ХУС КЪÆБÆРТÆ

Абонæй раздæр никуы сыстади йæ хуыссæнæй студент-медик Тембол. — Сæфын, сæфын! — дзырдта хинымæры. — Сæфын æцæгæлон адæмы æхсæн! Нал фендзынæн мæ райгуырæн хæхтæ, мæ ныййарджыты, мæ хæстæджыты!

Темболатæн йæ зæрдæйыл лæууыди зноны бон. Дыууæ раны очередты фæлæууыди æмæ куы бамбæрста, уыдон сомбонмæ дæр кæй нæ ахицæн уыдзысты, уæд сæ ныууагъта. Æртыккаг ран бахæццæ ис бæргæ кæрдзынуæйгæнæн дуканийы хуылфмæ, фæлæ дзы къæбæр дæр нал баййæфта.

Рацыди дуканийæ æмæ хинымæры сдзырдта:

— Æй-джиди, иу нартхоры кæрдзын!

Кæрдзын æлхæнын кæй къухы нæ бафтыди, уыдон, æлгъитгæйæ, хъуыр- хъуыргæнгæйæ, фæйнæрдæм цыдысты.

Алырдыгæй хъуысти ныхас:

— Паддзахы галуаны æрцарди æмæ ма мах мæт кæны!

— Уый жулик у, жулик!

— Адæм анархийы бын фесты, сæфтмæ æрцыдысты!

Хъуыста Тембол уыцы ныхæстæм, фæлæ сæ йæ зæрдæмæ арф нæ иста, — абон цы бахæра, уый тыххæй уыди йæ зæрдиагдæр хъуыды.

Ницы ссардта зноны бон. Стонгæй схуыссыди.

Ныр, йæ хуыссæнæй куы сыстади, уæд йæ хъуыды уыди афтæ: «Абон ма куы ницы ссарон, уæд, æвæццæгæн, райсом хæринаг агурынмæ ацæуын дæр нал бафæраздзынæн».

— Æнæ ссаргæ нæй! Æнæ ссаргæ нæй! — дзырдта Тембол, керенкæты ( Керенскийы рæстæджы рауагъд гæххæттын æхца) тыхтон йæ дзыппы тъысгæйæ.

Рацыди хæдзарæй. Æрæгвæззæджы уазал ын йæ былтæ ныццавта. — Зындзинадыл ног зындзинад! — сдзырдта Тембол. — Зымæг дæр та мæнæ куы ис!

Ауагъта Тембол йæхи уынджы, алырдæм ракæс-бакæс кæны — кæд исты хæринаг уæййаг ссарид.

Адæм уынгты алырдæм цыдысты. Цæсгæмттæ фæлурс, уадултæ мидæмæ хауд, цæстытæ стонг æрттывд кæнынц. Иуæй-иутæ фырстонгæй, фырæдыхæй, æрбад-æрбад кодтой тротуарты былтыл. Уыдис дзы ахæмтæ, тротуартыл-иу чи æрхауди æмæ уым фæлдæхтæй чи баззади. Ахæмтæм иу фæкæсæг нæ уыди, алчи йæ цыд кодта.

Уыцы адæм иууыл уыдысты иу хъуыдыйы бын: искуы исты хæринаг куы ссариккой.

Картоф, кæрдзын, къабуска, ссад æмæ бахæрды кой йедтæмæ æндæр дзырд никæй дзыхæй хауди. Цæуджытæй кæмæндæрты сæ фæсонтыл зындысты стыр голлаггæндтæ, уæхсчытæм фидаргонд. Уыдон уыдысты ахæмтæ, дард хъæутæм чи цыди хорагур.

Темболæн хъæутæм цæуыны фадат нæ уыди, — æнæ зонгæйæ хъæуты аргæ дæр цы скодтаид.

Цæуы базарырдæм. Уырдæм нæма бахæццæ ис, афтæ иу чидæр, салдаты дзауматы, йæ иувæрсты ауади æмæ сындæг сдзырдта:

— Ис хус къæбæртæ.

Тембол æвиппайды нæ бафæрæзта сдзурын, фæлæ уæддæр фездæхти фæстæмæ æмæ аййæфта салдаты.

Сындæг æй фæрсы:

— Кæм дын сты?

— Мæ фатеры.

— Цас сты?

— 10 джиранкайы бæрц.

«Æвзарыны фадат нæй, цы ис, уый исын хъæуы». — Афтæ хъуыды кодта Тембол æмæ загъта:

— Цом, кæм цæ