ИРОН АИВ ДЗЫРДЫ ЗÆРИНГУЫРД

(Коцойты Арсены сфæлдыстадыл афæлгæст)

Коцойты Арсены сфæлдыстад у ирон литературæйæн йæ райдайæн стыр къабузтæй, йæ кад æмæ йæ сæрыстырдзинад. Арсен ирон культурæйы историмæ бацыд аив дзырд æмæ реалистон радзырды зæрингуырдæй. Уый лæмбынæг æмæ хъуыдыджынæй æркаст адæмы цардмæ, мæгуыр адæймаджы хъуæгтæ æмæ тырнындзинæдтæм, йæ уды конд æмæ йæ зæрдæйы æнкъарæнтæм, акаст ын йе ‘хсæнадон уавæртæм — æмæ сæ нывæфтыд кодта йæ уацмысты. Арсен ахæм цардæгас фæлгонцтæ, ахæм хуызджын характертæ сфæлдыста йæ заманы æрмæгæй, æмæ æнæ уыдон ирон литературæ нæ уаид æнæкъахыр. Арсены рæдау ахорæнтæ, йе сфæлдыстадон фæрæзтæ æмæ йæ хъæздыг традицитæ уыдысты зынгæ æмæ æнæмæнг хъæугæ фæзынд нæ аивады историйы.

Рæстæг цæуы, афонтæ ивынц, ивынц эстетикон æмбарынад æмæ æнкъарæнтæ, фæлæ нæ ивайы Арсены уацмысты идейон-эстетикон хъару, нæ сæм ивы йæ уарзт ироны зæрдæ. Ахæм у йæ курдиаты тых, йе сфæлдыстады удджын фидауц.

х х х

Коцойты Бибойы фырт Арсен (Габоци) райгуырд 1872 азы январы 3- аг (16-æм) бон Джызæлы. Фарастаздзыдæй йæ радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам фылдæр ахуыр кодтой дины чингуытæ, фæлæ дзы зæрдæргъæвд лæппуйы амондæн разынд хорз чиныгдон, афтæмæй фæгæрз и чингуытæ кæсыныл. Фæстæдæр бацыд Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ.

Арсен сывæллонæй рахаста рынчынтæгæнаг, уый аххосæй каст нæ фæци семинар дæр. Сыздæхт Джызæлмæ æмæ бавдæлд фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895 азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры, бафыста-иу сыл йæ фæсномыгтæ: «Хабос», «Ботас», «А.К.».

Уыцы рæстæджы йæ тыхтæ фæлварын байдыдта литературæйы, ныффыста роман «Фыдæлты æгъдæутты нывæндтæ». Ныффыста уырыссагау уацау «Чи у аххосджын?» Дыууæ уацмысæн дæр чиныгуадзæнты, Арсены ныхæстæм гæсгæ, æрцыд хорз аргъгонд, фæлæ дзы иуæн дæр нæ бантыст рæгъмæ рацæуын, нæ баззадысты сæ къухфыстытæ дæр. Æрмæст 1901-1902 азты йæ къухы бафтыд цалдæр радзырды уырыссаг æвзагыл мыхуыры рауадзын — «Хин», «Фидис