ХÆЛÆРТТÆ

Æртыккаг зылды пъырыстыф Иван Кузьмич Топтыго æнкъард у абон. Бады стъолы фарсмæ. Сисы йæ къухы фыссæн æмæ йæ фæстæмæ æрæвæры. Йæ разы, стъолыл, гæххæттыты цагъд. Иуыл дзы къух æрæвæрын хъæуы, иннæ сыхаг зылды хицаумæ арвитын хъæуы æмæ æнд.

Æхсæвы дыууæ сахаты онг Топтыго къамæй хъазыди клубы. Æмбылды фæци, дæс æмæ ссæдз туманæй иу капекк дæр нал аззади… Куыдзы фырт облæстон дохтыр! Йæ амонд куыд ласта! Куыд ын æнтысти!.. Йæ хæдзармæ мин сомæй къаддæр нæ ахаста! Бæргæ дзы куырдта Иван Кузьмич 25 сомы æфстау, хионтæ фæстæмæ рамбулыны ныфсæй… Нæ йын радта – “Æрæвæр, дам, къамыл дæ бæх! 200 сомæй йæ балхæдтай, 400 сомыл æй æрæвæр!” Дохтыр æнхъæл у, æмæ бæх афтæ æрæвæргæ у. Нæ, пъырыстыф йæ черкесаг хъуг æрæвæрдзæн, йæ пъалто, йæ хæдон дæр… Фæлæ бæх? Бæхæн æрæвæрæн нæй. Фæлтау Иван Кузьмич ацæудзæн æмæ йæхи Терчы басхойдзæн…

Облæсты дохтыр бæхы тыххæй уыцы ныхæстæ куы загъта, уæд пъырыстыфæн йæ туг йæ сæрмæ ныццавта. Чысыл-ма бахъæуа, æхсаргардæй дохтыры сæры фарс ма æрхæсса, фæлæ тыххæй баурæдта йæхи. Æрмæст йæ æнгуылдзтæй цыдæр нысан ацарæзта æмæ йæм мæсты дзырд скодта:

– Цъуй дæ нæ хъæуы, цъуй?

Уæд уыцы дзырдæй чысыл йæ маст ссыди. Фæлæ ныр дæр ма куы ахъуыды кæны дохтыры ныхас, уæд йæ хъусты стыр æфхæрдæй зæлланг кæны.

Диссаджы бæх та куыд нæ у пъырыстыфы бæх: æгас горæты уый хуызæн никæмæ ис! Уыцы бæхы тыххæй Топтыгойы æгас облæсты дæр зонынц.

Куы йыл рацæйцæуы, йæ сæр бæрзонд сисгæйæ, йæ къух йæ сины асадзгæйæ, уæд æм алырдыгæй бирæтæ хæлæг кæнгæйæ, кæсынц… Иухатт та ахæм хабар æрцыди. Иу хъæуккаг лæг горæтмæ суджы уæрдон уæймæ æрбаласта. Уыцы рæстæджы Топтыго йæ бæхыл уынджы фæцæйцыди. Хъæуккаг лæг æм хæлиудзыхæй кæсгæйæ баззади. Афтæ æдзынæг æм касти, æмæ йæхи бæхы рохтæ йæ къухтæй феуæгъд сты, æмæ афтæмæй фесæфтысты бæх æд уæрдон, æд сугтæ… Цы дзурæм хъæуккаджы тыххæй! Суанг облæсты хицау дæр хæлæг кæны Топтыгомæ йæ бæхы тыххæй. Хъуыддаг афтæ кæй у, уый Топтыго йæхæдæг дæр йæ зæрдыл бадардта. Афтæмæй йын иу куыдзы фырт куыд зæгъы: “Æрæвæр, дам, къамыл дæ бæх!” Нæ, фæлтау пъырыстъыф йæхи Терчы дæр басхойдзæн, уæртæ хæстæгдæр кæрдо бæласыл дæр ацауындздзæн йæхи!..

– Батырбег! – бадзырдта дуарæй денщик.

Пъырыстыф фестъæлфыди. Йæ хъуыдытæ тарст цъиуты дзыгуырау фæтахтысты дард.

– Батырбег æрбацыди, – загъта, дуар тынгдæр базыхъыр кæнгæйæ, денщик.

– Фæдзур æм ардæм! – загъта Иван Кузьмич. Фæлæ нал фæлæууыди æмæ йæхæдæг ауади Батырбеджы размæ. Фæлæбурдта йын йæ дыууæ къухмæ æмæ йæ, цингæнгæйæ, бакодта кабинетмæ.

Уый уыди мæлæггомау, фæлæ уæхскджын, бæзæрхыг æмæ хъæддыхамад ирон лæг. Цыбыр цъæх цухъа хорз фидыдта хæрзконд уæнгтыл. Сауарæзт фæтæн хъама хуымæтæджы гæрзын роныл ауыгъд. Иннæрдыгæй дамбаца, йæ фæсуæхсчытæй зынди магазинкæ, иу хъатара астæуыл баст, иннæ хъатара дæларм-уæларм ист.

Батырбег кабинетмæ куы бацыд, уæд магазинкæ къуымы банцой кодта.

Уый кæддæриддæр афтæ кæны, нымæт фæуадзы кæмфæнды дæр, фæлæ магазинкæйæ фæхицæн гæнæн нæй. Йæхи йедтæмæ йæм бавналын дæр никæй уадзы.

– Сбад, мæ хæлар, сбад, аныхæстæ кæнæм, рагæй куынæуал федтам! – сдзырдта пъырыстыф.

– Рæстæг бирæ нæй, – загъта Батырбег, – бæхтæм цæуын хъæуы. Æхсæз ис… мæнæ сæ дамгъæтæ, сæ нысæнттæ.

Мван Кузьмич йæхи æвиппайды фæхъуынтъыз кодта æмæ æрдиаггæнæгау сдзырдта:

– Рагæй дын зæгъынмæ хъавыдтæн, Батырбег… Хицау дæн æмæ æгæр зын у мæ хъуыддаг. Бирæ æфсæрм мыл бады. Хъуыддаг куы фæхъæр уа, уæд хæрз сæфт кæнын. Афтæмæй мæм пайда та хауы æрмæст бæхæн фынддæс сомы.

Батырбег арф ныхъхъуыды кодта. Пъырыстыф ын пайда уыди. Уый йын бæхты билеттæ лæвæрдта, æмæ афтæмæй давæггаг бæхтæн зынаргъыл уæйгæнæн уыди, æцæг сæ-иу давды бынатæй дардмæ ласын хъуыди. Ноджы- иу пъырыстыф фæд галиумæ сарæзта, æмæ йын уый дæр – æххуыс. Фæлæ ныр пъырыстыфы тæргæйттæй нал фæразы. Алы гæххæттæн йæхæдæг авд сомы саргъ кодта, стæй йæ туманмæ систа, уый фæстæ фынддæс соммæ. Ныр дæр та мæнæ цыдæр сфæнд кодта. Афтæмæй йæ куыст цы у – гæххæтт афыссын – фондз минуты!..

– Нæ, пъырыстыф, нæ уыдзæн уый! – хъæбæр сдзырдта Батырбег, – фынддæс сомæй уæлдæр гæнæн нæй. Æз мæ риу нæмгуытæм æвæрын, уый дæ рох ма уæд!

Пъырыстыф, æнæ уæлæмæ кæсгæйæ, зæгъы:

– Чысыл цыдæртæ дæ рох кæны, Батырбег. Ахæстоны бадтæ, æз дын лидзыны фадат сарæзтон. Æз куы нæ уыдаин, уæд раджы бамбыдаис ахæстоны. Ды-иу бæхты хурныгуылæнырдæм куы скъæрдтай, уæд æз фæдис æрвыстон хурыскæсæнырдæм. Ды уыдæттæ нæ нымайыс?

– Нымайын, пъырыстыф, нымайын… Æрмæст ахæстоны, чи зоны, нæ бамбыдаин… Нымайын, пъырыстыф, фæлæ дæуæн дæр зæгъон чысыл цыдæртæ. Гæххæтты гæбæзтæн ды æгъгъæд æхца исыс… Уый тыххæй ма дзурæм. Кæсгон лæг Хæчъассæ дыл хъаст балæвæрдта. Ды загътай: “Маст ын скæн!” Æз ын йæ бæхтæ иууылдæр аскъæрдтон, мæгуырæй йæ ныууагътон. Ды æвдæм зылды пъырыстыфимæ фæхыл дæ. Æз ын æрмæст йæ рахиз цонг фæцæф кæнынмæ хъавыдтæн, фæлæ ахст рæстмæ нæ фæци, къух февгъуыдтон, нæмыг риуыл сæмбæлди æмæ лæг амарди. Уыцы тæригъæд дæр мыл дæу тыххæй сæмбæлди. Прокурор Игнатов йæ черкесаг хъугæй йæ сæр бæрзæндты хаста. Ды загътай: “Аскъæр ын йæ хъуг!” Æз бæхтæ йедтæмæ ницы давын, фæлæ уæд аскъæрдтон хъуг æмæ ахсты фæуынæй тыххæй фервæзтæн. Уый дæр дæу тыххæй. Цы нымайæм алцы ‘ппæт! Ды мын ахæстонæй алидзыны фадат радтай, æз дын уый тыххæй Лабæйæ ахæм бæх сластон, æмæ уый хуызæн æгас Кавказы дæр нæ разындзæн… Ды мын æххуыс дæ, æз дæр дын æххуыс дæн. Кæд дæ фæнды, уæд афтæ дарддæр кусдзыстæм. Кæд дæ нæ фæнды, уæд бар дæхи!

Пъырыстыф ныхъхъуыды кодта. Батырбеджы ныхæстæ йæм æнæ раст нæ кастысты. Фæлæ цы кæна, цы æрхъуыды кæна? Æхца йæ хъæуы… Бирæ æхца йæ хъæуы, цæмæй алы куыдзы хъыбылтæ йæ разы уæндон ныхас ма кæной…

Пъырыстыф сфæнд кодта йæ дзырдыл хъæбæр лæууын æмæ загъта: – Дæ ныхæстæ, чи зоны, раст сты. Фæлæ ды бирæ исыс æхца, æмæ дзы мæнæн алы бæхæн дыууæ туманы куы дæттис, уæд хъуыддаг иууыл раст уаид.

– Фынддæс сомы, пъырыстыф, фынддæс сомы. Уымæй фылдæр гæнæн нæй.

– Ратдзынæ, Батырбег, дыууæ туманы. Æнæ мæн ды фесæфдзынæ. Куы нæ радтай, уæд дæ æз хицæутты къухмæ адæтдзынæн!

Батырбеджы цæстытæ мæсты æрттывд фæкодтой, фæлæ уайтагъд фæфæлмæн сты.

– Кæд дæ нал фæнды мемæ кусын, уæд хъуамæ дзæбæхæй, æнæ мастæй фæйнæрдæм

ацæуæм. Кæннод хъуыддаг чердæм фездæхдзæн, уый зын зæгъæн у. Пъырыстыф æвиппайды йæ хъæлæс фæбæрзонд кодта æмæ сдзырдта: – Ды æнхъæл дæ, æмæ афтæмæй ахицæн уыдзыстæм, нæ?

Уыцы дзырдтимæ пъырыстыф дуармæ фæкасти.

Батырбег фæхъуыды кодта Топтыгойы цæстæнгас æмæ йæ къух дамбацайыл æруагъта.

– Уæдæ ма цы æндæр? – бафарста Батырбег.

– Цы зæгъыс? Ныртæккæ фендзынæ!

Пъырыстыф фæгæпп кодта, фæлæ уайтагъд фæстæмæ асхъиудта – йæ цæстыты раз, Батырбеджы къухы, æрттывта дамбаца.

– Сбад, пъырыстыф! – фæлмæн сдзырдта Батырбег. – Куы зоныс, æз хъазын кæй нæ уарзын. Æрмæст ма дæ иу минут уромын, уый фæстæ цы фæнды кæн!

Афтæмæй ницы рауайдзæн, пъырыстыф уый куы федта, уæд фæстæмæ æруагъта йæхи йæ бынаты.

Батырбег дзырдта дарддæр:

– Æз дæн хуыснæг, æвзæргæнæг. Фæлæ уæд ды та дæ дыууæ хуыснæджы, дыууæ æвзæргæнæджы. Æвзæргæнæг уæвгæйæ, дæхи æууæнкджынæй æвдисыс æмæ ма къазнайæ мызд дæр исыс. Æнæ уый дæр нæ ауæрдыс къазна стигъыныл. Дæ къухы цы 12 хъæуы ис, уыдон дæр стигъыс, гæртам исынæй сæ бабын кодтай. Уый фæстæ куы зæгъæм, уæд æмбалæн дæр нæ бæззыс. Æвзæргæнджытæм дæр ис сæхи мидæг æууæнк. Дзырдыл хæцын хъæуы. Фæхыл дæ де ‘мбалимæ, уæддæр дзырдыл хæц, æмбалыл комдзог ма цу! Æз дæ никæд адæтдзынæн. Фæлæ ды кæд сыстадтæ дæ бынатæй, уæд дæ куыст кæн, адæтт мæ. Фендзыстæм, кæддæра дзы цы рауаид!

Уыцы дзырдтимæ Батырбег сындæггай райста къулы рæбынæй топп æмæ йæ йæ уæхскыл баппæрста, йæ нымæт дæр акодта æмæ сындæггай рацыди уатæй. Фæстæмæ дæр нæ фæкасти, цыма йын æппындæр тас ницæмæй уыди. Æцæгдæр, Топтыго йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодта, сагъдау баззади, цалынмæ кæртæй бæхы къæхты хъæр не ссыди, уæдмæ.

х х х

Иван Кузьмичмæ æппындæр Батырбеджы радтыны фæнд нæ уыди – дзырд лæвæрды тыххæй, мыййаг, нæ, фæлæ йæхицæн фæхъæрæй тарсти. Уый æрмæст Батырбеджы фæтæрсын кæнынмæ хъавыди, цæмæй дзы фылдæр æхца ратыдтаид. Фæлæ хъуыддаг нæ ацыди. Фыццаджы æхца дæр фесæфта. Батырбегæн йæ иннæ æххуыстæй дæр йæхи фæцух кодта. Мæнæ ныр облæсты дохтырмæ пъырыстыф мæсты у, исты хъыгдзинад ын аразын хъæуы æмæ куыд? Батырбег нал ис – уый йын исты æрхъуыды кодтаид. Бирæ фæхъуыды кодта Топтыго йæ рæдыдыл. Æхсæвы йæ хуыссæг дæр нæ ахста, æрмæст бонырдæм иучысыл афынæй ис. Райсомæй куы райхъал ис, уæд йæ фыццаг хъуыды уыди Батырбеджы тыххæй.

– Цы бакодтон, цы?.. Мæхи куы æрбайсæфтон! – дзырдта пъырыстыф хинымæры.

Цæмæй йæ уæззау хъуыдытæй фервæза, уый тыххæй Иван Кузьмич афæнд кодта кофейы фæстæ саргъы бæхыл горæты уынгты атезгъо кæнын. Дыууæ хатты проспектыл ауайдзæн, стæй вагзалмæ, уырдыгæй та сындæггай облæсты дохтыры хæдзары дуæрттыл, цæмæй та йæ уый фена бæхыл æмæ хæлæгæй ныммæла!

Куыддæр пъырыстыф иу къух кителы дысы атъыста, афтæ денщик цикъæйæ фæлурсдæрæй йæ разы æрбалæууыди. Цыдæр дзурынмæ хъавыди салдат, фæлæ æвзаг коммæ нæ касти.

Пъырыстыф ныффæлурс ис, цавæрдæр æбуалгъ хъуыдытæ йын айгæрстой йæ сæрымагъз.

Иннæ къух кителы дысы атъыссын æй ферох ис, афтæмæй раппæрста йæхи бæхдонырдæм.

Бæх йæ бынаты нал уыди.

– Аргæвста мæ! Аргæвста мæ! – йæ къухтæй йæ сæр хойгæйæ, сæрдиаг кодта пъырыстыф.

Пъырыстыф куыд уыдис, афтæмæй æруагъта йæхи цъыф зæххыл, уым ныддæлгом ис æмæ куыдта, æрдиаг кодта.

Денщик дæр йæ разы хъынцъым кодта, æнæ дзургæйæ, стæй æвиппайды фæхъæр кодта:

– Ваше высокоблагородие!

Иван Кузьмич рабадти.

Бæх кæм баст уыди, уым кæвдæсы фæйнæгыл æвæрд уыди æхгæд къонверт.

Пъырыстыф æм фæлæбурдта, атыдта къонверт æмæ бакасти: “Дæ бæх дын ласын: æгæр хорз у дæуæн. Дæ хуызæн хуы ууыл куы бада, уæд уый стыр тæригъæд у. Дæ разы дон цы бæхыл фæласут, уый дын æгъгъæд у, уыимæ хуыздæр фидаудзыстут. Хæрзбон! Б.”.

Пъырыстыф каст куы фæци, уæд иучысыл джихæй аззади. Стæй та йæ къухтæ йæ сæрыхъуынты асагъта æмæ та сæрдиаг кодта:

– Аргæвста мæ! Аргæвста мæ æнæ кардæй!

* Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971