Бафæллади, стыхсти Таймураз йæ цардæй. Нал рухс кæны йæ зæрдæ райсом раджы, хуры фæзындмæ кæсгæйæ. Нал цин кæны дидинæгджын быдырты æмæ цъитиджын хæхты уындæй.
«Хуыцауты хуыцау, фæцыбыр мын кæн мæ бонтæ», — афтæ арæх фæкувы хинымæры Таймураз.
Фондз азы рацыди уæдæй, йæ хистæр фырт Къуындзих куы нал ис. Фæлæ Таймураз æрмæст ууыл нæ хъыг кæны, йæ фырт кæй амарди — мæлгæ адæм иууылдæр кæнынц — хъыг кæны, æрдиаг кæны Таймураз ууыл, йæ фырт искæй къухæй кæй фæмардис æмæ йæ туг ист кæй нæма у.
Сыстадысты хъæубæсты хорз лæгтæ, хъæубæсты цытджын зæрæдтæ. Загътой: «Æнæ бафидаугæ нал ис Биганатæ æмæ Куыдзиатæн!»
Дыууæ мыггаджы разы кæнын байдыдтой фидауыныл, æхсæны лæгтæ та фидыды æгъдауыл, фидыды æмгъуыдыл хъуыды кæнын байдыдтой… Уыди æнцад сæрдыгон изæр. Рог ирдгæ цъитиджын хæхтæй дымдта. Мæй цæлхдзагæй сцæйбырыди къæдзæхты æдде, сырх-сырхид, цыма чындзау истæмæй сæфсæрмы ис, кæнæ та æнхъизгæ бæгæны хъæзынкъусæй фæнозта. Ныхасы бæлæстæн сæ иуварс рухсгæнгæ æрцыди цъуппытæй зæххырдæм. Бæлæсты бын куы барухс ис, уæд дзы раргом ис: бадынц ма уæлæсыхы лæгтæ бæлæсты бын.
Чи æркъул кодта бæласы æнцой æмæ лулæ дымы, чи бады хъæды лыггагыл, лæдзæгыл æрæнцой кæнгæйæ, чи афæлдæхти цъæх нæууыл дæлгоммæ, чи дурыл бады, чи дзуццæджы æрæнцой кодта. Дзурынц уæлæсыхы лæгтæ ног хабæрттæ, чи кæм уыди, чи цы федта, чи цы фехъуыста. Ранæй-ран бæлæсты бын, фæсивæд къордгæйттæй лæууынц, сусæг ныхас кæнынц, хистæртæ сæ куыд нæ хъусой, кæнынц хъæубæсты чызджыты кой, дзурынц, хъазт та кæд уыдзæн, æмæ кæм уыдзæн. Раджы рацыди Таймураз абон Ныхасмæ, фæлæ ныр дæр хæдзармæ цæуыны фæнд нæма кæны, — ныхасы аирхæфсы йæхи, ныхасы айрох вæййынц йæ зæрдæйы мæстытæ.
Чысылгай йын бацайдагъ ис быцæу иу сыхагимæ. Быцæу загъдмæ ахаста.
— Кæимæ дзурыс, хæрæджы фырт? — фæхъæр кодта сыхаг. — Куыд уæндыс ды Ныхасмæ цæуын? Куыд уæндыс ды мемæ дзурын? Дæ фырты Куыдзиты Батрадз фысау аргæвста… Райстай йын, мыййаг, йæ туг?.. Уæдæ цæмæн хъал ныхас кæныс?!.
Ахæм фидис фехъусгæйæ нал базыдта Таймураз, кæм уыди, цы уыдис, фелвæста кæрддзæмæй хъама æмæ балæбурдта æфхæрæгмæ. Ницы йын бантысти. Уайтагъд дыууæ знагыл амбырд сты, кæрæдзимæ сæ нал бауагътой.
х х х
Нæ бацыди Таймураз хæдзармæ, сбадти къæсæры фарсмæ, йæ даргъ зачъейæ йæ риу æгасæй æрæмбæрзгæйæ. Бадти æнæзмæлгæйæ æмæ йæ царды фыдбылызтыл хъуыдытæ кодта.
Йæ зæронд æфсин Дзыллæ ракасти иу хатт дуарæй æмæ йæ æхсæвæр хæрынмæ хуыдта.
Лæг ницы сдзырдта, æрмæст йæ къух ауыгъта.
Ус бамбæрста, Таймуразы зæрдæйы цавæрдæр маст кæй ис, фæстæмæ хæдзары фæмидæг ис, зыдта, ахæм сахат йемæ дзурæн кæй нæй… Бирæ фæбадти афтæ Таймураз. Мæй бæрзонд ссыди æмæ уырдыгæй бынмæ фæлгæсыди, цыма йын исчи йæ бар бакодта зæхх хъахъхъæнын æмæ бæрæг кæнын: чи цы ми кæны, чи куыд цæры. Алырдыгæй та стъалытæ, цыма