КЪУБАЛТЫ АЛЫКСАНДР

КЪУБАЛТЫ АЛЫКСАНДР

ÆФХÆРТДЫ ХÆСАНÆ

ФЫДÆЛТЫ КАДÆГ

Гъе, мæгуыр куырм Бибо!.. Гъе, мæгуыр зæронд лæг!..
Дæ бон дыл баталынг, де хсæв дыл бамыр ис:
Нал уыныс арвы цъæх, нал уыныс зæххы сау!..
Баци дыл саудалынг нæ рæсугъд урс дуне,
Дæ зæронд ыстджытæн асасти сæ хъару.
Кусынæн куы нал дæ, хæрынæн – инн’ ахæм…
Дæ хъæздыгдзинад у дæ талынг уаты къуым;
Гал дæм нæй, бæх дæм нæй!.. Гъе, мæгуыр зæронд лæг,
Дæ цард куы нал цæуы адæмы зæрдæмæ…

Гъе, хъæздыг куырм Бибо!.. Гъе, тыхджын зæронд лæг!..
Радта дын Уастырджи сау хъисæй хуыйысæр,
Радта дын зæрдæргъæвд, радта дын дзырдамонд.
Фыдæлты кадджытæ сеппæт дæр куы зоныс,
Сеппæт дæр куы цæгъдыс сау хъисын фæндырæй.
Нæ дзæбæх фæсивæд д’ алыварс куы лæууынц,
Д’ алыварс лæууынц, кадæгмæ куы хъусынц…
Кадæгмæ куы хъусынц, сæ цæссыг куы калынц,
Сæ цæссыг куы сæрфынц ыстыр тымбыл къухæй!..
Гъе, хъæздыг куырм Бибо!.. Гъе, тыхджын зæронд лæг!..

Байхъусут, зæрæдтæ!.. Байхъусут, лæппутæ!..
Байхъусут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй!..

I
Куырттаты сау хъæды, тулдзбæласы хæдбын,
Нæ уарзон хæхты астæу, сау къæдзæх рæбын,
Лæгæт æрцарæзта сугтæ ‘мæ къæцæлтæй,
Зæххæй йæ бамбæрзта, хæмпæл дзы байтыдта
Адæмæнæмбисонд хъæбатырдзинадæй
Æфхæрдты Госæма, Солæманы хорз ус.

Дымгæ нынниуы нæ сау хъæды кæрæтты,
Дымгæ ныззары нæ хæхты рæбынты,
Уидагмæ æнкъуысынц сау хъæды бæлæстæ,
Сау мигътæ сау зæххыл сæ цæссыг куы калынц,
Уацилла куы ‘ппары сызгъæрин цæхæртæ!..
Дымгæйæ нæ тæрсы, уарынæй нæ лидзы
Æфхæрдты Госæма, Солæманы хорз ус.
Лæгæты ыссыгъта бур нæзыцырæгътæ,
Авдæныл æрфæлдæхт йæ саби-лæппумæ…
Йæ цæссыг куы калы, йæ ниуын куы цæуы,
Йæ хъарæг куы хъуысы сау хъæды мидæгæй:

“Ахуысс уал, мæ лæппу! Ахуысс уал, мæ уарзон,
Цалынмæ нæ зоныс фыдбылыз,фыдæбон…

Сидзæрæй баззадтæ дæ чысыл рæстæгыл,
Сидзæрæй баззадтæ дæ мæгуыр мады ‘вджид!,,

Уæ, туг цыл ныууара, сæ туджы фæмæцой
Дæ фыды марджытæ, Мулдарты хъал мыггаг!..

Ахуысс уал, мæ лæппу, аххуыс уал, мæ уарзон,
Цалынмæ нæ зоныс фыдбылыз, фыдæбон!..

Ацыди Солæман, дæ цæхæрцæст сахъ фыд,
Уациллайы стыр бон йæ бурбарц саг бæхыл,
Ацыди сагтæ ‘мæ сæгуыттæ марынмæ
Йæ фарсыл ысбаста йæ цыбыр æхсаргард,
Йæ цыбыр æхсаргард, йæ фæтæн сау хъама,
Йе фцæджы ‘рцауыгъта йæ зынаргъ хъыримаг,
Чъылдымы ныссагъта даргъхæтæл дамбаца.

Сынтæгыл æрбадтæн, рудзынджы хæдкæрон;
Судзинæй æмпъызтон дæ фыды сау цухъхъа.
(Мæ зæрдыл не рлæууыд Уациллайы стыр бон.)

Мæ хæдзар æрбайхæлд!.. Нæ лæджы бæх уасы!..
Рудзынгæй ракастæн: кæрт’ астæу лæууы
Йæ къæхтæй зæхх хойы, фæйнæрдæм ныууасы,
Йæ уæлæ Солæман тугæрхæмттæй бады…
Йæ сырх уадултæ сты цикъæйæ фæлурсдæр.
Дзурын æй фæндыди, дзургæ нал ыскодта…
Бæхæн йæ бæрзæймæ ‘виппайды бахауди.

Разгъордта ниугæйæ, дзыггутæ тонгæйæ.
Нал уыдис Æфхæрдты цæхæрцæст Солæман!..
Адæм æрбазгъордтой, саргъæй йæ раргъæвтой,
Кæрт’астæу сау нымæт марды бын байтыдтой.
Райсом æй уæлмæрдтæм ингæнмæ ахастой
Æмæ йыл уыцы ран сау сыджыт бакалдтой…

Рæзгæ уал, мæ лæппу, рæзгæ уал, мæ уарзон,
Цалынмæ нæ зоныс фыдбылыз, фыдæбон!..

Сарæзтон мæхицæн саутæ Солæманыл.
Мæй нæма рацыди… Мулдарты Хъуыдайнат
Мæ разы ‘рбалæууыд æхсæвæрафоныл:
“Госæма рæсугъддæр! Уазæг дæм фæцæуы!..
Ралас-ма дæ саутæ, дæ хуыссæн æрцараз,
Дæ хъыбылы ‘ рывæр фæсдыуар, цъылыныл!
Æз куы дæн Хъуыдайнат! Æз куы дæн Мулдартæй,
Дæ мойы марджытæй, сау лæппу Хъуыдайнат!..”

Мæ зæрдæ бауазал йе нæгъдау ныхæстæй,-
Худгæ йæм ракастæн, хуыссæн æрцарæзтон,
Хуыссæны ‘рхуыссыдтæн мæстæй фæцæйсыгътæн!.
(Ласт хъама бамбæхстон мæ чъылдымы фæстæ.)
Налат Хъуыдайнаты сау зæрдæ бацавтон,
Зæрдæйы февгъуыдтон, зæрдæйыл нæ сæмбæлд!..
Фестади Хъуыдайнат, йæ цæфыл хæцгæйæ…

Æхсæв, æмбисæхсæв ардæм æрбалыгътæн;
Хъæд’астæу бамбæхстон дæ фыды хорз гæрзтæ.

Ма ныууадз Мулдартæн ацы хæрамдзинад!
Райс-иу Хъуыдайнатæй Солæманы сау туг.
Райс-иу Хъуыдайнатæй саударæг мады ‘фхæрд…
Кæннод дæ цæргæйæ рухсыцъырт ма базон,
Мæрдты та, зындоны, де ггойы фæбадæнт
Йæхсæй дæ куыд тæрой де фхæрд ныййарджытæ!..

Рæзгæ уал, мæ хъæбул, рæзгæ уал, мæ уарзон!
Цалынмæ нæ зоныс фыдбылыз, фыдæбон…

Уæ, туг цыл ныууара, сæ туджы фæмæцой
Дæ фыды марджытæ, Мулдарты хъал мыггаг!..

Дымгæ нынниуы нæ сау хъæды кæрæтты,
Дымгæ ныззары нæ хæхты рæбынты.
Уидагмæ æнкъуысынц сау хъæды бæлæстæ,
Сау мигътæ сау зæххыл сæ цæссыг куы калынц,
Уацилла куы ‘ппары сызгъæрин цæхæртæ!..
Госæма ныккæуы, Госæма нынниуы…
Сырдтæ йæм байхъусынц, сырдтæ йæм нынниуынц,
Фæстæмæ фæлидзынц сæ хуынчъыты былтæм!..

Байхъусут, зæрæдтæ!.. Байхъусут, лæппутæ!..
Байхъусут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй!..

II
Сау къæдзæхты рæбын гæрæхтæ куы цæуы,
Сæ фæздæг куы зыны сау хъæды сæрмæ:
Уый цуанон фæлдахы саусыкъа дзæбидыр,
Сагтæ ‘мæ сæгуыттæ цъилтæ ‘мæ нæмгуытæй.
Лæгъз фæзмæ рацыди, уыцы ран æрбадти,
Хъыримаг ныссæрфта сау къæдзæхы змисæй,
Фæсмыны гæбазæй, цухъхъайы фæдджийæ.

Диссаг ыл æрцыди цуаноныл уыцы ран:
Арвы дуар байгом ис… Уастырджи æрдзырдта
Цъæх арвæй цуанонмæ сызгъæрин хъæлæсæй:
“Гъе, мæгуыр Хæсанæ! Гъе, мæгуыр иунæг лæг!..
Æфхæрдты Хæсанæ, Солæманы сахъ фырт,
Æфсымæр кæмæн нæй, æрвад чи нæ зоны…
Дæ фыды марджытæ дæ хæдзар фехæлдтой,
Дæ зæронд мадæн йæ дзыггутæ ныттыдтой,
Ныр та дæхимæ дæр дæ фæд-фæд куы ссæуынц
Дæ фыды марджытæ, Мулдарты хъал мыггаг.
Гъе, мæгуыр иунæг лæг!.. Гъе, мæгуыр Хæсанæ!..
Чи райсдзæн дæ фæстæ дæ иунæг сæры туг,
Цæй уынгæг ыскодта дæ иунæг къоппайыл
Айхуызæн хурбоны цъæхцъæхид быдырты!..”

Адзырдта нæ дзуармæ Æфхæрдты Хæсанæ:
“Сызгъæрин Уастырджи! Нæ цард дæ къухты ис,
Нæ даст сæрыхъуынтæ дæуæн нымад ысты!..
Æфхæрд адæмæн дæ хъаруджын фарсисæг,
Хъал мыггагæн та ды дæ тыхджын ныхкъуырæг.
Кувын дæм, курын дæ – н’астæу нын æрæппар
Дæ сызгъæрин къухтæй урс мигъы стыр къуыбар!”

С ‘астæу æрлæууыди урс мигъы стыр къуыбар:
Къæдзæхтæ бамбæрзта, сау хъæд æрæхгæдта,
Лæгъз быдыр бацахста, лыстæг-пырх райдыдта;
Нал зынынц Мулдартæ, нал зыны Хæсанæ…

Уазал æрбакалди, ингæны их-уазал!..

Æфхæрдты Хæсанæ сау дурыл æрбадти,
Йæ рон æрбалвæста, йæ зачъе адаудта,
Йæ худ æрфæлдæхта йе рттиваг цæстытыл;
Йæ фыды æхсаргард сау дурыл адардта,
Дамбаца сифтыгъта, хъыримаг сæргъæвта.

Мулдарты Хъуыдайнат йæ размæ ‘рбахæддзæ,
Йæ зæнгыл æрхауди, топп æм фæцарæзта;
Цæу хорз ныкъкъæпласта, хъримаг фæсыкк и.

“Дæ бон хорз, Хъуыдайнат, дæ бон хорз, зæронд лæг!
Дæ топпæн йæ сампал уымæлæй бахуылыдз…
Ай дын – мæ фыды мард, ай дын – мæ мады ‘фхæрд!”
Топпы цæф – йæ риуæн, карды цæф – йæ сæрæн…
Уайтагъд фæлæбурдта хъамайы сау сæрмæ
Мулдарты Хъуыдайнат, саузæрдæ зæронд лæг.
Фæлæ йæ фæстаг бон æрхæддзæ сахъ лæгæн.
Уæлгоммæ рахауди цъæх-уымæл кæрдæгмæ,
Уæлгоммæ рахауди тулдзбæласы хуызæн,
Хæцгæйæ баззади хъамайы сау сæрыл.

Гъе, уæй-уой!.. Урсрихи, рогзæрдæ Хъуыдайнат,
Зæрдиагæй фæзылдтæ искæйы устытыл!..
Ныр та дæхи ус дæр хæрздзæгъæл баззади…
Дæ зæронд мардыл дын бæргæ ничи скæуид,
Фæлæ нæ уарзон Ир æгъдауыл тынг хæцынц
Æмæ дыл æркæлдзæн иу-дыууæ цæссыджы…

Хъусут уал, зæрæдтæ, хъусут уал, лæппутæ!
Бахъырнут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй!

Гæрахмæ ‘рызгъордтой Мулдарты лæппутæ –
Хан æмæ Хуындæджер, Саукуыдзы фаззæттæ…
Хистæр ын райгуырди фыдздзаг кæркуасæнты,
Хуындæджер райгуырди дыггаг кæркуасæнты,
Боныцъæхафоныл сæ мад æрбамарди…
Саукуыдз цæ фæхаста сау сæгъы æхсырæй…
Раздæр æм æрхæддзæ цуанон Хæсанæмæ
Саукуыдзы хистæр фырт, хъæбатыр Ханджери.
Хъаматы цъыччытæ дыууæрдæм калдысты –
Хъæбатыр Ханджери кæрдæгыл æрхауди…
Иу хъæр ма ныккодта тугахуырст дзыхы дзаг:
“Цы фæдæ, Хуындæджер, мæ иунæг æфсымæр?!.”
Йæ иунæг æфсымæр, йæ размæ згъоргæйæ,
Къудзийыл фæкалди, уæлæмæ нал сыстад –
Цуанон Хæсанæ йын йæ къубал ракъуырдта,
Йæ сæр ын акъуырдта йæ тæккæ бæрзæйыл.
Ратылди рæсугъд сæр, туджы пырх калгæйæ,
Цæстытæ дзагъырæй, æвзаг æрдæгластæй…

Мыггагмæ лæудзыстут ингæны талынджы…
Гъе, мæгуыр лæппутæ, æнамонд фаззæттæ!
Мады цин нæ федтат, йæ рæвдыд нæ зыдтат,
Уæ фыдздзаг сахатæй уæ фæстаг рæстæгмæ
Æддагон цард кодтат уæхи бинонт’астæу…
Уæ фыдздзаг сахатæй уæ фæстаг рæстæгмæ
Сымах фæцардыстут ысхойгæкъæбæрæй,
Фыдгой уыд, фыдæнцой уæ фыды налат ус.

Рацæудзæн, рацæудзæн йæ лæдзæджы ‘нцæйтты
Уæ мæгуыр зæронд фыд æхсæвæрафоныл,
Дуары раз æрбаддзæн тулдз цæджындзы рæбын,
Æнхъæлмæкæсдзæни йæ дыууæ лæппумæ…
Фæлæ йыл сæмбæлдзæн хъæргæнæджы хабар:
“Рухсаг уæнт дæ фырттæ – Хан æма Хуындæджер,
Мард фесты Æфхæрдты Хæсанæйы къухæй,
Сæ мард цын ысласынц нæ хъæуы кæроны!”

Фехъусдзæн, нынниудзæн йæ зæронд хъæлæсæй…
Йæ урс сæр фæхойдзæн ыставд цымлæдзæгæй;
Йæ урс сæр ныттилдзæн, йæ богътæ цæудзысты:
“Мæ хæдзар фехæлди, ме намонд лæппутæ!
Мæ хæдзар фехæлди, Хан æма Хуындæджер!
Кæуыл ма ныууагътат уæ кæуинаг фыды,
Чи ма баныгæндзæн мæ зæронд ыстджытæ!..”

Байхъусут, зæрæдтæ!.. Байхъусут, лæппутæ!..
Бахъырнут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй…

Йе мбæлттæй фæдзæгъæл Мулдарты Къæбутцæв,
Хуыцау æй рахаста дон-æрх-æрх уæлæмæ…
Дон-æрхæй сыстади Мулдарты даваг лæг,
Чи сихсийынкодта Кæсæджы рæгъæуттæ!..
Йæ размæ Хæсанæ хъыримаг фæдардта:
“Хъахъхъæ-ма дæхимæ, Мулдарты Къæбутцæв!..”
Мулдарты Къæбутцæв дамбаца фелвæста,
Куыддæр æй сæргъæвта, афтæ йыл сæмбæлди
Бæрцагъудты астæу Хæсанæйы нæмыг!..
Атыдта фæтæн риу, чъылдымæй ахызти…
Тынг фидар лæг уыди Мулдарты Къæбутцæв:
Иудзæвгар фæлæууыд зæхмæ не рхаугæйæ,
Стæй ныггуыпласта цъæх-уымæл кæрдæгыл,
Цъæх-уымæл кæрдæгыл, дзагæфсир куырисау,
Ласæнтæ кæнгæйæ, уарыны рæстæджы…
Мулдарты Къæбутцæв цъæх нæууыл æрхауди,
Н’адзырдта ‘фсымæрмæ, не скодта ‘рвады кой,
Йæ рæсугъд усы ном йæ зæрдыл не рлæууыд…
Рагæйдæр Къæбутцæв хъæбæрзæрдæ лæг уыд.

Йæ рæсугъд ус та йын афонмæ куы бийы
Куырæты ‘гънæджытæн сау цылл’алдымбыдтæ.

Хур æрцæйныгуылди, хъом нæма ‘рбатардтой;
Мулдарты Косерхан уаты дуар бакодта,
Къæсæрыл æрбадти алдымбыд бийынмæ.
Сырх уасæг йæ рæзты уæлæрдæм сивгъуыдта,
Фæстæмæ раздæхти, йæ разы ‘рлæууыди,
Базыртæ ныххоста, дзыхыдзаг ныууасыд,
Дзыхыдзаг ныккодта æнафоны фыдуаст…
Косерхан фæтарсти, къæсæрæй фестади,
Сырх уасæг рацахста, йæ хурх ын ыстыдта;
Уасæг дæр, йæ сæр дæр фаджыстæм аппæрста…

“Дæ-дæ-дæй, мæ цæгат, мацы уыл æрцæуæд!”
Цæгатæн мама тæрс!.. Хур дыл æрныгуылдзæн,
Дæ ниуын ыссæудзæн, дзыггутæ тондзынæ,
Цæсгом рæдувдзынæ, даргъхъуырджын сау æвгтæ
Дæ сæрыл хойдзынæ,цалынмæ асæттой…
Дæдæдæй кæндзынæ, дæ хъарæг хъуысдзæни…
“Судзгæ дын фæбадон, дудгæ дын фæбадон,
Ды кæмæн уыдтæ, æмæ ды кæмæн нал дæ!…
Куы нæ дыл сæмбæлди, рæгъæуттæ тæргæйæ,
Кæсгоны сау нæмыг, кæсгоны фæтæн кард,
Куы нæ дыл сæмбæлди, къамбецтæ давгæйæ,
Дугъæттæ скъæфгæйæ мæхъхъæлоны стыр цъил!..
Мард фæдæ боныгон Хæсанæйы къухæй.
Судзгæ дын фæбадон, дудгæ дын фæбадон:
Кæмæ ма цæудзынæн цырагъы рухсимæ,
Боныцъæхафоныл давæггаг ласгæйæ!”

Хъусут уал, зæрæдтæ, хъусут уал, лæппутæ,
Бахъырнут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй…

III
Æфхæрдты Хæсанæ!.. Æгъгъæд цæгъд Мулдарты!
Цыппар цæ ку’ амардтай дæ фыды сау тугмæ,
Дæ фыды сау тугмæ, дæ мады æфхæрдмæ.
Дæ хæдзар бацагур: фыдбылыз æмхиц у,-
Фыдбылыз фæзыны хи къахы хæдбынæй.

Рагæй дæр Хæсанæ уыд сыгъдæг ирон лæг:
Æрæгмæ хъараг у маст ирон зæрдæмæ,
Фæлæ куы бахъары, уæд та-иу, хорз адæм,
Ирон туджы фыцын æрæгмæ банцайы!

Æфхæрдты Хæсанæ! Дæ хæдзар бацагур!..
Дæлæ мигъы кæрон æмбырдтæ байдыдтой
Мулдарты мыггагæн сæ усгур лæппутæ,
Сæхи дыл рауагътой, æхсын дæ райдыдтой!

Æфхæрдты Хæсанæ дуррæбын æрхуыссыд,
Дамбаца ‘мæ топпæй гæрæхтæ райдыдта.
Дыууæ цæ ‘рбамардта Мулдарты лæппутæй
Æртæйæ йæ уæлхъус æрбалæууыдысты…
Æфхæрдты Хæсанæ сæ размæ фестади:
Рахиз къухы – хсаргард, хъама та – галиуы,
Цæргæсау сау дурмæ уыц’иу гæпп фæкодта…
Хæсанæ-уæлейæ, Мулдартæ – уæлæмæ
Цыччытæ райдыдтой хъама ‘мæ ‘хсаргардæй…
Сау дурæн сырх тугæй йæ сау хуыз аивтой.
Цы баци Хæсанæ, уый куы нал базыдта…
Цæстыты ферттывтой хъаматæ, хсаргæрдтæ.
Сырх дурæй ратылди тугæйпырх кæрдæгмæ.
Иудзæвгар фæлæууыд æнæсызмæлгæйæ,
Стæй та ракасти йе рттиваг цæстытæй.
Акасти фæйнæрдæм: Мулдартæ й’алыварс
Цъæх нæууыл куы хуыссынц бынæйкалд хъæдау…
Иу ма цæ сызмæлы, йæ сæр ысхъилкæны,
Фæстæмæ рахауы, йæ хъæрзын ыссæуы.
Æфхæрдты Хæсанæ йæ фазыл бабырыд,
Хъама йын йæ хурхы иннæрдæм атъыста,
Хъама нал раласта – йæ зæрдæ бахъарм и.

Мулдарты лæппутæ Барастырмæ куы фесты,
Цæрынхъуаг уæвгæйæ, Хъуыдайнаты фæрцы,
Сæ дуне ныууагътой сæ цардмæ бæлгæйæ!

Мард фæци уыцы бон Мулдарты Уырызмæг…
Куырдуаты баззади йæ рæсугъд Аминæт.
Рудзынгæй кæсгæйæ фæндырæй нал цæгъддзæн;
Нал хъаздзæн уый цæстмæ Уырызмæг йæ бæхыл.
Йæ бæх та ингæнмæ ныккæсдзæн барæгмæ
Фæлдисынафоны уæлмæрдты быруйыл…
Ныккæсдзæн, бамбардзæн йæ барæджы хабар,-
Иууылдæр нырриздзæн, ныммырмыркæндзæни,
Ныууасдзæн, фехалдзæн адæмы зæрдæтæ

Мæнæ ‘ртæ лæппуйы дуррæбын куы хуыссынц.
Мæгуырæг лæппутæ, мæгуырæг æфсымæртæ!
Сымахæй мæгуырдæр – сымах чи ныййардта…
Хæрзмæгуыр чи уыдзæн, хæрзмæгуыр чи баззад.
Даргъ зымæг æхсæвты дымгæйы ниуынмæ
Йæ хъарæг цæудзæни къонайы рæбынæй,
Æртхутæг кæндзæни цæхæры зынгимæ.

Ды та, ды, дзæгъæлзад, дзæгъæлхæт Хамырзæ,
Æрвад дæр кæмæн нæй, хæстæг чи нæ зоны!
Нымадтай дæхи ды Мулдарты мыггагыл.
Уыдон дæ нæ зыдтой, дæ цард дын нæ уарзтой,
Уæддæр ды сæ сæрыл дæхи куы ‘рбай сæфтай!
Цы дзуар дæ рахаста дæ фыдздзаг цæуæнтæй?
Тæккæ знон æрцыдтæ дæ фыдздзаг хæтæнтæй,
Хъæуы раз аздæхта Мулдарты лæппутимæ
Æмæ куы ‘рбайсæфтай дæ иунæг мæгуыр сæр.
Дæ мард дæр Мулдартæй хицæнæй куы лæууы!

Мулдартæ, Мулдартæ! Цæй ривæт æркодтат
Фарастæй ацы бон цъæх-уымæл кæрдæгыл!..
Æнхъæл нæ уыдыстут фарастæй амæлын
Æфхæрдты цæхæрцæст Хæсанæйы къухæй.
Лæгты дзуар Уастырджи хъуыддæгтæ неппæтæй
Дзæбæхдæр æмбары æмæ цæ æдзухдæр,
Рæстдзинад уарзгæйæ, рæстырдæм аразы.

Мулдартæ, Мулдартæ! Амæлын тынг зын нæу…
Мæлæтæй зындæр у – райсом уыл лæппутæ,
Нæ дзæбæх фæсивæд, зарæг куы раскъæрой…
Зæгъдзысты лæппутæ: “Мулдартæ фарастæй
Иу лæджы марынмæ иумæ рацыдысты
Æмæ цæ йæ хæдзар иу дæр нал ыссардта…”

Мулдартæ, мулдартæ! Цæй ривæт æркодтат!..
Уæ сæрмæ халæттæ зилахар райдыдтой,
Кæрæдзимæ уасынц лæджыфыд хæрынмæ…
Уæ хъæуы нынниудтой налат фыййаукуитæ…
Адæм фæтарстысты ыстыр фыдбылызæй.
Фæлæ куы фендзысты фараст галуæрдоны
Хæрзæнцад цæугæйæ, уæ мæрдтæ ласгæйæ…
Адæм дæр у’алыварс æнцад куы цæудзысты,
Зæхмæ куы кæсдзысты цæссыгдзаг цæстытæй.
Мæрддзыгой устытæ къордгай, чыртæ-чыртæ,
Мæрдджынтæм цæудзысты, хъарджытæ кæндзысты.

Байхъусут, зæрæдтæ! Байхъусут, лæппутæ!
Бахъырнут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй…

IY
Куырттаты сау хъæды, нæ уарзон хæхт’астæу,
Æрдузы хæдкæрон, къæсæрыл куы бады
Æфхæрдты Госæма, урсдадалиджын ус.
Базæронд, базæронд адæмæнæмбисонд
Хъæбатырдзинадæй Æфхæрдты Госæма!..
Къæсæрыл куы бады, сау зæхмæ куы кæсы,
Урс цæссыг куы калы йæ зæронд уæрджытæм.

Сау хъæдæй разындис Æфхæрдты Хæсанæ.
Йæ цæфтæ бамбæрзта цухъхъайы фæдджийæ…
Йæ мадмæ фæдзырдта, йæ мад æм нæ ракаст.
Сау зæхмæ кæсгæйæ, урс цæссыг калгæйæ,
Йæ хъарæг куы цæуы, йæ фыртмæ куы хæцы:

“Уæ, марг дын æрбауой , уæнгæл дын æрбауой,
Мæ дзæбæхдзинæдтæ, мæ риуы ‘хсырыцъырт!..
Тугæй цæ фæкалай, рондзæй цæ фæкалай,
Сахъдзинад кæмæ нæй, бонвыддæр чи кæны!..
Дæ фыды марджытæ ныртæкк’ ам к’уыдысты –
Хынджылæг фæкодтой дæ мæгуыр хæдзарæй.
Карк дæм нал ныууагътой, цъиу дæм нал баззади.
Дæ хæдзар’астæуæй сау рæхыс рафтыдтой,
Къахыл æй бабастой æмæ йæ аластой,
Йæ хæрхæр цæугæйæ, нæ фаджысты рагъмæ.
Дæ зæронд мадæн йæ дзыггутæ ныттыдтой,
Йæ урс дадалитæй куы ницуал ныууагътой,-
Уæд кæмты хæтыдтæ, уæд кæмты лæсыдтæ!..
Гъе, мæгуыр Елæман! Кæд мæрдты исты ис,
Уæд куыннæ ныхъхъæрзой , уæд куыннæ нынниуой
Дæ мæгуыр ыстджытæ, ахæм фырт кæмæн ис!..
Тугæй цæ фæкалай, рондзæй цæ фæкалай
Мæ дзæбæхдзинæдтæ мæ риуы ‘хсырыцъыртт!..”

Хæсанæ баззади сау зæхмæ кæсгæйæ…
“Нана!.. Æрбайхъус мæм, ма мæ ‘лгъит, æгъгъæд у!..
Тугæй цæ фæкалдтон; рондзæй цæ фæкалдтон
Дæ дзæбæхдзинæдтæ, дæ риуы ‘хсырыцъыртт.
Фыдæбон фæкодтай Солæманы фæстæ,
Фыдæбон фæкодтай дæ иунæг лæппуйыл.
Бирæ дæ бафхæрдтой мæ фыды марджытæ.
Рох мæ нæ уыдысты Мулдарты налæттæ!..
Фæлæ мæ зæрды уыд, дæу куы баныгæнон,
Уæд уыдон ныммарын, уæд уыдон ныццæгъдын…
Кæуыл баззадаис ацы мæнг дунейы
Айхуызæн зæрондæй мæ мæлæты фæстæ?..
Лæппу дын куы нуал ис, æфсымæр – инн’ ахæм,
Æрвад куы нæ зонæм, куы ничи нæ зоны!
Афтæ уыд мæ зæрды… Хуыцау та иннæрдæм
Хъуыддæгтæ сарæзта, сызгъæринфестинаг!..
Ацы бон ацыдтæн сæгуыттæ марынмæ,
Æмæ рафæлдæхтон Мулдарты мыггагæй,
Мæ фыды марджытæй , раст фараст лæггаджы…
Ауай-ма къуыбырмæ, акæс-ма уырдыгæй!..”

Зæронд ус фестади, йæ фыртмæ нæ ракаст,
Азгъордта къуыбырмæ йæ зæронд уæрджытæй.
Арв ‘астæу хур лæууыд, мигъ сыстад быдыртæй,
Хураууон ыскодта йæ къухтæй цæстытæн.
Акасти уырдыгæй Æфхæрдты Госæма,
Ауыдта Мулдарты цъæхцъæхид быдыры…
Ныххудти, адзырдта йæ мард Солæманмæ:
“Рухсаг у!.. Æрынцай, цæхæрцæст Солæман!
Дæ марæг мард фæци йе стыр мыггагимæ,-
Дæ фырт цæ ныццагъта!.. Рухсаг у, дæуæн ныр
Дуæрттæ байгом ысты цъæхнæууы дзæнæтмæ!..”

Раздæхти Госæма, ыссыд йæ рагон маст!
Йæ фыны нал уындзæн мæгуыр Солæманы,
Йæ цæфыл хæцгæйæ, тугæйпырх дзауматы.
Хæдзармæ бацыди, мидбылты бахудти,
Чъиритæ ракодта… Дзуры Хæсанæмæ…
Хæсанæ нæ зыны, Хæсанæ нæ цæуы…
Госæма фæтарсти, ыскъæтмæ бакасти:
Æфхæрдты Хæсанæ, Солæманы сахъ фырт,
Дæлгоммæ хуыссыди уæрдоны гуыффæйы…
Йæ туджы æртæхтæ зæхмæ фæтагъдысты,
Йæ уд та ахæддзæ цъæхнæууы дзæнæтмæ!..

Цæй цъæхахст ныккодтай, Æфхæрдты Госæма!
Цæсгоммæ февнæлдта, тонын æй райдыдта,
Тонын æй райдыдта, кæуынæй нал æнцад…
Гъе, мæгуыр иунæг ус!.. Гъе, мæгуыр сидзæр ус!..
Куы ницуал дзæбæхдæр æрхъуыдыкæндзынæ
Дæхи ‘рбамарынæй дæ фырты хæдуæлхъус!..

Байхъусут, лæппутæ, байхъусут, кæстæртæ,
Дзæбæхдæр байхъусут фыдæлты ныхæстæм:
Ацы мæнг дунейы æфсымæр кæмæн нæй,
Хъомыл фырт кæмæн нæй, æрвад чи нæ зоны,-
Цæвиттон, лæппутæ, фæхæцæг кæуыл нæй,
Уыцы лæг иунæг у, уыцы лæг мæгуыр у,
Хъæдыхалæттæм дæр нæй уымæй иунæгдæр,
Нæй уымæй мæгуырдæр ацы мæнг дунейы…

Æгъгъæд у, хорз адæм!.. Уæ цæссыг ныссæрфут,
Мæнæн та рахæссут фæрныджы хæдзарæй,
Дзаг кæбиц-рæбынæй цывзыджын цъæх арахъ!..

* Александр Кубалов. «Дарьял», 1’1996.