ÆНÆХЪУС КАРУМ

Карумы æрæджы байдыдтой адæм хонын Æнæхъус, кæнæ æнæхъус Карум. Хуыдтой йæ афтæ фæсаууонмæ, йæхицæн та-иу дзырдтой – Карум. Карум райгуырди дыууæ хъусимæ, афтæмæй фæцарди 30 азы. Йæ уæлæ дардта гуырдзиаг нымæтхуд, æмæ алчи дæр уыдта Карумы сæрыл дыууæ хъусы. Ныр рацыди æхсæз мæйы бæрц, афтæ Карум дары йæ сæрыл ирон уæлдзармхуд, уый дæр иу сæры фарсыл фæлдæхтæй.

Æнæзонгæ исчи куы фены афтæмæй Карумы, уæд хинымæр фæзæгъы: – Цы хъал у ацы лæппу!

Нæ, Карум фырхъалæй нæ дары йæ худ иу сæры фахсыл.

Ныр æхсæз мæйы бæрц йæ хъустæй иу æцæг нал ис, æмæ уый бынат æмбæхсы йæ худæй.

“Цы фæци, Карум, дæ хъус?” – бафæрсыны бæсты, фæлтау сис къуымых æмæ згæхæрд хъама æмæ йæ Карумы чъылдымæй акæсын кæн. Афтæ зæгъæгæн Карум йе ‘мгæрæтты дæр нал ауайдзæн, дзыхæй дæр æм нал сдзурдзæн. Æрæджы йæм йæ рагон æмвынгон – Иликъо, ностджын уæвгæйæ, бадзырдта:

– Йе, Карум, райсом базары бон у æмæ Цхинвалмæ куы ныууаиккам! Карум йæ тæккæ хъомтæм зилгæйæ уыдис. Сагой йæ къухты. Уым сыхæгтæй чидæртæ нæ фæци, уæд уыцы сагой, æвæццæгæн, Иликъойы сæрыл æрсæстытæ уыдаид.

Нæ, хъусы кой æмæ Цхинвалы кой мачи кæнæд Карумы раз – хорз хъуыддагæй дзы ницы рауайдзæн.

х х х

Карум афтæ хъуыды кæны, æмæ йын хъус кæй нал ис, уый Нинæйы аххос у. Фæлæ Нинæ уыцы хъуыддаджы йæхи æппындæр азымджын нæ хоны. Раст зæгъгæйæ, Карум иу хъусимæ кæй баззади, уый Нинæйæ хъыгдæр никæмæн уыди, фæлæ мæстджын адæймаг рæдиаг у, йæ сæрымагъз раст нæ фæкусы.

Цы аххос ис уымæй Нинæмæ, æмæ йæ Цхинвал фенын æрфæндыди! Æвæццæгæн, æгас Уæлвæзыхъæуы иу ус, иу хъомыл чызг нæ разындаид, Цхинвалы чи нæ уыди, уæд Нинæ цы кодта, иннæтæй æвзæрдæр у? Чызг ма куы уыди, уæддæр ын никуы бантысти Цхинвалмæ ныццæуын, моймæ куы ацыди, уæд та иудадзыг хæдзары куысты бын фæци. Карум-иу иунæгæй афардæг ис, æфсоны загъд дæр никуыма скодта Нинæйæн, зæгъгæ, рацу ды дæр мемæ.

Ацы хатт Нинæйы æрмæст горæт феныны мæт нæ уыди. Мæнæ дыууæ сывæллоны бæгънæг, Нинæ йæхæдæг æмпъызтытæ юбкæйы цæуы, Карумæн дæр скъуыдтæ цинелæй ранæй-ран йæ буар æддæмæ зыны. Афтæмæй Карум ахæссы Цхинвалмæ уæй кæнынмæ алцыдæр: хъыбылтæ, кæрчытæ, æйчытæ æмæ æндæр истытæ балхæнинаг вæййы бинонтæн æмæ хæдзарæн, фæлæ æлхæнгæ дæр ницы бакæны, æхца дæр æм нæ разыны.

“Зымæджы агъоммæ нæхи куы нæ бацæттæ кæнæм, уæд ныссийдзыстæм!” – хъуыды кодта ныр Нинæ æмæ хъæбæр ныллæууыди йæ мойы раз: – Цы фæнды куы феста, уæддæр ацы хатт мæнæн дæр æнæ ацæугæ нæй Цхинвалмæ – æз дæр базонон цавæр у горæт!

Нинæ цæттæ кодта йæхи, зылди йæ дарæсмæ, æмпъызта Карумы дзауматæ дæр æмæ хъуыдытæ кодта йæ фæндаджы тыххæй. Ныр хæлæг нал кæндзæн иннæ устытæм, фендзæн Цхинвал, йе стыр хæдзæрттæ, цавæрдæр лампæтæ, кæцытæ судзынц æнæ фæтæгенæй, файтонтæ, хæдтулгæ уæрдæттæ æмæ бирæ æндæр диссæгтæ… Уæд ын иухатт сæ хъæуккаг чызг, Цхинвалы чи цæры, ахæм, радзырдта цавæрдæр кинойы тыххæй. Уым, дам, адæмы раз фегуырынц адæймæгтæ, хæдзæрттæ, бæхтæ, бæлæстæ æмæ æнд. Æмæ та æвиппайды фæдæлдзæх вæййынц. Куы фæдæлдзæх вæййынц, уæд та сæ бæсты æндæр исты диссæгтæ фæзыны. Уый, æвæццæгæн, хæйрæджыты арæзт у… Куыннæ фæтæрсынц, цымæ, адæм хæйрæджытæй? Бирæйæ бацæуынц, æвæццæгæн, æмæ сæм хæйрæг нæ уæнды… Уый дæр фенын хъæуы, иннæ адæмимæ куы бацæуа, уæд ын хæйрæг кæд ницы кæнид.

Афтæ хъуыдытæ кæнгæйæ-иу Нинæ фæуагъта йæ куыст æмæ-иу аджих ис. Уыдæттæ иууылдæр бæргæ фендзæн Нинæ, фæлæ йæ цыды сæр тынгдæр цæй тыххæй у, уый йын хорз куы бантысид! Хъуамæ Карумæн ног цинел балхæной, ног къогъодзитæ æмæ хæдойнаг, Нинæйæн йæхицæн юбкæйаг хъулон хъуымацæй, йæ ном ын нæ хъуыды кæны, фæлæ æлхæнынмæ куы бацæуой, уæд æй базондзæн… Хорз уаид, бур цъындатæ дæр куы бантысид балхæнын йæхицæн, мæнæ йæхи æлвыст хъулон цъындатæ рæсугъд бæргæ сты, фæлæ сæ сæрдыгон къæхтæ судзынц. Хъуамæ йæхицæн чуститæ дæр балхæна, сылгоймагыл къогъодзи нæ фидауы. Æндæр ма цы? О!.. Сывæллæттæн дæр алхæнын хъæуы зымæгмæ исты хъарм хъуымац. Нинæ афтæ куы хъуыдытæ кодта, уæд Карум дæр фæндтæ кодта, цытæ хъуамæ ауæй кæна, æхца алцæуыл дæр куыд сæххæсса, афтæ. Иннæ хæттыты- иу уый бирæ нæ фæхъуыды кодта, фелвæста-иу исты базайрæгтæ æмæ-иу æвиппайды фæраст ис. Фæлæ ныр мæнæ йæ бинойнаг дæр йемæ цæуы, æмæ йын хъуамæ горæт дзæбæхæй равдиса. Йæ цæстытыл уади Карумæн, куыд дисæй мæлдзæн Нинæ.

Алы изæр дæр-иу, æхсæвæр афон, лæг æмæ усæн æнæ дзургæ нæ уыди сæ цыды тыххæй. Уалынмæ æмгъуыд дæр æрхæццæ ис – уый уыди хуыцаубоны базар, – майрæмбоны базары афтæ бирæ нæ вæййы адæм.

х х х

Бон барухс ис, афтæ Уæлвæзы бæлццæттæ Цхинвалы уынгты бараст сты. Иугай адæймæгтæ зынын байдыдта уынгты, дон хæссынмæ чи цыди, ахæмтæ. Хъæуккæгтæй дæр дзы иугæйттæ сæ базайрæгтимæ нырма уал дзæгъæлы рацу-бацу кодтой.

Фæззæг, мыййаг, нæма ралæууыди, фæлæ уæддæр райсомæй уазал йæхи зонын кодта, бирæтæн сæ фындзтæ æмæ сæ хъустæ басырх сты. Лæгтæ духанты дуæрттæм фæкæс-фæкæс кодтой, æнхъæлмæ кастысты сæ байгоммæ, алывыд калдтой сæ хицæуттæн, цæмæн, дам, æрæгмæ стынц уыцы мамадзагълитæ?

– Æфсымæртæ, æз нал фæразын æнхъæлмæ кæсын, – загъта æппынфæстаг Карум. – Йе фæйнæ арахъы, йе фæйнæ сæны! Суазал дæн тынг. Уый уазал уыйас тынг не сси, фæлæ йæм исты аназын тынг æрцыди, уайтагъд та-иу йæ комыдæттæ аныхъуырдта.

– Мах дæр бæргæ баназиккам! – сдзырдта йæ фарсмæ цæуджытæй иу. – Хъусут, хъусут, дуæрттæ гом кæнын байдыдтой! – сдзырдтой дыууæ, æртæ хъæлæсы алырдыгæй.

Æцæг, æфсæйнаг æхгæнæнты хъæр фæцыди иу цæхгæрмæ уынгæй. – Цомут! Уый Ванойы духан у! – загъта Карум æмæ фæраст ис цæхгæрмæ уынджырдæм. Хъыбылтæ йын тæрын нæ куымдтой, æмæ сын-иу сæ бæндæнтыл дæр рахæцыди, къахæй дæр сæ-иу басхуыстытæ кодтой. Карумы фæстæ фæраст сты Нинæ æмæ сæ сыхæгтæй иу ус æмæ дыууæ лæджы.

Нинæ бирæ фехъуыста Цхинвалы хæрæндæтты тыххæй æмæ тынг фæндонæй цыди ныр уырдæм, – фендзæн, базондзæн, цавæр сты уыцы духантæ. Иннæ ус бирæ хæттыты уыди Цхинвалы, духанты дæр уыдис æмæ Нинæйы раз йæхи уымæй уæлдæр кодта – æвдыста, цас фылдæр зоны уымæй æмæ дзырдта:

– Алыхуызон дзæбæх хæринæгтæ дзы вæййы: катлеттæ, толма, дзехви æмæ æнд. Сæн дзы алыхуызон вæййы. Кониак дæр дзы бануæзтон иу хатт – бургомау хъæбæр нозт.

Нинæйæн йæ дæлармы гогыз, йæ рахиз къухы та гыццыл чыргъæд дыууæ каркимæ, афтæмæй цырд уади иннæ усы фарсмæ æмæ йæм зæрдиагæй хъуыста.

– Иуфарс лæуу, усай! – æвиппайды ныззылди Нинæйы хъусты Карумы хъæр.

Уыцы хъæримæ Карум усы цонгыл фæхæцыди æмæ йæ иуфарс расхуыста. Иннæтæ дæр къулмæ хæстæг сæхи байстой.

Кæсы Нинæ – нарæг уынджы иу цыдæр, бæлæгъы хуызæн, цæлхытыл арæзт, æртулы йæхæдæг, нæ дзы къамбец ифтыгъд ис, нæ гал. Йæ мидæг бадти æртæ лæджы. Бæлæгъ уасгæ дæр кодта къамбецы хуызæн. Фæхъуыды кодта Нинæ, уый хæдтулгæ кæй у, – уый тыххæй бирæ хæттыты фехъуыста Уæлвæзы дæр. Хæлиудзыхæй кастис Нинæ уыцы бæлæгъмæ. Карум та усмæ касти, кæддæра куыд дис кæны хæдтулгæйыл. Бæлæгъ куы фæаууон ис, уæддæр ма Нинæ джихæй лæууыди. Æппын æрæджиау дзуры йе ‘мбæлттæм:

– Йæ арт бауазал уа! Уый цавæр у, уый! Хæдтулгæ уый у? – Уый у, уый хæдтулгæ. Федтай?

– Куыд тагъд уади! Къамбецты уæрдон цыфæнды дугъы ауадзай уæддæр уыцы бæлæгъы нæ аййафдзæн!

Духаны дуармæ Карум дзыхълæуд фæкодта. Ахъуыды кодта: “Мах мидæмæ куы бацæуæм, уæд нæ базайрæгтæ та?” Сыхаг дæр ын фембæрста йæ хъуыды æмæ загъта:

– Фæлтау уал базайрæгтæ фæуæй кæнæм, стæй уæд ацæл кæндзыстæм! Фæлæ Карумæн йæ комыдæттæ æркалдысты.

– Иунæг арахъ аназон, иунæг! – ныдздзынæзта Карум æмæ дуары мидæг фæци.

Иннæ лæгтæй дæр иу йæ фæдыл бауади.

Иу-фондз минуты фæстæ Карум ракасти дуарæй, кæрдзыны къæбæр æууилгæйæ.

– Æри-ма, Нинæ, дæ кæрчытæн сæ цауддæр!

– Цас ын дæтты? – бафарста Нинæ.

Карум, дзуапп нæ ратгæйæ, æд карк духаны фæмидæг ис.

Минуты фæстæ дыууæ лæджы дæр фæстæмæ раздæхтысты.

– Сыгъзæрин æрбауа арахъ! – мидбылты худгæйæ, сдзырдта Карум. – Уымæн æмбал та кæм ис! – ныхас баппæрста сыхаг дæр. – Куыд судзгæ фæцæуы!

Уыцы ныхæстæм, дуармæ чи баззад, уыцы лæгæн йæ комыдæттæ æркалдысты.

“Куыннæ, ныр мæнæ ацы гогызимæ уынгты ралæс-балæс кæндзынæн?” – сдзырдта хинымæр æмæ духаны фæмидæг ис.

Иннæтæ бамбæрстой, уый кæй нал раздæхдзæн, æмæ араст сты сæ фæндагыл.

Нинæ та баздæхти йæ моймæ:

– Цасыл ауæй кодтай дæ карк?

Карум бахудти:

– Цасыл, зæгъыс? Дыууæйæ дзы фæйнæ дыууæ арахъы ануæзтам.

х х х

Адæм уынгты фылдæрæй-фылдæр кодтой.

Хъæуккæгтæй уыди ахæмтæ, 1-2 путы нартхор чи æрхаста йе ‘ккойы, бирæтæ сæ къухты, сæ дæлæртты алы мыггаг хæдзарон мæргътæ хастой. Уыдис дзы ахæмтæ, кæцытæ æрхастой уæймæ гыццыл чыргъæдты мидæг 10-20 айчы. Адæмы æхсæнты иугæйттæй, дыгæйттæй зындысты сæгътæ, фыстæ, хъыбылтæ. Хъыбылтæ дзы уыди арæхдæр, æмæ сæ хъæр, сæ хъыллистæй адæм кæрæдзи ныхас нæ хъуыстой.

Нарæг уынгты уæйгæнджытæ æмæ æлхæнджытæ дыууæрдæм змæлыдысты. Карум дæр уыдон æхсæнты араст ис, хъыбылты бæттæнтыл хæцгæйæ. Хъыбылтæ разæй уадысты, сæ бырынчъытæ зæххыл сæрфгæйæ. Исты дзæбæхагыл-иу сæ бырынчъытæ куы аныдзæвыдысты, уæд-иу Карумы сфæлмæцын кодтой – бирæ схуыстытæ сæ-иу бахъуыдис къахæй. Хъыбылтæ не ‘мбæрстой, тæккæ абон æргæвдæны кæй балæудзысты, уый йедтæмæ сæ гуыбыны кой афтæ зæрдиагæй нæ кодтаиккой.

Нинæ цыди Карумы фæстæ, гогыз йæ дæлармы, дыууæ карчы та чыргъæды хæсгæйæ, æмæ дис кодта, афтæ бирæ адæм иу ранмæ кæцæй æрæмбырд ис. Дис ууыл кодта, æмæ дзы алы æвзаджы мыггаг хъуысти. Иу ран цæхгæрмæ уынгæй рацыди æртæ лæджы, кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ, цудтытæ кæнынц.

“Исахъы зарæг” зарыныл æвзарынц, фæлæ сын цæуы æрмæст иугай хъæртæ, иугай хъыллистытæ скæнынц, расыг хъæлæсæй сыл чидæртæ схудынц.

Карум зарынмæ дæсны уыди æмæ уыдон куы ауыдта, уæд сæм бахæлæг кодта, зарын дæр æм æрцыди, нуазын дæр.

Æрмæст ныр бамбæрста Карум æххæстæй, цас фæрæдыди Нинæйы ракондæй – уый йæ дзæбæх ацæл кæнын нæ бауадздзæн. Ныр та ма цы гæнæн ис? Фæлæ уæддæр хъуамæ фæтагъд кæна базайрæгтæ фæуæй кæныныл. Ныртæккæ цæуынмæ хъавыди базармæ, фылдæр аргъ райсын æнхъæлæй, фæлæ уыцы æртæ лæджы куы ауыдта, уæд æм æндæр фæнд æрцыди. Кæм ис базар! Дард у! Уырдæм фæцу, стæй та фæстæмæ. Нæ, Карум уырдæм нал фæцæудзæн, – мæнæ йæ комыдæттæ æркæлынц, сæн æмæ хаслама йæ цæстыты разæй нал хицæн кæнынц… Фæтагъд кæнын хъæуы базайрæгтæ фæуæйыл! Уыцы минут иу дуканигæс, цыма Карумæн йæ хъуыдытæ фембæрста, уыйау ын йæ дысыл фæхæцыди.

– Ирон, а, ирон! Цас кенис де хъибил?!

Карум фæлæууыд.

– Стыр хъыбыл дыууæ туманы, гыццыл дыууадæс манетийы.

– Стирæн раттчинæн диуадес манатийы, гидчилæн æхсæз манатийы. Кæд Карумы тынг фæндыди базайрæгтæ тагъд фæуæй кæнын, уæддæр æм аргъ æгæр цъус фæкасти æмæ араст ис дарддæр. Чидæр та йын йæ дысмæ бавнæлдта.

– Ирон, а ирон! Æз балхæнджинæн, æз, рачи ардæм!

Иу дыууæ минуты арадзур-бадзур кодтой дыууæ лæджы. Хъыбыл æмæ хуы фæуæй сты 25 сомыл.

– Иннæтæ дæр куы айсид! – дзуры Нинæ йæ моймæ.

Гогыз æмæ дыууæ карчы дæр фæуæй сты дыууæ сомы æмæ æрдæгыл. Цыма стыр уаргъ йæ уæхсчытæй ахаудта, уыйау касти Каруммæ. Нинæ дæр бацин кодта.

– Ныр хъуамæ цытæ хъæуы, уыдон алхæнæм!

Нинæ уарзта сырх хъулæттæ хъуымац, хъуамæ ахæм райса юбкæйæн. Карумæн цинел – адаргæ дæр уæд, ницы кæны… Ам чидæртæ балхæдта америкаг адаргæ дзауматæ – диссаджы дзæбæх сты. Сывæллæттæн та уыдонæй райсын хъæудзæн!

“Цæй æмæ мæхицæн дæр уыдонæй райсон!” – сдзырдта хинымæр Нинæ æмæ баздæхти йæ моймæ.

– Кæцы ранмæ цæуæм дзауматæ æлхæнынмæ? Дард у?

– Дард нæу, – загъта Карум, – фæлæ уал исты аууилын хъæуы æмæ аназын хъæуы. Уый фæстæ æнцадæй æлхæндзыстæм, цас нæ хъæуы, уыйас. Афтæ загъта Карум æмæ бахъынцъым кодта Нинæйы ракондыл, – дзæбæх ацæл кæнын æй нæ бауадздзæн. Раздæр æй арвитид, æмæ æнæ дзауматæй куы нæ акома… Дзауматæ алхæнид раздæр, æмæ дзы ацæл кæнынæн фаг куынæуал аззайа. Нæ, ныртæккæ Карумы бон нæ бауыдзæн дзауматæ æлхæнын, – иуцъус ацæл кæнын хъæуы. Мæнæ алырдыгæй æфсæст æмæ расыг адæм арæхæй-арæхдæр кæнынц. Мæнæ зард тыхджынæй-тыхджындæр хъуысы алырдыгæй.

Нинæйæн йæ зæрдæ æхсайдта Карумы фæндтыл æмæ та сдзырдта: – Цом, Карум, дзауматæ уал алхæнæм, стæй æнцад, æнæмæтæй ацæл кæндзыстæм.

Ацы ныхæстæ Карумы хъустыл дзæбæхдæр нал ауадысты. Ауырдыг ис, ауагъта йæхи Ванойы духанырдæм, – алы хатт дæр иу уым фæцæл кодта. Нинæ сдызæрдыг ис, фенын дæр æй фæндыди, хæрын дæр æм цыди, нуазгæ дæр иуцъус, чи зоны, акæндзæн, фæлæ йæм бирæ хуыздæр фæкастаид, раздæрдзауматæ куы балхæдтаиккой.

Цы кодтаид Нинæ, араст ис йæ мойы фæстæ.

х х х

Куыддæр духаны дуар фегом ис, афтæ ног бацæуджыты хъустыл ауади æмхæццæ уынæр. Алырдыгæй хъуысти ныхас, зард, расыг худт, быцæу æмæ æлгъыст. Арахъ æмæ сæны тæф, физонæджы смаг æмæ тамакойы фæздæг ахгæдтой Нинæйы фындзы хуынчъытæ. Йæ зæрдæмæ нæ фæцыди ацы ран. Фæлидзид ныртæккæ ардыгæй. Фæлæ уæртæ йæ мой размæ фæцæуы, ракæс- бакæс кæны, цыма бадæн агуры.

Бадæнтæ дæр, æнахст фынгтæ дæр зынди хатæны, фæлæ Карум мидæмæ бараст ис. Уый фæнд кодта хицæн кабинеты æрбадын. Кабинеттæй иу талынг уыди æмæ дзы хъуамæ бон дæр рухс уыдаид. Карум хинымæр фæнд кодта уым Нинæйæн электрон рухс фенын кæнын – дисæй амæла. Карум куыддæриддæр уыцы кабинетырдæм бараст ис, афтæ йыл иуварсæрдæм чидæр æрбасхъиудта. Уыцы чидæр Карумы уæхскыл куы нæ фæхæст уыдаид, уæд, æвæццæгæн, хатæны пъолыл афæлдæхтаид. Уыцы чидæр разынди Карумы сыхаг, райсом раджы йæ гогызимæ духаны чи смидæг ис. – Æз… æз… цадта дан, Карум! – стыр зынæй ралæмæрста сыхаг йæ дзыхæй ацы дзырдтæ æмæ кæйдæрты руаджы дуары æдде фæци.

Карум бамбæрста, уый йæ гогызы аргъ æххæстæй ам кæй ныууагъта. Фæлæ уыцы хъуыды уайтагъд йæ сæрæй фæхицæн ис, бынат хъуамæ тагъддæр бацахса, кæннод адæм базарæй куыд хицæн кæной, афтæ, духантæм цæудзысты, æмæ дзы æрбадæн нал уыдзæн.

Бараст ис Карум талынг кабинетмæ æмæ сдзырдта:

– Ацы талынджы бадæм, Нинæ, æндæр цы кæнæм!

– Фæлтау уæртæ адæм кæм бадынц, уырдæм цом, – загъта ус. – Ам хæринаг уынгæ дæр куы нæ фæкæндзыстæм!

Лæг бахудти:

– Усай, ды мын ницы æнхъæл дæ, æвæццæгæн, фæлæ ма фæкæс, рухс дзы нæ фегуырын кæнин!

Февнæлдта Карум къулмæ, цыдæр дзы æркъæппытæ кодта, фæлæ рухс никæцæй фæзынди. Йæхицæй раппæлынмæ хъавыди Карум, фæлæ йын нæ бантысти. Уый иухатт ам уыди изæрæй æмæ дзы электрон рухс уыди, уæд æй, йæ зæрдæйы дзæбæхæн, иу къорд хæттыты ахуыссын кодта æмæ ссудзын кодта. Ныр ын боныгон дæр ссудзын æнхъæл уыди, фæлæ куы нæ ссыгъди, уæд хорзау нал фæци.

Уалынмæ æцæг рухс фæзындис. Духаны кусæг бахаста кабинетмæ хуымæтæджы лампæ.

– Уæ электрон цырагъ нæ судзы? – бафарста Карум.

Кусæг бамбарын кодта, электрон цырагъ бон кæй нæ фæсудзы, æмæ уæд Карум баздæхти усмæ:

– Æндæр хатт дын æй фенын кæндзынæн, айчы хуызæн тымбыл у авгæй, йæ мидæг нæ фæтæген ис, нæ æндæр исты, афтæмæй судзы. Уæдæ кæсыс, цы хуызæн у?

Нинæ ныккасти авджын тымбылæгмæ, фæлæ дзы рухс нæ уыди, æмæ цæуыл бадис кодтаид! Уыцы сахат усы фындзыл ауади мард мысты смаг, йæ галиу къухæй йæ фындз амбæрста æмæ фæхъуыды кодта: “Ацы дзæбæх хæдзар мæн куы уаид, уæд æй авгау сыгъдæг дарин!”

– Кæсыс, кæсыс, уæлæ уыцы айчы хуызæн тымбылмæ!

Уæд Нинæ загъта:

– Гæды ныхæстæ кæныны бæсты, кæд исты хæринаг исыс, уæд райс, æмæ цæуæм дзауматæ æлхæнынмæ. Хъуамæ фæстæмæ афойнадыл æмбæлæм! Каруммæ хаслама алцæмæй дæр хуыздæр кастис, фæлæ зыдта, Нинæ катлеттæ кæй никуы ма бахордта æмæ уый тыххæй æрбахæссын кодта катлеттæ æмæ иу авг сæн.

Лæг æмæ ус фæйнæ комдзаджы нæма акодтой, фæйнæ агуывзæйы нæма анызтой, афтæ дуарæй сæ хъæуккаг, Карумы рагон æмвынгон, Иликъо æрбакасти. Уыйæдде зынди Карумы æмхæрæфырт Никъо, Никъойы фарсмæ та лæууыди йæ ус Пепо. Иууылдæр бацин кодтой кæрæдзиуыл, тынгдæр дыууæ усы.

Ацы уадзджытæ æнæбары, кæнæ æнæнхъæлæй не ‘рбахуыдтой ардæм, – Иликъо хъуыды дардта Карумы, æмæ уый куыддæр йæ базайрæгтæ ауæй кодта, афтæ æртæйæ йæ фæдыл фæраст сты.

– Мидæмæ, фæйнæ аназут! – сдзырдта Карум.

Уыдон фæйнæ ануæзтой.

– Абадут немæ!

Уыдон æрбадтысты.

Нинæйæн æхсызгон уыди, ус æмбал ын кæй фæзынди æмæ йæ йæ фарсмæ æрбадын кодта.

Карум фæдзырдта духаны кусæгмæ æмæ рахæссын кодта хаслама æмæ авджы сæн.

– Иликъо нын тамада фæуæд! – загъта Никъо.

Карум дæр сразы ис ууыл.

Нозт, хæрд тыхджын кæнын байдыдтой. Нинæ дæр-иу иннæ усмæ гæсгæ ануæзта. Иууылдæр хъæлдзæг кæнын байдыдтой. Æвиппайды Карум нырриуыгъта “Исахъы зарæг”. Иннæ лæгтæ йын бахъырныдтой.

Зард нæма ахицæн ис, афтæ дуарæй æрбакасти иу чидæр. Уый дæр разынди уæлвæзаг – Тедо.

Тедо уазæггаджы нуазæн куы анызта, уæд сдзырдта:

– Цæй, уæ фарсмæ абадон!

Æрбадти.

Рахастой йын хицæн агуывзæ.

Алчи дæр зыдта, ацы Тедо алы базары бон æнæ хъуыддагæй Цхинвалмæ кæй цæуы, искæйты руаджы цæл кæныны тыххæй. Хуыдтой йæ иууылдæр Хæддзу Тедо. Карум дæр æй хорз зыдта, уый йын нуазæн дæр нæ авæрдтаид бæргæ, фæлæ йын æрбадын æнхъæл нæ уыди.

Фынгыл æвгтæ афтид уыдысты. Уазджытæй стыны фæнд ничи кодта. Карумæн ма йæхи дæр ануазын фæндыди æмæ та рахæссын кодта сæн æртæ авджы.

Цæл дарддæр йе ‘гъдауыл цыди.

Дыууæ-æртæ гаджидауы та зылд куы фесты, уæд Хæддзу Тедо “Уастырджийы зарæг” бакодта.

Уæдмæ Карум дзæбæх бахъæлдзæг ис æмæ зарды фæстæ йæ къухæй фынг æрхоста:

– Иу хатт дзы дзæбæх ацæл кæнын дæр хъæуы!.. Кæм ис уыцы мамадзагъли, куынæуал зыны!

Систа агуывзæ æмæ йæ авгыл бахоста.

Нинæ дæр бахъæлдзæг ис, хорз æм касти ацы цæл, фæлæ ма æмбæрста, йæ мой æгæр хардз кæй кæны, æмæ цыма йæхицæн дзуры, уыйау загъта: – Æгъгъæд у ныр, æгъгъæд, хорз куы фестæм!

Бадджытæй иуæй-иутæн уыцы ныхæстæ хъыг уыдысты. Карумы хъустæм та хæццæ дæр нæ баисты.

Карум йæ цæст ахаста бадджытыл æмæ фæхъæр кодта:

– Цал стæм?.. Уæртæ ма нын иу!

Æцæг, дуарæй мидæмæ бакасти иу кæцондæр. Къоте йæ хуыдтой. Уый уымæй зындгонд уыди, æмæ-иу алы базары бон куы иу духаныл ахаста йæ цæст, куы иннæуыл, æмæ-иу йæ зонгæтæй уым искæйы бадгæ куы федта, уæд-иу сæ фарсмæ абадти. Ныр Къоте комкоммæ бауади æмæ фæхъæр кодта: – Байраит, байриат, Карумтæ, Никъотæ æмæ иннæтæ! Уæ зардæй уæ базыдтон!..

– Æрбад, Къоте, æрбад, бирæ ма дзур!.. – загъта Карум. – Ныр уæдæ стæм… Уый хорз компани у!

Нинæ та фæхъуыды кодта, хъуыддаг хорз кæй нæ цæуы æмæ та йæ мойырдæм сындæг бадзырдта:

– Нæхимæ нын æрæджы кæны, æнхъæлдæн, Карум!

Ног æрбацæуæг стыр хæрамы цæстæй бакасти усмæ уыцы ныхæсты тыххæй.

Нинæйæ нæ аирвæзти уыцы цæстæнгас æмæ фæхъуыды кодта: “Ныббадон мæхицæн, кæннод худинаг кæнын”. Уалынмæ духаны кусæг фæзынди æмæ дуары астæу æрлæууыди.

– Хъусыс, лæппу, – дзуры йæм Карум. – Авд стæм… Рахæсс, лæппу, авд авджы сæн, хаслама тæбæгъы дзаг æмæ нурыдзæхдон къусы дзаг! Къотейы цæсгом барухс ис, уыцы ныхæстæм хъусгæйæ, Иликъомæ йæ цæст æрныкъуылдта æмæ загъта:

– Карумæй хуыздæр та цæл кæнын чи зоны!

– Афтæ куы нæ ‘ркурай духаны, уæд æм цæуын дæр нæ хъæуы! – сдзырдта Иликъо дæр.

Цæл дарддæр цыди. Зард нал фидыдта. Дзурджытæ кæрæдзи хорз нал æмбæрстой. Расыг худт, æнæбынат хъæртæ æмæ хъыллистытæ арæхæй- арæхдæр кодтой.

Рæстæгæй-рæстæгмæ бынат æнхъæлæй, чи зоны, аназыны фæндæй дæр, дуарæй чидæртæ æрбакæсы, фæлæ ма уыдонæн дæр æгъдау дæттæг кæм ис! Иу цхинвайлаг лæппу-лæг, сырх-сырхид цæсгомимæ, искæй хардзæй ануазын чи уарзта, ахæм, æрбакæстытæ кодта бадджытæм, æвæццæгæн, йæ зарды уыди семæ абадын, фæлæ йын дзы иу зонгæ дæр нæ разынди. Аздæхынмæ хъавыди фæстæмæ, фæлæ ма иу каст ныккодта бадджытæм, уыдон тынг расыг сты, уый куы федта, уæд бауади мидæмæ, кæйдæр разæй агуывзæ фелвæста æмæ сдзырдта:

– Цæй, компани, уæ цæрæнбонтæ бирæ уæнт!

Агуывзæ йæ бынмæ ануæзта æмæ хæринаг дæр систа фынгæй. Бандоныл размæл-базмæл кæнгæйæ, Карум ныккасти æрбацæуæгмæ æмæ зæгъы:

– Мæ… æ нуа-зæн дæр аназ, къацо!..

Æрбацæуæг нуазæн йæхæдæг фелвæста Карумы разæй æмæ йæ тæккæ бынмæ ануæзта, стæй афæлгæсыди, ссардта уæгъд бандон æмæ æрбадти. Бавнæлдта хæддзууазæг хæрынмæ æмæ нуазынмæ. Уый иннæтæм нæ касти, уыдон нуæзтæй цæттæ уыдысты, фæлæ-иу йæхæдæг æркодта сæн æмæ-иу истæй æфсон ануæзта. Иннæтæ дæр ма æвзæрстой нуазыныл, фæлæ фынгыл уаг, æгъдауы мыггагæй ницыуал уыди.

Фыррасыгæй цæлгæнджытæн сæ зæрдæтæ æрфæлмæн сты, кæрæдзимæ-иу сæ былтæ бадардтой æмæ-иу ныпъпъатæ кодтой.

Арæх хъуыстысты дзырдтæ: “Шени чъириме”, “Шен генацвале”, “ицоцхле, ицоцхле, къацо!”

Æхсæнмæ-æхсæнты дзы ахæм дзырдтæ дæр-иу фæци: “шен мамадзагъли”, “шен дедас…” æмæ æндæр уый хуызæттæ.

Иухатт Иликъо йæхи байвæзта Каруммæ æмæ загъта:

– Адджын мын дæ… адджын… чъириме… Стæ-ма… апъа дын кæнон!

Карум йæ былтæ куы бадаргъ кодта, уæд Иликъойы “уæ…æ…æ…лхъ” айхъуысти æгас духаныл, фæлæ йæ чи æрхъуыды кодтаид, алчи дæр йæ фаг расыг уыди, стæй сомын диссаг нæу: арæх вæййы духаны.

Карум Иликъомæ йæ былтæ куы бадардта, уæд уый амондмæ гæсгæ, фæцудыдта æмæ бандонæй афæлдæхти, – омдзæгæй йæ цæсгомыл ницы ауади, æрмæст йæ риу æмæ йæ хъæбыс сахуырстысты, Иликъо та омгæйæ размæ асхъиудта æмæ уый дæр пъолыл афæлдæхти.

Дыууæ усæй иу – Нинæ – æрвонгдæр уыди, фæлæ иннæ ус лæгтæй æнæрасыгдæр нæ уыди, æнæхъуаджы худт æмæ цъæхахстытæ кодта, æгас æхсæв ам афтæ куы бадтаиккой, уæддæр ын хъауджыдæр нæ уыди. Нинæйæн дæр æлхæнинæгты мæт ахаудта йæ сæрымагъзæй, æрмæст ма уый хъуыды кодта, æмæ “хæдзар агурын хъæуы”, фæлæ уый тыххæй исты æрхъуыды кæнын йæ бон нал уыди, – сæрымагъз уыйбæрц нал куыста.

Уæлвæзы хъæуккæгтæй ма æрмæст иу лæг æмбæрста, æгъгъæд кæй у æмæ стын кæй хъæуы. Уый уыди Никъо.

Никъо æмæ Карум та сæ бандæттæм куы схылдысты, уæд Никъо сдзырдта:

– Карум, шени чъириме, Иликъо, Нинæ, æгъгъæд, фестæм ныр æмæ – бæркад, стыны фæнд скæнæм!

Хæддзу цхинвайлаг бæркады кой куы айхъуыста, уæд фæд-фæдыл дыууæ ануæзта.

– Карум, шени чъириме, – сдзырдта та Никъо, – фæдзурæм духаны хицаумæ æмæ йæ сраст кæнæм. – Хæдзармæ цæуыны кой кæнын хъæуы. Хæдзары кой Нинæйы хъустыл куы аныдзæвди, уæд йæ сæрымагъз фæрухсдæр ис, æмæ фыны дзурæгау бадзырдта йæ моймæ:

– Æрæджы нын кæны. Цæуæм, Карум, цæуæм!

Никъо хорз æмбæрста, афтæмæй цæуæн кæй нæй, æмæ та хъæрдæрæй сдзырдта Каруммæ:

– Бафидын хъæуы адонæн се ‘хца, æмæ цæуæм нæ хæдзæрттæм! Карумы сæрымагъзыл æрмæст ныр аныдзæвди ныхас æхцайы тыххæй, цæуыны тыххæй, фæзынди дзы ахæм хъуыды: “Хонæг æз уыдтæн, æхца фидын хъæуы”.

Йæ къух йæ роны акодта Карум – æхцайы тыхтон уым уыди. Сдзырдта Никъойырдæм:

– Фидгæ? Бафиддзынæн, уæдæ цы! Денги ест, слав богъ! Иу-фондз сомы бахардз кодтам, æвæццæгæн.

Уыцы ран ма хæддзу цхинвайлаг иу агуывзæ ануæзта æмæ æнæ дзургæйæ дуары æдде фæци. Сыстади Къоте дæр, лæугæйæ ма иу ануæзта æмæ ацыди.

Карум æрхоста фынг æмæ духаны кусæг уым æрбалæууыди. Кусæг ауади æмæ минуты фæстæ фæстæмæ æрбаздæхти.

– Цас? – фæрсы Карум.

– Хъæуы раст 23 сомы, – дзуапп радта кусæг.

Уыцы ран хæддзу Тедо дæр æрыдзаг кодта иу агуывзæ, йæ бынмæ йæ ануæзта æмæ æнæ дзургæйæ дуары æдде фæци.

– Раст нын зæгъ, лæппу, хынджы…лæг ма кæн! – бандоныл размæл- базмæл кæнгæйæ, загъта Карум.

Кусæг нымайын байдыдта, рауади æцæг 23 сомы. Æхцайы коймæ Нинæйы сæрымагъз змæлын байдыдта. Цытæ ауæй кодтой, цытæ æлхæнинаг уыдысты, уыдон дæр сæрымагъзы иу секунд барухс сты, фæлæ та уайтагъд фæтар сты. Аззади ма дзы æрмæст иу хъуыды: “Æхцатæ фесæфтысты”. Уыцы хъуыды дæр уайтагъд нозты мигъы аныгъуылди. Нинæ сдзырдта хинымæр: – Цы уа, уый уæд!

Карум куы бамбæрста, хардз æцæг 23 сомы кæй у, уæд, фыццаг джихæй аззади, стæй фелвæста æхцатæ, сойæдзаг кæлмæрзæны тыхтæй, æмæ сæ фынгыл æрцавта:

– Кæй тæрсын кæнынц… адон?! Карум дæн, уый нæма зонынц, æнхъæлдæн!

Афтæ зæгъгæйæ, Карум систа фынгæй дзаг агуывзæ æмæ та йæ иу нуæзт акодта, стæй уæд райхæлдта кæлмæрзæн. Æркалдысты дзы алыхуызон æхцатæ: гæххæтт, æвзист, æрхуы.

Никъо йын аххуыс кæнынмæ хъавыдис нымайынæн, фæлæ, кæд Карумы сæр цалхау зылди, уæддæр ма афтæ хъуыды кодта, æмæ æхца искæмæ нымайынмæ дæттын хорз нæ уыдзæн.

Æнарæхст къухтæй банымадта Карум 23 сомы, иннæ æхцатæ бабаста кæлмæрзæны æмæ та сæ йæ роны батъыста.

– Лæппу, рауай ардæм! – бахъæр кодта Карум. Йæ цæстытæ æрцъынд- æрцъынд кодтой, йæ буар лæхъир хыссæйау бандоныл алырдæм змæлыди. Лæппу банымадта æхца – разындысты раст 23 сомы.

х х х

Цудтытæ кæнгæйæ, кæрæдзийыл æнцайгæйæ, кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ, рацыдысты фондз адæймаджы духанæй.

Куыддæр дуары æдде фесты, афтæ та Иликъо омын байдыдта. Карум бацыди цудтытæ кæнгæйæ, æмæ йын йæ ныхыл рахиз къухæй сæнцой кодта. Иннæтæ дæр сæ разы æрлæууыдысты æмæ кæсынц.

Карум йæ цæстытæ æрцъынд кодта æмæ сæм дзуры:

– Цæут… цæут… Уæл…вæзмæ! Мах дæр уæ феййафæм.

Уыдон араст сты, тигъы аууон фесты. Уæд Карумæн йæхиуыл дæр омын бахæцыди. Дыууæ дæр æруагътой сæхи тротуары дуртыл æмæ омдтой. Уынгты расыг адæмæй фылдæр цы уыди, омджытæ дæр дзы уыдаид, фæлæ адон дыууæйæ фæрсæй-фæрстæм кæй омдтой, ууыл бирæтæ худæгæй мардысты. Хæстæг дæр духангæстæй иу рацыди æмæ сыл æхситтытæ кодта, йæ къухтæ йæ синтыл сæвæргæйæ.

Уалынмæ Карум æмæ Иликъо банцадысты сæ омынæй æмæ, кæрæдзиуыл хæцгæйæ, уæлæрдæм, стыр уынджырдæм араст сты. Тигъмæ куы сцæйхæццæ кодтой, уæд “Уастырджийы зарæг” сæ хъустыл ауади. Уый зарыдысты Гарсойы духаны.

– Цы хорз зарынц! – сдзырдта Иликъо.

Карумæн уыцы ныхас хъыг уыди. Хинымæр сдзырдта: “Уый та куыд, Карумæй хуыздæр исчи ныззардзæн!”

Æнæ дзургæйæ бараст ис духанырдæм. Иликъо – йæ фæдыл.

Æрмæст зарды мидæг нæ уыди хъуыддаг, – омды фæстæ дыууæ лæджы февронгдæр сты æмæ та сæм нуазын æрцыди.

Бацыдысты мидæмæ. Банхъæлмæ кастысты зарды фæудмæ, стæй Карум комкоммæ бацыди зарджыты фынгмæ, æмæ ныццавта “Хазбийы зарæг”. – Æрбадут немæ! – дзурынц сæм бадджытæ.

Æрбадтысты та Карум æмæ Иликъо æмæ ногæй цæл кæнын байдыдтой.

х х х

Дыккаг бон, Уæлвæзыхъæуы куы фарстой Карумы æмæ Иликъойы, зæгъгæ, куыд æрцыди хъуыддаг, уæд сæ дыууæ дæр нал хъуыды кодтой, цас фæбадтысты Гарсойы духаны, куыд рацыдысты уырдыгæй, стæй сæнæфсиры цæхæрадонмæ куыд бахаудтой. Фæлæ уый фæстæ цы ‘рцыди, уый, Иликъойы радзырдмæ гæсгæ, уыди афтæ:

Иликъо цæйдæр хъæрмæ фехъал ис, цæстытæ аууæрста æмæ федта, сæнæфсиры цæхæрадоны цъæх нæууыл кæй хуыссыди. Уыд мæйрухс æхсæв. Хъæртæ чердыгæй цыди, уыцырдæм куы акасти, уæд федта: йæхицæй иу 5-6 сардзины æддæдæр цъæх нæууыл ратул-батул кæны Карум.

Фестади Иликъо, бауади Каруммæ æмæ йæ фæрсы:

– Цы кæныс, цы дыл æрцыди?

Цыдæр фыдбылыз кæй æрцыди, уый бамбæрста Иликъо – Карумы цæсгом алырдыгæй тугæй æхгæд уыди.

– Хуытæ мæ бахордтой, хуытæ мæ бахордтой! – сæрдиаг кодта Карум. Æцæг, уырдæм æввахс хызтысты хуытæ. Бамбæрста Иликъо, Карум фынæй кæй уыди, афтæмæй йыл кæй æрбафтыдысты хуытæ. Иу хъус тæккæ бындзарæй тынд разынди, иу русыл та – дæндаджы фæд. Цæмæйдæрты стыхта Иликъо Карумы цæфтæ æмæ йæ хуры скастмæ схæццæ кодта Уæлвæзмæ.

Уыцы фыдбылыз æрцыди æхсæз мæйы размæ.

Гъе уæдæй фæстæмæ æнад фестадысты Карумæн Цхинвалы кой æмæ хъусы кой. Уæдæй фæстæмæ йæ горæты исты хъуыддаг куы вæййы, уæд, Цхинвалы бæсты, дардмæ фæцæуы, Ахалгурмæ, кæнæ суанг Душетмæ.

* Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971