ДЕКРЕТ

Къухтæ пъалтойы дзыппыты тъыст, роцъо риуыл æнцад, цæстытæ ныхы бынæй æнтъыснæг каст кæнынц, афтæмæй рарастис йæ хæдзарæй Лексо. Йæ тæнæг былтæ хаттæй-хатт базмæлынц цъус – уый æмырæй дзурынц ахæм ныхæстæ:

– Цæй диссаг у, цæй бирæ хæссы ацы æнаккаг хицауад! Афтæ æнхъæл куы ничи уыдис!.. Афтæ куы дзырдтой иууылдæр, мæнæ, зæгъгæ, жуликтæ сты, стигъджытæ сты, фæлæбурдтытæ кæндзысты æмæ лидзæг фæуыдзысты. Цæуы Лексо цыбыр къахдзæфæй, йæ ных сарæзта сахары астæуырдæм. Цы кæна уæдæ, – йæ хæдзары æгæр æнтъыснæг кæны йæ зæрдæ. Уынджы змæлд æмæ адæмы уынд ма йын цъус фæсабырдæр кæнынц йæ зæрдæйы рис. Бульвары хæд кæрон, фыццаг цы бандонмæ бахæццæ ис, ууыл уæззау æруагъта йæхи Лексо.

Бады Лексо, цæстытæ зæххы ацæвгæйæ, æмæ хъуыдытæ кæны. Арвыл сау мигътæ уылæнтæ куыд фæкæнынц къæвда рæстæджы, афтæ Лексойы сæры дæр сау хъуыдытæ уылæнтæ кæнынц. Йæ фыццаг цард йæ цæстыты раз зилахар кæны æмæ йæ зæрдæйы рис тынгдæрæй-тынгдæр рæзы… Куыд дзаджджын цард уыди, куыд! Бæгæны, двайно, арахъ, карчы фыд, уæливых æмæ æндæр ахæмтæ хицæн нæ кодтой йæ фынгæй. Хистæй уæд, куывдæй уæд, хуыздæр хæйттæ цыдысты Лексойы хæдзармæ. Мызд цыди къазнайæ афойнадыл. Уый фæстæ требæтæй дæр цыди дзæвгар æхцайы гуппар. Ноджы чердæмдæриддæр акъахдзæф кодтаид, алы ран дæр минас… Ныр мæнæ сыдæй мæлы… Нæ, сыдæй нæма мæлы. Сыгъзæрин æмæ æвзист дзауматæ дзæвгар баззадис, уыдон чысылгай уæй кæны æмæ афтæмæй цард бонæддæдæр цæуы. Фæлæ афтæмæй бирæ ахæссæн нæй, хъуамæ æдзух æфтиаг дæр искæцæй цæуа… Диссаг та куыд нæ у: кæм цы бæгъæввад æмæ бæгъæмзæнг уыди, уыдон атыдтой хицауад æмæ фехæлдтой цард, дур дурыл нал ныууагътой… Цардсуртæ сты адон, цардсуртæ. Кæм акъахдзæф кæной, уым кæрдæг нал æрзайдзæн.

Бады Лексо, æрдиаг кæны. Советон хицауады цæфтæ бирæтыл æруадысты, фæлæ Лексомæ куыд бахъардтой, афтæ, æвæццæгæн, никæмæ бахъардтой. Уыцы иукъорд азты йæ уынд дæр бирæ фендæрхуызон ис. Лæппулæг уыди, ныр æм бакæс – гутоны хæххытау сæнцъылдтæ ис цæсгом, мартъийы быдырау урс хъулæттæ адардта зачъе.

Сауджынтæй бирæтæ сæ пæлæзтæ куы аппæрстой, уæд дæр ма фидар лæууыдис Лексо, аргъуан цух нæ уагъта, аргъуыды æгъдæуттæ æххæст кодта.

Фæлæ аргъуаны кувджытæ бонæй-бонмæ къаддæр кодтой. Афтæ æфтиаг дæр къаддæр цыди. Æрцыди ахæм хуыцаубон дæр, æмæ аргъуаны уыдысты æрмæст сауджын æмæ диакъон, æндæр иу адæймаг нæ бакастис дуарæй. Ахæм хуыцаубонтæ уæдæй фæстæмæ адаргъ сты фæд-фæдыл.

Фидар лæууыдис уæддæр Лексо, æнхъæлмæ кастис бонæй-бонмæ советон хицауады фехæлдмæ. Кæм!.. Хæлгæ нæ, фæлæ фидарæй-фидардæр кодта. Уæд кастис Лексо йæ алыварсмæ: нал ис сауджынтæ, аппæрстой сæ пæлæзтæ, искуы ма иу сауджын фæзыны пæлæзы мидæг. Йæ пæлæз чи аппæрста, ахæмтæй ныр чидæртæ кусынц советон кусæндæтты.

Иу райдзаст сæрдыгон райсом Лексо дæр барастис газеты редакцимæ. Йæ уæлæ цыбыр пъалто, сау нымæтхуд, йæ зачъе цыбыр æлвыд, сæрыхъуынтæ дæр цыбыргонд – бынæй чысыл йедтæмæ нæ зынынц. – Æз мæ сауджындзинад ныууагътон æмæ мын мæнæ ацы фыстæг рауадзут уæ газеты.

Афтæ загъта Лексо æмæ бакастис редактормæ, цыма фырцинæй йæ бандоныл нæ сызмæлид æмæ йæ цæстытæ нæ ферттивиккой.

Нæй, редактор куы бакастис фыстæг, уæд йæ бандоныл дæр нæ сызмæлыдис, йæ цæстытæ дæр нæ ферттывтой.

– Дæ фыстæг афтæмæй мыхуыр кæнынæн нæ бæззы, – загъта редактор. – Ды фыссыс, зæгъгæ, абонæй фæстæмæ дæ сауджыны куыст нал кæндзынæ. Ныффысс афтæ, зæгъгæ, дæ сауджындзинад адæмы сайыны куыст кæй у, дин гæды кæй у, адæмы сайыны тыххæй æрхъуыдыгонд кæй у, уый бамбæрстай, уал æмæ уал азы адæмы сæрымагъз талынг кæй кодтай, ууыл фæсмон кæныс æмæ йæ абонæй фæстæмæ æнæраздахгæ æппæрст кæныс.

Ацы дзырдтæ Лексойæн хъыг уыдысты. Бамбарын æнхъæл нæ уыди йæ фыстæгæн. Уый фадаты бонмæ алидзæн хуынкъ хъавыди ныууадзынмæ, фæлæ йын фæхъæр ис. Гæнæн нал уыдис æмæ ныффыста Лексо æндæр фыстæг редакторы амындмæ гæсгæ, фæлæ та дзы уæддæр иу фездухæн ныууагъта. Редактор бакасти ног фыстæг, бамбæрста та йæ æмæ саразын кодта уыцы фездухæн дæр.

– Хорз, рацæудзæн райсомы номыры, – загъта редактор.

Фыстæг рацыди газеты.

Лексо цыбыр дарæсы зилын байдыдта бынатагур, фæлæ æгас афæдз аивгъуыдта æмæ бынат нæма ис.

Ныр мæнæ бульвары бандоныл бады æмæ æрдиаг кæны йæ царды фехæлдыл. Сусхъæды мард бур сыфтæ иугай-дыгай, зилдухгæнгæ, хауынц бынмæ æмæ уыдон дæр æнкъарддзинад æфтауынц Лексойы зæрдæйыл. – Фæцис, æвæццæгæн, фæцис мæ царды рухс рæстæг, мæнæ ацы сыфтæн райгасгæнæн куыд нал ис, афтæ кæд уымæн дæр нал ис раздахæн!.. Ацы хъуыдытимæ йæм хаттæй-хатт ныфс дæр фæзыны. Кæд нал уаид, чи зоны, советон хицауад. Æвиппайды, куыд фæзынди, афтæ кæд сæфгæ дæр фæкæнид! Уæд та йæ пæлæз скæнид æмæ та царды дзæбæхы ленк кæнид. Йæ сауджыны дзауматæ æфснайд бæргæ сты, дзæбæх æфснайд, хæйрæг дæр сæ не ссардзæн… Ис дзы дыууæ сау зæлдаг пæлæзы, иу пæлæз урс – сæрды дарынæн, крест, скуфиа æмæ æндæртæ… Хуыцау зоны, кæд та æрцæудзæн сæ рæстæг!.. Абон уал мæнæ бынатагур хæты æмæ йæ рон цыбырæй- цыбырдæр æлвасы.

– Байриай, Лексо! Цæй иунæгæй бадыс? – сдзырдта йæм бæрзонд, хæрзконд ас лæг, даст роцъо æмæ даргъ рихитимæ.

– Хорз цæр, Хæмæт! Æрбад ды дæр æмæ уæд дыууæ уыдзыстæм. Æрбадтис Хæмæт Лексойы фарсмæ.

Лексо йæм дзуры:

– Зæгъ, Хæмæт, хабæрттæ дæм уыдзæн!

– Сауджынты рæстæг та æрцыдис æмæ хабæрттæ дæумæ уыдзæн, Лексо! Лексо зулмæ бакастис йæ сыхагмæ – цымæ цæмæй зæгъы, зæгъгæ, фæдис кодта, фæлæ афæрсынæй йæхи фæурæдта, æнхъæлмæ кастис Хæмæты дарддæр ныхæстæм.

Уыцы минут бирæ рæсугъд хъуыдытæ, ныфсы хъуыдытæ, базмæлыдысты йæ сæры. Куыд вæййы, цы вæййы, кæд советон хицауадмæ исты хорз фæндтæ æрцыди, мыййаг.

Хæмæт дзæвгар алæууыдис æнæ дзургæйæ, цыма барæй Лексойы æнхъæлмæ кæсын кодта, уыйау.

– Нæй, ацы дунейы рæстдзинад нæй, – сдзырдта Хæмæт æмæ та фæлæууыди.

Уæд Лексо цыма ацы хабар æппындæр йæ зæрдæмæ нæ хæццæ кæны, уыйау уæззау ныззæмбыдта æмæ фæрсы:

– Цæмæй зæгъыс, Хæмæт, бамбарын мын æй кæн?

– Дæ рон та адаргъ кæндзынæ, мæтæй мæлыс?.. Уæвгæ ды куы аппæрстай дæ сауджындзинад… Æвæдза æгæр ыл батагъд кодтай! Ам Лексойы сæры тынгдæр фæйлауын байдыдтой рухс хъуыдытæ, фæлæ дзургæ ницы скодта.

Хæмæт дарддæр йæ ныхас кæны.

– Æз цы ссардтон, уый тухитæ æмæ фыдæбæттæй. Хæдзар дæр, мæ иннæ исбон дæр ссардтон, хæрæгау кусгæйæ. Ныр æнæ хæдзарæй баззадтæн. Мæ исбон мын ассывтой, буржуйы ном мыл сæвæрдтой, мæ фæндæгтæ мын сæхгæдтой æмæ сæфтмæ цæуын. Сауджынтæ та, æнцад бадгæйæ, гæды митæ æмæ гæды ныхæстæй адæмы фæллой сæхимæ ссывтой. Хæрамдзинадæн æй нæ зæгъын, Лексо, фæлæ рæстдзинад кæй нæ ис, уый мын хъыг у, мæнгард æмæ фæлывдæй сауджынтæ царды дзæбæхы ленк кодтой, ныр дæр та сæ рæстæг æрцыдис.

Лексойæн хъыг уыдысты Хæмæты ныхæстæ, зæгъынмæ йын хъавыди, Хæмæтæн дæр йæ куыст иудадзыг сыгъдæг кæй нæ уыдис, фæлæ баурæдта йæхи. Ныртæккæ йын пайда нæ уыдис Хæмæты мæсты кæнын, хъуамæ раздæр базона, цы ног хабар ис сауджынты тыххæй.

– Мæнæн уый хъыг нæу, æмæ та сауджынтæ дзæбæх цæрдзысты, – дзырдта дарддæр Хæмæт. – Хъыг мын уый у, æмæ рæстдзинад нæй… Иутæн исты, иннæтæн ницы… Æз кусгæ куы кодтон, уæд мæнæн цæуылнæ ис пенситæ æмæ мыздтæ?.. Нæ мæ хъæуынц уыдон дæр, радтæнт мын дарддæр кусыны бар!

Ацы ран та Лексо йæ хъустæ ацæттæ кодта, мæнæ йæ ныр зæгъдзæн, зæгъгæ, фæлæ та Хæмæт йæ дзых ахгæдта.

Уæд Лексойæн æнхъæлмæ кæсын нал уыдис йæ бон æмæ бафарста æнæхъауджыдæр хъæлæсæй:

– Зæгъ-ма, зæгъ, Хæмæт, цы у, цы хабар у?

– Цыма йæ нæ зоныс!

– Цы нæ зонын, цавæр у?

– Сауджынты тыххæй цы декрет рацыдис, уый нæ бакастæ?

– Нæ бакастæн, бауырнæд дæ. Зæгъ-ма, цы дзы ис?

– Америкæ æмæ Англисимæ Советон хицауад куыд бадзырдта, афтæмæй дин æфхæрд нал уыдзæн. Сауджынтæ сæ куыст кæндзысты æнæкъуылымпыйæ. Советон хицауад сауджынтæн фиддзæн мызд фæйнæ 15 туманы мæй, диакъонтæн та фæйнæ фараст туманы, куыстхъом чи нал уа, уымæн та пенси.

Лексойæн йæ улæфт ныллæууыдис, афтæмæй байхъуыста ацы дзырдтæм. Тынг нæ бадис кодта ацы хабарыл. Газеты фыссын куы байдыдтой дины æфхæрды тыххæй, уæд Лексойы тынг фæндыди, куы зæгъиккой иннæ паддзахæдтæ Мæскуыйæн: “Циц! Æнæуый цыфæнды кæн, фæлæ динмæ æвналæн нæй!” Ныр Лексо афтæ хъуыды кодта: “Динæн стыр аргъ ис фæсарæнты æмæ Хæмæт кæй зæгъы, уый кæд æцæг у, уæд дзы диссагæй дæр ницы ис. Раздæр куыд не ‘рцыдис ацы хъуыддаг, диссаг уый у”.

Хæмæты дзырдтæ Лексойы уырныдтой, фæлæ барæй йæхи нæуырнæг скодта æмæ загъта:

– Уый хъуамæ ма уа, Хæмæт!

– Афтæ у. Уæртæ райс газет æмæ йæ бакæс! Æз æй “Извести”-йы кастæн, фæлæ иннæты дæр уыдзæн.

Ацы дзырды фæстæ Лексомæ дызæрдыгдзинадæй ницыуал уыдис æппындæр, сауджын кæй ныллæудзæн фæстæмæ, уый дæр гуырысхойаг нæу, йæ фыстæджы тыххæй дæр йæхи куыд сраст кæндзæн, уый дæр йæ боны йæхæдæг йæхи амондзæн.

– Киоскы куы нæ уа газет, уæд уæртæ мæнмæ ис, – загъта дарддæр Хæмæт.

Хынджылæг кæны Хæмæт, уый Лексойæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис æмæ йæ къамтæ, чысыл-ма бахъæуа, ма раргом кæна. Йæ цард та куыд фендæр уыдзæн, уый тыххæй хъуыдытæ кæнгæйæ, фырцинæй йæ мидбынаты базмæлыдис æмæ райдыдта:

– Мæ пæлæз мæнæн…

Зæгъынмæ хъавыди, “мæ пæлæз мæнæн цæттæ у”, зæгъгæ, фæлæ æвиппайды фæхъуыды кодта æмæ загъта:

– Мæ пæлæз мæнæн æппæрст у. Мæнæн дзы хъауджыдæр нæй æмæ, декрет дæр ма цы кæсон, нæ зонын!

Хæмæт комкоммæ бакастис Лексомæ, кæддæра йæ цæсгомы æнгас та цы зæгъы, зæгъгæ, фæлæ нæй, уыцы цæсгомыл бамбарæн ницы уыдис… – Æгæр батагъд кодтай дæ пæлæз исыныл. Фæлæ газеты цы ныффыстай, уый дæр дæ хъуамæ ма баурома. Исты æфсон скæндзынæ æмæ та дæ бынаты ныллæудзынæ. Бауырнæд дæ, Лексо, æз афтæ бакæнин.

Лексойæн йæ фæндтæ йæ сæры цæттæ уыдысты æмæ йæ нал фæндыдис ацы хъуыддаджы тыххæй дзурын. Аздæхта ныхас æндæр фæндагыл.

Фæбадтысты афтæмæй дыууæ лæджы суанг æрталынджы онг. Сæ рæзты цæуджытæй йæ зондахаст кæмæн зыдтой, уымæ-иу къухамонгæйæ, адзырдтой:

– Æппын ницы ма?

– Нæй, Хæмæт, ницы зыны æппын.

– Йе, Бибо, исты ис?

– Уалдзæджы ма-иу фæкæсут!

Уымæй уæлдай сæ дзурын нæ хъуыдис, хорз æмбæрстой кæрæдзи. Райсом раджы, хур иу метры бæрц нæма суади, афтæ Хæмæт йе ‘гънæджытæ æвæргæ рудзынгæй касти уынджы змæлдмæ. Чи йе стуртæ хъоммæ тæры, чи йæ куыстмæ цæуы. Уæртæ Лексо дæр – йæ галиу къух пъалтойы дзыппы, рахиз къухы уис, афтæмæй дыууæ хъуджы фæдыл згъоры. – Йæ фаг фæцис Лексойы дæр революцийы цæфтæй, – сдзырдта хинымæр Хæмæт. – Искуы дын фосмæ зилыны мæт кодта!

Хæмæт йæ дарæс куыддæр конд фæцис æмæ уынгмæ рацæуынмæ хъавыдис, афтæ мырмыраджы зæланг айхъуысти.

Чидæр дуар фегом кодта æмæ Лексойы дзурын ссыди.

Æрбацыдис.

– Лексо дæ, цы? Кæцæй дæ хуыцау æрбахаста?

– Дæ райсом хорз, Хæмæт!

– Хорз цæр, дæ хъуыддаг раст!

– Мæнæ стурты хъоммæ асырдтон æмæ цон, зæгъын, абæрæг сæ кæнон, рагæй сæм нал уыдтæн.

Сбадтысты. Ныхас кæнынц алцæй тыххæй. Хæмæт фембæрста Лексойы æрбацыды сæр, фæлæ уый тыххæй кой дæр нæ кæны. Лексо дæр йæхи уромы, кæд, зæгъгæ, Хæмæт йæхæдæг райдаид. Афтæмæй фæныхас кодтой сахаты æрдæджы бæрц. Уæд Лексо сыстадис, хæрз райсом загъта æмæ рацæуы. Тæккæ дуары раз къуылымпы лæуд фæкодта æмæ фездæхти.

– Хæдæгай, Хæмæт, газет ма æри æмæ уыцы декрет бакæсон. Афтæ, хъæугæ мæ ницæмæн кæны, фæлæ уæддæр.

Дысон дыууæ лæджы кæрæдзийæн хæрзæхсæв куы загътой, уæд Лексо талынджы азылдис киосктыл, фæлæ йын цы газет амынд уыдис, уый нал ссардта.

Æхсæвы исдугмæ фынæй нæ кодта, куы бафынæй ис, уæд та фыны куы декрет касти сауджынты тыххæй, куы аргъуаны аргъуыдта. Райсомæй куыддæр райхъал ис, афтæ йæ фыццаг хъуыды уыдис Хæмæты абæрæг кæнын æмæ декрет бакæсын.

– Марадз-ма дæ разы стъолыл фен газет æмæ йæ радав ардæм! – фæдзырдта Хæмæт йæ усмæ.

Ус ацагуырдта æмæ нæй газет.

Хæмæт иу минут фæхъуыды кодта, зæгъгæ, нæ хъуыди сайын Лексойы, стæй загъта хинымæры: “Цæй, сайд у æмæ йæ ахæццæ кæнон кæронмæ”. Йæхи фæмæсты кодта Хæмæт æмæ загъта:

– Ацы сывæллæтты фыдуагдзинадæй нал фæразын, акъуыхтæ та йæ кодтой, æвæццæгæн.

Лексо марды хуызæнæй баззадис, мæтæй айдзаг ис йæ сæрымагъз: “Кæм агура ныр уыцы газет!”

– Цы дын зæгъын, Хæмæт, уый зоныс, – райдыдта уæззау хъæлæсæй Лексо, – ацы рæстæджы сывæллæтты æнæуагдзинадæн кæрон нал ис æмæ ма сæ сраст кæнынæн ис æрмæст иу хос: тасагдæр цы уистæ сты, уыдонæй с… былтæ нæмын хъæуы… æнауæрдонæй, Хæмæт!.. Акæс-ма уыдонмæ! Фыддæр ма знаг цавæр вæййы?.. Ныр уыцы газет дæу æвдадзы хосæн куы хъуыдаид, уæд та?

Тынг æнтъыснæг зæрдæимæ рараст ис Лексо Хæмæты хæдзарæй, йæ ных сарæзта вагзалы киоскмæ – уым ма уыди газет ссарын æнхъæл.

* Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971