КУЫД МЫН АЛЫГЪДИС!

Цыппаруæладзыгон хæдзар мæлдзыджыты губаккау кусджытæй æмызмæлд кодта. Алырдыгæй дуæртты гуыпп æмæ хъист не ‘нцадысты. Ам уыди фыццаг 85 кусæджы, ныр 150-æй фæфылдæр сты. Фыццаг æртæ æфсæйнаг фæндаджы хъуыддаг ам уыди; ныр райсомæй фæссихормæ кусджытæ тыргъты æмæ хатæнты дыууæрдæм хъеллау кæнынц, — фæндæгтæй дыууæ ныллæууыдысты, — немыц æмæ сæ урс инæлæрттæ фехæлдтой мидхæсты. Ныр ма дзы иу къуыри æртæ хатты уаллоны бырд кæны. Райсомæй фæссихормæ кусджытæ дыгæйттæ, æртыгæйттæй æмбырдтæ кæнынц, чи цы бахордта, чи цы бахæрдзæн, уый тыххæй ныхас кæнынц. Мæскуымæ хæринаг нал æфты, — контрреволюцийы æфсæдтæ æрцахстой хорджын Украинæйы. Бон дыууæ-æртæ хатты алы ран сихор чи нæ бахæры, ахæм дзы нæй, фæлæ «стонгæй нал фæразын» чи нæ зæгъы, ахæм дæр дзы нæй.

Æз дæр уыдонæй дæн. Абон мын дыууæ хатты иу ран бантысти сихор райсын. Раст спичкæйы къоппы йас кæрдзыны хæйттæ лæвæрдтой къабускайы донимæ. Бацин кодтон кæрдзыныл, кæд йе ‘рдæг зыгуым уыди, уæддæр. Басæй нал фæразын… Уæддæр дзы ахуыппытæ кодтон, цæмæй кæрдзыны къæбæр хъуыры аирвæзтаид.

Куыддæр баздæхтæн фæстæмæ кусæндонмæ, афтæ уынын: кусджытæ, цин кæнгæйæ, кæрæдзийæн цыдæр ног хабар хъусын кæнынц. Иу хайады кæимæ куыстам, иу ахæм мын мæ уæхскыл йæ къух авæрдта:

— Цы хабар у, уый зоныс?

— Цы?

— Абон сихорæн уыдзæн æрмæст къабускайы бас нæ, фæлæ картофы змæст дæр… Ныртæккæ байдайдзысты дæттын.

Бацин кодтон. Нæ хæрæндоны ныр иу-дæс боны дæргъы къабускайы бас йедтæмæ ницы уыди.

Бæлвырд, ис нæ хæрæндоны картофы змæст: йæ цъæрттимæ змæст у, уый ницы кæны; фæлæ та кæрдзын нæй — ссад, дам, Мæскуыйы скуынæг ис, æмæ хæрæндонмæ хай нал æрхаудта.

Бадын фæнычы уæлхъус. Изгард мæ хъуырæй уæлæмæ бырсы, фæлæ стонгæй мæлын æмæ та басæй ахуыпп кæнын. Картофы змæст дыууæ уидыджы дзаг уыди, æмæ йæ уайтагъд аныхъуырдтон.

Уалынмæ мæ сыхаджы басы къусмæ фæкомкоммæ дæн. Уынын, басы уæлæ ленк кæны раст стыргомау цæппæры йас сойы стъæлф. Дис кæнын: кæцæй фæци ацы сой?! Мæ зæрдæ мæм дзырдта: ацы басы, æвæццæгæн, дзидза дæр сфыхти, фæлæ хистæрты хъуыры аирвæзти.

Фæкастæн та мæ сыхаджы къусмæ. Сыхаг сойы алыварсæй бас исы æмæ хуыппытæ кæны, соймæ не ‘вналы. Бамбæрстон æй, уый барæй афтæ кæй кæны: иуæй — сыхæгты мæстæй мары, иннæмæй та, — соймæ кæсын йæ зæрдæйæн æхсызгон у.

Мæ комыдæттæ æркалдысты уыцы сойы æртахмæ кæсгæйæ. Уалынмæ уынын, мæ сыхаг

систа уидыгæй уыцы сойы æртах æмæ йæ йæ х