Сугъарты хæдзармæ Хъусой æрбафтыди хæрз чысылæй, æвæццæгæн, ыл иу мæйæ фылдæр нæ цыдаид. Къæбыла йæ ном дæр æрхаста йемæ: йæ хъусты кæрæттæ разындысты лыг æмæ йыл Сугъарты сывæллæттæ уайтагъд авæрдтой ном «Хъусой».
Хъусой уыди лæгъзхъуын, стæй хæрзуынд æмæ йæ бинонтæ тынг бауарзтой, тынгдæр та дыууæ лæппуйы — дæсазыккон Гаппо æмæ астазыккон Сослан. Лæппутæ къæбыламæ зылдысты, æхсырæй йæ хастой, хъазыдысты йемæ. Чысыл куы фæхъомыл ис Хъусой, æдæрсгæ разгъор- базгъор кæнын куы байдыдта, уæд та йæ æппын уæгъд нал уагътой дыууæ лæппуйы. Куыддæр-иу скъолайæ æрцыдысты, афтæ кæс, æмæ та уæртæ кæртмæ фæуайынц — Хъусоймæ. Уый дæр сыл сахуыр, æмæ-иу, къæдзил тилгæйæ, сæ размæ фæци.
Зæрдæхъæлдзæгæй рæзыди Хъусой. Куыд тагъд рæзыди, ууыл та дис кодтой Сугъартæ дæр, сыхæгтæ дæр.
Байрæзыди Хъусой, стыр куыдз сси, хъæбатыр æмæ тыхджын куыдз. Куыйтæ кæртæй къордæй куы рагæпп кæной, уæд сын хъæбатыр цы хъæуы, фæлæ-иу Хъусой та иунæгæй рагæпп кодта æмæ-иу сыхæгты куыйты фæйнæрдæм фæтардта.
Сугъартæ цардысты горæты кæрон, æмæ, сæ хæдзарæн хорз гæс кæй фæзынди, уый сын æхсызгон уыди. Гаппо æмæ Сослан та тынгдæр ууыл цин кодтой, хъазæг æмбал сын кæй фæзынди.
Акодтой-иу дыууæ лæппуйы Хъусойы семæ быдырмæ. Уым-иу разгъор- базгъор кодтой куыдзимæ, ноджы йæ ахуыр кодтой фæстаг къæхтыл лæууын, исты дзауматæ хæссын. Тынг æмбаргæ разынди Хъусой æмæ алцæуыл дæр æнцонæй ахуыр кодта.
Уыди хæдзары чысыл сывæллон дæр, дæсмæйдзыд. Уый дæр фæцахуыр Хъусойыл, йæ разы-иу йæ цыппарыл рабыр-бабыр кодта. Куыдз дæр, къæдзил тилгæйæ, хъыллистытæ кодта, ницæмæй хъыгдардта сывæллоны. Сывæллон-иу йæ гыццыл къухæй куыдзы нæмын куы райдыдта, уæддæр-иу уый цины хъыллистытæ кодта, æндæр ницы. Афтæ зынди, цыма Хъусой зыдта, сывæллон æнæмбаргæ кæй у, æмæ йæм мæстыгæнæн кæй нæ ис. Хъæлдзæг уыди Хъусойы цард. Над, æфхæрд ыл нæ цыди бинонтæй. Хæринагæй хъуаг не ‘ййæфта — бинонты уæлдæйттæ — къæбæртæ, стджытæ кæддæриддæр йæ разы фаг. Фæлæ æрцыди ахæм бон дæр, æмæ æфсин Госæма æнæхъæн фых карк дæр бахæрын кодта Хъусойæн.
Хъуыддаг æрцыди афтæ. Иу изæр Госæма лæууыди уаты рудзынджы раз æмæ касти уынгмæ. Хæдзары размæ, нарæг уынджы, йæ гыццыл сывæллон хъазыди Хъусоимæ. Йæ цыппарыл рабыр-бабыр кодта, йæ гыццыл къухтæй куыдзы цъыччытæ кодта. Хъусой йæ гуыбыныл хуыссыди, хъыллистытæ кодта, алырдæм дæр-иу афæлгæсыди. Госæма касти йæ уарзон хъæбулмæ рудзынгæй. Фæлæ мæнæ æвиппайды мады зæрдæ ныссæххæтт кодта, йæ цæстытæ атартæ сты: Хъусой йæ дæндæгтæ фæсагъта сывæллоны дарæсы чъылдымырдыгæй æмæ йæ, хæрхæргæнгæ, радавта къулырдæм. Кæцæй йæ радавта, ууылты та уыцы минут тарст бæх уæрдонимæ, гыбар-гыбургæнгæ, ауагъта йæхи дæлæрдæм.
Госæмайæн фырцинæй, фырбузныгæй