Сатана зæгъы: – Цымæ нæ лæг та цы фæзæгъы?

– Рагæй нал цæуы Ныхасмæ, фæлæ йæм мæ хъус дардзынæн. Нартæ кæрæдзийы рахонбахонкодтой. Уырызмæгмæ-иу куы барвыстой, зæгъгæ нæм абад, уæд-иу хонæгæн загъта:

– Дæ фысымæн арфæ ракæн, мæ бон нæу ацæуын, мæ хæдзары зылдтытæ нæма фæдæн.

Афтæмæй æнæхъæн афæдзы дæргъы Нартæй Уырызмæджы хæдзарæй ничиуал ракасти. Нæдæр Уырызмæг искæй хæдзармæ бацыди. Æрыввахс афæдзы бон. Уырызмæджы стыр фæллæйттæ ‘мбисæй фылдæр фæкъаддæр ысты. Æрыввахс и Нарты афæдзы бæрæгбоны бон дæр. Стыхсти Уырызмæг æмæ хъуыдыкæны, цы ‘гъдауæй ыскæна Сатанайы.

Иу бон Сырдон хæрзарæзтæй рацæуы Нарты ныхасыл. Уырызмæг та Нарты ныхасмæ цыди Сырдоныл. Нартæ сæ цæст æрывæрдтой, уый цур Уырызмæг ныхасмæ куыд бацыди, уый дæр ничи базыдта. Æгæрыстæмæй Уырызмæг арфæ куы ракодта, уæддæр æй ничи ‘рымбæрста ‘мæ йын дзуапп ничи радта.

Уæд Уырызмæг мæстæлгъæдæй раздæхти хъуырхъуыргæнгæ:

– Нартæ Сырдоныл фесты, мæнмæ дзы кæсгæ дæр ничи ‘рбакодта. Сæфт æмæ мæлæт хуыздæр у ахæм цардæй.

Сырдон сæхимæ ацыди. Уырызмæг дæр – сæхимæ. Нартæ кæрæдзийы фæрсынц:

– Уæдæ Уырызмæджы хуызæн куы уыди ам, уæд цы фæци?

Иутæ зæгъынц:

– Мах æй не рхъуыды кодтам, Сырдонмæ кæсыныл фестæм.

Иннæтæ зæгъынц:

– Æвæдздзæгæн Сырдоны хуызæн хæрзконд нал уыд æмæ чъизийæ равдисынмæ та йæ цæсгом нæ хъæцыди.

Æндæртæ зæгъынц:

– Уырызмæджы кад дæлæмæ цæуы, Сырдоны кад та уæлæмæ ‘мæ йæм кæд хардзау кæсы, æмæ уымæн аздæхтаид.

Афтæ алыхуызон ныхæстæ кодтой Уырызмæгæй Нартæ.

Иу бон Хæмыц бацыди Уырызмæгмæ ‘мæ йын зæгъы:

– Уырызмæг, цæмæн худинаг кæныс мах дæр æмæ дæхи дæр? – Цæмæй уæ кæнын худинаг?

– Куыннæ нæ кæныс? Сатанайы фæсырдтай, дæ хæдзармæ ничиуал цæуы, дæ хæдзарæй ничиуал акæсы, уый дын цы цард у?

– Гъе, Хæмыц, – зæгъы Уырызмæг, – фæцу ‘мæ йын зæгъ, цæмæй йæ хæдзармæ ‘ркæса. Иуæй Нарты бон æрыввахс и, иннæмæй хæдзары папитæм æркæсæг нал и æмæ йын æгъгъæд уæд йæ хивæнд митæ. Хæмыц уырдыгæй Сырдонтæм æрцыди ‘мæ зæгъы Сатанайæн:

– Нæма цæуыс уæхимæ?

– Нæма!

– Худинаг у, Сатана, Уырызмæджы тых асаст æмæ йæ зæры бон иунæгæй куыд уадзыс?

– Куынæ йæ уагътон, йæхæдæг мæ рарвыста ‘мæ йæхи аххос у. – Зæронды зонд – тæрæзтыл барæн. Чи зоны, исты загъта, уæд уæ кæрæдзимæахаст дзыхы дзырды тыххæй куыд хъуамæ фесæфа?!.

– Цæй, хорз, Хæмыц, ацу зæгъ ын: кæд мын ме ‘ссыдæн Нарты ‘хсæн цæсгом равдисдзæни, æмæ мын Æртæ Нарты ‘ркæндзæни, мæн куыд фæнды афтæ, уæд цæуын, кæннод нæ.

Хæмыц Сатанайы фæндон загъта Уырызмæгæн.

Уырызмæг зæгъы:

– Кæй йæ фæнды, уый кæнæд, мæнæ ма йæ хæдзармæ ‘ркæсæд æрмæст. Хæмыц зæгъы Сатанайæн:

– Разы у Уырызмæг дæ фæндоныл.

Сатана Сырдонмæ фæсидти ‘мæ загъта:

– Цæй, Сырдон, ис дын алцы ‘мæ цæ ма фесаф, æз мæ зæронд лæгмæ цæуын.

Сырдон зæгъы:

– Бузныг, Сатана, дæ лæггæдтæй, рох мæ нæ уыдзысты.

Хæмыц æмæ Сатана Уырызмæгтæм рацыдысты.

Уырызмæг сынтæгыл хуыссы ‘мæ йæ Сатана фæрсы:

– Гъе, зæронд, цы дуары ахæсты мæ бакодтай, нырма мæ афæдзы бон куынæ сыххæст.

Уырызмæг æм дзуры:

– Дæ хæдзармæ ‘ркæс, доны къусы сæфт кæны, фæллой æмбисæй фылдæр – сæфт, афæдзы бонмæ ма куы кæсон, уæд мæхæдæг дæр исты фæуыдзынæн.

– Дæ хæдзар та цавæр хъæмцдон у, фæсал æмæ быронæй дзы хæрæг куынæуал фæзындзæни йæ дыууæ хъусмæ?

– Рæстæг мын нæ уыди.

– Цæй, хуысс уæдæ, æз цæ Хæмыцимæ бакусдзынæн.

Уадидæгæн цæ афснайдта Сатана. Стæй Хæмыцæн зæгъы:

– Нарддæр кусæрттæгтæ ‘рбаргæвд æмæ мын Нарты ‘рхон.

Хæмыц æрбаргæвста кусæрттæгтæ, авæрдта цæ артыл. Уæдмæ Сатана та алцыдæр йæ раны ‘рывæрдта, хыссæ азмæста, фынгтæ ‘рцæттæкодтой æмæ Хæмыц фæдзырдта Сырдонмæ ‘мæ йын зæгъы:

– Нартæм фидиуæг фæу, Сатана дын уыйас лæггад фæкодта ‘мæ Æртæ Нарты абон Уырызмæджы хæдзармæ куыд æрцæуой.

Сырдон Нартæм фидиуæг фæци. Уæд Нартæ дискæнынц:

– Уырызмæг куыд фесгуыхти?

Чыртæ-чыртæй æмæ къордтæ-къордтæй цæуын байдыдтой Нартæ. Сатана Уырызмæджы фæлыст раивта Нарты ‘рцыдмæ ‘мæ йæ хæдзары рæбынæй къæлæтджыныл æрбадынкодта. Нартæ цыдысты, Сатанайæн арфæтæкодтой æмæ Уырызмæджы цур алчи йæхицæн бынат ардта. Æрымбырд ысты Нартæ. Ахæм фынг æрывæрынкодта Сатана ‘мæ фынгтæ тасыдысты. Нуæзт уæлдон фестади, хæринаг – фыддæр.

Стæй Сатана Уырызмæгмæ дзуры:

– Гъе, зæронд! Исты ракув Нартæн, æнæ мæн дæ цард дыууæ боны йаргъ дæр нæу.

Уырызмæг зæгъы:

– Хæйрæг дæ ‘мæ мын хæйрæджы митæ бакодтай.

– Уæдæ ма зæгъ гъеныр Нартæн: æз дын куынæ уаин, уæд исты дæ бон уаид Нарты ‘рхонынæн?

– Ницы! Ницы!.. – зæгъы Уырызмæг.

– Гъемæ дæм мой дæр мæхæдæг ыскодтон, æмæ дæ аразгæ дæр мæхæдæг кæнын.

Нартæ зæгъынц:

– Раст зæгъыс, Сатана!

Иу абонæй иннæ абонмæ Нартæ хуындуаты фесты Уырызмæг æмæ Сатанамæ. Уыйфæстæ алчи фæцыди йæ фæрныг хæдзармæ.

Ахæм уыди Сатана Уырызмæг æмæ Нартæн.

НАРТЫ ‘ФСАРМ

Нартæ балцахуыр уыдысты ‘мæ та ныр дæр фæцыдысты балцы. Сæ балц уыд æртæ къуырийы ‘мгъуыдмæ. Нарты адæм иу ран æрынцадысты ‘мæ тæрхонкæнынц, чердæм фæцæуой, уый тыххæй.

Хистæртæ загътой:

– Æзныгъыбæстæм чи фæцæуид, уый бæргæ фылдæр фæллой фæкæнид. Иннæтæ зæгъынц:

– Сахъы донбыл-æлдармæ уыйбæрц фæллой ис æмæ цыл цæст не ‘ххæссы, уырдæм ацæуын – уæд æвæсмойнаг уаид лæг.

Кæстæртæ зæгъынц:

– Тулоныбæстæ ‘нæхæрд у, уырдæм куы фæцæуиккам, уæд фагæй фылдæр фæллой бафтид нæ къухты.

Нæ фидыдтой Нартæ, æртæ фæнды цæм уыди, æртæйырдæм хæцыдысты ‘мæ ‘рмæст æртæ боны фæстæ ‘рцыдысты ахæм фæндмæ: хистæртæ ацæуæнт Æзныгъыбæстæм, астæуыггæгтæ – Сахъи донбылмæ ‘мæ кæстæртæ та Тулоныбæстæм. Сæ сæмбæлд уыдзæн æртæ къуыримæ ацы ран, цы ранæй ацыдысты, уым. Хистæртæн раздзæуæг уыди Уырызмæг. Иннæтæн – Сослан, кæстæртæн – Батырадз.

Цæуынц хистæртæ ‘мæ ныххæддзæ сты Æзныгъыбæстæм. Уырызмæг зæгъы:

– Иумæ цæугæйæ нын нæу. Цынæ ис, уæд та сæфæм, уæд нæ фæдисхъæргæнæг уæддæр хъæудзæн.

Нартæ зæгъынц Уырызмæгæн:

– Ды нæм ам лæу, мах цæуæм, кæд къуыримæ ницы бæрæг хъусай, уæд аздæх фæстæмæ.

Уырызмæг ниллæууыди. Нарты хистæр фæлтæр Æзныгъыбæстæм бацыдысты ‘мæ цæ куывды бадгæ баййæфтой. Нартæ цæм дзурынц: – Уæ куывд барст уæд!

Æзныгъы адæм зæгъынц:

– Алæбон æгас нæм цæут, абадут нæм æмæ зæгъут, кæцæй ыстут, уый.

Нартæ зæгъынц:

– Нæртон адæм ыстæм.

Нарты коймæ йæ бандонæй фесхъиудта Æзныг-æлдар æмæ бамбарынкодта, цæмæй Нарты фыдрасыг фæкæной.

Ныккалдтой Нартыл нуазæнтæ, æмæ Нартæ кæрæдзийы дæр нал æмбæрстой ахæм расыг фесты. Æзныгъ-адæм цæ расыгæй талынг ныггæндты ныккалдтой æмæ цыл дуæрттæ фидар сæхгæдтой.

Астæуыггæгтæ дæр ныххæддзæ сты Сахъы донбылмæ ‘мæ Сослан зæгъы:

– Иумæ цæугæйæ нын нæу. Иу нæ фæстæдæр уæддæр фæлæууæд, кæннод цынæ ис. Иу сæфт куы фæуæм, уæд нæ фæдисацæуæг дæр нал уыдзæни. Нартæ зæгъынц Сосланæн:

– Ды не ‘ппæтæй дæр æвзыгъддæр дæ ‘мæ нæм æнхъæлмæ кæс. Къуырийы бонмæ дæм кæд ницы хъуыса, уæд фæдисы цу Нартæм. Бацыдысты Нарты уыцы хай Сахъы-донбылцæрæг æлдармæ. Уый æрвыста чызг æмæ йын Нартæ арфæ ракодтой. Сахъы донбылцæрæг æлдар зæгъы:

– Абадут, уазджытæ, дæрддагхуыз уын ис æмæ исты саходут, чындз æрвитæм æмæ саггагкæнут.

Нартæ дæр æрбадтысты. Фæрсынц цæ:

– Кæцæй цæут уæдæ?

– Нартæ стæм, айонг æрхæддзæ стæм.

Уæд та уыдон дæр фæрасыгкодтой æмæ цæ расгуытæй ныггæндты ныккалдтой.

Кæстæр Нартæ дæр сæ ранмæ фæхæддзæ сты, Тулоныбæстæм, æмæ Батырадз зæгъы:

– Иумæ цæугæйæ нын хорз куынæ рауайа, иу нæ фæдисхъæргæнæгæн ам лæууæд.

Нартæ зæгъынц:

– Дæуæй цæрдæгдæр нæм ничи ис, Батырадз. Ам нын лæу. Кæд къуырийы ‘мгъуыдмæ махæй ницы фехъусай, уæд Нартæм фæцу хъæргæнæг. Батырадз ныллæууыди. Кæстæр Нартæ бацыдысты Тулоныбæстæм. Уым се ‘лдар йæ фыртæн лæппуйы куывд кодта, æмæ цæ Нартæ афтæмæй баййæфтой. Салам цын загътой. Æмæ Тулоны ‘лдар дзуры:

– Абадут, уазджытæ, нæ цинагыл нын бацинкæнут, лæппуйы куывд у, фæлæ кæцæй цæут æмæ кæдæм, уый дæр зæгъут.

Нартæ загътой:

– Куывд амондджын уæд, цæуæм Нартыбæстæй, айонг уал æрцыдыстæм.

Тулоны ‘лдар Нарты срасыгкæнынкодта, стæй цæ талынг ныггæндты батæрынкодта ‘мæ цыл сыхгæдтой уым дуæрттæ.

Уырызмæг, Сослан æмæ Батырадз хицæнтæй хъуыдыкæнынц, уæдæ кæм ысты Нартæ, кæдмæ цæм æнхъæлмæ кæсæм, сæ къуыри дæр куы рацыди зæгъгæ.

Уырызмæг мæгуыры дарæс ыскодта, йæхи афтæ адаста ‘мæ йын базонæн нал уыд, ай Уырызмæг у, уый. Ныццыди Æзныгъыбæстæм æмæ иу хæдзары ‘рфысымкодта. Хæдзары лæгæй ничи уыди, иу ацæргæ усы йæддæмæ. Ацæргæ ус Уырызмæджы йæхи хуызæн мæгуыр лæг фенхъæлдта. Цы йæм уыд, уымæй йыл бауызæлыди.

Ацæргæ ус фæрсы:

– Бахатыркæн, уазæг. Цыбыркъух адæймагæн хуыцау цы радта, уымæй дæ хынцын, фæлæ кæцæй цæуыс?

Уырызмæг зæгъы:

– Æз дæн Нарты рæгъаугæс. Мæ фос мын фæтардæуыди ‘мæ сæ фæд ацырдæм рацыд. Уый тыххæй æрхаудтæн ардæм.

– Ма тæрс, уазæг, Нартæ сæхæдæг дæр хуыздæр ран не сты. Не Qлдар цæ ‘рцахста ‘мæ цæ йæ ныггæндты ныккалдта.

Уыйадыл ус ауади ‘мæ фехъусынкодта йе ‘лдарæн:

– Дæ фыдæхæй фесæфон, не ‘лдар. Нарты хъомгæсæн йæ фос фесæфтысты ‘мæ уыдон агуры ‘мæ махмæ ‘рхаудта.

Æлдар Уырызмæджы скæнынкодта йæхимæ ‘мæ йæ фæрсы:

– Нартæн цы фыддæр ми хъæуы, уый ды зондзынæ ‘мæ мын æй зæгъ, мæ рагон ызнæгтæ сты.

Уырызмæг зæгъы:

– Æртæ миниуæджы ис уый тыххæй æмæ дзы иу зонын, зæгъдзынæн дын æй, æмæ æз де уазæг, мæгуыр лæг дæн æмæ мæ ма бафхæр: дыууæ лæджы мæм æрбакæн.

Æлдар дыууæ лæджы ‘рбакæнынкодта. Сæ иу бæрзонддæр, иннæ ныллæгдæр, æмæ цæ Уырызмæг фæрсы:

– Нартæмфæндаг уæ хорз чи зоны?

Бæрзонддæр зæгъы:

– Æз мæхæдæг. Æртæ азы рæгъаугæсæй фæхаттæн Уырызмæгмæ. Уырызмæг зæгъы:

– Уæдæ йын йæ ус Сатанамæ фæцу ‘мæ йын зæгъ: Нарты хъомгæсæн йæ фос фесæфтысты. Нартæ сæхæдæг дæр фыдраны сты ‘мæ дæргъхъуыр дурын гоцъобиимæ ронгæй дзаг куыд уой, афтæмæй рарвитæд.

Лæгтæ ацыдысты. Уырызмæг æлдарæн зæгъы:

– Уыцы ронг Нартæн баназынкæн æмæ цын стæй кæс сæ митæм.

Уæд Сослан дæр фыййауы хуызы ацыди Сахъы донбылцæрæг æлдармæ. Уым иу мæгуыр хæдзары ‘рфысымкодта. Фысым æй хорз федта, стæй йæ фæрсы:

– Кæцæй дæ, мæ буц уазæг?

Сослан зæгъы:

– Æз дæн Нарты фысгæс. Мæ фос фесæфтысты, сæ фæд ацырдæм рацыдис ‘мæ уыдон фæдыл рахаудтæн. Куынæ цæ ссарон, уæд мæ Нартæ уæхстыл ысфизонæгкæндзысты.

Фысым зæгъы:

– Ма тæрс Нартæй, не ‘лдар цæ ныггæндты ныккалдта ‘мæ сæ уд æрдуйæ нарæгдæр ысси. Чи ма цæ ауадздзæни?

Йæхæдæг, фысым, йе ‘лдарæн зæгъы:

– Дæ фыдæхæй фесæфон, ме ‘лдар. Нарты фысгæсæн йæ фос фесæфтысты ‘мæ цæ агуры, сæ фæд дам ацырдæм рацыди ‘мæ дæлæ хъæуы бады.

Сахъы донбылцæрæг æлдар Сосланы скæнынкодта ‘мæ йæ фæрсы: – Нарты цы фыддæрæй фæхъизæмарæй марон, уымæн ды исты зондзынæ, мæ рагон ызнæгтæ сты ‘мæ мын æй бацамон.

Сослан зæгъы:

– Æртæ миниуæджы ис уымæн, фæлæ дзы æз æрмæст иу зонын. Ахæм лæгтæ мæм дыууæ ‘рбакæн, Нартæм дзæбæх фæндаг чи зоны. Æлдар æм æрбакодта коса ‘мæ хъуынджын лæгтæ. Сослан цæ фæрсы: – Нартæм уæ фæндаг чи зоны?

Коса зæгъы:

– Æз хорз зонын, æртæ азы Нарты Сосланмæ фæкуыстон рæгъаугæсæй. Иухатт мæм фæмæсты ис æмæ мын мæ сæр цæгындаст ныккодта, уæдæй фæстæмæ мыл хъуын дæр нал хæцы.

Сослан зæгъы:

– Уæдæ Нарты Сатанамæ фæцæут æмæ йын зæгъут: «Уæ фысгæсæй уын пайда нал и, Нартæ та уый агурынц æмæ фыдраны сты, де ‘ртæазыккон ронгæй мын рарвит бæрцæ ‘ртæ нуазæны.

Коса ‘мæ хъуынджын лæг Нартыхъæумæ ацыдысты.

Сослан Сахъы донбылцæрæгæн зæгъы:

– Уыцы ронг зынгыл сывæрдзынæ ‘мæ цын стæй сæ митæм кæсдзынæ.

Батырадз зæгъы:

– Фæцæуон æмæ бабæрæгкæнон м’ адæмы.

Рараст и Тулоныбæстæм. Тулоны ‘лдар нæ зыдта Батырадзы. Батырадз дæр йæхи не схъæркодта ‘мæ иу хæдзары ‘рфысымкодта. Фысым æй хорз федта, стæй йæ фæрсы:

– Бахатыркæн, уазæг, фæлæ кæцæй цæуыс?

Батырадз зæгъы:

– Нарты бæхгæс дæн æмæ мæ бæхтæй фæхъуыдис, сæ фæд ацырдæм рацыди ‘мæ цæ куынæ ссарон, уæд додойаг кæны мæ сæр – Нарт мæ амардзысты.

Фысым зæгъы:

– Ма тыхс, уазæг, Нартæ уæртæ не ‘лдармæ ныггæндты лæзæрынц, цы хъом дын ысты!

Фысым йе ‘лдармæ ауади ‘мæ зæгъы:

– Дæ фыдæхæй фесæфон, ме ‘лдар: иу бæхгæс йæ бæхты агуры ‘мæ кæд у Нарты бæхгæс.

Тулон-æлдар Батырадзы йæхимæ скæнынкодта, стæй йын зæгъы: – Нартæ мæ рагон ызнæгтæ сты, æмæ цæ цы фыддæр хуызы фæцæгъдон, уымæн мын исты бацамон.

Батырадз зæгъы:

– Уымæн ис æртæ миниуæджы, æз дзы зонын иу æрмæстдæр. Æрбакæн мæм дыууæ лæджы, Нартыхъæумæ чи ацæудзæни, ахæмты.

Æрбакодтой йæм дыууæ лæджы. Иу дзы бурсæр уыди, иннæ саусæр. Батырадз цæ фæрсы:

– Нартæм уæ фæндаг дзæбæх чи зоны?

– Бурсæр зæгъы:

– Æз хорз зонын. Нарты Хæмыцмæ ‘ртæ азы уæлыгæсæй фæцыдтæн. Иу хатт мæм фæмæсты, йæ лулæ мыл ныццавта æмæ уæдæй фæстæмæ хусысмаг кæнын.

Батырадз зæгъы:

– Уæдæ цæугæут Нартыхъæумæ Сатанамæ ‘мæ йын зæгъут: «Уæ бæхгæсы бæхтæ фесæфтысты. Нартæ сæхæдæг дæр фыдраны сты ‘мæ мын рарвитæд ме ‘зныгъæг тагъддæр.»

Лæгтæ ацыдысты. Батырадз зæгъы Тулон-æлдарæн:

– Уыцы ‘зныгъæг ссудздзынæ, Нартæм æй бадардзынæ, стæй цын кæс сæ митæм.

Сатанамæ ‘рхæддзæ сты раздæр Уырызмæджы ‘рвыст лæгтæ. Сатана цæ йæхимæ бакодта ‘мæ цæ фæрсы:

– Уæдæ кæцæй цæут?

Уыдон зæгъынц:

– Æзныгъы ‘лдарæй.

– Æмæ уæ цы хъæуы?

– Нарты адæмы ‘рцахста ‘мæ цæ ныккалдта ныггæндты. Сæ хъомгæс æрвиты дæумæ, цæмæй йын даргъхъуыр дурын æмæ гоцъобийы ронг рарвитай.

Сатана бамбæрста Уырызмæджы дæлгом ныхæстæ ‘мæ зæгъы: – Уæдæ уал уæллаг уаты уæ фæллад æруадзут, цалынмæ æз цы агурут, уый цæттæкæнон. Сымах дардæй æрцыдыстут æмæ фæллад уыдзыстут.

Уыдон сæ фæллад уадзынц. Сатана хъуыдыкæны: «Æххæст ма иумæ сты Нартæ, æви хицæнтæй, уый куы зонин, уæд æнцондæр уаид.» Уалынмæ Сосланы ‘рвыст дыууæ лæджы дæр æрхæддзæ сты. Сатана цæ йæхимæ бакодта ‘мæ цæ фæрсы:

– Кæцæй цæут, уазджытæ?

Уыдон загътой:

– Сахъы донбылцæрæг æлдары бæстæй.

– Æнæхабар нæ уыдзыстут?

– Уæ фысгæсы фос фесæфтысты ‘мæ ‘рвиты дæумæ, цæмæй йын рарвитай æртæ нуазæны де ‘ртæаздзыд ронгæй, кæннод æй ахст Нартæ амардзысты.

Сатана зæгъы:

– Дæллаг уаты уал уæхи ‘руадзут, фæллад уыдзыстут æмæ уын цæ фæллад уыдзыстут æмæ уын цæ.

Уазджытæ æрулæфыдысты. Сатана зæгъы: «Æххæст ма Батырадзæй исты куы фехъусин. Бæлвырд æртæ дихы фесты.»

Цалынмæ Сатана уыцы дзырдтæ кодта, уæдмæ Батырадзы лæгтæ дæр æрхæддзæ сты Сатанамæ. Сатана уыдоны дæр йæхимæ бакодта ‘мæ цæ фæрсы:

– Кæцæй цæут æмæ кæйонг, мæ уазджытæ?

Уыдон загътой:

– Сахъы донбылцæрæг æлдары бæстæйæ ыстæм æмæ айонг æрхаудтам. – Исты хъуыддаг уæ ис?

– О, ис! Нарты адæм не ‘лдармæ ахстæй ысты ‘мæ нын сæ бæхгæс бафæдзæхста махæн, цæмæй йын Сатанайæ ‘зныгъæг ахæссæм.

Сатана зæгъы:

– Уæртæ уал фаллаг уаты уæ фæллад æруадзут, уæдмæ ‘зныгъдæр ысцæттæкæндзынæн.

Уазджытæ сæ фæллад уадзынц. Сатана йæхи лæгарæзт акодта. Райста ‘ртæ нуазæны, сæ мидæг ронг афтæмæй. Райста ызныгъ – йæ ком фидар æхгæд. Стæй фæсидти Уырызмæджы дыууæ лæгмæ ‘мæ зæгъы: – Чи уæ кæцы мигæнæнæй нуазы. Нарты ‘гъдау афтæ у, исты куы ‘рвитынц, уæд уал уымæй нуазгæ фæкæнынц.

Бæрзонддæр лæг æмбæрста, Сатана цыдæр хин кæны, уый æмæ даргъхъуырджын дурынæй хины ронг банызта. Лæг сæрра ис æмæ зæххыл сæмбæлди. Гытцыл лæг ыстарсти ‘мæ дзуры Сатанамæ:

– Æз де уазæг ма мæ фесаф, цы мын зæгъай, уый бакæндзынæн. – Къухбастæй мын Æзныгъыбæстæм фæндаг бацамон.

– Бацамондзынæн.

Сатана гытцыл лæджы цæнгтæ чъылдымбаст бакодта, стæй фæсидти Сосланы ‘рвыст дыууæ лæгмæ. Байдзагкодта æртæ нуазæны хины нуæзтæй æмæ зæгъы:

– Нарты ‘гъдау ма фехалæм. Исты цæ куы хастæуы, уæд дзы раздæр нуазгæ фæкæнынц.

Сатана фыддзаг нуазæн авæрдта косалæгмæ. Уый йæ анызта ‘мæ та уый дæр зæххыл сæмбæлди. Хъуынджын лæг фæтарсти ‘мæ Сатанайæн лæгъстæкæны:

– Дæ фыдæхæй фесæфæд мæ сæр, ма мын баназынкæн дæ нуазæн. Цы мын зæгъай, уый дын сараздзынæн.

Сатана зæгъы:

– Уæдæ мын къухбастæй Сахъы донбыл-æлдармæ фæндаг бацамон. – Бацамондзынæн.

Сатана чъылдымбаст бакодта хъуынджын лæджы къухтæ. Иуварс æй акодта ‘мæ фæсидти Батырадзы ‘рвыст лæгтæм. Рахаста цæм ызныгъæг æмæ дзуры:

– Бакæнут ма ацы ызныгъæг.

Бур лæг Хæмыцы къухты куы уыдис, уæд ма федта ахæм ызныгъ. Райста ызныгъæг. Йемæ куыд архайдта, афтæмæй ызныгъæджы хуылфæй фат фесхъиудта ‘мæ бур лæджы сæр атæхынкодта. Сау лæг уый куы федта, уæд фæтарсти ‘мæ дзуры Сатанамæ:

– Мæнмæ йæ ма радт, фæлтау мын цы зæгъыс, уый бакæндзынæн. Сатана зæгъы:

– Тулоныбæстæм мын къухбастæй фæндаг бацамон.

– Бацамондзынæн.

Сатана та уый къухтæ дæр ысбаста чъылдымырдæм, стæй зæгъы: – Ныр у, æмæ ды ацы ‘зныгъæгимæ архайын нæ базондзынæ, фæлæ цæугæ мæ разæй Тулоныбæстæм.

Сатана лæгдарæсы, афтæмæй йæ разæй ыскодта, удæгас ма цы лæг баззади, уый. Иннæты, сæ къухтæ кæмæн бабаста, уыдоны: гытцыл лæджы – Уырызмæджы ‘рвысты, хъуынджын лæджы – Сосланы ‘рвысты ахæстæй ныууагъта Батырадзы ‘рцыдмæ.

Æрхæддзæ сты Тулоныбæстæм. Батырадз базыдта Сатанайы ‘мæ Тулоны ‘лдарæн зæгъы:

– Дæлæ ‘рцæуынц, кæмæ ‘рвыстон уыдон, æмæ сæ размæ ацæуæм. Рацыдысты. Батырадзæн йе ‘зныгъæг йæхи куы фæци, уæд Тулоны ‘лдары ‘хсæрфарс афтæ тынг ныцъыкласта ‘мæ галиу фарсы дæндæгтæ рахизуæттыл андæгъдысты. Стæй зæгъы:

– Хæрæг цыдæр, афтæ ‘нхъæлдтай Батырадзæй, æмæ æцæг Нарты бæхгæс у?

‘Зныгъæгæй фæттæ систа ‘мæ цы ‘фсад уыди Тулоны ‘лдармæ – сеппæты дæр фæцагъта. Нарты кæстæрты суагъта ныггæндтæй.

Цыдæриддæр ыссардтой фос æмæ хæзнайæ, Нартæм цæ ратардтой. Батырадз зæгъы Сатанайæн:

– Лæгдзинад дæм ис, Сатана, абонæй фæстæмæ Нарты кæстæртыл дæуæй ис ыстыр æфсарм æмæ нын дыууæрдæм дæр фидинаг æмæ нымаинаг фод.

Сатана зæгъы:

– Æххæст ма Сосланы дæр фервæзынкæнын хъæуы.

Хъуынджын лæджы ракодтой Сатана ‘мæ Батырадз. Æмæ Батырадз зæгъы:

– Тагъд мæ разæй цу Сахъыдонбыл æлдармæ.

Хъуынджын лæг фæтарсти ‘мæ тæрхъусы лыгъд кодта сæ разæй. Ныххæддзæ сты ‘мæ цæ Сослан базыдта. Зæгъы Сахъыдонбылцæрæг æлдарæн:

– Кæмæ ‘рвыстон уыдон фæзындысты ‘мæ сæ размæ ацæуæм. Æлдар фæрсы:

– Æз дыууæ лæджы ку’ арвыстон, уæд уыдон æртæ цæмæн сты? Сослан зæгъы:

– Æз æрвыстон æртæ нуазæнмæ. Нарты ‘гъдау афтæ у: алчи дæр иу нуазæн хъуамæ рахæсса ‘мæ ма де ‘рвыст лæгтæ семæ кæйдæр ракодтой æмбалæн.

Æлдар æмæ Сослан рацыдысты Батырадзиты размæ. Кæрæдзиуыл сæмбæлдысты. Сослан фæзылдис Сахъыдонбылцæрæг æлдармæ ‘мæ йын зæгъы:

– Ды ‘цæгæй æнхъæлдтай афтæ ‘мæ æз Нарты фысгæс дæн, хæрæг цыдæр?

Ныххафт æй ласта, æмæ ‘лдар зæххыл сæмбæлди. Уыйфæстæ уыцы ‘лдары хæзна ‘мæ фæллой дæр ратардтой æмæ та Нартæм æрцыдысты. Нарты лæгты дæр семæ ракодтой.

Сослан зæгъы Сатанайæн:

– Дæ фæрцы Нартæ ‘мæ мæхæдæг дæр раирвæзтыстæм æмæ нæ ис дæуæй ыстыр æфсарм æмæ нын фидинаг уæд дыууæрдыгæй дæр.

Сатана зæгъы:

– Уымæн ницы у, фæлæ Уырызмæджы дæр фервæзынкæнын хъæуы ‘мæ йæм ацæуæм.

Сослан фæрсы:

– Фæндаг нын чи бацамондзæн Уырызмæгмæ.

– Йе ‘рвыст лæг ам ис.

Ракодтой гытцыл лæджы ‘мæ цыппарæй фæцæуынц: Сослан, Сатана, Батырадз æмæ Уырызмæджы ‘рвыст лæг. Бирæ фæцыдысты ‘мæ ныххæддзæ сты Азныгъыбæстæм. Уырызмæг цæ базыдта ‘мæ зæгъы Азныгъы ‘лдарæн: – Цæмæ ‘рвыстон, уый мын æрхæссынц æмæ сæ размæ ацæуæм. – Æз дыууæ лæджы арвыстон æмæ уыдон та цыппар куы сты. Уырызмæг зæгъы:

– Нарты ‘гъдау ахæм у: иу кувгæ фæкæны, иннæтæ – оммен. Дыууæ лæджы сæхицæн ракодтой омменгæнджытæ.

Ацыдысты сæ размæ. Кæрæдзиуыл сæмбæлдысты ‘мæ Уырызмæг зæгъы Азныгъ-æлдарæн:

– Ды мæн æцæгæй Нарты хъомгæс æнхъæл уыдтæ, куыдз цыдæр? Ныссæрфта йæ йæ кардæй, æмæ ‘лдар дыууæ дихы фæци. Нартæй ахæст чи уыди, уыдоны ссæрибаркодтой æмæ рахастой хæзнайæ, фæллойæ иууылдæр æмæ ‘рцыдысты Нартæм.

Хæмыц зæгъы Сатанайæн:

– Абонæй фæстæмæ Нарты хистæртæн дæ се ‘фсæрмиаг адæймаг, уый бæрц ныфс кæмæ ис.

Сатана зæгъы:

– Дыууæрдæм нын уæд фидгæйæ.

Уыйфæстæ Нарт ыстыр куывд ыскодтой æмæ ‘нæхъæн къуырийы дæргъы уæлæмæ дæр нæ сыстадысты сæ бадтæй.

Уæдæй абонмæ, Сатанайы номæй баззадис æгъдау сылгоймаджы нымайын æмæ уымæй æфсæрмы кæнын. Нырдæр ма Ирмæ ис ахæм æгъдау – сылгоймагæн аргъкæнын.

САТАНА ‘МÆ ДЖЫРКЪ-УÆЙЫГ Нартæ дард балцы уыдысты ‘мæ ‘ппын сæ хæтæнтæй нал зындысты. Æргъæныбæстæйы цардис Джыркъ-уæйыг. Уый Нартæм йæ хъус дардта ‘мæ куынæуал зындысты уæд зæгъы: «Нартæй ничиуал зыны ‘мæ цæм фæцæуон, мæхицæн дзы лымæнтæ скæнон сæ сылыстæгæй.»

Æцæгдæр Джыркъ-уæйыг æрцыди Нартæм. Се ‘рдыстыты цын баййæфта Ныхасы ‘мæ цæ фæрсы:

– Нартæ, кæм ыстут?

– Мæнæ стæм! – зæгъынц æрдыстытæ.

– Уæ мæхстæджытæ кæм ысты?

– Ам ыстæм, мах дæр æнæмæхстдæттæ не стæм.

– Æз уæ фæрсын уæ тæккæ тæрæнджынтæй.

– Ам ыстæм, тæрæны тыххæй мах дæр ницы ныууадздзыстæм. – Уагæры уæ кæмæн цал фырты ис?

– Уый мыггаг зоны, – зæгъынц Нартæ.

– Гъемæ мыггагæй мыггаг хуыздæр дæр вæййы.

– Махæн нæхи мыггаг дæр хорз у.

– Кæд афтæ у, уæд зæгъын: хæдзаргай уыл зилдзынæн, алы хæдзар дæр мæ срасыгкæнæд, изæрхуыссæн мын æркæнæд æмæ-иу мæ фарсмæ сылыстæг куыд уа.

– Цавæр сылыстæг?

– Æнæныуæстæ куы уой уæд хуыздæр, чысыл нуæстыл дæр – разы, кæд уыдон несты, уæд ыстыр нуæсыл дæр – разы. Кæд уый дæр нæ уа, уæд та мын аргæ скæнæд мæ фысым.

Нартæ катайкæнынц æмæ загътой:

– Охай, ай нын тæлммæ рауайдзæни, æнæфыдбылыз нæ базайдзыстæм. Исты нæ ‘рхъуыды хъæуы.

Иутæ фæрсынц:

– Цы хъуамæ ‘рхъуыдыкæнæм. Нæ сæрæнтæй бынаты ничи ис, мах бон та йын уæвгæ ницы бауыдзæни.

Иннæтæ зæгъынц:

– Цæй бафæрсæм æй, раздæр фысым кæмæ ‘ркæндзæни.

Джыкъ-уæйыг зæгъы:

– Раздæр фысым рæдаудæр хæдзарæй.

Чидæртæ загътой:

– Уæдæ Уырызмæгтæм цæудзæни.

Сатанамæ дыууæ лæгхъуыны барвыстой Нартæ. Уыдон Сатанайæн зæгъынц:

– Джыркъ-уæйыг нæм æрхаудта ‘мæ хæдзаргай фысымфысымкæндзæни ‘мæ фыддзаг фысым ды дæ.

Сатана зæгъы:

– Нартæй авд хистæримæ мæм æрбацæуæд, æз цæттæ дæн.

Нартæ не ‘мбæрстой Сатанайы фæнд æмæ катайкодтой:

– Ай æнæуаджы фидиссагкæндзыстæм, æндæр ницы.

Нартæ равзæрстой сæ нуазæгтæй авд лæджы.

Сатана зæгъы:

– Гъеныр радыгай кæрæдзийы ивут, цæмæй фæрасыг уа.

Нартæ афтæ бакодтой. Фыдздзаг иу лæг бацыд, уый куы фæцудыдта, уæд дыггаг бацыд. Афтæ кæрæдзийы ивтой. Æхсæзæм лæджы рад æрзылд. Æрбадти Джыркъ-уæйыджы цур.

Уæд Сатана зæгъы Нарты кæстæртæн:

– Гал мын лалымыстыгъд акæнут.

Кæстæртæ Нарты Сатанайы дзырд сæххæсткодтой. Гал лалымстыгъд акодтой. Йæ уæлæ йын чуссæр ацарæзтой. Æризæр и, уæдмæ Нарты хистæртæй æвдæм дæр фæрасыг и. Джыркъ-уæйыг йæхæдæг дæр хорз нал уыди, срасыг.

Джыркъ-уæйыг фæрсы Сатанайы:

– Лыстæн цæттæ у?

– О, цæттæ у!

– Мæ сылыстæг чи у?

– Æз мæхæдæг.

– Уæдæ æрулæфæм.

– Афтæ нæ.

– Цы ма?

– Æххæст мемæ дæр абад.

Джыркъ-уæйыг Сатанайы цур рабадти ‘мæ райдыдтой Сатанайы вæрд карз ронг нуазын. Сатана йæ дзидзиты ‘хсæн ауагъта хæтæл, сагæхтæй зæхмæ ‘рзынди. Бынæй дардта æрхуы аг. Æмæ цы нуазæнтæ иста, уыдон хæтæлы згъордтой уырдæм. Афтæмæй Сатана хуыппы хъæстæ дæр йæхи нæ фæкодта, фæлæ Джыркъ-уæйыджы сау расыг ыскодта. Стæй йæ лыстæны ‘рхуыссынкодта, лалымыстыгъд цы гал бакæнынкодта, уым тæвд дон ныккодта ‘мæ йæ уæйыджы фарсмæ нывæрдта. Уæйыг афтæ ‘нхъæлдта Сатана у. Æмбисæхсæвы бакъуыры лалым:

– Гъы! Сатайхан, мердæм разил.

Иу хатт нæ разылд, дыггаг хатт дæр, æртыггаг хатт дæр афтæ. Уæйыг та дзуры:

– Гъе, Сатайхан! Тæвдæй мæ марыс, æмæ мæм де ‘ргом не здахыс. Нæ та райста дзуапп.

Сатана уыцы рæстæджы згъордта быдыры.

Джыркъ-уæйыг нал фæлæууыди. Рамæсты и ‘мæ лалымы тæн батъæпкодта. Лалым фæкъæртт ис æмæ уæйыг мæхсдæттæй бикъмæ басыгъди тæвд донæй. Арсы богъ ма фæкодта, фестади ‘мæ суры Сатанайы. Сатана дзæвгар адард и. Уæд æй рацæйæййæфта ‘мæ Сатана йæхи хæрз зæронд ус фестынкодта. Джыркъ-уæйыг æй æрбаййæфта ‘мæ йæ фæрсы:

– Кæдæм тагъд кæныс, зæронд ус?

– Тагъд куыннæ кæнон. Иу фырты хицау уыдтæн æмæ мын æй Нарты Сатана дысон изæр йе ‘фсæртæй йæ фыртæн æрцауындзынкодта Хуры быдыры, – зæгъы Сатана, ныр йæхæдæг зæронд усы хуызы.

– Ды цæ зоныс?

– Зонын!

– Уæдæ цом мемæ! – Джыркъ-уæйыг фелвæста Сатанайы, зæронд ус æй æнхъæлдта, æмæ Хуры быдырмæ атындзыдта.

Нартæ сæ хæтæнæй æрцæйцыдысты ‘мæ сæ фæллад уагътой Хуры быдыры. Сатана цæ базыдта ‘мæ уæйыгмæ дзуры:

– Æгæр тагъд мæ скъæфыс æмæ мæ цæстытæй ницы уынын.

– Дæ фырты ма дын удыгасæй кæд ныййафин.

– Афтæ тагъд йæ уд чи сиса, ахæм гуырд дæр нæу.

– Уæдæ циу?

– Цалынмæ йæм æз нæ бахъарæгкæнон, уæдмæ уый йæ уд нæ сисдзæни. Фæлтау сабырдæр цу.

Уæйыг йæ цыд фæсабырдæркодта. Уæд Сатанайы хъустыл ауади Нарты хъæр. Сатана та уæйыгмæ дзуры:

– Дæлæ уал доныбыл æрымбæхсæм.

– Цæмæн? – фæрсы уæйыг.

– Цыдæр уынæр мæ хъустæ ахсынц æмæ дын исты куы ракæной. – Уымæй мын ма тæрс.

– Уæд та мæ цæсгом æрыхсон, ницыуал уынын.

– Æрыхс, æз дæм ам фæлæууон.

Сатана аивтæй донмæ ‘рызгъордта ‘мæ хъæд-хъæды бæлæсты ‘хсæнты азгъордта, ауыдта Нарты. Бауади мæ Батырадзæн зæгъы:

– Цы фæдæ, менæныййаргæ хъæбул?!.

– Цы хабар у? – фæрсы Сатанайы Батырадз.

– Æнамонд хабар!

– Зæгъ æй!

– Мæ фæстæ Джыркъ-уæйыг бафтыди ‘мæ мæ мардзæни.

– Ау, æмæ дзы куыд раирвæзтæ?

– Мæхи зæронд ус фестынкодтон æмæ йæ асайдтон, цыма мын ды мæ хъæбулы ‘рцауыгътай æмæ мæ рахаста.

– Кæм ис ныр?

– Доны фаллаг фарс, æнхъæлмæ мæм кæсы.

Батырадз разгъордта ‘мæ уæйыджы ауыдта. Дзуры йæм:

– Гъе, уæртæ хæрæг! Ды кæй мады сурыс?

Джыркъ-уæйыг къуырма уыд æмæ йæ нæ бамбæрста. Батырадз æм дыггаг хъæр бакодта, уæддæр нæ фехъуыста. Уæд ыл ысхъæркодта. Уæйыг æм фæкасти. Хæцынтæ систой, мыхъхъытæ ‘мæ гуыппытæ райдыдтой кæрæдзийы. Бæлæстæ æд уидæгтæ рæдывтой æмæ цæ кæрæдзийыл цавтой. Стыр хъæд-бæлæстæ схъисгай ызгъæлдысты сæ къæхты бынмæ.

Батырадз ыстæвди. Иннæ Нартæ дæр Джыркъ-уæйыджы фæттæй æхстой, цавтой йæ сæ кæрдтæй æмæ йæ тыхсынкодтой. Батырадз æмæ уæйыг хæцгæ- хæцын донырдæм æрцыдысты. Уым дуртæй хостой кæрæдзийы, ничи цæ састи. Батырадз доны гуылфыты балæгæрста барæй, куы та хуыдым ныххуыпласы, афтæмæй йæ тæвд саста. Уæйыг тынг ыстыхсти ‘цудын райдыдта. Уæд æй Батырадз æрфæлдæхта ‘мæ йæм Джыркъ-уæйыг дзуры: – Марыс мæ!

– Марын дæ!

– Уæдæ мæм иу ныхасмæ байхъус.

– Дзур, цы дæ фæнды? Зæгъ æй!

– Мæн ку’ амарай, уæд мын мæ хурх ралыгкæн, æндæр ницы. – Хорз, – зæгъы Батырадз.

Батырадз уæйыджы амардта, стæй йын йæ хурх ныллыгкодта ‘мæ йын йæ сæр аппæрста зæхмæ. Сæры къуыдыр ратылди ‘мæ Æргъæныбыдырмæ тæхгæтылд акодта. Джыркъ-уæйыгæн ахæм ус уыди ‘мæ йæ дæндæгтæй дуртæ ‘ууылдта. Ус базыдта йæ лæджы сæфт. Сау богъ ныккодта ‘мæ райста йæ лæджы гæрзтæ. Расырдта Нарты. Ус йæ лæджы сæры тугвæдыл разгъоры ‘мæ ‘рбаййæфта Нарты.

Сатана дзуры:

– Ай цы у, цы уыдзæни?

Нартæ йæм фæкастысты ‘мæ йæм дзурынц:

– Цы дæ, цавæр дæ? Дæ фæдджиты рыджы бын нæ цы кæныс? – Æ, сау хуытæ-Нарт. Сымах кæй лæджы амардтат?

Ус йæ лæджы цилхъ ныззылдта, фæлæ йæ Батырадз й’ арцæй раст дыууæ дихы фæдзæнгæлкодта. Уæд ус хæлиу алæууыди ‘мæ зæгъы: – Мæн дæр амарут!

Нартæ загътой:

– Мах сылгоймаджы тугмæ нæ марæм.

– Уæдæ уæ фæстаг æлгъыстаг фæуæд, уæ хуыздæртæ искæй къухæй куыд сæфой. Уæ номыл уæ мыггаг аскъуыйæд.

Уыйадыл ус аздæхти.

Æцæгдæр Нарты уыцы усы ‘лгъыст баййæфта: Хæмыцы Сауайнæг æлдар амардта, Батырадзы – хуыцау, Сосланы та – Балцæджы цалх. Нартæй ма чи баззади, уыдон дæр мыггагыскъуыд акодтой æмæ сæ кой дæр байсæфти. Æрмæст ма сæ ном у хъуыст, сæ кад дæр.

ХÆМЫЦ ÆМÆ УЫРЫЗМÆГ КУЫД УÆРСТОЙ Нарты Хæмыцы ус Быценон уыди, Уырызмæгæн та – Сатана. Быценон ахæм хорз ус уыди, æмæ иу къухæй кæрдгæ кодта, иннæ къухæй – хуыйгæ. Нарты цалдæр сахатмæ сфæлыста. Сатана та ахæм уыд, æмæ йæ лæггад, йæ кæрдзындæттонæн æмбал нæ уыди. Афтæ ‘нгом æмæ адджынæй фæцардысты чындзытæ ‘мæ æфсымæртæ къорд бонты.

Сатана сфæндкодта йæ лæджы бафæлварын, кæддæра Уырызмæг сылгоймаджы зондмæ байхъусид, æви нæ. Хæссын æм байдыдта Хæмыцæй алывыд æмæ алы хахуыр ныхæстæ. Цасдæр рæстæджы цæм Уырызмæг хъусгæ дæр нæ кодта Сатанайы дзырдтæм.

Иу бон та йын Сатана зæгъы:

– Диссаг дæ, нæ лæг, ды бон изæрмæ кусгæ фæкæныс, Хæмыц та ‘нцад-æнцойæ йæ усы фарсмæ бады, æввонгæй хæры. Кæнæ ды Нарты адæмимæ стæры куы вæййыс, уæд уый та ног чындзыты ‘мæ чындздзон чыззыты фæстæ зилы.

Нæ та байхъуыста Сатанайы дзырдтæм ацы хатт дæр Уырызмæг. Иннæ бон дæр та Сатана дзуры Уырызмæгæн:

– Нал фæразын Хæмыцы уазджытæй. Йæ ус адæммæ йæхи не ‘вдисы, æз та Хæмыц кæй æрхоны, уыцы адæмæн къахмæрзæг æмæ лæггаддзинадæй рахаудтæн.

Ацы хатт дæр та нæ байхъуыста Уырызмæг. Æртыггаг хатт дæр ын Сатана дзуры:

– Кæнæ мæн хицæн фæкæн де фсымæрæй, кæнæ дæхæдæг байуар. Де ‘фсымæры ус кæд Нарты фæлындзы, уæд йæ лæджы дарæс цæуылнæ ‘хсы, мæнмæ цæ цæмæн фæхæссы.

Уырызмæг йæ сæрæн хос нал зыдта ‘мæ фæрсы Сырдоны:

– Мæ ус мæ хицæнкæнынвæнд ыскодта, Сырдон. Нал уазæг уадзынкæны йæхимæ, нал æй Нартæн лæггадкæнын фæнды ‘мæ мын исты бацамон.

Сырдон ын загъта:

– Райсом хур куыддæр йæ был ысдара, афтæ фат фехс Хурыскæсæнмæ ‘мæ зæгъ: «Хуыцау, абонæй фæстæмæ мæ хæдзар хъодыгонд уæд уазæгæй». Сатанайæн йæхи йæ цæгатмæ фервит æмæ нал хъæудзæн Нартæн лæггад. Нал Хæмыцы дзаума ‘хсдзæн. Фæлæ ма кæд Сатана фæстæмæ искуы цæуинаг уа, уæд йæ цæгаты Тутыры лæвæрд дыууæ къобор уæныджы ис, æмæ-иу уыдон æркæнæд.

Райсом хур куыддæр йæ был ысдардта, афтæ Уырызмæг фат фехста Хурыскæсæнмæ ‘мæ загъта:

– Абонæй фæстæмæ мæ хæдзар хъодыгонд уæд уазæгæй.

Уыйфæстæ Сатанайы йæ цæгатмæ фервыста.

Рацыди цасдæр рæстæг. Уырызмæгмæ нал уазæг цæуы, нал æм бæркад зыны йæ хæдзары ‘мæ ныллæууыди уарыныл Хæмыцимæ. Æрбакодтой Нарты хæрзæджыты ‘хсæнылæгтæн.

Уæд Сатана фехъуыста Уырызмæг Хæмыцимæ уары, уый. Сатана Тутыры лæвæрд дыууæ къобор уæныджы баивтыгъта уæрдоны ‘мæ Сырдонмæ ‘рцыди ‘мæ йын афтæ зæгъы:

– Уырызмæгимæ мæ бафидауын кæн æмæ дын исты хорз фæуыдзынæн. Бацыдысты иумæ Уырызмæгмæ. Уыцы рæстæг Хæмыц æмæ Уырызмæгмæ Нарты хæрзæджытæ ‘мбырдæй бадтысты. Уæд Нарты хæрзæджытæй Сатана ныхасы бар райста æмæ зæгъы:

– Ныббарут мын, Нарты хæрзæджытæ, фæлæ Хæмыц æмæ Уырызмæг нырыуонг адджынæй цардысты, амæй фæстæмæ дæр хъуамæ афтæ уой. Нæлгоймаг цыфæнды зондыхицау куы уа, уæддæр æй сылгоймаг фæрæдийынкæндзæн. Иу хатт æм куынæ байхъуса, дыууæ хатты уæддæр æм æртыггаг хатт æнæмæнг байхъусдзæн. Ацы байуæрсты аххосаг дæр мæныл баст у, мæ зондæй рацыд. Уырызмæджы тыхджын зондджынæй зонæм. Фæлæ цыфæнды дзаума уæд, ызгæ йыл гытцыл фæхæцыд, уæд æгасæй дæр сæфы. Уырызмæгмæ ‘взаг æз бахастон барæй. Йæ фидардзинад мæ фæндыди базонын æмæ йыл фæтых дæн. Абонæй фæстæмæ сылгоймаджы тыхджындæр зонд уæд нæлгоймаджы иуыл къаддæр лæджы сæры дæр. Уырызмæг æмæ Хæмыцæн та уаринаг ницы ис.

Нартæ Сатанайы ныхасыл ницыуал загътой. Сатана цын бакодта йе ‘вæрд къæбицтæ, Нарты хорз фæхыгъта, фæлæ йæм бæркад нæ зади. Дыггаг бон Сатана зæгъы Уырызмæгæн:

– Мæ бæркад мын куыд фервыстай, афтæ мын æй фæстæмæ дæр раздах. Райсом хур куы скæса, уæд æндæр фат фехс Хурыскæсæнмæ ‘мæ зæгъ: «Хуыцау, куыдзы коммæ ма бакæс, мæ бæркад мын раздах». Райсомы хур куыддæр ыскасти, афтæ Уырызмæг фат фехста Хурыскæсæнмæ ‘мæ загъта:

– Хуыцау мæ хъодыйыл æлгъкæнын, куыдзы коммæ ма бакæс, мæ бæркад мын фæстæмæ раздах.

Уырызмæг æмæ Сатанамæ сæ бæркад раздæхти. Хæмыцимæ та адджынæй цæрын байдыдтой. Тутыры къобор уæнгуытæй-иу аходæнмæ хуым куы бакодтой, уæд-иу цын дзы афæдзваг хор æрзади. Сæ цин æмæ сæ хъазтæн та кæрон нæ уыди. Уазæг дæр та цæм фылдæр цæуын байдыдта.

САТАНАЙÆН САУНОГЪАЙАГÆЙ ФЫРТ КУЫД АЙГУЫРД Нæртон адæм чысылæй-ыстырæй иууылдæр ыстæры фæцыдысты. Уырызмæджы ус Сатана ма æрыгон чындз уыд æмæ лæг æрæмысыд æмæ йæ кусджытæн бафæдзæхста:

– Ацæут æмæ мын искуы иу нæртон лæг ыссарут æмæ йæ ракæнут. Кусджытæ ацыдысты нæртон лæг никуыуал уыдис. Æрбацыдысты ‘мæ хабар Сатанайæн радзырдтой:

– Нæй æппын бæстыл иу нæртон лæг дæр, иуыл хæсты быдыры сты. Ноджы цæ арвыста. Бафæдзæхста цын Сатана:

– Ацæут æмæ уæд та, хуымæтæджы лæгæй хорз чи у, иу ахæм ‘рбакæнут.

Кусджытæ та ацыдысты ‘мæ иу ногъайаг чырæдзауы ссардтой æмæ йæ Сатанамæ тыххæй æрбаластой, æмæ Сатана æхсæв ногъайаджы йæхимæ бауырæдта. Фæци уым иу къорд боны, стæй ногъайаг ацыд.

Сатана басывæрджын. Сусæг æй кодта ‘мæ скуывта, цæмæй тынг мигъ бон ыскæна. Мигъ æрбабадт Нартыхъæуыл. Сатана уæрдон сифтындзынкодта ‘мæ иунæгæй араст æмæ иу хъамылджын ран фурды был лæппу ныззад. Лæппуйы бафснайыны тыххæй Терчы фалемæ бахызт æмæ бацыд иу æлдармæ.

Æлдар Сатанайы хабар куы бамбæрста, уæд æм дзуры:

– Гъы, æфсæрмыгæнаг ус, куыд æмæ дын кæмæй райгуырд фырт, дæ мой Уырызмæг рагæй нырмæ хæсты куы ис, уæд?

Сатана йæм дзуры:

– Уымæйты мæ мауал фæрс, фæлæ дын, гъа, мæнæ лæппу лæвар æмæ дын Хуыцауы хæлар уæд.

Æлдар цингæнгæ райста лæппуйы ‘мæ Сатана сæхимæ ацыд. Лæппу рæзынтæ байдыдта, æмæ куыд хъомылдæр кодта, афтæ фыдуагæй фыдуагдæр кодта. Нæ цæуæг уагъта, нæ – донхæссæг. Æхста цыл фæттæ. Адæм æлдармæ хъæстытæ кодтой лæппуйыл, ай нын циу зæгъгæ, зæнæг дын куынæ ис, уæд нæм ай цæй фыдбылызы гуырд æрбакодтай?

Æлдар цæ-иу басабыркодта, тагъд æй арвитдзынæн кæй у, уымæ, зæгъгæ. Æлдар лæппуйы н’ арвыста, бахъомыл æй кодта ‘мæ йын дзуры: «Дæхицæн ус ракур». Фæлæ лæппу нæ бакуымдта, нырма дам мын раджы у. Иу бон куы уыд, уæд лæппу йæхицæн рæгъауы иу хорз бæх æрцахста. Дыууадæс æмбалы йемæ акодта ‘мæ ‘рцыдысты нæртон адæммæ усгур. Дыууадæс æмбалæн бафæдзæхста:

– Куыддæр Нарты ‘фсæн дуары мидæг фæуон, афтæ-иу уæхуыддæг фæстæмæ аздæхут.

Араст ысты. Йæ бæх Гом æфсæн дуарыл нæ цыд, æмæ йе ‘мбæлттæн балæгъстæкодта, исчи цæ разæй куыд ацæуа. Сæ иу æм дзуры: – Уæдæ де ‘лдардзинад мæнæн радт.

Лæппумæ аипп æркаст, бæх ныццæфтæкодта ‘мæ дуарæн мидæгæй фæци. Стæй лæппуйыл дыууадæс барæджы дуар рассыдтой, æмæ дуар ныффидар. Хъæр ма цæм кодта, фæлæ уыдон афардæг ысты.

Лæппумæ йæ бæх дзуры:

– Де ‘мбæлтты ныууадз, фæлæ ды усгур рацыдтæ ‘мæ дæхæдæг агур. Лæппу бæхыл цæуынтæ байдыдта ‘мæ бæхы рагъыл афынæй ис. Уырызмæг, Сослан æмæ Хæмыц æрбацæйцыдысты, Хызы фидар куы басастой, уæд уый фæстæ. Лæппуйы куы федтой, уæд загътой: «Хызы фидар басастам уымæй нын хай, ай дæр та ахæсдзыстæм æмæ йæ нæ устытæн хæлайфагыл баивдзыстæм».

Уæд цæм лæппуйы бæх дзуры:

– Ма кæнут, ацы лæппуйæ пайда нæ фендзыстут.

Уыдон ыл фæхъæркодтой.

– Ма дзур, хæрæг, æнæ ахæсгæ йын хос нæй.

Бæх йæхи бауыгъта, лæппу фехъал, æмæ цын сæ фæнд куы бамбæрста, уæд цæм фæлæбурдта ‘мæ се ‘ртæйы дæр иумæ бабаста. Бæхыл цæ ‘рцауыгъта ‘мæ цæ Нартыхъæуы уынгмæ фæласы.

Лæппуйæн лæгъстæмæ фесты:

– Кæдæм нæ ласыс, фæлтау нæ ам фæцæгъд.

Лæппу цæм дзуры:

– Нæ, уæ устыты размæ уæ ласын.

Фæхудинаг уыдзыстæм, фæлтау нæ ам амар зæгъгæ та йын фæлæхстæкодтой æмæ цæ гъеуæд ысуæгъдкодта ‘мæ цæ ауагъта. Стæй та бæх лæппумæ дзуры:

– Цæуылнæ цæ фæрсыс, усгур куы цæуыс, кæд дын исты бацамониккой.

Лæппу цæ бауырæдта, бафарста цæ, кæд зонынц, мыййаг, ахæм чызг.

Уыдон ын бацамыдтой: «Денджызы сакъадахы цæры иу хъæздыг лæг, йæ ном Адыл æмæ уымæ хорз чызг ис, кæд дæ къухы бафта, уæд.» Лæппу араст ис Адылы агурæг. Денджызы былтыл фæцыд иу дзæвгар. Нæма бахæддзæ, афтæ уым федта бæрзонд мæсыг. Уырдыгæй хъарагъул каст æмæ куы федта, уæд бауад æмæ хъæздыг Адылæн, йæ усæн æмæ йæ чызгæн фехъусынкодта, дæлæ, зæгъы, иу барæг ахæм æрбацæуы, æмæ йæ бæхы сæфтджытæй цы цъыфтæ хауынц, гъеуыдон йæ сæрты халæттау тæхынц.

Адыл хъахъхъæнæгæн дзуры:

– Кæс æмæ кæд доны комкоммæ ‘рбацæуа, уæд нæ дуар уæйыджы цонгæй ахгæндзыстæм, кæннод та дзы хынджылæгкæндзыстæм.

Хъахъхъæнæг ауад, кæсы ‘мæ лæппу йæ комкоммæ доны ‘рбахызт. Хъарагъул фехъусынкодта ‘мæ гъеуæд сæ дуар ахгæдтой, уæйыджы цонг дзы атъыстой. Лæппу ‘рхызт, йæ бæх бæхбæттæныл бабаста, йæхсы дыдагъæй дуарыл бахæцыд, уæйыджы цонг æрбасаста, чыззы бынатмæ бацыд æмæ чызгæн дæ бон хорз, ме взæр бинонтæ, зæгъгæ загъта. Чызг æм дзуры:

– Æгас цу, Сатанайæн Сауногъайагæй чи райгуырд, уый.

Ацы ныхасыл лæппу фæтæргай, ныууагъта цæ ‘мæ фæстæмæ аздæхт. Чызг йæ фæдыл арвыста, фæстæмæ йæ ракæнут зæгъгæ.

Раздæхтой йæ ‘мæ йæ чызг бафарста:

– Цæмæн фæтæргай дæ?

– Уæдæ мын уыцы уайдзæф цæмæн бакодтай?

Чызг ын афтæ зæгъы:

– Уæдæ мæ ды де ‘взæр бинонтæ цæмæн ысхуыдтай? Фидауæггаг мын радтай? Æз дын уый уымæн загътон æмæ далæ денджызы сакъадахы тар сындзы ис иу сау рувас. Ды сурæг дæр дæхæдæг æмæ рындзылбадæг дæр дæхæдæг, æмæ йæ хъуамæ расурай. Уый куы ралидза уырмæ, уæд та фæстæмæ сындзмæ балидздзæн. Ды йæ бæхыл сур, сындзытæ дæ тондзысты, рувас та уырмæ ралидздзæн, æрцахсдзынæ йæ, фæлæ йæ мама амар. Марын æй нæ хъæуы. Йæ дымæджы ис æртæ сызгъæрин æрдуйы. Ды цæ ‘ртон, сæ иу æрду мын сызгъæрин чыргъ фестдзæн мæ сыгъзæрин хил æвæрынæн, иннæ ‘рду та мын – сызгъæрин рон, æртыггаг æрду та – ды æдылы дæ – æмæ дын зондамонæг уыдзæн. Æнæ уый бакæнгæйæ æз де ‘взæр бинонтæ нæ уыдзынæн.

Лæппу йæ коммæ бакаст. Ацыд сакъадахмæ. Йæ кæронæй уарийы хъæр ыскодта, ауад æмæ разæй рындзылбадæг фæцис. Рувас ралыгъд æмæ хъæдмæ раирвæзт. Лæппуйы расурбасурæй сындзытæ ныттыдтой. Рувас уырмæ ралыгъд, уырыл та йæ расурбасурæй бæхæн йæ сæфтджытæ дурыл ысхаудтой. Лæппу рувасы йæ фæстаг къахæй ацахста, йæ сызгъæрин æртæ ‘рдуйы йын ралыгкодта, чызгмæ цæ схаста. Чызг иу æрдуйæ – чыргъæд, иннæмæй та камари скодта, æртыккаг та лæппуйæн радта, зондæн дын баххуыс уыдзæн зæгъгæ.

Лæппу чыззы ракуырдта мидæгмойы ‘гъдауæй.

Иу æхсæв куы уыдис, уæд лæппумæ Зондамонæгæрду дзуры: – Рæсугъд усимæ хуыссын хорз у, фæлæ дæлæ Ногъайы лæппутæ бирæйæ ‘рыскъæфмæ рацыдысты ‘мæ дзы ды иу фондзыссæдзы бæрц хъуамæ уацайрæгтæ ракæнай.

Лæппу йæ бæхыл абадт æмæ иннæ ‘хсæвмæ Ногъайы быдырæй иу фондзыссæдз лæппуйы бæрц æрбакодта.

Дыггаг æхсæв та йæм Æрду бадзырдта:

– Цы лæппуты ‘рбакодтай, уыдонæн хъæуы фондзыссæдз усы. Лæппу та бæхыл абадт æмæ ацыд æмæ та дыггаг æхсæв фондзыссæдз чыззы ‘рбатардта. Хъазт цын ыскодта, хорз фæкафыдысты, стæй цæ симдыл ныххæцынкодта. Симд куы фесты, уæд цын загъта:

– Чи уæ кæуыл ныххæцыд, уыдон – мой æмæ ус, – афтæмæй цæ Адылы алыварс æрцæрынкодта, фондзыссæдз хæдзары цын сарæзта. Лæппу та ацард иукъорд бонты, афтæмæй та йæм иу æхсæв Зондамонæгæрду бадзырдта:

– Нарт Хызы фидары дзаума уардзысты. Раззаг бары хай Нарты Сырдонмæ цæуы. Сырдон æвдисæн амондзæн иу зæронд усы. Сырдон æй фæндагыл иу къудзийы бын бабадынкодта. Уыцы ус уым сыдæй мæлы. Ды йын демæ хæринаг æмæ дзаума ахæсс. Усы дæхиздыгæй фæкæн, бафсад æй æмæ йыл дзаума скæнынкæн. Стæй дын зæгъдзæн: «Ацы хорздзинад дын цæмæй бафиддзынæн?» Ды йын-иу зæгъ: «Куы мын æй фидай, уæд дæ къухы ис. Нарт Хызы фидары фос æмæ дзаума уардзысты ‘мæ дæу фæрсдзысты фыдздзаг хай кæуыл æмбæлы зæгъгæ ‘мæ-иу гъеуæд ды зæгъ: «Денджызы сакъадахы цæрæг хъæздыг Адылы сиахс цæры, Хызы фидар уый басаста æмæ фыдздзаг хай уымæн æмбæлы.»

Ус ын уый йе ‘вджид бакодта:

Сырдон мæ ам гъеуый тыххæй ысбадынкодта æмæ мæ сыдæй мары. Ды ма мæ хæринагæй æмæ дарæсæй æфсадгæ уæддæр бакодтай, æмæ æз дæ коммæ бакæсдзынæн.

Æмæ лæппу ацыд.

Нарты фæсивæд Хызы фидарæй цы дзаума ‘мæ фос æрхастой, гъеуыдоныл уарыны фæнд ыскодтой æмæ цæ алчи дæр фæйнæ ныхасы кæны. Стæй сын Сырдон бацамыдта:

– Далæ гъеуым къудзийы бын иу ус бады ‘мæ уын гъеуый зæгъдзæн, кæуыл уæ цы хай æмбæлы, уый.

Фæсивæд æм лæгтæ арвыстой, бафарстой йæ. Ус цæм арвыста: «Æппæты раззагдæр хай цæуы хъæздыг Адылы сиахсмæ, дыууæ хайы – Сырдонмæ, чи цæ баззайа, гъеуыдон та æмхуызонæй байуарут. Æрцыдысты ‘мæ фехъусынкодтой Нæртон адæмæн. Афтæ бакодтой. Лæппумæ арвыстой, загътой йын:

– Нарт Хызы фидарæй цы фос æмæ дзаума рахастой, уыдон уарынц. Хуыздæр хай дæумæ цæуы. Æрвитынц дæм, куыд æрцæуай æмæ дæ хай куыд айсай.

Лæппу цæ хорз федта ‘мæ цæ арвыста фæцæуын мæхæдæг дæр зæгъгæ. Зондамонæгæрду йæм дзуры:

– Цæуыс, фæлæ иу дыууадæс барæджы демæ акæн æмæ цæм дæрддзæф æрынцай. Уырдыгæй цæм барвит, Сырдоны зæгъ уæрмы куыд баныгæнат, æмæ цалынмæ мæн ахицæнкæнат, уæдмæ йæ уым куыд фæдарат. Сырдоны куы бааууонкæной, уæд Хызы фидарæй цы бирæ хæзна рахастой, уыдон иууылдæр уым уыдзысты. Ды-иу райс чырыны къуыдыр. Зæгъ цын-иу: «Ай мæ фыййæуттæн кæрдзынæвæрæн.» Ноджы гæрз бæндæн, æрчъиаджы султъы, гам худ æмæ гæбæр байраг. Фæлæ ‘ндæр мацы баком æмæ-иу рацу. Лæппу афтæ бакодта. Сырдоны уæрмæй систой æмæ йын дæдтынц йæ дыууæ хайы. Уый ма ракъахбакъах фæкодта, æмæ лæппу кæй ахаста, гъеуыдонæй дзы куы ницыуал баззад, уæд фæтæргай æмæ цын загъта: – Чи дзы уыдис, уыдон, Сатанайæн Сауногъайагæй чи райгуырд, уыцы дзæгъæлзад ахаста, æз ныр иннæтæй цы кæнын? Сымах фæрæдыдыстут. Хорзæй дзы цы уыд, уыдон уымæ ауагътат.

Гъеуæд Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан æрæмысыдысты, чи цæ сбаста, уыцы лæппуйы, уæдæ уый уыййæддæмæ ничи уыдзæн зæгъгæ – нæхуыддæг ын куы бацамыдтам хъæздыг Адылы чыззы дæр. Афтæмæй се ‘ртæ дæр сæ бæхтыл ысбадтысты ‘мæ йæм ацыдысты.

Уазæгдонмæ бацыдысты. Сослан лæууы, аннетæ бадынц. Лæппу цæм рацыд, æгас цæуат-тæ акодтой, стæй ныхас æрæфтыдтой, къахынц лæппуйы, цымæ, зæгъынц, иу лæг дыууæ лæгæн батыхкæндзæн?

Загъта цын:

– Чи – о, чи та – нæ.

Стæй цын уæд лæппу радзырдта:

– О, мæнæ ‘ртæ хорз лæджы, æз сымах хуызæн домбай æртæ лæджы иумæ бабастон, дыууæ нæ, фæлæ.

Стæй гъеуæд Сослан йæ хъæбысы ныккодта лæппуйы ‘мæ йын загъта: – Ды ме ‘фсымæр дæ, уалæ уæллаг зæронд лæг – Уырызмæг – нæ фыд у, йæ дæлейы – Хæмыц! Уый та нæ фыдыфсымæр у. Кæй ысбастай, гъеуыдон дæр мах ыстæм. Ныр цом нæхимæ ‘мæ иумæ цæрæм, хъæздыг Адылæн дæр йæ ирæд бафиддзыстæм.

Лæппу йын дзуры:

– Адылæн йæ ирæд фыст у, сæдæ хæдзары йын æд адæм ралæваркодтон.

Йæ усы ракодта, æрцард Нартыхъæуы, æнæхъæн мæй куывдтæ фæкодтой æмæ уым цæргæйæ баззадысты.

ХÆМЫЦЫ ФЫРТ ЧЫСЫЛ БАТЫРАДЗЫ КАДÆГ Нарты Бурæфæрныгæн авд лæппуйы уыди. Иу бон куы уыди, уæд фат æмæ ‘рдынæй хъазыдысты мæ цæм дæлæсыхæй иу лæппу ссыди, йæ цæстытæ сасиры йас, æмæ цын загъта:

– Уæ хорзæх мæ уæд, æмæ мæнæн дæр иу æхсты бар ауадзут æмæ уын изæрмæ уæ фæттæ хæсдзынæн.

Стæй цын цæ ‘мбисбонмæ фæхаста. Æмæ сæ кæстæр æфсымæр чи уыди, уый загъта йæ хистæр æфсымæрæн:

– Ай тæригъæд уæ цæмæн хъæуы? Иу æхсты бар ын ауадзут. Йæхицæн, мæгуыр, цинкæндзæни.

Æрæвæрдтой йын сæ худтæ авд æфсымæры ‘мæ цæ бахста ‘мæ цæ иу æхстæй ныппырхкодта. Æмæ цын ыстæй уыйфæстæ ‘ндæр дарæсы мыггаг ницыуал ныууагъта авд æфсымæрæн. Стæй цын ноджы се ‘рдынбæстæ ‘рывæрынкодта ‘мæ цын уыдон дæр ныппырхкодта.

Æмæ цын ахæм митæ куы фæкодта Бурæфæрныджы фырттæн, уæд сæ хæдзармæ цæуын нал уæндыдысты нæ фыд нæ амардзæн зæгъгæ.

Стæй йыл аивæй ныххæцыдысты ‘мæ йæ сæ фыд Бурæфæрныджы размæ баластой æмæ йын загътой:

– Ай нæм абон дæлæсыхæй ыссыди ‘мæ нæ афтæ ныппырхкодта. – Æ, куыдзы хъыбыл! Ды кæд уыйас лæг рацыдтæ, уæд дын дæ фыд Хæмыцы нæ дыууæ Челæсхан ку’ амардтам. Æмæ йæ кард уæлæ Челæхсаны фарсыл ку’ и. Уæд уый туг райс. Фæлæ дæ адон та цы хъыгдарынц? Лæппу уыцы дзырдыл фæстæмæ раздæхт æмæ йæ хæдзармæ ‘рцыди. Æфсæн фыййаг артыл ыссырхкодта ‘мæ йæ мады йæ быны ракодта ‘мæ йын загъта:

– Мæ фыд Хæмыцы мын чи амардта, уый мын зæгъ, æндæра дын дæ дзидзитæ судзын.

Йæ мад ын загъта:

– Фыдæбон йæ бацамонæгæн уæд! Нарты Бурæфæрныг æмæ Челæсхан дын æй амардтой.

– Уæдæ йæ кард дæр æцæг уыдонмæ и?

Челæсханы фарсыл ис ын загъта йæ мад.

Стæй ысуагъта йæ бынæй йæ мады ‘мæ йын загъта:

– Уæдæ мæ фыдæн æппын гæрзтæ, йе бæх ницы баззади?

Уый йын загъта:

– Куыд нæ йын баззади! Дæлæ йæ бæх ныггæнды æфсæн æрттигътæ хæры ‘мæ кæд разæй бацæуай, уæд дæ дæндагæй хæрдзæн, кæд æмæ йæм фæстейы бацæуай, уæд та дæ зæвæтæй мардзæни.

Стæй йæм ныццыд æмæ бæхæй фаджысы ницыуал зынди ‘мæ йæм бæх йæ хъустæ куыд фæгæмæлкодта ‘мæ йæ хæрынмæ куыд хъавыди, афтæ йын Батырадз йæ дыууæ хъусыл фæхæцыд æмæ йæ ныггæндæй фелвæста. Арыхъхъаг сапонæй йæ цынадта. Йæ фыд Хæмыцы болат саргъ ыл сæвæрдта ‘æхтонгæй сæлвæста. Йæ гæрзтæ райста. Абадти йыл æмæ Бурæфæрныджы дуармæ ссыди ‘мæ йын загъта:

– Æз дын лæгæн нæ бæззын, д’ авд лæппуйы къубæлттæ дын иу къуындзихыл куынæ ныллыгкæнон. Йæууыл нæмыгыл дын сæ къæхтæ дурæфхæрд цы чындзытæн кæны, уыдон дын каконсындзыл куынæ бакæнон. Стæй уырдыгæй ацыд æмæ Хызыфидармæ ссыди. Уым Челæсхан йæ бæхы донмæ ‘рцæйласта, Хæмыцы кард йæ фарсыл. Æмæ доныбыл куы баиуысты, уæд æм Батырадз бадзырдта:

– Дæ бон хорз, Челæсхан!

Челæсхан дæр ын загъта:

– Хорз цæрай, æгас цæуай, хорз уазæг!

Стæй йын Батырадз загъта:

– Дæ кард ма мын фенынкæн. Ахæм кард нырма никуы федтон. Челæсхан дæр дын æй ысласта. Æмæ ‘ркасти Батырадз кардмæ ‘мæ йын загъта Челæсхан:

– Куыдзысæртæ куы бахæрид – Хæмыцы дæндагыл мын фехæлд. Стæй йын Батырадз загъта:

– Хорз кард у, фæлæ уæм хур кæцæй ыскæсы?

Челæсхан ын æй бацамыдта. Стæй та йын загъта Батырадз: – Уæдæ уæм ныгуылгæ та чердыгæй кæны?

Челæсхан хурныгуылæнырдæм ку’ азылди, уæд ын Батырадз йæ бæрзæй ныцъцъыкласта ‘мæ йæ сæр атылди.

Æмæ Батырадз йæ фыд Хæмыцы кард æмæ Челæсханы бæхы рафардæгкодта ‘мæ Бурæфæрныгмæ ‘рцыд æмæ йын й’ авд лæппуйы сæртæ иу къуындзихыл ацъыкласта. Стæй Бурæфæрныджы усы къухдзæг ыскодта, йæ чындзыты та – кæройнæгтæ ‘мæ цæ каконсындзы найыл сифтыгъта ‘мæ цыл най бакодта.

Уыйфæстæ йæ хæдзармæ рацыди.

Райсомы сыстад æмæ Нартæн загъта:

– Мæ фыды туг мын цæуылнæ фидут?

Уыдон ын загътой:

– Уæ, не ‘лдар! Дæ дзых – нæ тæрхон.

– Уæдæ кæд мæ дзых уæ тæрхон у, уæд мын йæхсыхъæдбæласæй аххæрджытæ ‘рбаласут.

Стæй ацыдысты Нарты фæсивæд æмæ йæхсхъæдытала дæр никуы ссардтой, афтæмæй фæстæмæ ‘рцыдысты.

Стæй та цæм ноджы ссыди Батырадз æмæ та цын загъта:

– Уæ, куиты Нарт! Мæ фыды туг мын ценнæ фидут?

Уыдон та йын загътой:

– Дæ дзых – нæ тæрхон, не ‘лдар!

– Уæдæ мæ фыды басмахъ уæлæуыл базади ‘мæ мын æй хуысар- хъуымацы сыгъдонæй бай дзагкæнут.

Уыдон дын ласын байдыдтой сæ устыты ‘мæ чыззыты куырæттæ ‘мæ хæдæттæ ‘мæ цæ Уæлкъуыппы бæрзондмæ схастой æмæ цыл уым арт бафтыдтой.

Уæд Батырадз дæллаг коммæ ныддодойкодта ‘мæ загъта:

– Додой мын дæ къона кæны, афæдзæй афæдзмæ цы дымгæ ис, уый ныр куы нæ ракæнай!

Уæд цыл ахæм дымгæ скодта ‘мæ бæстылæмбисонд æмæ цын сæ куырæттæ ‘мæ хæдæтты сыгъдæттæ ныххæлиукодта.

Нарт дын æрдиаггæнгæ, уæнтæгуыбыр æмæ сæркъулæй æрцыдысты. Стæй цæм изæры Батырадз рацыди ‘мæ цын загъта:

– Æз уын лæг нæ дæн, æз уын райсом сахатæй дыууадæс уæныгыл ыстыр хъумбара куы нæ ‘рбаласон æмæ уæм æй уæлæхъæуæй ма ‘рцаразон – йе мбæлæггаг уæ сыхгай куыд хæсса, йе схъиуæггаг та – хæдзаргай. Стæй й’ авд сау лæгыл фæхъæркодта ‘мæ сахармæ афардæг и ‘мæ уырдыгæй ыстыр хъумбара ‘рбаласта ‘мæ быдырты рынцади.

Нарты Сырдон йæ боцъотæ ‘руагъта ‘мæ йыл йæхи амбæлæгкодта. Куы йæм бацыди, уæд ын Батырадз загъта:

– Æгас цæуай, зæронд лæг!

Стæй йæ бафарста кæдæм цæуыс зæгъгæ.

– Кæдæм цæуын, кæ? – загъта Сырдон. – Иу æрдхорд мын уыдис Хæмыц зæгъгæ ‘мæ мын уымæн баззади иу æнахъом лæппу ‘мæ мын йæ сæр фесæфта кæмдæр æмæ уый агурæг цæуын.

Уæд ын Батырадз загъта:

– Уæдæ уый æз куы дæн.

Сырдон ыл бирæ гæды цинтæ фæкодта ‘мæ йын загъта:

– Уæ, Батырадз, дæ фыды дын чи амардта, уый æз куы зонын. Батырадз ын загъта:

– Нарт.

– Кæд æй Нарт амардтой, уæддæр уыдон аххос уыйас нæ уыди. Уæлæ Сайнæджы фидары зæдтæ ‘мæ дауджытæ – дæ фыд Хæмыцы марæг. Уыдон æй федыхкодтой æмæ йæ радтой Нарты къухы.

Уæд дын Батырадз й’ авд саулæгæн хъумбара сифтындзынкодта. Йæ хъандзал кард йе ‘фцæгыл æртыхта, афтæмæй хъумбарайы ныббырыд æмæ йæхи Сайнæджы фидармæ фехсынкодта. Уым зæдтæ ‘мæ дауджытыл ралæууыд æмæ цæ кæй маргæ акодта, кæмæн йæ сæр, кæмæн йæ къух, кæмæн йæ къах асаста.

Уæд дын уыцы зæдтæ ‘мæ дауджытæ Хуыцаумæ хъæстмæ ссыдысты ‘мæ йын загътой:

– Фæцагъта нæ ‘мæ дæ курæм æмæ йæ мæлæт цæмæй у, уый нын бацамон.

Хуыцау цын загъта:

– Уымæн йæ иу сæрыфахс æрхуыйæ у ‘мæ йын уый куы стæвд уа, æмæ йæм уый куы ныхъхъара, уæд уымæй у йæ мæлæт, æндæр ницæмæй. Ныр æй сымах æнæдон бæстæм асайут æмæ дзы уым хæст ракъахут. Æмæ æз, афæдзæй афæдзмæ цы хур кæсы, уый иу бон фæкæсынкæндзынæн æмæ йæ сæрыфахс ыстæвд уыдзæни ‘мæ уымæй у йæ мæлæт.

Стæй та æнæдон быдырмæ асайдтой Батырадзы зæдтæ ‘мæ дауджытæ ‘мæ дзы хæст ракъахтой. Уæд Хуыцау дæр дунейы ‘мбисонд хур ныккæсынкодта ‘мæ Батырадзæн йæ æрхуысæрыфахс ысзынг и, афтæмæй ницыуал фæрæзта ‘мæ амарди. Уæд дын зæдтæ ‘мæ дауджытæ фырцинæй фæтахтысты алырдæм. Æмæ-иу Батырадзы сæрты чи атахти, уый-иу йæ уæлæ ‘рхауди ‘мæ афтæмæй ноджы бирæ фæцагъта.

Уæд та дын дыггаг хатт Хуыцаумæ хъæстмæ ссыдысты ‘мæ йын загътой:

– Йе ‘гас нын уый нæ ракодта, ныр нын йæ мард цы кæны. Стæй цын Хуыцау тых радта, цæмæй цæ Батырадзы мард мацыуал хъыгдара ‘мæ цын загъта:

– Ацæут æмæ йæ Сопиайы зæппадзы баныгæнут.

Æрцыдысты зæдтæ ‘мæ дауджытæ ‘мæ йæ ахастой æмæ йæ Сопиайы зæппадзмæ ныххастой æмæ цын уым дæр та дуары тарвазмæ йæ дыууæ къахы сæвæрдта ‘мæ цын мидæмæ нал куымдта.

Зæдтæ ‘мæ дауджытæ та Хуыцаумæ хъæстмæ сыдысты ‘мæ йын загътой:

– Уырдæм дæр та нын куы нæ уал комы, уæд ын цы кæнæм? Хуыцау цын загъта:

– Ацæут, æмæ марды фæлдисинагæй адæм фыдздзаг Хуыцауы ном цæмæй ыссарой, уый-иу уый уæд мæрдты ‘мæ уын бакомдзæни.

Ацыдысты ‘мæ йæ Сопиайы зæппадзмæ бахастой æмæ йæ уым баныгæдтой.

Ныр адæмæппæт марды фæлдисинагæй разæй Хуыцауы ном цæмæй ыссарынц, уый Батырадзы хай у.

НАРТЫ УЫРЫЗМÆДЖЫ КАДÆГ Нартыл фыддуг, фыдаз ыскодта ‘мæ ‘ддæмæ рацæуынæн дæр нал уыдысты. Иу бон куы уыди, уæд ма йæ сæрæн чи уыд, уыдонæй чидæртæ ныхасмæ рацыдысты ‘мæ сæ мæллæгæй ныхасы бафтыдтытæкодтой. Нарты Уырызмæг дæр Ныхасы дурын бандоныл йæ дынджыр кæрц йæ уæлæ, афтæмæй бадти. Уæд кæцæйдæр иу гатдза ‘рбалæууыди ‘мæ ныхасы ‘фтыдæй чи лæууыди, уыдонæй куы кæй уæлæ агæпкæны, кæмæн та йæ рихийы фарс астæры. Гæды Сырдон дæр кæцæйдæр фæзынди ‘мæ куыдзы адæмы уæлæ рахизбахизгæнгæ куы федта, уæд нырдиагкодта ‘мæ загъта: – О Нартæ, Нартæ! Уый бæсты куы фесæфат, уæд хуыздæр у, цы бахæрат æмæ цы баназат, уый уæм нал и. Нартæн сæ гæлхуыртæ фæстейы баззадысты ‘мæ цын гатдза сæ рихитæ стæры. Ахæм лæг уæм куы разынид, æмæ сымах чи бафсадид!

Зæронд Уырызмæг æй куы фехъуыста, уæд мæстыгомауæй сыстади ‘мæ йæ хæдзармæ бацыди. Афтæмæй йæ сызгъæринкъæлæтджын бандоныл мæстыбадт æркодта ‘мæ йæ быны ныссаст и.

Йæ ус Сатана йæм федзæхти ‘мæ йын загъта:

– Цы та кæныс, нæ зæронд хæйрæг, цæуыл та мæсты дæ?

Уæд ын зæронд Уырызмæг загъта:

– Æмæ куыд нæ уон мæсты, дæ мæрдтыстæн, гатдзайы хъæвдын Сырдон мæ мæстæймары. Ныхасы афтæ дзырдта: «Нартæ, фесæфтыстут, æвзæр гæлхуыртæ, фæстейы баззадыстут æмæ уын гатдза уæ рихитæ стæры. Сымахмæ ахæм лæг куы разынид, æмæ ма сымах чи бафсадид.» Сатана йын загъта:

– Уыууыл мамæстыкæн. Нартæ мын сæ кувæггæгтæй кæй фæхастой, уыдонæй мæм авд авды ‘сгуытæ ис, авд авды уæлибыхтæ, авд авды ронджыдзæгтæ.

Уæд Уырызмæг рацыд æмæ Нартыл фидиуæгæн ныхъхъæркæнынкодта: «О Нартæ! Уырызмæг уæ хоны ‘мæ, йæ къахыл цæуынхъом чи у, уый цæугæ ‘ркæнæд, фазыл бырынхъом чи у, уый та йæ фазыл æрбырæд.»

Ацы уацхъуыд куы фехъуыстой, уæд Нартæ иннæ бон æрæмбырдысты Уырызмæгмæ. Уый цæ хæрд æмæ нозтыл æрбадынкодта. Иу фондз боны цын куы фæминаскæнынкодта, уæд Уырызмæг дзуры фæсивæдмæ:

– Иучысыл æддæмæ ку’ акæсин, лæппутæ, кæд Нартыхъæуыл исчи ‘рбадт. Уæддæр мæ цæст иучысыл ку’ адарин.

Уæд ын Сатана загъта:

– Де ‘мбырд цæмæн халыс, зæронд лæг? Æддæмæ цæмæн цæуыс? Фæлæ уый уæддæр нæ бакуымдта ‘мæ загъта:

– Мæ цыбыр топп мæ к’ уаид.

Æмæ сыстади, йæ даргъ кæрц йæ уæлæ ‘рбакодта ‘мæ, йæ цыбыр топп йæ къухы, афтæмæй æддæмæ рацыди ‘мæ фæсивæдæн загъта: – Ме ‘рбаздæхынмæ уæ бадт ма фехалут, æз æддæмæ акæсон. Уырызмæг ацыди ‘мæ цагъды уæлæ ‘рбадти, афтæмæй йæ кæсæнцæстæй алырдæм хъахъхъæдта.

Уыцы афон æм цæргæс уæлейæ йæхи рауагъта ‘мæ дзы йæ ныхтæ ныссагъта. Систа йæ ‘мæ йæ хæссын байдыдта ‘мæ йæ Сау денджызы астæу сау дурыл æрæвæрдта. Уырызмæг алырдæм хъахъхъæны ‘мæ сагъæскæны: ныр цы кæнон, куыд кæнон зæгъгæ, цы фыдæбон мыл æрцыди!

Уæд дуры бынæй чысыл рухс ысзынди. Уый куы федта, уæд æм йæхи ауадзын ысфæндкодта ‘мæ скуывта Хуыцаумæ:

– Хуыцауты Хуыцау, мæ Хуыцау! Кæд мæ истæмæн ыскодтай, уæд мæ ацы донæн ма фæласынкæн.

Афтæмæй дуры бынмæ йæхи ауагъта ‘мæ иу хæдзары цурмæ ‘рцыди. Хæдзары къæсæрмæ куыд баввахс и, афтæ – уазæг нæ уадзут хæдзаронтæ, зæгъгæ загъта.

Уым уыдысты иу ус æмæ лæппу. Ус, уазæг Хуыцауы уазæг у зæгъгæ фæкодта, – уазæг куыд нæ уадзæм? Æмæ йæ мидæмæ бакодта. Иучысыл фæстæдæр – уазæг æрцыди, лæппутæ – зæгъгæ загъта ус æмæ уайтагъд хæдзар лæппутæй æрбайдзаг и.

Уæд цын ус загъта:

– Лæппутæ, уазæгæн кусарткæнын хъæуы, ацæут æмæ бурæнæлфыс æрбаласут!

Ацыдысты ‘мæ бурæнæлфыс æрбаластой, аргæвстой йæ, ацæттæ йæ кодтой, афтæмæй йæ ‘гасæй аджы цæвæрдтой. Куы сфыхти, уæд æй Уырызмæджы раз фынгыл æрæвæрдтой æгасæй дæр, ‘сгуы та хæйттæн сæ быны бакодтой.

Нартæн се гъдау хъамайы фындзæй кувын уыди. Афтæмæй Уырызмæг хъамайы фындзæй систа. Скуывта, æмæ куывд куы фæци, уæд æй лæппумæ бадардта. Лæппу йæм хъазгæ ‘рбазгъордта. Афтæмæй йæхи нал бауырæдта ‘мæ хъамайы фындзыл йæ зæрдæсæр бакъуырдта ‘мæ лæппу амарди.

Уый ку’ амарди, уæд Уырызмæг æгасæй та уыууыл байдыдта хъыгкæнын æмæ хæргæ дæр нал кодта ‘мæ дзургæ дæр.

Уæд ын ус зæгъы:

– Цæуылнæ уал хæрыс исты, хорз лæг? Лæппу кæй амарди, уый ницы кæны – хуыцау æй ацы сахатмæ ‘рхаста. Фæрæз ын нал ис. Фæлæ исты ахæр.

Уæд ма ‘нæбары чысыл цыдæртæ ахордта. Стæй сыстади ‘мæ цын хæрзæхсæв загъта.

Ус дæр сыстад æмæ йын загъта:

– Ахсæв ам лæу, хорз уазæг. Стæй райсом ацæудзынæ.

Æмæ та йæ нæ рауагъта. Уат ын бакодта ‘мæ йæ ныххуыссынкодта. Лæппуйы та æхсæв уаты цæвæрдтой.

Райсомы куы сбон и, уæд та Уырызмæг дуры сæрмæ ссыди ‘мæ уым ысбадти. Æмæ та кæцæйдæр уыцы цæргæс фæзынди ‘мæ та йæхи рауагъта. Уырызмæджы йæ ныхтæ ныссагъта, афтæмæй йæ ахаста ‘мæ йæ цагъды сæрæй ц’ афон рахаста, иннæ уыцы афон та йæ уым æрæвæрдта. Доны бын чи цард, Уырызмæг кæмæ ныдздзыди, уыдон Донбеттыртæ уыдысты, йæ ус Сатанайы цæгат. Цы лæппуйы амардта, уый та йæхи лæппу уыди. Сатана йæ цæгаты куы уыд, уæд æй уым ныййардта ‘мæ йæ уым ныууагъта, Уырызмæг ын æй куыд нæ зыдтаид, афтæ.

Цæргæс æй цагъды сæрыл куы ‘рывæрдта, уæд йæ хæдзармæ бацыд æмæ æмбырды уæлейы ‘рбадти ‘мæ цын зæгъы:

– Лæппутæ, рагон æмбисонд уын зæгъон, æви æрыгон?

Уыдон ын загътой:

– Рагон æмбисæндтæ ма фехъуыстам, фæлæ нын æрыгон æмбисонд ракæн.

Уæд цын радзырдта, цагъды сæрыл куыд æрбадт, уырдыгæй йæ цæргæс куыд ахаста ‘мæ йæ Сау денджызы сау дуры уæлæ куыд æрæвæрдта, уым дуры бынæй доны бынмæ куыд ныдздзыди, хæдзармæ куыд бацыди, кусарт ын куыд акодтой, кусарт ын йæ разы куыд æрæвæрдтой, хъамайы фындзæй ысгуы куыд систа, куы скуывта, уæд æм лæппу хъазгæ куыд æрбауад, йæхи хъамайы фындзыл куыд бакъуырдта ‘мæ куыд амарди, æхсæв уым куыд фæци, райсом та дуры сæрмæ фæстæмæ куыд ыссыди, уырдыгæй та йæ цæргæс куыд систа ‘мæ йæ фæстæмæ цагъды сæрыл куыд æрæвæрдта, уыдон цын иууылдæр радзырдта лыстæггай. Уæд Сатана йæхи ныттыдта ‘мæ ныррæдывта:

– Зæронд хæйрæг! Мæ сусæг æвæрæнмæ дæр та мын бахæддзæ дæ. Фæлæ ма йын цы хос уыди!

Адæттæ куы фесты, уæд Уырызмæг фæсивæдмæ фæдзырдта:

– Лæппутæ! Кæмæ цы бахæддзæ, уый йын хæлар уæд йæ мады ‘хсырау. Ныр уæ хæдзæрттæм цæугæут.

Афтæмæй адæм сæ хæдзæрттæм фæцыдысты.

Уырызмæг кæй амардта, уый иу къорд боны ингæны куы фæци, уæд хъынцъымкæнын байдыдта:

– Нартыл фыддуг, фыдаз ыскодта, афтæмæй мæ фыд Уырызмæгæн ницы ахъаз фæдæн, ницы фос ын фæкæнынкодтон.

Æмæ мæрдты хицау Барастырмæ бацыди ‘мæ йын ныллæхстæкодта: – Уæлæмæ мæ ауадз, мæ фыд Уырызмæгæн исты фос фæкæнынкæнон. Фæлæ йæ уый нæ уагъта, афтæ йын зæгъы:

– Дæу ку’ ауадзон, уæд мæрдтæ иууылдæр дæ фæдыл ацæудзысты. Уыууыл ын лæппу загъта:

– Мæ фæдыл цæмæй ма рацæуой, уымæн æз хос ыссардзынæн мæхæдæг. Стæй йæ фараст боны ‘мгъуыдмæ ауагъта.

Лæппу баздæхт, афтæмæй йæ бæхæн цæфхæдтæ фисынмæ ныссагъта ‘мæ рацыди. Дуаргæс, Барастырæй йæм дзырд ис, уый зыдта ‘мæ йæ ауагъта. Уæд мæрдтæ дæр рарастысты ‘мæ дуаргæсмæ бацыдысты ‘мæ йын загътой:

– Мах дæр ауадз йæ фæдыл.

Уый цын загъта:

– Уый куы никæдæм ацыди, æркæсут ын мæнæ йæ фæдмæ дæр, æддæмæ цæуыны фæд у, мыййаг?

Уыдон æркастысты ‘мæ фæд фæстæмæ кæй уыди, уый федтой æмæ сæхæдæг дæр аздæхтысты фæстæмæ.

Лæппу дын рацыди уырдыгæй æмæ Нарты Уырызмæджы дуармæ балæууыд æмæ йæм бадзырдта:

– О Нарты Уырызмæг! Æддæмæ мæм ракæс!

Уырызмæг уый куы фехъуыста, уæд загъта:

– Уый цавæр у, цæй хъæр у? Айхуызæн дуджы дардæй чи ‘рцыди? Уæд æм ракаст æмæ чысыл лæппу иу чысыл бæхыл бады ‘мæ Уырызмæгæн афтæ зæгъы:

– Демæ мын хæтæны ‘нæфæцæугæ нæй.

Уырызмæг ын загъта:

– Ау, куыдзы хъыбыл, дæ бæх тæрхъусы йасы йæддæмæ куы нæ у, дæхæдæг та саргъыгоппы йас, уæд ды мемæ кæдæм фæцæудзынæ! Мæ зæронды бон мæ куыд хынджылæгкæныс, худинаг дын нæу?

Æмæ фæмæсты и. Фæлæ йын лæппу сабырæй афтæ зæгъы:

– Æппын дæ нæ ныууадздзынæн, Уырызмæг, искæдæм мæ куы нæ фæкæнай, уæд.

Афтæмæй дын быдыры астæу Æмхицхæрæн Бæрæгбæрц зæгъгæ, уырдæм иннæ бон сихормæ куыд бацæуой, ахæм æмгъуыд ыскодтой. Æмæ Чысыл барæг фæстæмæ аздæхти.

Уырызмæг та йæ ус Сатанамæ бацыди ‘мæ йын радзырдта, уыцы лæппу йæ хæтæны кæй кæны йемæ. Æмæ йæ кæй нæ фæнды уый дæр. Уæд ын Сатана загъта:

– Ма тæрс, нæ зæронд лæг. Æз дын, цæмæй мауал ацæуат, уымæн unq ыскæндзынæн.

Йæхæдæг мæсыджы сæрмæ ‘ртæ мыдамæсты ‘мæ ронджы дурынимæ суади ‘мæ уырдыгæй ныккуывта:

– Хуыцауты хуыцау, мæ хуыцау! Кæд мæ истæмæн ыскодтай, уæд ахсæв æнусы цъитийы мит æруарæд!

Афтæмæй дын – гъæйда-мит уарын байдыдта ‘хсæвæй бонмæ ‘мæ ма мæсыджы цъупп чысыл зынди, афтæ ‘руарыди.

Райсом Уырызмæг куы ракасти, уæд йæ зæрдæ бадзæбæх, нал ацæудзынæн зæгъгæ. Æмæ æцæг нал ацыди.

Уырызмæг се ‘мгъуыдафон æмгъуыд бынатмæ куы не рцыди, уæд лæппу уырдыгæй рацыд æмæ та Уырызмæджы дуармæ балæууыд æмæ бахъæркодта ‘мæ йæм Уырызмæг рацыди.

Уæд ын лæппу загъта:

– Дæ дзырд куы фæсайдтай.

Фæлæ йын Уырызмæг загъта:

– Айхуызæны мæ урс рихитæй мит мæрзгæ кæдæм цæуон?

Уæд ын лæппу загъта:

– Уый мæ бар уадз. Æз ын хос ыскæндзынæн уымæн. Мæ фæдыл рацу уыййæддæмæ.

Цы ма кодтаид! Бацыди йæ хæдзармæ ‘мæ загъта:

– Ацы фыдæбоны барæг мæ нæ ныууадздзæн.

Фæлæ цæуон зæгъгæ дын йæхи ацæттæкодта зæрондырдæм. Йæ хъулон йæфсыл дын абадти ‘мæ лæппуйы фæдыл фæраст.

Лæппу бæхыл йæ разæй цæуы ‘мæ йæ бæх та йæ фындзыхуынчъыты тæфæй й’ алыфарс мусуатыбæрц мит тайынкæны. Уырызмæг та йæ фæдыл сурыл цæуы.

Иудзæвгар куы фæцыдысты, уæд лæппу фæрсы Уырызмæджы:

– Хорз Уырызмæг, æнæсаст бæстæ ма дын баззади искуы?

Уый йын загъта:

– Сау денджызы сæрты ацæуынæн ницы фадат ыссардтон æмæ ма мын уый тыххæй Терк æмæ Турчы бæстæ æнæсаст баззади.

Уæдæ уырдæм цæуæм зæгъгæ йæ акодта.

Иудзæвгар та ку’ ауадысты, уæд ын лæппу загъта:

– Æз раздæр ауайон æмæ бынат акæнон.

Афтæмæй ацыди ‘мæ Æмхицхæрæн Бæрæгбæрцы афынæй и. Уалынджы Уырызмæг дæр куы ‘рцыди, уæд фестади лæппу ‘мæ Уырызмæджы рхизынкодта ‘мæ йын йæ бæх афæсахсæнкодта ‘мæ йын загъта: – Ды уал иучысыл ахуысс, æз та бæх хъахъхъæндзынæн.

Стæй райхъал и ‘мæ исты куы бахæриккам, лæппу, зæгъгæ загъта. Æмæ йын фæндаггаг систа.

– Исты ахæр.

Фæлæ лæппу йæ дзыхмæ дæр ницы схаста, мæнæн хæрыны рæстæг нæй зæгъгæ.

Уырдыгæй ацыдысты ‘мæ денджызы былмæ куы ‘рбахæддзæсты, уæд лæппу сагдзæрмттæй мусонг ыскодта, сæгуытдзæрмттæй та лыстæн æмæ Уырызмæгæн загъта:

– Ам мæм лæу. Абон майрæмбонмæ дæм æз дæр искæцæй хæддзæкæндзынæн.

Йæхæдæг йæ бæхыл абадт æмæ дын денджызы уыцы фарс Терк æмæ Туркмæ бацыди. Уыдонæн та сæ рæгъау æфсæндзых бирæгъ æмæ ‘фсæндзых сынт æмæ æфсæндзых уырс хъахъхъæнæг уыдысты. Лæппу æфсæндзых бирæгъы ‘мæ æфсæндзых сынты амардта. Сбадти æфсæндзых уырсыл, йæхи бæх та рæгъаумæ ауагъта ‘мæ Терк æмæ Турчы рæгъау хъæуы ‘ддемæ ратардта. Стæй йæхæдæг Терк æмæ Туркмæ баздæхти ‘мæ цæм бадзырдта: – О Терк æмæ Турк! Уæ рæгъау уын фæтардæуы, фæдисы цæугæут! Уыцы рæстæг Терк æмæ Турк куывды бадтысты ‘мæ цæ уый дзырд нæ бауырныдта.

Уæд цæм хæстæгдæр бацыди ‘мæ та цын загъта:

– Уæ рæгъау уын фæтардæуыди!

Фæлæ уыдон загътой:

– Ай хæрдацау æмæ нозтацау чи ‘рцыди, ахæм у. Æрхизын æй кæнут æмæ йын бахæрынкæнут æмæ баназынкæнут, уырдыгыстджытæ!

Уыдон дæр, Терк æмæ Турк куыд загътой, афтæ бакодтой æмæ лæппумæ басидтысты. Уый уæд тагъдгомау рахызти, ахордта цыдæртæ ‘мæ анызта. Стæй æфсæндзых бирæгъы хъус æмæ æфсæндзых сынты сæр систа йæ дзыппæй æмæ цæ фынгыл æрæвæрдта:

– Кæд уæ уыдонæй дæр нæ уырны, уæд уын далæ уе ‘фсæндзых уырсыл бадын.

Рауади лæппу ‘мæ дын абадти бæхыл. Ныххæфтытæ йæ кодта ‘мæ рафардæг и.

Рæгъаумæ нæма бахæддзæ и, афтæ йыл иу зæронд ус бамбæлди дон хæсгæйæ ‘мæ йын загъта:

– И-и, дæ рын бахæрон æмæ дæ уды фæхъхъау фæуон, байхъус мæм. Саджы хуызæн æхсæз лæппуйы мын уыди ‘мæ дзы фондз фæдисыфыддзагæй мард фесты. Ныр дæр та мæ лæппу фыддзаг уыдзæн, æййафдзæн дæ ‘мæ йын мацы кæн, æз дæ мад дæ фыды уазæг. Фæлæ-иу æй бацъæрæмыгъдтытæкæн æмæ-иу æй уæлвæндагмæ баппар. Маргæ мын-иу æй ма акæн!

Цæмæй йыл баууæндыдаид, уый тыххæй йын йæ дзидзи бададта. Уалынмæ дын фæдис дæр йæ фæдыл уайын байдыдтой, æмæ йæ мæнæ уыцы лæппу æппæты фыддзаг æрбаййæфта.

Чысыл лæппу йæм дзуры:

– Дæ хорзæхæй, ныууадз мæ, дæ мадимæ ‘рдхорд ыстæм.

Фæлæ йын уый загъта:

– Мæ мад, мæ фыдыстæн, нал дæ ныууадздзынæн!

Куы нал æй уагъта, уæд æм Чысыл лæппу фездæхти ‘мæ йæ бацъæрæмыгъдтытæкодта ‘мæ йæ уæлвæндагмæ баппæрста. Фæлæ уый фестади ‘мæ та йæ суры, нæ йæ уадзы.

Чысыл лæппу та йæм фæстæмæ дзуры:

– Дæ хуыцаумæ скæс æмæ мæ ныууадз, м’ ард мын ма фæсайынкæн. Уæд ын уый афтæ зæгъы:

– Усимæ ард чи хæры, уый усы хуызæн лæг у. Рæгъау фæтæрын дæ фæнды, фæлæ дæ æз нæ бауадздзынæн.

Хос куы нæ уал уыди, уæд æм дыггаг ыздæхт ракодта ‘мæ уæдæ дæ тæригъæд дæхи уæд зæгъгæ, йæ бацæфтæкодта ‘мæ йæ ‘рдæгмардæй фæндагмæ баппæрста. Йæхæдæг рæгъауыл рахъæркодта, афтæмæй цæ денджызы ацы фарс фæкодта.

Уырызмæг куы ‘рбахæддзæ ис, уæд иу ран æрлæууыдысты ‘мæ лæппу Уырызмæгæн загъта:

– Байуар цæ, Уырызмæг.

Уый йын загъта:

– Дæхæдæг цæ байуар.

Лæппу цæ ‘ртæ хайы кæнын байдыдта. Уæд Уырызмæг йæхинымæры хъуыдыкодта: «Æвæдздзæгæн, æртæ хайæ иу йæхицæн исдзæни, иу та йæ фæтæггаг, иу та мæнæн дæддзæни.»

Æмæ ма уæд æз Нарты ‘хсæн цавæр цæсгомæй бацæудзынæн зæгъгæ загъта хъынцъымгæнгæйæ.

Уалынджы цæ уæрст фæци лæппу ‘мæ Уырызмæгæн зæгъы:

– Хай сис, Уырызмæг.

Уый йын загъта:

– Нарт хистæрæй нæ исынц хай. Махмæгъдауæй хай сисын дæуыл æмбæлы.

Афтæмæй Уырызмæджы дзырд ыссыди ‘мæ лæппу систа иу хай æмæ зæгъы Уырызмæгæн:

– Ай дын дæ хистæйраг.

Иннæ хайæ:

– Ай та дын дæхи хай.

Æртыггагæй:

– Ай та дын мæ хай.

Æрмæст рæгъауæй иу урс гал сæвзæрста ‘мæ загъта Уырызмæгæн: – Ацы галæй мын хист ыскæн.

Æмæ йын йæхи раргомкодта ‘мæ йын загъта:

– Ды иу æхсæв Донбеттыртæм куы уыдтæ, уæд дæ хъамайы фындзыл йæхи чи бакъуырдта ‘мæ чи амарди, æз уыцы лæппу дæн. Æмæ мæхи Барастырæй ракуырдтон. Ныр ме ‘мгъуыд æрхæддзæ ис. Æз цæуын, фæлæ мын хист æнæскæнгæ ма фæу. Афонмæ дæр ма мын мæ ном ницæмæй ыссардтой.

Ныр фæндараст фæу зæгъгæ йын загъта. Йæхæдæг æй ныууагъта. Уырызмæг дæр рæгъауыл тагъдгомау рахъæркодта ‘мæ Сатанамæ куы ‘рхæддзæ ис, уæд загъта:

– Æз, ды йæ цинæй кæмæн цардтæ ‘мæ йæ уындæй кæмæн нæ бафсæстæ, уыцы лæппуимæ ныр иннабон фæхаттæн.

Сатана Уырызмæджы уым фæуагъта, афтæмæй лæппуйы сурын байдыдта, сурын байдыдта ‘мæ йæм хæстæгкæнын куы байдыдта, уæд æм раздæр дзуры:

– О кæй уындæй нæ бафсæстæн æмæ кæй цинæй цардтæн, дæ уынд мын ма бахæлæгкæн, дæ цæсгом мæм равдис.

Лæппуйæн та йе ‘мгъуыд æрхæддзæ ис, хур æрцæйныгуылд йæ бынатмæ тындзыдта ‘мæ загъта:

– Рæстæг мын нал и.

Сатана йæ куы бамбæрста, ай мæм нал ракæсдзæни зæгъгæ, уæд, мæгуырæг, ыскуывта:

– Хуыцауты хуыцау, мæ хуыцау! Кæд ды мады зæрдæйы кæсын зоныс, уæд ма хæхтыл дыдзыхур фæзынынкæн.

Æмæ уæд хæхтыл дыдзыхур æрбакасти. Уалынмæ лæппу дæр мæрдты дуарыл фæгуыбыркодта ‘мæ иу ыздæхт фæкодта Сатанамæ ‘мæ йын Сатана йæ фæдджитæ ‘мæ йæ цæсгом иу уынд акодта ‘мæ лæппуйыл йæ къухдарæн фехста ‘мæ уымæн йæ къухыл абадти ‘мæ лæппу уыцы къухдарæн мæрдтæм йемæ бахаста.

Уырдыгæй Сатана фæстæмæ йæ хæдзармæ рацыди ‘мæ уыцы урс галæй хист ыскодта. Хист уæдæй нырмæ кæнын байдыдтой зæгъгæ зæгъынц. Афтæ уыди Уырызмæджы балц зæгъгæ зæгъынц. Фæлæ се ‘цæгдзинадæн ницы зонын. Æрмæст уын зæгъын: Уыдонæй цы нæ федтат, рын, сонæй дæр æндæр мацы фенут. Мæ кадæггаг лæппутæн авæрут.

АЙСАНА

Нарты Уырызмæгæн лæппу райгуырди ‘мæ йæм Сау денджызы ‘лдар æрцыди, Уырызмæгæн уый йæ хæлар уыд æмæ йын раарфæкодта йæ лæппуйы тыххæй. Стæй йæ йæхицæн хъанæн ахаста. Ном ыл сæвæрдта Айсана. Айсана рæзын байдыдта, хъомылкодта ‘мæ куыд рæзти, афтæ фыдуагæй- фыдуагдæр кодта. Айсана йæ кары бацыд, фæлæ йæ дæлимонтæ фæцæстыкодтой æмæ йын дзурын иуыл зыгъуыммæ хъуыди. Сау денджызы ‘лдар æмæ й’ адæм тынг ысфæлмæцыдысты Айсанайæ. Адæмæн сæ фос цагъта, нæ цын маргъ уагъта, нæ фос. Галæн-иу й’ арм ыстыдта, куы й’ агъд, æмæ алы фыдмитыл дæр н’ ауæрста.

Сау денджызы ‘лдарæн Ногъы бæхыдзугтæ хызти. Уым ын цыбырхъус уырс-бæх уыди, фыдуаг. Йæхимæ нæ, фæлæ гас рæгъаумæ дæр никæй уагъта.

Æлдар зæгъы й’ адæмæн:

– Аса йут æй Айсанайы рæгъаумæ Ногъыбæстæм. Кæд æй уыцы уырс бахæрид, æндæр амæн хос ницæмæй ис йе ‘рсабырæн.

Акодтой ыстдæс лæппуйы Айсанайы бæх ахсынмæ. Ногъы рæгъмæ куы баввахс ысты, уæд Айсанайæн загътой:

– Мах бæхтыл ыстæм, ды та – фистæг, дæхицæн уæртæ рæгъауы цы цыбырхъус уырс ис, уый æрцахс æмæ цæуæм.

Айсана бæхты рæгъаумæ бацыд, цыбырхъус уырс æй ауыдта мæ йæм йæхи рауагъта. Айсана йын йæ хъустæм фæлæбурдта ‘мæ йе рагъмæ сгæпласта. Бæх ныззылди куыройы цалхау æмæ Айсана рахаудта. Уæлæмæ фестад, бæхы йæ фæстаг къæхтæй ацахста, ныззылдта йæ ‘мæ рæгъауы астæу йæ фæрт фæцыди. Цыбырхъус æм æрбацыд сабыргай æмæ зæгъы Айсанайæн:

– Тыхæй гуымиры дæ, зондæй – лæмæгъ, фæлæ мын барæгæн бæздзынæ.

– Ды дæр мын бæхбæттæны сфидаудзынæ, ме ‘мбæлтты бæхты ‘хсæн. Цыбырхъусыл абадти Айсана ‘мæ йе ‘мбæлттæм ратындзыдта. Уырдыгæй æлдармæ ‘рцыдысты. Базыдтой та æлдары адæм, Айсана ‘рцыди, уый æмæ хъасткодтой се ‘лдарæн: «Кæнæ мах фесаф, кæнæ Айсанайы.»

Æлдар зæгъы й’ адæмæн:

– Æз уый амæлæт мæхи цæстæй куы фенон, уæд мын зын у, фæлтау æй цуаны асайут Хурыбыдырмæ. Хурыбыдыры фендзыстут хуыскъ адаг, ададжы астæу æфсæн быру, уым быруйы сæрты сымах бæхтæ ахизын нæ бафæраздзысты, уый бæх дзы ахиздзæн. Быруйæ куы фæмидæг уа, уæд ын фæстæмæ хизæн нал уыдзæн, ахæм коммæ ахаудзæн. Сымах фæйнæрдæм ныппырх ут, дыууæ уæ иумæ ма алидзæд. Уый уæ комæй уындзæн æмæ катайкæндзæн уæ фæлыгъдыл. Чердæм ацæуа, уый нал зондзæни ‘мæ йæ ныууадзут. Уæхæдæг рацæут фæстæмæ.

Акодтой Айсанайы ‘стдæс барæджы цуанкæныны ‘фсон Хурыбыдырмæ. Уым федтой хуыскъ адаг ыстыр быруимæ. Уыууыл цæ хъуыди ахизын! Сæ бæхты ныццæфтæкодтой, фæлæ быруйы сæрты Айсанайы бæхы йæддæмæ никæй бæх ахызти.

Айсана арф коммæ ныххаудта. Йе ‘мбæлттæ стдæсырдæм ныййиугай ысты. Айсана цæм кæсы мæ хъуыдыкæны: «Цæмæй фæтарстысты, фæйнæрдæм цы ныппырх ысты?» Йæхæдæг катайы бацыд: «Ныр чердæм фæцæуон, фæндаг куы никуыдæм зонын, уæд!»

Арасткодта комы мидæг. Бирæ фæцыди ‘мæ бафæллади. Иу ыстыр бæласы бын нæууыл йæ нымæтыл æрхуыссыд. Йæ бæхы бæласыл бабаста ‘мæ бæх хызти йæхицæн.

Нарты Сослан цуаны уыд æмæ ‘рбацæйцыд Айсанырдæм. Сфæндкодта Айсанæн йæ бæх байсын. Йæ цурмæ ‘рбацыд æмæ йæ фынæйæ куы федта, уæд кард ысласта, цæмæй йын йæ къубал ныцъцъистласа. Айсанайы бæх дзуры Сосланмæ:

– Нывæр дæ кард йæ кæрддзæмы, уый дæ карды хуызæн цыхткæрдæнтæ н’ алыгкæндзысты ‘мæ цу дæ фæндагыл, кæннод куы сыхъал уа, уæд дын хорз нæ уыдзæни.

Сослан æм нæ хъуыста. Уæд бæх ныммырмыркодта ‘мæ Айсана фестади. Сосланæн йæ кард йæ къухы хъилæй баззад. Айсана йæм фæмæсты ис, й’ арцыл æй систа, йæ бæх ын йæхи бæхы фæсарц авæрдта ‘мæ фæцæуы.

Сослан æм дзуры:

– Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, ауадз мæ мæ хæдзармæ.

– Ды мæн марынмæ хъавыдтæ ‘мæ дыл мæхæдæг фæтых дæн, фæлæ мæнæй æдыхдæрыл куы сæмбæлдаис, уæд ын алы хатт дæр тыхкæныс. – Ард дын хæрын нæртон лæджы номæй – нал фæхъыгдардзынæн фæндаггон лæджы.

– Ау, æмæ ды нæртон лæг кæцæй дæ?

– Æз Нарты Сослан дæн.

– Уæдæ мын бахатыркæн, æнæзонгæйæ дын кæй фæфыдæбонкæнын кодтон, уый.

Йæ бæхæй асæррæтласта Айсана, йæ бæхыл æй сывæрдта ‘мæ та йæ фæрсы:

– Уæдæ мæн нæ зоныс, æз чи дæн?

– Бæрæг дæ нæ хъуыдыкæнын.

– Æз Уырызмæджы фырт Айсана дæн, Сау денджызы ‘лдармæ уыдтæн хъанæй. Мæ митæ ‘гæр зыгъуыммæ кæй ысты, уый тыххæй мæ сæрсæфæн фæндагыл бафтыдта.

– Уымæн дын æз хос ыскæндзынæн. Ам искуы иу рувас амарæм, уый тугæй дæхи æрыхс æмæ дæхи бамбæхсдзынæ.

Уæд хъæдæй рувас рауади. Айсана ‘хсгæ нæ, фæлæ йæ фæстейы асырдта. Ратæрбатæр æй систа хуырты, дурты, цæндты, пыхсыты, хъæдты. Йæ дарæс ын пыхсытæ ныскъуыдтæкодтой, стæй йæ иу лæнчы ‘рцахста, аргæвста йæ, йæхи йын йæ туджы ныхсадта ‘мæ йе ‘мбихъар æрцыди, стæй зæгъы Сосланæн:

– Фос кæцæй фæкæнæм, ахæм бæстæ зондзынæ ‘мæ йæм фæцæуæм. – Ахæм бæстæтæй фылдæр цы ис, Айсана! Хъары зæххыл иу мæликк цæры. Никуы йын ницы ис арвæй зæххы ‘хсæн, иу чыззы йæддæмæ. Уый басæтт зæгъгæ, уæд фос ыскæнид лæг, йæ чызг та дæ хуызæн йемылæгæн чи сбæзза, ахæм уаид.

– Уæдæ йæм æдзæугæ нæй, Сослан.

Ацыдысты Хъарызæхмæ. Стыр куывд æм ныййæфтой мæликмæ, фæлæ уыдон куывды иувæрсты ахызтысты сæрвæтырдæм æмæ ратардтой мæличчы фос. Куывды адæм цæ федтой æмæ цæм фæфæдискодтой. Айсана цæ кæй цагъта, уыдон туг та иннæты ласгæ фæкодта. Иу цæ нал ауагъта. Мæликк фæтарсти ‘мæ Айсанайы раз зонгуытыл æрлæууыд, лæгъстæ йын кæны:

– Æгъгъæд мын м’ адæмы цæгъд, дæ дзых – дæ тæрхон, цы мын зæгъай, уый бакæндзынæн.

Айсана йын зæгъы:

– Дæ чыззы мын бинойнагæн радт, кæннод дæ бынысæфткæнын. Мæликкæн гæнæн нал уыди ‘мæ йын йæ чыззы радта, стæй мæличчы рæгъæуттимæ рараст ысты ‘ртæйæ.

Æрцыдысты Нарты арæнтæм æмæ Айсана зæгъы:

– Уырызмæгæн мын арфæ ракæн æмæ Сатанайæн.

Сослан джихауæй аззади ‘мæ йæ фæрсы:

– Ау, Нартæм мемæ нæ цæуыс?

– Нæ, Сослан, æз Сау денджызы ‘лдармæ хъуамæ ныццæуон, фæлæ фос байуарæм.

– Махæн худинаг у, нæ мыггагæй исчи йæ усимæ искæй дæлбар цæра, уый, фæлтау цæуæм Нартыхъæумæ.

Айсана дæр ницы уал ысдзырдта ‘мæ Нартæм æрцыди. Уырызмæг æмæ йын Сатана чындзæхсæвтæ ‘мæ куывдтæ фæкодтой Айсанайæн.

АЙСАНА ‘МÆ САЙНÆГ-ÆЛДАР Сайнæг-æлдар рарынчын æмæ фервыста Нартæм:

– Мæнæн æнæмæлгæ нал и, фæлæ уæ кæд исчи удыгасгæнæн хос зоны, уæд мын æй ма бахæлæгкæнæд, хорз лæвæрттæ йын ракæндзынæн. Нартæ загътой:

– Лæгæн йæ адзал куы ‘рцæуы, уæд ма кæм фехъуыстæуыди удæгасгæнæн хос?

Ничи дзы разынди ахæм. Сайнæг-æлдар Айсанамæ фæсидти ‘мæ йын зæгъы:

– Авд ныггæнды бын мæ зæрдæ кæуыл дарын, ахæм бæх ис баст. Кæд мын удыгасгæнæн хос ыссардзынæ, уæд дын лæвар фæуæд.

Айсана загъта:

– Никуы зонын ахæм хос, нæ дæр фехъуыстон. Кæд дæхæдæг зоныс, уæд мын æй зæгъ æмæ йæм фæцæуон.

– Уæдæ мæнæн æнæ амæлгæ нæй, фæлæ мæ дыууæ хойы авд æфцæджы ‘ддейы цæрынц æмæ мын цæм фехъусынкæн.

Айсана цæм фехъусынкодта. Дыууæ хойы йæм æрцыдысты ‘мæ йæм кæугæ бацыдысты:

– Уæ, нæ бонтæ бакæлой, кæмæй ма ныфс æвæрдзыстæм, не фсымæр! Сайнæг-æлдар цæм дзуры:

– Кæуынæй ницыуал ис, фæлæ ма кæд удыгасгæнæн хос искуы зонут, уæд мын æй æрхæссут.

– Мах ницы зонæм, кæд ахæм хос ис, уæддæр æй зондзæни де ‘фсымæргонд Саухохы Сау уæйыг.

Сайнæг-æлдар та уымæ дæр фервыста ‘мæ йæм æрцыди.

Дуарæй йæм дзуры:

– Цы фæдæ, ме ‘фсымæргонд, удыгас ма дæ?

– Удыгас ма бæргæ дæн, фæлæ мæрдон удыгас дæн. Кæд ма искуы удыгасгæнæн хос зоныс, уæд мын æй бацамон, кæннод мæнæй пайда нал и.

– Гъе, Сайнæг-æлдар, кæм фехъуыстай ахæм хабар, æмæ ма мæлæг лæгæн удыгасгæнæн хосæй уа раздæхæн.

– Ахъуыды ма кæн, Саухохы Сау уæйыг, ды бирæ федтай, бирæ фехъуыстай, æмæ искуы зондзынæ.

– Иу ран ма бæргæ зонын, фæлæ йæм чи фæцæудзæн. Арапаныфæзы зайы иу фæткъуыбæлас. Бæласы бын калм йæхи ‘рбатыхта ‘мæ йæ хъахъхъæны, иугæндзон йæ къуди йæ дзыхы дары ‘мæ йæ цъиры. Уыцы калмæн хæринаг Арапаны паддзах фæласы, йæ бацæуæн зын. Зæгъгæ уыцы фæткъуыбæласæй фæткъуы ратыдтай æмæ йæ ‘рхастай, стæй йæ бахордтай, уæд фервæзис, фæлæ йæм чи фæцæудзæн? Æнæуый дæр фæткъуымæбацæуæны хъахъхъæнджытæ лæууынц.

Уæд Сайнæг-æлдар загъта:

– Уæдæ мын ныр чи фæцæйцæудзæн Арапаныфæзмæ, чи мын æрхæсдзæни уыцы фæткъуыйæ, уымæн, авд азы ныггæнды цы кафгæ бæх дарын, уый радтин лæвар.

Айсана зæгъы:

– Æз æм фæцæуин, Сайнæг-æлдар, фæлæ Нарты адæммæ æз ахæм бæх нæ зонын, уырдæм чи афæраза.

– Дæлæ мæ бæхы раласут æддæмæ, мæхи мын йæ размæ ныххæссут, æз дыл æй баууæндынкæндзынæн æмæ дын лæвар фæуæд.

Раластой Сайнæг-æлдары бæхы ‘ддæмæ. Сайнæг-æлдар æй Айсанайыл æрыууæндынкодта. Саргъ ыл сывæрдтой Кафгæйыл. Стæй йыл ысбадти Айсана. Бæх Айсанайы ахаста ‘мæ йæ иу æхст хæрдмæ фæкодта, Айсана йæхи зæрватыкк фестынкодта ‘мæ бæхы баййæфта, абадти та саргъыл. Дыггаг æхст фæкодта Айсанайы. Айсана йæхи зæгæл фестынкодта ‘мæ базæй саргъы ‘хсæн абырыди. Стæй та саргъы абадт. Æртыггаг æхст æй фæкодта лæппуйы бæх. Айсана ‘фтаугæ фестади ‘мæ бæхы саргъы бын бабырыд. Уыйфæстæ та саргъыл ысбадт. Уæд æм бæх дзуры:

– Барæгæн мын бæздзынæ, Айсана.

– Ды дæр, цалынмæ хуыздæрыл хæсткæнон, уæдмæ мын цъыфты тæрынæн ысбæздзынæ.

Бæх та йæ фæрсы:

– Ныр дæ фæндаг кæдæм дарыс, Айсана, уый мын зæгъ.

– Сайнæг-æлдар мæлæтдзаг рынчын у. Иу хос ма ис йæ фервæзынæн, уый у Арапаныфæзы цы фæткъуы зайы, гъеуый æмæ дзы хъуамæ ‘рхæссон. – Гъей, Айсана, уыууыл дæ хуызæттæ бирæ афæлвæрдта, фæлæ цæ калм аныхъуыры, абон дæр æгас нал ысты.

– Нæй мын гæнæн, хъуамæ йæ ‘рхæссон.

– Уæдæ дын æз иу фæнд амонын. Ды уæлхъæдæй дæ фæллад ысуадз, бафынæйкæн æмæ дæ куы бауигъон, уæд баныхаскæндзыстæм.

Айсана афынæй. Бæх афтæ цырд цыди ‘мæ сæдæбоны цыд иу бон арæзта. Ныххæддзæ Арапаны бæстæм. Хъамылы арфы æдасдæры тыххæй бацыд æмæ ныууыгъта лæппуйы. Айсана фехъал и:

Кафгæ йæм дзуры:

– Гъер æрхæддзæ стæм, æрхиз æмæ мын мæ къуди фидар балхынцъкæн, æртæ хъуыны ма дзы ныууадз æнæлхынцъæй.

Айсана Кафгæйы къуди фидар балхынцъкодта, æртæ хъуыны ма дзы ныууагъта.

Бæх та зæгъы:

– Гъер кæрдзын бахæр æмæ кæс уæртæ бæласмæ. Быдыры астæу уыууыл калм фараст тыхты йæхи ‘рбакодта ‘мæ йын Арапаны паддзах ыстдæс цæдыл хæрд æмæ нозт æрбаласы.

Айсана акасти быдырты астæумæ, калмы раз ыстдæс цæды акалдтой хæринаг æмæ нозт, стæй аздæхтысты. Калм цæм уыцы иу лæбурд фæкодта ‘мæ цæ банызта ‘мæ бахордта. Афтид донхæссæн гæрзты йæ къудийы кæроныл авæрдта, фехста цæ æмæ Арапаны паддзахы галуаны стæлфыдысты. Стæй та йæ къуды йæ дзыхы бакодта, цъиры йæ ‘мæ афтæмæй афынæй ис.

Кафгæ зæгъы Айсанайæн:

– Афон у ныр фæткъуы хæссынæн, фæлæ мыл ысбад. Æз мæхи иу уагъд акæндзынæн, æмæ дзы цы ратонай, уый дæхи, кæннод дзæгъæлы цыд фæуыдзыстæм.

Кафгæ йæхи иу уагъд акодта. Айсана тæхгæ-тæхын бæласы цонг арæмыгъта ‘мæ, йæ уæлæ æртæ фæткъуыйы, афтæмæй дымгæйау атахтысты. Фæткъуыты йæ дзыппыты атъыста, бæласы цонг та зæхмæ аппæрста. Калм цæ ауыдта, сæ фæдыл йæхи райста, иу ран цæ ‘рбаййæфта. Кафгæйы æнæлхынцъ æртæ хъуынмæ фæлæбурдта, йæ дæндæгтыл цæ атыхта ‘мæ фурды сæрты фæцæйтахтысты.

Кафгæ йæхи фæзылдта, калмæн йæ дзыхы бæхы ‘ртæ хъуыны аззадысты “мæ фæфæлдæхти, стæй доны ныххаудта. Уæдмæ Кафгæ фурдæн иннæрдæм ахызти.

Уырдыгæй æрцыдысты Сайнæг-æлдармæ ‘мæ йæм Айсана дзуры: – Æрхастон дын уыцы фæткъуыйæ, Сайнæг-æлдар.

– О, афтæ тагъд не ‘рцыдаис. Уый ды кæмдæр æндæр фæткъуы ‘ртыдтай æмæ уый æрхастай. Уæдæ ма дзы искæцы рынчынæн ахæрынкæн, кæд ысдзæбæх уа, уæд мæн дæр бауырндзæн.

Айсана фæткъуыйæ Нарты рынчынтæн бахæрынкодта ‘мæ сеппæт дæр сæ къæхтыл ыслæууыдысты. Бауырныдта Сайнæг-æлдары дæр Айсанайы ныхас. Бахордта иу æнæхъæн фæткъуы ‘мæ фервæзти. Йæ бæхы Айсанайæн балæваркодта, арфæ йын ракодта, стæй куывдтæ фæкодта йæ хæдзары.

УЫРЫЗМÆДЖЫ ÆНÆНОМ ЛÆППУ ÆМÆ НАРТЫ СОСЛАН 1.

Мидхъæуы туджджын уыди Сослан æмæ йын æхсæвы йæддæмæ бон ацæуæн нæ уыд. Æмæ йæ ус куырдуаты уыди. Загъта куы Фенин мæ усы зæгъгæ. Æмæ иу æхсæв куы уыд, уæд сыстади ‘мæ ацыди. Æмæ быдыры астæумæ ку’ ахæддзæ ис, уæд иу ран æртæ талмбæласы, æмæ уыдонмæ бахæддзæ ис. Æмæ бæласыл фæхизы сæракдзабыр æмæ хуыдзарм дзабыр. Æмæ сæракдзабыры хуыдзармдзабыр раппæрста. Æмæ бадискодта: «Куыд диссаг у, искуы ма сæракдзабырыл хуыдзармдзабыр фæтыхджындæр уа?» Æмæ ацыдис уырдыгæй. Æмæ иу уобауыл фыхти æртæ цæджджинаджы, æмæ цæм бакастис, æмæ саджы сыкъатæй сæ быны цырын арт уыдис. Æмæ дыууæ кæройнаджы кæрæдзимæ ‘ппæрстой агъдгай дзидзатæ ‘мæ армгай, астæуыггагмæ дзы басы цъыртт дæр нæ хаудта. Æмæ бадискодта. «Цы диссаг уа? – загъта Сослан. – Адон агтæ иумæ ‘вæрд куы сты, æмæ дыууæ кæройнаджы кæрæдзимæ куы ‘ппарынц, æмæ дзы астæуыггагмæ басы цъыртт куынæ хауы?»

Æмæ та арасти уырдыгæй. Æмæ иу гадза зади гобæттыл, æмæ нæ фæрæзта зайын, æмæ ахызти уырдыгæй, гобæттæй, æмæ ныззади бырæттыл. «Уæдæ уый та цы диссаг уа?» – загъта Сослан?

Æмæ уырдыгæй ку’ ацыди, уæд бахæддзæ и йæ усы хæдзармæ, æхсæвыгон, æмæ сæ дуар æхгæд æмæ йыл архайы æмæ йын нæ комы. Æмæ хъама сласта: хъамайы фындзæй йæ бакæнон зæгъгæ. Æмæ дуар фегом и, хъама йæм куы бадардта, уæд. Æмæ бахызти дуарæй.

Æмæ дуарæй куы бахызти, уæд фæсдуар хуыссыди ноджыдæр гадза, æмæ гадза йæ нæ базыдта, æмæ йæ хуылфæй йæ къæбылатæ йæ базыдтой æмæ йæм рæйдтой.

«Уæд ай та цы диссаг уа?» загъта Сослан æмæ бацыди, ссыгъта будын цырагъ æмæ базылди хæдзары ‘мæ йæ мад – йæ усы мад – гæггуыритæ ‘мæ кæлмытæ йæ дзидзитыл æфтыд. Æмæ та бадискодта: «Ай та цы диссаг уа?» Иннæздæм разылди ‘мæ йæ усы фыд бады ихын бандоныл æмæ ихын лæдзæг йæ дзыхмæ арæзт. Æмæ уыууыл дæр бадискодта ‘мæ разылди иннæ бæстыхаймæ ‘мæ уым хуыссыди йæ ус, æмæ йæ райгомкодта хъæтцулæй æмæ йын сæр нæй – йæ усæн. Уæд загъта: – Хуыцау, табу дæуæн, табу дæуæн. Æз сæрджын ус куы ракуырдтон æмæ амæн сæр куы нæ ис. Цæй, æмæ йæ сыхъалкæнон.

Æмæ йæм ысдзырдта Сослан æмæ ус рабадти æд сæр æмæ йын загъта: – Диссæгтæ федтон!

– Цы диссæгтæ?

– Быдыры астæу талмбæласыл сæракдзабыр æмæ хуыдзармдзабыр фæцæйхызтысты ‘мæ хуыдзармдзабыр сæракдзабыры раппæрста “мæ уый диссаг куыннæ у?

Æмæ йын чызг загъта:

– Æмæ нæртон лæг куы дæ, уæд дæм уый диссаг кæсы?

– Æмæ уæдæ, цавæр у?

– Сау æмæ уæздан иу ысуыдзысты ‘мæ сау лæг фæтыхджындæр уыдзæни уæзданыл.

– Æмæ уæдæ уый та цы уыдзæни: иу уобауыл æртæ цæджджинаджы кæрæдзимæ агъдгай æмæ ‘рмгай æппæрстой, фæлæ дзы астæуыггагмæ басы цъыртт дæр нæ хаудта?

– Уый та уый у: бонджынтæ кæрæдзийæн дæдтдзысты, мæгуыртæн дзы дæдтæг нал уыдзæни.

– Æмæ уæдæ уый та цы диссаг у: гатдза гобаныл куы зади ‘мæ куы нæ бафæрæзта ‘мæ куы рахызти ‘мæ бырæттыл куы ныззади?

– Уый дæр дæм диссаг ма фæкæсæд. Хуыцауы ‘васт ми кодта, уымæн аггаг бырæттыл зайын у.

– Куы ‘рбацыдтæн, уæд уæ дуар кæнын куы нæ бакуымдта ‘мæ йæм хъама куы сластон, уæд йæхи куы бакодта?

– Æмæ уæдæ уый нæ зоныс: нæ дуар у лæджы цонгæй æхгæд, æмæ уæд йæхи айста æхгæнæн.

– Æмæ уæдæ, фæсдуар гадза куы хуыссыди ‘мæ мæ йæхæдæг куы нæ базыдта, фæлæ мæ йæ хуылфæй йæ къæбылатæ куы базыдтой?

– Уый дæр дæм дис ма фæкæсæд: кæстæр хистæры нал фæрсдзæни адæмæй, фæлæ дæлейæ уæлæмæ ныхаскæндзысты.

– Æмæ уæдæ, уый та цы диссаг у: дæ фыдæн, ихын бандоныл бадти, æмæ ихын лæдзæг йæ дзыхмæ арæзт куы уыдис?

– Уый дæр дæм дис ма фæкæсæд: уыди тæрхоны лæг уый æмæ бонджын фарс хæцыди, – мæгуырæн ницы ‘ххуыскодта ‘мæ мæрдты бæсты афтæ уыдзæн.

– Æмæ уæдæ, дæ мадæн та гæггуыритæ ‘мæ кæлмытæ йæ дзидзитыл æфтыд куы уыдысты?

– Æмæ дæм уый цы диссаг кæсы, мæ мад уыди гарзкæрдæг æмæ-иу мæгуыры гарзæй аскъуыдта ‘мæ-иу æй бонджыныл бафтыдта ‘мæ мæрдты афтæ уыдзысты йæ дзидзитыл фтыд.

– Æмæ уæдæ, дæумæ куы ‘рбацыдтæн æмæ дæ сæр дæ уæлæ куы нæ уыдис?

– Æмæ уый нæ зоныс, нæртон лæг куы дæ? Цалынмæ чызг йæ моймæ фæцæуа, уалынмæ ‘хсæв æнæсæр у. Уый тыххæй, æмæ сылгоймагæн йæ сæр йæ мой у.

2.

Сослан сыстад æмæ Стыр Уырымæ афардæги ‘мæ паддзахмæ ныллæууыди кусæг æмæ бакуыста уым, æвæдздзæгæн, иу къорд азты, стæй загъта: «Цон ныр Нартыхъæумæ». Æмæ рарасти уырдыгæй æмæ иу цъус куы рауади, уæд æрхъуыдыкодта: «Уæу-уа, ныр куыд цæуын. Нарты астæумæ куы бацæуон, уæд мæ куы фæрсой: кæм уыдтæн, уæд цы зæгъдзынæн? Стыр Уырысы хлепатæ хæрынмæ уыдтæн зæгъгæ зæгъдзынæн? Цæй æмæ фæстæмæ аздæхон». Æмæ ныццыд паддзахмæ фæстæмæ. Æмæ йын паддзах загъта:

– Цæмæн æрцыдтæ фæстæмæ?

Уый загъта:

– Уæдæ цы равдисдзынæн ныр, Нарты астæумæ куы бацæуон, уæд? Уæд ын загъта паддзах.

– Æмæ дæ цы хъæуы?

– Исты мын радт.

Æмæ йын радта ‘ртæ хъулы ‘мæ йын Сослан загъта:

– Цы миниуæг цæм ис?

– Кæимæ цæ хъазай, уый дыл нæ фæхистæр уыдзæн æмæ цæуыл хъазат, уый байсдзынæ.

Æмæ раздæхти ‘мæ ‘рбацыди Нартыхъæумæ ‘мæ фидиуæг ныхъхъæркæнынкодта:

– Абон майрæмбон – иннæ майрæмбоны ‘рымбырд ут Бæрæгуобаумæ! Æмæ ‘рымбырд ысты мæ цыл хæлттæ сæфтыдта ‘мæ кæй хал суади, уымæн загъта:

– Гъеныр мемæ ахъаз æмæ мыл кæд фæхистæр уай, уæд мын ме ‘уæнгтæй алыгкæндзынæ: фæнды – мæ цонг, фæнды – мæ къах, фæнды – мæ цæст.

Æмæ дзы бирæйы æнæцæнгтæ фæкодта, бирæйы дзы æнæкъæхтæ фæкодта. Æмæ Уырызмæг та зæронд бацис, æмæ уый хал дæр ысхаудта. Æмæ æхсæвы хъынцъымкæны Уырызмæг æмæ мæрдтæм фехъуысти йæ хъынцъым.

Æмæ Уырызмæгæй амардис Æнæном лæппу, æмæ уый фехъуыста ‘мæ бацыдис æмæ Барастырæй йæхи куырдта:

– Ауадз мæ уæлæуылбæстæм æмæ ацæуон æмгъуыдмæ.

Æмæ йын Барастыр загъта:

– Дæу бæргæ ауадзин, фæлæ иннæтæ дæр дæ фæстæ цæудзысты. – Æмæ уыдонæн мæхæдæг ысхоскæндзынæн

Æмæ хидыл хъарагъултæ уыдис, æмæ стæй хидыл уыдис фæныктыд, æмæ уыцы Æнæном лæппу йæ бæхы цæфхæдтæ зыгъуыммæ ныссагъта ‘мæ хидыл ауади. Æмæ иннæ адæм дæр сыстадысты ‘мæ цыдысты ‘мæ хъарагъултæ загътой:

– Æркæсут фæдмæ, мах куы никæй ауагътам æддæмæ, уæд уæхиздæм фæд куы у.

Æмæ фæдмæ ‘ркастысты ‘мæ сæхиздæм фæд. Æмæ аздæхтысты фæстæмæ. Æмæ лæппу Нартыхъæумæ ‘рбахæддзæ мæ фæрсы:

– Уырызмæджы хæдзар кæм и?

Æмæ йын дзурынц:

Уырызмæгæй цы кæныс, мæнмæ рацу, мæнмæ рацу!

– Нæ, æз цæуын Уырызмæгмæ.

Æмæ йын бацамыдтой Уырызмæджы хæдзар æмæ йæм бацыди.

– Де зæр хорз уа, зæронд Уырызмæг!

– Хорз дын хуыцау ракæна!

Радтой салам кæрæдзийæн.

Æмæ Уырызмæг Сатанамæ бадзырдта:

– Ай хорз уазæг у, æнахуыр уазæг æмæ йæ хорз фен истæмæйты! Æмæ ‘хсæвæр ысцæттæкодта ‘мæ ‘хсæвæры хæрдыл æрбадтысты, ‘мæ Уырызмæг улæфтытæкæны – хъæрзы ‘мæ йын лæппу афтæ:

– Цы зæгъыс, зæронд лæг? Цы хъæрзыс, цæуыл уылæфтытæкæныс? – Цы кæнон, – Сослан Стыр Уырысæй æртæ хъулы ‘рбахаста ‘мæ радгай Нарты фæсивæдимæ хъазы ‘мæ цæ æнæ цæнгтæ ‘мæ къæхтæ фæкодта бирæйы. Æмæ райсом мæ рад у, æмæ чи ацæуа мæ хæдзарæй, уыимæ чи схъаза, ахæм нæм нал и. Æмæ цæуын æз райсом уыимæ хъазынмæ, æмæ мæ хуыцау цæуылнæ мардта. Ныр зæрырдæм мыл фæуæлахиз уыдзæни ‘мæ мын кæнæ мæ цонг лыгкæндзæн, кæнæ мæ къах, кæнæ мын мæ цæст къахдзæни, æмæ уый тыххæй хъæрзын.

Ма тæрс зæгъгæ загъта лæппу. – Æз дæ бæсты ацæудзынæн хъазынмæ.

– Нæ, мæ хур, ды цæрынхъуаг дæ, æз мæ царды хай бакодтон, – Уырызмæг ын загъта.

– Ниццы кæны, æз дæ бæсты ацæудзынæн!

Æмæ райсомы сбадтысты “мæ ныццыдысты Бæрæгуобаумæ – Уырызмæг æмæ лæппу ‘мæ Сослан дæр уым – сæ ныццыдмæ.

Æмæ цын загъта Сослан:

– Цæй, Уырызмæг, ахъазæм гъеныр æз æмæ ды!

Æмæ йын лæппу загъта:

– Худинаг дæм нæ кæсы? Уый зæронд лæг куы у, йæ сæр хæссынхъом куынæуал у. Фæлæ æз æмæ ды ахъазæм – æз хъазын Уырызмæджы бæсты. – Æмæ дæуæн дæ хъуымыз дæ донгæмттæй куы кæлы!

– Гъемæ уæддæр хъазын демæ.

– Цæй, уæдæ, хъазæм!

Æмæ систа ‘ртæ хъулы Сослан æмæ цæ аппæрста ‘мæ хъул хъулæй ныццавта ‘мæ дзы акалди йеууы кæфой æмæ лæппумæ бадзырдта: – Гъеуыдон нæмыгхъадджын куы фæкæнай, уæд дын дæ цонг алыгкæндзынæн.

Æмæ лæппу райста æртæ хъулы ‘мæ цæ ауылдта уый дæр æмæ хъул хъулæй ныццавта ‘мæ цæ цъиуджын кæрчытæ акалди ‘мæ цæ уыдон уидзын байдыдтой æмæ та йæм æддейæ дæр æрхастой кæфойæ ‘мæ фæуæлдай и. Æмæ йын загъта Сослан лæппуйæн:

– Амбылдта, лæппу!

– Мæ фыдыстæн, амбылдтон!

Æмæ та Сослан ныццавта хъулæй хъул, æмæ та дзы агæпласта дыууæ ‘хсинæджы ‘мæ фæтæхынц.

– Марадз, лæппу, ‘рцахс гъеуыдон!

Æмæ лæппу дæр та хъул хъулæй ныццавта ‘мæ агæпласта дыууæ хъæртцыгъайы ‘мæ æхсинæджы баййæфтой æмæ цæ ‘рцахстой æмæ цæ сæ бумбули калгæйæ ‘рбахастой Сосланы размæ. Æмæ та Сослан лæппумæ бадзырдта:

– Амбылдтай!

Æмæ та хъултæ аппæрста Сослан æмæ та хъул хъулæй ныццавта ‘мæ та дзы агæпласта бузныг нæлхуы. Æмæ алыгъди нæлхуы ‘мæ рыг йæ сæрыл ысбадт мигъы хуызæн.

– Марадз, лæппу, уыцы хуыйы ‘рцахс! – Сослан та йæм бадзырдта. Лæппу дæр та хъултæ айста ‘мæ хъул хъулæй ныццавта ‘мæ дзы агæпласта зæронд лæг, хæфцæст зæронд лæг, æмæ дыууæ къуыдыр куыдзы. Лæгæн арц йæ къухы ‘мæ куитыл хъæркæны, марадз, марадз, лæппу, зæгъгæ.

Æмæ йæ куитæ баййæфтой æмæ ‘рцахстой хуыйы ‘мæ йын зæронд лæг йæ дыууæ уæны астæу арц ныссагъта ‘мæ йæ хъæргæнгæ Сосланы размæ ‘рбахаста.

– Амбылдтай, лæппу! – загъта Сослан.

– Хъазæм ма?

Нал зæгъгæ загъта Сослан.

– Уæдæ ‘рбадар дæ цонг æмæ дын æй алыгкæнон.

Æмæ йæм бадардта йæ цонг Сослан.

– Нæ, дæ цонг дын нæ лыгкæнын. Дæ къах æрбадар æмæ дын дæ къах алыгкæнон.

Æмæ та йæм йæ къах дæр бадардта.

– Нæ, дæ къах дæр дын нæ лыгкæнын, æрбадар дæ цæст æмæ дын æй ыскъахон.

Æмæ та йæм йæ цæст дæр æрбадардта.

– Цæй, цы дын кæнон, Сослан, – дæ цæст дæр дын нæ къахын, фæлæ ‘рбадар д’ армы тъæпæн.

Æмæ йæм й’ армытъæпæн æрбадардта ‘мæ йын дзы сæфтыдта чъылбыс. – Гъеныр-иу уымæ ‘ркæс, куы хъазай, уæд, æмæ-иу афтæмæй хъаз. Мæгуырæн-иу тых ма кæн, æмæ зæрондæн, фæлæ де ‘мсæртимæ хъаз, кæннод дын æй Хуыцау нæ ныббардзæн.

Æмæ йæ ныууагъта Сосланы. Æмæ рацыдысты Сослан æмæ Уырызмæг иумæ. Уым баззади лæппу, Бæрæгуобауыл, æмæ Уырызмæгæн загъта: – Райсом-иу раджы рацу ардæм æмæ æз æмæ ды фæцæуæм хæтынмæ. Æмæ Уырызмæг сæ хæдзармæ куы бацыди, уæд бандоныл йæхи мæсты цæф ныккодта ‘мæ йын Сатана афтæ зæгъы:

– Цы кæныс, зæронд, æнæхъæнтæй куы ‘рбацыдтæ, уæд цæуыл мæсты дæ?

– Уыцы лæппу мын хорзæй кæй ракодта, уый мын, æвæццæгæн, исы, – кæд мæ кæны йемæ хæтынмæ! Æмæ ма мæнæн уый бон кæм ис?

– Æмæ цы фæци ныр? – Сатана йæ фæрсы.

– Дæлæ Бæрæгуобауыл баззади ‘мæ йæм райсом хъуамæ ныццæуон, – Уырызмæг ын загъта.

– Æмæ дын уымæн æз хос ыскæндзынæн, – загъта Сатана.

– Бæргæ, куы йын ысхоскæнис!

Æмæ æртæ мыдамæсты ракодта ‘мæ æфцæджы Сурме ‘схызти Сатана ‘мæ уырдыгæй ыскуывта Хуыцаумæ:

– Гъе, хуыцауты хуыцау, афæдзæй афæдзмæ цы мит уарыс æмæ цы уазал кæныс, уый – ахсæв!

Æмæ дын мит уарынмæ баздæхти ‘мæ ‘руарыди афтæ ‘мæ дуæрттæ къахгæ кодтой, уыййæддæмæ ацæуæн нал уыдис дуæрттыл. Æмæ бон куы сцъæхкодта, уæд сыстади Уырызмæг, æмæ йæ бæхысаргъ сæвæрдта, йæ хъулон бæхыл, æмæ йын Сатана загъта:

– Æмæ ма кæдæм цæуыс, уый афонмæ миты бын фæцис, æмæ ныммарди. – Æз уæддæр мæ дзырд нæ фæсайдзынæн!

Æмæ сбадти йæ бæхыл, æмæ бæх йæ уæнтæй фадын байдыдта миты. Æмæ ныххæддзæ ис аходæнафон Бæрæгуобаумæ, æмæ акастис, æмæ уобауы алыфарс авд мусуаты бæрц мит нæй, æмæ уобауы сæр лæппу хуыссы – йæ саргъ йæ нывæрзæн, йæ нымæт йæ уæлæ, æмæ йæм куы ныххæддзæ ис, уæд рабадти лæппу ‘мæ:

– Æрхæддзæ дæ, зæронд?

Æрхæддзæ дæн зæгъгæ загъта.

Æмæ лæппу дæр йæ бæх æрбакодта ‘мæ йыл саргъ сæвæрдта ‘мæ сбадтысты сæ бæхтыл æмæ араст ысты ‘мæ цæуынц – Уырызмæг разæй, лæппу фæстейы. Æмæ Уырызмæгæн йæ бæх хорз нал цæуы миты мидæг, æмæ йæм лæппу дзуры:

– Æнхъæлдæн, зæронд, дæ бæх зивæгкæнын байдыдта?

– Гъо!

– Уæдæ мæн ауадз разæй, бахатыркæн, хистæр кæй дæ, уый тыххæй – хъуамæ цæуа хистæр разæй, кæстæр та фæстейы.

Æмæ лæппу аразæйкодта ‘мæ йæм дзуры Уырызмæг:

– Кæдæм цон ныр, кæдæм – хæтынмæ?

Æмæ йæм лæппу дзуры:

– Терк-Турчы рæгъау хъуамæ ратæрæм.

Æмæ Уырызмæг ныккатайкодта. Æмæ мæ лæппуйæ куы никуы бахæддзæ дæн уырдæм, уæд ныр цы бакæндзынæн зæгъгæ загъта.

Æмæ бахæддзæ сты фурды былмæ. Æмæ йын лæппу загъта Уырызмæгæн:

– Цæй, Уырызмæг, ды ам лæуу, зæронд кæм дæ, æз цæуын фурды сæрты ‘мæ мын радт дæ дыууæ хъæртцыгъайы ‘мæ дæ дыууæ йегары, бахъæудзысты мæ уыдон.

Æмæ Терк-Туркæн та сæ рæгъауæн уыдис æфсæн уырс – хъарагъул æмæ æфсæндзых бирæгътæ дыууæ ‘мæ тугдзых хъæртцыгъатæ дыууæ. Æмæ зæронд лæг баззади уым йæ бæхимæ ‘мæ лæппу ацыди. Æмæ лæппуйæн зæгъы йæ бæх:

– Цы, куыд ныфсæй цæуыс, ныр дæм рахæддзæ уыдзысты ‘ппæты фыддзаг тугдзых хъæртцыгъатæ.

Æмæ лæппу дæр фæрсы йæхи хъæртцыгъаты:

– Исты бакæндзыстут уыдонимæ?

Æмæ йын загътой:

– Мах дæр равдисдзыстæм нæ хъару.

– Стæй дæм рахæддзæуыдзысты уыдон фæстæ ‘фсæндзых бирæгътæ. Æмæ лæппу дæр фæрсы Уырызмæджы йегæртты, æмæ йын уыдон дæр загътой:

– Ма тæрс, мах дæр равдисдзыстæм нæ хъару.

Стæй йын бæх загъта:

– Хорз, ныр мæ хæцыны раз æрцæудзæн æфсæн уырсимæ ‘мæ баздæх æмæ мæ æнæдон сасмæй байсæрд æмæ æз ызмисы тулдзынæн æмæ мыл ызмис ысхæцдзæни авдагарзы ‘мæ ды дæхицæн дзыхъхъ ыскъах – хорз. Æмæ йæм рахæддзæ сты хъæртцыгъатæ ‘мæ цæм йæхи хъæртцыгъаты ауагъта ‘мæ хъæртцыгъатæ кæрæдзийыл сæхи ныццавтой æмæ фæтыхджындæр сты лæппуйы хъæртцыгъатæ. Æмæ цæ амардтой æмæ цын сæ бырынчъытæ ралыгкодта лæппу ‘мæ цæ йæ дзыппы цæвæрдта.

Æмæ та йæм рахæддзæ сты уыйфæстæ æфсæндзых бирæгътæ ‘мæ та цæм ауагъта йегæртты. Æмæ та цыл ыстыхджын сты йегæрттæ ‘мæ та цæ йæ дзыппы цæвæрдта.

Æмæ та йæм рахæддзæ и уыйфæстæ æфсæн уырс æмæ та йæм бæхы ауагъта ‘мæ дыууæ бæхы кæрæдзийы тонынц дæндагæй æмæ æфсæн уырс ызмис æмæ сасмæй комдзагкæны ‘мæ лæппуйы бæх та æфсæн уырсæн – йæ буарæй. Æмæ йын йæ фæрсты рухс акæсынкодта ‘мæ сдзырдта æфсæн уырс:

– У, фæлдысты фæуай, хицау дын нæй, æви цы?

Æмæ йæм лæппуйы бæх ысдзырдта:

– Уæдæ мæм йæхи равдисæд – Хуыцауы ард æмæ зæххы сомы йыл бацæуæд, уый рæгъауæй цы тæра, æртæ ахæмы йын æз баххуыскæндзынæн, ма мæ аргæвдут.

Æмæ йæм равдыста лæппу йæхи. Æмæ йын йæ хъусылгътæ ралыгкодта æфсæн уырсæн. Æмæ æфсæн уырс ысхъæрласта рæгъауыл æмæ цæ æрæмбырдкодта.

– Гъеныр ыскъæргæ, лæппу!

Уый загъта:

– Афтæмæй ыскъæрын хорз нæу, къæрныхы хуызæн у ‘мæ æз цæуын æмæ Терк-Турчы фехъусынкæнон æмæ фæдис фой æмæ æз дæр равдисон мæ хъару.

Æмæ бæхæн йе змистæ ацагъта ‘мæ йыл ысбадти ‘мæ бацыди Терк- Туркмæ ‘мæ бадтысты уыдон афæдзы ‘мбырды ‘мæ цæ ‘ддæмæкæсæг нæ уыди. Æмæ иу ус рауади ‘ддæмæ ‘мæ уымæ:

– Кæм сты у’ адæм?

– Афæдзы ‘мбырды бадынц.

Æмæ усы фæрсы:

– Æмæ кæм бадынц, кæцы бæстыхайы?

Ус ын бацамыдта бæстыхай, æмæ лæппу фæраст и бæстыхайыздæм, æмæ йæм ус дзуры фæстейæ:

– Фæлæу-ма, лæппу, ды тыхгæнæджы хуызæн дæ, æнхъæлдæн, æмæ дæ фæдис фæстейы сурдзысты, æмæ мæнæн авд лæппуйы уыдис, æмæ ‘хсæзæй фæмардысты фæдисы фыддзагæй. Иу уырс-бæх нæм ис, æмæ йæ фыддзаг бæх нæ цæуы, æмæ та дæ уый баййафдзæн æмæ йын-иу мацы кæн, рæухъæнджынтæ-иу æй фæкæн æмæ-иу æй уæлвæндаг баппар, фæдисы къæхты бын куыннæ фæуа.

Æмæ йын йæ дзидзи рафтыдта:

– Ды – мæ лæппу, æз – дæ мад, – мацы-иу ын кæн.

Æмæ йын йæ дзидзи йæ дзыхы нытътъыста лæппу, усы дзидзи. Æмæ бацыди уыцы бæстыхаймæ лæппу ‘мæ ныхъхъæркодта дуарæй:

– Фæдис, фæдис, Терк-Турк! Уæ рæгъау уын фæтардæуы!

Æмæ фехъуысти хæдзармæ ‘мæ загътой сæ хистæртæ:

– Нæ рæгъауæн тас нæу, ахæм хъарагъултæ цын ис! Фæлæ ‘ххормаг уазæг у, æвæддзæгæн, æмæ йæ ‘рбакæнут æмæ йæ бафсадут æмæ йæ ауадзут йæ фæндагыл æмæ цæудзæни.

Æмæ йæ бакодтой хæдзармæ ‘мæ йæ ‘рбадынкодтой æмæ йын радтой йæ фаг хæрд-нозт æмæ загътой:

– Ацу, нæ рæгъауæн тас нæу.

Æмæ рацыдис æмæ та ныхъхъæркодта:

– Уæ рæгъау уын фæтардæуы!

Æмæ та загътой хистæртæ:

– Нæ йæ бафсæстат æмæ йæ бафсадут.

Æмæ та йын ноджыдæр радтой хæрд-нозт æмæ йын загътой: – Нæ рæгъауæн тас нæу, фæлæ дæ фæндаг дар.

Æмæ рацыди ‘мæ йæ бæхыл ысбадти ‘мæ цын сæ нысæнттæ сæйраг рудзынгæй æркалдта ‘мæ фынгыл сæмбæлдысты, йæхæдæг йæ бæх фездæхта ‘мæ схъæркодта рæгъауыл. Æмæ уыдон дæр куы ‘ркастысты сæ хъарагъулты нысæнттæм, уæд фæфæдис ысты. Æмæ уый тæры рæгъау æмæ йæ ‘рбаййæфта уыцы усы лæппу – уырс-бæхыл бадтис æмæ йæ рæзты ‘рбазылди ‘мæ йæм дзуры:

– Нæ фæтæрай рæгъау!

Уый йын загъта:

– Аздæх, дæ мад мын сомы бакодта: ма йæ амар – æмæ аздæх удæгасæй, кæннод дæ марын!

– Нæ фæтæрдзынæ афтæмæй!

Æмæ йæм уый дæр фездæхти ‘мæ йæ рæухъæнджынтæ бакодта ‘мæ йæ уæлвæндаг баппæрста ‘мæ йын йæ бæх рæгъауимæ аскъæрдта. Æмæ рæгъау ратардта ‘мæ цæ ‘рбахæддзæкодта Уырызмæгмæ ‘мæ йын загъта Уырызмæгæн:

– Тæргæ, зæронд, ныр рæгъау. Æз фæстæмæ здæхын фæдисмæ, ды дæ цыд кæн.

Æмæ раздæхти фæстæмæ ‘мæ цæ разæй цæгъдгæ кодта, фæстейы цæ туджы зæй ласта ‘мæ цæ ныццагъта – фæдисы ‘мæ йæ бæх фенкъуысын кодта ‘мæ ‘рбаййæфта Уырызмæджы. Уый дæр йæ зæронд хъару равдыста: рæгъауыл уарийы хъæр, цæргæсы ахст ыскодта ‘мæ рæгъау – йæ рæгъау иусисыгфатау хаудтой æмæ йæ лæппу дæр æрбаййæфта.

– Цы фæдæ, зæронд?

– Мæнæ дæн, ыскъæрын рæгъау.

– О, ис ма дæм дæ лæппуйы хъару.

Æмæ цæ раскъæрдтой рæгъауы дыууæ иумæ ‘мæ цæ ‘рбахæддзæкодтой Бæрæгуобаумæ “мæ йын загъта лæппу:

– Цæй, ныр байуарæм, зæронд!

Æмæ загъта зæронд:

– Байуарæм.

– Байуар, уæдæ, зæронд!

– Нæ, – загъта, – кæстæр уары!

Æмæ лæппу урс галыл урс зæлдаг бабаста ‘мæ йæ ‘рбаста хицæн ран. Иннæ рæгъау уары ‘мæ цæ ‘ртæ хайы кæны ‘мæ Уырызмæг загъта йæхинымæры: «Ай дыууæ хайы йæхицæн исы ‘мæ иу хай та мæнæн кæны ‘мæ мæ мæлæт хуыздæр, ныронг састы хай никуы райстон, æмæ мын ныр састы хай чындæуы.»

Æмæ фæци лæппу уæрст æмæ йын загъта Уырызмæгæн:

– Гъеныр бар дæу.

– Нæ, – загъта Уырызмæг, – бар кæстæры вæййы.

Уый загъта:

– Æз дын дæдтын мæнæ ацы хай – дæ хистæрæггаг, мæнæ иннæ хай та – дæхи хай, а æртыккаг та – мæн. Æмæ мæн ницы хъæуы, фæлæ ды цæмæй зоныс, æз чи дæн, уый?

Нæ зонын зæгъгæ загъта Уырызмæг.

– Уæдæ æз дæн, дæуæй мæрдтæм æнæ номæй чи ацыд, уыцы лæппу – дæ фырт.

Æмæ йæ цæссыгтæ “ркалдта Уырызмæг.

– Ныр иууылдæр акæн уыцы рæгъау æмæ куы бацæуай Нартыхъæумæ, уæд мын мæхи хайæ рухсаг зæгъ. Мæнмæ-иу хъыг кастис – деннæ мæрдты куы ‘рымысыдтæ, æз та-иу рохуаты куы баззадтæн, уæд. Гъеныр мын мæхи хайæ рухсаг зæгъ.

– Æмæ рацу, – загъта лæппуйæн Уырызмæг, – дæ мад ма дæ уæддæр фена!

– Нæ, загъта, – æз н’ ацæудзынæн демæ, æрæджы мын кæны, – хур ку’ аныгуыла, уæд мæ хъарагъултæ нал бауадздзысты. Ацы гал кæнын мæнæ Барастырæн.

Æмæ арасти лæппу, хур нынныгуылд, афтæ йæ хъарагъултæ нал уагътой æмæ скуывта хуыцаумæ:

– Хуыцауты хуыцау, хæхтыл дыдзы хур ракæсынкæн!

Æмæ хæхтыл хур цыма сæмбæлд, уый хуызæн, æмæ цын лæппу загъта: – Цæуылнæ мæ уадзут, хур ма куы кæсы, уæд? Скæсут ма уæлæ хæхтæм, нырма хур куы кæсы хæхтыл.

Æмæ йæ ауагътой. Æмæ бацыди мæрдтыбæстæм.

Æмæ Уырызмæг дæр ныццагъта уыцы рæгъауæй бирæ фос, æмæ цæ хист ыскодта йе ‘нæном лæппуйæн.

НАРТЫ СОСЛАН ÆМÆ УЫРЫЗМÆДЖЫ ÆНÆНОМ ЛÆППУ Нарты Сослан æддæ балцы арæх хатти. Иу ахæмы та ‘рцыди Нартмæ ‘мæ кæцæйдæр хины хъултæ ‘рхаста, стæй Нарты фæсивæдмæ арвыста: «Æнахуыр хъултæ ‘рхастон æмæ мемæ хъулæй чи хъазы, уый мæм рацæуæд!»

Нарты фæсивæд æм æрæмбырд ысты ‘мæ хæснагыл хъазын райдыдтой. Сослан-иу кæй амбылдта ‘мæ йын йæ хæснаг чи нæ бафыста уымæн-иу, кæнæ йæ хъус ракодта, кæнæ йæ къух, кæнæ-иу ын йæ иу цæст ыскъахта. Афтæмæй йын æртæ Нарты ‘нæхъæнæй ничи уал баззад зæронд Уырызмæджы йæддæмæ.

Уæд иу бон куы уыд, уæд Сослан зæронд Уырызмæгмæ сæрвыста: «Абон майрæмбон, иннæ майрæмбоны дæ хъазыны рад у ‘мæ дæхи цæттæ дар.»

Зæронд Уырызмæг ысгуыбыр, ыстызмæг æмæ загъта йæхицæн: «Мæ зæронд сæр мæрдтæм аиппджынæй цæудзæн, уыцы гæдыйыхъусхорæй æмæ исты хос хъæуы.»

Уæллаг Нарты зиан уыди ‘мæ йæ Нарт зæппадзы ‘вæрдтой, афтæмæй мæрдтыбæстæм чи цыди, уый Барастыр фарста уæлæуон зæххыл цы хабæрттæ ис, уымæй. Барастырæн радзурынц:

– Нарты Сослан кæцæйдæр хины хъултæ ‘рхаста ‘мæ йемæ чи хъазы хъулæй, уыдон амбулы ‘мæ цæ аиппджынтæкæны. Иннæ майрæмбон Уырызмæджы хъулæйхъазыны бон у ‘мæ стыр катайкæны.

Уыцы рæстæджы Уырызмæджы Æнæном лæппу Барастыры раз зонгуытыл æрлæууыди ‘мæ йын зæгъы:

– Боны ‘мгъуыдмæ мæ уæлæуон бæстæм ауадз.

Фæлæ йæ Барастыр нæ уагъта.

Нарты зиан куы бахæддзæ Барастырмæ, уæд та уый дæр бафарстой уæлæуон зæххы хабæрттæй æмæ та уый дæр загъта:

– Иннæ майрæмбоны Сослан хъаздзæни хъулæй Уырызмæгимæ ‘мæ Уырызмæг ыстыр катайы ис.

Уырызмæджы Æнæном лæппу та дыггаг хатт йæ зонгуытыл æрлæууыд Барастыры раз æмæ йын лæхстæкæны:

– Ауадз мæ иу боны ‘мгъуыдмæ уæлæуон зæхмæ.

– Æз дæ бæргæ ауадзин, фæлæ дæ дуаргæстæ ‘мæ хидгæстæ н’ ауадздзысты, – загъта Барастыр.

– Уыдонæн мæхæдæг хоскæндзынæн.

Барастыр æй ауагъта боны ‘мгъуыдмæ. Лæппу йæ бæхы цæфхæдтæ зыгъуыммæ ныссагъта ‘мæ рацыд. Дуаргæсты ‘мæ хидгæсты фынæйæ ныууагъта “мæ с’ астæуты раскъæрдта йæ бæхы. Уыдон æй фæстейы расырдтой æмæ, бæхы къæхты фæд мидæджырдæм куы уыди, уæд фæстæмæ аздæхтысты.

Нартыхъæумæ лæппу ссыди изæр-рухсæй æмæ Уырызмæгмæ бафысымкодта. Йæхи йын нæ бацамыдта. Йæ райсомы Уырызмæгæн йæ хъазыныбон уыди хъулæй æмæ ‘рынкъарди. Лæппу йæм бакæстытæкодта, стæй йæ фæрсы:

– Цæуыл æнкъард дæ, Уырызмæг, кæд дын уазæджы ‘рцыд хъыг уыди, мыййаг, уæд æз æндæр ран дæр бафысымкæндзынæн.

– Æз дæ хуызæн уазджытæ бирæ фервыстон, лæппу, фæлæ мæ сæр мæ кой у. Райсом Сосланимæ хъулæй хъаздзынæн æмæ мæ ку’ амбула, уæд мæ зæронд сæр мæрдтæм аиппджынæй цæудзæни, æмæ гъеуый у мæ катай, – загъта Уырызмæг лæппуйæн.

– Уазæгæй, фысымæй хъауджыдæр нæй, Уырызмæг, æз ахъаздзынæн дæ бæсты: æз кæстæр дæн, фæлæ мæт ма кæн, – загъта лæппу.

Уырызмæг уазæгыл æхсæвы хорз бацинкодта. Райсомы лæппу æрæгмæгомау ыстади уатæй. Уæд Сослан Уырызмæгмæ ‘рбарвыста, зæгъгæ рацу дæ хъазтмæ. Хъæрмæ лæппу фæтæррæсткодта, йæ дарæс цырд акодта Qмæ Уырызмæджы бæсты ацыди хъазынмæ. Сосланæн дæ бон хорз уа загъта лæппу, æмæ фæрсы Сослан лæппуйы:

– Цæмæй мæ зоныс, Сослан дæн, уый?

– Зонын дæ, æз Уырызмæджы уазæг дæн æмæ йæ бæсты рацыдтæн, æз хъуамæ йæ бæсты демæ ахъазон хъулæй, æрмæст цыдæриддæр æмæ кæйдæриддæр бафхæрдтай, уыдон дæр уым куыд уой, афтæмæй.

– Гъей, кæйдæр хуыйыхъыбыл, æмæ ды куыд æрхастай мемæ хъазынмæ дæ ныфс?

– Уыууыл фæстæдæр адзурдзыстæм, фæлæ ныр та ‘рымбырдкæн Хъазæнфæзмæ Нарты.

Сослан Нарты Хъазæнфæзмæ ‘рымбырдкодта. Уырызмæджы Æнæном лæппу дæр уым, æмæ Сослан иу хъул ысуылдта, акалдта дзы йеуы кæфойы дзаг хор æмæ нæмыггай быдыры ныппырх и.

Йæхæдæг лæппумæ дзуры:

– Гъеуый æруидз, кæннод дын дæ дыууæ хъусы сæ рæбыныл ныллыгкæндзынæн.

Уæд лæппу дæр ысуылдта иу хъул æмæ дзы дыууæ дыууадæсы цъиуджын кæрчытæ агæпкодта ‘мæ йеуы кæфой æрымбырдкодтой. – Амбылдтай мæ, лæппу, фæлæ дæ цы фæнды уый мын бакæн, – зæгъы Сослан.

– Цалынмæ де ‘ртæ хъулы суилай, уæдмæ дын ницы зæгъдзынæн. Сослан суылдта дыггаг хъул æмæ дзы дыууæ æхсинæг-бæлоны агæпкодта ‘мæ мигъæй æврæгъты астæу афардæг ысты.

– Гъеныр мын гъеуыдон æрцахс! – зæгъы Сослан лæппуйæн. Уый дæр та дыггаг хъул ысуылдта ‘мæ дзы дыууæ тугдзых хъæртцыгъайы агæпкодта ‘мæ дыууæ бæлоны ‘рцахстой мигъæй æврæгъты астæу. Æрхастой цæ Сосланмæ.

– Амбылдтай мæ, лæппу, фæлæ дæ дзых – дæ тæрхон.

– Суил уал æххæст де ‘ртыггаг хъул дæр, тагъд цæуыл кæныс, – загъта лæппу.

Сослан ысуылдта æртыггаг хъул дæр. Æмæ дзы бурæ-нæлхуы агæпкодта. Уыцы хуы ахæм тыхджын уыди, æмæ-иу цы бæлас ыскъуырдта, уый-иу æд бындзæфхад фелвæста. Лæппу дæр та суылдта æртыггаг хъул æмæ дзы дыууæ къуыдыркуыдзы агæпласта. Хуыйы асырдтой фæстейæ, стæй йæ ‘рцахстой æмæ йæ ‘рдæгтындтытæй, йæ хъис калгæ ‘мæ хъыллистгæнгæ фæстæмæ ‘рбахæддзæкодтой.

Сослан æмбылды фæци мæ лæппумæ йæ цонг бадардта. Лæппу йын й’ армы тъæпæнæй чъылбыз сæппæрста ‘мæ йын загъта:

– Абонæй фæстæмæ мæгуырæн тых макуыуал бакæн, тыхгæнæгæй тыхгæнджытæ фылдæр ысты. Атыппæт адæм куыд уыдысты, афтæмæй цæ teqr{mj8m.

Сосланмæ æлутоны хос уыди. Кæмæй кæм цы фæсахъаткодта, уый йын байсæрста ‘мæ алчи, цы уыди, уый фестад.

Уыйфæстæ лæппу фæстæмæ Уырызмæджы хæдзармæ сыздæхти ‘мæ загъта Уырызмæгæн:

– Сосланы амбылдтон, уый фехъуыстай, фæлæ ма кæд искуы æнæхæрд зæхх зоныс, уæд мæ уырдæм фæкæн.

– Иу ран ма иу мæликк ис, тыхгæнæг ын тых нæ ары, Нартæй дæр æм йæ ныфс ничи хæссы.

– Æмæ йын цæй тыххæй н’ ары тыхгæнæг тых?

– Цæй тыххæй, цæ! Уымæ иу нарæгкомы бацæуын хъæуы: уырдæм та залиагкæлмытæ, æфсæндзых бирæгътæ ‘мæ тугдзых хъæртцыгъамæ бахæддзæуыдзынæ. Рæгъауы иу ыстыр урс бæх хъахъхъæны, с’ алыварс зилы ‘мæ цæм цæуæг нæ уадзы.

– Уæдæ нын æнæцæугæ нæй уыцы мæликмæ тыхгæнæг, фæлæ дæхи сцæттæкæн, Уырызмæг. Хъуамæ мемæ ацæуай.

– Æз зæронд лæг дæн, кæдæм ма дын фæфæраздзынæн.

– Æмбал дæхицæн ракæн, уый дæр дын дæдтын.

– Уæдæ уал ды быдырмæ ацу ахсæв æмæ уым дæ бæх хиз, æз дæ райсом ныййафдзынæн.

Лæппу ацыди быдырмæ ‘мæ йæ бæх ауагъта хизынмæ, йæхæдæг йæ нымæт йæ уæлæ ‘ркодта мæ ‘рфынæй.

Уырызмæг та ‘нкъардæй бахызт йæ хæдзармæ. Сатана йæ фæрсы: – Цæмæн æнкъардкæныс, Уырызмæг? Кæд дæ хæтæны цæуын нæ фæнды, уæд дын æз хос ыскæндзынæн, цæмæй баззайай.

– Бæргæ мæ нæ фæнды дæ хуызæн дзидзидаимæ ацæуын, фæлæ цы кæнон, – загъта Уырызмæг.

Уæд Сатана æртæ мыдамæсты ракодта, ронджы гоцъоби ахаста ‘мæ Чъырыны сæрæй ыскуывта:

– Хуыцæутты хуыцау, ме сфæлдисæг хуыцау! Авд азы дæм цы мит ис, уый ахсæв æруар, уыцы лæппуйæн ацæуæн куыннæ уал уа ‘мæ йын Уырызмæг райсомы йæ хотыхтæ куыд ысхæсса!

Æхсæвы арвы дуæрттæ фегом ысты ‘мæ авд азы мит уыцы ‘хсæв æруарыди. Райсомы Уырызмæг сыстади ‘мæ катайкодта, зæгъгæ ма куыд ацæудзынæн.

Сатана йын зæгъы:

– Æнæцæугæ дын нæй. Уыцы лæппу афонмæ нал и ‘мæ йын йæ хотыхтæ схæсс.

– Айхуызæн миты цы хъуамæ алæгæрда.

– Уæдæ Сосланæн зæгъ æмæ демæ ацæудзæн, уымæн йæ Дзæндзарæг афæд кæндзæни.

Уырызмæг Сосланы йемæ акодта, миты алæгæрстой, кæсынц æмæ лæппу, нымæт йæ уæлæ, афтæмæй хуыссы. Йæ бæх й’алыфарс хизы, йæ комытæфæй лæппуйы алыфарс авд мусуаты йас мит не ‘рхæцыд. Бахæддзæ сты лæппумæ ‘мæ йæм Уырызмæг дзуры:

– Цы фæдæ, мæ уазæг, куыд дзæбæхæй баззадтæ дысоны къæвдайы? – Мæнæн ницы у, фæлæ дæхæдæг куыд æрæгмæ цыдтæ.

– Залты мит, æнусты цъити куы ‘руарыд, уæд ма кæдæм цæуæм? – Æнæцæугæ нæй. Ахæм гæбынатæй чи тæрсы, уымæй цæй тыхгæнæг ис!

Ацыдысты уырдыгæй æртæйæ. Разæй цыд Уырызмæг, стæй Сослан, фæстейæ та лæппу. Иудзæвгар ацыдысты, стæй Уырызмæджы бæх нал фæрæзта ‘мæ йæ Сослан раивта. Цъус та ауадысты ‘мæ уый бæх дæр нал цыд. Уæд цæм лæппу дзуры:

– Хистæрты разæй цæуын аипп у, уыййæддæмæ уæ разæй ацæуин. – Уый ницы аипп у, стæй нæ уынæг дæр нæй, – зæгъы Сослан. Лæппу йæ бæх фæразæйкодта ‘мæ цæуы разæй. Йæ бæх куы ныххуыррыткæны, уæд æнæхъæн бонгæны бæрц мит фæйнæрдæм фæхæссы. Цæуынц æмæ нысан коммæ бахæддзæ сты.

Лæппу Уырызмæджытæн зæгъы:

– Ныр сымах фæстейæ дæрддзæфгомау цæут.

Йæхæдæг иудзæвгар аразæй ис æмæ бахæддзæ залиагкæлмытæм. Залиагкæлмытæ йыл сæхи рауагътой фæйнæрдыгæй, фæлæ цæ уый йæ кардæй ныкъуыхтæкодта, сæ хъустæ цын ыслыгкодта æмæ цæ йæ хызыны нывæрдта. Дарддæр ацыди ‘мæ йæм æфсæндзых бирæгътæ æргæппытæкодтой, размæ йæ нал уадзынц лæппуйы. Уый цæм кардæлвæстæй февнæлдта ‘мæ цæ ныкъуыхтæкодта, се