Байон… Ахуыргæнæджы иууылдæр хуыдтой афтæ… Байон æрхоста линейкæ партæйыл:
— Хетагуров! Габо! Æнæ ныхасгæнгæ нæ лæууыс! Асурдзынæн дæ къласæй. Дæу дæр, Бурийы дæр.
Дыууæ лæппуйы сæ хъус-хъусæй ныхас фæурæдтой æмæ, цыма ницы уыдысты, уыйау ахуыргæнæгмæ хъусæг сæхи акодтой. Фæлæ цæй хъуыст? Уайтагъд та-иу сæ сæртæ кæрæдзимæ бахæстæг кодтой æмæ та-иу райдыдтой дзурын.
Ахуыргæнæг линейкæйæ стъолыл æрæнцой кодта, тызмæг каст бакодта дыууæ лæппумæ æмæ загъта:
— Хъыгдарут. Сымах абон ахуыр кæныныл не стут æмæ цæугæут уæ хæдзæрттæм. Зонут, æмæ ма дарддæр афтæ куы кæнат, уæд уæ иудадзыгдæр асурдзынæн скъолайæ.
Габо — къæсхуыр, саулагъз лæппу, 11-12-азыккон, цыма йын ахуыргæнæджы тæрхон тынг хъыг уыд, уый хуызæн æнкъардæй сыстад æмæ сæргуыбырæй араст ис дуарырдæм. Йæ фæдыл цыди иннæ лæппу дæр, — хæрз æнкъард та уый зынди. Уый уыди Габойæ бæрзонддæр æмæ уæнгджындæр, — цыдаид ыл æртындæс азы, бурхил кæй уыди, уый тыххæй йæ хуыдтой Бури. — Адонæй ницы рацæудзæн, — загъта ахуыргæнæг, лæппутæ дуары æддейы куы фесты, уæд, — тынгдæр зæгъын Хетæджы-фырт Габойæ, уый у зивæггæнаг, фыдуаг митæм та — æмхиц.
Сыстад иу лæппу йæ бынатæй, йæ цæсгом æлхынцъытæ кæнгæйæ, сдзырдта:
— Мæ сæр тъæппытæ хауы, ауадз мæ нæхимæ.
— Æфсон нæ кæныс, Дзанайы-фырт?
— Æппындæр нæ.
— Цæугæ!
Лæппу тагъдгомау ацыди къласæй. Куыддæр дуары æдде фæци, афтæ асырдта иннæ дыууæйы æмæ йæхи се ‘хсæн фæкодта.
— Цом уæдæ? — фæрсы сæ.
— Цом, уæдæ цы кæнæм! — сдзырдтой иннæтæ иумæ.
Габо загъта:
— Æз мæ къухтыл хæцъилтæ стухдзынæн, кæннод мын басудздзысты. — Мæн ахæмтæй ницы хъæуы, — загъта Бури. — Мæ хъуыддаг хицæн у. Æз галы дæр афæлдахдзынæн.
Габо баздæхти Дзанайы-фыртмæ:
— Дæ хъуыддаг та у æрмæст фæд сафын. Æргом рæтты-иу лидз, куыд дæ уыной, афтæ. Æййафгæ та дæ уæвгæ нæ бакæндзысты.
— Сымах сарæхсут, уый йедтæмæ æз мæ хъуыддаг хорз сæххæст кæндзынæн, — загъта Дзанайы-фырт.
Уыцы ныхæстыл æртæ лæппуйы фæхицæн сты.
х х х
Уыд фæсæхсæвæр афон. Мæй нæ касти, фæлæ стъалытæ арвы къуырфыл æнæрынцойæ тыбар-тыбур кодтой, æмæ æхсæв тынг талынг нæ уыди. Цымийы хъæу уыди æнцад, æвæццæгæн, цæрджытæн сæ фылдæр схуыссыдысты, куыйтæн дæр сæ хъустыл тасдзинад никæцæй уади æмæ сæ хуыссæнты фæлдæхтытæй лæууыдысты. Афтæ уыди, фæлæ хъæуæн йæ уæллаг кæронмæ куы ссыдаис, уæд дзы иу ныллæг хæдзарæй айхъуыстаис хъæлдзæг ныхас, хаттæй-хатт-иу ныхас фæмынæг уыдаид æмæ дзы хъуыстаид зард. Дæу нæ фæнды уырдæм бацæуын æмæ дæхи равдисын, фæлæ дæ фæнды базонын, цы ис уыцы хæдзары. Ды ссардтай гамхуд æмæ бакастæ дуарæй, хæдзары дуарæй нæ, хæдзары устытæ