ФЫНДДÆС АЗЫ

Хъæугæрон хибарæй лæууыди куырой, Далойты Хъæвдыны куырой. Хъæубæсты куырæйттæ бирæ уыди, фæлæ адæм сæ хор ссынмæ арæхдæр ластой Хъæвдыны куыроймæ. Уым хор нæ давтой, уым афойнадыл куыст æххæст кодтой, уым мызд иннæ куырæйттæй къаддæр истой.

Хъæвдын æрбадти куыройы фондз æмæ ссæдзазыккон лæппуйæ. Уæдæй фæстæмæ уый нал цыди хъазтмæ, нал цыди ныхасмæ, цыма адæмы æхсæнмæ цæуыныл сомы бакодта, уый хуызæн йæхи дардта. Куыстæй-иу æй куы равдæлди, куыроймæ хæстæг-иу адæмæй куы ничи уыди, уæд-иу рацыди Хъæвдын æмæ-иу, сæр риуыл æруадзгæйæ, къухтæ фæсонтыл сæвæргæйæ, доны былтыл рацу-бацу кодта. Кæнæ-иу лæууыдаид, æнæзмæлгæйæ, сахат, дыууæ сахаты æмæ фылдæр.

Куыроймæ цæуæг адæмæй-иу исчи исты æнæхъуаджы ныхас куы райдыдтаид, уæд-иу Хъæвдын йæхи азылдта, аиуварс кодта… Цы кодта Хъæвдын? Цы мæстæй тайы йæ сæрымагъз? Цы хъыгдзинадæй судзы йæ зæрдæ?

Фынддæс азы размæ Хъæвдын хъæубæсты æвзаргæдæр лæппутыл нымад уыди, хъазты фидауц, фæдисы раздзог, куысты фæллад чи нæ зыдта, æгъдауæй æмæ хъаруйæ æххæст чи уыди.

Фынддæс азы размæ, Уациллайы бон, хъæуы æддейы, Хъазæн фæзы стыр хъазт уыди. Хъазт йæ тæккæ тынгыл уыд, афтæ, Хъæвдынимæ цы чызг симдта, уый æвиппайды йæхи лæппуйы къухæй арæмыгъта æмæ хъазты астæуты, æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ, хъæумæ ацыди.

Адæмæй уый чи фæхъуыды кодта, уыдон дис кодтой – цы йыл æрцыди, зæгъгæ.

– Кæд æм исты сдзырдтай? – бафарста Хъæвдыны йæ хæлæрттæй иу. Хъæвдын йæ сæр батылдта æмæ загъта:

– Ницы. Æппындæр ницы. – Фæлæ уый фæстæ йæ зæрдыл æрлæууыди, симджыты рæнхъæй хицæн кæнгæйæ, чызджы риуыл æнæбары кæй æнцади йæ рæмбыныкъæдзæй.

Дыккаг бон сæумæрайсом айхъуысти хъæуыл:

“Дысон фæсахсæвæрты Дадойты Хъæвдын быдыры рæгъау бæрæг кæнынмæ уыди, фæстæмæ куы раздæхти, уæд ыл Цорæты Æнхъæлы фырттæ, къутæрты бынæй ралæбургæйæ, æвиппайды сæхи ныццавтой. Хъæвдынæн хæцæнгарз фелвасын йæ къухы нал бафтыд. Æфсымæрты хистæр Годах æруагъта цыргъ хъама æмæ йын йæ галиу хъус йæ тæккæ рæбыныл алыг кодта”.

– Стыр фыдбылызтæ æрцæудзæн, – дзырдтой хъæубæстæ. – Хъæвдын Цорæты афтæ нæ ныууадздзæн.

Фæлæ Хъæвдын маст исыны бæсты куыройы æрбадти.

– Барæй йæхи æрсабыр кодта, – дзырдтой иутæ.

– Æбуалгъ ист ракæндзæн Хъæвдын йæ туг, – дзырдтой иннæтæ. Хъæубæсты бонæй-бонмæ æнхъæлмæ кастысты: ныр æрцæудзæн, уæд æрцæудзæн фыдбылыз.

Фæлæ цыдысты мæйтæ мæйты фæстæ, азтæ-азты фæстæ, – Хъæвдынмæ маст исыны койæ

ницы уыди.

Уæд æм цæуын байдыдтой куыроймæ йæ рагон хæлæрттæ. Дзырдтой йын:

– Æгады царды бæсты мæлæт хуыздæр у. Цæуылнæ исыс дæ маст? Хъæвдын-иу бацин кодта йæ хæлæрттыл, фæлæ сæ маст исыны тыххæй дзурын нæ уагъта. Уæд ыл хæлæрттæ дæр ауыгътой сæ къух.

Цыдысты йæм йæ хотæ æмæ йæ зæронд мад æмæ дзырдтой:

– Худынц адæм. Зæгъынц: “Хъæвдын фесæфти, æгады бынаты баззади”… Махæн дæр дуармæ ракæсæн нал ис… Цæуылнæ исты амал кæныс дæ ном ссыгъдæг кæнынæн?

Азтæ цыдысты азты фæстæ.

Æхсæрдæсæм аз, хосгæрдæнты, иу райдзаст райсом хъæубæстæй чидæртæ уынынц, – рацæуы Хъæвдын бæхуæрдонæй, гуыффæйы æвæрд цæвæг æмæ сагой.

– Кæдæм рараст ис ацы æвзæр? – дзырдтой худгæйæ. – Куыройы бадын йæ зæрдæмæ нал цæуы æмæ йæ быдыры куыстæй ивы, æвæццæгæн!

х х х

Хур чысыл сзынди, йæ тынтæ къуыбырæй-къуыбырмæ, бæласæй- бæласмæ нывæнды. Бæлæстæй æмæ къутæртæй мæргътæ зыланг зардæй цин кæнынц боны ралæудыл, хуры скастыл. Дард кæцæйдæрты адæймаджы зарын дæр хъуысы. Куыд нæ зара адæймаг дæр, куыд нæ рухс кæна йæ зæрдæ дунейы рæсугъддзинæдты уындæй?..

Фæлæ уый та цы у? Хъуысы хъæр:

– Йе, Батрадз, Годахы фырт! Рацу ардæм, хæстæ куы дарæм кæрæдзийæ… Рацу, банымайæм сæ!

Фæндагæй иртæст, бæлæсты аууон, ифтыгъд уæрдон лæууы. Бæх, æртæхджын кæрдæг хæргæйæ, куы иуæрдæм аздæхы, куы иннæрдæм. Уæрдоны мидæг зынынц цæвæг æмæ сагой. Уæрдоны фарсмæ, чысыл обауыл, бады иу дыууиссæдзазыккон лæг. Нымæтхуд галиу сæры фахсыл фæлдæхт, астæуыл хъама, рахиз уæхскыл æнцойгонд топп, галиу къухы лулæ хаттæй-хатт бæзджын фæздæг суадзы.

Хъæр кодта уыцы лæг.

Йæ хъæрæн дзуапп ничи радта. Уæд райста хъæргæнæг лулæ дзыхæй æмæ та адзырдта:

– Йе, Батрадз, хъæбатыр Годахы фырт. Æз дæумæ куы дзурын. Нæ хæстæ нæ банымайын хъæуы… Рацу ардæм!

Исдугмæ та дзуапп нæ уыди, стæй æрбайхъуысти!

– Цы кæныс, Хъæвдын, цæмæн аразыс фыдбылыз? Хуыздæр уаид, куы ныууадзис дæ фæнд!

Уый дзырдта иу-ссæдзазыккон лæппу æрдæгамад мæкъуылы разæй… Даргъ сагойæ хос æппæрста уый мæкъуылы сæрмæ, уым та лæууыди иу- дæсазыккон лæппу.

– Годахы фырт! – бадзырдта та Хъæвдын. – Æз ардæм демæ ныхæстæ кæнынмæ не ‘рцыдтæн… Кæд дæм дæ фыды тугæй исты ис, уæд рацу дæхæдæг, кæннод дæм фæцæуын уырдæм!

Батрадз бараст ис Хъæвдыны ‘рдæм.

– Цæуын, Хъæвдын, фæлæ мæм хъама йедтæмæ ницы ис!

– Рацу, æз дæр хъамайæ хæцын! – загъта, йæ бынатæй сыстгæйæ, Хъæвдын æмæ топп иуварсмæ аппæрста.

Æрбахæстæг кæны Батрадз. Фæцæуы йæ размæ Хъæвдын… Фæцæуы сындæг æмæ дзуры:

– Фынддæс азы дæргъы мæ зæрдæйы уыди æрмæст иу циндзинад: ды афтæ уындджын æмæ хъаруджынæй кæй рæзыдтæ: иу ницæйаг адæймаджы амарынæй мæ маст не ссыдаид… Фынддæс азы æз æнхъæлмæ кастæн де схъомылмæ… Ныр афон у!..

Дыууæ дæр иумæ фелвæстой хъаматæ.

Батрадз æмбæрста, мæлæтон хæстмæ кæй рацыди æмæ йæ йæ цард аслам радтын нæ фæндыди.

Хъæвдын та йæ зæрдыл дардта йæ царды хæлд, йæ царды сæфт, йæ цæстытыл уади раздæр, йе знаг Годах масты бынæй йæ сæр куыд нал схъил кæндзæн.

Бирæ нæ ахаста хæст. Дыууæ знаджы дæр æмцæф ныккодтой. Батрадз барæхуыста – хъавыди артæнты фæлмæнмæ. Фæлæ хъама ахаудта, æмæ зæххы ныссагъди, – ахæм цæф ын æркодта йæ рахиз цонгæн Хъæвдын, æмæ цонг уæгъд зæбулæй аззади.

– Чысылгай дæ марын, Батрадз! – сдзырдта Хъæвдын.

Батрадз галиу къухæй хъамамæ куыд февнæлдта, афтæ та дыккаг цæф æрцыди йæ галиу къухыл. Уый дæр та зæбулæй аззад.

Йæ лæппуйон хъару, йæ арæхстдзинад нæма фесæфтысты Хъæвдынæн. Æрсæрфта уый хъама Батрадзы галиу сæры фахсыл, – галиу хъус йæ рæбыныл фæлыг æмæ цъæх кæрдæгмæ æрхаудта.

Уæд цæф арсау сæрдиаг кодта Батрадз. Рахиз къухæй февнæлдта хъамамæ, бæргæ бариуыгъта Хъæвдыны, фæлæ цæф къухы тых нал уыди, æрмæст чысыл ацъæррæмыхст кодта хъама Хъæвдыны цонг.

Хъæвдын барæхуыста, – хъама Батрадзы чъылдымæй акасти. Ахаудта Батрадз, афæлдæхти арф цъæх кæрдæгыл.

Уæд Хъæвдын иу цæфæй лæппуйы сæр гуырæй фæхицæн кодта æмæ йын æй йæ риуыл æрæвæрдта.

х х х

Цыма хъæддзау куыстæй бафæлмæцыди æмæ фæллад уадзыны фæнд скодта, уыйау Хъæвдын обауыл æрбадти, æрнадта лулæйы тамако æмæ дымы.

Дымы, фæздæг калы æмæ йæ цардыл хъуыдытæ кæны. Йæ царды бонтæ, хи æмбарын куы байдыдта, уæдæй фæстæмæ, йæ цæстыты раз зилахар кæнынц. Мæнæ йæ чысылы бонтæ… Æрæгмæ-иу стади райсомæй. Хур-иу дзæвгар ссыди, афтæ-иу, цæстытæ æууæрдгæйæ, рацыди.

– Дæхи ахс, мæ хур, æмæ дын хъарм æхсыр авæрон! – сдзырдта йæм- иу йæ мад.

Хъарм æхсыры-иу нартхоры кæрдзын куы ассæста, уæд æм-иу куыд адджын касти!..

Уалынмæ сывæллæтты хъазыны уынæр уынгæй йæ хъустыл ауадаид. Уæд фæгæпп

кодтаид, лидзæг фæцыдаид уынгмæ, къус дæр æнæфснайдæй фæуадзгæйæ… Цы хорз

уыдысты сойгæнæн бонтæ дæр! Сыхы лæппутæ-иу хæдзæрттыл рзылдысты, алы

хæринагæй-иу дзаг голлаг быдырмæ айстой æмæ-иу уым хибарæй минас кæныныл

схæцыдысты. Цыма стыртæ уыдысты, уыйау-иу хистæргай рабадтысты.

Гаджидæуттæ-иу уагътой. Зарыныл-иу схæцыдысты.

Фæстæдæр, куы фæхъомыл ис, йæ хъустыл уайын куы байдыдта: “Хъæвдын хъаруджын лæппу у”, уæд ын-иу куыд æхсызгон уыди!.. Дымы, фæздæг калы Хъæвдын. Йæ царды фæндагыл хъуыдытæ кæны…

Уæд-иу быдыры, рæгъаугæсæй, лæппутæ хъæбысæй хæцыныл куы схæцыдысты… Никуы-ма фæбынæй ис, – йæхицæн та-иу æмгæрттæй æнæ абырсгæ иу дæр нæ баззади… Хъæлдзæг рæстæг уыди…

Уæд хъазты та?.. Курыныл сдзургæйæ, цымæ исчи загътаид “нæ”? Ам Хъæвдын чысыл джихæй аззад. Хъазт… Æмдзæгъд. Фæндыры хъæр… Цорæты чызг… Хъусы лыг… Ацы хъуыдытæ æвиппайды сæры магъз ахгæдтой. Фæкасти Хъæвдын мардырдæм æмæ йæ сæр æрдиаг кæныны тылд ныккодта:

– Ай цы у? Кæм дæн? – бафарста хинымæры йæхи æмæ, цыма фынæйæ райхъал ис, уыйау цæстытæ аууæрста.

– Фынддæс азы, мæ царды хуыздæр бонты, мæхи баныгæдтон куыройы… Фынддæс азы æнхъæлмæ фæкастæн, бæллыдтæн ацы бонмæ… Фæлæ ныр цы? Цы кæндзынæн дарддæр?.. Искæйы-ма хъæуы мæ цард?

х х х

Цæй диссаджы рæсугъд, цæй диссаджы райдзаст вæййынц нæ хæххон быдыртæ æмæ фæзтæ хосгæрдæнты!.. Алы удгоймаджы зæрдæ рухс кæны сæ уындæй.

Фæлæ уый та цы у? Хъуысы кæуын.

Уый кæуы, æрдиаг кæны чысыл лæппу мæкъуылы сæр. Кæсы йе ‘фсымæры мардмæ, йе ‘фсымæры марæгмæ æмæ катай кæнгæйæ, мæкъуылы сæр рауай-бауай кæны. Хæцæнгарз æм куы уаид, йæ къухы фаг тых куы уаид, уæд рахизид æмæ скæрдæнтæ кæнид йе ‘фсымæры марæджы. Фæлæ æмбары йæ æнахъомдзинад, йæ æдыхдзинад æмæ катай кæны, æрдиаг кæны мæкъуылы сæр.

– Йе, лæппу! Рахиз мæкъуылæй, рацу ардæм! – бадзырдта лæппумæ Хъæвдын.

“Ныр та мæн мары”, – загъта хинымæры лæппу æмæ, мæкъуылы хъилыл фидар ныххæцгæйæ, тынгдæр нынниудта.

Хъæвдын фæхъуыды кодта, лæппу йæхицæн кæй старсти, æмæ йæм бадзырдта:

– Йе, лæппу, рацу ардæм! Ды дæхицæн ма тæрс… Ницы дын кæндзынæн!

Лæппу нæ цыди, не ‘ууæндыди Хъæвдыныл.

Уæд Хъæвдын систа топп æмæ бадзырдта лæппумæ:

– Рацу дзæбæхæй – ницы дын кæндзынæн. Куы нæ рацæуай, уæд дæ топпæй багæрах кæндзынæн.

Лæппу чысылгай æрхылди мæкъуылæй æмæ бараст ис, ранæй-ран лæугæйæ, Хъæвдынырдæм.

Лæппу йе ‘фсымæры мардмæ куы фæкомкоммæ ис, уæд фæлæууыди æмæ та нынниудта.

Хъæвдын æм баздæхти:

– Лæппу, банцай дæ кæуынæй! Дæ фыд Годах хъæбатыр лæг куы у. Уый фырт нæ дæ? Чызджы куыд цы кæныс?.. Æз дын амардтон де ‘фсымæры… Сис топп æмæ мыл æй ныццæв!

Лæппу Хъæвдыны ныхасыл не ‘ууæндыди æмæ, æнцад лæугæйæ, хъæрдæрæй скуыдта.

Хъæвдын авнæлдта топпмæ æмæ загъта:

– Кæд, лæппу, топп æхсын, мыййаг, нæ зоныс, уæд дын æз бацамондзынæн…

Никуы-ма фехстай? Уæдæ йæ мæнæ афтæ хъæуы… Ныр æй æз сæргъæвтон… Ацы æфсæйнаджы гæбазыл куы æрбахæцай, уæд топп фехсдзæн.

Хъæвдын топп хæцæнырдыгæй лæппумæ алæвæрдта.

– Хæц афтæ, йæ тыл ын дæ рахиз уæхскмæ сараз, йæ дзых та мæ риумæ æмæ фехс!

Лæппу æнцад лæууыди, нæ иста топп, не ‘ууæндыди Хъæвдыныл: Хъæвдын та загъта:

– Худинаг дын у, лæппу. Дæ фыд, Годах, дæ цахъæнæй цуаны цыди, ды та топп

æхсын дæр нæма зоныс!

Æвиппайды лæппуйы цæстытæ цæхæрау ферттывтой… Цавæр хъуыдытæ айгæрстой йæ

сæрымагъз? Цавæр ныфс фæзынди йæ зæрдæйы? Минуты бæрц гæппæввонгæй лæууыди,

стæй уæззау топп рогæн фелвæста æмæ сампал суагъта.

Иу тылд ма акодта йæ къухтæ Хъæвдын æмæ уæлгоммæ афæлдæхти… Мæргътæ фæтарстысты топпы хъæрæй, сæ зардæй фенцадысты, стахтысты бæлæстæй, къутæртæй æмæ дарддæр бæлæсты сыфтæрты аныгъуылдысты.

Иуварсырдыгæй фæзындысты халæттæ, рауагътой сæхи, хъуахъ кæнгæйæ, ныллæг, ныллæг, мæрдты сæрты æмæ хæстæг, иннæрдыгæй фарс, къутæртыл æрбадтысты… Æрбадтысты æмæ æнхъæлмæ кастысты, кæд сын фæуыдзæн фадат хæрынмæ бавналынæн.

* Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971