ТАЗЫРÆТ

Дайраны фæндагыл, стыр хæсты ( 1914-18-æм азты империалистон хæст) рæстæджы, куыста иу шофыр, йæ ном Тазырæт. Афтæ йæ хуыдтой йе ‘мбæлттæ. Афтæ йæ зыдтой уыцы фæндагыл цæуджытæй дæр бирæтæ. Йæ бакастмæ гæсгæ Тазырæтыл цыди къаддæр 45 азы. Рæстæмбис – йæ ас,

уæнгджын, фæлæ тæнтъихæг. Фæлурс рустæ – мидæмæ хауд. Зачъе – даст. Рихиты

ма зынди иугай сау хъуынтæ.

Афтæ уыди йæ бакаст Тазырæтæн.

Фæлæ ма цыдæр иртæста Тазырæты иннæ шоферты ‘хсæнæй – интеллигентон цæсгом æмæ стыр æнкъард цæстытæ.

Уыцы цæстытæ-иу хаттæй-хатт æнахуыр æрттывд фæкодтой, æмæ афтæмæй æвдыстой, Тазырæты зæрдæйы цавæрдæр стыр хъуыды арф кæй бады.

Тазырæт уыцы фæндагыл нымад уыди хуыздæр шофырыл. Чи йæ зыдта, уыцы бæлццæттæ-иу сæхи хъардтой уый машинæйы бадæн райсыныл. Тазырæты автомобилы-иу цы бæлццæттæ бадти, уыдонæй-иу бирæтæ уайтагъд базыдтой, йæ уындмæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, уый стыр ахуыргонд адæймаг кæй у, æмæ-иу хинымæры дис кодтой, цæмæн кусы, зæгъгæ, шофырæй.

Фæци-иу ахæм бæлццæттæ, кæцытæ-иу Тазырæтæн æргомæй загътой сæ хъуыдытæ.

Тазырæт-иу фæлмæн бахудти æмæ лæвæрдта ахæм дзуапп:

– Чысылæй фæстæмæ бауарзтон быдырты хæтын æмæ балцы цæуын. Æхца фаг уæвгæйæ, æндæр амалтæ дæр ис балцы цæуынæн, фæлæ æхца фаг куы нæ уа, уæд шофыры бынатæй хуыздæр цы ис – хур, къæвда ма æвзар, афтæмæй æдзухдæр – фæндагыл.

Ахæм дзуапп-иу иуæй-иуты бауырныдта, бирæтæ та-иу хъуыды кодтой, ацы хъуыддаг хуымæтæджы кæй нæ у. Фæлæ-иу исчи куы афæнд кодта уымæй æддæдæр Тазырæты фæрсын, уæд-иу уæлдай ницы базыдта. Бæлццæттæй уыди ахæмтæ, кæцытæ арæх цыдысты Дайраны фæндагыл, æмбæлыдысты Тазырæтыл дæр æмæ йемæ фæзонгæ сты. Хæстæгмæ уынгæйæ- иу ныхас дæр акодтой, дардмæ машинæтæй кæрæдзи ауынгæйæ дæр-иу сæ циндзинад æвдыстой бахудгæйæ, худтæ фелвасгæйæ.

х х х

1916 азы, æрæгвæззæджы, Тазырæт рараст ис Калакæй Дзæуджыхъæумæ. Йæ машинæйы бадти æхсæз адæймаджы, уыдонæй дыууæ – йæ зонгæтæ, арæх-иу Дайраны фæндагыл чи цыди. Бæлццæттæ Млетмæ куы бахæццæ сты, уæд уым æхсæвиуат æркодтой, дарддæр фæндагыл æхсæвыгон зын цæуæн уыдаид – кæмдæрты мит хъæпæнтæ æрæвæрдта. Тазырæт æмæ йæ дыууæ зонгæйы иу уаты æрбынат кодтой. Зонгæ зæгъæм, фæлæ Тазырæт дыууæ бæлццонæн сæ мыггæгтæ дæр нæ зыдта. Дарæсмæ гæсгæ Тазырæт хъуыды кодта, уыдонæй иу хъуамæ уыдаид инженер, иннæ та стыр акцизон чиновник.

Дыууæ бæлццоны æрæвæрдтой уаты пъолыл æмæ рудзгуыты дæлвæйнæгтыл сæ портфелтæ, сæ чумæдантæ æмæ иннæ дзауматæ, æрцауыгътой рагъæнтыл сæ æддаг дарæс æмæ пецмæ сæхи тавтой. Иу-фондз минуты рацыдаид, афтæ инженер йе ‘рфгуытæ алхынцъытæ кодта, цыма арф хъуыдытæ кодта, уый хуызæн, æмæ ацыди хæдзарæй. Чысыл фæстæдæр фынгыл фæзынди нуазинæгтæ æмæ хæринæгтæ. Сæ фæдыл уæззау къахдзæфæй, йæ гуыбын размæ тæргæйæ, бацыди инженер йæхæдæг.

– Куывд аразæм, æви ай цы у? – мидбылты худгæйæ, сдзырдта акцизон чиновник.

– Куывд нæ аразæм, – загъта инженер, – фæлæ æнафоны ацы тар, æдзæрæг æмæ æнкъард ранмæ æрхаудтам æмæ хъуамæ нæ зæрдæтæ истæмæй фæфидар кæнæм.

– Мах дæр афæрсын хъуыди! – æмдзырд скодтой чиновник æмæ шофыр.

Инженер загъта:

– Афæрсын? – Æвæццæгæн ма æмбæлдзыстæм ацы фæндагыл ноджыдæр, æмæ-иу уæд та сымах исты саразут, æнæ фæрсгæйæ.

х х х

Дзырдгонд нæ уыди Тазырæт нозтыл, фæлæ нæ нуæзта. Ам дæр фыццаг нуазыны фæнд нæ кодта, фæлæ йæм ацы ахуыргонд æмæ æгъдауджын адæм куы бахатыдысты, уæд адджынæн ануæзта иукъорд агуывзæйы.

Æртæ лæджы бахъæлдзæг сты. Чиновник, æмбисæндтæ дзурын чи уарзта, ахæм лæг, радзырдта дыууæ-æртæ диссаг хабары. Уый йæхæдæг дæр худти йе ‘мбисæндтыл, фæлæ инженерæн банцайæн нал уыди – йæ бæзджын худтæй рудзгуыты æвгтæ рызтысты. Тазырæт дæр иу-дыууæ хатты йæ былтæ фесчъил кодта, фæлæ не схудти.

Уымæ кæсгæйæ, инженер дæр йæ худт фæсабыр кодта æмæ уæззау къахдзæфтæй цæуын райдыдта уаты астæу. “Хуымæтæджы нæу, хуымæтæджы нæу”, – хъуыды кодта уый хинымæр. Æдзух уыцы æнкъард… Никуыма йæ федтон дзыхыдзаг бахудгæ.

Æппынæрæджиау инженер уаты астæу æрлæууыди æмæ загъта: – Куы мæ бафæндид, уæд уын стыр диссаг радзурин мæ цардæй. – Исты куы бакæнис! – бахудти чиновник.

Инженер радзырдта æцæг диссаджы хабар йæ цардæй.

Зæрдиагæй йæм байхъуыстой иннæтæ.

Ныхас куы ахицæн ис, уæд чиновник загъта:

– Диссæгтæ та куыд нæ вæййы нæ дунейы!

– Диссаг у, диссаг, – загъта шофыр дæр.

Инженер пецы сугтæ басхуыстытæ кодта æмæ загъта:

– Ныр та сымахæй исчи исты радзурæд йæ цардæй!

– Радзур ды! – зæгъы шофыр чиновникæн.

– Нæй, ды радзур! – зæгъы чиновник.

Уæд инженер сыстадис æмæ баздæхти шофырмæ:

– Тазырæт, дæумæ уыдзæн исты радзуринаг. Стыр ахуыргонд уæвгæйæ, ды ныллæууыдтæ шофыры куыстыл. Уый хуымæтæджы нæу. – Æцæг, æцæг, радзур нын! – сдзырдта уæд чиновник дæр. “Нæ”-тæ кæныныл авзæрста Тазырæт, фæлæ фæстагмæ сразы йæ царды dhqq8cr8 радзурыныл.

х х х

Радзырдта афтæ:

– Æз ахуыр кодтон технологон институты, фæлæ йæ каст нæ фæдæн, – æрмæст ма мæ иу аз хъуыди фæуынмæ, афтæмæй йæ ныууагътон. Уыцы институтмæ æнæуи дæр æнæ зæрдæ райгæйæ бахаудтæн, фæлæ иу бон ахæм æрцыди, æмæ бирæ нал ахъуыды кодтон, ныууагътон уыцы институт. Тæрхондоны байхъуыстон иу адвокаты ныхасмæ. Уыцы адвокат афтæ дзырдта, æмæ залы чидæриддæр уыди, тæрхоны лæгæй, æнæуи адæмæй, хъыпп-сыпп сæ ничиуал кодта. Мæхи цæстытæй федтон: бирæтæ сæ дзыхтæ бахæлиу кодтой, афтæмæй хъуыстой адвокатмæ.

Рамбылдта адвокат хъуыддаг.

Гъе, уыцы бон загътон æз мæхицæн: “Инженер нæ уыдзынæн, уыдзынæн адвокат”.

Диссаджы хорз каст фæдæн юридикон факультет. Урæдтой мæ университеты,

профессоры бынатмæ цæттæ кæныны тыххæй. Нæ ныллæууыдтæн. Абон дзуапп раттын нæ фæразын, куыд æрцыдис ацы хъуыддаг, æмæ адвокаты бæсты

прокуроры бынаты куыд æрбадтæн горæт Бакуйы. Уый уыди 1905 азы.

Мæ цард мын чи азыгъуыммæ кодта, уыцы хъуыддаг та æрцыди 1906 азы, революци састы куы фæци, уый фæстæ.

Уый уыди стыр змæст рæстæг. Æвзæргæнджытæ боныгон зылдысты уынгты, мардтой, стыгътой. Ахæм æвзæргæнджытæн уæд уыди ауындзыны тæрхон, фæлæ сæ уымæй дæр бирæ ничи тарсти.

Уыцы аз, июны мæйы, мæ къухтæм æрхаудта иу ахæм хъуыддаг. Артельщик файтоны фæцæйласта 50 мин сомы æхца Нобелы нефтгуырæнтæм. Йæ фарсмæ бадти хæцæнгæрзтæй ифтонг лæг, хъахъхъæныны тыххæй – стражник. Иу фæзилæны файтоны размæ фегуырди иу лæппу-лæг. Уый æрмæст æртæ гæрахы фæкодта, æмæ æртæ лæгæй дыууæ дзыхъмард фесты – артельщик æмæ бæхтæрæг, стражник та уæззау цæф фæци. Уыцы тас рæстæджы уынгты дыууæрдæм цыдысты патрультæ. Æртæ лæджы уым куы афæлдæхтысты, чи файтоны, чи зæххы, уæд иу патруль уыцы ранмæ бахæццæ ис. Патруль ауыдта марæджы лидзгæ, æмæ йæ фæстæ ауагъта йæхи. Патруль ауыдта, адæмæй дæр æй 3-4 лæджы кæй фæцæйсырдтой, фæлæ уыдон уайтагъд ныллæууыдысты. Лидзæг лæг, кæртæй-кæртмæ, быруты сæрты гæппытæ кæнгæйæ, фæцæйирвæзти. Тынг фæстоз аззадысты патрулы салдæттæ. Фæлæ мæнæ иу бырумæ фæгæппытæ кодтой æмæ куы ныккастысты бынмæ, уæд федтой ахæм ныв: къулыл рæхысæй баст чи уыди, ахæм куыдз æмæ, цы лæджы сырдтой, уый мæлæтон хæстыл сты. Куыдз ныссагъта дæндæгтæ лæппуйы агъды, лæппу архайы куыдзы бахурх кæныныл, фæлæ нæ арæхсы. Æвæццæгæн, лидзæг бынмæ дзæбæх нæ ныккасти, афтæмæй ныггæпп кодта. Бæрæг уыди – куыдз тыхджындæр кодта. Уæд салдæттæй иу фæхъавыди топпæй æмæ куыдз афæлдæхти. Ныггæппытæ кодтой салдæттæ æмæ æрхæцыдысты æвзæргæнæгыл. Баджигул æм кодтой. Разынди йæм стыр браунинг, æртæ гилдзы хъуаг. Фæлæ иукъорд сомы йедтæмæ йæ чыссæйы æхца нæ уыди. Бæрæг уыди, æхцаты портфель æндæр кæмæдæр кæй авæрдта.

Æртæ лæгæй ма удæгас чи уыди, уымæн æй куы фенын кодтой, уæд æй уайтагъд базыдта, æнæ гуырысхойæ загъта:

– Бæлвырд, ацы лæг уыди нæ марæг æмæ не стигъæг.

Уæддæр тæрхондоны раз куы æрлæууыди уыцы лæппу, уæд, цыма уымæй растдæр ничи у, уыйау дардта йæхи. “Нæ уыдтæн, нæ амардтон, нæ адавтон!” – афтæ уыди йæ дзуапп.

Æвзæргæнджытæй бирæтæ зæгъдзысты: “уыдтæн?”.

Æгас хъуыддагæй бæрæг уыди, æвзæргæнæг аирвæзыны тыххæй гæды фæливæнтæ кæй кæны.

Бæрзондгомау къæсхуыр лæппу-лæг, иу 2 азы йыл цыдаид, йæ цæстæнгас раст, æнаххос, æнæгæды, æнæфæлывд.

Прокуроры фидар куы уырна адæймаджы зылындзинад, гуырысхойы мыггагæй йæм куы ницы уа, уæд ын цы дзурын хъæуы, уæд йæ ныхас тыхджын у, тæрхоны лæгты йæхирдæм здахы, хъусджыты зæрдæтæм дæр фæндаг ары. Зылын кæй уыди ацы лæппу, уый æз уыдтон мæнæ мæ фондз æнгуылдзы хуызæн, æвдисæнтæ – салдатæй, æндæрæй

– æмдзыхæй уый ныхмæ загътой сæ ныхас. Йæхи ныхæстæ дæр афтæ къуылымпыйæ цыдысты, афтæ зыгъуыммæтæ уыдысты, æмæ æнæ æвдисæнтæй дæр бæрæг уыди йæ зылындзинад. Уæддæр ма йæ зылыныл нæ састи. Йæ цæст дæр нæ ныкъуылдта, афтæмæй дзырдта:

– Нæ уыдтæн, нæ амардтон, нæ ахастон æхца. Мæнæн мæхи сырдтой цавæрдæр стигъджытæ æмæ, æцæг, æртæ гæрахы фæкодтон ливорæй. Афтæ загъта æмæ æрбадти йæ бынаты.

Кæй бауырныдтаиккой уый ныхæстæ? Æз ма дисæй мардтæн, куыд ныддур вæййы æвзæргæнæджы зæрдæ!.. Куыд нæ сæтты ацы лæппу йæ аххосыл! Куы басæттид, уæд ма йын иучысыл хатыр уæддæр æрцæуид. Æнхъæлдæн, æмæ йæ адвокаты дæр нæ уырныдта йæ рæстдзинад, æмæ йæ растгæнæн ныхас уыдис тынг лæмæгъ. Ахæм ныхасæй адвокат хъуыддаг нæ рамбулдзæн.

Æз аххосгæнæн ныхас куы дзырдтон, уæд афтæ зæрдиагæй хъуыстой адæм дæр, тæрхоны лæгтæ дæр æмæ сыбыртт никæцæйуал цыди. Дзырды кæрон загътон:

– Бакæсут уыцы тæнтъихæг лæппумæ, йæ аххос – бæрæг, æвдисæнтæ æмдзыхæй лæууынц йæ ныхмæ, уæддæр йæхи ныддур кодта æмæ нæ сæтты. Зонут, ахæм æвзæргæнæг йе ‘взæр хъуыддæгтыл фæсмон никæд фæкæндзæн, никæд ныууадздзæн æвзæргæнæджы фæндаг. Ахæмтæй хъахъхъæнын хъæуы адæмы. Ахæмтæн хатыр хъуамæ ма уа. Иунæг хос ис ахæмтæн – мæлæты тæрхон – ауындзын.

Мæлæты тæрхоны кой кæнгæйæ ма æз иу каст фæкодтон æвзæргæнæджырдæм. Уый йæ бандонæй сыстади æмæ мæм æнахуыр цæстæнгасæй ныккасти. Фыст уыди уыцы цæстæнгасы дис æмæ уайдзæф мæнæн, мæлæты тæрхон йæ дзыхæй кæмæн схаудта. Уыцы цæстæнгас мын æрмæст иу секунды бæрц мæ зæрдæ ныццавта, иу секунды бæрц мæ сæры ауади ахæм хъуыды: “Кæд, мыййаг, æнаххос у ацы лæппу æмæ æз фæрæдыдтæн”.

Фæлæ адæм мæнырдæм кастысты, куыд хорз радзырдтон, ууыл дис кæнгæйæ, æмæ дыккаг секунд фæтар ис мæ разæй æвзæргæнæджы цæсгом. Ацыдысты тæрхоны лæгтæ тæрхонгæнæн хатæнмæ. Фондз сахаты фенхъæлмæ кастысты адæм тæрхон рахæссынмæ.

Тæрхондоны хистæр куы сдзырдта: “К смертной казни через повешение”, уæд залы къуымты айхъуысти æвзæргæнæджы æрдиаг: – Зачем вешать? Я же не был!

Тæрхондоны хистæр ныхасгонд куы фæци, уæд адæм азмæлыдысты дуарырдæм лидзæг мыдыбындзыты чырау гуыв-гуыв кæнгæйæ.

Æртыккаг бон æвзæргæнæг ауыгъдæй лæууыдис горæты астæуккаг уынджы.

х х х

Уыцы рæстæджы ахæм бон бирæ нæ ивгъуыдта, давд, стыгъд, кæнæ ауыгъд кæд не ‘рцыдаид. Адæммæ дис дæр нал кастысты, сæ кой дæр-иу уайтагъд фæмынæг ис.

Дыууæ-æртæ боны рацыд, æмæ ацы хабары кой дæр нал уыди. ÆЗ дæр мæ куыст кодтон дарддæр.

Раст иу мæйы фæстæ мæ къухмæ иу хъуыддаг æрхаудта æмæ йæ куы æвзæрстон, уæд мæ цæстытæ атар сты, мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Дыууæ тæтæйраджы ахст фесты лæджы мард æмæ стыгъды тыххæй. Ахсты куы фесты, уæд уыдысты расыг. Сæ гыццыл фатеры къуымы, горæты кæрон алы рæтты æмбæхст уыдысты алыхуызон сыгъзæрин æмæ æвзист дзауматæ, æхцайæ пъолы бын разынди 65 мин сомы бæрц. Гæххæттын æхца æвæрд уыдысты иу портфелы, кæцы зонгæ уыди джигулгæнджытæй иуæн. Уый дзырдмæ гæсгæ Нобелы артельщик-иу æхца уым дардта. Портфель æвдыст æрцыди Нобелы кусджытæм. Уыдон иууылдæр базыдтой, æцæг Нобелы артельщичы кæй уыди. Æхца ист цы бон æрцыдысты, уыцы бон дæр артельщик уыцы портфелы аласта æхца. Дыууæ тæтæйраджы басастысты, уыдон къухæй кæй фæмард сты, файтоны чи уыди, уыдонæй дыууæ. Басастысты уыдон, ахст цы марды тыххæй фесты, ууыл дæр. Ауыгъд цы лæппу æрцыди, уый та сын æппындæр зонгæ нæ уыди. Мæ цæстыты раз сыстади уыцы лæппуйы хуыз, уый цæстæнгас тæрхоны бон, уый æрдиаг: “Зачем вешать? Я же не был!”

Гæххæттытæ лагъзы атъыстон æмæ лидзæг фæдæн мæ кабинетæй. Æррайау æгас бон хъеллау фæкодтон горæты уынгты. Ницы æмæ никæй уыдтон. Чи зоны, æмбæлдаин мæ зонгæтæй искæуылты, чи зоны, акуывтой мын-иу æмæ мыл дис кодтой, кæй сæм нæ кæсын, кæй сын нæ дæттын дзуапп, уый тыххæй.

Иу рестораны дуармæ фæкомкоммæ дæн. Смидæг дæн уым: чи зоны, кæд уым исты сабыргæнæн хос ссарин. Агуывзæйæ фылдæр никуы нуæзтон. Ныр иу авг йæ тæккæ бынæй равдæлон кодтон. Бауырнæд уæ, хæрз æвронгæй рацыдтæн ресторанæй.

Цы бакодтаин, уымæн ницы зыдтон, мæ сæрымагъз фæсмонæй сыгъди, мæ зæрдæ хъынцъымæй фæйнæрдæм тыдта. Зыдтон, æз афтæ зæрдиагæй куы нæ ныллæууыдаин уыцы лæппуйы фæзылын кæныныл, уæд æндæр ницы, фæлæ ауыгъд не ‘рцыдаид. Бацыдтæн мæ фатермæ, фæлæ дзы 2-3 минутæй фылдæр нæ бафæрæзтон лæууын. Рацыдтæн æмæ та мæхи уынгты раппар- баппар кæнын байдыдтон. Афтæмæй хорз бафæлладтæн.

Уыдаид æмбисæхсæв, афтæ бараст дæн мæ фатермæ. Бинонтæ иууылдæр хуыссыдысты. Нæ бацыдтæн мæ уатмæ, фæлæ кабинеты диваныл æрхуыссыдтæн æмæ загътон мæхинымæры: “Иу бон дæр нал бакæндзынæн прокуроры куыст”… Прокуроры куыст дæр хъæуы, фæлæ æз мæхиуыл ахæм рæдыд кæй æруагътон, уый мæхицæн хатыр нал кодтон. Лæмбынæгдæр æвзарын хъæуы ахæм хъуыддæгтæ.

Æрхуыссыдтæн диваныл, фæлæ фынæй кæм ис! Иу фарсæй иннæмæ рафæлдæх-бафæлдæх кодтон. Æппынфæстаг, æвæццæгæн, фынæйы хуызæн адæн.

х х х

Нæ зонын, цы афон уыдаид, афтæ фехъал дæн æмæ ракастæн. Мæ цæстытæ ахæм

цæуылдæр аныдзæвдысты, æмæ мæ сæрыхъуынтæ арц бадтысты, ме уæнгтæ та

æндæгъдæй баззадысты: мæ уæлхъус лæууыди уыцы лæппу йæ цъæхбын пиджачы, йæ

фæлурс цæсгомимæ. Йæ цæстытæ – уыцы бонау дис æмæ уайдзæфæй дзаг. Лæууы, æнæ

змæлгæйæ, æхсæвы талынджы. Зынди сæрæй-бынмæ дзæбæх. Кæсы мæм. Æз дæр æм кæсын æдзынæгæй.

Æвиппайды æндæрг сонт змæлд фæкодта йæ бынатæй æмæ акъахдзæф кодта фæстæмæ, ноджыдæр иу-дыууæ къахдзæфы æмæ фæтар ис.

Тæрсаг никуы уыдтæн æз, нæ мæ уырныдтой алы диссæгтæ, алы дæлимонтæ æмæ æндæртæ. Уыцы минут дæр мæ зонд мæхимæ уыди, фынæй дæр нæ уыдтæн. Фæлæ уын зæгъын, уыцы æндæрг бæлвырд мæ уæлхъус лæууыди, уыдтон æй, мæнæ сымах куыд уынын, афтæ.

Сыстадтæн, электрон цырагъ ссыгътон æмæ суанг боны онг нал æрхуыссыдтæн.

Райсомæй ницы схъæр кодтон мæ бинойнагæн тæрхоны тыххæй дæр, æхсæвы æндæрг фенды тыххæй дæр, загътон ын æрмæст:

– Цъус æнæфæразгæ дæн. Мæ куыстмæ дæр нæ цæуын.

Мæхæдæг арвыстон тæрхондонмæ гæххæтт, зæгъгæ, рынчын дæн, æмæ рæстæгмæ мæ бæсты хъуыддагыл ме ‘ххуысгæнæджы куыд æрæвæрой. Уæззау хъуыдытæй фæиртæсыны тыххæй бон-изæрмæ цы нæ фæхъуыды кодтон, ахæм ницыуал баззади. Нæй, нæ фæиртæстæн.

Уыцы æхсæв схуыссыдтæн мæхи хуыссæны. Мæ бинойнаг дæр уым. Æрæгмæ та бафынæй дæн. Мæ фын дæр – фыдфын, куы иу хуызон, куы иннæ хуызон, мæ разæй хицæн нæ кæнынц уыцы лæппуйы хъуыддаг æмæ йæ æндæрг.

Уыдаид æмбисæхсæв, афтæ райхъал дæн. Мæ уæлхъус та лæууы уыцы лæппу. Уат у талынг, фæлæ æндæрджы алыварс куыддæр рухсдæры хуызæн у, æмæ йæ сæрæй къæхтæм дзæбæх уынын. Раст уыцы бон мæм цы цæстæнгасæй æрбакаст æвзæргæнæг, уымæй мæм ныр дæр комкоммæ кæсы æндæрг.

Æз фыццаджы хуызæн тарстау нал фæдæн, фæлæ йæм æз дæр комкоммæ кæсын æмæ хъуыды кæнын, дис кæнын куыд фæзыны ахæм æндæрг. Дыууæ-æртæ секунды фæлæууыди æндæрг, стæй та фыццагау сонт фесхуыста фæстæмæ, къахдзæфтæ кæны, тарæй-тардæр кæны æмæ та нал зынди.

Тæрсгæ нæ кодтон, фæлæ мын зын уыди уыцы æндæргмæ кæсын æмæ мæ сæр æртыхтон хъæццулы.

Хуыссын афтæмæй, хъуыдытæ кæнын: “Фынæйæ райхъал уæвгæйæ, федтон дыууæ хатты уыцы æндæрг, фæлæ хъал уæвгæйæ, куы ракæсин, уæд та цымæ куыд уаид?”

Аппæрстон хъæццул. Мæ разы та уыцы æндæрг. Ныккастæн та йæм. Фыццагау та фæтар ис. Афтæ мæ æгас æхсæв цух не суагъта уыцы æндæрг.

х х х

Сфæлмæцыдтæн. Мæ уд нал уыди уыцы æндæргмæ кæсынæй. Иуæй мæхæдæг æрдиаг кодтон мæ рæдыдыл, уыцы раст адæймаджы амардыл, иннæмæй та мын уыцы æндæрг æнцой нал лæвæрдта.

Æртыккаг æхсæв цæйдæр æфсон мæхицæн хуыссæн бакæнын кодтон кабинеты.

Электрон цырагъ судзгæйæ ныууагътон, бавзарон, загътон, ныр та цы уаид.

Суанг æмбисæхсæвы онг нæ фынæй кодтон. Стæй уæд мæ цæстытæ æрцъынд сты. Бафынæй дæн, фæлæ та фыдфынтæй уайтагъд фехъал дæн. Мæнæ та мæ уæлхъус уыцы æндæрг, уыцы цæсгом, уыцы цæстæнгас. Ацы хатт æндæрг уыди фæлурсдæр, цæсгом йедтæмæ иннæ уæнгтæ æххæстæй нæ зындысты.

Раст сбоны онг та афтæ фæфыдæбон кодтон.

Ницы та загътон мæ бинойнагæн. Фæлæ мæм йæхæдæг баздæхти: – Цы кæныс, хуызы цъыртт дæ куы нал ис? Уæд та дохтырмæ фæсидæм!

– Нæ хъæуы дохтыр, – загътон æз. – Рог инфлуэнцæйы хуызæн у æмæ æнæ хосæй дæр фесæфдзæни.

Мæхæдæг хъуыды кæнын:

“Ай хъуыддаг нæу, лидзын хъæуы ардыгæй. Иу къуыри афтæ куы фæудхар кæнон, уæд мæ къæхтæ адаргъ кæндзынæн”.

Кусæг чызг нын кофе куы рахаста, уæд аивæй æмбарын кæнын байдыдтон мæ бинойнагæн, зæгъгæ, мын Бакуйы климæт нæ бæззы. Калакмæ ацæуын хорз уаид.

Ус куы сразы ис, уæд æз бацин кодтон æмæ загътон:

– Бонæддæдæр кæнын пайда нæу, æз тæккæ абон дæр мæхи мæ куыстæй рахицæн кæндзынæн.

Ус сразы ис ууыл дæр.

х х х

Калачы ссардтам дзæбæх фатер, уым æрбиноныг стæм.

Æз хъуыды кæнын байдыдтон дарддæр куысты тыххæй.

Прокуроры куыстæн мын йæ кой дæр æнад сси. Адвокаты куыстæй дæр тæрсын байдыдтон. Мæ зæрдыл æрлæууыди, кæддæр технологон институты кæй ахуыр кодтон, фæлæ, замана, каст дзы нæ фæдæн. Уæд мæ фæнд банцади шофыры куыстыл. Мæ бинойнаг схъиудтытæ кодта, æгад æм касти шофыры куыст, фæлæ йæ басабыр кодтон. Загътон ын: – Ме ‘нæниздзинад фæцудыдта æмæ мын сыгъдæг уæлдæф фаг куынæ уа, уæд уын, æвæццæгæн, рæхджы хæрзбон зæгъдзынæн.

Уыцы ауыгъд лæппуйы æндæрг мæм Калачы æппындæр нал фæзынди. Фæлæ абоны онг, куы ‘рбаймысын уыцы хъуыддаг, уæд мæ зæрдæ риссы. Зын мын у уый мысын. Æмæ мæ исчи фæрсын кы байдайы, уæд мæхи уый тыххæй атигъ кæнын. Ныр иуæндæс азы кусын æз ацы куыстæй æмæ дзы разы дæн.

Афтæ фæци шофыр Тазырæт йæ ныхас.

Дыууæ бæлццоны дзæвгар æнæ дзургæйæ алæууыдысты. Уыдон бамбæрстой, æцæг зын кæй у Тазырæтæн уыцы хъуыддаг мысын, æмæ сæм æрæджиау хорз нал касти, кæй йын æй æрæмысын кодтой.

Сыстадысты æмæ йын йæ къух райстой.

Инженер загъта:

– Рæдыд æруагътай дæхиуыл æнæбары, æмæ лæппуйы амарды аххосджын нæ дæ: дæу уырныдта, уый марæг æмæ стигъæг кæй уыди. Фæлæ прокуроры куыст тынг бæрнон у æмæ, дæхи ныхасмæ гæсгæ, ахæм хъуыддæгтæ тынг лæмбынæг æвзарын хъæуы.

– Бæлвырд, ды уым аххосджын нæ дæ, – загъта чиновник дæр. – Мауал хæр дæхи.

Тазырæт арф ныуулæфыди æмæ загъта:

– Бузныг дæн уæ ныхæстæй, мæ зæрдæйы уаргъ мын фæрогдæр кодтат!

Афтæ загъта Тазырæт æмæ цæйдæр æфсон дуармæ ауади, цæйдæр æфсон, æцæгæй та – йæ зæрдæйы хъынцъым фæсабыр кæныны тыххæй.

* Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971