Цыппæрæм чиныг – НАРТЫ КАДДЖЫТÆ

СÆРГÆНДТÆ

ÆРТÆ НАРТЫ ХЪАЗТЫ

Æртæ Нарты хъазт сарæзтой. Уæйыг та царди Хæлгъоны. Уыцы хъазтмæ касти уæйыгæн йæ лæппу ’мæ дзырдта:

– Æда, Æртæ Нарты хъазт сарæзтой, æмæ мын уырдæм æнæ цæугæ нæй.

Уæйыг загъта:

– Лæппу, ма ныццу уырдæм. Мæнæн мæ син уыдон ныссастой, æмæ дæу дæр бахъыгдардзысты, ма ныццу.

– Цæй, æдзæугæ мын нæй,– æмæ рараст и. Æмæ Цымытийы* (*Цымытийы сæрмæ – фидæртты, хæхты рæбын Хæлгъоны.) дæлейы Дæлварсы уыди хъæд, æмæ уым бæлас йæ тæккæ бындзарæй ыстыдта ‘мæ хъазтмæ ‘ссыди æмæ йæ уым æрцавта зæххыл, фарн уæ хъазты, æртæ Нарты, зæгъгæ. Æмæ бæлас ахъил æмæ кæмæн йæ зæнг, кæмæн йæ цонг асаста. Æмæ бæстæ ниуд ысси, кафын нæ фæлæ.

Уæйыджы лæппу фæстæмæ ‘ссыди ‘мæ йæ фыдæн загъта:

– Абон Нартæй хорз фæхъазыдтæн, бæлас цын сæ хъазты астæу æрцавтон æмæ дзы кæмæн йæ цонг, кæмæн йæ зæнг, кæмæн йæ сæр асаст, æмæ бæстæ туг ысси ‘мæ кæугæ-ниугæ.

Уæд æй фыд бафарста:

– Гъа, уæдæ сæ гуыппырсартæ уым нæ уыдысты. Йæ зæнгтæ хъæды стæвдæн кæмæн ысты, ахæм дзы нæ федтай?

– Нæ федтон.

– Йæ цæстытæ сасиры чъилы йæстæ кæмæн уыдысты, уый дзы нæ федтай?

– Нæ федтон.

– Уæдæ сæ лæгтæ уым нæ уыдысты.

Стæй изæры, райсом раджы ацыдысты ‘мæ балцæй æрцыдысты Батырадз æмæ Сослан. Æмæ хъусынц алы ран дæр кæуын-дзыназын. Уæд бацыдысты иу хæдзармæ ‘мæ бафарстой, ай цавæр хабар у зæгъгæ ‘мæ йын радзырдтой, уæйыджы фырт цæ куыд фæхынджылæгкодта, кæмæн йæ зæнг, кæмæн йæ цонг, кæмæн йæ сæр куыд ныссаста, уый. Сослан æмæ Батырадз загътой:

– Тагъд, фидиуæг кæм ис? Ныхъхъæркæн, райсом чи не ’рцæуа Хъазæнлæгъзмæ, хурыскасты, уæд уæ алчи уым куыд уа, афтæмæй чи не ’рцæуа, уымæн йæ хæдзар дымгæмæ ныддардзыстæм, адæмы ‘хсæнмæ йын рацæуæн куыннæуал уа, афтæ йыл хъæудзырд бакæндзыстæм.

Æмæ райсом, хур нæма скасти, афтæмæй æмдзæгъд самадтой. Уæйыджы фырт та уæлейæ ‘ркаст æмæ йæ фыдæн зæгъы:

– Знонæй тынгдæр у сæ хъазт. Цон та ‘мæ та цæ фæхынджылæг кæнон.

– Ма цу, куы дæ амарой, уæд ма мæн чи дардзæн?

Фæлæ лæппу йæ фыдмæ нæ байхъуыста ‘мæ ацыди. Дæлварсы та стыр бæлас æд уидæгтæ стыдта ‘мæ Нарты хъазтмæ бацыди:

– Фарн уæ хъазты, æртæ хъæуы, зæгъгæ бæлас зæххыл æркъуырдта. Сослан æм йæ цонг фæдардта ‘мæ йæ иу фарс акъуырдта мæ бæлас ныппырх ис хъазты ’дде.

Ирон симд зæгъгæ афтæмæй райдыдтой кафын. Уазæджы дыууæ чызгимæ симын рауагътой, стæй йæ дыууæ фарсы бацыдысты Батырадз æмæ Сослан. Йæ фæйнæфарс æрлæууыдысты ‘мæ йын йæ дыууæ фарсы батыдтой, йæ дыууæ уæхсчы йын ыстыдтой, йе ‘ккойы йын цæ сбастой æмæ йæ афтæмæй йæ хæдзармæ арвыстой.

Йæ фыд-уæйыг æм уæлейæ кæсы, æмæ йæ фырт гуыбыргуыбыр ыссæуы, æмæ загъта:

– Дæлæ мæ фырт йе ‘ккойы цыдæртæ схæссы.

Æмæ ‘ссыди мæ сæ хæдзары кæуыны йæддæмæ ницыуал уыди. Фыд ын загъта:

– Нæ дын дзырдтон, сæ гуыппырсартæ уым не сты…

– Бæгуыдæр мын дзырдтай, бæгуы, фæлæ ма цы гæнæн ис,– дзырдта кæугæйæ уæйыджы лæппу.

БАТЫРАДЗЫ БАЛЦ

Нарты равзаргæ фæсивæд нудæс æмæ ссæдз барæгæй, Батырадз дæр семæ, афтæмæй балцы ацыдысты. Бирæ фæцыдысты ‘мæ быдырты дон никуы ардтой. Иу ран æрбынаткодтой, сæ фæллад уадзынмæ. Кæстæрты арвыстой донагурæг, Батырадз дæр семæ афтæмæй. Иу ран Батырадз ыссардта хæлыны хус. Дистæ кодтой, уæдæ ай цы уа зæгъгæ, æмæ кæсынц æмæ иу ран къæдзæхы цъассæй калди дон. Сæ хæлыны хус дзы бауыдæстой, стæй йæ донæй дзаг кæнын байдыдтой, фæлæ йын байдзагкæнынæн ницы амал ыссардтой. Уырдыгæй йæ рахастой, дон йæ хуылфы афтæмæй. Нудæс æмæ ссæдз барæджы дзы сæ дойны суагътой. Уæд Нарты зæронд лæгтæ тæрхон байдыдтой, уæдæ ай цы уа зæгъгæ: ахæм диссаг куы никуыма федтам. Уæд фæстагмæ базыдтой, уый лæджы ахсæн кæй у, уый. Уыцы хъуыддаг Батырадзмæ диссаг фæкасти ‘мæ йæхицæн загъта: «Адæймаджы гуыбын байдзагкæнгæ нæу æмæ кæддæриддæр хъуамæ мæхи уымæй хъахъхъæнон». Уыцы хъуыддаг йæхимæ айста зондæн. Уæд та уырдыгæй ацыдысты, бирæ та фæцыдысты ‘мæ цыл баталынг, никæдæм уал хæддзæкодтой хъæумæ. Уалынмæ иу ранæй рухс кæлын байдыдта ‘мæ комкоммæ уырдæм бацыдысты. Æмæ дзы разынди хъæу. Рухс кæцæй цыди, уырдæм бацыдысты ‘мæ бадзырдтой мидæмæ. Рауади цæм иу ус æмæ цын фысым бакæнут, уазджытæ, зæгъгæ загъта. Сæ иуты фæндыди мидæмæ бацæуын – иннæты нæ, фæлæ рухс никуыцæй уал калди, гæнæн нал уыд æмæ бацыдысты уыцы усмæ. Ус цæ лæджы хуызæн хорз ысуазæгкодта. Хуыссын афон куы ‘рцыди, уæд ус æмæ йæ иунæг чызг быцæуы бацыдысты.

Чызг загъта:

– Ссæдзæн дзы мæ уаты куыд бахуыссæнкæнæм, афтæ.

Уæд мад дæр загъта:

– Нæ, æз мæрдтæм хæстæгдæр дæн æмæ ахæм хъуыддагыл никуал сæмбæлдзынæн. Дæуыл та царды бон бацайдагъ уæд, амæй фæстæмæ ма фендзынæ ахæм хъуыддæгтæ.

Уæд чызг загъта:

– Нæ, нана, зæронд бæх байраджы цармы нæмыг бирæ хæттыты бахордта.

Чызг йæ мады уыцы ныхасæй бабаста ‘мæ ссæдз барæджы чыззы уаты схуыссыдысты.

Уыцы ныхæстæ Батырадзы йæддæмæ ничи ‘мбæрста, уый йæддæмæ цæ хатиагау ничи зыдта, уыдон та хатиаг адæм уыдысты.

Уыцы хъуыддаг дæр та Батырадз йæхимæ зондæн райста ‘мæ йæхицæн загъта: «Сылгоймаг мæгуыр у, никуыдæм цæуы, ницы уыны мæ ницæуыл æмбæлы».

Уæд Нарт куы ’рыздæхтысты сæ балцæй, уæд та иу бон Батырадз ацыди цуаны, йæ йегæртты дæр йемæ акодта. Иу ран æм хъæуы уынджы рауадысты къуыбырхъус куыйтæ ‘мæ йын йæ йегæртты ныппырхкодтой. Уæд та дыггаг бон ацыд цуаны, æндæр йегæртты акодта йемæ, афтæмæй. Хъæуы куыйтæ дæр та цæм рауадысты, уæд йегæрттæ фæдæсныдæр ысты: куыйты разæй атахтысты, куыйтæ сæ фæдыл куы нытъанг ысты, уæд цæм фæстæмæ фездæхтысты ‘мæ цæ иугай хорз ныппырхкодтой. Уыцы хъуыддаг дæр та Батырадз йæхимæ зондæн айста ‘мæ загъта йæхицæн, уæдæ мæныл дæр тых куы цæуа, уæд, хъуамæ афтæ бакæнон зæгъгæ.

НАРТÆЙ ЛÆГДÆР

Уыди заман, æмæ Нартæм фæйнæрдыгæй куы лæбурдтой: фос цын нæ уагътой, сывæллæтты скъæфтой æмæ сæ мыггаг куынæг кодта. Æрымбырд- иу ысты ’мæ ныхаскодтой:

– Æвæдза не сæфт хуыздæр у, нæ бабын – дзæнæт ахæм царды бæсты.

Уырызмæг дзуры:

– Нартæй лæг лæджы хуызæн нал у. Æз та зæронд бадæн, цы хъом ма дæн!

Бурæфæрныг зæгъы:

– Æз дæр дæуæй уæлдай ницы зæгъинаг дæн. Махæн нæ бонтæ фесты. Фæлæ ныры фæлтæрæй æз лæгау лæг нæ уынын. Нæ цард цард нал у, нæ кад – кад.

Хæмыц зæгъы:

– Æз дæр къаддæр нæ рацардтæн сымахæй, тыхæн – тых уыдтæн, цытæн – цыт. Ныр мæ ныфс дæр нал хæссын.

Сырдон зæгъы:

– Махæй ничи ницы ‘рхъуыдыкæндзæни, фæлæ Сатанайы бафæрсæм. Сатанамæ арвыстой.

Сатана Нарты ныхасы ралæууыди ‘мæ Нартæ зæгъынц:

– Сатана, де уазæг нæхи кæнæм æмæ нын радт йе мæлæты бар, йе нæ ирвæзын фæкæн.

Сатана дзуры:

– Æз сылгоймаг дæн, сымах – лæгтæ.

– Сылгоймаг æмæ нæлгоймагыл ам нæ цæуы дзырд, фæлæ Нарты ’намонддзинадыл. Фос нæм нал зайы, сывæллон нæ никæмæ ис. – Уомæ лæгтæ стут. Лæгтæ та хæцæг вæййынц, уынаг ысты. – Мах де уазæг, Сатана, хурхæй нæ мауал мар, фæлæ исты хос. Сатана фæрсы:

– Уе ‘хсæн чи лæгдæр у, Нартæ?

– Лæгтæ негасдæр ыстæм.

– Лæгæй лæгдæр та?

– Неппæт дæр.

– Уæдæ ма цæуыл дзурут, фæйнæрдыгæй уæм лæбурдæуы ‘мæ сымах дæр лæбурут, чи уын цы хъом у!

– Мах нæ зонæм, чи у махмæ лæбурæг, чи у нæ сывæллæтты давæг, нæ фосы фæкæнæг – дзургæ дæр дæм уымæн кæнæм.

– Уый зын арæн нæу. Æртæ сыхы стут. Æртæ хатты ‘ртæрдыгæй бахъахъхъæнут æмæ базонат, чи у уæ сафæг.

Нартæ байхъуыстой Сатанамæ. Уæллаг Нартæ Бурæфæрныг – æлдары бауырæдтой, Астæуккаг Нартæ – Уырызмæджы, Дæллаг Нартæ – Ацæйы. Фыддзаг æхсæв хъахъхъæнынц.

Уæд æмбисæхсæвты Сатана Батырадзы райхъалкодта ‘мæ дзуры: – Уæлæмæ ма сыст, фæнычы бадынæй нæма схъыг дæ!

Батырадз нырма ‘взонг уыди, ныхкъуырдæй сыстади ‘мæ зæгъы: – Циу, цæмæ мæ стын кæныс?

– Уырызмæг хъахъхъæнæг у ‘мæ йæм акæс, цы фæци.

Батырдз талынджы ацыд æмæ азылди. Кæсы иу уæйыг уæргъбастæй рахæссы дыууæ лæджы, иуы та фæсарцбастæй. Баввахс и Батырадзмæ. Уæйыджы бæх ныффуттытæласы, къах размæ не ‘вæры. Уæд уæйыг зæгъы йæхи ‘взагæй:

– Фæлдысты фæ-у, ды ма къах размæ ку авæрай, исты Хæмыцы фырт Батырадз дæ разы нæ бады!

– Уый у! – зæгъы бæх.

Æрæвнæлдта Саусæр уæйыг арцæй Батырадзмæ, хъуамæ йын æй йæ бæрзæйы ныссадза. Уæд Батырадз февналы, арцимæ уæйыджы йæ бæхæй æрыппæрста, хæцын байдыдтой. Ацæ, Уырызмæг, Бурæфæрныг бæхæй рагæпласынц, сæхи бааууонкæнынц æмæ кæсынц. Нæ базыдтой Батырадзы. Батырадз уæйыджы къубал ыстонынмæ хъавыд, уæд æм Саусæр уæйыг дзуры:

– Мæн марыс, фæлæ додой дæ сæр, мæнæн ахæм æфсымæртæ ис æмæ мын мæ туг агурдзысты.

Батырадз уæйыджы къубал ыстыдта ‘мæ йæ фехста. Сæр атахти ‘мæ Саусæр уæйыджы æфсымæртæй иу Урссæр уыди, уый хъæбысы абадти. Урссæр уæйыг зæгъы:

– Оххай, ай æндæр лæппуйы зыввытт уыди.

Уырызмæджитæ уый куы федтой, уæд Нартæм æзфæразæйонæй хæрзæггурæггаг ызгъорынц. Батырадз та Саусæр уæйыджы бæхы комы бамбæхста ‘мæ рацыди сæхимæ ‘мæ та фæнычы цур абырыди.

Уæд Уырызмæджитæ ‘рхæддзæвæййынц æмæ зæгъынц Нартæн: – Стыр диссаг федтам нæхи цæстæй, иу цавæрдæр фæныкгуыз амардта не ‘фхæрæджы ‘мæ нын тас нал у.

Ныхæстæ Сатана фехъуыста мæ зæгъы Нартæн:

– Нырма цин ма кæнут, фыдбылызты карздæр фæстæдæр ис. Нартæ та нынкъард ысты. Сатана цын зæгъы:

– Ногæй хъахъхъæнджытæ арвитут.

Уæллаг Нартæ арвыстой Йеухары, астæуыггаг Нартæ – Сосланы, Дæллаг нартæ Уæзмæджы. Хъахъхъæнынц. Æмбисæхсæвтæм æввахс та Сатана райхъалкæны Батырадзы мæ йæм дзуры:

– Цавæр фынæй кæныс!

– Цы дæ хъæуы?

– Сыст уæлæмæ, Сосланæй ницы хъуысы.

Батырадз та арасти. Кæсы Урссæр уæйыг рацæуы, Уæргъбастæй рахæссы Сослан æмæ Йеухары. Уæзмæджы та фæсарцбастæй. Батырадз æнцад бадти æнæ исты дзургæйæ дурыл. Уæд Урссæр уæйыджы бæх ныххуыррытт-ныффуттытæласта. Урссæр уæйыг æм йæхи ‘взагыл дзуры: – Абыр размæ, Хæмыцы фырт Батырадз мыййаг нæй дæ разы! – Растдæр уый у,– зæгъы бæх.

Урссæр уæйыг арц æрцавта Батырадзы чъылдымыл, фæлæ йæ Батырадз рацахста ‘мæ йæ ‘риста йæ бæхæй. Рахæц-бахæц систой. Батырадз æрбырсы Урссæр уæйыджы. Уый дæр йæ мæлæт базыдта ‘мæ зæгъы:

– Багъæц, ахæм æфсымæр мын ис, кæрдзынау йæ дæндæгтæй дуртæ чи хæры. Уый уæддæр нæ ныууадздзæни мæ маст.

Батырадз ницы сдзырдта, фæлæ та уый къубал дæр ысрæдывта ‘мæ йæ фехста. Уымæн йе ‘фсымæр Сырхсæр уæйыг уыд. Уый хæринаг хордта ‘мæ Урссæр уæйыджы сæр йæ къусы смидæг и. Сырхсæр уæйыг бадзуры: – Гъе, уæдæ, гъе, уый лæппуйы зыгъгъуытт уыди, гъе.

Уый куы федтой Сосланитæ, уæд Нартæм разгъордтой хæрзæггурæггаг. Нæ базыдтой уыдон дæр Батырадзы.

Сосланитæ цалынмæ Нартæм хæддзæкодтой, уæдмæ та Батырадз уыцы уæйыджы бæхы дæр иннæ бæхы цур комы бамбæхста ‘мæ сæхимæ атындзыдта. Сбадти та сæ фæнычы.

Сосланитæ Нартæм хæрзæггурæггаг фæзындысты ‘мæ хъæркæнынц. – Мах федтам нæхи цæстæй, не ‘фхæрæг кæй фæмарди, уый. Сатана та фæзынди Ныхасмæ уыцы дзырдтæм æмæ зæгъы:

– Багъæцут, Нартæ, ма-ма цинкæнут, фыдбылызы фыдбылыздæр фæстейы ис. Фæлæ ахсæв дæр хъахъхъæнджытæ бауыромут æртæ раны, æвзонгдæрты.

Уæллаг Нартæ Бурæфæрныджы кæстæр лæппуйы бауырæдтой, Астæуыггаг Нартæ Уырызмæджы фырты, Дæллаг Нартæ Ацæмæзы. Хъахъхъæнынц. Æмбисæхсæвтæм хæстæг та Сатана райхъалкодта Батырадзы ‘мæ йæм афтæ дзуры:

– Уæлæмæ сыст, хуысгæйæ дын нæу!

– Цы та у?

– Нæ лæппу хъахъхъæны ‘мæ йыл исты ‘рцæудзæн, акæс æм. Батырадз та рацыди ‘мæ донбылыл æрбадти. Рацæуы Сырхсæр уæйыг. Дойны кæны ‘мæ цъити йæ сæрыл хæссы ‘мæ йæ цъиры. Йæ бæх æрбаввахс и, футтытæкæнын байдыдта. Сырхсæр уæйыг æм дзуры бæхмæ йæхи ‘взагæй:

– Алæс размæ, исты Хæмыцы фырт Батырадз нæй дæ разы! Бæх дзуры:

– Растдæр уый у, ды кæй кой кæныс.

Сырхсæр уæйыгæн Ацæмæз фæсарцбаст уыди, иннæ дыууæ лæппуйы та уæргъбаст уыдысты. Сырхсæр уæйыг й’ арц Батырадзы къæбутмæ фæдардта, а ныр æй нырриуыгъа, афтæ Батырадз арцмæ фæлæбурдта ‘мæ барæджы зæххыл æрцавта. Райдыдтой хæцын. Кæрæдзиуыл нал ауæрстой. Батырадз асæй къаннæгдæр уыд, фæлæ арæхстджындæр. Уæйыг ыстырдæр æмæ гуымирыдæр. Кæрдтæй нæ састысты, арцæй – иннæ ахæм. Бавнæлдтой армæй хæстмæ. Батырадз уæйыджы сæрмæ фæлæбурдта, афтæ йæ ‘рриуыгъта ‘мæ уæйыджы сæр уæйыгæн йæ уæхсчыты ‘мвæз абырыди, астæу стæй хæрæджы къæлæтау ыстасыди. Дыггаг риуыгъдæн цæнгтæ ронбастмæ ‘рбырыдысты. Æртыггаг риуыгъдæн ронбаст æрбадæнмæ ныббырыди. Уæд йæ уд систа Сырхсæр уæйыг æмæ йын йæ бæхы Батырадз комы иннæ бæхтимæ бафснайдта, стæй сæхимæ фæнычы абырыди. Ацæмæзтæ Нартæм дугъкодтой æмæ радзырдтой:

– Диссаг федтам! Нарты ‘фхæрæджы иу æнæдаст лæппу амардта. Нартæ та ныццинкодтой.

Сатана бацыд Ныхасмæ ‘мæ фæрсы:

– Цæй, чи уæ у лæгдæр, Нартæ?

Нартæ зæгъынц:

– Не ‘гасæй лæгдæр у уыцы нæдаст лæппу, зæрондæй суанг æвзонджы уонг тых йе уæнгты ис.

Сатана зæгъы:

– Гъе, уæдæ макуыуал зæгъут афтæ: негас дæр лæгтæ стæм æмæ ноджы лæгæй лæгдæртæ стæм. Æртæ хатты уæ чи фервæзынкодта, уый у Батырадз, Хæмыц – йæ фыд.

Хæмыц зæгъы:

– Уый мæ фырт к’ уаид, уæд мæнау æртæ бонмæ Нарты рæгъæутты ‘ртывæр фæкæнид, Хæмыц Нартимæ афтæмæй фæцарди.

Сатана раздæхти ‘фхæрд цæстæнгасæй. Батырадз æй фæрсы: – Цæуыл æнкъард æмæ сагъæссаг дæ, зæгъ мын æй?

Сатана загъта:

– Дæ лæгдзинад бæргæ сбæрæг и, фæлæ дæ фыд Хæмыц уæддæр мæн æфхæргæ бакодта, дæу та – фаугæ.

– Цæмæн?

– Зæгъы, зæгъгæ ды Хæмыцы фырт к’ уаис, уæд æртæ бонмæ, уыйау, Нарты рæгъæуттæ ‘ртывæр фæкæнис.

Батырадз азгъордта коммæ. Саусæр уæйыджы бæхыл абадти ‘мæ Саукоммæ фæцыди. Ратæлæткодта Нартæм Саусæр уæйыджы дзуджы. Нартыл цæ байуæрстой.

Уæд Хæмыц зæгъы:

– Уый мæ ныфс у, фæлæ хъару кæм и?

Фездæхти Батырадз фæстæмæ. Урссæр уæйыджы бæхыл ацъунг и ‘мæ Урскоммæ фæцагайдта. Ратæлæткодта Урссæр уæйыджы рæгъæуттæ дæр. Байуары цæ Нартыл.

Хæмыц зæгъы:

– Уый мæ хъару у, фæлæ уæд мæ тых та цы фæци?

Батырадз та коммæ бауади. Сырхсæр Уæйыджы бæхыл абады. Сырхкоммæ атæхы, ратæры Сырхсæр уæйыджы фос, Нартыл цæ байуары ‘мæ иу бон Нартæ фос æртæ хатты фылдæрæй райсынц сæхи фосæй уæлдай. Хæмыц зæгъы:

– Гъеныр мæ уырны æцæг мæ фырт у, уый.

Бацыд Батырадзмæ ‘мæ зæгъы:

– Нартæй ды лæгдæр дæ, сæ лæгдæртæй та уæлдæр дæ.

Ныттыхсти Батырадзыл.

Нартæ дæр уæлдай ницы уал загътой Батырадзы тыххæй. Батырадз дæр куыннæ скадджын уыдаид!

НАРТÆ ФÆСХОХМÆ КУЫД АЦЫДЫСТЫ Нарты Уырызмæг, Уырыдз æмæ Батырадз ысфæндкодтой фæсхохмæ хæтæны ацæуын æмæ загътой: «Иуыл бадгæ куы кæнæм, уæд хорз нæу». Ацыдысты ‘мæ цыл Сырдон амбæлд. Уыдон Сырдонæй æлгъыстæй тарстысты ‘мæ фæстæмæ раздæхтысты. Стæй загътой: «Мах Сырдоны тыххæй нæ хъуыддаг куы ныууадзæм, уæд уый диссаг нæу!»

Дыггаг бон та араст ысты фæсхохмæ. Сырдон та цыл амбæлд æмæ йын балæхстæкодтой, цæмæй цæ ма ралгъыстаид. Фæлæ цæ Сырдон уæддæр ралгъыста:

– Залты цъити, æнусы мит уыл ныууарæд, цæуæн, хæрæн уын куыннæ уа, уе ‘рчъиты хъустæ куыд ныллыгкæнат æмæ уыдон сæ фæсæлттæй куыд ысфыцат.

Сырдоны ‘лгъыст цыл æрцыд æмæ цыл бирæ мит ныууарыд. Уыдон се ‘рчъиты хъустæ ныллыгкодтой æмæ цæ бахордтой. Уалынмæ цæм хохæй рувас æрцæйцыд æмæ бацинкодтой, фæлæ рувас бæласы мæрамæ бахызти. Уыдон æм кастысты ‘мæ йæ фæдыл æрцыдысты. Батырадз йемæ Уырыдзы худ ахаста. Бæласы мæрайы худыл арт бафтыдта. Рувас куы суынгæг, уæд æрхаудта, стæй йæ бахордтой. Фæлæ цæм уыйфæстæ æгад æркасти мæ загътой: «Ау, махæн худинаг уыди рувас бахæрын æмæ худинаг дæр фестæм. Ныр хуыцауæй æмæ зæххæй ард бахæрæм, нæхицæй дарддæр мах ацы хъуыддаг искæмæн куы схъæркæнæм».

Рувасæн ма баззад йæ царм æмæ йыл нæ фидыдтой, алчидæр æй йæхимæ хъавыди. Батырадз загъта:

– Рувасы царм мæнæн куы радтиккат, уæд дзы Хæмыцæн кæрцы ‘фцæггот акæнин.

Уырыдз загъта:

– Мæнæн æй куы радтиккат, уæд мæнæн нæуæг гуырд ис æмæ дзы уый къæхтæ стухиккам.

Уырызмæг цын загъта:

– Мæнæн æй куы радтиккат, уæд-иу дзы ныхасы мæ къухтæ акæнин æмæ-иу уе ‘хсæн уæзданæй бадин.

Куы нæ йыл бафидыдтой рувасдзармыл, уæд загътой: «Уæдæ афтæ ма бакæнæм, Нарты тæрхоны лæгтæм æй æрхæссæм, æмæ йæ уыдон кæмæн ыстæрхонкæной, уый йæ ахæсдзæн».

Уыйфæстæ фæсхохæй рацыдысты ‘мæ Нарты хъæумæ куы ’рцæйхæддзæ кодтой, уæд цæм мæрдтæ дзæппæзтæй дзурынц: «Æгас цæут, рувасхортæ!» Уыдон загътой: «Гъей, хуыцау нæ куыд ралгъыста!» Нартыхъæумæ ссыдысты мæ цын нал уыди бамбæхсæн сæ хъуыддагæн. Райсомы рувасдзарм æрхастой Нарты тæрхоны лæгты размæ мæ цын загътой:

– Ацы рувасдзарм ыссардтам æмæ йыл нæ бафидыдтам. Ныр нын сымах ыстæрхонкæнут æмæ кæмæн æмбæлы уымæн æй радтут.

Уæд Нарты тæрхоны лæгтæ загътой:

– Ницы бирæ тæрхон ыл хъæуы. Ихджын донæй цыппархъусджын аг байдзагкæнут æмæ уый дзыхы ныхæстæй чи рафыцынкæна, уый йæ ахæсдзæн.

Раздæр бар радтой Уырызмæгæн. Уый аджы уæлхъус алæууыд æмæ загъта:

– Мæнæ аг, æз дæ разы мæнг ныхæстæ нæ фæкæндзынæн, фæлæ мæ дæхæдæг дæр ма фæсай!

Нарты тæрхоны лæгтæ кæрæдзимæ бакастысты ‘мæ загътой: «Нæй, Уырызмæг æй н амбулдзæн!»

Стæй Уырызмæг райдыдта ныхæстæкæнын:

– Æз ардыгæй ацыдтæн Аскъуыппмæ сырд марынмæ ‘мæ дзы хорз сырд амардтон. Сырд мæ размæ ‘ртылди. Стæй кæсын, æмæ йæ никуал ауыдтон: кæмдæр фæтары. Æз фæкатай дæн, уæдæ мæ сырд цы фæци зæгъгæ. Аскъуыппы рæзты бацыдтæн æмæ мын уым иу ран иу ус æмæ лæг мæ сырды мард ыстигъынц. Дуар мын бакодтой æмæ мæ хæдзармæ бакодтой. Мæ сырды мардæй ма мын æхсæвæр бахæрынкодтой. Уыйфæстæ мын уат бакодтой æмæ схуыссыдтæн. Гытцыл куы ахуыссыдтæн, уæд ус йæ цонг радардта мæ бæстæ ныррухс-ныссыгъди. Æз усыл фæхъæркодтон: «Басыгъдыстут!» Уый загъта: «Æнцад хуысс, Уырызмæг, ницы дæ дзырддаг и». Уыйфæстæ та усæн йæ фарс разынд æмæ та бæстæ ныссыгъд- ныррухс и. Æз та загътон усæн: «Басыгъдыстут». Уæд уыцы усæн йæ лæг фестади ‘мæ мæ нымæтын йæхсæй ныцъцъыкласта. Æз тæхгæ йегар teqr`dr8m. Адæм мæ куы базыдтой, уæд мыл дзуг-фыййæуттæ ‘лхæнынмæ фæлварын байдыдтой. Иу хатт хохы мидæг фæцæуын мæ хицауы фæдыл æмæ саджы ауыдтон. Цал æрдуйы йыл уыди, уал æрттывды кодта саг. Æз æй фæстейы сурын байдыдтон саджы. Уый мæм раздæхт æмæ мæм дзуры фæстæмæ:

– Мæн ма сур, ма, Уырызмæг, мæн дæ хуызæттæ не ‘рбаййафдзысты. Фæлæ ма цæмæй Уырызмæг фестай, уый тыххæй дæхи срынчынкæн æмæ дæм уыцы ус æмæ лæг æртæ ‘хсæвы баддзысты. Æртыггаг æхсæв ку’ афынæй уой, уæд сыст æмæ нымæтын йæхс дæ къухы бафтдзæн. Ды уыцы нымæтын йæхсæй дæхи ‘рцæв æмæ Уырызмæг фестдзынæ. Стæй дзы ус æмæ лæджы дæр ныццæв æмæ уыдон та сылхæрæг æмæ нæлхæрæг фестдзысты. Уæд æмæ афтæ нæ саразай, уæд дæхæдæг тæхгæ йегарæй баззайдзынæ».

Æз, саг мын куыд бацамыдта, афтæ сарæзтон. Нымæтын йæхсæй мæхи рцавтон æмæ фæстæмæ Уырызмæг фестадтæн. Стæй дзы ус æмæ лæджы ‘рцавтон, æмæ сылхæрæг æмæ нæлхæрæг фестадысты.

Уырызмæг йæ ныхæстæ уыууыл фæци, фæлæ аг йæ ныхæстæм нæ рафыхт.

Уыйфæстæ Уырыдз загъта:

– Æз мæнг ныхæстæ нæ фæкæндзынæн, ацы рувасдзармы тыххæй. Æз æмæ Сослан уыдыстæм хохы ‘мæ иу тæрхъус амардтам. Сырдкъæрт æй акодтам, стæй йæ сфизонæгкодтам æнæхъæнæй. Сослан хуыссыди. Æз æй æд уæхст æнæхъæнæй сыджытыл æрсагътон. Тæрхъусы мард агæпласта ‘мæ никуы уал фæзынди. Сослан куы райхъал, уæд мæ ‘рфарста:

– Нæ физонæг кæм и? – лæбурдтытæкодта Сослан.

– Мæ тæрхъусы мард мын бахордтай, æндæра фыхæй тæрхъус кæд алыгъди?

Æз Сосланæн загътон:

– Цæуыл бамасткодтай, цæ, Сослан, ус дæр дын куы нæ ис, ус! Уый мын загъта:

– Æмæ усæй цы кæнын, фæлæ тæрхъусы мард бахордтай æмæ ныр æххормагæй бадæм.

Æз та йын загътон:

– Æмæ Бурæфæрныг Уысыбийы чызг курынмæ ку’ ацæуæм, уæд нæ уый кæрдзынæй нæ бафсаддзæн? Уыйфæстæ ма уырдыгæй ацыдыстæм æмæ Бурæфæрныг Уысыбийы æрвадмæ бацыдыстæм. Бурæфæрныг Уысыбийы чызг уыд уады хъус фæрдыджы гуыбынæй конд. Мах йæ рæзты ку’ ацыдыстæм, уæд кæрдгæ-хуыйгæ бадти ‘мæ нын уæлæмæ нæ фестад. Стæй фæстæмæ куы раздæхтыстæм йæ рæзты, уæд нæм бахудти. Сосланæн дæр йæ зæрдæ фæрухс и. Уæд æз Сосланæн загътон:

– Худгæ нæм хорз куы бакодта ацы чызг, уæд ацы хъуыддагæн куыд бакæнæм?

– Æмæ йын цы бакæнæм, кардæлвæстæй нæ хæцын нæ хъæудзæн! Уалынджы Бурæфæрныг Уысыби дæр кæцæйдæр æрцыд. Мах дын йæ хæдзары рыййæфта ‘мæ нын загъта:

– Æгас цæут, уазджытæ! Куыд æнкъардæй бадут мæ хæдзары? Кæцæй ыстут, уый мын зæгъут.

Æз ын загътон:

– Мах Нартæй ыстæм. Фæрныг лæг дæ хонынц æмæ дæм уынынмæ ‘рцыдыстæм.

– О мæ хуртæ, уæдæ æз дæр уæ уындмæ куы бæллыдтæн. Нарты хъусгæ кæнын, фæлæ уын уæ адæмы куынæ зонын.

– Уæдæ нæ кæд ысуазæгкæнай, уæд мах ыстæм усгур мæнæ мæ кæстæр æфсымæрæн.

– Æз Нарты куыннæ суазæгкæндзынæн, уæ фендмæ бæлгæ куы кодтон!

– Уæдæ дæ мах дæр æндæр ницы агурæг ыстæм.

Уæд Бурæфæрныг Уысыби ‘хсæвæр ыскодта æмæ нын загъта: – Чызг фенын дæр зын нæ уыдзæн, фæлæ уал æхсæвæр бахæрæм. – Махæн не ‘хсæвæр гъеуæд уыдзæни, дæ чыззы нын куы фенынкæнай.

Уæд нæм чызг иу уатæй иннæ уатмæ дзуры:

– Мæн уын цы фенын хъæуы, кæд мыл уæхæдæг æрвæссут, уæд æз уæлдай ницы зæгъын.

– Уыйфæстæ кæрдзын бахордтам æмæ суанг боны цъæхмæ фæбадтыстæм. Стæй нæ бæхтыл ысбадтыстæм æмæ рацыдыстæм. Чыззы дæр немæ рахастам.

Уæд уыцы ныхæсты фæстæ агмæ фæзылд. Стæй Сосланмæ дзуры: – Æз мæнг ныхæстæ куыд нæ фæкодтон, афтæ ацы аг неппæты дæр сайдзæн.

Уæд Батырадз фестад æмæ загъта:

– Сымах иууылдæр гæды ныхæстæ фæкодтат, фæлæ ма ацы аг мæн фæсайæд!

Агæн йæ уæлхъус лæууыди Уацилла ‘мæ йæ фыцын нæ уагъта. Батырадз агмæ фæцæйцыд æмæ загъта:

– Уациллайæн йæ лæппуйы къубал куыд ныллыгкодтон, афтæ йын йæхи къубал дæр ныллыгкæндзынæн æмæ йæ лæппуйы къубал саджы сæджы куыд æмбийынкæндзынæн.

Уацилла агæпкодта Батырадзы ныхæстæм æмæ аг дæр рафыхти. Нарты тæрхоны лæгтæ бахудтысты Батырадзмæ мæ загътой:

– Гъей, кæд нын Батырадзы хуызæн лæджыгъæдджын лæг ничиуал разына!

Уыцы ран Нарты тæрхоны лæгтæ адæмы ‘хсæн рувасдзарм Батырадзæн радтой, æмæ сæ ныхас уыууыл ахицæн.

БАТЫРАЗ ТÆРИГЪÆДДЖЫНТЫ КУЫД МАРДТА Батыраз аллæбон дæр хур ыскæсынæй хур æрныгуылынмæ зылдис Телдурайыл бадгæйæ тæригъæдджынты марыныл æмæ мардта аллæбон дæр фондзыссæдз тæригъæдджыны. Иу йæ фондзыссæдзы иу хъуаг кодтой. Дыууæ зылды ‘ркодта хурыскæсæнæй хурæрныгуылынмæ ‘мæ никуы ардта тæригъæдджынтæй иу.

Чабæйы мæзджыты иу йефæнды ламаз кодта ‘мæ уыууыл йæ зæрдæ фехсайдта. Кард æм фелвæста. Дуры сæр лæууыд йефæнды, æмæ йæ мæсты цæф ныккодта Батырадз йефæндыйы. Йæ фырмæстæй кард æмæ йæ цонг дæр аныгъуылдысты дуры. Йефæндыйы хуылфæй та ахауди дыууæ куыдзы къæбылайы. Тынг дис фæкодта Батыраз уыууыл. Хъуыран систа ‘мæ нымадта, хуыцау ацы къæбылаты уыцы лæджы хуылфы цæмæ уыдысты, уый мын базонынкæн зæгъгæ. Хъуыраны фыст уыдис: «Уыдон уымæн уыдысты ‘мæ йе ‘рдхорды усмæ бахъуызыдис. Дунейыл уымæй тæригъæддæр ницы ис, йе ‘рдхордыл адæймаг галиуæй куы цæуа».

БАТЫРАЗ ÆНÆСÆР ЗÆППАДЗМÆ КУЫД БАЦЫД Иу хатт Батыраз фæцæйцыд фæндагыл æмæ йæм фæндаггæронæй дзырдта иу йе ’мгар лæппу æнæсæр зæппадзы хуылфæй, Батыраз, курын æмæ рацы, кæрдзын иумæ бахæрæм зæгъгæ.

Батыраз фæдискодта, хонгæ мæ кæны, фæлæ ‘нæсæр зæппадзмæ кæдæм бацæудзынæн зæгъгæ.

Лæппу йæм дзуры:

– Батыраз! Раздæх æмæ иумæ бахæрдзыстæм.

Бацыдысты Батыразимæ ‘нæсæр зæппадзмæ ‘мæ дзы мидæгæй уыди хорз галуантæ.

Лæппу ламазкодта сырхзынг дурыл. Дурыл иу куы рлæууыд, уæд-иу йæ къахы бынтæм дзул æрбацыди. Йæ уæрджытæ куы рæвæрдта дурыл, уæддæр, йæ къухтæ ‘мæ йæ сæры бын дæр.

Тынг дис ыл фæкодта Батыраз, фæлæ сæ фæсдуар дзæргъ баст уыд. Тынг хъыг уыдис Батыразæн уыцы дзæргъы уынд. Лæппуйæн загъта, ламазконд куы фæцис, уæд.

– Кæй мæ ’рбахуыдтай, уымæй бузныг, фæлæ дæлæ фæсдуар баст чи ис, уый та дын циу?

Лæппу загъта:

– Уый мæ мад у.

Батыраз фæрсы:

– Æмæ дæ мад цæмæн афтæ у?

– Уый уымæн афтæ у, æмæ уæлæуыл мæнæн æнæ ме ‘мгар кæрдзын хæрæн нæ уыд. Ме ‘мгæртты-иу куы ‘рбакодтон, уæд-иу цæ уый хуытæ хуыдта. Йеныр йæхæдæг мæрдты хуы у.

Батыраз сламазкодта:

– Хуыцау! Уæдæ уыцы хуыйы уæлæуыл куыд уыд, афтæ ног чындзы хуызæн фестынкæн.

Хуы ног чындз фестад æмæ дзуры:

– Лæппу! Ацы хуытæ нæ уæлæуыл нæ уагътой, фæлæ нæ мæрдты дæр нæ уадзынц, æви цы?

Батыраз тобæ ‘рхаста:

– Хуыцау! Уæдæ цы уыд, уымæй йæ авд фыддæр хуыйы фестынкæн. Хуы фестад. Батыраз сæхимæ рацыди.

Батыраз – йæ нæртон ном, Хадзырæт-Али та йæ хъуыраны ном.

ХЪЫЗЫМÆТ ÆМÆ НАРТЫ ГУЫППЫРСАРТÆ Уациллайæн авд хæрæфырты уыдис. Уыдон райгуырдысты авд азмæ. Авд азы рацыди лæппуты гуырдыл, уæд та Уациллайæн ноджы райгуырди хæрæфырт, лæппу нæ, фæлæ чызг. Ном ыл сæвæрдтой Хъызымæт. Авд æфсымæры, Уациллайы хæрæфырттæ, сфæндкодтой сæ хойы буцæй ысхъомылкæнын. Сау денджызы былыл. Хъызымæтæн сарæзтой бæрзонд æрхуы мæсыг. Йæ чъыр авдазыккон кæмæн уыдис, ахæмæй та йæ сæрдгæ бакодтой.

Хъызымæт рæзти, йæ афонмæ ацыди, усгур æм сарæх и, фæлæ никæмæн куымдта.

Авд æфсымæры загътой:

– Нæ хо махæй авд азы кæстæр у. Авд азмæ хуыздæр миниуæг чи равдиса, уымæн æй раддзыстæм.

Авд азмæ алчи йæ миниуæг æвдыста – уæдæ зондæй, уæдæ гъдауæй, уæдæ хъаруйæ. Авд азы дæргъы авд æфсымæры алырдæм сæ хъус дардтой. Зондæй равзæрстой Уырызмæджы, уæзданæй – Сосланы, тыхæй – Батырадзы, зарынæй – Хæмыцы. Авд азы фæстæ алчи йæ амонд æвзæрста Хъызымæтыл, фæлæ авд æфсымæры никæй равзæрстой.

Уæд Нарты гуыппырсартæ авдæй рацыдысты: Бурæфæрныг, Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батырадз, Ацæмæз æмæ Нарты хæрæфырт Сæхыг. Бацыдысты авд æфсымæрмæ, Уациллайы хæрæфырттæм, æмæ зæгъынц: – Уазæг нæ уадзут, фысымтæ?

Кæстæр æфсымæр рауади ‘мæ дзуры:

– Уазæг хуыцауы уазæг. Мидæмæ нæм рахизут.

Нартæ бахызтысты мидæмæ. Уайтагъд ыздыхтуырынхъджын фынг сæ разы февзæрди. Хæрд, нуæзт дæр йæ уæлæ, фæлæ Нартæ ницы хъауынц, ницæмæ дæр агайгæ кæнынц.

Фысымтæ фæрсынц:

– Истæмæ цæуылнæ ‘вналут?

Уырызмæг зæгъы:

– Мах хæрд æмæ ныуæзт цух не стæм, нæ дæр уый æнхъæлцау ыстæм. Мах æрцыдыстæм сымахмæ.

– Уæд цæй фæдыл?

Бурæфæрныг зæгъы:

– Мах, Нартæ, æрцыдыстæм уæ хо Хъызымæты тыххæй, мах фæнды Хъызымæт Нарты чындз куы бауид, уый. Нартæй хуыздæр ма кæм ыссардзыстут хæстæгæн.

Æфсымæртæ зæгъынц:

– Хъызымæты йæхи куынæ фæнда, уæд уый æвастæй нæ бон нæу æмæ йæ искæмæн тыххæй радтæм.

Сослан дзуры:

– Ракæнут ма уæ хойы нæ цурмæ.

Æфсымæртæ ракодтой сæ хойы – Хъызымæты. Йæ цæсгомы рухсæй u8dg`p{ къултæ ныррухс ысты. Йæ къахæрбайстмæ йын Нартæ нымдзастысты. Уырдыг ыслæууыд Хъызымæт æмæ цын арфæ ракодта йæ сæрæй.

Хæмыц дзуры:

– Кæй дæ, уыдонимæ ‘нæнизæй цæр, хорз амонд дæ хай, фæлæ дæм мах æрцыдыстæм фæрсынмæ: Нартæн разы дæ æви нæ, мах фæнды, цæмæй цæм чындзы фæцæуай.

Хъызымæт дзуры:

– Нарты кой рагæй хъусын, фæлæ цæ ницæмæй зонын, кæмæ цæ цы миниуæг ис, уый нæ хатын. Кæд мын м’ авд фарстæн дзуапп раддзыстут, уæд разы дæн.

Нарты хæрæфырт Сæхуыг дзуры:

– Зæгъ дæ фарстытæ.

Хъызымæт æрыхснырста, йæ фындзæй æххормаг бæлон æрхаудта мæ зæгъы:

– Гъеуый уæ исчи сдзæбæхкæнæд, æмæ базонæд ц аххосæй у рынчын?

Нартæ бæлоны уыдтой радыгай. Уæд æй Бурæфæрныг райста, бæлоны йæ комытæф бауагъта, бæлон адзæбæх æмæ стахт и.

Бурæфæрныг фæрсы:

– Цы зæгъыс, Хъызымæт?

Хъызымæт дзуры:

– Уынын, ды дæ фæрныгджын лæг. Дæ мыггаджы дæуæй исджындæр ничи и ‘мæ бахъуыды сахат мæлæг лæгæн æххуысхъом дæ. Дæуæй ницы хъасткæнын, фæлæ мын ныр та меннæ фарстæн радтут дзуапп. Мæ мадырвадæлтæм уыдтæн. Мæ дыууæ ‘фсымæры фæхыл ысты, боны фæстагмæ бафæлладысты. Уæд цæ иу æрлæууыди мæ зæгъы: «Цæв мæ, кæд дын æвгхауаг нæ дæн, уæд». Уæд дыггаг æфсымæр дæр æрынцади, цыдæр хъуыр-хъуыр ма акодта ‘ндæр ницыуал загъта, уый цы амоны? Уырызмæг зæгъы:

– Уый уый амоны æмæ йæ хыл раздæр чи ныууагъта, уый зондджын уыдис, иннæ та æдылыдзæф æмæ ахæмæн æнæ хъуырхъуыргæнгæ нæй хос, цыфæнды йын куы дзурай, уæддæр. Зондджыны фарс хуыцау у, æдылыйы фарс та – фыдбылыз.

Хъызымæт зæгъы Уырызмæгæн:

– Бæрæг у, ды Нарты мыггагæн сæ зондджындæр кæй дæ. Раст дзуапп радтай. Дæ хуызæн цы мыггаджы ис, уырдæм чындзы фæцæуын æмбæлы, ницы фау дæм хæссын. Ныр мын ме ‘ртыггаг фарстæн радтут дзуапп. Мæ мадырвадæлтæм уыди авд чыззы. Сæ иуæй иннæ хæрзконддæр, хæрзуынддæр. Цыдысты цæм усгуртæ алырдыгæй. Уæд алы усгуримæ йæхи цæуæг кодта донбеттырты лæппу ’мæ-иу чыззытæ уый куы федтой, уæд- иу сæ хуыз фæтары, мæстæйдзаг-иу баисты. Цæмæн, цæй тыххæй, гъеуый мын райхалут.

Хæмыц зæгъы:

– Уый-иу цæстыкодта чыззыты. Донбеттырты усгуртимæ куынæ цыдаид, уæд чыззытæй иу дæр йæ хуыз нæ сæфтаид, нæдæр мæсты кодтаид.

Хъызымæт зæгъы Хæмыцæн:

– Раст дзуапп мын радтай. Зыны дыл ды сылыстæг уарзаг дæ, уый. Фæлæ дæ хуызæн дæр хъæуы мыггаджы. Де ‘знаджы мыггагæн тыхбакæнын, уымæй ызнаг мæлгæ кæны ‘мæ мæтæй мæлы. Ды дæр пайда дæ ‘мæ дæ мыггагмæ ацæуынæн дыууæ зæгъæн нæй. Фæлæ мын ныр та иннæ фарстæн радтут дзуапп. Мæ мадырвадæлтæм хины сырд сахуыр. Уымæн тых бакæной, уый нæ фæрæзтой. Уæд æм мæ фыд ацыди йе ‘рцахсынмæ. Иуран æй баййæфта ‘мæ йæ асырдта. Сырд фæкæсфæкæскодта фæстæмæ. Уæд мæ фыд иу уæрмы ныггæпласта. Хинысырд фæстæмæ фæкасти мæ зæгъы: «Ай мæ сурæг куынæ ис, уæд кæдæм лидзын!» Раздæхти фæстæмæ. Уæрмы уонг куы ‘рбахæддзæ ис, уæд æй йæ къахæй æрцахста мæ фыд. Хинысырд лæгъстæтæ бæргæ кодта, зæгъгæ нал цæудзынæн, фæлæ йын нæ батæригъæдкодта, амардта йæ ‘мæ уый цæй тыххæй? Зæгъут мын æй, Нартæ.

Сослан зæгъы:

– Уыцы сырды дæ фыд никуы ‘рцахстаид, хинæйдзаг уыд, фæлæ хингæнæгæй хиндæртæ вæййы, æмæ йæ дæ фыд хинæй æрцахста.

Хъызымæт дзуры Сосланмæ:

– Зыны дыл тыхджын дæ уый, фæлæ ды та уыцы хинысырдæй æмæ мæ фыдæй дæр Нарты хиндæр дæ. Де ‘знагыл хинæй фæтыхвæййыс æмæ дæ уый аразы. Ды цы мыггаджы дæ, уым ис дæ ‘руаджы фæцæрæн. Ницы фау дæм хæссын. Ныр та мын радтут ахæм фарстæн дзуапп. Мæ мадырвадæлтæм уыд уазджытæ, уæд иннæ фæлтæр уазджытæ дæр æрбацыдысты ‘мæ фыддзаг уазджыты кæстæр уыдон бæхты дæр æрыфснайдта, стæй та æртыггаг фæлтæр дæр æрбацыди ‘мæ та уыдон бæхты дæр æрыфснайдта. Афтæмæй хæдзармæ ‘ппæты фæстæ бацыди, кæд сегасы разæй æрцыди, уæддæр. Æмæ уый ц’ амоны?

Сыхаг дзуры:

– Уый æвдыста æвзыгъддзинад йæхи ‘мбæлтты раз, дыггæгты ‘мæ æртыггæгты раз дæр, цæмæй йæм хæрамæй æмæ аиппæй мацы бафиппайой. Хъызымæт зæгъы Сæхыгæн:

– Уынын, ды дæ уæздан æмæ раст лæг, дæ фæрцы ис дæ мыггаджы фæцæрæн. Хæрамæй дæм ницы арын. Ныр мын зæгъут дзуапп ахæм фарстæн. Мæ мад чындзы цы бон цыди, уыцы бон мæ мадмæ скъæфæг дæр æрцыди. Уæд мæ фыд зæгъы сиахсæн: «Ды дæ цыд кæн, а скъæфæджы мæхи бар уадз». Йæхæдæг йæ риуæмбæрц æрлæууыди скъæфæджы раз æмæ æмæ йæ размæ нал уадзы. Диссаг уый нæ уыд, фæлæ диссаг уый уыд, авд авды кæрддзæфтæ фæци ‘мæ мады фыд æмæ н’ амарди, авд бонмæ сдзæбæх и. Гъемæ уый цæмæн афтæ уыд?

Батырадз зæгъы:

– Дæ мады фыдмæ хиндзинадæй ницы уыд, фæлæ уыди иу раст адæймаг. Нæ дæр æм хæрам исты уыд æмæ йæ риуæмбæрцæй хъахъхъæдта йæ кад æмæ йæ мыггаджы ном.

Хъызымæт Батырадзæн зæгъы:

– Уынын ды дæ раст адæймаг. Фидарзæрдæ ‘мæ ныфсы гуырд. Цыфæнды знагмæ дæр цæуыс æргомæй, тæрсгæ нæ кæныс, æмæ хъахъхъæныс дæ ном, дæ мыггаджы ном. Фауинаг ницæмæй дæ. Ды цы мыггаджы цæрыс уырдæм фæцæуынæй фæсмойнаг ницы ис. Фæлæ ма уæм фæстаг фарст дæр дæдтын. Мæ мад чындзы куы цыди, уæд мæ фыды фæндыр ныппырх и ‘мæ чындзхæсджытæ цæмæй æнкъард ма кодтаиккой, уый тыххæй дæттæ заргæ кодтой, кæмттæ хъырнгæ кодтой, æврæгътæ ‘мдзæгъд кодтой, сырдтæ кафгæ кодтой, æмæ уый цæмæн уыд?

Ацæмæз зæгъы:

– Уымæн æрдзон лæвар Хуыцау радта ‘мæ ма йæ фæндыр цæмæн хъуыди!

Хъызымæт дзуры Ацæмæзæн:

– Раст зæгъыс. Бæрæг у ды дæхæдæг дæр тынг дæсны фæндырдзæгъдæг дæ, уый. Маст æртайынкæндзынæ дæ фæндырдзагъдæй, цинмæ цин батаудзынæ дæ рæсугъд зардæй æмæ ды цы мыггаджы цæрыс, уым ис фæцæрæн. Фау дæм ницæмæй хæссын.

Бурæфæрныг сыстади, райста Хъызымæты къух æмæ зæгъы: – Къуырийы фæстæ дæм зындзынæн, фæлæ мæ зæрдæмæ цæмæй цæуыс, уый мæ зæрдæйы хæссын.

Уырызмæг зæгъы:

– Дæ къух дын исын, Хъызымæт. Къуырийы фæстæ дæм зындзынæн, мæ зæрдæйы хæссын цы дæ бауарзтон, уый.

Хæмыц зæгъы:

– Æз дæр дын исын дæ къух къуырийы фæстæ ам уыдзынæн æмæ дæ ц’ уарзын, уый та мæ зæрдæйы хæссын.

Сослан зæгъы:

– Нартыл фау не ‘вæрыс, цы дæ уарзын, уый ис мæ зæрдæйы. Къуырийы бонмæ дæм зындзынæн.

Сæхыг дзуры:

– Ме ‘мбæлттау æз дæр мæ зæрдæйы хæссын, дæуæй цы бауарзтон, уый. Къуырийы бонмæ дæм зындзынæн.

Батырадз зæгъы:

– Къуырийы бонмæ дæм æз дæр зындзынæн, мемæ та хæссын, цы дæ бауарзтон, уыцы хай.

Ацæмæз зæгъы:

– Æз дæр дæм къуырийы ‘мгъуыдмæ зындзынæн, мæ зæрдæйы хæссын дæуæй цы бауарзтон, уый.

Нартæ къуырибалцы фæцыдысты. Хъызымæт хъуыдыкæны, уæдæ цæ кæй зæрдæмæ цæмæй фæцыдтæн?

Æртæ боны рацыд æмæ Сау уæйыджы фырт Хъæллау Авд æфсымæры кæрты балæууыди. Бахъæркодта:

– Хæдзаронтæ, уæ дуармæ уазæг.

Хъæрмæ кæстæр æфсымæр рауади ‘мæ зæгъы:

– Уазæг алыбон æгас цæуæд. Мидæмæ рахиз.

Хъæллау мидæмæ бахызти ‘мæ ‘рбадти. Йæ разы йын фынгæвæрд хæрд, нуæзт акодтой. Хъæллау анызта авд фæдфæдыл, дзабыры фындзæй ахæцыди фынгыл æмæ æнæхсæст митæ кодта.

Уæд зæгъы авд æфсымæрæн:

– Уæ хо Хъызымæт кæм и?

Æфсымæртæ сæфсон кодтой:

– Нæ хо – Уацилламæ.

– Уым нæй, æз уырдыгæй цæуын.

– Ау, нæ хо дæу цæмæн хъæуы?

– Хъуамæ йæ ракурон.

– Нæ хо куырдуаты ис Нартæм.

– Сæ кæцыйæн?

– Сæ хъæздыгдæрæн.

Хъæллау ныххудти ‘мæ зæгъы:

– Уæдæ ма кæсут мæ фосмæ.

Ныхситкодта Хъæллау æмæ бæстæ фосы дзугтæй айдзаг и. Стæй фæрсы:

– Мæнæй хъæздыгдæр у?

– Нæу, фæлæ сæ зондджындæр дзуры нæ хойыл.

Хъæллау зæгъы:

– Уæдæма фæлæуут.

Хъæллау дыггаг æхситт ыскодта, арвы ‘ртæ дуары февзæрди ‘мæ фегом ысты. Иу фæндаг марджытæм, иннæ – тугисджытæм, æртыггаг – рæстæгтæм. Æртæ барæджы рацæуы. Хъуыдыкæнынц, кæуылты ацæуой. Хъæллæу цæм дзуры: «Æртыггагыл ацæут».

Æфсымæртæ дзурынц:

– Раст цын амоныс, фæлæ нæ хойыл Нарты сылыстæг уарзæг дæр дзуры.

Хъæллæу зæгъы:

– Уымæй хуыздæр цы ис! Уæ хо мæ къухты к’ уа, уæд æй мæ хъæбысы дардзынæн, зæхмæ дæр æй не ‘руадздзынæн.

Æфсымæртæ зæгъынц:

– Нарты хин лæг дæр дзуры нæ хойыл.

Хъæллæу зæгъы:

– Æз уымæй хиндæр дæн, æндæра Нартæ ам куы уыдысты, уæд уый дæр базыдтон, æмæ цыл ныр хинæй цæуын.

Æфсымæртæ та зæгъынц:

– Нæ хойыл Нарты уæздандæр дзуры ‘мæ дын æй н’ ауадздзæн. – Æз уæздандзинад куынæ скодтаин, уæд Нарты ардыгæй фæсырдтаин.

– Нæ, ницы фæсырдтаис, уымæн æмæ Нарты тыхджындæр ам уыди ‘мæ дæ амардтаид.

– Ау, мæнæй цæмæй тыхджындæр у, мæ хъæр арвмæ хъуысы, ме ‘рмтты дуртæ ууæрдын, мæ дæндæгтæй зæгæлтæ хæрын.

– Уымæй дæр раст дæ, фæлæ Нартæн сæ фæндырдзæгъдæг дæр ам уыди ‘мæ дын уый н’ ауадздзæни нæ хойы никæмæн.

– Фæндыр æз мæ былтæй дæр ацæгъдын,– зæгъы Хъæллау, æмæ ныхситкодта. Йе ‘хситт Нарты стæронтæм фехъуысти ‘мæ зæгъынц: – Цымæ уыцы æдылы ‘хситт чи кæны? Нæ чындзагмæ мачи ‘рцæуа? Бурæфæрныг зæгъы:

– Кæд мах алцæмæй базыдта, уæд мах разæй кæмæ хъуамæ фæцæуа, къуырийы бæрц нæм куыннæ хъуамæ фæкæса?

Нартæ ницыуал загътой Бурæфæрныджы дзырдтыл.

Хъæллау зæгъы:

– Цæй, цæмæй ма сты хуыздæр Нартæ?

Æфсымæртæ зæгъынц:

– Бæрæг бæрцæй ницæмæй, фæлæ къуыри мгъуыдмæ фæлæу.

– Къуыримæ нæ лæууын, фæлæ мын æй гъеныр радтут.

– Нæ бон Нарты ‘вастæй нæу.

– Уæд æй тыхæй ахæсдзынæн.

– Тыхæй дæ цы фæнды, уый кæн. Æнæуый нæ бон нæу.

Хъæллау дуæрттæ басаста ‘мæ ахаста Хъызымæты.

Къуырийы фæстæ Нартæ раздæхтытсы Авд æфсымæрмæ, Уациллайы хæрæфырттæ ‘рцыдысты ‘мæ зæгъынц:

– Нæхион кæм и, Уациллайы хæрæфырттæ?

Уыдон зæгъынц:

– Сау уæйыджы фырт Хъæллау æй тыхæй фæхаста.

Нартæ смæсты сты ‘мæ Хъæллаумæ фæцыдысты. Хъæллау йæ фидæртты дуæртты æзынæхгæд* (*Ома фидар æмыр æхгæд.) ыскодта æмæ Хъызымæтимæ хынджылæгкодта. Уæд Батырадз фатыл йæхи сивтыгъта ‘мæ йæхи дуарыл ныццæвынкодта. Авд дуары æзынæхгæдæй иумæ батыдта ‘мæ Хъæллауы кæрты смидæг и Батырадз. Нартæ дæр бацыдысты уæд. Батырадз ныхъхъæркодта:

– Кæм дæ, сау хæрæг! Æддæмæ ракæс!!!

Хъæллау ныххудти мæсыджы хуылфæй æмæ радзырдта:

– Чи дæ? Æнæ фыдбылызæй аздæх.

Батырадз та ныхъхъæркодта:

– Æддæмæ рахиз дын куы зæгъын!

Батырадзы ныхæстыл Хъæллау фыддæр ныххудти ‘мæ та радзырдта: – Кæд æххормаг дæ, уæд къæбицы хæринаг, ныфтъæр æмæ ахъуыдты у.

Батырадз ноджы дзуры:

– Куыдз – дæ хæринаг, куыдз – дæхæдæг! Рахиз æддæмæ! Фыддæр худт ныккодта Хъæллау æмæ та зæгъы:

– Кæд дын тæвд у, уæд мæнæ ‘ндон цады дæхи цæхс, уазал у. Батырадз амæсты ‘мæ сырх зынг фестади. Мæсыджы къултыл ахæцыди ‘мæ иу фисын ныккалдта. Хъæллæу бамбæрста, нал æй ныууадздзæни. Рагæпп æм кодта, кæрæдзийыл сæхи ныццавтой. Фæхæцыдысты ‘ртæ боны. Уæд æй Батырадз рабырста ‘мæ йæ ныммардта, стæй бахъæркодта Хъызымæтмæ:

– Æддæмæ рахиз!

Хъызымæт кæугæ рацыди, Нарты размæ ‘рлæууыди ‘мæ кæуы. Бурæфæрныг æм бацыди, зæгъы Хъызымæтæн:

– Æз дæу уарзтон дæ хъусты тыххæй, æд хъусцæджытæй мæ зæрдæйы сæ фæлгондз сыгъдæгæй дардтой æмæ цæ ныр хæссын мемæ.

Бурæфæрныг стыдта Хъызымæты хъустæ мæ рацыд. Уырызмæг æм бацыди мæ зæгъы:

– Хъызымæт, æз дæ мæ зæрдæйы мидæг хастон де ‘рфгуыты тыххæй, ныр цæ хæссын мæхимæ.

Стыдта йын йе ‘рфгуытæ Хъызымæтæн Уырызмæг æмæ рацыди. Хæмыц æм бацыди ‘мæ зæгъы:

– Æз дæу уарзтон дæ риуты тыххæй æмæ цæ хæссын мемæ. Стыдта Хæмыц Хъызымæты риутæ сæ рæбынтыл æмæ рацыд.

Сослан бацыди ‘мæ зæгъы:

– Æз дæу уарзтон дæ дзыггуты тыххæй. Ныр цæ хъуамæ мемæ ахæссон.

Февнæлдта дзыггутæм Сослан æмæ цæ стыдта, стæй рацыди. Сæхыг бацыди Хъызымæтмæ ‘мæ зæгъы:

– Дæу бирæ уарзтон, дæ фындзы тыххæй, ныр æй хæссын мемæ. Стыдта Сæхыг Хъызымæты фындз æмæ рацыди.

Батырадз бацыди ‘мæ зæгъы.

– Бирæ дæ уарзтон, Хъызымæт, дæ цонджы тыххæй, ныр æй мемæ хъуамæ ахæссон.

Йæ рахиз цонг ын ыстыдта рæбыныл æмæ рацыди.

Ацæмæз бацыди ‘мæ зæгъы:

– Æз дæ мæ зæрдыл арф æвæрдтон, дæ цæстыты тыххæй, ныр цæ хæссын мемæ.

Феппæрста йын йæ цæстытæ ‘мæ рацыди уый дæр.

Нартæ ‘рцыдысты иу доны былмæ ‘мæ уым сæ фæллад уагътой. Хъызымæт хъарæгкодта ‘мæ зæгъы:

– Цæмæн мæ хъуыдыстут мæ хъустæ хъусыны йæддæмæ. Хъæллау мæ куы кодта, уæд цы ныкъкъуырма стут? Цæмæннæ хаудыстут мæ дыууæ ‘рфыджы. Хъæллау уыл йе ‘нгуылдзтæ куы сæрфта? Цæуылнæ згъæлдыстут мæ диссаджы дзыггутæ, Хъæллау уыл йæхи куы хаста? Кæм уыдтæ ды та мæ фындз, цæуылнæ басмыстай, Хъæллауы сау митæ цæуылнæ ‘мбæрстат? Цæуылнæ хаудыстут мæ дыууæ урс цонджы, сымахæй йæхи куы ирхæфста Хъæллауы дзæсгом? Цæуылнæ тадыстут мæ дыууæ риуы къуыбыры, сымахæй Хъæллау куы рæзыди? Цæуылнæ рахаудыстут мæ кæсгæ цæстытæ, куы уыдтат уæхæдæг Хъæллауы ‘взæры?

Уацилла хъуыста Хъызымæты сагъæс. Нартæ дæр æй хъуыстой. Уæд Уацилла рырвыста й’ авд хæрæфыртмæ:

– Уæ сæфт хуыздæр у, Нарты адæм кæмæй хынджылæгкодтой, авдæй сæ иуы уæддæр амарут.

Авд æфсымæры зæгъынц:

– Нарты цæгъдын нæ тыхы к ’уаид, уæд уалæ нæ хойы сагъæстæй нæ цæссыг нæ мизид.

Нартæ ныххудтысты ‘мæ сæхимæ ‘рцыдысты.

БАТЫРАДЗЫ КАРД

Батырадз рахъомыл и ‘мæ йын æмбал нæ уыди нæ йæ тыхæн, нæ йæ ныфсæн, нæ йæ хъаруйæн.

Батырадз иубон Сатанамæ бацыди ‘мæ зæгъы:

– Мæ къухы ц’ айсон, ахæмæй ницы зоныс?

– Куыннæ, Нарты ‘фтауцдоны ахæмтæ бирæ ис, цъæх арт чи уадзы хæстмондагæй. Фæлæ раздæр зæгъ, кæдæм цæуыны фæнд кæныс?

– Азилон нæ бæсты алыфарс, иугæндзон къуымы цы бадон! – Мыййаг искæй куы бахъыгдарай, ды сæртæг адæймаг дæ, барын нæ зоныс.

– Нæ бахъыгдардзынæн.

Уæдæ мын расомыкæн.

Батырадз расомыкодта ‘мæ йæ уæд Сатана Нарты ‘фтауцдонмæ барвыста. Батырадз Нарты ‘фтауцдонмæ бацыди. Райдыдта ‘взарын кард йæхицæн. Цы кард сисы, уый й’ армы бадон вæййы. Смæсты ис Батырадз. Æфтауцдоны дуар ныггуыпласта ‘мæ раздæхти фæстæмæ. Сатанайæн зæгъы:

– Кæд Нартæм æндæр хуыздæр кæрдтæ нæй, уæд сæ фæцагъд хуыздæр у. Ахæм кæрдтæ къæлыуайау ызгъæлгæ кæнынц, митау армы тайгæ тæдзынц.

Сатана зæгъы:

– О, ме ’нæныййаргæ хъæбул. Ахæм гуырд рацæудзынæ, уый нæ зыдтон, æндæра дын бæргæ бацамонин карды хорз цæмæй аразгæ у, уый. – Бацамон мын æй, стæй мæхæдæг зонын.

Сатана загъта:

– Доллæу-æлдармæ ис æрвон дур æмбæхст. Уый дæ к’ уаид, уæд дзы уæларв Куырдалæгонæн саразынкæнис дæхи аггаг кард.

– Уæдæ мын исты ахæрынкæн, æмæ аназынкæн, æз цæуын Доллæу- æлдармæ.

– Куыд ацæудзынæ? Махмæ дард цæры. Кæд ахæддзæ уыдзынæ? Д’ аггаг бæх нæ разындзæни Нартæм.

– Къахæй ацæудзынæн.

Сатана ‘рхаста Батырадзæн хæрд æмæ нуæзт. Батырадз авд галы иу хæрд акодта, авд гарзы карз ронг анызта, стæй фестади, кауы мих фелвæста, йæ дæндæгтæй йын йæ цъупп ацыргъ кодта ‘мæ йе ‘фсæртæ схъаугæ ацыди.

Цæуы Батырадз. Фæллад нæ зоны, æхсæв бонæй не ‘взары, бон – æхсæвæй. Адарди Нартæй. Батырадз æххормаг дæр байдыдта, афтæ иу цадмæ бахæддзæ и. Цады иу чызг йæхи найы. Батырадз чыззы æнгуырстуан систа. Чызг над фæци ‘мæ йæ дарæс кæны. Æнгуырстуан агуры мæ зæгъы:

– Уæдæ цы фæуыдаид ме ‘нгуырстуан?

Агуры ноджы ‘мæ йæ н’ ары. Уæд чызг зæгъы:

– Чи айста ме ‘нгуырстуан? Радтæд мын æй. Кæд кар дæ, мæхицæн дæ фыд кæнын.

Батырадз йæхи не ‘вдисы. Чызг ногæй зæгъы:

– Кæд кар ус дæ, мæхицæн дæ мад ысхондзынæн, æмæ мын радт ме ‘нгуырстуан.

Нæ та рацыд Батырадз. Чызг та зæгъы:

– Кæд мæнæй кæстæр дæ, уæд æз дæ хистæр хо уыдзынæн æмæ рацу. Уæддæр нæ цæуы Батырадз. Чызг ыстыхсти ‘мæ зæгъы:

– Кæд мæ кары чызг дæ, уæд æфсымæр-хотæ уыдзыстæм æмæ рацу. Нæ цæуы Батырадз.

Уæд чызг зæгъы:

– Цæй, цы кæнон, кæд лæппу дæ мæ кары, уæд м’ амонд ды дæ ‘мæ мæм рацу.

Батырадз рацыди, радта æнгуырстуан, стæй йæ фæрсы:

– Кæй чызг дæ?

– Хуры,– зæгъы чызг.

– Уæдæ æз та Нарты Хæмыцы фырт Батырадз дæн.

– Цы дæ хъæуы, Хæмыцы фырт Батырадз, мæнæй?

– Æз дæн иунæг, нæй мын мады зæнæг хо, нæ зонын æфсымæры ад æмæ мын хо куы уаис.

Чызг æмæ Батырадз кæрæдзийæ кæнгæ хо ‘мæ æфсымæр загътой. Уæд чызг фæрсы:

– Кæдæм цæуыс, Хæмыцы фырт Батырадз?

– Цæуын Доллæу-æлдармæ.

– Æмæ кæд фæхæддзæ уыдзынæ?

– Кæдмæ хæддзæкæнон, уæдмæ.

– Уæдæ дын æз амонын. Æз цæуын нæхимæ. Ды фæллад дæ, зыны дыл – фæндагыл бирæ фæцыдтæ. Баулæф уал райсоммæ. Æз мæ фыдæн зæгъдзынæн. Куыддæр фыддзаг тын раппара, афтæ дæ сисдзæни æмæ дæ Доллæу-æлдары зæххыл авæрдзæни, стæй дæ кæд мæ сæр хъæуа ноджы, уæд-иу Хуры фыддзаг тыныл абад райсом.

Чызг атахти. Батырадз æцæгдæр бафæлмæцыди ‘мæ ‘рфынæйкодта. Райсомы Хур фыддзаг тын зæххыл куы ‘рыппæрста, уæд Батырадз йæ уæлæ абадт. Хуры тын фæрсы Батырадзы:

– Цы кæныс, Хæмыцы фырт Батырадз?

– Февзæрын мæ кæн Доллæу-æлдары бæстæйыл.

– Хорз дын нæ уыдзæн, ды цæмæ цæуыс уый æз æмбарын.

– Ды мæ фæхæсс, стæй хорз мын уа, æви æвзæр – уый мæхæдæг зонын.

Хуры тын Батырадзы систа хæрдмæ. Ахаста йæ хæхты сæрты, мигътæй æврæгъты ‘хсæнты, стæй йæ рауагъта. Батырадз Доллæу-æлдары мæсыгыл сæмбæлди ‘мæ мæсыг йæ хъуырмæ зæххы бын абырыд. Доллæу- æлдар Батырадзы гуыпмæ фехъал æмæ ’ддæмæ ракасти. Кæрты ауыдта Батырадзы мæсыджы сæрыл лæугæйæ ‘мæ мæсыг та зæххы бын йæ хъуырмæ абырыд.

Дзуры Доллæу-æлдар:

– Чи дæ, цы дæ хъæуы?

– Дард бæстаг дæн! – зæгъы Батырадз.

– Кадæн – кады сæр, фыдæн – фыдæй фыддæр.

– Æз фыды тыххæй не ‘рцыдтæн, фæлæ кæд кады сæр уа, уæд не ‘хсæн фыддзинад ницæмæн хъæуы.

– Рахиз мидæмæ.

Батырадз арасти Доллæу-æлдары фæстæ. Доллæу-æлдар æй бакодта йæ хæдзармæ. Хæдзар – æппæтæй фæлыст. Къултæ авгау æрттивынц, цары сæууон ыстъалы, астæрд – лæгъз, кæсæнау.

Æрбадтысты. Доллæу-æлдар æй фæрсы:

– Аипп ма уæд, фæлæ дард цæуыс?

– Раст дæуы уонг.

– Уагæры дæ цы ‘хсызгонæн бахъуыдтæн?

– Хъæуыс. Лæг лæджы куы бахъæуы, уæд æм авд æфцæгæн æддейæ дæр æрцæуы.

– Зæгъ æй.

– Дæумæ хонынц æрвон дур æмбæхст.

– О, æмбæхст нæу фæлæ æвæрд у.

– Радт æй мæнæн.

– Нырма дæ нæ зонын, чи дæ?

– Уый хыгъд дæу æз зонын. Ды дæ Доллæу-æлдар.

– Раст у.

– Æз та нæртон лæг дæн.

– Доллæу-æлдар ныххудти ‘мæ йæ уæд Батырадз фæрсы:

– Цæуыл худыс?

– Нæртон адæмæй ахæм нал уыди, ме ‘рвон дуры хæссынмæ чи не ‘рхъавыди, фæлæ йæ змæлын дæр нæ фæкодтой йæ бынатæй.

Батырадз фæрсы.

– Долæуу-æлдар, кæд Нартæй дæ дуры ничи сфæрæзта, уæддæр уымæн, æмæ цæм мæнæй кæстæр ничи и ‘мæ мæ разæй сæ сæрмæ нæ хастой дæ дур сисынмæ.

– Уæд ды Нартæй тыхджындæр дæ?

– Тыхæй-тыхджындæр, зондæй – зондджындæр.

– Зонд мæлдзыджы дæр ис.

– Ис, фæлæ мæлдзыг йæхи ‘мбæрц хæссы, уый дæр зон.

– Чи зоны, афтид чылæ* (* Ч ы л æ – афтид хъузг.)

– Афтид чылæйæ чи цæры, уый дыггаг ахæм нал ахæссы. Æз та ахæм гуырд дæн, æмæ уæлдай дзырдтæ бирæ чи нæ уарзы.

– Нырма ‘нæхъуын дæ ‘мæ цы зæгъай!

– Æз ам нæ уынын дæ ныхæсты ‘ххæстгæнгæ, ды кадæн кады сæр куыд фæкæныс?

– Лæгмæ гæсгæ.

Батырадз амæсты ‘мæ къух дард фæхаста мæ Доллæу-æлдары ‘хсæр фарсæн – дзæхст. Доллæу-æлдар авд зылды ‘ркодта йæ мид-зылды, стæй сисрæбынты тæбæккæй абадти.

Батырадз æм дзуры:

– Гъеныр æй дзур дæ фырттæн æмæ уыдон фыртты фырттæн. Тагъд, кæм нывæрдтай æрвон дур, уый, мын зæгъ, науæд дын де ‘фсæр ыстуры ‘фсæрау ысфаддзынæн.

Доллæу-æлдар бамбæрста тыхæй амæн ницы бакæндзæни ‘мæ зæгъы: – Мæ ныггæнды æвæрд у.

Батырадз ныггæндмæ бауади, фегомкодта ныггæнды дуар æмæ æрвон дур уырдыгæй цæхæртæ скалдта. Батырадз æрвон дур фелвæста ‘мæ йæ хъазгæ-‘ппаргæ рахаста.

Стæй зæгъы Доллæу-æлдарæн:

– Цæй, фыддзаг мæм хорз цæстæй ракастæ ‘мæ дын уый тыххæй дæ уд не ‘скъуынын, фæлæ дыггаг хатт куы фембæлæм – уæд дыууæ знагау. Рацыди Батырадз. Иу суадоны цур йæ фæллад уадзы, стæй афынæй, йе ‘рвондур йæ нывæрзæны бакодта, афтæмæй. Хуры чызг æй ауыдта ‘мæ зæгъы Хурæн:

– Батырадзы кæнгæ ‘фсымæр ыскодтон æз мæхицæн æмæ мæм æй ыскæн.

Хур бахудти, стæй Батырадзы йæ тынтыл систа ‘мæ йæ фынæйæ сæхимæ схаста. Æрывæрдта йæ пылыстæг фæлмæн сынтæгыл æмæ хуыссы Батырадз. Изæрырдæм райхъал и, акастис фæйнæрдæм æмæ фæрсы йæхи: «Ай кæм дæн?»

Хуры чызг æм бацыди ‘мæ йæ фæрсы:

– Цæй, куыд бафынæй дæ, Хæмыцы фырт Батырадз?

– Хорз, фæлæ ды та ам цæмæн дæ?

– Ам мæ хæдзар у.

– Уæд æм æз та кæцæй ысхаудтон?

– Æз мæ фыдæн, Хурæн, загътон æмæ дæ уый йæ тынтыл ысхаста. Батырадз зæгъы:

– Цæй, хорз, уæддæр ардæм цæуинаг уыдтæн.

– Цæмæ?

– Куырдалæгон мын хъуамæ кард ыскæна æрвондурæй.

– Ма йыл баууæнд,– зæгъы Хуры чызг,– фæсайдзæн дæ.

– Уымæн æз хоскæндзынæн.

Батырадз иу къæртт расаста дурæй æмæ йæ Куырдалæгонмæ бахаста. Зæгъы йын:

– Амæй мын туас ацараз мæ цуры, дардæй цæуын æмæ мæ дзабыртæ ахуыйон.

Куырдалæгон куынц ысдымдта ‘мæ æрвон дуры къæртт цæгъдын райдыдта. Дурæй ахæм цæхæртæ акæлы ‘мæ кæм сæмбæлынц йе ‘стъæлфæнтæ, уым арт сирвæзы. Куырдалæгон хъуыдыкæны: «Кæм уыдаид амæн ахæм æрмæг?»

Рацагъта туас. Батырадз раздæхти Хуры чызгмæ. Систа йæ æрвон дур, бахаста йæ æмæ зæгъы Куырдалæгонæн:

– Дæрддаг дæн æмæ мын дзы кард рацæгъд.

Куырдалæгон зæгъы:

– Амæй туас аразгæйæ дæр мæ куырдадзы зынг нæ фаг кодта ‘мæ дзы карды фаг та кæцæй уыдзæн? Хурæн зæгъ æмæ мæм тæвды хосæй фæкæса.

Батырадз Хурæн зæгъы:

– Тæвды хос нæ фагкæны Куырдалæгонмæ ‘мæ йын тæвдæй баххуыскæн.

Хур авд тæвддзæуæн хæтæлы сарæзта ахæмтæ, æмæ сæ мидæг лæг абырыдаид. Иннæрдыгæй Куырдалæгон йæ хуынц ысдымдта ‘мæ æрвон дур сырх цæхæр ысси. Куырдалæгон райдыдта цæгъдын дур æмæ дзы дисæн дзуринаг кард сарæзта.

Хур йæ хæтæны фæцыди. Куырдалæгон æрбарвыста Батырадзмæ: – Дæ кард цæттæ у!

Батырадз карды туас атъыста æмæ дзы иннæрдæм ахызти. Уæд зæгъы:

– Куырдалæгон, ай мæ кард нæу.

Куырдалæгон æндæр кард радта, уым дæр та Батырадз туас атъыста мæ дзы иннæрдæм абырыд. Батырадз зæгъы:

– Мæ кард мын рахæсс, Куырдалæгон! Æз Нæртон лæг Хæмыцы фырт Батырадз дæн æмæ мæ ма хынджылæгкæн!

– Цы зæгъон, Хæмыцы фырт Батырадз? – дзуры Куырдалæгон.– Ахæм æрмæг мæм радтай, æмæ ды сæртæг, æвзонг лæппу дæ. Кардæй арæхстгай куынæ ‘вналай, уæд дæхицæн дæр æмæ искæмæн дæр фыдбылыз ыскæндзынæ. Уый тыххæй дын кодтон фæсфæд дæ кард дæр.– Æмæ радта кард.

Батырадз рацыди ‘мæ Хуры чызгæн зæгъы:

– Цæй, ныр æз цæуон.

Чызг зæгъы:

– Фæлæуу, куыд цæуыс?

– Уæдæ ма цы? – фæрсы Батырадз.

– Хур уал æрцæуа.

Æмбисбонты Хур асæсты бацыди стæй сæхимæ ‘рцыд. Йæ чызг æм дзуры:

– Батырадз цæугæ кæны.

– Куыд цæуы? Мæ тын ын куы загъта, хорз ын нæ уыдзæни. Доллæу- æлдары авд фырты йæ размæ бадынц.

Батырадз ныхæстæ фехъуыста ‘мæ зæгъы:

Зæххыл мæ сæмбæлынкæн, стæй æз зонын æмæ мæхæдæг…

Хур бамбæрста Батырадз нæ ныллæудзæни, уый æмæ зæгъы: – Уæдæ фæндараст фæ-у, Хæмыцы фырт Батырадз, фæлæ дæхи хиз Доллæуы авд фыртæй.

Хур йæ тынты ‘ндæхтæй хицæн кодта. Батырадз мигътыл абадти ‘мæ хохы сæр рахызти. Цъитийы уазал суадонæй анызта ‘мæ коммæ ‘рцыди. Сфæндкодта йæ кардæй хъазын. Сласта йæ ‘мæ иу ыстыр бæлас ныцъцъыккласта. Бæлас хыссæ-лыг фæци. Стæй йыл Батырадз карды фындзæй ахæцыди ‘мæ афæлдæхти бæлас. Уый фæстæ Батырадз хох нырриуыгъта ‘мæ кард акарста дурты, дзæнхъаты, къæдзæхты, фæлæ нуæс дæр нæ фæци. Стæй йæ уæлдæфы ныззылдта ‘мæ кард ныхситласта, буарæй зынгы стъæлфæнтæ тахтысты фæйнæрдæм æмæ бæстыл арт ирвæзти. Рацæуы Хæмыцы фырт Батырадз. Йæхæдæг хохы йас, зæхх къæхты бын нæры, дуртæ фæйнæрдæм ысхъиудтытæкæнынц йæ къахы бынтæй, йæ риуæвæрд – стыр къуылдымтæ, риу – хъазæн фæзы йас, йæ цæстытæ хъамбултæ, къуырфытæ сасиры чъилты йæстæ. Йе ‘нгуылдзтæ цонджы стæвдæн. Цæуы хох, хохы йас лæг Батырадз. Æрыввахс ис Доллæу- æлдары авд фырты цурмæ. Доллæу-æлдары авд фырты кæсынц Батырадзы митæм æмæ катайкæнынц. Алчи дæр цæ йæхи мид-зæрдæйы зæгъы: «Ай циу, уæйыг уа – уæйыг нæу, гуымир уа – уый дæр нæу. Чи уыдзæни, йæ иу дæндаг армы тъæпæны йас – цы фæлæудзæни йæ цуры?»

Доллæу-æлдары фырттæ тæрсынц химид, фæлæ цæ ’ргомæй йæ тас ничи уæнды зæгъын. Уæд кæстæр нал фæлæууыди мæ фæрсы йæ хистæры: – Ай, мах кæмæ бадæм, кæд уый у, уæд нæм митæ уыдзæн æмæ цы ныфсæй лæууæм йæ цуры?

Хистæр зæгъы:

– Иуæн дыууæ æфсад у: йæ уынд куыд зыны ахæм тых æм хуыцау нæ раддзæни.

– Куыннæ раддзæни, йæ къæхты нæрдæй сырдтæ ’мбæхсгæ кæнынц, мæргътæ дардмæ тæхынц.

– Хинæй йыл сархайдзыстæм.

– Ахæм хинæй хиндæр вæййы.

Батырадз æрбаввахс и ‘мæ цæ хъæлæбагæнгæ ‘рбаййæфта. Дзуры цæм:

– Цы хъæркæнут, æви бæстæ уæ къухты ис?

Уыдон зæгъынц:

– Ныхаскæнæм æмæ нæм иу хъуыды не ‘взæры.

– Афтæ тынг цæуыл у уæ ныхас?

– Дæуыл!

– Мæныл цæмæн?

– Чи дæ уæйыг хоны, чи – гуымир, æмæ нæ фидауæм.

Батырадз фæхудти ‘мæ зæгъы:

– Æз сæ иу дæр нæ дæн, æмæ сеннæ дæр.

– Уæдæ чи дæ?

– Нæртон лæг.

– Уæдæ мах нæ фыд дæумæ рарвыста.

– Цæмæ?

– Хоны дæ, агуры дæуæй фидыд.

Батырадз ахъуыдыкодта, стæй зæгъы:

– Фидыд – цины хъуыддаг, цæуын уемæ.

Араст ысты Доллæу-æлдармæ. Лæппутæ цинкæнынц, афтæ семæ цæуыныл кæй ысразы ис. Батырадз та зонгæ ницы кæны йæ раст зæрдæйæ дарддæр.

Æрцыдысты Доллæу-æлдармæ. Доллæу-æлдар цыл худгæйæ сæмбæлди, галтæ аргæвдынкодта. Фынгтæ ‘рывæрдтой æмæ Батырадзы Доллæу-æлдар й’ авд фырты ныхмæ сбадынкодта, йæхæдæг та хистæрæн æрбадти. Райдыдтой ныуазынтæ ‘мæ хæрынтæ. Уыдон астæй цы нуæзтой æмæ хордтой, уый Батырадз иунæгæй хордта ‘мæ нуæзта. Йæ фæстæ йæм сарæхкодтой нуазæнтæ. Батырадз иу нуазæн дæр не ‘здæхта. Фæбадтысты дзæвгар, стæй зæгъы Доллæу-æлдар:

– Батырадз дæхи уал æруадз.

Бауат ын кодтой сынтæгыл. Батырадз æрфынæй. Доллæу-æлдары авд фырты сынтæджы бын уæрм ыскодтой, авд ивазыны ‘рфæн. Стæй сынтæг фæбырынкодтой æмæ Батырадз уæрмы ныххаудта. Йæ кард къулыл ауыгъдæй баззад.

Батырадз фехъал и ‘мæ ма фæхъæркодта:

– Гъе, сау хæрджытæ, уæдæ мыл хинæй цыдыстут æмæ мæ марынмæ ‘рбасайдтат!

Батырадз сынтæг æрбацъæлтæкодта, уымæй цæ ‘хсы. Уыдон – Доллæу-æлдар æмæ й’ авд фырты – райдыдтой хæссын дуртæ ‘мæ цæ Батырадзы сæрыл цæвынц. Батырадз дуртæ йæ ныхæй ыскъуыры ‘мæ Доллæу-æлдар æмæ й’ авд фыртыл фæстæмæ ‘мбæлынц. Уæд уæрмы сæр ыстыр къæйдурæй æрымбæрзтой.

Дон рахсыстой æмæ йæ Батырадзыл уадзын райдыдтой.

Доллæу-æлдар æй фæрсы:

– Цæй, куыд у дæ ахаст?

– Тынг хорз. Дæ уæрмы уазалæй мардтæн æмæ ныр батæвд дæн. Доллæу-æлдар дзуры:

– Уæдæ багъæц!

Хохаг уазал дон сарæзта уæрммæ. Уæрм донæй байдзаг. Батырадз ысленк кодта мæ уæрмы къæй йæ сæрæй ыстъæпласта. Къæй фæхаудта ‘мæ цары йæ тъæпп фæцыди. Уæрмы былтыл ысцæйхылди, фæлæ йыл уыдон уырдыгмæ хæцыдысты. Батырадз февнæлдта ‘мæ къулæй йæ кард раскъуыдта. Сласта йæ кард кæрддзæмæй. Уæрмы къултæ къахын райдыдта ‘мæ уæлæмæ-уæлæмæ быры. Йæ сæр ыззынди. Иу сæррæтт фæкодта ‘мæ цæ рацахста. Доллæу-æлдары авд фыртæн сæ сæртæ фæуырдыг-ласта ‘мæ цæ уæрмы нытътъыста. Авд лæппуйы дæр уым фæхуыдуг ысты. Батырадз зæгъы Доллæу-æлдарæн:

– Дыггаг барст дын кæнын, фæлæ ма ‘ртыггаг хатт фембæлдыстæм, уæд дæ раст дæ фыртты фæндагыл арвитдзынæн.

Доллæу-æлдар ма загъта:

– Дæлæмæ фæхауæд ме ‘скæнæг хуыцау, авд фыртмæ иумæ дæу сафыны тых кæмæ нæ радта!

Батырадз зæгъы:

– Уыдонæн ма Хуыцау мæ тыхты хуызæн тых куы радтаид, уæд зæххыл ды ‘мæ дæ фырттæ æлдариуæг кодтаиккат. Адæм сæ исæй-иc нæ уыдтаиккой, сæ цинæй – цин. Маст æмæ хъыг æвзæрстаиккой. Цæуын ныр æз æмæ мын мæ фыддзаг кусæрттæгтæ уæддæр фæкæн.

Доллæу-æлдарæн цы гæнæн уыди! Авд-авд сæдæ сæры йын галтæ радта. Батырадз цæ йæ разæй ыскодта эмæ цæ Нартæн æртардта. Куывдтæ цын фæкодта. Стæй йæ кард сæ къулыл сауыгъта ’мæ Нартæй иу ахæм нал баззади, Батырадзы карды авд хатты чи нæ федта.

БАТЫРАДЗЫ КАРД. (Æндæр вариант) Батырадз йæ лæджы ранмæ рацыди ’мæ фæрсы Хæмыцы:

– Мæ фыд! Айонг ралæг дæн æмæ дын хæцæнгарзæй цы ис, уый мын зæгъ.

– Цæмæн дæ хъæуынц мæ хæцæнгæрзтæ? – фæрсы Хæмыц.

– Кæд зæгъын дзы исчи м’ аггаг у, мыййаг.

Хæмыц бахудти, стæй зæгъы Батырадзæн:

– Д’ аггаг сеппæт дæр ысты, фæлæ афтæ куы зæгъай, сæ иуы фæдарын дæр дæ бон нæу.

Батырадзмæ тæлммæ* (*Ома йæм хардзау æркаст.) фæкастысты йæ фыды дзырдтæ ‘мæ зæгъы:

– Ды мæнæй хынджылæгкæныс?

– Нæ дæ кæнын хынджылæг, фæлæ дын раст дзурын.

– Уæдæ ма мын дæ уарт равдис.

– Уæртæ рагъæныл ис æмæ йæ фен, кæд дæ бон у йæ райсын, уæд. Исты дын куы кæна, уæд м’ аххос ма уæд.

Батырадз уартмæ бацыди. Уарт рагъæныл химид-зилкодта ‘мæ дзы зынджы стъæлфæнтæ калди. Батырадз уартмæ бавнæлдта ‘мæ уарт Батырадзы цонгыл куыройы фыдау ныззылди. Батырадз æгасæй дæр æндон уыди ‘мæ цы ракодтаид Батырадзæн!

Зæгъы йæ фыдæн:

– Дæ уарт аггаг у дарынæн, фæлæ ма мын д’ арц дæр фенынкæн. – Уæртæ къуымы лæууы, йæ мæстæй зæххы быры.

Батырадз къуыммæ бауади, арц зæххыл цалхау зылди ‘мæ йæм Батырадз куыддæр февнæлдта, афтæ арц Батырадзы риуыл сæмбæлди, фæлæ йын цы ракодтаид болат риуæн! Цæхæртæ скалдта ‘мæ йæ Батырадз йæхимæ райста. Хæмыцæн зæгъы:

– Арц дæр хæссын аггаг у, фæлæ ма мын дæ кард дæр фенынкæн. – Уæлæ къулыл ис æмæ йæ райс.

Батырадз кард ысласта, кард ныхситласта ‘мæ кæрддзæмæй фæхаудта, Батырадзы цонгыл сæмбæлди, фæлæ дзы ‘рду дæр нæ фæлыгкодта, карды ком та кæрæйкæронмæ тасгæ фæкодта.

Уæд Батырадз зæгъы:

– Карды хорзæй дæм ницы ис, а иннæтæ кæд раппæлинаг ысты, уæддæр. Кæм зоныс карды хорз, уый мын зæгъ.

Хæмыц зæгъы:

– Али-æлдар Саденджызы был цæры. Уымæн ис куырдадз. Куырдадзмæ авд комæй æвæрд ис авд куынцы. Уымæ куы фæцæуис, уæд дын кард уый саразид.

– Уæд мын дæ бæх авæр.

Хæмыц ын радта йæ бæх æмæ Батырадз Саденджызы былмæ арасти. Цæуы Батырадз æмæ фысгæсыл амбæлди. Фысгæс зарыди:

– Дилæлæ, уилæлæ

Ахсæв Али-æлдар,

Йæ фыртæн ус кæны

Æмæ мын дæддзысты

Фырыты сгуытæ,

Сæ хъултæй хъаздзынæн, уой.

Батырадз æм æввахс бацыди ‘мæ зæгъы:

– Дæ фос бирæ уой, фысгæс!

– Æнæнизæй цæр.

– Куыд хъæлдзæг дæ?

– Фысым цинаг куы фæкæны, уæд кæстæр та хъæлдзæг вæййы. – Уæд дæ фысым та чи у?

– Али-æлдар, дæсны куырд.

– Дард ма у?

– Афтæ дарддæр нал у.

Батырадз хæрзбон загъта фыййауæн æмæ арасти, бæхы къæхтæ зæххы мидæг ныхстысты, афтæмæй. Фысгæс йæхицæн зæгъы:

– Ай хуымæтæг лæг нæ уыдзæн æмæ йæм тызмæг кæй не сдзырдтон, уый хорз, æндæра мæ аскъуыдтæкодтаид.

Цæуы дарддæр Батырадз. Бахæддзæ ис хъомгæсмæ ‘мæ та уый дæр зары:

– Дилæлæ, уилæлæ,

Ахсæв Али-æлдар

Йæ фыртæн ус куры,

Галтæ æргæвддзысты,

Мæнæн та дæддзысты

Æсгуытæ æмæ цын

Сæ тохситæй хъаздзынæн, уый.

Батырадз æм дзуры:

– Куыд хъæлдзæг дæ, хъомгæс?

– Цинагыл алчи цин кæны.

– Уагæры дыл цы хорз æрцыди?

– Ме ’лдар йæ фыртæн ус кæны ‘мæ хистæр цинаг ку аразы, уæд кæстæр та хъæлдзæг вæййы.

– Де ’лдар та чи у?

– Ме ’лдар Али-æлдар. Цъиуæй, бæдулæй уый чи нæ зоны, ахæм куынæ ис, уæд æй ды нæ фехъуыстай?

– Ницы фехъуыстон, æз дæрддаг дæн.

– Диссаг у уый.

– Дард ма у?

– Дард нал у.

Хæрзбон загъта Батырадз æмæ та арасти. Дзæвгар фæцыди. Бахæддзæ и бæхгæсмæ ‘мæ та уый дæр зары:

– Дилæлæ, уилæлæ.

Ахсæв Али-æлдар

Йæ фыртæн ус хæсдзæни,

Мæ бæхтæм цæудзысты

Æмæ мын зилæггаг,

Уæлдай хай дæддзысты, гъей!

Батырадз æм бацыди ‘мæ зæгъы:

– Куыд хъæлдзæг дæ, бæхгæс?

– Цинагыл алчи хъæлдзæгвæййы.

– Уагæры дыл цы цинаг æрцыди?

Ме ’лдар ус хæсдзæни йæ фыртæн. Æз цын сæ бæхтæм хорз базылдтæн æмæ мын хуынтæ дæддзысты.

– Чи у де ’лдар та?

– Али-æлдар, дæсны куырд.

– Дард ма у?

– Нæу дард.

Уымæн дæр та Батырадз хæрзбон загъта ‘мæ рацæуы. Бæхгæс æм кæсгæйæ баззади ‘мæ зæгъы:

– Ай хуымæтæджы гуырд нæу.

Батырадз рацæуы. Æрбазындис æм иу ыстыр хъæу. Батырадз хъæуы кæронмæ бацыди ‘мæ иу хæдзармæ бахъæркодта:

– Уазæг нæ уадзут?

Хæдзары царди идæдз-ус, уый йæм рауади ‘мæ зæгъы:

– Мидæмæ рахиз!

Батырадз бахызти. Идæдз-ус æй фæрсы.

– Аипп ма уæд, фæлæ дæрддзаг бæлцдзоны хуызæн дæ.

– О, дардæй цæуын, Нартыбæстæй.

– Нартæй мын лымæн бæргæ уыди.

– Чи уыди? – фæрсы Батырадз.

– Хæмыц хуынди.

– Уæдæ Хæмыц мæ фыд у.

– Нæ мæ уырны,– зæгъы идæдз-ус. – Хæмыцæн ис иу фырт Быценты чызгæй, Батырадз хуыйны, æндæр лæппу йын æз нæ зонын.

– Гъемæ æз Батырадз дæн.

– Уæдæ мæм равдис дæ фыды уарт.

Батырадз æй равдыста ‘мæ та ус зæгъы:

– Чи зоны йæ давгæ ракодтай, равдис мæм й арц.

Батырадз та арц дæр равдыста.

Идæдз-ус зæгъы:

– Йæ кард дæр мын равдис.

Батырадз дзуры:

– Йæ кард мæм хæссыны аггаг нæ фæкасти ‘мæ хуыздæр карды t8d{k Али-æлдармæ ‘рцыдтæн.

– Уæд та мын йæ бæхы равдис.

– Бæхы æддейы ‘рбастон.

Идæдз-ус ракасти Батырадзы бæхмæ ‘мæ йæ куы федта, уæд ныццинкодта. Бауади Батырадзмæ ‘мæ зæгъы:

– Гъеныр мæ уырны, ды Хæмыцы фырт дæ, уый.

Бавнæлдта уæлартмæ, уæд æм Батырадз дзуры:

– Цæмæн иунæг дæ?

Идæдз-ус зæгъы:

– Иунæг бæргæ нæ уыдтæн, лæг мын уыди.

– Уæдæ кæм и?

– Мæ лæппуйæн ус куырдтам, Сæумæдзæхæн. Сæумæдзæх та ахæм рæсугъд у ‘мæ йæм хæлæгкодта не ‘лдары фырт. Кургæ та йын кодтам æртæ æфсымæры хойы, мæйау фæлурс у йæ цæсгом æмæ Мæйвæлурс хуыйны. Æлдар æлдар у, алцыдæр йæ бар у. Фидыдмæ ‘рцыдыстæм. Уæд Али- æлдары фырт цуанæй æрцæйцыди, æртæ фсымæры кæм цæрынц, уыууылты мæ федтой Мæйвæлурсы. Йæ зæрдæмæ фæцыди ‘мæ æртæ фсымæры фæрсы: «Кæй чызг уын у?» Уыдон загътой, сæ хо у, уый, æмæ мæ фыртæн нысан у, уый дæр. Тыхæй нын байстой нæ чындзаджы. Нæ лæг æмæ мын мæ фырты ‘рцахста, æхсæв цырагъдарæг вæййынц бонмæ, бон – сугсæттæг. Дæ фыд Хæмыц ам уыди, уый хъавыди мæ маст райсын. Уæд бафæлвæрдта, фæлæ йæ кардæй йæ ныфс нæ бахаста ‘мæ загъта: «Мæнæн Быценонæй ис фырт Батырадз, уый ахæм тыхджын у ‘мæ дæм æй арвитдзынæн». Гъеныр уый ды дæ.

Батырадз зæгъы:

– Уæдæ йæм æнæ цæугæ нæй.

– Афтæмæй н’ ацæудзынæ.

– Цæуылнæ?

– Уарт æмæ арц дæм бæргæ хорз ис, фæлæ дæм цыргъагæй ницы ис æмæ байсæфдзынæ. Уымæ та ахæм кард ис – хæстмондагæй цъæх арт уадзы, цас лыгкæны, уыйас цыргъдæр кæны. Цъæгъ* (*Ома цъула нæ кæны, йæ ком нæ хæлы, æмæ къуымых нæ зоны.) нæ кæны. Алы райсом сæугæрдæджы цы ’ртæх вæййы, уыууыл æй ныхсы ‘мæ йæ кæрдæгæй ныссæрфы. Хорз уаид, цы кæрдæгыл æй æхсы, уыцы кæрдæджы бынæй балыгкæн. Уæд кæрдæджы ‘ртæхы тых нал уыдзæни ‘мæ карды ком фæцъулатæ уыдзæни. Уый йæ алкæмæн æвдисдзæни, хос ын ничи ардзæни. Уæд æй райс æмæ мæ риутæй æхсыр радуц. Уым æй цæхс, стæй дын дзыхъхъын нæуæг фестдзæни ‘мæ дын тыхгæнæг ницыуал тых ракæндзæни. Батырадз байхъуыста, изæры æхсæн кæрдæджы нæу систа, уидæгтæ фæлыгкодта ‘мæ та нæууыты нывæрдта, куыд уыдысты, афтæ.

Райсом сæумæцъæхæй Али-æлдар йæ кард æхсæн кæрдæгмæ рахаста, æртæхы йæ ахсадта. Кард ныззылынмылынтæ ис. Али-æлдар сæхимæ ‘рцыди, æвдисы йæ кард, фæлæ йын хос ничи зоны. Уæд йæ калак-хъæуы цæрæг адæмы фæфарста, ничи йын ницы хос ыскодта. Уæд Али-æлдар йæ бæсты адæмыл зилынтæ систа.

Уыцы заманы идæдз-ус зæгъы Батырадзæн:

– Хуыцауæй дæм кæд тæфаг ис, уæд æм ыскув æмæ мæ риутæй æхсыр радуц.

Батырадз идæдз-усы риутæм февнæлдта, афтæ цæ алхъывта ‘мæ сæ хъуымыз тугæмхæддзæ радыгъта.

Идæдз-ус зæгъы:

– Ай дæм хуыцауы тых куы ис.

Батырадз зæгъы:

– Хуыцау йæхицæн Хуыцау у, мæнмæ йæ хъуыддаг нæй.

Айста æхсыр Батырадз æмæ фæуайы Али-æлдары хæдзармæ. Али- æлдар раст гъеуæд æрхæддзæ, мæсты тъæпп æркодта йæхи бандоныл, æмæ йæм йæ ус дзуры:

– Цы маст кæныс, дæсны куырд дæ ‘мæ ‘ндæр кард сараз. Али-æлдар зæгъы:

– Ахæм æфсæн мæм нæй, æндæра цæуыл масткæнин.

– Ау, æфсæнтæй фылдæр цы ис дæ куырдадзы?!

– Нæ, ацы кард æрвон дурæй конд у, æмæ уымæн æнæсæттон уыди. Уæд Батырадз бамбæрста, цавæр кард ис Али-æлдармæ, уый. Бахъæркодта:

– Али-æлдар, ам дæ?

– Ам дæн! – райхъуыст хъæр.

– Æддæмæ мæм ракæс!

Али-æлдар ракасти ‘мæ фæрсы Батырадзы:

– Чи дæ? Куынæ дæ хъуыдыкæнын!

– Дæрддаг дæн, æмæ мæ кæцæй зонай, фæлæ фехъуыстон хорз куырд дæ, уый.

– Уымæй цы зæгъыс?

– Кард мæ хъæуы æмæ мын куы саразис, уый тыххæй дæм фæзындтæн.

– Карды разæй лæгмæ уарт æмæ арц вæййы.

– Уыдон мын хæрзтæ бæргæ ис.

Батырадз уарт æмæ арцы равдыста, стæй Али-æлдар зæгъы: – Ахæмтæ ма федтон Нарты Хæмыцмæ, куыдзы сæр хæра, аирвæзти мын æмæ нæ зонын фæндаг Нартæм. Чи зоны цæм ды зоныс?

– Уырдыгон цæрæг дæн, фæлæ ма уæд дæ кард сфæлвар мæ арцыл, кæд æй алыгкæна, кæннод дзæгъæлы ма фæндкæн Нартæм цæуын. Али-æлдар кард ысфæлвæрдта, фæлæ та тынгдæр фæтæстытæ ис. Батырадз бахудти, стæй зæгъы:

– Уæдæ Нартæм цы ныфсæй цыдтæ? Мæ фыды марынмæ куыд хастай дæ ныфс? Æз Хæмыцы фырт Батырадз дæн.

– Æ, куыдзы фырт цыдæр, уæдæ мæ маст дæуæй уæддæр исдзынæн. Хæст цын бацайдагъ и. Хæцыдысты арцæй. Се ‘рцытæ ныцъæлтæ сты. Бавнæлдтой хъæд æмæ дуртæм, кæрæдзийыл цæ хостой æмæ цæ ничи састи. Фæстаг хатт дæларм хæстмæ армæй бавнæлдтой. Али-æлдар æнæсæттон уыди, уымæй тыхджындæр та Батырадз уыди, рабырста йæ ‘мæ йын йæ хурх ныллыгкодта.

Али-æлдары фырт та æртæ æфсымæры хомæ цыди, уырдыгæй æрцæйцыди мæ йæм йæ мад дзуры:

– Дæ фыды марæг ахæм у, æмæ йын тыхæй ницы кæндзынæ, фæлæ йæ хинæй амар, фыд кæнæ хорз æм ма сдзур.

Али-æлдары фырт æрбацыди мæ Батырадзы ауыны, стæй зæгъы: – Алыбон æгас фæцу, уазæг!

Йæ къух æм бадаргъкодта. Батырадз къух афтæ тынг фелхъывта ‘мæ Али-æлдары фырты ныхтæ сау тæппал аисты. Цæстыты бын туг абадти.

Бахуыдта йæ мидæмæ. Къусбыны марг нуазæны ныккодта ‘мæ йæ авæрдта Батырадзмæ.

Батырадз зæгъы:

– Ам æз æцæгæлон дæн, уыцы ныуазæн дæхи у.

Батырадз нуазæн бадардта Али-æлдары фыртæн æмæ лæппу артæнтымбылтæ фæци. Чысыл ма абадти, стæй ныддæнгæл и.

Батарадз æм дзуры:

– Æ, хæрæг цыдæр! Уæдæ мæн хъавыдтæ марынмæ?

Фæлæбурдта йæм, зæххыл æй ныффæртласта ‘мæ фæрчытæ фæхаудта, стæй дзуры усмæ:

– Тагъд кæм ысты идæдз-усы лæг æмæ фырт, уый мын зæгъ?! – Уæртæ сугдоны суг сæттынц.

– Мæ размæ цæ ракæн.

Ус цæ ‘рбакодта. Батырадз уæдмæ идæдз усы ‘хсырæй Али-æлдары кард æрызæрста. Кард йæ фыддзаг бынаты абадти ‘мæ зæгъы Батырадз: – Мæйвæлурсмæ цæуæм хæссынмæ. Æрыфтыдта йæ хæцæнгæрзтæ æмæ араст ысты. Æрхастой Мæйвæлурсы Саумæдзæхæн.

Саумæдзæх æмæ Батырадз кæрæдзийæ æфсымæртæ загътой, æмæ Батырадз Нартæм æрцыди.

Хæмыцæн дæр æхсызгон куыннæ уыди, æгайтма йæ фырт Батырадз расгуыхти афтæ тынг.

БУРФÆРНЫГ

Нарты Бурфæрныг дард балцы цыди ‘мæ йæ усæн бафæдзæхста: – Ме ‘рцыдмæ ма фæхъау мæ фæллойæ, фылдæр цæ фæкæн, хæргæ дæр дзы кæн.

– Хорз,– загъта ус æмæ Бурфæрныг фæцыди йæ балцы.

Йæ фæндаг ыскодта Сайнæг-æлдарыл. Сайнæг-æлдар йæ бæх ивтыгъта, афтæ йæ Бурфæрныг сæййæфта. Дзуры йæм:

– Дæ бон хорз уа, Сайнæг-æлдар!

– Алыбон æгас нæм цу, Бурфæрныг. Балцы ма цæуай?

– Тæккæ дæр!

– Уæдæ нæ фæндаг иу у.

– Æнæмæнг.

Бурфæрныг æмæ Сайнæг-æлдар араст ысты иумæ. Цæуынц ныхасгæнгæ. Бирæ фæцыдысты ‘мæ бахаудтой иу уæйыгмæ. Уæйыг ахæм уыд æмæ йыл æртæ лæджы нæ баххæссыдаиккой. Мусуат йæ цæстытæ, тæнтæ – тутæ, былтæ стыр кæфойы йæстæ.

Уæйыг цæ фæрсы:

– Чи стут? Кæцæй ыстут?

– Æз дæн Сайнæг-æлдар,– зæгъы Сайнæг-æлдар йæхицæй,– ме ‘мбал Борæты Бурфæрныг.

– Уæдæ сымах хуызæтты æз рагæй агурын.

Сæ бæхтæ цын байста, сæхи цын æрцахста ‘мæ цæ къулмæ бабаста. Уæйыг æрвылрайсом туас хаста йемæ æмæ-иу æй куы Сайнæг-æлдар куы Бурфæрныджы зæвæты стъыста. Зæвæттæй цын рацъырдтаид сæ туг æмæ иннæ уыцы афонмæ æнцад æнцойæ фынæй кодта.

Рацыди дзæвгар рæстæг. Нал Сайнæг-æлдар зынди, нал Бурфæрныг. Нартæ агуырдтой Бурфæрныджы, фæлæ йæ никуы ардтой. Ныууагътой цæ рохуаты.

Иу бон Сайнæг-æлдар уæйыгæн зæгъы:

– Айас нын нæ туг фæцъырдтай æмæ дæм æппын хатырдзинадæй никуы ницы уыд? Æвзæр дын нæ фестæм æмæ нæ ауадз нæ хæдзæрттæм. Уæйыг зæгъы:

– Æртæ ныхасы зæгъдзынæн. Кæд мын зæрдæмæдзæугæ дзуапп радтат, уæд уæ ауадздзынæн æмæ уын æртæ фæдзæхсты бацамондзынæн. Кæд уæ дзуапп мæ зæрдæмæ нæ фæцæуа, уæд мын æртæ азы ноджы фæкусдзыстут:

– Хорз, фæуæд афтæ.

Уæйыг зæгъы:

– Цы ис дунейы æппæты нарддæр?

Сайнæг-æлдар æмæ Бурфæрныг хъуыды байдыдтой. Сайнæг-æлдар зæгъы Бурфæрныгæн:

– Нартæ, сымах æрхъуыдыгæнаг ыстут æмæ цы ис æппæты нарддæр дунейы.

Бурфæрныг зæгъы:

– Æппæты нарддæр зæхх уыдзæни. Уымæн æмæ алцы дæр уый мидæг ис, хорзæй – æвзæрæй.

Уæйыгæн зæгъынц:

– Æппæты нарддæр у зæхх, алкæй уый æфсады, алцы уый мидæг ис. Йæ зæрдæмæ фæцыдис уæйыгæн уыцы дзуапп, зæгъы:

– Ныр та мын базонут, цы ис дунейы æппæты фæлмæндæр. Сайнæг-æлдар æмæ Бурфæрныг хъуыды байдыдтой. Бурфæрныг дзуры Сайнæг-æлдармæ:

– Ды æппæтдæр зоныс, æмæ цы у æппæты фæлмæндæр, уый æмбарыс. – Мæнмæ гæсгæ зæрдæйы ахаст. Зæрдæ лæгæн хæрзиуæг куы кæна, уæд ын сафы йæ маст, йæ тыхст, йæ хъынцъым.

Зæгъынц уæйыгæн:

– Æппæты фæлмæндæр у зæрдæйы ахаст. Уый маст æртасынкæны, ныфс ратты лæгæн, йæ тыхстæй лæджы фæрæуæгдæр кæны.

Ацы дзуапп дæр та фæцыди уæйыджы зæрдæмæ ‘мæ зæгъы:

– Ныр та базонут цы ис дунейы ’ппæты зынаргъдæр.

Хъуыды та байдыдтой Сайнæг-æлдар æмæ Бурфæрныг æмæ зæгъынц сæхицæн:

– Æппæты зынаргъдæр у адæймаг. Нæ дæр зæхх, нæ дæр дон, нæ дæр æндæр исты – адæймаджы аргъ не сты. Дуне йæхæдæг дæр адæймагæй фидауы, æнæ адæймагæй та дуне мард у.

Уæйыджы зæрдæмæ фæцыди ацы дзуапп дæр æмæ зæгъы:

– Уæ дзуаппытæ фæцыдысты мæ зæрдæмæ. Уый тыххæй уын уæ туг цъирдзынæн къаддæр. Рæстæгмæ ма уæ бауыромдзынæн. Уымæн æмæ мæ ахаст афтæ у.

Цæуынц бонтæ, Сайнæг-æлдар æмæ Бурфæрныг мæллæгæй мæллæгдæр æмæ цолайæ цоладæр кодтой.

Сайнæг æлдар зæгъы:

– Бурфæрныг! Сымахæн, Нартæн, уæ куывд цæуаг у. Скув хуыцаумæ, кæд дæм исты фарн ис, уæд нын баххуыскæндзæни ардыгæй аирвæзынæн, кæннод ма нын ацы хæрæг нæ туг афтæ æртæ боны дæр куы цъира, уæд мах мæрдтыл нымад ыстæм.

Бурфæрныг зæгъы:

– Ды уæларвцæрджытимæ арæхдæр æмбæлыс, æнæуый дæр цæм хæстæгдæр вæййыс æмæ уал ыскув.

Сайнæг æлдар ыскуывта:

– Хуыцау, ахæм лæг нæм рауадз, махæн чи баххуыскæна. Уастырджи хохыл бадти ‘мæ Сайнæг-æлдары скуывд фехъуыста, йæ фæндаг уæйыджы дуæрттыл бакодта ‘мæ йæ хъæр ыссыди. Сайнæг-æлдар зæгъы Бурфæрныгæн:

– Кæйдæр уынæр хъусын.

– Уый нын æххуысгæнæг уыдзæни,– зæгъы Бурфæрныг.

– Ды афтæ ‘нхъæл кæм дæ, уым чи зоны иннæрдæм уа, нæ удтæй ма чи баззади, уый та уый бахæра.

– Фендзынæ йæ, афтæ нæ уыдзæни, кæд мын хуыцау мæ куывдæн аргъ нæ кæны, уæд æй нымайгæ дæр нал кæнын.

Уæйыг уыди фынæй. Уастырджи бацыди ‘мæ фæрсы:

– Чи уæ бабаста?

Сайнæг-æлдар зæгъы:

– Уæйыг.

Уастырджи февнæлдта бæстытæм, фæлæ бæстытæ ныхситкодтой. Уæйыг фехъал и æмæ Уастырджимæ дзуры:

– Чи дæ? Цæмæн агайыс ахæст адæмы?

– Æз Уастырджи дæн, адон хъуамæ суадзон.

– Дæумæ дæр мæсты рагæй дæн,– зæгъы уæйыг. Фестади ‘мæ Уастырджийы дæр уыдон цур бабаста. Йæ туг ын цъиры. Æртæ лæджы кæрæдзимæ кæсынц æнкъардæй.

Бурфæрныг фæрсы:

– Гъе, Уастырджи, ды кадджын куы дæ, уæд не ‘мсæфт куыд кæныс?

Уастырджи зæгъы:

– Цæнгтæбастæйлæг кæй фæнды ‘мсæрæй фесæфæд.

Сайнæг-æлдар дзуры:

– Бурфæрныг, скув хуыцаумæ, кæд дæ куывдæй æххуысгæнæг фæзынид махмæ.

Бурфæрныг ыскуывта:

– Хуыцау, æгады мардæй нæ ма амар, фæлæ нын æххуыс радт. Уыцы ныхæстæ Донбеттырты Лæфгæф фехъуыста ‘мæ зæгъы: «Цымæ уыцы тыхст чи у?»

Æрбацыди уæйыджы хæдзармæ ‘мæ фæрсы баст адæмы:

– Чи уæ бабаста афтæ?

– Уæйыг.

Уастырджи Лæфгæфмæ дзуры:

– Уæртæ мæм рæхысы кæрон радт.

Лæфгæф рæхысмæ февнæлдта. Рæхыс сыхситкодта ‘мæ уæйыг фехъал и. Дзуры Лæфгæфмæ:

– Цæмæннæ уадзыс ахæст адæмы?

– Æххуыс мæ куырдтой æмæ цын æххуыскодтон.

Уæйыг фæсæррæтласта мæ Лæфгæфы дæр бабаста.

Лæфгæф зæгъы:

– Сымах тыххæй сæфын æмæ мын баххуыскæнут.

– Ды та махæн баххуыскæн,– зæгъы Сайнæг-æлдар,– мæлыны къахыл ныллæууыдыстæм, æндæр ницы.

Уастырджи зæгъы:

– Тæрсгæ ма кæнут – æххуысгæнæг нын уыдзæн.

– Чи ма нæм æрцæудзæн,– дзуры Бурфæрныг,– уæларвæй нæм ды ‘рцыдтæ ‘мæ ахсты бахаудтæ. Донбеттыр нæм ыссыди, уый дæр ахсты бахауди, нæхæдæг дæр афтæ, нæ уд дзæнæтмæ ахæддзæ и.

Уастырджи зæгъы:

– Гъемæ, рафæлдисæг! Нарты Батырадз уæларв Хуры чызгимæ ныхас кæны. Афтæ кæм ыстæвд уа мæ хохы цъитимæ цы рцæуа йæхи уазал кæнынмæ.

Хур йæхи надта ‘мæ Батырадз тынг ыстæвди, къухавæрæн нæ уыди йæ буарыл.

Батырадз зæгъы Хуры чызгæн:

– Хур йæхи найын тагъд фæуыдзæни?

– Нæма.

– Уæдæ уал мæхи цъитийыл ауазалкæнон.

Батырадз йæхи рауагъта ‘мæ цъитийыл йæ фæртт фæцыди. Уастырджийы бæх базыдта Батырадзы ’ргæпп æмæ ныууасыди.

Уастырджи зæгъы:

– Æз уын загътон, æххуысгæнæг нын уыдзæни. Мæ бæх базыдта Батырадзы мæ йæм ныууасыди.

– Мах ныфс нал и,– зæгъынц иннæтæ,– ныртæккæ райхъал уыдзæни уæйыг æмæ та нын нæ туг цъирдзæни.

Уастырджийы бæхы уаст Батырадз цъитийы сæрмæ фехъуыста мæ зæгъы йæхицæн: «Уæдæ ам æввахс куы никæй уынын, уæд Уастырджийы бæх кæцæй уасы?» Аракæсбакæскодта. Бæх бамбæрста, Батырадз, Уастырджи кæм ис, уый нæ зоны æмæ та дыггаг уаст бакодта. Батырадз та хъахъхъæны фæйнæрдæм, уæддæр ницы уыны мæ зæгъы:

– Хуыцау – уынæг, зæхх – кæсæг, ам куы ничи зыны, уæд мæм Уастырджийы бæхы уасты хуызæн кæцæй хъуысы?

Бæх йæхи ныууыгъта ‘мæ йæ саргъы мигæнæнты дзыгъал-мыгъул ыссыди, стæй æртыггаг хатт ныууасыди. Батырадз цъитийы фарк рарæмыгъта ‘мæ йæ йæ сæрыл æркодта. Батырадз афтæ тæвд уыди мæ йæ уæлæ их æртади, йæ рустыл суадæттæй æрцыди. Разгъордта, бæх кæцæй уасыди, уырдæм æмæ фæрсы Уастырджийы бæхы:

– Кæм и Уастырджи? Æгас у ‘ви мард?

– Æгас ма бæргæ у,– зæгъы бæх,– фæлæ æгас дæр нал у. Уæртæ къулыл бастæй лæууы.

Батырадз бахызти Уæйыджы хæдзармæ. Уæйыг кодта фынæй. Ауыдта бастæй Бурфæрныг, Сайнæг æлдар, Уастырджи ‘мæ Лæфгæфы. Фæрсы цæ: – Цæмæн баст ыстут?

Уастырджи радзырдта, цы цыл æрцыди, уый. Батырадз Уастырджийы рæхыстæ раскъуыдта, стæй та Лæфгæфы. Уый фæстæ Бурфæрныг æмæ Сайнæг-æлдары рæхыстæ дæр ратыдта. Фехста цæ мæ уæйыг кæм хуыссыди, уым уæйыджы ныхыл сæмбæлдысты. Уæйыг фæсæррæтласта. Дзуры Батырадзмæ:

– Чи дæ? М’ ахст адæмы мын цæмæн хъыгдарыс?

– Æз Нарты Батырадз дæн. Хъуамæ ацы ахæст-адæмы суадзон. Уæйыг фæсæррæтласта, Батырадзимæ кæрæдзийыл сæхи ныццавтой æмæ хæцынтæ систой. Хæцгæ хæцын рацыдысты ‘ддæмæ, кæрæдзийы хойынц, кæрæдзийы ‘ууæрдынц. Батырадз тæвд байдыдта. Уæд Донбеттырты Лæфгæф уый базыдта, донмæ багæпласта, сфæйлыдта йæ, Батырадзыл æй калы, уæйыг та тыхсгæ кæны. Бирæ фæхæцыдысты, хур дæр цæм тынгдæр кæсы, Бурфæрныг æмæ Сайнæг-æлдар тыхсынкодтой Уæйыджы, Уастырджи та суадон фестынкодта Батырадзы къæхты бын. Æппынфæстаг Батырадз зæххыл ныццавта Уæйыджы ‘мæ сæ рыг Сайнæг- æлдар æмæ Бурфæрныджы авд мусуаты ’ддæдæр фæхаста.

Батырадз амардта Уæйыджы.

Уастырджи зæгъы:

– Мæ хуынды фæ-у, Батырадз.

Бурфæрныг дæр загъта:

– Мæ хуынды уал фæ-у.

Лæфгæф зæгъы:

– Раздæр уал мæ хуынды дæ, Батырадз.

Сайнæг-æлдар дзуры:

– Æз уал дæ хонын, Батырадз.

Батырадз зæгъы:

– Хуры чызгимæ мæ хъуыддаг ис, уымæй куы рацæуон, уæд уыл азилдзынæн.

Батырадз æврæгъты ‘хсæнты арвмæ фæцыди. Йæ фæндаг Уастырджийыл бакодта. Уастырджи Батырадзыл тынг фæцинкодта ‘мæ йæ дзæбæхæй рарвыста. Батырадз Лæфгæфыл рацыди, уый дæр ыл фæцинкодта, дзæбæхæй йæ рарвыста. Сайнæг-æлдарыл рацыди. Сайнæг- æлдарæн йæ хæрæфырт дуаргæрон лæууыди.

Дзуры йæм Батырадз:

– Сайнæг-æлдар кæм и?

– Хæдзары,– зæгъы хæрæфырт.

– Фæдзур æм, Батырадз зæгъ дуармæ.

Лæппу Сайнæг-æлдарæн Батырадзы ныхæстæ ракодта. Сайнæг-æлдар бахъуырхъуыркодта ‘мæ ‘лгъитгæ рацæйцыди. Батырадз æй фехъуыста, йæ хæрæфыртыл ын фæхæцыди ‘мæ йæ Сайнæг-æлдары сæрыл ныффæртласта. Сайнæг-æлдары хæрæфыртæн й’ астæу фесхъæл и ‘мæ йæ иу зæнг фелвæст. Лæппуйы ‘рдиаг ыссыди.

Батырадз зæгъы:

– Æлгъыстаг фæуинаг цыдæр, иннæ хатт сæмбæлдзыстæм.

Сайнæг-æлдар йе ‘намонд базыдта, йæ зонгуытыл Батырадзы раз æрхауди мæ зæгъы:

– Ныббар мын, Батырадз, фæрæдыдтæн.

– Барст дын уæд ацы хатт.

Батырадз Бурфæрныгыл рацыди ‘мæ зæгъы:

– Ам дæ, Бурфæрныг?!

– Ам дæн, рахиз нæм.

Бурфæрныг Батырадзы бакодта хæдзармæ, фæлæ йæм зæрдиагæй нæ ракасти. Батырадз æй фæрсы:

– Цæуылдæр масткæныс, Бурфæрныг? Кæд дын мæ фенд хъыг у? – Æхсызгон дæр мын цас у, фæлæ мæ фырт фæкалди ‘мæ йæ зæнг асасти.

Батырадз фæгæпласта, Бурфæрныджы цæф къах артмæ бадардта мæ йын æй басыгъта.

Бурфæрныг дзуры:

– Цы ми бакодтай, Батырадз?

– Мæ фенд дын дæ зæрдæ фæриссынкодта ‘мæ кæд риссы, уæд куыд æмбæлы, афтæ.

Дуар ныггуыпласта йæ фæдыл Батырадз æмæ лыстæг ысхъистæ ныцци. Уырдыгæй æрцыди Æхсæртæггатæм æмæ йыл уыдон цинкодтой. Батырадз кæмæн уа, уымæн йæ хъыг дæр цины бынаты вæййы.

НАРТЫ УЫРЫЗМÆГ

Нартæ уыдысты иуыл тыхгæнæг, никуы цын ницы фидаркодта. Уырызмæджы ус Сатана уыд хуыцауы натлйа. Нартæ уый тыххæй Сатанамæ быцæукодтой, уымæн æмæ Нартæ хуыцауæй дæр нæ тарстысты, уый та уыд сæ натлйа. Уæд Сатанайæн райгуырд лæппу мæ куыд рæзти, афтæ тынгдæркодта ‘мæ тыхкæнын райдыдта Нарты фæсивæдыл. Уæд Нарты Сырдон уыд гæды лæг æмæ цы загътаид, уымæн æнæ ’рцæугæ нæ уыд, æмæ Сатанайы фырты тыххæй загъта зæгъгæ уый куы схъомыл уа, уæд нæ цæрын нал ныууадздзæн. Уæд йæ фыд Уырызмæг ацыд цуаны ‘мæ æхсæвæддæ баззад. Лæппуйы Нартæ байтыгътой æмæ йыл нызгъæлстой æмæ йæ амардтой. Уырызмæгæн æфцæгыл йæ фырты хабар халон фехъусынкодта, зæгъгæ дæ хæдзары хъуыддаг хорз нæу æмæ хæддзæкæн дæ хæдзармæ.

Уырызмæг æрцыд æмæ йæ ус Сатанайы фæрсы:

– Кæм ис дæ сывæллон?

Сатана дзуапп нæ радта, бадти ’нкъардæй арты фарсмæ, йæ цæстысыг калдта. Лæппуйы мард уалынмæ Уырызмæг бамбæрста мæ йæ цæвæрдтой куыд æмбæлд, афтæ. Сатана мæ Уырызмæг фыд-зæрдæ дардтой Нартæм æмæ нал дæр æмбырдмæ, нал дæр хуындмæ цыдысты.

Афтæ Нартæ ‘взæр цæстæй кастысты Уырызмæгмæ ‘мæ Сатанамæ. Уæд Нартæ сфæндкодтой куывд кæнын. Æрвитынц хонæг Уырызмæгмæ. Уырызмæг зондджын лæг уыди ‘мæ базыдта, Нартæ йæ марынмæ кæй сайынц, уый. Нæ разы кодта Уырызмæг хонджытыл æмæ нæ цыд Нарты куывдмæ. Уæд æм сæрвыстой хонæг нæуæг чындзы – уæды рæстæджы уайсадæг чындз кадджын уыд – зæгъгæ фефсæрмы уыдзæн æмæ ‘рцæудзæн куывдмæ.

Уæд Нартæй иу Батырадз хуынди, уый дæр – хуыцауы натлйа. Сæ хуыздæр уыд Нартæн, тыхджын лæг. Байсæрдынкодта йæхи куырдадзы. Денджызы был саразынкодта куырдадзы æмæ куы стæвд, уæд йæхи уым байсæрдынкодта. Денджызы йæхи баппæрста, уымæн æмæ йæ ‘ндæр дон не ‘мбæрзта.

Уырызмæджы куы хуыдтой, уæд Батырадз бынаты нæ уыд. Уырызмæг катайкæны, чындзы йæм хонæг кæй сæрвыстой, уый тыххæй. Сфæндкодта Уырызмæг ацæуын хуындмæ мæ бафарста йæ ус Сатанайы:

– Куыд бакæнон, зæронд ус? Ацæуон, æмæ йæ зонын, маргæ мæ кæй кæндзысты, уый.

Æмæ Сатана загъта уæд:

– Ацу кæд ма мæм хуыцауæй исты ‘ххуыс уа, уæд дын тас нæу. Араст Уырызмæг, йæ цилхъ йæ кæрцы мидæг ахаста. Уæд хуыцау загъта мæрдты хистæртæн Барастыр æмæ Йасатæн, зæгъгæ Уырызмæг уынгæджы ис æмæ йын йæ сывæллоны куыд арвитат Уырызмæгæн æххуысæн æмæ йæ туг куыд райса. Барастыр æмæ Имак рараст кодтой. Уырызмæджы фырты æд бæхæй рарæвдзкодтой. Уырызмæджы фырт æрбалæууыд æз бæх Нарты дуармæ, куывд кæм уыд, уым. Бадзырдта мидæмæ, зæгъгæ Уырызмæг мæ хъæуы æмæ ма йæм фæдзурут.

Нартæ рарвыстой, зæгъгæ чи у, мидæмæ нæм рацæуæд, куывды бадæм æмæ Уырызмæджы дæр не ‘вдæлы. Лæппуйæн та уырдæм бацæуæн нæ уыд. Уæд æм лæппу Уырызмæгмæ дзуры хатиагау:

– Ма тæрс, зæронд лæг, тæрсгæ ма кæн, æххуысгæнæг дын ис. Уæд æм Уырызмæг æддæмæ радзырдта хатиагау:

– Кæд мын æххуысгæнæг дæ, уæд мын дуаргæс лæуу, æддæмæ цæ макæй ауадз, ам цæ мæ бар уадз.

Нартæ Уырызмæгмæ хæцæнгарзæнхъæл нæ уыдысты. Уырызмæг райдыдта мидæгæй цæгъдын, æддæмæ цæ чи цыди, уыдон та лæппу цæгъды, йæ туг цæ исы. Ставд адæмæй цæм цы уыд, Нартæм, уыдон фæцагъта. Уæд лæппу чи уыд, уый цыдæриддæр хæцæнгарз уыд Нартæм, уыдон рахаста ‘мæ цæ Уырызмæджы хæдзармæ бахаста æмæ цæ уым суæгъдкодта ‘мæ цын загъта:

– Гъеныр уын тас нал у.

Уæд лæппуйы фæрсынц Уырызмæг æмæ Сатана:

– Чи дæ, уый нын бацамон. Кæй лæппу дæ?

Æрмæст цæм радзырдта:

– Æз дæн уенæном лæппу.

Уæд Уырызмæг æмæ Сатана ныккуыдтой, фæлæ йын фæстæмæ фæкæсыны бар нæ уыд.

Уыйфæстæ Батырадз дæр æрцыд балцæй æмæ бафарста, зæгъгæ кæм ысты нæ хъæу, цы фесты? Уæд ын устытæ бамбарынкодтой, зæгъгæ Уырызмæг цæ фæцагъта иу æнæзонгæ лæппуимæ. Батырадз бафарста Уырызмæджы, зæгъгæ цæмæн фæцагътай не ‘рвадæлты. Уырызмæг ын загъта, зæгъгæ мæнæн дæр мæ иунæджы амардтой æмæ йын æххуысгæнæг нæ уыд хуыцауæй, уый тыххæй фæцагъта æрвадæлты. Сатана бахуыдта ‘ртыкъахыг хæлаф æмæ хæлаф федта мæ хъуыдыты ацыд. Фæрсы, зæгъгæ искæмæн æртыкъахыг лæппу райгуырд? Нартæ йын загътой, зæгъгæ нæй, ахæм лæппу никæмæн райгуырд. Сырдон та уыд тынг зондджын, уый цы нæ базыдтаид, ахæм ницы уыд. Уæд æй Сырдон бамбæрста, уый Сатана кæй бахуыдта фыддзинадæн, уома, Нартæй æртæ хайы фæцагъта, ис ма цæ ‘рмæст иу хай.

Уæды рæстæджы адæм цъус уыдысты мæ адæм къордтæй цардысты. Батырадз тыхджын лæг кæм уыд æмæ хуыцауæн Уацилла кæм уыд, уымæ гæсгæ зæдты ахста мæ цæ надта, æфхæрдта цæ. Уæд ын хуыцау загъта: – Мæ натлйа дæ мæ дæ мæ цæст амарын нæ уарзы, фæлæ ма мар зæдты, ма цæ фхæр.

Батырадзы уæд хуыцау бабаста ‘фсæн рæхысæй æмæ хуыцау загъта зæдтæн:

– Акæнут Батырадзы хохмæ, æмæ уым лæгæт фесчъил, æмæ йæ дæр æхгæд фестдзæн фидар.

Уæд æй акодтой æмæ фæндагыл лæгæт ыссардтой æмæ дзы ныхас цыди.

Батырадз загъта зæдтæн:

– Ацы лæгæт мын фенынкæнут.

Лæгæт ын фенынкодтой æмæ дзы уыд лæппу æмæ дзæргъ. Дзæргъ къуымы уыд баст къæлæтæй.

Батырадз лæппуйы бафарста:

– Цæмæн у дæ дзæргъ баст?

Лæппу йын загъта:

– Уый мæ мад у, кæрдзыныл æвзæр уыд æмæ дзæргъ фестад. Стæй йын Батырадз загъта:

– Мæммæ ис хуыцауæй æртæ ныхасы, хъуамæ феста, цы уыд, уый. Батырадз загъта:

– Иу ныхас – цы уыд, уый фестæд.

Æмæ дзæргъ ус фестад æмæ артдзæсты абадт.

Уæд лæппу загъта:

– Нæ мад, ай у хорз уазæг æмæ йын исты куы фенис.

Уæд ус бахъуырхъуыркодта ‘мæ загъта:

– Æмæ цал уазæджы цæуа, уыдон фаг мæммæ кæм и?

Уæд Батрадз загъта:

– Гъе, хуыцау, дыггаг ныхас ма мæ бар у ‘мæ цы уыд, уый та фестæд.

Æмæ ус фестад дзæргъ æмæ та йæ йæ бынаты ныббастой.

Уый фæстæ Батырадзы акодтой зæдтæ фидармæ ‘мæ йæ лæгæты ныууагътой талынджы, йæ цилхъ ын дард нывæрдтой, куыд нæ йæм æххæссыдаид, афтæ. Уыд ын, Батырадзæн, афæдзæй афæдзмæ иу бон арвы рухс фенынæн. Иу бон ыл цуанон фембæлд лæгæты ‘мæ Батырадзы уæлгоммæ федта бастæй æмæ дзы фæтарст. Уæд æм Батырадз дзуры: – Тæрсгæ мæ ма кæн, Нарты Батырадзы нæ фехъуыстай, æз уый дæн. Æмæ йын загъта:

«Мæ цилхъ мæм æрбалас, кæд дæ бон у, уæд».

Цилхъыл ысхæстытæкодта ‘мæ йæ бон нæ баци. Уæд йæ къæхтæ Батырадзмæ радта мæ йæ хъуамæ ‘рбаластаиккой, фæлæ цуанонæн йæ цæнгтæ фæцæй ыскъуыдысты ‘мæ йæ уæд ысуагъта Батырадз. Цилхъ йæ къухы нæ бафтыд. Уæд æй фаджысы куыфтæй æрфарста Батырадз цуаноны: – Дæлæ уыдон та цæй сау фос ысты зæгъгæ, фосы фаджыс. Æнæ – фаджыс дам нæм хор нал зайы. Уæд Батырадз загъта:

– Уæд нæ сыджыт дæр гæртам исы?

Уæд та уыйфæстæ фехъуыста Батырадз усы уынæр хохмæ хъæуæй æмæ та цуаноны бафарста:

– Цæй уынæр у уый?

Уæд ын цуанон бамбарынкодта, уый усы уынæр кæй у, уый. Уæд та Батырадз загъта:

– Гъеныр бæсты фарн æмæ бæркад фесæфт, сылгоймаджы хъæр кæм ацыд уымæ гæсгæ.

Батырадз загъта цуанонæн:

– Ацу, æмæ мæм фидæн-афон æрцу бæндæнимæ, сылгоймаг дæ куыннæ базона, афтæ.

Цуанон дыггаг аз куы раст кодта Батырадзмæ, уæд æй сылгоймаг базыдта ‘мæ йæ бафарста кæдæм цæуы, уымæй. Цуанон æм дзургæ бæргæ не скодта, фæлæ куы ссыд хохмæ, уæд лæгæт нал ыссардта ‘мæ фæстæмæ раздæхт.

Афтæ абоны уонг Нарты Батырадз баззад хохы лæгæты фидары.

БАТЫРАДЗ ÆМÆ ПАДДЗАХ

Батырадз ысфæндкодта ‘мæ афæдзы балцы ацыди. Уый уырдыгæй куыддæриддæр ацух и, афтæ Нартыхъæумæ паддзах æрбарвыста – кæд уæ фæнды, зæгъы, афæдзы сæрæн мын стæггагæй хъалон бакæнут, кæд уæ фæнды бегарайæ мын мæ чырæ ласут. Кæд уый нæй, уæд мын уæ дари хæдон кæттагæй аивут, уæ сæракдзабыр цырыхъхъæй раивут, æртæ барæй уын бар дæдтын.

Нартæ ахъуыдыкодтой æмæ загътой сæхицæн, цæй æмæ йæ фæстаг дзырдыл ысразы уæм, кæннод нын иннæтæ зындæр уыдзысты. Æмæ йæм барвыстой, дæ фæстаг дзырдыл разы стæм, нæ хæдон æмæ нæ дзабыр раивыныл.

Афæдзы фæстæ Батырадз хæтæны балцæй фæстæмæ раздæхти мæ нартыхъæумæ куы ‘рхæддзæ, уæд ныхасы бафарста:

– Мæ фæстæ уæм цы ног хабæрттæ ис?

Нартæ йын радзырдтой: «Ды куыддæрид ардыгæй ацыдтæ, афтæ нæм паддзах æрбарвыста, кæд уæ фæнды дам мын афæдзы сæрæн стæггагæй хъалон бакæнут, кæнæ мын бегарайæ мæ чырæ аласут, науæд та уæ дари хæдон кæттагæй аивут, уæ сæракдзабыр цырыхъхъæй раивут. Æмæ мах йæ фæстаг дзырдыл ысразы стæм».

Батырадз æнæ дзургæйæ ацыд йæ хæдзармæ ‘мæ уырдыгæй паддзахмæ барвыста:

– Ды мæ фæстæ Нарты фæсивæды дæхицæн дæ зондæй кусæг (салдат) ыскодтай æмæ чехы гоппы фæцу, абон майрæмбон, иннæ майрæмбоны ды хъумы уобаумæ де ‘фсæдтимæ куынæ рацæуай! Æз æмæ ды уым равзарæм кæрæдзиуыл нæ хъару.

Майрæмбоны Батырадз раджы Хъумы уобауыл йæ бæхыл февзæрди ‘мæ кæсынтæ байдыдта ‘мæ хур куы ‘ркасти, уæд уæлæ быдыры паддзах йе ‘фсæдтæ й алыфарс, афтæмæй æрцæуы.

Уалынмæ ’рхæддзæ ‘мæ Батырадзмæ дзуры:

– Дæ райсом хорз, Батырадз-æлдар! Курын дæ ‘мæ мын иннæ абонмæ ‘мгъуыд радт, абон мæ хæцæнгæрзтæ цæттæ нæ фесты ‘мæ мын бахатыркæн.

Батырадз загъта:

– Цæугæ ‘мæ иннæ абон раджы ам куынæ уай, уæд уый зон, æмæ дæ дæ хæдзары дæр ыссардзынæн.

Паддзах аздæхти йе ‘фсæдтимæ, æмæ сæхимæ куыддæриддæр ысхæддзæ, афтæ фæйнæрдæм арвыста фæдисонтæ – Батырадзы дам мын чи амара, уымæн ме ‘ртæ чызгæй бар раддзынæн.

Хабар фæйнæрдæм айхъуысти ‘мæ уæлæ Хурыскæсæнæй рацыди Тары фырт Мукара: «Цон æмæ паддзахы чыззытæй мæхицæн иу усæн ыскæнон, мæнæн Батырадзы ц ’амарын хъæуы».

Æрцыди паддзахмæ ‘мæ йын загъта:

– Æз дын Батырадзы карчы цъиуы хуызæн æрбамардзынæн, кæд мæ нæ фæсайдзынæ дæ чызгæй, уæд.

Паддзах ын загъта, басомы йын кодта:

– Кæцы дæ фæнда мæ чыззытæй, уый дын раддзынæн.

Æхсæвы йæ алы хорз минасæй хорз куыннæ федтаид! Райсоммæ Батырадзмæ хæстмæ цæуынмæ сæхи сцæттæкодтой!

Майрæмбоны та Батырадз йæ бæхыл абадт æмæ сæуæй боны ‘хсæн Хъуымы уобауыл февзæрди. Кæсы та уырдыгæй, кæсы æмæ та уæлæ быдыры ‘рцæуы паддзах. Йе ‘фсæдтæ й алыфарс гуыргуыргæнгæ ‘мæ йæ рахиз фарс фистæгæй ‘рцæуы Тары фырт Мукара. Батырадз йæ бæхмæ дзуры: – Уæлæ ме ‘сæфты лæг æрцæуы паддзахимæ, Тары фырт Мукарайы зонын æмæ мын иу абонæй иннæ абонмæ бырсын куынæ бакома, уæд ыстæвд уыдзынæн æмæ мæ тыхы мыггагæй ницыуал уыдзæн. Æмæ мæ уæд исты амалæй куы фервæзынкæнис æмæ донмæ ку аирвæзин, уæд ын уыйфæстæ бæргæ хос кæнин!

Йæ бæх загъта:

– Кæд дыл тыхджынкæна, уæд мæ бæттæн атондзынæн æмæ йыл арматцагæй ралæудзынæн. Кæд уымæй нæ тæрса, уæд æм дæндагæй бавналдзнæн. Кæд уый дæр нæ уа, уæд ыл мæ зæвæтæй ралæудзынæн æмæ иуырдæм дард фæхаудзæн, æмæ-иу уæд донмæ лидзыны куыст кæн. Паддзах куы ’рхæддзæ, уæд æнæ дзургæйæ Мукара Батырадзыл йæхи ныццавта мæ хæцынтæ байдыдтой, æмæ иннабонæй иннабонмæ фæхæцыдысты. Сæ къæхты бын быдыр уæрмытæ сси. Фæстагмæ Батырадз сырх зынг ысси ‘мæ дзы цъиуы тых дæр нал уыди. Мукара йын йæ бæрзæйыл ныххæцыди ‘мæ йæ се ’ргæвдæнмæ фæцæйласта. Уæд йæ бæх йæ бæттæн ратыдта ‘мæ Мукарайыл фыддзаг арматцагæй ралæууыд, æмæ йæ хъуыды дæр не ‘ркодта. Уыйфæстæ йын дæндагæй йæ мæкъуысджыты фыдтæ стындтытæкодта ‘мæ та йæ уæддæр ницæмæ рдардта. Уæд æм йæ фæстаг къæхтæ фездæхта ‘мæ йæ ахæм цæф фæкодта ‘мæ Мукара иуырдæм дард фæхаудта. Æмæ Батырадз дæр феуæгъд æмæ алыгъд, денджызмæ багæпкодта.

Уæд Мукара паддзахæн загъта:

– Аимæ хæцынæн æз ницыуал бакæндзынæн. Уыдон бæхæй, лæгæй æмхуызонæй хæцынц æмæ лидзæм нæхимæ.

Паддзах йе ‘фсæдтыл фæхъæркодта ‘мæ лидзынмæ фесты. Рафардæг ысты сæхимæ.

Батырадз дæр денджызæй сыгъдæг цъæх æндонæй рагæпкодта ‘мæ йæ бæхы фæрсы:

– Цы фесты паддзах æмæ Мукара йе ‘фсæдтимæ?

Бæх ын загъта:

– Ды куыддæриддæр денджызмæ агæпкодтай, афтæ лидзынмæ фесты афардæг ысты сæхимæ.

Батырадз загъта:

– Гъеныр цæ мæ бар уадз, æз цын хос ыскæндзынæн.

Паддзах сæхимæ куы ссыди, уæд йе ‘фсæдтыл фæхъæркодта: – Тагъд мæ кулдуарыл мидæгæй ыстыр уæрм къахгæут. Уый ардæм дæр æфсæрдзæн æмæ уæрмы куыд ныххауа, афтæ йын бакæнæм.

Æфсæдтæ февнæлдтой æмæ дуарæнмидæгæй арф уæрм акъахтой æмæ йыл тæнæг фæйнæджытæ бамбæрзтой, сæхæдæг ыл уæлейы чысыл сыджыт æркалдтой, фæйнæджытæ куыннæ зындаиккой, афтæ.

Батырадз сæ фæстæ рацыд æмæ паддзахы дуармæ куы схæддзæ, уæд йæ бæхæй рахызти ‘мæ мидæмæ хъæркæны:

– Паддзах æмæ Мукара, чехы гоппы фæцæут, кæд хъуджы лыгъд кæдæм кæнут, уæд!

Йæхæдæг æфсæн кулдуар йæ къахæй ыскъуырдта ‘мæ уартæ кæрты къуымы йæ дзыгъалмыгъул ыссыди. Йæхæдæг дуарæй куыд бахызт, афтæ фæйнæджытæ йæ быны ныххаудтой æмæ уæрмы афардæг.

Паддзах йе ‘фсæдтыл фæхъæркодта, хъæдæй дуарæй цы арут, уыдон уæрмы калгæут зæгъгæ. Æфсæдтæ хæссын байдыдтой, чи цæуыл хæст кодта, уыдон æмæ цæ уæрмы калын байдыдтой. Батырадз йæ цирыхъ ысласта ‘мæ йын йæ ком уæлæмæ, афтæмæй йæ йæ сæрыл сæвæрдта. Æмæ йыл кæй калдтой, уыдон цирыхъы комыл æмбæлдысты. Батырадз фæнык йæ къахæй нæмын байдыдта ‘мæ уæрмæй ысзынди. Уæд та паддзах æмæ Мукара мидæмæ лидзынмæ фесты, фæлæ цæ Батырадз басырдта ‘мæ фыддзаг паддзахы рацахста ‘мæ йæ фæйнæрдæм къабазгай атындтытæкодта. Уыйфæстæ Тары фырт Мукарайы рацахста ‘мæ йын йæ уæлфадыл фæлæууыди, стæй йын йæ рахиз цонг ыскъуырдта. Йæ къахæн дæр йе ‘рдæг зæххы аззад æмæ йын загъта:

– Ныр, Мукара, цæугæ, æмæ дæ паддзахы чыззытæй кæцы хъæуы, уый ахæсс æмæ уæнгхъадджынтæй афардæг у уæхимæ.

Йæхæдæг бацыд æмæ паддзахы хæдзары цы хæзнатæ ссардта, уыдон рахаста ‘мæ цæ Нарты мæгуыртæн байуæрста. Мукарайæн чыззытæй бар радта ‘мæ йæ къуылых æмæ иуцонгонæй сæхимæ арвыста.

НАРТÆ ÆМÆ МÆЛИКК

Нартæ ахæм адæм уыдысты мæ ’нцад бадын чи нæ зыдта, иугæдзон стæры чи цыди, иугæндзон хæцгæ чи кодта ‘мæ стыр куывдтæ чи арæзта, стыр бадтыты йæ рæстæг худгæ, хъазгæйæ чи ‘рвыста. Сæ балц, сæ бадтмæ цын Хур цинкодта, сæ зæрдæ цын рухс кодта. Гъе, афтæ цардысты Нартæ.

Нартæ ахæм адæм уыдысты, ‘мæ цæм хæлар цæстæй чи касти, хъыг цæ чи нæ дардта, уыдонимæ ‘фсымæртау уыдысты. Уыдонимæ иувынг, иу къусы тылд уыдысты. Хорзæн æртывæрæй хорздзинад лæвæрдтой. Лæгадæн дывæр лæггад кодтой, æмæ уæдæ куыд вæййы!

Нартæ ахæм адæм дæр уыдысты: сæ хъыгдарæгæн барын нæ зыдтой, се ‘фхæрæджы маргæ кодтой, сæ фыдбылызы судзгæ кодтой, æнæфæстаг, æнæмыггаг æй кодтой.

Ахæм уыдысты Нартæ, ахæмæй æрвыстой сæ цард дæр. Хорзæн – хорз уыдысты, æвзæрæн – æвзæр. Зæрдæйæ уарзгæ кодтой, сæрæй – хъуыды, цæстæй – æвзаргæ. Цард афтæмæйты вæййы.

Кæм вæййынц адæм æмхуызон гуырдæй, кæнæ уындæй, тыхæй, йе хъуыдыйæ. Вæййы зондджынтæ Уырызмæгау, вæййы тыхджынтæ Батырадзау, вæййы сайæгойтæ – Сырдонау, фæлæ вæййы æдылытæ дæр æмæ цыфыддæртæ дæр.

Цыфыддæр та Нарты фыдызнаг Тынты мæликк уыди. Фыдмитæ мæ ‘взæр митæ ‘нцонæй кодта, хорздзинад та ‘мбаргæ дæр нæ кодта. Уæд та иу бон Нартæ кæмдæр хаттысты ‘мæ сæ бæстыл баззадысты устытæ ‘мæ зæрæдтæ сывæллæттимæ. Ахæм хъæу цы хæссын хъуыд! Хæддзудымгæ дæр – æлдар.

Тынты мæликк фæзынди ‘мæ зæгъы:

– Гъе, Нартæ! Уæ фыдæлтæ мæ фыдæлтæй чызг-хъалон дардтой. Ныр авд азы нал исын чызг-хъалон æмæ мын æй авд хатты фылдæрæй хъуамæ бафидат!

Нартæ джихауæй баззайынц æмæ зæгъынц: «Ай цы диссаг у, фехъуыстам хъалон фæллойæ, фосæй, кæнæ æндæр исты, а чызг-хъалон никуы ‘рцыди».

Зæгъынц Тынты мæликкæн:

– Чызг-хъалон мах никуы фехъуыстам, фехъуыстам хъан ысхæссын – уый дæр лæппу куы уа, уæд. Фæлæ чызг та хъалонмæ чи фæисы? Æнæгъдау ми у.

Тынты мæликк фæхъæркодта:

– Ау, æнæгъдау мигæнæгыл мæ нымайут мæн? Сау Нарт! Багъæцут, æз бафидаудзынæн уемæ! Тагъддæр уæ чыззыты хуыздæртæй авды ‘ркæнут!

Уæд дын иу ус дзуры:

– Нæ чыззытæй бынаты ничи ис, иууылдæр хуындуаты сты. – Уæд уæ чындзытæ ам уыдзысты.

– Нæ, уыдон та сæ цæгæтты сты. Сæ лæгтæ ам не сты, æмæ фæцыдысты чындзытæ дæр.

– Уæд уæ устытæ та кæм ысты?

– Устытæ мæрдвæды* (*М æ р д в æ д ы – ома мæрддзыгой.) фæцыдысты.

– Диссаг,– зæгъы Тынты мæликк,– æмæ уе ‘фсинтæ та?

– Сæ рынчынтæ ам ысты ‘мæ сæ къуылыхтæ, сæ цæнкуылтæ, иннæтæ дæр ам не сты.

– Мæрдтæм фæцыдысты?

– Мæрдтæм уанцон нæу! Хуынтæ фæхастой.

Тынты мæликк фæрсы:

– Уæ фæдисон адæм та кæм рабырбабыркæнынц?

– Хæтæнты сты.

Тынты мæликк ныххудти ‘мæ зæгъы:

– Диссæгтæ, Царциаты диссæгтæ. Куыддæр Царциатæ сæфтысты сæ хуыцаумæ кувæг ыссардтаиккой, уый цын нал уыди. Мæнæ Нартыл дæр уый ми цæуы. Æниу цæ ‘гайтма ничи ис. Уæд мæ бирæ тыхкæнын хъуыдаид. Ныр та мæ дзурын дæр нæ хъæуы бирæ.

Тынты мæликк зæгъы йе ‘фсадæн:

– Фæзилут хæдзар-хæдзар, сыхæй-сыхмæ. Ракæнут сылгоймаджы мыггагæй кæй ыссарат уыдоны ‘мæ дзы æз авзардзынæн. Ракæнут цын сæ зæронд лæгты дæр.

Тынты мæличчы фсад фæзылдысты Æртæ Нартыл. Кæйдæриддæр ыссардтой, уыдон тыххæй æркодтой – æфсинæй, усæй, чындзæй, чызгæй зæронд лæгæй.

Тынты мæликкимæ цы ус дзырдта, уый Сатана уыд. Базыдта ‘нæмаргæ йын нæй æмæ се ‘рхуым мæсыджы бын цы фæндаг уыди, уыууылты Нарты Симæнфæзмæ абырыди. Стæй къахæй уайын байдыдта Дæллаг Нартæм – Алæгатæм.

Алæгатæм уыд фæныкгуыз лæппу. Кусгæ нæ кодта, цумамæ нæ цыди, хæргæ – бирæ, нуазгæ – фыддæр.

Сатана зæгъы фæныкгуызы мадæн:

– Æртæ Нарты доны къусы сæфт куы кæнынц, уæд ма дæ цæмæн хъæуы ацы гуырд. Фæдисхъæргæнæг æй фервитæм, кæд дын уым исты сарæхсид æмæ нæ лæгтæ фæзыниккой.

Фæныкгуызы мад зæгъы:

– Бæргæ уаид хорз, фæлæ цы бакæндзæни?

– Лалым ныддымæм. Уым æй нывæрæм, стæй йæ доны баппарæм. Чи зоны, Нартæ искуы донбыл ысты, уæд æй райсдзысты æмæ цын зæгъдзæни Нарты тыхст.

Дыууæ усы афтæ бакодтой. Лалымы нывæрдтой фæныкгуызы, стæй йæ ныддымстой æмæ йæ доны барæцыхтой. Дон лалымы аласта.

Тынты мæликк Нарты зæрæдтæй, сæ фидардæртæй авды равзæрста. Лæгуæрдоны цæ сивтыгъта, авд чызджы ма сывæрдта лæгуæрдоны ‘мæ йæ бæстæм арасти. Йе ‘фсад та рахастой Нарты фæллой, ратардтой Нарты фос.

Нартæ хъæухаст æмæ уæнг састæй баззадысты.

Фæныкгуызы дон ласы ‘мæ ласы. Бирæ йæ фæласта дон, лалымы йæ мидæг та уыд Алæгаты фыдбоны гуырд Фæныкгуыз. Фæласта йæ къуыри. Къуырийы фæстæ йæ дон иу хуыдыммæ фæсвæд баппæрста ‘мæ хуыдымы сæр мамазила кодта, Нартæ уæд сæ хæтæнæй æрцæйцыдысты ‘мæ æрцæйкодтой дунейы фосы рæгъæуттæ, бæхты дзугтæ. Бæхæй-фосæй донмæ бацæуынц, фæлæ ныххуыррыткæнынц æмæ фæстæмæ фæлидзынц.

Уырызмæг зæгъы:

– Фенут-ма, цæмæй тæрсынц фос?

Нарты кæстæртæй иу бауади. Лалымы ауыны, сурмæ йæ раппары, стæй йæ Нартæм æрбахæссы. Лалымыкъах ысуагътой, йæ дымст ыссыди, фæлæ уæддæр хъæбæр дардта. Уæд лалымæн йе ргæвдæн суагътой æмæ йæм нывнæлдтой. Йæ къух цы лæг фæтъыста лалымы хуылфы, уый къухы Фæныкгуыз хæринаг фенхъæлдта, дæндагæй йæм фæлæбурдта ‘мæ йын йе ‘ртæ нгуылдзы атæхынкодта. Лæджы богъ фæцыди. Нартæ ракъæрткодтой лалымы ‘мæ дзы Фæныкгуызы райстой.

Сослан зæгъы:

– Ай Алæгаты Фæныкгуызы хуызæн у.

Хæмыц дзуры:

– Хуымæтæджы йæ нæ баппæрстæуыдаид.

Æрбамбырд ысты æмæ йæ фæрсынц:

– Чи дæ ныппæрста?

Фæныкгуыз зæгъы:

– Мæ мад.

– Йæхæдæг иунæгæй?

– Нæ!

– Чи ма дзы уыд?

– Сатана.

Хæмыц зæгъы:

– Нæ загътон, хуымæтæджы йæ нæ баппæрстæуыди, цыдæр фыдбылыз æрцыди нæ фæстæ Нартыл, æвæдздзæгæн.

Фæрсынц та Фæныкгуызы:

– Нарты зæххыл искæй федтай?

– Ницы федтон, æрмæст бирæ бæхты хъæр цыди мæ хъустыл. Уырызмæг дзуры:

– Æвæдздзæгæн тыхгæнæг нæ рæгъæутты тардта.

Ноджы йæ фæрсынц:

– Æндæр ма цы федтай?

– Ницы федтон, фæлæ бирæ адæмы хъæр æмæ хыл мæ хъустыл цыди. – Ноджы ма?

– Ницы æндæр, цыдæр æфсæйнæгты зæлланг дæр ма ‘мбæрстон. Уырызмæг зæгъы:

– Уыдон æнæмæнгæй тыхгæнджытæ уыдаиккой, æндæр ницы. Фæтагъддæркæнæм.

Сослан æй фæрсы:

– Раджы, æви æрæджы уыди дæу доны куы баппæрстой, уый? – Къуырийы бон мыл цæуы.

Нартæ сæ бæстæм фезмæлыдысты.

Æрхæддзæ вæййынц æмæ фæрсынц Сатанайы:

– Цы ’рцыди нæ фæстæ, хъæухаст æмæ уæнгсастæй куы стут? Сатана зæгъы:

– Фыддæр ыстæм. Хъæухаст фæлтау куы фæуыдаиккам, уæнгсаст дæр уæд ма цыдаид зæрдæмæ, фæлæ нæ худинаг ныхъхъæр и. Нарты зæрæдтæй авд лæгуæрдоны сивтыгъта Тынты мæликк æмæ нын нæ хуыздæр чыззытæй авды авзæрста. Сывæрдта цæ лæгуæрдоны, йæхæдæг дæр семæ æмæ цæ зæронд лæгтæ аластой.

Нартæ фæрсынц:

– Цæмæн цæ аластой?

– Чызг-хъалон дам.

– Уый та куыд?

– Афæдзæй-афæдзмæ, зæгъы, хъуамæ мæнæн чызг-хъалон фыстаиккат. Ныр, зæгъы, рацыди авд азы ‘мæ уæ кæнын авд чыззы. – Уомæ чыззыты зæронд лæгтыл куыд ласта?

– Фырцыдæй дам ыстæвд уыдзысты ‘мæ дам ма мæхи цæуыл ирхæфсон. Уый тыххæй цæ лæгуæрдоны сæвæрдта.

– Æндæр ма цы зиан бакодта?

– Зиантæй фылдæр цы уыди, йе ‘фсад нал фæллой ныууагътой, нал рæгъæуттæ.

Бамæсты сты Нартæ. Æфсадæй рацыдысты Тынты мæликмæ.

Тынты мæликк Нарты авд зæрондæн куыдзы бæлæгъы дон æмæ хæринаг дардта. Фосау цæ бастæй не суæгъдкодта. Нарты авд чыззы Тынты мæликк хицæн уаты бакодта. Сбæгънæг цæ кодта мæ цæм касти афтæмæй. Кодта цæ бæгънæгæй кафын. Стæй та цын сæ риутæ æмæ сæ сыдзы фæрстæ ууæрдын кодта.

Ахæм митæ кæнгæйæ та цын иу бон зæгъы Тынты мæликк:

– Абон ма афтæ, фæлæ мæ райсом цы бафæнда, уый уын бакæндзынæн ныр æртæ боны рацыд.

Чыззытæ зæгъынц:

– Нæ курдиат нын сæххæсткæн, стæй дæ цы фæнды, уый нын бакæн. – Уагæры уæм цы курдиат ис.

– Ис!

– Цы?

– Цыппар боны ма нæ ныууадз æнæ худинагæй. Нартæм ахæм æгъдау ис, къуырийы дæргъы хъуамæ æнæхъыгдард уой.

– Ома, уæм армæй дæр мачиуал æвнала?

– Нæ, нырмæ нæм куыд æвнæлдтат, уыууыл разы стæм.

– Хорз, уæдæ, разы дæн.

– Бузныг, нæ мæликк, уæддæр ма дын кæдæм цæуинаг стæм! Мæликк та йæ дæлдæртæн радта дзырд, цæмæй Нарты авд чыззы цыппар боны ууæрдой сæ сыдзы фæлмæнтæй сæ риутæм.

Мæликк дæр-иу касти уыцы афон æмæ худти йæ мидбыл.

Уæд Нартæ ныххæддзæ вæййынц Тынты мæличчы бæстæм. Ауыдтой йын йæ фидæрттæ ‘мæ зæгъынц:

– Адон уыдзысты не ‘фхæрæджы фидæрттæ.

Кæсынц. Уæд сæ цурты иу фыййау заргæ рбацæуы:

Дилæлæ-уилæлæ мæликдоны бæстæ,

Дилæлæ-уилæлæ цыппар боны фæстæ

Дилæлæ-уилæлæ бæрæгбон кæндзæни, гъей.

Дилæлæ-уилæлæ аууæрствæд уæ удтæ,

Дилæлæ-уилæлæ Нарты авд рæсугъдмæ,

Дилæлæ-уилæлæ нæ мæликк бырдзæни, гъей.

Нартæ фæдзырдтой фыййаумæ ‘мæ йæ фæрсынц:

– Кæй фос хизыс, фыййау?

– Тынты мæличчы къуылых фосы.

– Къуылых та цы хоныс?

– Къуылых та йæ зæнгыл рæстмæ чи нæ лæууы, уый.

– Æмæ дæ фос къуылых цæмæн ысты?

– Къахджынты мæнмæ кæм дæдты Тынты мæликк. Мæхæдæг дæр къуылых дæн æмæ мæм къуылыхты радта.

– Уæдæ заргæ та цæмæн афтæ кодтай?

– Нæ мæликк Нартæй авд рæсугъды ’ркодта ‘мæ цæ хицæн уаты бакодта, уым цæм зилы. Къуыри ‘мгъуыды фæстæ цæ фæдæлхъæтцул кæндзæни.

– Ныр та цæм куыд зилы? – фæрсынц æй Нартæ.

– Цы цын у! Сæ сыдзы фæлмæнтæ ‘мæ цын сæ риуы къуыбыртæ ‘ууæрдын кæны.

– Уый та цæмæн?

– Фыдæрмыци дам ма уой, сфæлтæрой уал раздæр.

Нартæм фыййауы ныхæстæ хъыг фæкастысты ‘мæ йын зæгъынц: – Ды сайыс, æндæр ницы.

– Кæд уæ нæ уырны, уæд æм ныццæут, фенут уæхи цæстæй. Нартæ равзæрстой авд лæджы: Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Бурæфæрныг, Сырдон, Ацæмæз æмæ Сæхуыджы. Араст ысты ‘мæ зæгъынц: – Базонæм уал Тынты мæликкæн йæ тых, йæ хъару.

Бахæддзæ сты Тынты мæличчы фидæрттæм. Кæсынц: систæ авд ивæзны бæрзæндæн амад. Дуртæ кæрæдзимæ чъырæй арæзт. Бахъæр кодтой:

– Уазджытæ дæ дуармæ, Тынты мæликк!

Хъæрмæ мæликк йæ цумагæнæджы рарвыста ’мæ цæ фæрсы:

– Чи стут?

Уырызмæг зæгъы:

– Амæ уазæгуаты цæуæм.

Цумагæнæг радзырдта Уырызмæджы ныхас мæликкæн. Уæд цæ мæликк йæхимæ ‘рбауадзынкодта. Авд æфсæн дуары бакодтой, æмæ Нартæ бахызтысты. Ауыдтой Нарты авд зæронд лæджы бастæй. Сæ разы куыдзы бæлæгъ. Уырдыгæй дон нуазынц, уырдыгæй фæлхæрттæ хæрынц. Ницы цæм ысдзырдтой, ницы дæр авд зæронды сдзырдтой. Дарддæр ауыдтой Нартæ Тынты мæличчы йæ пылыстæг къæлæтджынбандоныл бадгæ, æмæ йæ цуры Нарты авд чыззы бæгънæгæй кафынц. Чыззытæ фефсæрмы сты æмæ сæ цæсгæмттæ къулмæ фездæхтой, сæ чъылдымтæ равдыстой.

Тынты мæликк цæм дзуры:

– Кæнут уæ кафт, мæнæ уæм ацы адæм дæр бакæсой.

Чыззытæ зæгъынц:

– Мах æнахуыр адæмы цур æргомæй нæ фæкафæм.

– Уæдæ кæд фæкафут? – фæрсы мæликк.

– Не ‘мгъуыды боны фæстæ.

– Уæдæ, уæдæ уæ фæхсынтæ уæ дæлвæтджитæм куы руæзкæной, уæд. Бурæфæрныг мæликкæн зæгъы:

– Уадз цæ, мах тыххæй цæ ма бафхæр, фæлтау цын ныббар. – Уæ хатыр цын фæкæн.

Чыззытæ Нарты базыдтой, фæлæ сыбыртт нæ кодтой. Тынты мæликк хъуыста Нарты гуыппырсарты кой, фæлæ цæ ‘ргомæй нæ зыдта. Фæрсы цæ:

– Чи стут, кæцон ыстут?

– Мах æнахуыр адæм ыстæм, Елыгъатыбæстаг.

Мæликк фæрсы:

– Уыдон Нартæм æввахс цæрынц?

– Æввахс! – зæгъы Бурæфæрныг.

– Искæй цæ зонут?

– Зонæм цæ, кæд сеппæты нæ, уæддæр сæ лæгæй-лæгдæрты. Мæликк та фæрсы:

– Уæддæр дзы кæйты зонут?

Бурæфæрныг зæгъы:

– Æз хорз зонын Бурæфæрныджы.

– О, хъусын æй,– дзуры мæликк,– хъæздыгцæрæг æй хонынц. – Æртæ Нарты фæллой иунæг йæхимæ ис,– зæгъы Бурæфæрныг. – Æз та Уырызмæджы зонын,– зæгъы Уырызмæг,– зондджын æй хонынц, тынг зондджын.

– О, хъусын уый кой дæр,– зæгъы мæликк.

– Æз та Хæмыцы зонын,– зæгъы Хæмыц йæхицæй.

– О, хъусын уый дæр, чындз æмæ дам ын чызг нæ ирвæзынц æнæ батыхгæнгæйæ.

– Руст у! – зæгъы Хæмыц.

Мæликк дзуры:

– Уагæры уæлæ Нартæй цы авд рæсугъды ‘ркодтон ныр уыдон куы фенид!

– Æз та Сосланы зонын,– зæгъы Сослан дæр йæхицæй.

– Уый ном дæр хъусын, дæсны кафæг æй хонынц.

Сæхуыг зæгъы:

– Æз та сæ хæрæфырт Нæртон Сæхуыджы зонын, Нартæн сæ рахиз цонг у.

– Раст зæгъыс,– дзуры мæликк.– Кæмдæр дæсны цуангæнæг у, цъиуы цæст дам нæ ивгъуыйы.

– Æз та Сырдоны зонын хорз,– зæгъы Сырдон йæхицæй.

– Уый дæр хъусын, кæмдæр ыстыр сайæгой у, дæлзæххы кой куы кæна, уæд дам уæлзæхы агур дæ хъуыддаг.

– Æз та Ацæмæзы тынг хорзæй зонын,– зæгъы Ацæмæз.

– Уæдæ, уæдæ! Хъусын ахæм ном дæр. Кæмдæр дæсны фæндырдзæгъдæг у.

– Тынг, æмбал ын нæ разындзæни.

Мæликк зæгъы:

– Уæдæ Нарты миниуджытæн сæ тынгдæрты зонут?

– Зонæм. Мах дæр цыл ахуыркæнæм.

– Исты цæ ‘ййафут?

– Аййафæм цæ, фæлæ та фæразæй вæййынц.

Уæд мæликк сыстади, бæхтыл йæ уазджыты сывæрдта ‘мæ цæ рзилынкодта йæ фосы дзугтыл, йæ бæхты рæгъæуттыл, стæй фæрсы Нарты:

– Мæнæй Бурæфæрныгæй кæмæ фылдæр ис фос, раст зæгъут? – Дæумæ,– Бурæфæрныг æмæ Æртæ Нарты фос дæ фосы ‘мбис дæр не ‘ййафынц.

– Уæдæ уый мæ разы рыгдæр н’ акалдзæни,– зæгъы мæликк. Дарддæр цæ акодта. Доныл цæ ахизын хъæуы ‘мæ хъуыдыкæнынц, куыд ахизой.

Фæрсы мæликк Нарты:

– Цымæ Уырызмæг цы ‘рхъуыдыкæнид, цæмæй нæ дон ма фæласа? Нартæ зæгъынц:

– Уырызмæг нæ, фæлæ ам Хуыцау дæр ницы ‘рхъуыдыкæндзæн. Мæликк зæгъы:

– Уый дæр ницы мæ разы,– йæхæдæг донæн фалейы бæласыл бæндæн ацауыгъта, йæхимæ йæ ‘рбалхъывта мæ уыууыл хæцгæйæ ахызтысты. Уæд уынынц: арвыл иу цъиу йæхи суадзы, мигътæм ысхæддзæ вæййы. Йæ базыртæ куы фæхæлиукæны, уæд йæ буар цæхæр акалы. Мæликк зæгъы:

– Цымæ Сæхуыг уый амарид?

Сæхуыг дзуры:

– Уый Уацилла кæнæ Йелиайы дзуæрттæ дæр н’ амардзысты. – Гъех, уымæй дæр ницы, фæнычы раз рыг дæр не скалдзæни. Цæуынц ноджы Тынты мæличчы зæххыл. Бахæддзæ сты иу цавæрдæр агъуыстмæ. Нартæ ницы зыдтой. Уæд мад æмæ чызг рацыдысты мæликк æмæ Нартæм. Æрывæрдтой хæрд, нуæзт. Мад æмæ чызг афтæ рæсугъ уыдысты ‘мæ цын кæрæдзийæ равзарæн нæ уыди, мад кæцы у æмæ чызг кæцы у. Сæхи уал хæрз æфсæст акодтой, стæй мæликк зæгъы:

– Адон ысты мад æмæ йæ чызг – кæрæдзийы ‘нгæс, цымæ Сырдоны фæлитой базонид, мад цæ чи у, æмæ цæ чызг чи у?

Сырдон зæгъы:

– Нæ цæ базондзæни, адоны хуыцау дæр нæ рахатдзæни.

– Уæдæ Сырдонæй дæр цæй Сырдон ис!

Хорз федтой сæхи ‘мæ цын кафтмæ ацыди хъуыддаг. Чызг æрцагъта фæндыр афтæ хорз, æмæ Ацæмæз джихæй баззади.

Мæликк æлдар фæрсы:

– Цымæ Нарты Ацæмæз ам к’ уаид, уæд афтæ хорз ацæгъдид? Ацæмæз загъта, йæхи нæ зонын кæны афтæмæй:

– Н’ ацæгъдид, ацы чызг дæлимонтæй фыддæр у.

– Уæдæ Ацæмæз дæр мæ разы хъуыртты фаг нæу,– зæгъы мæликк. Уæд мад кафын байдыдта, йæ къахфындзтыл ыслæууыди бæгъæмвадæй æмæ йæ иугай æнгуылдзтыл зилын райдыдта. Нартæ куыннæ ныддискодтаиккой.

Мæликк та фæрсы:

– Цымæ Нарты Сослан хуыздæр ыскафдзæн?

– Не скафдзæн,– дзуапп дæдты Сослан,– амæн кафынæй æмбал нæ уыдзæни.

– Уæд Сослан дæр хуымæтæджы Нарт у,– загъта та мæликк. Хæмыц чызгмæ йæ цæстытæ ныццавта, чызг та Сæхуыгмæ. Сæхуыг æмæ чызг кæрæдзийы зæрдæмæ фæцыдысты, фæлæ цæ Хæмыцы цæстæнгас хъыгдардта.

Уæд чызг зæгъы Хæмыцæн:

– Уагæры Нарты Хæмыц к’ уаис, уæддæр æнхъæл ма у, де ‘нгуылдзы кæрон дæр мæ буарыл н’ андзæвдзæни.

Тынты мæликк ныххудти мæ зæгъы:

– Гъеуый ныхас у. Чызг, мæнæ мæ уазæг, дæуыл фау равæрдта ‘мæ цæгæй Хæмыц к’ уаис, уæддæр дын дзы ницы рауаид. Уынут, мæ уазджытæ? Нартæ кæд зонынц алы ми чызг ыслымæнкæнын, хъæздыг цæрын, кафын, цуанкæнын, фæлитойдзинад, фæндырдзæгъдын, зондджын уæвынмæ, уæддæр мæ цумагæнджытæ уыдонæй ахæм хъуыддæгты дæсныдæр ысты. Уыдон сымах раз æвзыгъддæр ысты. Ныр мæхæдæг та иуыл дæсныдæр дæн. Нарты хъуамæ скæнон цагъартæ, хæзгултæ ‘мæ лæггадгæнджытæ. Мæ тыхмæ чи фæлæууа, ахæмæй ничи ис уыдонмæ уæ ныхæстæм гæсгæ.

Уырызмæг йæхи не схъæр кодта, афтæмæй зæгъы:

– Æппæтæй æмбулыс, Тынты мæликк, фæлæ Нартæм иу рахъомыл ис, ахæм æмæ ‘ндонау сæрст у. Нæ зонын уый тых дæм разына? Йæ дæндæгты дойнаг дур куы фæвæййы, уæд æй æрмырт-мырткæны æргъиуау.

Мæликк бакалдта дойнаг цъенгæ дуртæ йæ дзыхы – æцæг цæ æрмыртмырткодта ‘мæ цæ й’ ахсæны ауагъта.

Сослан зæгъы, йæхи нæ бацамыдта, афтæмæй.

– Уыцы болатæйконд уæртæ дæ мæсыджы хуызæтты йæ иу къухæй дæр фелвасы.

Мæликк, мад æмæ чыззы мæсыджы йæ кæстæр æнгуылдзты фелвæста бумбулийау æмæ дзы хъазын байдыдта. Разил-базил æй кодта йæ кæстæр æнгуылдзы уырзтыл, стæй йæ рывæрдта.

Хæмыц дæр йæхи нæ раргомкодта, афтæмæй зæгъы:

– Æз дæр уыцы гуырдмæ иу миниуæг зонын. Авд ивæзыны дæргъæн арцы сыдз зæххыл ныффидаркæны. Стæй йыл йæ цæсты гагуыйыл ныззилы, æмæ йæ дымгæ фæхæссы хъæдæй, дурæй, цæуæгæй – алцы дæр.

Мæликк дæр авд ивæзыны арцы сыдз зæххыл ныффидаркодта. Йæ иу цæстæй ныззылди арцы цыргъыл, бæстыл дымгæ фестынкодта йæ дымджытæй æмæ – дур уæд, хъæд уæд, цæуæг уæд – фæхаста цæ æмæ цæ лæнчы ‘мæ уæрмыты ныккодта. Нартæ дæр ныппырхытæ сты.

Уæд Сослан зæгъы:

– Амæн мах тыхæй ницы ракæндзыстæм, ницыдæр зондæй, ницыдæр хинæй, фæлтау, цæй, фервитæм Батырадзмæ. Кæд æм уый дæр нæ бахæсса йæ ныфс, уæд фæцæуæм фæстæмæ. Кæннод нæ куы базона, ай Нартæ стæм, уæд нæ физонджытæ скæндзæни.

Мæликк æрхызти арцæй, æрбамбырдкодта йæ уазджыты, фæрсы цæ: – Цæй, куыд уæм кæсынц мæ митæ?

– Тынг диссаг, цыма цæ мах фыны уынæм, афтæ.

Уырдыгæй ракодта мад æмæ чыззы дæр йемæ ‘мæ ‘рцыдысты Мæличчы фидæрттæм.

Уырызмæг зæгъы Сырдонæн сусæгæй:

– Амæн мах ницы бакæндзыстæм, фæлæ нæ дæ сæр бахъуыд. Исты хуызы абыр ардыгæй æмæ Сатанамæ фехъусынкæн, тагъд нæм Батырадзы ’рырвита.

Куыддæр æрталынг и, афтæ Сырдон йæхи маргъ фестынкодта ‘мæ атахти. Мæличчы галуантæ фидар æхгæд ныккодтой йæ цумагæнджытæ. Сырдон, Нартæй æфсады чи рацыди, уыдонæн зæгъы:

– Фæстæмæ фæцæут, æндæра сæфут.

– Цы ма цæуæм, Сырдон! Нæ хуыздæртæ кæм мæлынц, уым уадз мах дæр амæлæм.

Сырдон Сатанамæ ныххæддзæ ‘мæ йæ Сатана фæрсы:

– Алчи фæдисмæ, ды та къæбицмæ, Сырдон? Цы фесты Нартæ? – Диссæгтæ дын зæгъдзынæн, Сатана, фæлæ мæ бон фыр æххормагæй нал у, исты уал мын авæр мæ разы.

Сатана ‘рывæрдта фынг ныхасгæнгæ.

– Уæдæ иннæтæ дард ысты?

– Дард, цæст цæ не суындзæни.

– Хынджылæггаг де дылы сæр фæуа, Сырдонæн, кæд мæн хынджылæгмæ не ‘вдæлы. Зæгъ, кæм ма сты?

– Куы дын зæгъын – дард, цæст цæ не суындзæн, æгæр ыстæмæй у авдбынатон мæсыгæй ку акæсай, уæддæр.

– Хынджылæггаг фæу!

– Цы тыхсыс, Сатана! Кæд сæ уд æрдуйыл ис, уæддæр цын ма тæрс. Нартæ фыдæбон куынæ феной, уæд цын хæдзармæ ‘рцæуæн нæй, уый нæ зоныс?

– Уæд ды цæуылнæ фыдæбонкæныс? – афарста Сатана Сырдоны. – Æз? Æмæ кæд фехъуыстай Сырдоны ном кадджынæй Нарты ‘хсæн? – Æмæ ды кæд фехъуыстай ахæм хабар æмæ Сырдон Нартæн мацы фыдбылыз сараза?

– Уый æз Нарты фæлваргæ кæнын.

– Цы цæ фæлварыс, дугъон бæхтæ мыййаг несты ‘мæ цæ Нарты ‘мбырды дугъы нæ фæуадздзынæ.

– Афтæ æз дæр нæ зæгъын,– дзуры Сырдон,– фæлæ мæм хъус. Тынты мæликмæ раздæр бацыдыстæм авдæй. Æз, Уырызмæг, Хæмыц, Бурæфæрныг, Сæхуыг, Сослан æмæ Ацæмæз. Фæндыди нæ, чи у мæликк уый базонын, фæлвæрдтам хинæй, зондæй, тыхæй, хъаруйæ, сайынæй, фæлæ къæрттæй- цъулайæ ницы рауади. Н’ авд хистæр зæронды куыдзы бæлæгъы дон нуазынц æмæ цæ удæст хæринаг дæр хæрынц уырдыгæй. Нарты авд чыззы Мæликк ысбæгънæгкæнынкодта ‘мæ цын сæ сыдзы фæлмæнтæ æмæ сæ риутæ ууæрдын кæнынкæны.

Сатана зæгъы:

– Дур де ‘взагыл æруайа, Сырдонæн, кæд цæ дæ цæсгом та куыд бахъæцыди зæгъын!

– О, о, уæдæ цæ цы ‘мбæхсон?

– Омæ, Нартæ та уæд цы фесты?

– Кæсынц æнхъæлмæ, Нарты гуыппырсартæ кæд рацæудзысты, уымæ. Фæлæ нæ зонын уыдон ма сæ сæртæ ‘нæхъæнæй рахæссой.

– Цæуылнæ, Сырдон?

– Æнæ Батырадз уыдонæн раирвæзæн нæй.

– О, Нарты фæхъхъау фæуай, Сырдон, кæд мын дардыл цы таурæгътæ хæссыс. Афонмæ мын зæгъ уавæр куыд у ‘мæ исты амалкæнон. Сатана Сырдонмæ дæр нал фæкасти, фæлæ хъæртцыгъайæн зæгъы: – Дæ сæрыл мæ ‘рхæссай! Тагъд мын Батырадзмæ фæхабаркæн, нæ гуыппырсарты Тынты мæликк æрцахста ‘мæ куыд зына.

Хъæртцыгъа зæгъы:

– Æндæр ма фенай, Сатана, кæд æз Батырадзмæ н’ атæхон! Дæ хæдмæл цъиутæй мын иу нæ радтыс, дæ гæдыйы хай фæвæййынц æмæ ма уымæ тæхон!

– Ацу, адæмы амæддаг дæ хуыцау фæкæнæд, цард-цæрæнбонты дæ мачи бауарзæд.

Уалынмæ халон ратæхы. Сатана йæм дзуры:

– Халон, ды дæ уæны феныс алцыдæр, акæс ма Батырадз кæм ис æмæ мын æм фæхабаркæн, Нарты гуыппырсарты зæгъ æрцахста Тынты мæликк æмæ тагъддæр зын.

– Гъендæр ма фенай Сатана! Иу хатт Нарты бæхы холыйыл бадтæн æмæ мæ Батырадз уый хæрын дæр нæ бауагъта, фатмæ мæ систа. М’ амондæн атахтæн.

– Ацу, цæрæнбонты холытыл зил, æндæр дын хæринаг ма уæд. Адæмæн æнæуынон фæу, уый дын м’ арфæ.

Халон атахти. Сатана ауыдта зæрватыччы. Æрбацæйтахти цъыбар- цъыбургæнгæ. Сатана йæм дзуры:

– О, мæнæ зæрватыкк, хабархæссæг мын фæу Батырадзмæ, кæд бады – сыстæд æмæ цæуæд. Кæл лæууы – тагъддæр кæнæд. Нарты сæргуыппыртæ Тынты мæликмæ ахст ысты ‘мæ мæм хæддзæкæнæд.

Зæрватыкк ныцъцъыбарцъыбурласта, цæхгæр фездæхти ‘мæ йæхи систа бæрзæндты ‘мæ фæтары. Сатана йæм адзырдта фæстейæ:

– Мæргъты фидыцджындæр фæу, адæмæн дæ уынд – æхсызгон, дæ уаст адджын. Дæ уындмæ бæллæг уæнт адæм!

Тæхы зæрватыкк. Хуры быдыры Батырадз ыстыр бæласы бын йæ фæлад уагъта. Уазал дон йæ разы, йæхи дзы ‘рыхсы ‘мæ та йæхи руадзы. Йæ бæх йæ цуры хизы. Афтæ цæ зæрватыкк дæр баййæфта ‘мæ Батырадзы хъусы сцъыбарцъыбуркодта. Батырадз зæрватыччы йæ къухмæ систа, фæрсы йæ:

– Цы кæныс, ацы маргъ?

Зæрватыкк иу бадт Батырадзы цилхъыл кодта, иу бадт йæ фатыл æмæ цæ ивæзта, фæлæ цы зæрватыкк у, цы йæ тых у? Батырадз фембæрста тыхгæнæг цæм кæй ис. Йæ бæхыл абадт, стæй зæгъы: – Тæх мæ разæй, зæрватыкк, кæдæм мæ кæныс, уырдæм цæудзынæн дæ фæстæ.

Зæрватыкк æввахсдæр фæндæгтыл Батырадзы ‘ркодта Нартæм æмæ Сатанамæ бацыдысты.

Фæрсы Батырадз:

– Цы хабар у, хъæухастау куы сты Нартæ?

– Уымæй фыддæр ысты, дæ фæхъхъау фон. Нартыл йæ бон бакалдта, йæ бон бакæла, Тынты мæликк.

– Ау, æмæ дзы адæм нæ уыди?

– Балцуаты уыдысты. Асырдтой ма йæ ныр, фæлæ сæ иутæ сæ ныфс нæ хæссынц, сæ гуыппырсартæ та ахст ысты.

– Цæмæй йæ зоныс?

– Сырдон мæм фæци хабархæссæг.

– Кæм и Сырдон?

– Хурмæ хуыссы мæсыджы раз.

– Гъе, Сырдон! – фæхъæркодта Батырадз. Хъæрмæ Сырдон йæ бынаты авд ивазыны бæрц хæрдмæ фесхъиудта, æрбауади ‘мæ зæгъы: – Ам дæн, Хæмыцы фырт Батырадз!

– Цом мемæ!

– И-и-и! Æз дæ мæрдты уазæг, мæн уадз. Мæ уд ма тыххæй раирвæзти.

– Холыйаг фæуæд дæ уд, кæд иннæтæ сæ удтæ нæ хордтой. Цом мемæ.

– Дæхæдæг ацу, æз бабын уыдзынæн!

– Цом дын зæгъын! – фæхъæркодта Батырадз,– исты къуымæл нæ дуцыс дæ цæстытæй, цы дæ цæссыг калыс?

– Мæ уд адджын у.

– Æмæ иннæтæн сæ удтæ хъылма сты, дæ раддæг дæ бахæра. Цом тагъддæр!

– Мæ бон фистæгæй цæуын нæу.

– Мæ фæсарц æрбабад.

Сырдон Батырадзы фæсарц абадти. Батырадз йæ бæх фезмæлынкодта ‘мæ араст. Къуырибалц – авд боны ‘мæ авд æхсæвы цыд фæндаджы Батырадз авд сахатмæ сарæзта. Æрыййæфта Нарты тымбылæй. Фæрсы цæ: – Ам ривæдкæнынмæ ‘рцыдыстут?

– Бæргæ не ‘рцыдыстæм ривæдкæнынмæ, фæлæ фыдраны фестæм. Батырадз æмæ Сырдон бæхæй æрхызтысты. Йе ‘рдын дыууæ стыр бæласыл фидар бабаста, стæй фат æрдыныл æрывæрдта ‘мæ зæгъы уытыппæт Нартæн:

– Æз фатыл æрхуысдзынæн. Сымах æрдынбос ивазут, цалынмæ уын зæгъон уæдмæ, стæй мæ суадзут.

Батырадз фатыл æрхуыссыди. Нартæ æрдынбос аивæзтой, стæй Батырадз зæгъы:

– Суадзут æрдынбос!

Нартæ йæ суагътой. Батырадз фатыл хæцгæйæ атахти æрвнæрæгау. Дыууæ бæласы та æд æрдын фæтахтысты бынмæ. Æрдын цæ ахаста. Батырадз сæмбæлди Тынты мæличчы мæсыгыл æмæ йæ ‘ркалдта. Мæсыджы ныббырыд æмæ мæсыджы рудзынгæй фæлгæсы. Уыны Нарты авд зæронды куыдзы бæлæгъмæ бастæй. Авд чызгæй бæгънæг кафт кæнынц, куы та цæ аууæрдынц.

Мæсыджы гуыпмæ Тынты мæликк фæкасти ‘мæ зæгъы:

– Ох, мæ мæсыджы цъупп куы ‘ркалди.

Уырызмæг базыдта, уый Батырадз у ‘мæ зæгъы мæликкæн: – Æрбад, хæрæг мæличчы фырт, æви ‘цæг ды ‘нхъæл уыдтæ Нартæ дæуæй æгуыдзæгдæр сты.

– Куыд мæм уæндыс, зæронд къæссахæссæн! – фæхъæркодта Мæликк. – Æз чи дæн уый зоныс?

Уырызмæг зæгъы:

– Ды чи дæ, уый æз зонын, фæлæ мах чи стæм уый зоныс? – Чи?

– Æз дæн Уырызмæг, мæнæ Хæмыц, ай та Бурæфæрныг, дæ разы – Сослан, йæ фарсмæ нæ хæрæфырт Сæхуыг æмæ йæ цуры та Ацæмæз, дысон æз кæй арвыстон, уый та уыди Сырдон. Дæхи махæй тыхджындæр хоныс – уый нæ уырны, фæлæ дæ тыхы ныхмæ чи ‘рлæууа, ахæм дæр ис дæ цуры, фæлæ уал дын дæхимæ кæсы. Ныр нын зæгъ: цы ныфсæй бырстай Нартæм? – Дæу чи фæрсы къæдордæйы хуызæн зæронд хæррæгъ! – фæхъæркодта Мæликк. Уæхст раскъæфта ‘мæ зæгъы:

– Ныртæккæ уæ афизонæгкæнон.

Февнæлдта Уырызмæгмæ, йæ боцъотæй йæ фелвæста, а ныр æй атъысса уæхстыл, афтæ Батырадз мæсыджы рудзынгæй расæррæтласта ‘мæ фæхъæркодта:

– Фæлæу!

Хъæр Сырдоны ‘мæ йе ‘мбæлттæм райхъусти. Сырдон зæгъы: – Гъе, æвзæр Нартæ, Батырадзмæ уын æз куынæ фæуадаин, уæд уæ мæликк быны мизынтыл фæкодтаид, фæлæ мын кувут.

Нарты ‘фсад зæгъынц:

– Кувдзыстæм, куыннæ! Дæхи та хæрзаг цалынмæ нытъуй кодтай* (*Н ы т ъ у й к æ н ы н – ома ныфсадын.), уæдмæ Сатанайæн ныхас дæр нæ загътаис.

– Уый дæр дзы уыд мæ цæуæггаг, фæлæ кæсут, æмæ ма уæ хъусдарут цæй тъылолуппытæ хъуысы. Уый Батырадзы гуыпп у. – Нæ уæдæ ды! Фæдисы дæр æнæфсæстæй нæ цæуы.

Сырдон зæгъы:

– Æххормагæй та дард н’ ацæудзынæ.

Батырадз æмæ Тынты мæликк хæцынтæ байдыдтой. Мæликк йе ‘фсадмæ хъæркодта. Авд æфсæн дуары бакодтой, фæлæ Сослан сæ разы ‘рлæууыди ‘мæ цæ дзидтæдзаджы цагъд кодта. Уырызмæг æмæ Сæхуыг та цæ сæ фæттæй цагътой. Хæмыц æмæ Ацæмæз, Бурæфæрныг дæр цын æххуыскодтой æмæ мæличчы ‘фсадæй иу дæр нæ бахæддзæ ис мæликмæ. Мæрдты – Бурæфæрныг, Хæмыц, Ацæмæз бынæй калдтой æмæ комæй мæличчы фидæрттæм рæдзæгъдтæй лæууыдысты. Сырдон æмæ Нарты ‘фсад кастысты ‘мæ дискодтой: «Цыдæр бирæ мæрдтæ кæлы мæличчы кæртæй».

Батырадз хæцгæ хæцын мæсыгмæ йæхи баласта, мæсыгыл фенцой кодта ‘мæ мæликкыл ныккалди. Йæ сæр ысцæйдардта дурты бынæй мæликк, фæлæ йæ Батырадз нырриуыгъта ‘мæ мæличчы сæр дыууæ раст дихæй фæсаджил. Тынты мæликк йæ уд систа.

Батырадз зæгъы:

– Суадзут Нарты зæрæдты!

Ацæмæзитæ фæцырд ысты. Суагътой цæ. Нарты авд гом чыззы дæр сæ дарæс ыскодтой æмæ уæд æфсæрмдзæсты рацыдысты. Мæличчы мад æмæ фыды лæгдзоныгътыл сифтындзынкодта Батырадз æмæ Нарты авд зæронд æмæ авд чызгæн зæгъы:

– Сбадут уæрдоны.

Уырызмæг зæгъы:

– Афтæ нæ.

– Уæдæ куыд?

– Нæ хæрæфырт Сæхуыг æмæ мæликмæ ахсты цы чызг æмæ мад уыдысты, уыдон кæрæдзийы ‘мбарынц æмæ чыззы кæнæм немæ Сæхуыгæн. Батырадзæн æхсызгон уыди. Мады ныууагътой мæличчы хæдзæртты бирæ фæллæйттимæ. Иннæ фæллой, фос ратæлæткодтой Нартæ. Рацæуынц. Мæличчы мад æмæ фыд ласынц лæгуæрдонты Нарты авд зæронд лæджы. Чыззытæ сæ чындзагимæ цæуыныл ныллæууыдысты.

Нарты зæхмæ ‘рбахæддзæ сты. Уæд Батырадз зæгъы:

– Цæут уал, Нартæ, æз дæр уæ ‘рыййафдзынæн, фæлæ Сосланæн фæдзæхсын: мæличчы мад æмæ фыды удæгасæй куыннæуал ныууадзой. Сослан зæгъы:

– Уыдонæй æз мæ маст ысуадздзынæн.

Батырадз ацыди. Нартæ æд фæллой, æд фос æрцыдысты сæхимæ. Нарты адæм сæ размæ цыдысты. Цинкодтой, стæй ыстыр чындзæхсæв ныззылдтой сæхицæн. Фосæй цы бахардз и – иннæты Нартыл æмхуызон ныддихтæкодтой. Афтæ хæзнатæ дæр æмæ алчи дæр царди. Сæхуыг дæр æд ус, æд фæллæйттæ Нартмæ ‘рцарди.

Сослан мæличчы мад æмæ фыды иу фæлмæн фаджысыл бæгъæввадæй бафтыдта ‘мæ зæгъы:

– Гъеуый мын сыууæрдут уæ къæхтæй, хæрджытæ. Кæд уæ фырт адæмæн фыдмитæкодта, уæд йæ ардауæг сымах уыдыстут, æмæ базонат рыст, фыдæбон.

Цас сæ бон бауыдаид. Цалдæр зылды ‘ркодтой, стæй æрхаудтой. Сослан цæ йæхсæй сау над кодта æмæ сæ уд систой, стæй цæ куитæн бахæрынкодта.

Цæрынц Нартæ сæ фыддзаг цардæй, æнæмастæй, хъæлдзæгæй.

Иухатт Батырадз зæгъы: «Цæй-ма фæцæуон Нартыл. Бабæрæг цæ кæнон, кæддæра мæм чи цы зæрдæ дары. Кæнæ мæм Сæхуыг цы цæстæй æрбакæсид».

Рарасти ‘мбисæхсæвты. Нартæ йæ сеппæт дæр кодтой сæхимæ. – О, Батырадз! Нæ хуыздæр æмæ нæ ирвæзынгæнæг дæр ды дæ. – Нæ, мæнмæ рацу!

– Нæ, мæнмæ.

Фæбузныг Нартæй Батырадз. Арасти дарддæр. Сæхуыгмæ бадзырдта: – Ам ыстут, фысымтæ!

Сæхуыг хуыссыди уаты. Фæсæррæтласта, рауади дуармæ мæ дзуры: – Мидæмæ рахиз, кæцы дæ?

Уæд Сæхуыджы ус дæр фестади, рухс акодта хæдзары. Батырадз бахызти хæдзармæ, фæлæ ахæм хъуын рауагъта мæ йæ Сæхуыг зонгæ дæр нал бакодта.

Сæхуыг зæгъы:

– Бадгæ уал акæн, уазæг, ныртæккæ дын алцыдæр уыдзæни. Батырадз абадти. Сæхуыг фыр æрбадавта ‘ргæвдынмæ, йæ ус уæларт алæууыди ‘мæ цæм Батырадз кæсы. Куы бамбæрста зæрдиагæй йыл цин кæнынц, уый, уæд бахудти Батырадз æмæ зæгъы:

– Ма кæн, Сæхуыг, ницы мæ хъæуы. Æз дæм барæй æрбацыдтæн, кæд мыл, зæгъын, дæхи не сивтай, æз Батырадз дæн.

Сæхуыг Батырадзы ныхъхъæбыскодта ‘мæ зæгъы:

– Уый та куыд зæгъыс, куыд дыл сивдзынæн мæхи? Уæд м’ амард хуыздæр нæу! Науæд цыфæнды тыхст лæг уа, уæддæр æнафоны йæ тыхстæй æрбадзуры, æмæ йæ æнæсуазæггæнгæ куыд ис, фæнды знаг уæд. Батырадз зæгъы:

– Бузныг, Сæхуыг. Куыд кæсын, афтæмæй ды дæ лæггадгæнæг æмæ дæ ис бирæ. Æз цæуон ныр.

– Нал дæ ауадздзынæн. Нæ кусæрттаг ис нæ разы, не ‘фсин та уæларынг.

– Цæй, уæд та фæуæд дæхи дзырд. Иугæр уæ фынæйæ фæхаудтат, уæд исты сæр.

Сæхуыг фыр аргæвста. Йæ ус кæрдзынтæ ракодта. Ацæттæкодтой фынг æмæ боны ‘рбацъæхтæм худгæйæ сæ рæстæг арвыстой.

Райсомы Сæхуыг æмæ Батырадз сæ кæрæдзийы дæлæртты хæцгæйæ Нарты сыхыл Ныхасмæ араст ысты. Нартæ цын арфæтæкодтой æмæ Ныхасы иннæты цур æрбадтысты.

Базыдта Батырадз, Нартæ сеппæт дæр ныр иузæрдион ысты, уый æмæ цын арфæтæ кодта.

Батырадзы хуызæн гуырдæн та чи нæ ракæндзæни арфæтæ.

СЫРДОН ЙÆ ФЫРТТЫ КУЫД АРГÆВСТА Нарты Борæдзатæ æртæ азы фæхастой хуыскъ хъуг. Сырдон ысфæндкодта йæ радавын. Иухатт куы уыд, уæд ацыд æмæ уыцы хъуджы радавта. Борæдзаты хæрзæджытæ хъуджы агурын байдыдтой. Сæ зæрдæ ‘хсайдта Сырдонмæ, фæлæ йын йæ хæдзар чи ссардтаид!

Уæд цын къулыбадæг ус загъта:

– Сымах Сырдоны хæдзар афтæмæй не ссардзыстут, фæлæ йын 8pv`uqsr йæ гадзайы, йæ къахыл ын синаг бабæттут æмæ цæут йæ фæдыл. Бон изæрмæ уый сымах кæй дуарæй нæ ракæсынкæндзæн, ахæм нал баззайдзæн зæххыл. Куы фезæрдалынг уа, уæд араст уыдзæн йæ хæдзармæ æмæ афтæмæй бацæудзыстут гадзайы фæдыл Сырдоны хæдзармæ. Бакодтой Борæдзатæ, къулыбадæг ус цын куыд бацамыдта, афтæ. Æрцахстой Сырдоны гадзайы, бабастой йын йæ къахыл синаг æмæ цæуынц йæ фæдыл. Бон изæрмæ цæ æцæг кæй дуарæй нæ ракæсынкодта, ахæм нал баззад.

Изæры куы фæталынг, уæд араст йæ хæдзармæ ‘мæ иу ран иу хиды бын хуынчъы фæмидæг. Борæдзатæ дæр бабырыдысты йæ фæдыл – æмæ дын мидæгæй дуар. Æвиппайды фегомкодтой дуар æмæ Сырдоны дынджыр цуайнаджы гъæйттæй фыцы хъуджы фыд.

Сырдон куыддæр ауыдта Борæдзаты, афтæ фæрæт æмæ къуыдыр æрбадавта ‘мæ йе ‘ртæ фырты къубæлттæ ахауынкодта ‘мæ цæ цуайнаджы ныккалдта.

Борæдзатæ уый куы федтой, уæд фæлыгъдысты.

Райсомы куы сбон, уæд Сырдон ыссыди Нарты Сатанамæ ‘мæ йын дзуры:

– Стыр хæснаг ыскодтон, дæумæ ис хъæзын къус æмæ йæ цæуыл асæрфай, уый, æндæрхуызон фæвæййы.

Сырдон афтæмæй къус расайдта.

Æрхаста йæ йæ хæдзармæ, йе ’ртæ фыртыл æй асæрфта, æмæ йæ фырттæ райгас ысты. Сырдон къусы фæстæмæ схаста Сатанамæ ‘мæ йын загъта:

– Хæснаг рамбылдтон.

СЫРДОН ÆМÆ НАРТЫ УАЙСАДÆГ ЧЫНДЗ Борæтæ ‘рхастой чындз æмæ йын ыстыр аллай-буллай фæкодтой. Сырдон уым нæ уыди мæ чындзæхсæвæй фенæхай и. Нартæ æртæ боны ‘мæ æртæ ‘хсæвы цæл æмæ минасыл ивтыгъд уыдысты. Сæ кафтмæ хæхтæ згъæлдысты, кæмттæ нæрыдысты. Сæ зардмæ маргъ уадзгуытæкодта, сырд тар лæгæты нымбæхсти. Фесты чындзæхсæвы бонтæ. Уæд дын иу бон Сырдон дæр фæзынди. Ныхасы ‘ндæр дзырд, æндæр кой нæ уыд, Борæты чындзæхсæвы койы йæддæмæ. Сырдон дæр цæм хъуыста, уæдæ цы. Иу бон афтæ, иннæ бон дæр уфтæ, æртыггаг хатт дæр та уый хуызæн. Нал цæм фæрæзта хъусынæй Сырдон æмæ зæгъы йæхицæн: «Æвæддзæгæн мæн тыххæй афтæ кæнынц, æндæра цавæр диссаг уыд: уæлæмæ дæр – чындзæхсæв, дæлæмæ дæр – чындзæхсæв. Адон та æз куынæ бафæлварон».

Цæуы та ныхас Борæты ‘рдхæрæны чындзæхсæвы тыххæй, уæдæ цы. Сырдон дæр та хъусы, стæй цæ афарста:

– Цымæ дзы сæр уыди, сæр?

– Уый та цы хоныс, уæдæ æнæсæр чындзæхсæв кæд федтай? – зæгъынц Нартæ.

– Гуырæй та куыд уыди?

– Сæр кæм и, уым гуырæн дæр æнæ уæвгæ нæ вæййы,– дзурынц та Нартæ.

– Уæд дымæгæй та куыд уыди?

– Хæмпус æмæ фæлмæн! – загътой Нартæ.

Сырдон исдуг ницыуал ыскойкодта, фæлæ та Ныхасы хъусы. Æппынæрæджиау зæгъы:

– Цы диссаг у, Нартæ, Борæты чындзæхсæв, иуыл йæ кой кæнæн кæнут! Зæгъут сæр дзы уыди, æмæ æнæхъус уыдаид, гуыр дзы уыд æмæ æнæ астæу уыдаид, дымæг зæгъут æмæ… хæмпус æмæ фæлмæн дымæг рувасæн дæр ис. Цыма дзы ппæлут?

– Нæ, Сырдон,– зæгъынц Нарт,– сæр æнæхъус нæ вæййы.

– Раст у, фæлæ кæд сæры хицауыл хъустæ уыд, уæд цæуылнæ загъта фысым: алæма, ацы лæг ам нæй æмæ йын хай бакæнæм.

Борæтæм тæлмау фæкасти, фæлæ ницы загътой Сырдоны фхæрæн ныхасыл.

Сырдон ноджы зæгъы:

– Науæд, Нартæ, цавæр гуыбыны хицæуттæ уыдыстут, куыдз дæр ма ‘стæджы ‘схъис фæуадзы, уæд сымахæн уæ гуыбынтæ уæ гуыртæй куыд фæуæлдæр ысты.

Нарт бамбæрстой сæ рæдыд, æмæ та цын Сырдон уайдзæфкæны: – Кæнæ Нарты кæстæртæ цавæр нæрст ныккодтой уыцы чындзæхсæвы, æви с’ ахсæнтæй æхсæвхуыссæн гобæттæ арæзтой.

Уыцы ныхæсты фæстæ Сырдон сыстади ныхасæй æмæ сæхимæ ацыд. Борæтæ арвы цæфау куыннæ фæуыдаиккой. Райдыдтой æрвитын Сырдонмæ, цæй, рацу нæм зæгъгæ, фæлæ Сырдон къæрттæй цъула нæ кодта. Уæд гæнæн нал уыди, æмæ Борæтæ иу æрыгон лæппуимæ сæ чындзы хонæг нырвыстой Сырдонмæ. Лæппу бадзырдта мидæмæ:

– Сырдон уайсадæгмæ ракæс!

Сырдон ракасти ‘мæ зæгъы:

– Амондджын къах æрбавæр Нартыхъæумæ, фæлæ, чин, мæ бон нæма у.

Раздæхтысты хонджытæ. Чындз йæ хабар радзырдта йæ лæгæн. Лæг æй фæрсы:

– Æмæ цы дзуапп радтай?

– Ницы! Уайсадæг цы дзуапп радта хъуамæ?

Дыггаг бон дæр та чындз æмæ лæппуйы хонæг нырвыстой Сырдонмæ. Лæппу та бадзырдта:

– Сырдон, ракæс-ма, уайсадæг дуармæ!

Сырдон ракасти мæ та зæгъы:

– Амондджын æмæ цæвиттойнаг фæу Нарты ‘хсæн, фæлæ мæ рæстæг нæма у, чин.

Раздæхтысты хонджытæ. Чындз та йæ лæгæн Сырдоны ныхæстæ ракодта. Лæг фæрсы:

– Ныр дæр ын ницы дзуапп радтай?

– Ницы! Стæй ма цы цæсгомæй цыдаин ардæм.

Æрбалæууыди æртыггаг бон. Уæд лæг йæ усæн зæгъы:

– Сырдон дæ куы ‘рвита, уæд-иу æй афæрс, кæд у йæ рæстæг, уымæй, æмæ йын искæцы ‘хсæвмæ сæмгъуыдкæн!

Араст та сты чындз æмæ лæппу. Лæппу бахъæркодта Сырдонмæ: – Æддæмæ ракæс, Сырдон. Уайсадæг дæумæ ‘нхъæлмæ кæсы! Сырдон та рацыди ‘мæ раарфæтæкодта:

– Æмбисондхæссæн фæу, чин, фæлæ æххæст мæ рæстæг нæма у. Уæд чындз йæ уайсадын фæуагъта ‘мæ йæ фæрсы:

– Æмæ дæ рæстæг кæд уыдзæни?

– Чин, мæ рæстæг майрæмæхсæвы æмбисæхсæв, дæ лæг уæд хуынды уыдзæн.

– Уæдæ-иу æрцу, ма мæ фæсай.

– Чин, æмæ дæу куыд фæсайон, уæд мæхи сайын – нал хæрд, нал нуæзт, нал чин.

Чындз æмæ лæппу раздæхтысты. Чындз та йæ лæгæн Сырдоны ныхæстæ рафæзмыдта, стæй чындзы лæг зæгъы:

– Уæдæ багъæцæд, æз уымæн цы хъæуы, уый куынæ бакæнон! Борæты чындзæн Сослан уыдис къухылхæцæг, уымæ дын чындзы лæг ныццыди ‘мæ йын рахабаркодта, хъуыддаг майрæмыхсæвмæ кæй банысанкодтой, уый. Сослан зæгъы:

– Зындзынæн уæм æмæ йæ мæ бар уадзут.

Сослан æмæ Сырдон никуы фидыдтой. Сæ иу иннæмæн æнæуынон уыди. Майрæмыхсæвы Сослан Борæтæм ыссыди ‘мæ зæгъы чындзæн: – Сырдон куыддæр æрбацæуа, афтæ-иу ын фынг авæр йæ разы. Æз дæм куы ‘рбадзурон, уæд-иу Сырдонæн зæгъ: «Дæлæ уал хæрджыты ‘хсæн хæрæг лæуд æркæн, æндæра дæ ацафон ам куы ‘рбаййафа нæ лæг, уæд дыл марынæй нæ сауæрддзæни». Стæй цы хъæуы уый мæхæдæг зонын. Æмбисæхсæвтæ уыдысты, уæд Сырдон æрбацыди. Ног чындз Сырдоны раз фынг авæрдта, хæрд, нуæзт, рæдау зылд кæны. Сырдон хорз федта йæхи, стæй зæгъы:

– Чындз, иу уат æркæн.

– Хорз, ныртæккæ,– зæгъы чындз.

Уыцы ныхæстæ Сослан фехъуыста ‘мæ бахоста чындзы лæджы хъæлæсыуагæй дзургæйæ:

– Нæма ‘рхуыссыдтæ, не ‘фсин!

Чындз зæгъы Сырдонæн:

– Нæ лæг æрыздæхти ‘мæ дæлæ скъæты хæрæг лæуд æркæн хæрджыты ‘хсæн, кæннод сæфыс. Стæй куы ‘рфынæй уа, уæд дæ рауадздзынæн. Сырдон хæрæг лæуд акодта скъæты талынджы хæрджыты ‘хсæн. Уæд чындзæн Сослан зæгъы:

– Дæ лæг нал фæразы ‘мæ йæм хæрæг аласын хъæуы, уыууыл æй æрхæссон.

– Уæртæ скъæты цалдæр хæрæджы,– зæгъы чындз йæ къухылхæцæг Сосланæн,– цал дæ хъæуы, уал алас.

Сослан талынджы барæй иу хæрæджы сивтыгъта, иннæ хæрæджы ‘фсонæн та Сырдоны сивтыгъта. Йæхæдæг Сырдоныл ысбадти, æмæ дыггаг хæрæджы йæ фæдыл идæдзæй ласы, афтæмæй арасти хуынды хъæумæ. Сырдон хуыфыди, зæгъгæ кæд Сослан иннæ хæрæгыл ысбадид, фæлæ кæм! Сослан йе ‘ндон зæнгтæй Сырдоны ‘рбатъæпласы мæ та уый дæр дзортдзортт цыд акæны.

Ныххæддзæ сты хуынды хъæумæ ‘мæ Сослан хизгæ дæр нæ ракодта, афтæмæй бадзырдта:

– Борæты фырт, æддæмæ мæм ракæс!

Лæг æм рауади, æмæ Сослан зæгъы:

– Мæнæ дын хæрæг.

Фысымтæн арфæ ракодтой, æмæ Нартæ дыууæйæ хæрджытыл рацæуынц. Уæд Сослан фæрсы Борæты фырты:

– Айхуызæн мæйдары суг хæссын æнцондæр у.

– Раст зæгъыс.

– Уæдæ цом æргъæмттæ цыл сæвæрæм.

Араст ысты иу цъыфджыны. Хæрæг ма æнæбары хылд, фæлæ Сырдон нал фæрæзта. Уæд Сырдонæн гæнæн нал уыди ‘мæ зæгъы сусæгæй Сосланæн:

– Ауадз мæ, цымæ агурай – дæдтын æй, æрмæст мæ ма схъæркæн. – Хъæумæ уал мæ ахæсс,– зæгъы Сослан.

– Уæдмæ ’рбарухс уыдзæни ‘мæ мæ базондзæн де ‘мбал.

– Уый мæнмæ цы хауы!

Сослан суджы ‘ргъæмттæ Сырдоныл сæвæрдта. Æрхаста цæ, стæй зæгъы йе мбалæн:

– Нæ хæрджытыл ма бадæнкъæйтæ дæр æрхæссæм.

Сразы Борæты фырт æмæ цыл дыгай ивазыны дæргъæн фаст цъæх къæйтæ сывæрдтой.

Сырдоны къæй хафта æмæ йæ сыдзы фæрстæ схаудтой. Боны ‘рбарухсмæ цыл фæкуыстой, стæй Сырдон лæгъстæкæны:

– Ауадз мæ, Сослан, дзæбæхæн. Къæй мыл фæхастай, суг мыл фæхастай хæрæджы ‘фсон. Кæннод мæнæн фæлдыст у.

Нæ састи Сослан. Уæд иу доны фæцæйцыдысты. Сырдон цъиу фестади. Ныппæррæстласта ‘мæ атахти. Сослан доны æд саргъ ныххаудта. Астæуæй дæлæмæ ныххуылыдз æмæ фегад и.

Борæты фырт æм дзуры:

– Гъей, Сослан, æз æй æнæуый дæр хатыдтон, ды Сырдоныл бадыс уый, фæлæ ма дæхиуыл ацы ми куынæ ‘рцыдаид, уæд ын хорз фæдæ! – Æрхаудзæни та къухты.

Æрцыдысты Нартæм. Иу бон та Нартæ сæ Ныхасы бадынц, æмæ Сослан ратаурæгъкодта:

– Диссаг у, æвæдза, хæрæджы ном хæсс, къæйдур лас бадынæн Нарты ныхасæн, суг цын лас арт кæнынæн æмæ ма уæддæр адæймаджы цæсгоммæ кæс раст лæгау, уый цас хорз у!

Сырдон фембæрста, æфхæры йæ уый, æмæ зæгъы:

– Уым диссагæй ницы ис. Суг ласын алкæй дæр хъæуы, фæнды йæ Qккойæ ‘рхæсс, фæнды хæрæгыл, уæддæр иу хъуыддагæн ысты. Къæйдур ласын дæр афтæ. Нарты адæм кæд хæрæгыл æлгъ кæнут, уæд цын сæ ласт дуртыл цæмæн бадут?! Гъе, фæлæ уымæй диссагдæр уый вæййы, хæрæгæн дондарын ма зонай æмæ дæхи доны нытътъысс, стæй дæхи лæмар æмæ уымæй кæд бафсæддзæн хæрæг та. Науæд бар уæвгæйæ дæ быны фæмиз, дæ хæлафы, стæй та дæ усы фарсмæ ‘рхуысс, гъеуый у худинаггæнæг æмæ цæсгомсафæг дæр.

Сослан ысмæсты Сырдоны ныхæстыл, фæлæ уæдмæ Сырдон йæ сусæг хæдзары смидæг, цæст дæр æй нал федта, æмæ ма Сослан адзырдта: – Багъæц, нæ фембæлд та уыдзæни, æз дæуæн сиахс куынæ разынон, æз дæуæн д’ артыл дон дæхи къухтæй куынæ ауадзын кæнон!

СЫРДОН ÆМÆ СЫРДДОНЦЪИУ Нартæ сфæндкодтой Сырдоны се ‘хсæнæй фæсурын. Минæвар æм барвыстой:

– Сырдон! Фæцу кæдæм дæ фæнды уырдæм, сфæлмæцыдыстæм дæ, æмæ дæ не ‘хсæн цæрын нал ныууадздзыстæм.

– Æмæ цы кæны,– зæгъы Сырдон,– кæд афтæ у, уæд фæцæудзынæн. – Уæддæр кæд ацæудзынæ?

– Цы боны мын уа фæтк, гъеуæд!

– Æмæ кæцы бон у?

– Нæ зонын.

– Къуырисæры?

– Нæ, уæззау бон у, стæй къуырисæр къæвдагæнаг у æмæ мыл уæд та къæвда рцыди. Къуырисæры къæвда къуыри хæссы æмæ уæд кæй фæнычы цур баддзынæн.

– Дыддзæджы та?

– Уæддæр нæ. Нартæ, уæ балц уæд фæкæнут, æмæ мын исты фыдбылыз ракæндзыстут.

– Уæд æртыддзæджы?

– Æртыддзæджы дæр уын н’ ацæудзынæн, æлгъыстаг бон у. – Цыппæрæмы ацу.

– Уæд та Нартæн уынаффæйы бон у, куыд ацæуон?

– Майрæмбонæй та цы зæгъыс?

– Бынбауат, Нартæ. Майрæмбоны алчи йæ майрæмæн фæкувы, æмæ йын æз дæр йæ ном ыссарон.

– Сабат та?

– Сабат мæрдты бон у, æмæ æз дæр фæлдисинæгтæ кæндзынæн. – Уомæ Хуыцаубоны фæцу.

– Нæ, уæддæр н’ ацæудзынæн. Хуыцауæн йæхи бон у æмæ мыл йæ фыдæх ныккалдзæни, фæлтау иннæ бон, йæ фæстæ чи уа, уæд ацæудзынæн.

– Ау, æмæ къуыри авд боны йеддæмæ куынæ у, уыцы бонтæй ды никæцыйы цæуыс, дæуæн дæ къуырийы ‘стæм бон дæр вæййы?

– Вæййы, вæййы! Куы бахъæуы уæд!

– Ай нæртон æмбисонд.

Нартæ ницыуал загътой, фæлæ ныллæууыдысты иу фæндыл: Сырдоны хæдзарыл арт бандзарæм, стæй йæ йæхимæ мачиуал бауадзæд, æмæ куы сфæлмæца, уæд йæхæдæг лидздзæн.

Сырдон доны был царди. Йæ мадæрвадæлтæм – Донбеттыртæм – куывд уыди, лæппуйы куывд, уырдæм æй фæхуындæуыд. Уæд Нартæ бавдæлдысты ‘мæ Сырдоны хæдзарыл арт бафтыдтой. Арт доны хуылфмæ кæсæнау зынди ‘мæ чидæр Сырдонмæ дзуры:

– Сырдон! Расыг ыстæ уый зонын, фæлæ аллæй-буллæйы стæн фысы уоны ма акæс.

Сырдон акаст æмæ зæгъы:

– Уæллæй-биллæй, цыдæр æнахуыр хабæрттæ хъуысдзæни.

– Раст у,– зæгъы Донбеттырты кæстæр,– афтæ мæм кæсы, цыма дæ хæдзарыл арт сирвæзти.

– Уанцон нæу, æмæ чи уыдаид? Тагъд мын мæ фæндагæн исчи амонæг фæуæд, расыгау дæн æмæ мын хæстæгдæр фæндæгтæ чи ацамондзæн?

– Уæртæ сырдты хицау ам ис æмæ йæм бадугъкæн, уый дын демæ искæй афтаудзæн.

Сырдон сырдты хицауæн загъта йæ хабар. Сырдты хицау зæгъы: – Стырдæр сырд дæ хъæуы, æви чысылдæр?

– Стыримæ мын чи архайы, фæлтау чысылдæр уæд, куы иу бафæллайа, уæд уæд æй ме ‘ртты дæр куыд айсон, карчы айчы уæзы йæддæмæ дзы уæз куыннæ уа.

Сырдты хицау ын цъиу авæрдта. Сырдон æй райста. Хоры гагатæ йын авæрдта ‘мæ дзургæ-тæхгæ цыд ракодта: «Мæхи цъиу, Сырдоны цъиу! Мæхи цъиу, Сырдоны цъиу». Цъиу Сырдоны разæй гæпгæпп цыд ракодта, кæм тæхгæ, кæм æй Сырдон хæсгæ рбакодта мæ рбахæддзæ сæхимæ. Сырдоны хæдзар басыгъди. Йе ‘ртхутæг æмæ ма йын йе ‘взалы ‘рбаййæфта. Донбеттыртæй цы цъиу æрхъаста, уый алы дидинæг фæхаста мæ Сырдон ног хæдзар ыскодта. Нартæ дискодтой Сырдоныл, зæгъгæ цъиу дидингуытæ куыд хæссы æмæ йæ схуыдтой Сырдоны цъиу. Ныр сырддон-цъиу кæй хонæм, уый у Сырдоны цъиу. Иугæндзон хæдзæртты, уæлхæдзæртты фæсхъæуты рагæпбагæпкæны, зымæджы уазалæй дæр нæ тæрсы.

Иу хатт та Нартæ сæ фæллад уагътой. Сырдон йæ размæ алы хъæддаг халсар æмæ дидинæг ныссагъта. Хъæдæй æрхаста хуымæллæг æмæ хуымæллæг кауы ‘мбуар, даргъ хъилыл ыздухгæ сырæзти. Уæд сырддонцъиу хуымæллæджы цупалы нæмыг ахордта ‘мæ йæ сæр разылди, уæлгоммæ ‘рхаудта. Нарты Уырызмæг æй аивтæй систа æмæ йæ йæ дзыппы нывæрдта, сæхимæ йæ рхаста. Æнхъæл уыди, Сырдонмæ нал атæхдзæн. Сатанайæн æй фенынкодта ‘мæ йын диссаг радзырдта. Сырдонцъиуы фынгыл æрæвæрдтой, йæ базыртæ ‘рхаудтой, ратулбатулкодта, стæй дзæвгар рæстæджы фæстæ æрчъицыдта, ныппæррæстласта ‘мæ атахти. Сатана зæгъы Уырызмæгæн:

– Æрхæсс ма мын Сырдоны хуымæллæгæй.

Ракуырдта дзы Уырызмæг хуымæллæг. Сатана уымæй æнтуан бастыдта, бæгæны скодта, уыууыл дзы ауагътой æмæ диссаджы нуæзт рауади. Нартылахъæр и уыцы нуæзт æмæ Сырдонæн загътой:

– Де ‘рхæссæггаджы фæрцы нæм айхуызæн нуæзт фæзынди, фæлæ дын уæддæр зæгъæм: не ‘хсæн цæр, нал дæ ’рвитæм, æрмæст æнæ ’рбахонгæйæ макæй хæдзармæ цу.

– Фæуæд уæ дзырд,– зæгъы Сырдон,– фæлæ уын æз дæр зæгъын: мæнмæ дæр-иу æнæ ‘рбахонгæйæ мачи ‘рбацæуæд.

Сырдон цъиуæн зæгъы:

– Нартæй мын мæ маст сис. Сæ хортæ ‘мæ цын сæ хурмæзилтæ хæр. Сырддонцъиу куы иуæн, куы иннæмæн сæ хурмæзилтæ ахсыны, хоры ‘фсиртæй ахæры.

Уæд Нартæ зæгъынц Сырдонæн:

– Цы цъиу æрхастай, уый нæ бынысæфт кæны ‘мæ йæ атæр. – Хорз, атæрдзынæн æй.

Сырдон сырддонцъиуы сæхицæй рарвиты, уый уæддæр йæ кæнон кодта, афтæмæй Нарты хорты ‘фсиртæй иу дæр æнæхъæнæй нал зади. Сырдон цын зæгъы:

– Цъиуы мæхимæ уагътаиккат, æфсæстаин æй æмæ знаггад нал кодтаид. Ныр æй уæхæдæг атæрут.

– Фыдбылыз уыдтæ, æмæ дæ, æмæ уыдзынæ. Фæлтау дын дæ хæдзарæн йæ рæзты дæр куынæ ацыдаиккам.

Сырдон дæр базыдта Нарты фыдмитæ æмæ цæ ныр йæхи хызта.

СЫРДОН ÆМÆ НАРТЫ ДЗУАРЫЛÆГ Нартæ афæдз иу хатт цыдысты сæ дзуармæ. Фылдæр зарынмæ – кафынмæ. Йæ бон та рбалæууыди, æмæ цыдысты Нартæ дзуармæ. Сырдон, мæгуыр лæг, цæмæй ацыдаид дзуармæ, уый нæ уыди. Уыдис æм æртæ карчы ‘мæ цæ сойфых ыскодта. Сæ хус ысмаг былтыл ныдзæвди ‘мæ g8pd8i8m æхсызгондзинад лæвæрдта. Сфæндкодта Сырдон йæ кæрчытимæ ацæуын. Сырдоны бæх хицæн уаты баст уыди æмæ йын Нартæ барæй йæ дæлфады зæгæл ныкъкъуырдтой. Бæх фæкъуылых и – цы зыдта Сырдон. Уæд ыл рифтæгтæ баппæрста йæ хæрæгыл, абадти йыл æмæ арасти дзуармæ. Хъуыдыкæны фæндагыл. «Нартæм ис алцыдæр, мæн чи ‘руадздзæни йемæ бадын, науæд мæн мæ хæрæгимæ дзуармæ чи уадзы? Цæй, фендзыстæм».

Арасти Сырдон. Йæ хæрæджы дзуары аууон бауырæдта, йæ рифтæгты райста мæ дзуарылæгмæ бацыди ‘ппæты фæстæ. Дзуарылæгæн зæгъы: – Айс кувинæгтæ.

– Æри цæ.

Сырдон систа иу карк æмæ хъæрæй зæгъы:

– Борæты бадт ацы кувинагæй адджындæр фæуæд!

Дзуарылæг зæгъы:

– Уый та цы дзурыс?

– Банцай, цæмæй мæ сæ бадтмæ бауадзой, уый тыххæй дзурын. Уынын сымахмæ сойвых карк ничи ‘рхæсдзæни ‘мæ йæ дæхицæн уадз. Дзуарылæг дæр фæбузныг и Сырдонæй æмæ йæ апырдта.

Дыггаг карк систа ‘мæ та зæгъы Сырдон:

– Æхсæртæггаты бадт ацы кувинагау сойджын уæд.

Дзуарылæг зæгъы:

– Цы кæныс Сырдон, цæмæн хъæркæныс?

– Уадз æмæ ‘мæ Æхсæртæггатæ дæр бауадзой сæ бадтмæ. Карчы дæ къæбицыхицауæн уадз.

Дзуарылæг дæр афтæ бакодта. Уæд та Сырдон æртыггаг карчы дæр систа мæ зæгъы:

– Алæгаты бадт ацы кувинагау хæрзад фæуæд!

Дзуарылæг дзуры:

– Банцай, Сырдон, ма хъæр кæн дæхи.

– Уæхæдæг банцайут, Æртæ Нарты ныр æнхъæл уыдзысты æз алы бадтæн дæр хуын – кувинагæй æрхастон. Ацы кæрчытæ уæ дыууæ йе ‘хсæн бахæрут.

Æртæ Нарты зæгъынц: «Сырдон негасæй дæр цæттæдæрæй æрцыди». Алы бадт дæр æнхъæлмæкасти Дзуарылæгмæ, Сырдоны ‘рбахæссинаг кæд æрбацæудзæни зæгъгæ. Сырдон та уæдмæ Борæты бадтмæ бауади. Арфæтæ цын ракодта ‘мæ семæ абадти. Цъус фæстæдæр Æхсæртæггатæм дæр бацыди, уым дæр хорз федта йæхи, стæй Алæгаты бадтыл разылди ‘мæ бынтон диссаг та уым фæци. Йæ къæхтыл ма тыххæй хæцыди, афтæ фæраст, стæй сæхимæ фæцæуæг.

Борæтæ йæм дзурынц:

– О, Сырдон, нæ дзуарыхай!

Сырдон зæгъы:

– Дзуарылæгмæ.

Æхсæртæггатæ йæм дзурынц:

– Мах дзуарыхай та кæм и?

– Уый дæр Дзуарылæгмæ.

Алæгатæ дæр фæрсынц:

– Уæд мах дзуарыхай та цы фæци?

– Гъе, уый дæр дзуары лæгмæ.

Дзуары лæг зæгъы:

– Мæнмæ ницы и, йæхицæй йын цæ агурут.

Сырдон фæрсы:

– Цæмæн?

– Цæмæн цæ? Ницы мæм радтай.

Уæд Сырдон зæгъы:

– Зæгъут ма, æртæ Нарты, уæхи цæстæй мæ федтат кувинæгтæ радтгæ Дзуарылæгмæ, æви нæ?

– Федтам! – зæгъынц Æртæ Нарты.

Сырдон дзуры:

– Уæдæ ма уын ноджы мæ кувинæгты ‘ддейы фæйнæ сойвых карчы d8p бæрæй æрхастон æмæ цæ Дзуарылæг æмæ йæ къæбицгæс бахордтой. Кæд уæ нæ уырны, уæд бабæрæгкæнут.

Æртæ Нарты базмæлыдысты. Дзуармæ бацыдысты ‘мæ æртæ каркæй кæм базыр федтой, кæм ысгуы, кæм сæр, кæм та æнæуый хай æмæ зæгъынц:

– Ды раст дæ, Сырдон.

– Гъеуæдæ уæ цы фæнды, уый кæнут уæ Дзуарылæгæн.

Нартæ Дзуарылæджы ‘мæ йæ къæбицгæсы ‘рцахстой æмæ цæ нæмынтæ райдыдтой. Сырдон Дзуары аууон, йæ хæрæгмæ бауади ‘мæ йыл абадт. Хæрæг мизын райдыдта. Уæд æм Сырдон дзуры:

– Гъе, мæ хæрæг, нуæзт цух ма уыдтæн нæ дзуарæн æмæ йæ ды баххæсткодтай, фæлæ ныр цæугæ ацы фæлдыст бынатæй, науæд хъуыддаг æцæгæй куы сбæрæг уа, уæд абон Дзуарылæг йæ къæбицгæсимæ цы фыдæбон федта, уый мæнæ мæ мæгуыр сæрæй фидтон фæуыдзæни. Хæрæг йæ сæр батылдта о-о зæгъгæ! Æмæ ны-и-окодта.

Сырдон æм дзуры:

– Фæлдыст фæ-у, цы бынатæй уасыс, уыцы бынатæн, кæд хуыздæр ран не ссардтай дæ уастæн. Лидзгæ кæн, æндæра дæу дæр куы феной, уæд додой де стыр сæр кæндзæни. Де ‘рмæрин хъустæй ма кæд ахæссай иу къухы бæзнæн,д æнамонд хайуан, æниу кæд дæ хуызæнæн æцæгæйдæр бар нæй цæуынæн кувæн бынатмæ, уæд æз адæмæй дæуæй цауддæрты дæр зонын æмæ уыдон дзæбæх куы цæуынц.

Сырдон æмæ йæ хæрæг хъæумæ ‘рбадымычъеластой. Дзуарылæг æмæ йæ къæбицгæс та сау нады фесты расыг адæмы къухтæй.

Ахæм митæ кодта Сырдон Нартæн дæр æмæ йæ дзуæрттæн дæр.

СЫРДОН ÆМÆ ЦÆНКУЫЛ УÆЙЫГ Сырдон Нарты хохы фæстæ уыди ‘мæ рацæйцыди сæхимæ. Æвиппайды хох фегом и æмæ Сырдон ауыдта иу цæнкуыл уæйыджы.

Дзуры уæйыг Сырдонмæ:

– Мидæмæ рацу, Сырдон.

Сырдон зæгъы:

– Цы дæм цæуон, исты мын Нартау фынг куынæ авæрдзынæ мæ разы! – Нартæ дын цыма с’ арм фынгæн дарынц, уый ныхас кæныс! – Дарынц, дарынц. Нартæн æз æртыггаг хистæр дæн æмæ мæ зондыл тынг хæцынц.

– Фенæм, кæддæра дæм цы зондджын куывдтытæ уыдзæни. Рацу мидæмæ.

– Æз кæй зæгъон, уымæн ды аггаг куывд нал зæгъдзынæ. – Зæгъдзынæн,– зæгъы Цæнкуыл уæйыг,– æз дæуæй раздæр райгуырдтæн æмæ зонгæ дæр фылдæр кæнын.

Сырдон зæгъы:

– Раздæр кæм райгуырдтæ, уым дæ зонд дæр раздæр фæцыд. – О, Сырдон, раст нæ дæ. Æз раздæр куыд райгуырдтæн, афтæ мæ зонд фылдæр фæци, рæдийыс.

– Нæ рæдийын,– зæгъы Сырдон,– зонд раздæр чи райгуырд æмæ фæстæдæр чи райгуырди, уыууыл баст нæу.

– Уыууыл у баст.

– Нæ дæ раст, Цæнкуыл уæйыг.

– Схæснагкæнæм.

– Разы дæн! – зæгъы Сырдон.– Кæд мæ ды амбулай, уæд дæ дзых дæ тæрхон, кæд дæ æз рамбулон, уæд та мæ дзых – мæ тæрхон. – Хорз, разы дæн.

Сырдон Цæнкуыл уæйыджы хæдзармæ бацыд. Уадид фынг сæ разы февзæрди. Уæйыг акуывта ‘мæ дæдты нуазæн Сырдонмæ. Сырдон нæ исы. Уæйыг æй фæрсы:

– Цæуылнæ исыс дæ нуазæн?

– Дзырд дзырд у. Нæ дзырд кæронмæ сыххæсткæнæм.

– Айс æмæ зæгъ дæ куывд.

Сырдон нуазæн райста ‘мæ зæгъы:

– Мæ фыддзаг нуазæнæй кувын. Хур кæуылдæриддæр кæсы, уыдон цæрæнбонтæ бирæ уæнт.

Цæнкуыл уæйыг йæ сæр батылдта æмæ зæгъы:

– Бæстыл ахæмæй ницы ис, хур кæуыл нæ кæсы æмæ ма æз та цы зæгъон?

Сырдон дзуры:

– Хæснаг хæснаг у.

Цæнкуыл уæйыг загъта:

– Цæй, уыцы куывдæй мæ амбылдтай: баназæм æй кæронмæ. Иу хорзы дын цæуын.

Анызтой уыцы рæгъ. Сырдон дыггаг нуазæн райста ‘мæ та скуывта:

– Цæй хур кæуыл нæма ракасти ‘мæ æнхъæлмæ кæмæ кæсæм, хур чи фендзæни, уыдон цæрæнбон дæр бирæ уæд.

Цæнкуыл уæйыг зæгъы:

– Гъеныр фембылдтæ, Сырдон. Хур кæуыл нæ кæсы, ахæмæй ницы ис зæххыл æмæ ма кæмæ ‘нхъæлмæ кæсыс?

Сырдон зæгъы:

–Ам дæр та фембылд дæ.

– Нæ, цæмæй?

– Æмбылдыл дæхи нымайыс?

– Нымайын.

Сырдон дзуры:

– Уæдæ хур нырма нæ кæсы уыдоныл, æмæ гуыбыны чи ис. Зæххыл сывæрджын устытæй фылдæр ницы и, уыдонæн сывæллæттæ гуырдзæни ‘мæ хур фендзысты.

Цæнкуыл уæйыг йæ сæр батылдта ‘мæ зæгъы:

– Ацы куывдæй дæр мæ амбылдтай. Цæй, дыггаг хорз дын ракæндзынæн, æрмæст ма æртыггаг куывд дæр зæгъ.

Сырдон зæгъы:

– Фембылд дæ дыууæ хатты ‘мæ ма уæд æртыггаг хатт цы кувон? – Фембылд дæн уый зонын, мæхæдæг дæр, фæлæ дын æртыггаг хорз дæр ракæндзынæн.

Сырдон та сразы и. Райста æртыггаг нуазæн Сырдон æмæ зæгъы: – Амæй та ницыйæ исты чи свæййы, хорзæн, зондджынæй кæй февзарынц адæм, гъеуый цæрæнбонтæ бирæ уæд.

Цæнкуыл уæйыг та ахъуыдыкодта ‘мæ зæгъы:

– Ницыйæ исты суæвæн ницæмæн и, стæй ницы зондджын никуыдæр уыдзæни.

– Уыдзæни, уыдзæни! – зæгъы Сырдон.

– Дæдтын дын æртыггаг хорздзинад дæр, æрмæст мын æй зæгъ. Сырдон зæгъы:

– Лæг куы райгуыры, уæд ницы вæййы, кæд хорз гуырд рауайы, уæд уыцы ницы адæмæн хорзæй фæлæггадкæны ‘мæ адæмы ‘хсæн зондджын æмæ кадджынæй баззайы. Ахæм гуырды зондæй алчи дæр бафæрсдзæни. – Нæ дæ раст, Сырдон, ам.

– Раст дæн.

– Зæгъ ма мын иу ахæм лæджы, ницы чи уыди ‘мæ зондæй адæм кæй фæрсынц.

Сырдон зæгъы:

– Нарты Уырызмæг æмæ Хæмыц куы райгуырдысты, уæд ницыйæ уæлдай нæ уыдысты, уый дæ уырны?

– Уырны! – зæгъы Цæнкуыл уæйыг.

– Слæгтæ сты. Хистæрдзинадыл нæ фидыдтой, уый дæр зондзынæ? – Фехъуыстон æй.

– Уæдæ Уырызмæг Хæмыцыл хинæй рацыди ‘мæ йын уый адыл хистæры ном ысбадти, уый дæр зондзынæ?

– Уый дæр зонын, фæлæ мын йæ зондджындзинадæй исты зæгъ. – Зæгъдзынæн,– зæгъы Сырдон.– Йæ хо Сатанайы ракуырдта. Цæмæй ма фæхудинаг уыдаид, уый тыххæй хæрæгыл æртæ хатты зыгъуыммæ сбадти.

– Раст дæ, Сырдон,– дзуры Цæнкуыл уæйыг, фæлæ уым Сатанайы зонд дæр уыди.

Сырдон зæгъы:

– Уырызмæг Сау денджызы ’лдармæ уацары бахауди ‘мæ йæ зонды фæрцы йæхи фервæзынкодта, уый дæр хатдзынæ.

– Раст дæ уым дæр, Сырдон.

– Уæдæ Уырызмæг мæныл дæр зондæй фæтых и. Доны хизгæйæ мæ доны астæу æруырæдта ‘мæ йæ ныхтæ кодта, цалынмæ уый фæудкодта, уæдмæ æз та доны мæ гæвгæвкодтон. Уый дæр Уырызмæг йæ зондæй бакодта, уырндзæни дæ?

– Уырны, Сырдон, уырны!

– Уæдæ мын гъеныр мæхиуæттæ радт.

– Цы мæ агурыс?

– Чи фæсайа?

– Уыууыл де ‘лгъыст æрцæуæд! – зæгъы Цæнкуыл Уæйыг.

Сырдон зæгъы:

– Фыддзаг рамбылдæн мæн уæд дæ бæрзуис.

– Уанцон нæу. Уый нæ раддзынæн.

– Чи фæсайа, уый хъæбысæй дæлæмæ дур фестæд.

Цæнкуыл уæйыг хъæбысæй дæлæмæ дур фестади.

Стæй та Сырдон зæгъы:

– Дыггаг æмбылдæн мæн уæд дæ кæфой.

– Уый нал раддзынæн.

– Уæдæ астæуæй дæлæмæ дур фест.

Дур фестад Цæнкуыл уæйыг астæуæй дæлæмæ.

Сырдон та зæгъы:

– Æртыггаг рамбылдæй мæн уæд дæ фарныхъул.

– Уый нæ дæдтын.

– Уæд бынтондæр дур фест.

Цæнкуыл уæйыг дур фестади.

Сырдон рахаста йæ бæрзуис, йæ кæфой æмæ йæ фарны хъул. Бæрзуис йе скъæты баппæрста ‘мæ сфосджын. Кæфой къутуйы нывæрдта ‘мæ схорджын. Фарныхъул гарзы ‘нывæрдта ‘мæ йæ бæркад ысбирæ и. Сырдон дæр ысцæрæг и мæ Нарты ‘хсæн къулбæрзæйæ нал цыд.

Афтæ рамбылдта Сырдон Цæнкуыл уæйыджы.

СЫРДОН ДЫУУÆ УÆЙЫДЖЫ КУЫД АСАЙДТА Сырдон хъæдæй суг ласта ‘мæ ласæны бын сугты ‘рбадти, йæ фæллад уадзы. Чысыл фæстæдæр йæхи ‘руагъта, кæд афынæй уаин, зæгъгæ. Куыддæр йæ цæстытæ ‘рывæрдта кæрæдзиуыл, афтæ цыдæр гуыпп фæцыди. Ракасти Сырдон, фæлгæсы алырдæм æмæ ницы уыны. Фæрсы йæхи: «Уæдæ цæй гуыпп уыдаид, æви мæм мæ фыны афтæ фæзынди?»

Бирæ нæ рацыди, афтæ кæсы ‘мæ чидæр æд бындзæфхад бæлас ыстыдта, рахста йæ ‘мæ бæласæн йæ фæртт фæцыди Сырдоны раз. Сырдон ысцин кодта: «Чидæриддæр уыдтæ, дæ цæрæнбонтæ бирæ. Ацы бæлас мæнæн æд цæнгтæ, æд уидæгтæ къорд бонты фаг уыдзæни. Бахæсдзынæн æй мæхицæн».

А ныр æрывнала бæлас æхсæдынмæ, афтæ та иу ахæм æндæр бæлас дæр ратахти ‘мæ та йæ цуры сæмбæлд. Сырдон зæгъы: «Цавæр зæд, кæнæ дуаг у ме ххуысгæнæг, уæд та уый куы зонин!»

Бирæ рæстæг та нæ рацыд, афтæ кæсы ‘мæ йæ тæккæ раз иу æрттивагбарц сæгуыт сымбæлди. Сырдон сдыгъуыддзæг и, ц’ акæна, уый нæ зоны. Сæгуыт алыгъдаид, фæлæ йæ хъуырмæ уыди дур баст рæхысæй. Дур дыууæ бæласы ‘хсæн афидар и ‘мæ йын лидзæн нал уыд сæгуытæн. Фæстæдæр цыдæр гуыбаргуыбур ыссыди. Сырдоны сæрты дуртæ, къæдзæхы йæстæ, тахтысты. Сырдон ыстарсти ‘мæ иу ыстыр дуры бын бабырыди. Уырдыгæй хъахъхъæны, уæдæ цы уыдзæн дарддæр зæгъгæ. Уæд сæгуыты раз дыууæ æдылыдзæф уæйыджы ’рбалæууыди хылгæнгæ. Q8 иу зæгъы:

– Мæн у сæгуыт æмæ айс дæхи!

– Нæ, мæн у,– зæгъы иннæ.

Нæ фидауынц, æмæ та кæрæдзимæ бавналынц. Кæрæдзийы хойынц, æмæ сæ туг кæлы. Сырдон йæ сæр æддæмæ радарын дæр нал уæндыди, мæ сæрыл мын цæ исчи фæлæудзæни ‘мæ ныттыссæг уыдзæни. Ноджы арфдæр ныббырыди дуры бын æмæ та кæсы.

Дыууæ уæйыджы кæрæдзийы хъæр не ‘мбæрстой. Сырдон æрыхснырста. Уæйгуытæ уый куы фехъуыстой, уæд сæ зонгуытыл æрхаудтой æмæ кувынц:

– Ныббар нын цыдæриддæр дæ, кæд, мыййаг, дæ разы хыл нæ фæччыди, уæд та нын баргæ дæр мауал ныккæн. Дæхи нын равдис. Сырдон цæм дуры бынæй рабырыди, й’ астæуыл ныххæцыди ‘мæ цæ фæрсы:

– Чи стут ай?

– Æфсымæртæ,– зæгъы сæ иу.

– Дыууæ ‘фсымæры,– зæгъы сеннæ.

– Уый та цы дзуапп у,– дзуры Сырдон,– иугæр æфсымæртæ стут, уæд дыууæ ‘фсымæры дæр уыдзыстут, æндæр ма уын ис æфсымæр? – Нæй! – зæгъынц уыдон.

– Уæ хыл та цæуыл у?

– Сæгуытыл! – дзуры иу.

– Нæ сæгуытыл! – зæгъы иннæ.

– Уомæ уæ иуы дзуапп æгъгъæд нæу, цы мын æй дзурут дыггаг хатт? Цæмæн ыл кæнут хыл та?

Сæ иу зæгъы:

– Уæрстам æмæ уæлдай баззади. Æз хистæр дæн, æмæ мæнмæ цæуы. Иннæ дæр зæгъы:

– Уæрстам æмæ уæлдайагæй аззади. Æз раздæр райгуыргæ дæн æмæ мæнмæ цæуы.

Сырдон цæ ноджы фæрсы:

– Чи уæ кæд райгуырд?

Сæ иу дзуры:

– Куыддæр бон рухскодта, афтæ райгуырдтæн.

Иннæ зæгъы:

– Куыддæр бон цъæхкодта, афтæ фæзындтæн мады гуыбынæй. – Уæдæ иумæ райгуырдыстут?

– О, иумæ! – зæгъы сæ иу.

– О, иумæ! – зæгъы иннæ.

Сырдон кæронмæ бамбæрста, адон æдылытæ сты, уый æмæ зæгъы: – Æз уæ байуарынкæнон.

– О, о! – дзуры иу.

– О, о! – дзуры иннæ.

– Мæнæ ацы сугтæй уæртæ хъæуы тæккæ былмæ фылдæр чи бахæсса, сæгуыт уый уыдзæн.

Дыууæ уæйыджы февнæлдтой, æмæ сæ бон цы уыди, уыйас суг бахастой хъæуæн йæ былмæ. Сырдонæн дæс азы дæр сыгъд нæ фæуыдаиккой.

Уæйгуытæ ‘рбацыдысты. Сырдон цын зæгъы:

– Æмхуызон бахастат суг, фæлæ мæм хъусут. Уæртæ был уынут? – Уынын,– зæгъы иу уæйыг.

– Æвзарын æй! – дзуры иннæ уæйыг дæр.

– Уырдыгæй агæппытæкæнут. Чи дарддæр ахауа – сæгуыт уый. Дыууæ уæйыджы былæй агæпластой æмæ цъыфдзасты аныгъуылдысты. Исдуг нал фæзындысты ‘мæ кæрæдзийыл сымбæлдысты. Цъыфдзасты хыл райдыдтой. Сызмæстой бæстæ, сæхи дæр. Уæдмæ Сырдон ‘сгуыты сæр фæцæфкодта, йæ хъуырæй йын йæ туг ысуагъта ‘мæ сæгуыт амарди. Æнкъардæй æрбадти Сырдон дурыл. Уæйгуытæ тыхтæй – амæлттæй рабырыдысты, сæ дон мизгæ ’мæ сæ иу фæрсы:

– Чи амбылдта?

Дыггаг фæрсы:

– Чи рамбылдта?

– Сырдон цæм дзуры:

– Æмхуызон та рамбылдтат, фæлæ уæ сæгуыт йæхи фæхурхкодта. Сæ иу фæрсы:

– Цы загъта?

Иннæ фæрсы:

–Куыд загъта?

Сырдон зæгъы:

– Цъыфдзастæй куынæуал зындыстут, уæд афтæ ‘нхъæл уыд амардыстут æмæ фæтарсти сымахæн.

Уæйгуытæй та иу зæгъы:

– Йæ царм мæн у!

Дыггаг зæгъы:

– Йæ царм мæхи у!

Нал та фидыдтой æмæ та ногæй ысхыл ысты. Сырдон дæр архайдта сæгуытыл, сæгуыт ын цæмæй баззайа, уыдон та кæрæдзийы амарой. Бирæ цæм фæкасти, стæй цын зæгъы:

– Хъусут мæм?

Сæ иу бакодта:

– Хъусын.

Иннæ зæгъы:

– Æз хъусын.

Сырдон зæгъы:

– Уæртæ айнæджы был уынут?

Сæ иу загъта:

– Æз æй уынын!

Иннæ загъта:

– Æз æй ысуыдтон!

– Уæдæ уырдыгæй чи агæпкæна цадмæ, уый мын цады бынæй æрбахæссæд мæ фыды лæдзæг æмæ йын сæгуыт æд царм дæдтын.

Дыууæ уæйыджы атахтысты. Цадмæ агæппытæластой. Цады аирвæзтысты æмæ ныххуыдугтæ сты. Сырдон æй базыдта, хабар æмæ зæгъы:

– Гъе, уый дын æдылытæ. Афтæ дæр мæ нæ бафарстой: алæма, цады лæдзæг куы ныббарай, уæд æй дон йæ бынмæ та куыд нылластаид. Сыггойласта сæгуыты ‘мæ зæгъы:

– Уый куы зыдтаин, афтæ ‘нцонтæй цыл фæтых уыдзынæн, уæд ма сæгуыты та цæмæн æргæвстон. Фæлæ ницы кæны. Удæгас куы уыдаид, уæд та йæ Нартæй алчи йæхимæ хъавыдаид. Йæ барц та ахæм у, æмæ ‘хсæвыгон рухс дардзæни кæдæм цæуон, уырдæм мæ фæндагыл.

Æрцыди Нартæм. Нартæ дискæнынц æмæ фæрсынц Сырдоны:

– Куыд дын бантысти, уыйбæрц сугтæ ‘рбакалын?

Сырдон зæгъы:

– Амондджын чи уа, уымæн хуыцау рудзынгæй дæр æрыппары. Гъе, мæнæн дæр раст афтæ.

СЫРДОН ÆМÆ ÆРТÆ УÆЙЫДЖЫ Сырдон кæмдæр уыди ‘мæ ‘рцыди сæхимæ. Тынг ныффæллади ‘мæ тарф фынæй баци. Уæд æм Иудзæстон уæйыг къæрныхы бацыди. Сырдоны судзин фæтъыста ‘мæ Сырдон иуфарсыл æрзылди. Къæрных Иудзæстон уæйыг зæгъы:

– Багъæц, æз дын фенынкæндзынæн!

Тыргътæм бакасти ‘мæ Сырдоны гадзайы зайгæ ауыдта. Гадза йæ тæккæ тынгыл уыди ‘мæ уæйыгмæ кæсгæ дæр нæ ракодта. Иудзæстон уæйыг фæстæмæ раздæхти мæ йе ’ртæ фыртæн зæгъы:

– Хæсгæ ут, цы арат, уый!

Уæйыджы ’ртæ фырты разылдысты ‘мæ Сырдонмæ цы ссардтой – дарæсæй, хæзнайæ – иууылдæр цæ фæхастой. Йæ фæстæ афардæг ысты. Сырдоны гадза ныййардта ’ртæ къæбылайы, сæ мады дæйынц. Стæй гадза ныхъхъæркодта. Сырдон нæ сыхъал. Уæд нынниудта тынг. Сырдон фехъал и, йæ цæстытæ аууæрста ‘мæ дзуры йæ гадзамæ:

– Ниуинаг дæ тенка-сæр, кæд мæ цы сыхъалкодтай!

Сыстади Сырдон. Агуры йæ дарæс æмæ цæ нал ары. Йæхи хъæтцулы ‘рбатыхта ‘мæ фæрсы гадзайы:

– Чи нæм уыд?

Гадза комырдæм йæ бырынкъ акодта мæ даргъ ысниудта:

– У-у-у!!!

Сырдон æм дзуры:

– О, у-у-й-аг фæуай, уым чи цæры, иунæг Иудзæстон къæрных- уæйыг æмæ йе ‘ртæ фыртæй дарддæр!

Гадза та ноджы уыцырдæм йæ бырынкъæй аниудта.

– У-у-у!!!

– О, у-у-йаг дæ уд æмæ дæ сæр! Уый дын м’ арфæ! Рæйгæ та цæуыннæ скодтай?

Гадза йæ хъæвдынты равдыста Сырдонмæ.

Сырдон зæгъы:

– О, уыдон дæр æмæ дæхæдæг дæр фæлдыст фæуат, мæн чи фæдавта, уымæн. Фылдæр куы сыстут, уæд ма уæ цæмæй дардзынæн, мæ уæлдæйттæ куынæ ракæлракæлкæнынц, мыййаг!

Сырдон сæрдиагкодта:

– О, мæнæ мыл цы фыд æрцыди, гомриу æмæ ‘мпъыст сыдзæй кæдæм цæуон!

Уæд дуарæй чидæр æрбадзырдта Нартæй:

– Сырдон! Бынаты дæ?

– О, бынаты дæн!

– Æддæмæ ма ракæс!

– Дæхæдæг мæм рахиз мидæмæ.

Сырдон йæ хуыссæнты атылди. Æрбацæуæг зæгъы Сырдонæн: – Нартæ дæумæ дзурынц.

– Цы цæ хъæуы, кæдæм мæ кæнынц?

– Фидиуæг дам нын фæу.

– Цæмæй?

– Нартыбон æрцæуы ‘мæ куывд кæндзысты.

– Хорз, райсом цæм зындзынæн.

– Абон хъæуыс.

– Уомæ фæцæуын, зæгъ цын афтæ.

Хонæг ацыди. Сырдон хъуыдыкæны, куыд бакæна, уыууыл. Йæхи рынчынæфсон ыскодта.

Дыггаг хъæр æм фæчындæуыди:

– Сырдон, ракæс ма!

– Кæцы дæ? Мидæмæ!

– Мидæмæ мæ не ‘вдæлы, Нартæ дæм æнхъæлмæ кæсынц.

– Æз цæм мæхæдæг дæр кæсын! Фæлæууæд, фæцæуын.

Уæдмæ изæр дæр æрци, æмæ та æртыггаг хъæр дæр фæцыди. – Ам дæ, Сырдон?

– Ам дæн, рахиз нæм.

– Нæ мæ ‘вдæлы, Нартæ дæумæ кæсынц.

– Фæцæуын.

Сырдон сыстади ‘мæ афтид мидæггаг дарæсы арасти.

Иудзæстон къæрных-уæйыгæн æртæ фырты, æртæ тыхджын уæйыг- гуырды уыди. Уыдонæн Иудзæстон зæгъы:

– Æртæ ‘хсæвы уæхи бавæрут, стæй уæдмæ мæхæдæг зындзынæн. Иудзæстон уæйыг ацыди кæдæмдæр. Иудзæстон уæйыджы фырттæй иу уыди къуырма, иннæ фынæйуарзаг, æртыггаг та ахæм тæрсаг, æмæ сыфтæр куы фезмæлыдаид, уæддæр-иу фæуадзыг и. Сырдон уыцы хъуыддаг зыдта, æмæ сфæндкодта, цæмæй Иудзæстон уæйыджы фæллой фæхæсса, цæмæй Нарты ’хсæн йæхицæн кад ыскæна ‘мæ йæ лæгыл нымайой. Бакасти Иудзæстон уæйыджы фырттæм: сæ иу хуыссæгæй æркув- æркувкæны, уый уыд къуырма. Иннæ хуыррытфынæй кæны – уый та уыд тæккæ тыхджындæр. Нæ дзы фынæйкодта ‘рмæстдæр тæрсаг лæппу. Уæд Сырдон тарвазмæ схылди. Уым федта къæсса ‘мæ дзы ныббырыди. Йæхи раппæрста, къæссайы мидæгæй. Хыррытхыррытт систа. Тæрсаг лæппу афтæ тынг бауадзыг и мæ йæ бын ныххуылыдзкодта. Сырдон фестади ‘мæ йæ дарæс ыссардта, ратымбыл цæ кодта. Уæд къуырма ницы фехъуыста, иннæ йæ фынæйы тарфы уыди. Къуырма дæр афынæй и. Сырдон ратæлæткодта Иудзæстон къæрных-уæйыджы фос æмæ Нартæм æрмидæг и. Нартæ дискæнынц: кæм цæ ‘ссардта Сырдон.

Сырдон зæгъы:

– Цæй мæ номæй уын лæвæрд фæуæд, Нартæ, æмæ куывд ыскæнут. Нартæ куывд ыскодтой ахæм, æмæ æнæхъæн къуыри сæ фынгæй не сыстадысты. Уæд Иудзæстон уæйыг æрцыди ‘мæ фæрсы йæ фырты: – Фос кæм ысты?

Сæ иу зæгъы – тæрсаг:

– Къуырма цæ хызта.

Куъырма зæгъы:

– Фынæйгæнæг цæ хызта.

Фынæйгæнæг зæгъы:

– Тæрсаг цæ хызта.

‘Схыл ысты æртæ лæппуйы æмæ кæрæдзиуыл ралæууыдысты ‘мæ сæ кæрæдзийы амæддаг фесты.

Иудзæстон давæг уæйыг фæмасткодта. Йæ зæппадзы цæ бавæрдта ‘мæ Нарты Сырдонмæ рацыди. Сырдон фæндзæм хистæрæн бадти Нарты фынгыл. Йæхи дардта афтæ, цыма ницы федта. Иудзæстон уæйыг Нартæм дзуры:

– Фарн уæ бадты уæд!

– Фæрнæйдзаг уай, Иудзæстон уæйыг. Абад нæм, саход нæ цæхх, нæ кæрдзынæй.

Иудзæстон уæйыджы хистæрты раз абадынкодтой. Кæсы æргæвст фосы сæртæм æмæ хъуыдыты ацыд: «Цымæ ахæм ыстыр ыстуры сæртæ кæй фос ысты, мæн ма уой? Науæд Сырдоныл дарæс куынæуал уыди, уæд кæм ыссардтаид йæ дзаума?»

Уырызмæг уырдыглæууæгмæ радзырдта:

– Æрбацæуæджы хорз фен, уазæг у, æмæ нæ хъæстагæй ма фæцæуа! Иудзæстон уæйыгмæ нуазæнтæ фæдфæдыл æрбацыди авд. Уæйыг дæр цæ ныуæзта. Нуæзт йæ сæры фæмидæг и, стæй Уырызмæджы фæрсы: – Уазæг сонт у, сонт фæрсаг у. Æз сымахмæ ахæм фос куынæ зонын, ацы ‘ргæвст ыстурты сæрты йас кæмæн и, уæд кæй фос ысты? Сырдон бамбæрста уæйыджы фарст æмæ зæгъы:

– Уазæг дзæгъæлдзых нæ вæййы, бузныг хъуамæ уа уазæг, йæ размæ йын кæй æрхæссынц, уымæй.

Хæмыц зæгъы:

– Раст дæ, Сырдон.

Уæйыг зæгъы:

– Æз фæрсгæ кæнын.

Сырдон зæгъы:

– Фæрсгæ фынгыл ничи кæны. Уæд фынджы бадт хылмæ цæуы. Бурæфæрныг радзырдта:

– Чи у хылгæнæг?

Сырдон бадзырдта:

– Уазæг! Хылкъахæг кæны, æмæ нын нæ бадт мастмæ кæны. – Дзæгъæлдзыхæн – цъудта,– зæгъы Бурæфæрныг.

Уæйыг фæмæсты ‘мæ зæгъы:

– Адон мæ фосы сæртæ сты!

Сырдон фæрсы:

– Чи дын загъта, стæй та æндæр исты схондзынæ дæхи, чи зоны, мæ дарæс дæр.

– Уыдон дæр мæ хæдзарæй хаст ысты.

– Мæнг зæгъыс,– хъæркæны Сырдон,– мæн Нартæ бæгънæгæй цæугæ никуы федтой, мæ уæлæдарæс мæхи сты. Ды цыдæр æдзæсгом дæ! Уæйыг фæмæсты, къус фехста Сырдоныл. Сырдон йæхи фæиуырдæмкодта мæ Сосланы риуыл сæмбæлди. Сослан ысмæсты ‘мæ фынгыл багæпласта. Иудзæстон уæйыджы иу цæсты йæ дыууæ ‘нгуылдзы фæтъыста ‘мæ цæст йæ къуырфæй фæхаудта, ратылди ‘мæ Сырдоны хæдзарыл сæмбæлди. Сырдоны хæдзары цæст ныппырхкодта ‘мæ йæ гадзайы æртæ хъæвдыны йæ быны ныммардысты. Гадза ма аирвæзти. Сырдон сохъхъыр уæйыгмæ йæхи лæбурæг ыскодта, мæ хæдзар мын ныккалдта зæгъгæ.

Уæд æм Сослан дзуры:

– Æ, бынтыцæуæг. Цалынмæ йыл цæст уыди, уæдмæ ницы дзырдта, фæлæ куы бакуырм и, уæд лæбурынтæ систа. Куырм мардæй уæлдай нæу, цы йæм лæбурыс?

– Мæ хæдзар ныккалди ‘мæ мын ды куынæ раддзынæ дæ уæладзгуытæй, мæ мæт дæ куынæ уыдзæни!

– Уомæ йæм уæдæ лæбур.

Сырдон куырм уæйыгыл дзæхст-дзæхстæй ралæууыди йæ лæдзæгæй. Уæд æй куырм уæйыг ацахста мæ Сырдоны хъыллист ыссыди:

– И-и-й, Нартæ! Цы фестут! Баххуыс мын кæнут!

Нартæ ныххудтысты. Уæд Уырызмæг дзуры Сосланмæ:

– Сырдоны фервæзынкæн, кæдæй уæдæй ацы хатт Нартæн лæггадкæны, нæхион у, æмæ ку’ амæла нæ цæстыты раз, уæд нын исчи сомбон уайдзæф дæр бакæндзæн.

Сослан кардæй уæйыджы цæнгтæ нырриуыгъта, æмæ цæнгтæ зæххыл абадтысты.

Уæйыг зæгъы:

– Мæ хæдзарырдæм мын фæндаг уæддæр бацамонут. Мæ мæлæт Нарты зæххыл æрцæуа, уый мæ нæ фæнды.

– Нæ дæр нæ хъæуыс,– зæгъы Сослан æмæ йын йæ ных кардæй дзуарæвæрд нуæс бакодта, стæй зæгъы: – Гъемæ тынгдæр чердæм рисса, уыцырдæм цу, æмæ бахæддзæ уыдзынæ дæ хæдзармæ.

Уæйыг арасти ‘мæ доны бахауди. Донласт фæци.

Йæ цæст Нартыхъæуы бын банцади. Ахæм тæф ыскодта ‘мæ æгас Нартæ сæфтмæ ‘рцыдысты.

Нартæ зæгъынц Сырдонæн:

– А уæйыгæй дæ фервæзынкодтам, фæлæ нæ йæ тæфæй та ды фервæзынкæн. Мæлæм йæ тæфмæ.

– Бæргæ, фæлæ йæ цурмæ бацæуæн нæй тæфæй.

– Мах ницы зонæм. Хорз фынг нын ыскодтай, фæлæ нæ ‘фсæстæй цæгъдыс?

– Мæрдтæм æххормагæй цæуыны бæсты ‘фсæстæй цæуын хуыздæр у.

Сырдон Сатанамæ ссыди мæ йын зæгъы:

– Дæ сæр нæ бахъуыд.

– Цы дæ хъæуы, Сырдон?

– Нартæн фынг æрывæрдтон, æмæ цæ уæйыджы цæсты тæф уынгæгкæны. Мæлынмæ ‘рцыдысты, исты хос цын ыскæн.

Сатана æртæ мыдамæсты ракодта, мæсыгмæ бауади ‘мæ кувы: – О хуыцау, мæхи хуыцау! Ахæм къæвда рауадз æмæ бæстæ лæсæнтæ цы кæна!

Сатанайы куывд хуыцауыл сымбæлди. Бæстæ ‘рбатар и. Саумылазон мигътæ ‘рбахгæдтой арвы риу. Хуры цæст нал зынди æппындæр. Бæзджын мигътæ сæхи зæххыл æрбахафтой. Арв нынкъуысти, стæй йæ дуæрттæ фегом ысты. Къæртакалæгау кæнын райдыдта къæвда. Бæстæ дон фестади. Хъæд лæбырдтæ кодта, зæхх – лæсæнтæ. Дæттæ раивылдысты, дуртæ кæрæдзийы хостой æмæ сау ызмисæй ызгъæлдысты. Уæйыджы цæст дæр йæ бынатæй фенкъуыст. Дон ыл ракалди, йемæ йæ рахаста, дуртыл æй хойгæ хаста дон æмæ комдзаггай баци. Халæттæ ‘мæ сынтытæ донбылтыл зылдысты, æмæ уæйыджы цæстыты пырхытыл сæхи хастой. Фесæфт уæйыг йе ’ртæ фыртимæ.

Нартæ та сæ фыддзаг цардæй цæргæйæ баззадысты.

СЫРДОН ÆМÆ ЙЕ ‘ФСЫМÆРТÆ Сырдонæй йе ‘фсымæртæ бафæлладысты ‘мæ йын йæ хæдзар халыныл ныллæууыдысты. Уæд Сырдон дæр сæ фарсмæ балæууыд æмæ хæдзар халы семæ.

Æфсымæртæ дисы бацыдысты ‘мæ йæ фæрсынц:

– Цы кæныс, Сырдон, мах дын дæ хæдзар куы халæм!

Цы кæнын зæгъгæ цын загъта.– Ме ‘фсымæртæ не стут?

Хæзар мын куыннæ скæндзыстут!

Ныууагътой йæ йе ‘фсымæртæ, нал ын фехæлдтой йæ хæдзар, амæн ничи ницы бакæндзæн зæгъгæ.

СЫРДОН ÆМÆ ЧЪЫНТЫ ‘ЛДАР Иу æлдар уыди фыд чъынты, иугæндзон æппæлыди йæхицæй: «Мæнæй зæндджындæр нæй мæнæй сæрæндæр нæ райгуырдзæни, нæ мыл сайд æрцæуы, нæ мæ исты фесæфы, нæ мæ исты фæхъауы».

Хъуыстой адæм Чъынты ‘лдармæ, уæдæ цы. Уæд æм иу хатт Сырдон дæр хъусы ‘мæ йæ фæрсы йæхæдæг.

– Нарты Сырдоны зоныс?

– Нæ йæ зонын, фæлæ йæ хъусын.

– Цы дзы фехъуыстай?

– Тынг сайагæй йæ зонынц иууылдæр.

– Æмæ дæ нæ уырны?

– Цæмæй мæ уырна, нырмæ мæныл ницы зиан æрцыди ‘мæ мæ уый ц’ асайдзæни.

– Хорз, хъуамæ дын æй æркæнон.

– Æркæн.

– Цæуыл фидауæм?

– Дæу цæуыл фæнды?

– Æз фехъуыстон дæумæ тинтычъи тын ис, уый.

– Ис мæм! – зæгъы Чъынты лдар.

– Гъеуымæй мын куырæттаг радт.

– Раддзынæн.

– Месты фаг дæр мын дзы радт.

– Раддзынæн месты фаг дæр.

Райста Сырдон месты ‘мæ куырæтваг тинтычъи тынæй Чъынты ‘лдарæй, æмæ ацыди Сырдоны ‘ркæныны фсон. Цасдæр рæстæджы фæстæ ‘рбаздæхти ‘мæ зæгъы Чъынты ‘лдарæн:

– Сырдон нæ цæуы.

– Цæуылнæ?

– Мæ уæлæ дам ницы ис æмæ куыд ацæуон, мæ куырæты хуызæн æй хъæуы.

– Ахæсс мæнæ тын, æрмæст мын æй мæ цæстæн уынын фæкæн, цавæр Сырдон у.

Сырдон зæгъы:

– Дæ цæстытæ йæ уындзысты, æндæр ма дын æй куыд фенынкæнон? Сырдон тинтычъи тын ахаста, йæхæдæг дзы уæлæдарæс бахуыйынкодта, æмæ йæ Нартæ фæрсынц:

– Кæм дын уыди тинтычъи тын, дæхи дзы куы сфæлыстай – куырæт, местæ, цухъхъа, зæнгæйттæ?

– Чъынты ‘лдары расайдтон.

– Æ, кæд уый ды никуы асайай, дон нуазгæйæ дæр донæн фæуынæй тæрсы æмæ йæ ды кæцæй асайдтаис.

– Нæ уæ уырны? – фæрсы Сырдон.

– Куыд нæ бауырна? – зæгъынц Нартæ.

– Уæдæ мæнмæ ‘нхъæлмæ кæсы Чъынты ’лдар æрцæуынмæ дыууæ фæндаджы астæу æмæ йæм акæсут.

Нартæ акастысты мæ зæгъынц:

– Уæллæй, Сырдон, лæг дæ!

– Лæг дæн, уæдæ Нарты хуызæн æнæсæрæн исты дæн.

– Уæдæ ма дзы Нартæн дæр исты расай.

– Кæд мæ ‘ртыггаг хистæрæн æвзарут, Нартæ, уæд уын куывддæн кусæрттаг расайдзынæн.

– Разы стæм.

Сырдон йæхи рацарæзта, сæр булкъдаст акодта, бæхыл ысбадти ‘мæ æлдары хуызæн рацыди. Рарасти Чъынты ‘лдармæ. Æрцыди йæм æмæ йын зæгъы, цыма йæ нæ зоны уыйау:

– Кæмæ ‘нхъæлмæ кæсыс, ацы лæг?

Чъынты ’лдар дзуры:

– Нарты Сырдонмæ фервыстон, хъуамæ мæм рæхджы зына.

– Чи йæм ацыд?

– Ам иу хуыцауысконд лæг.

Чъынты ’лдар Сырдоны нал базыдта ‘мæ хъуыдыкæны, ауыл мæ тыны хуызæн конд дарæс куы ис!

Æмæ радзуры:

– Дæ дарæсы хуызæн ын тинтычъи тын радтон. Лæгæн местæ ‘мæ куырæттаг, Сырдонæн уæлæйы дарæс.

Сырдон зæгъы:

– Æнæбайрайгæ фæуай, цы лæг дæ, мæнæн мæ фосы рæгъæуттæ иуыл мæ дарæсы хуызæн ысты, æмæ дæу кæцæй ысты!

– Нæ, хуызæй зæгъын.

– Гъе, хуыз дæр афтæ, адæм кæрæдзийы хуызæн ысты, æмæ уый тыххæй иу мады фырттæ кæцæй уыдзысты, фæлæ æз федтон, Сырдонмæ цы лæг фæцæйцыд, уый.

– Кæм æй федтай? – фæрсы Чъынты ‘лдар.

– Сырдонимæ ныхæстæкодта, æмæ йæ Сырдон нал рауагъта дæумæ. – Цæуылнæ уæд?

– Цæуылнæ зæгъы? Сырдон загъта: «Æз кæй хъæуын, уый-иу раздæр хæснаджы тыххæй нард гал æрбарвитæд, стæй мæм бæх дæр рарвитæд, цæмæй фистæгæй ма фæцæуон.

Чъынты ’лдар зæгъы:

– Уыдон ницы сты, фæлæ мæ тинтычъи тыныл тыхсын. Дæ хорзæхæй, мæ бæхы йæм алас, мæнæ уæймæ гал ыскъæрдтон æмæ уый дæр фæкæн, кæд нæ зивæг кæныс, уæд.

Сырдон зæгъы:

– Дæ хуызæй мæ хуызæн цæрæг уыдзынæ, æмæ дæу тыххæй бахъиамæткæндзынæн.

– О, о, дæ рын бахæрон, зæгъы Чъынты ‘лдар,– зæгъ-иу Сырдонæн æмæ цы лæджы арвыстон, уымæн дæр, Чъынты ’лдар уæм кæсы ‘нхъæлмæ. Мæхицæн ацæуæн нæй, уæд меннæ фос ныдздзæгъæлтæ уыдзысты ‘мæ ма цы ауæйкæндзынæн.

Сырдон аласта Чъынты ‘лдары бæхы, акодта галы дæр æмæ Нартæн зæгъы:

– Мæнæ уын гал куывдæн!

Нартæ дискæнынц æмæ Сырдоны бафарстой:

– Бæх та дын кæй у?

– Чъынты ’лдарæй йæ расайдтон.

– Йемæ ма фосæй цы ис?

– Æнæхъæн рæгъау! Уæймæ цæ тæры.

– Гъеуыдон дæр куы расаис.

Сырдон зæгъы:

– Иу кæстæры мын радтут.

Иу кæстæры йын радтой. Сырдон уымæн зæгъы:

– Æвзæрдæр цы бæх у, уыууыл ацу Чъынты ’лдармæ ‘мæ йын зæгъ: «Сырдон кусæрттагмæ ацыди дæ бæхыл æмæ йæм хæдзармæ ссу, дæ фос уал дын æз хъахъхъæндзынæн».

Сырдон йæхи бамбæхста. Нарты кæстæр æрцыди Чъынты ’лдармæ ‘мæ йын зæгъы:

– Дæ фосмæ æз фæкæсдзынæн. Сырдон кусæрттагмæ ацыди ‘мæ йæм ыссу, æцæг мæ бæх уындæй æвзæр у, фæлæ йæм хъару ис.

Чъынты ’лдар ацыди уыцы ‘взæр бæхыл Нартæм. Нартæ сæ Ныхасы уыдысты мæ йыл худæгæй мæлынц. Бæх та тæллæхкодта ‘мæ фесæфта йæ барæджы, Чъынты ’лдары, æмæ йæхи дæр.

Нартæ зæгъынц:

– Ай чи у, цы тæфкалгæ нæм цæуы?

Æндæртæ зæгъынц:

– Йæ бæхы тæллæхы бын нæ фæкодта.

Аннæтæ зæгъынц:

– Фаджысæй сæхи самæстой æмæ мах дæр цæгъдынмæ хъавы. Чъынты лæг дзуры:

– Хуыздæр ма цы уа Нартæм, мæлæты бæх мæм арвыстой.

Нартæ зæгъынц:

– Алкæмæ дæр фервыстам йæхи аггаг фос.

Нартæ Чъынты ‘лдары галы сыргæвстой. Чъынты ’лдар зæгъы: – Уый мæ гал куы у.

Сырдон цыдæр хуызы уым февзæрди ‘мæ йын зæгъы:

– Куыд дæ гал у, стæй та мæ зæнгæйттæ дæхи схондзынæ. Чъынты ’лдар зæгъы:

– Гъеуыдон дæр мæ тинтычъи тынæй ысты.

– Мæ куырæт та?

– Уый дæр.

– Æххæст ма цухъхъа дæр дæхи схон.

– Уый дæр мæ тынæй у.

Сырдон та зæгъы:

– Ацы бæх та?

– Уый дæр мæ бæх у.

Сырдон æмæ Нарты кæстæр Чъынты ‘лдары фосы ‘рбатардтой сæрвæтмæ ‘мæ йæ Сырдон фæрсы:

– Мæ фос дæр дæу ысты?

– О, уыдон дæр.

Сырдон Чъынты ‘лдары уадул ныцъцъыкласта ‘мæ Нарты хсæн йæхи фæкодта. Æлдар лæбурдта, фæлæ йæ Нартæ сау над фæкодтой. Æмæ йæ фæсырдтой. Йæ фос Нартæн баззадысты, Сырдоны æртыггаг хистæр ыскодтой æмæ куывдтæ кодтой.

СЫРДОНЫ ХÆРÆГЫЛ ТÆРХОН Нарты Сырдонæн уыди иу цъæх хæрæг æмæ йын къæлæу ныззади. Сырдон йæ хæрæджы æд къæлæу сæрвæтмæ ауагъта. Хæрæг Сосланы хуымгæндмæ баирвæзти ‘мæ таутыл хызти. Сырдонмæ фæхабарчындæуыд: – Сослан æрцæуы ‘мæ дæ мардзæни.

– Цæмæн? – афарста Сырдон.

– Дæ хæрæг æд къæлæу йæ таухуыммæ баирвæзти мæ уым хизы. Сырдон тагъдкодта хæрæгмæ, фæлæ уæдмæ Сослан хæрæджы æд къæлæу сæхимæ ‘ркодта. Изæры йæ Ныхасмæ ракодта хæрæджы мæ йæ къæлæуы дæр. Нартæй ничи зыдта, Сырдонмæ хæрæг ис, уый.

Сослан фæрсы:

– Ацы хæрæг кæй у?

Нартæй иу дæр афтæ нæ загъта – мæн у.

Сослан хæрæджы йæ хъустæй сивæзта. Хæрæг сырдиагкодта, фæлæ та Нартæй хæрæгæн хицау нæ разынди. Сослан та ноджы хæрæджы хъустæ сивæзта, æмæ хъæр кæны Сослан йæ дзыхы дзаг:

– Кæй хæрæг уæ у, Нартæ?

Ничи та сæтты.

Сырдон дзуры:

– Ныууадз ма нæ, Сослан, дæ хъæры бын нæ фæкодтай, æмæ хæрæг дæр дæу у, уыййæддæмæ афонмæ исчи састаид.

Сослан зæгъы:

– Уæдæ кæд афтæ у, уæд хæрæг мæн фæуæд.

Сырдон фæтарсти, Сослан хæрæжды ку’ акæна, уымæй æмæ зæгъы: – О, Сослан ды хæрæгæй цы кæныс? Уыууыл цæугæ дæ чи фена, уый дын хæрæджы кад кæндзæн, фæлтау æй мæнæн радт, æмæ уадз æмæ, æз уон йæ хицау.

– Фæлдыст дын уæд, Сырдон, æвæддзæгæн дæу у, æмæ нæ сæттыс. – Мæн кæцæй у, уæд дæуау æмæ уыцы хæрæгау æз дæр æрдиагкæнин. – Ды раст дæ, Сырдон, æвæддзæгæн дзæгъæл хæрæг у.

– Гъе, Сослан, Хуыцау зæххыл дзæгъæлхæрæджы никуыма фæхизынкодта.

– Уæдæ дæу у?

– О, мæн у, фæлæ куы фæуасы, уæд дæу у. Сабыр куы вæййы – уæд та мæн у. Æз рагæй кастæн дæ дзуапмæ, уымæн æмæ зонын: алы фос дæр йæ хицаумæ гæсгæ у, стæй хæрæг йæ хицауы уаст æгæр куы кæны, уæд цæ уæлдай нæй, къаддæр куы уаса, уæд та мæ хай у æмæ мын æй радт. – Уый та цытæ дзурыс, хæрæг Гæтæджы фырт?

– Æмбисонд афтæ у, Сослан: Додзекка, дæумæ дзурын, Годзекка ды мæ бамбар æмæ мæм дæ арм æрбадар. Æз дæр дæумæ дзурын, кæд мын м’ арм саразис.

Сослан бамбæрста, Сырдон æй æфхæргæ кæны, уый, æмæ зæгъы: – Акæн æй, фæлдыст ут уæ кæрæдзийæн, фæлæ ма йæ куы баййафон, уæд дын æй дæ мæрдтыл ныргæвддзынæн.

Сырдон ракодта хæрæджы ‘мæ дзуры:

– Хъусыс, мæ хæрæг? Знаггад мауал кæн, кæннод æргæвст æрцæудзынæ нæ мæрдтæн.

Хæрæг ныууасыди:

– И-гъо! И-гъо! И-гъо!

Сырдон зæгъы:

– О, мæ къона. О! Сосланæн о куынæ загътаиккам, уæд æй нæ бауырныдтаид. Цæугæ ныр нæхимæ.

Сырдон хæсгардбадт акодта хæрæгыл æмæ йæ ракодта хæрæджы æд къæлæу. Нартæ йыл худæгæй мардысты.

СОСЛАНЫ МИТÆ

Нарты Сослан балцы цыди ‘мæ сæхимæ рацæйцыди. Фæндагыл хизгæ ‘рбаййæфта фондзыссæдз хæрæджы. Иууылдæр уыдысты иухуызон, æрмæст дзы иу хæрæджы хæмхудтæ сау тæлм дардтой. Уыцы хæрæг чысыл бæрзонддæр уыди асæй.

Хæрджыты хызта иу æрыгон лæппу. Сослан лæппуйы фæрсы: – Кæй хæрджытæ дын ысты?

– Мæхи æмæ мæ хицауы! – зæгъы лæппу.

– Уæд чи дæ ды?

– Æз мæнæ хæрджыты гæс.

– Уый уынын, фæлæ дæ хицау та чи у?

– Уæнгуыр!

Сослан дзуры:

– Уæдæ йæм уайгæ ‘мæ йын зæгъ мæ номæй афтæ: «Дæ хæлар дæм кæсы».

– Æмæ мæ куы фæрса, чи дæ, уымæй, уæд цы зæгъдзынæн? – Нæ дæ бафæрсдзæни. Мах Уæнгуыримæ кæрæдзимæ куы фæцæуæм, уæд искæй хъуамæ барвитæм ахæм ныхæстимæ, дæ хæлар дæм кæсы, зæгъгæ. Æмæ уымæй бамбарæм кæрæдзийы.

– Рагæй зонгæ стут кæрæдзиимæ?

– Рагæй,– зæгъы Сослан.

– Кæсыс, никуы йæ загъта, лæг лæджы афтæ хъуамæ ма зона æмæ сусæг митæ кæна, уый раст нæу.

– Ницы кæны, сусæг митæ дæр базондзынæ лæгæй, фæлæ ауай, дæ хæрджытæм дын æз мæ хъус фæдардзынæн.

Лæппу азгъордта Уæнгуырмæ. Куыддæр фæаууон ис, афтæ Сослан хæрджыты рæгъау ратардта Нартæм.

Уæнгуыр дæрддзæфгомау царди. Лæппу æгæр æрæгмæ ныххæддзæ ис. Зæгъы лæппу Уæнгуырæн:

– Дæ хæлар дæм кæсы.

– Цавæр хæлар?

– Нæ зонын, афтæ мын загъта, мах дам демæ кæрæдзийы хæдзæрттæн куы фæцæуæм, уæд уыцы дзырдтæ кæрæдзимæ фервитæм искæмæн æмæ нæ кæрæдзийы базонæм.

Уæнгуыр та йæ фæрсы:

– Ды цыдæр сусæг митæ кæныс, æмæ мын цæ зæгъдзынæ, æви нæ? – Сусæг митæ æз бынтон нæ уарзын, уæд цытæ дзурыс? – зæгъы лæппу.

– Уæдæ гъеныр цытæ дзурыс? Кæм ысты мæ хæрджытæ?

– Уый цæм кæсы, стæй ма загъта, сусæг митæ дæр базондзынæ лæгæй зæгъгæ.

Уæгуыр æмæ лæппу рацыдысты Сосланмæ, фæлæ йæ уым нал æрбаййæфтой.

Уæнгуыр фæрсы:

– Кæм и?

– Канд йæхæдæг нæ, хæрджытæ дæр цыдæр фесты.

Уæнгуыр амæсты ис. Лæппуйы ‘хсæрфарс ныххафтласта ‘мæ Сосланы расырдта.

Сослан иу ран Сырдоны æрыййæфта. Сырдон йæхицæн хæрæгуæрдон арæзта.

Сослан дзуры:

– Сырдон, иуварс фæндагæй – хæрджыты бын кæныс! Ц’ архайыс уым?

– Мæнæ дын де ’рцыд зыдтон, хæрæгрæгъау æртæрдзынæ, уый фыны федтон æмæ дын хæрæгуæрдон аразын, кæд мæ хæрæгтæрæй бауромис дæхицæн.

– Гъе, уымæй раст дæ. Хæрæгтæрæй мын ныллæуу, æмæ дын мæ милтæлмджын хæрæджы балæваркæндзынæн.

Сослан уыцы хæрæджы Сырдонмæ ‘рбатардта ‘мæ йæ сивтыгътой Сырдоны хæрæгуæрдоныл. Уæд ыл ысбадтысты уæрдоны. Сослан йæхи фæстæдзæф ауагъта, Сырдон та разæй бадти. Ратæрынц афтæмæй хæрджыты.

Сослан зæгъы:

– Хорз бынат дын радтон.

– Ницы мын у, къахæй цæуинаг нæ дæн.

– О, фæлæ ма зæгъ: ды уæрдонæй уæлдæр зыныс, æз та ныллæгдæр, уæд цæмæн афтæ у?

– Æмæ мæ хæрæгтæрæй куы бауырæдтай.

– О, бауырæдтон, фæлæ ды æлдары хуызæнæй зыныс, æз та ахстлæджы хуызæнæй.

– Нæ, æлдæрттæ ахсты хуызæн вæййынц æнæуый дæр. Мæ хуызæн мæгуыр лæгау æргомзæрдæ ‘мæ адæмуарз нæ вæййынц.

– Ды гæды ныхас зæгъыс, Сырдон, бынтондæр æнæмбаргæ ныхæстæ, æлдар æлдар у, мæгуыр лæг та – мæгуыр лæг.

– Уомæ æз дæр уый зæгъын,– дзуры та Сырдон,– мæгуыр лæг йе лдары фæласы, мæнæ æз дæу куыд ласын, афтæ.

– Уый уынын, фæлæ уæддæр хæрæгуæрдонæй уæлдæр цæмæн зыныс? Сырдон ахъуыдыкодта, стæй зæгъы:

– Цæмæй мæ алы цæуæг дæр уына, æз ме ‘лдары фæласын уый. Уыныс, уартæ нæ иу чидæр æрбаййафы, гъеныр æз уæлдæрæй куынæ кастаин, уæд æй ды нæ федтаис, æмæ дæ сусæгдзæф фæкодтаид, гъе, уымæн дæн уæлдæр дæр.

Сослан акасти ‘мæ зæгъы Сырдонæн:

– Сырдон, хæрæг бауыром.

– Цæмæ йæ уыромон?

– Уый хуымæтæджы барæг нæу.

– Ау, хæрджытæ дæхи куы сты, цæмæй дзы тæрсыс?

– Раздæр æндæр кæйдæр уыдысты, кæд ныр мæн ысты, уæддæр, æмæ нын хылмæ цæудзæн.

Сырдон хæрæджы бауырæдта. Сослан та йæм дзуры:

– Уыцы барæджы æз сайдзынæн æмæ кæм н’ арæхсон, уым мын феххуыскæн, стæй ма дын иу хæрæг раддзынæн ноджы.

– Хорз! – зæгъы Сырдон.

Æрбадтысты. Сырдон æмæ Сослан хъæрæй худынц. Уæнгуыр цæ ‘ рбаййæфта, фæрсы цæ:

– Ай æмæ чи стут?

Уыдон сæ худын фæтынгдæркодтой æмæ арвмæ кæсынц.

Уæнгуыр цæ ноджы фæрсы:

– Сымахмæ куы дзурын, цæуылнæ дзуапп дæдтут?

Ноджы та худынц, стæй Сослан зæгъы:

– Диссаг нæу, ацы лæг арвыл куынницы уыны.

Сырдон зæгъы:

– Æдылы ныхæстæ дæр уымæн кæны.

Уæнгуыр арвмæ скасти, фæлæ дзы ницы уыдта. Фæрсы та цæ: – Ц’ агурут арвыл, куы ницы дзы зыны?

Сослан зæгъы:

– Куыд дзы ницы зыны. Хуыцау æмæ йæ ус кафынц æмæ диссаг у, уыдонмæ бакæсын.

Сырдон зæгъы:

– Стæй кæд кафынц зыбыты бæгънæгæй,– æмæ та ныххудти. Уæнгуыр бацыбæл и ‘мæ зæгъы:

– Ау, æз дæр куы кæсын арвмæ ‘мæ дзы куы ницы зыны, уæд мæ куыд сайут!

– Æмæ куыд кæсыс ды?

– Хæрдмæ скæсын.

– Афтæ нæ.

– Уæдæ куыд?

– Уæдæмæ мæнæ махау уæлгоммæ зæххыл æрхуысс, куы дæ иу цæст, куы де ‘ннæ цæст бацъындкæн æмæ дæм стæй фæзындзысты.

Уæнгуыр баууæндыди мæ сæ дыууæйы астæу æрхуыссыди. Райдыдта йæ цæстытæ радыгай цъындкæнын, фæлæ йæ иу цæстæй куырм уыди уæнгуыр æмæ йæ дзæбæх цæст куы фæцъындкодта, уæд Сослан фæцырди ‘мæ йын йæ дзæбæх цæсты сарт ныссагъта. Уæнгуыр ныхъхъæркодта. Сырдон æмæ Сослан фæйнæрдæм агæппытæкодтой. Уæнгуыр бакуырм и ‘мæ чердæм ацыдаид, уый нал зыдта, сагъдæй баззади. Сослан æмæ Сырдон мæстæймарын байдыдтой Уæнгуыры. Дуртæ ‘мæ йыл хъилтæ цавтой. Уæнгуыр дзуры:

– Мæстæй мæ мауал марут, фæлтау мæ маргæ акæнут.

– Уæ кæрдтæй мæ цæвут.

Сослан йæ кард ысласта, æввахс æм бацыди. Сырдон æм дзуры: – Афтæ ма бацу.

– Цыма, уæдæ?

– Дæ пæлæз хъæдыл атух, дæ кард уыууыл асадз æмæ уал уый бадæдт.

Сослан афтæ бакодта. Уæнгуыр æм фæлæбурдта ‘мæ йæ дыууæ дихы фæкодта, кард фæхаудта, æмæ Уæнгуыр зæгъы:

– Æммыст, уе ‘ннæйыл дæр ма афтæ куы фæхæст уыдаин!

Сослан æмæ Сырдон ныххудтысты ‘мæ дзурынц:

– Æндæр ма фен дæ цардæй, кæд ды махæй никæмæн ницы кодтай. Уæнгуыр ысмæсты ис. Куырмæй цæ ратæрбатæр систа. Сослан æмæ Сырдон æй басайдтой былмæ æмæ уырдыгæй ахаудта. Ныппырх и, уæдæ цы уыдаид!

Сослан æмæ Сырдон худæгæй мардысты. Уырдыгæй сæ фондзыссæдз хæрæгыл фæхъæркодтой æмæ рацæуынц Нартæм. Сырдон та разæй бады. Нартæ фæйнæрдыгæй кæсынц æмæ Сырдоны фæрсынц:

– Кæдæм тæрыс уыцы хæрджыты?

– Уæ мæрдтæн, зæгъын, кæд дугъ, мыййаг, уадзут.

– Кæнгæ та цæ кæцæй кæныс?

– Мæгуыр лæгæн хуыцау рудзынгæй дæр æрыппары.

Уæд Сослан дзуры:

– Хæрæг Сырдон, ацы хæрджыты æз куы ‘ртардтон, уæд дæ мæ бæсты дзуапдæттæг чи кæны Нартæн?

Нартæ Сырдоны фæрсынц:

– Чи дзуры дæ уæрдонæй, уый та?

Сослан йæхи систа æмæ зæгъы:

– Æз, мæнæ Сослан!

– Æмæ цы ныббырыдтæ арф?

– Ницы ныббырыдтæн. Мæнæ Сырдоны хæрæгтæрæй бауырæдтон æмæ мæ ласы, æз уымæн йе ’лдар дæн.

– Æлдар куы цæуы, уæд æй адæм хъуамæ уыной, ды та дæхи нымбæхстай.

Сослан бамбæрста, ай йыл Сырдон хинæй рацыди, уый. Амæсты ис æмæ йæ рахста йæ бынатæй.

Сырдон дзуры:

– Ме ’лдары бынатæй рахаудтон, фæлæ ма мын мæ хæрæг уæддæр радт. Дыууæ хæрæджы мын загътай æмæ мын дзы иуы радт.

– Фæлдысты йын фæу, акæн, ифтыгъд цы хæрæг у, уый, дæ уæрдонимæ.

Сырдон зæгъы:

– Цом, мæ хæрæг, æз дæуæн фæлдыст æрцыдтæн æмæ тагъддæр! Дæуыл лæууын, фæлæ мæ фондзыссæдз хæрæгæн куы ныффæлдиса Сослан, уæд мæ къæхтыл дæр нал ыслæудзынæн.

Нартæ ныххудтысты. Сырдон ацыди йæ хæрæгимæ.

СЫРДОН ÆМÆ УÆЙЫГ

Нарты Сырдон Нартыхъæуæй хибардæрæй царди, хицæнæй. Сырдон æххормæгтæ дæр æййæфта.

Уæд иуахæмы уæйыг хъæды сугтæ ласта ‘мæ былæй ахауди. Йæ зæнг ныццавта, фæлæ æддæ ныллæууын йæ сæрмæ нæ хæссы. Быры йæ фарсыл æмæ ‘рбабырыди Сырдоны цæрæнуатмæ. Уæйыг бадзырдта:

– Хæдзаронтæ! Уазæг нæ уадзут?

Сырдон фæтарсти, фæлæ уæддæр радзырдта:

– Гъы, æмæ ды чи дæ?

– Æз дæн Саухохæй Сау уæйыг!

– Ам дæ мæнмæ цы ‘рхаста?

– Хъæдæй суг ластон, былæй ахаудтæн æмæ нал лæууын мæ зæнгыл. Сырдон кæд тæрсгæ фæкодта, уæддæр йæхиуыл фæхæцыд æмæ тыхджын лæгау радзырдта уæйыгмæ:

– Фысым бакæн уæдæ.

Уæйыг æрбахызти. Сырдон æрывæрдта æртыкъахыг* (*Уома æртыкъах фынг.) уæйыгæн, ронг ын радавта æмæ райдыдтой хæрынтæ, нуазынтæ. Сырдон, зæххы хин æмæ арвы кæлæн, фæрсы уæйыджы:

– Хъæдгом дæр тынг дæ?

– Тынг дæн, мæ фарсыл бырыдтæн.

– Хъæдгомгæс дæ хъæуы?

– Афтæ куы уон, уæд мæ бахъæудзæн.

Фæсхæрд ныххуыссыдысты. Уæйыджы цæф райсоммæ хъæды йас баци æмæ нал лæууы йæ зæнгыл æппындæр. Сырдон æй æмбæрста, фæлæ йын ноджы йæ мастыл цæхх зæрста, фæрсы уæйыджы:

– Афтæ мæм кæсы æмæ фæхуыздæр дæ, зыны мæм афтæ.

Уæйыг æм дзуры:

– Æндæр ма фенæд не ‘лгъыстаг, бынтон хæссинаг гъеныр куы бадæн.

– Хъæдгомæн хорз у галы сæрымагъз. Мæ хæдзары фосæй арыдрагъ гæдыйæ фæстæмæ ницы ис, æндæра дын æмбарын дæ рыст.

Уæйыг зæгъы:

– Галæй фылдæр мæ хæдзары ницы ис, фæлæ чи ис ахæм, æмæ уырдыгæй ардæм гал æркæна.

– Дæуæй мæ бар куы уаид, уæд дæ галтæй иу ам хъæлæк, tebg8phd.

– Удæй зынаргъдæр фос дæр нæ вæййы.

– Уæдæ мæ бар уадз!

Сырдон атæхы уæйыджы хæдзармæ мæ бадзуры уымæн йæ усмæ: – Уæ, дзура-мадзура! Дæ лæг нæхимæ хуысгæкæны, ныр ды ам ц’ аразыс? Йæ низы тыххæй авд цæды галтæ домы, иннæ ахæм та бæхты дзугтæ. Уыдоны ныр куы радтис, уæд ма дæ лæджы фенис, кæннод амæлдзæн.

Ус дæр фæтæрсы йæ лæгæн – Сырдоны разæй авд цæды галтæ, иу ахæм бæхтæ ратымбылкодта. Сырдон цæ ‘ртардта, иу гал дзы аргæвста, йæ сæры магъз ын басмагкæнынкодта, пысырайы æууæрцъытæ ахустæласта, уымæй цæфтæ бæргæ бабæтты, фæлæ уæйыг тынгдæр фæвæййы.

Сырдон æм дзуры:

– Хъæдгомтæ æхсидынц, фæлæ ма иу гал ноджы куы рауæлдайкæнис, уымæй хорз бакæнис.

– Ракæн дыггаг гал дæр.

Сырдон та ацыд уæйыджы усмæ ‘мæ йæм дзуры:

– Уæйыг æрвиты авд сæдæ сæры галтæ æмæ иу ахæмы та бæхтæм, йæ цæфтæ ‘ндыдзынц æмæ фæтагъддæркæн.

Ус зæгъы:

– Æгайт ма мын йæхи сæр удыгас у. Фос ыскæнгæ сты. Скæндзыстæм та цæ. Аскъæр, цас агуры, уыдон сеппæт дæр.

Сырдон йæ разæй ыскæны авд сæдæ галы иуахæм бæхтимæ. Нартæм цæ ‘ртардта, иу гал дзы аргæвды ‘мæ æмбыд сыджытимæ, пысыраты æууæрцъыимæ галы магъз цæфтыл нывæры. Уæйыг ныббогъкæны, æмæ Нартæ дисы бацæуынц: «Уый чи у уагæр? Сырдон цы кæны?»

Нартæн сæ кæстæртæй иу Сырдонмæ ‘рцæуы. Хабар базоны Сырдоны фæрцы, æмæ лæппу Нартæн радзуры:

– Сырдон æрцахста Нарты знæгтæн сæ тæккæ фыддæртæй иуы, хосы ‘фсон æй ноджыдæр низ хæрамдæр кæны, йæ фос ын сайы ‘мæ нын тагъд фынджы дзаг кæндзæн.

Нартæ ныххудтысты, фæлæ фос куы федтой, уæд цæ бауырныдта. Уæйыджы богъмæ Сырдон тынгдæр йæ фæлывд лæггад райдыдта уæйыгæн æмæ та дзуры:

– О, уæйыг! Æртыггаг гал фæхъæуа дæ бирæ дзугтæй, уый ницы кæны, æххæст ма уый дæр аргæвдæм.

– Аргæвд, бар дæхи.

Сырдон та ратæхы уæйыджы усмæ ‘мæ йæм дзуры:

– Дæ лæг фæдзæбæх, къахыл дæр цæуы. Фæлæ агуры авд рæгъауы ставд фос, иуахæм та бæхтæ.

Ус æй афæрсы:

– Уагæр цæмæн хъæуынц?

– Иуты йæхæдæг хæринагæн хъауы, иннæтæй та йæ хъæдгоммæгæсæгæн йæ хæс фиды.

Ус та сразы. Авд рæгъауы ставд фос, иуахæм бæхтæ Сырдоны фыддзаг фæкæны, æмæ та цæ Сырдон дæр заргæ ртæры Нартмæ. Бацæуы сæхимæ, уæйыг хорз нал у. Уæйыг фæрсы Сырдоны:

– Цæй ма, цы фæдæ?

– Бæргæ фæцыдтæн дæ усмæ мæхæдæг, фæлæ йæ кæугæ, дзыназгæ баййæфтон.

Уæйыг фæрсы:

– Уагæры цы кодта?

– Нартæ дын ныббырстой дæ бæстæм. Бирæ нæ, фæлæ дам сæныччы хъус дæр нал ныууагътой, ратардтой цæ мæ кафт самадтой. Акæс рудзынгæй æмæ цæ фенай дæхи цæстытæй.

Нартæн ыстыр куывды бон уыдис. Нуазынц, хæрынц, кафынц æмæ зарынц. Уæйыг цæ куыддæр ауыдта, афтæ зæрдæскъуыд баци. Уæйыджы мард Сырдон донмæ аппæрста. Дон æй аласта ‘мæ банцади йæ хæдзары бынмæ. Уæйыджы ус фæкуыдта йæ лæджы мардыл, уæдæ цы уыдаид. Сырдон Нартæм фервыста:

– Нарты стыр хæдзары искуы мæнæн дæр иу сыкъа сисын куы бауадзиккат, уæд уымæй хъæлæкк дзæбæх бакæниккат, авд авд сæдæ сæрæй уын ыстыр куывд ыскæнин.

Нартæ ныххæррæткæнынц. Фос Сырдонæй райсынц. Стыр куывд ныззилынц Нарты стыр хæдзары. Сырдон иннæ фосы йæхи бакæны. Сырдон æртыггаг хистæрæн Нартæ бауыромынц – Бурæфæрныг æмæ Уырызмæджы фæстæ. Иу абонæй, иннæ абонмæ Сырдоны ‘руаджы, Æртæ стыр Нарты адæм куывдыл фæбадтысты.

Стæй арфæтæ систой Сырдонæн. Сырдон хæдзарæн авд сæры фос балæваркодта, æмæ йæ Нартæ дæр уæд сæхи схуыдтой, алы куывды йын бынат лæвæрдтой.

СЫРДОН ÆМÆ ЙÆ УС

Нарты Сырдон рарынчын ис æмæ фæдзырдта йæ усмæ. Ус æмбæрста, тæккæ змæлды афон та Сырдон сыфсонкодта ‘мæ йæ кусын нæ фæнды, уый. Фæлæ уæддæр йæхи æнæзонæг ыскодта ‘мæ йæм бацыди. Фæрсы Сырдоны йæ ус:

– Цы дæ хъæуы? Цæмæ мæм дзурыс? Нырæй æвдæлондæрæй мæ никуы федтай?

Сырдон зæгъы:

– Æмæ æз куынæ уал уон, уæд дæ исты арæхдæр æвдæлдзæни мæнмæ?!

– Куыстафон у, алчи змæлгæ кæны, ды та уæлгоммæ хъилæй лæууыс.

– Нæ, æз хуысгæ кæнын.

– Уый та фыддæр, фæлæ уæд удæгас та ма цæмæн дæ?

– Æмæ лæг ку’ амæлы, уæд цæмæй бæрæг вæййы?

– Уымæн ис æртæ аххосаджы ‘мæ æртæ дæр баххæствæййынц. – Фыддзаг аххосаг циу?

– Йæ къæхтæ ныууазал вæййынц.

– Хорз уæдæ.

Ус ацыди йæ митæм. Сырдон йæ къæхтæ уазал доны нытътъыста ‘мæ ныхъхъæрзыдта:

– Мæлын!

Йæ ус æм æрбацыди, Сырдон йæ хуыссæны абырыди. Фæрсы ус: – Цавæр хъæрзт кæныс?

– Мæлын, фыддзаг аххосаг мыл сæмбæлди, мæ къæхтæ ныууазал ысты.

Ус цæ федта ‘мæ фæрсы:

– Уазал ысты, фæлæ хуылыдз та цæмæн исты?

– Хид кæнынц.

– Уæд тæвд уаиккой.

– Ау, тæвд хид куы вæййы, уæд никуы фехъуыстай, уазал хид ракæнгæ.

– Хорз,– зæгъы ус,– фæлæ дыггаг аххосаг та кæм ис дæ мæлæтæн? – Уый та дзы кæцы у?

– Мæлæты хæд размæ сæр зынгау ыстæвдвæййы.

– Хорз, фендзыстæм.

Ус та йæ митæм ацыди. Сырдон йæ хæдон æхсидгæ доны нытътъыста, стæй дзы йæ сæр æрбатыхта æмæ та хъæрзы:

– Мæлын! Мæлын!

Ус та ‘рбауади. Сырдон хæдон амбæхста. Æмæ фæрсы Сырдоны йæ ус:

– Цы та кæныс?

– Мæ сæр æгæр тæвд у.

Ус Сырдоны сæр æруыдта ‘мæ фæрсы:

– Тæвд у дæ сæр, фæлæ уазал хид цæуылнæ у?

– Æмæ сæр уазал хид фæкæны, исты къæхтæ сты?

– Уæдæ куыд?

– Сæр хъуыдыйæн у æмæ тæвд хид фæкæны, сæры æвæндонæй къæхтæ размæ н’ ацæудзысты æмæ уыдон та уазал хид фæкæнынц. Дæ дыггаг аххосаг дæр мыл сæмбæлди.

– Æххæст ма дыл æртыггаг аххосаг дæр куы сæмбæлид, уæд зонин, æцæг амардтæ.

– Уый та ма цы у?

– Уый та уый у æмæ чи амæлы, уый нал фезмæлы, нал дæр дзургæ фæкæны, нал дæр хъусгæ.

– Хæргæ та?

– Нæ дæр хæргæ.

– Нуазгæ та?

– Мард нуазгæ дæр нæ фæкæны.

– Хорз уæдæ.

Ус та йæ куыстмæ ацыди. Сырдон йæхи арасткодта хуыссæны мæ æнæ змæлгæйæ баззади, иу хатт ма ныхъхъæркодта:

– Мæлын! Мæлын! Мæлын!!!

Ус æм æрбацыди ‘мæ йæ фæрсы:

– Цы кæныс?

Сырдон нал ызмæлы. Ус æй аратилбатилкодта, æмæ Сырдон куынæ уал ызмæлыди, уæд æцæгæй фæтарсти ‘мæ ныхъхъарæгкодта:

– Дæ-дæ-дæй! Ды кæмæн уыдтæ æмæ кæмæн нал уыдзынæ!

Хъæрмæ сыхæгтæ ‘рбауадысты, уæдмæ лæгтæ дæр. Маст цæсгæмттæ нкъардæй æвдыстой.

Иу зæронд лæг зæгъы:

– Рухсагæн ын исты фенут.

Иу ус уæларынг балæууыди, чи та уæларты митæ кæны. Сырдон хъахъхъæны мæ зæгъы йæхицæн: «Мæ ус мын ме ‘гасæй ницы фæци, ныр мын мæ фæллой хæрын кæндзæни».

Иу зæронд бурдым ыссыгъта æмæ фæздæг Сырдоны фындзы хуынчъыты бацыди. Сырдон йæхи нал бауырæдта ‘мæ æрыхснырста.

Нартæ зæгъынц:

– Цæр, цæр, Сырдон!

Сырдон райхъал и ‘мæ фæрсы:

– Æз цæрон, æви нæ, уый мæхимæ хауы, фæлæ сымах цæмæ ‘рцыдыстут?

– Нæ, махæй алчидæр сихор бахордта.

– Уæд та мæ сихор уынæг ыстут.

Нæ сылыстæджы митæм мах нæ фæкæсæм.

Сырдон та зæгъы:

– Уæхи ма раст кæнут. Сымах куы бахордтаиккат, уæд Сырдоны хъиамæт нал ызмæнтынкæниккат, æмæ уын мæхæдæг хорз фынг æрывæрынкодтаин.

Ус æм дзуры:

– Æмæ уæд та нæ бахордтой?

– Уæд та сæ сихортæм æз фæзындаин, уыдон, мæнмæ куыд æрцыдысты, афтæ.

– Æмæ ды мардыл дæхи куы нымайыс.

– Нал мæлын. Мæ бæсты Нарт амæлæнт, æз дзырд дæдтын: с’ алкæй хæрнæджы дæр мæхи хорз фендзынæн.

– Дæ усы дæр демæ кæндзынæ?

– Нæ, уымæй та мæхи хицæнкæнын.

– Цæмæн?

– Мæ удыгасмæ мын Нарты ‘рхуыдта, фæлæ ку амæлон, уæд та мæм сырдты ‘рхондзæни ‘мæ мæ бахæрынкæндзæни, уый тыххæй нал фидауын. – Æмæ æнæ усæй цæрдзынæ?

– Цы кæнон, уый куынæ уа, уæд мæхимæ райсдзынæн дыууæ куысты дæр.

– Кæцы дыууæ куысты?

– Иу лæджы куыст, иннæмæй усы куыст дæр.

Нартæ фæхудтысты ‘мæ загътой:

– Хынджылæггаг дæ, Сырдон, æмæ хынджылæгкæныс.

Сырдон зæгъы:

– Хынджылæггаг сымах ыстут æмæ мæм уымæн æрцыдыстут, æндæра удæгас лæджы мардыл ничи фæнымайы.

Рацыдысты Нартæ. Сырдон та худгæ кодта.

СЫРДОН СОСЛАНЫ КУЫД ФÆХУЫДТА Нартæ иу изæр æрæмбырд ысты ‘мæ цæм кæрæдзийы кой æрцыди. Чи дзырдта афтæ:

– Нæ иутæм хуынды уыдыстæм, фæлæ не ‘ннæтæ цы хъуыдыкæнынц? Æндæртæ дзырдтой:

– Иутæм æгæр арæхдæр ма уыдыстæм, фæлæ не ‘хсæн ис ахæмтæ, æмæ нырма ‘ппындæр кæмæ нæ уыдыстæм.

Чидæр та загъта:

– Сырдон не ‘ппæты дæр хæрд фæци, фæлæ йæхæдæг никæй хоны. Уæд та æртæ мыггагæй иу лæджы куы фæхонид, уæд ын æй ныббардзыстæм æмæ цæрæд.

Сырдон уыцы ныхæсты рæстæг уым нæ уыди.

Уæд Сослан зæгъы:

– Æз уымæн хъуамæ мæхи фæхонынкæнон, кæддæра куыд кæнид. Уыйадыл цуаны ацыди ‘мæ тæрхъус амардта. Рахаста йæ ‘мæ йæ Нартæй иу кæстæрæн барвыста Сырдонмæ, ахæм фæдзæхстимæ: «Ахсæв дæм цæудзынæн».

Нарты лæппу Сырдонмæ бахаста тæрхъусы ‘мæ зæгъы:

– Мæнæ дын хуын, фæлæ зон изæры дæм Сослан цæудзæни. Сырдон тæрхъус райста ‘мæ йæ сфыхта. Изæры Сослан бацыдис, æмæ йæ Сырдон хорз ысуазæгкодта. Сослан арфæ ракодта ‘мæ рацыди. Дыггаг изæры дæр Сослан барвыста Сырдонмæ: «Цæудзынæн дæм!» Сослан Хæмыцы дæр йемæ акодта мæ ма тæрхъусæй цы аззади, уый амыртмырткодтой. Стæй арфæ ракодтой æмæ рацыдысты.

Æртыггаг изæр дæр та Сослан барвыста: «Цæудзынæн та дæм!» Сослан та йемæ акодта Хæмыцы, æмæ ма зæронд Ацæйы. Сырдонæн йæ тæрхъусæй ницыуал уыд, æмæ ма басæй чи баззади, уыууыл дон ауагъта, стæй йæ суанцъыйыл бауæларткодта. Æрбацыдысты Сослан, Хæмыц æмæ Ацæ. Сослан фæрсы:

– Цы фыцыс, Сырдон?

– Дæ лæвар тæрхъусæй ма чи аззади, уый.

Сослан зыдта, тæрхъусæй кæй ницыуал ис, уый, фæлæ банхъæлмæкасти, зæгъгæ цы ‘рывæрдзæни Сырдон.

Суанцъæйыл аг рафыхти ‘мæ йæ райста Сырдон. Хъæдын къусты цын æрывгæдта донджахи тæрхъусы бас, æмæ нæ хæринаг уыди, нæ æндæр исты.

Сослан фæрсы:

– Ай нын цы дæдтыс, Сырдон?

– Тæрхъусы бас.

– Æмæ фыддзаг æхсæв хуыздæр куы уыди, ныр цæуылнæ афтæ у? – Уымæн æмæ йыл уæд ды ацинкодтай, йæ сойтæ йын ды бахордтай, ноджы йæ сæртæ дæр.

– Дыггаг изæр та цæ чи бахордта?

– Уæд та йын йæ бынтæ бахордтай ды дæхæдæг æмæ ма дзы Хæмыцы дæр фæхыгътай.

– Уæдæ ма нæ ныр та цæмæй хынцыс ай?

– Ныр та тæрхъусы басы басы басæй.

– Æмæ дзы фыд куынæ ис?

– Йе ‘сджытæ дзы сты æмæ фыд дæр ыстджытыл вæййы. Стæй уый дæр зон: иугъæдон хæринагæй зæрдæ фæхъæбæрвæййы.

– Уый та куыд?

Сырдон зæгъы:

– Ды ус куы ‘рхастай, уæд æй фылдæр уарзтай, цæуæты заманы йæ къаддæр уарзыс, цæуæты фæстæ та йæ чысыл уарзыс. Ахæм у, иу хæринаг чи хæры, уый дæр. Æндæра ‘ххормаг заманы ацы басæй куы ахуыппытæкодтаис, уæд æй фыддзаджы хуызæн бауарзтаис.

Нартæ рацыдысты хуынды ‘фсон ницæййагæй Сырдоны хæдзарæй. Ныхасы бадынц Нартæ ‘мæ ауыдтой Сосланиты цæугæ.

Уырызмæг зæгъы:

– Сырдоны уазджытæ ‘ссæуынц æмæ цæ бафæрсут, кæддæра цын Сырдон куыд фысым фæци.

Æрабцыдысты ‘мæ ‘нкъарддзæфæй сæхи ‘руагътой бадæнтыл. Уалынмæ Сырдон йæхæдæг дæр фæзынди.

Нартæ фæрсынц:

– Гъе, зæронд Ацæ! Ам дæуæй растдæр ничи зæгъдзæни. Сырдон дæ куыд федта сæхимæ?

Ацæ зæгъы:

– Æндæр хуыздæр ма уæд, кæд ын йæ басмæ мæхи найынмæ нæ цыдтæн. Донджахи хæринаг ма исчи фæхæры.

Сырдон зæгъы:

– Зылд нывондаг дæр дæуæй фылдæр нæ хæры. Ды базылдгонд дæ, мæрдтæм дæ бирæ нал хъæуы æмæ дын кæй æрхастон, уый дæр æгæр уыди. – Дæ тенкайы бын дæуæн сæры магъз нæй, фæлæ дзы фыдбылыз ис. Нартæ та фæрсынц Хæмыцы дæр:

– Зæгъ ма, Хæмыц, дæумæ та куыд фæкасти Сырдоны ‘рхуынд? Хæмыц зæгъы:

– Куыдæй фыддæр, уæлдæйттæй мæ хынцынмæ хъавыди, баззайæггæгтæй та – æфсадын.

Сырдон та зæгъы:

– Æмæ цы кæны, дыггаг нывондаг та ды дæ æмæ дæ уæлдæйттæ дæр ахæрдзынæ, уымæй куы афсæдай, уæд уый дæр хæрзиуæг вæййы. Ды Ацæйы ма фæзм, аййафдзынæ уый дæр.

– Уæдæмæ ды Нартæй хынджылæгкæныс æмæ цæ мæстæй марыс. Нартæ Сосланы дæр фæрсынц:

– Ды та цы зæгъдзынæ, Сослан? Ныр æртыггаг хатт куы цæуыс Сырдоны хæдзармæ хуындуаты.

Сослан зæгъы:

– Мæнмæ дæр ницы ис уæлдай ныхас. Фыддзаг хатт æм уыдтæн æмæ мын загъта: æз дам иу лæджы нæ фæхонын. Стæй йæм Хæмыцимæ уыдтæн æмæ та мын сусæгæй загъта: «Æнæ æртæ лæгæй мæм цæмæн фæзындыстут?» Æз æртыггаг лæгæн акодтон Ацæйы ‘мæ нын цы ‘рывæрдта, уый мæнæ сæхæдæг куы дзурынц.

Сырдон зæгъы:

– Дæ сæр бахæрай, Сослан. Тæрхъусы мард уыди ‘мæ йын фыддзаг изæр йæ сæр бахордтай, дыггаг изæр – йæ гуыр, æртыггаг изæр та йын йæ бас бацымдтай. Дæхи бон нæ уыди иу тæрхъус бахæрын ‘мæ мæм иу бон Хæмыцы ‘ркодтай, дыггаг хатт ма Ацæйы дæр бафтыдтай. Æртæйæ уæ фæхынцыдтон æмæ уын бæсты дæр ницы цæуы. Нартæ, сымах мæн афæдзæй афæдзмæ иу хуынд фæкæнут, æз та уæ æртæ ‘хсæвы фæдфæдыл хынцын. Нартæн ницыуал гæнæн уыди Сырдоны ныхмæ. Уæд кæсынц æмæ Сырдоны гадза ‘сниудта. Нартæ фæрсынц:

– Цæуыл ниуы дæ гадза, Сырдон!

– Сымахыл.

– Махыл цæмæн?

– Цæмæн цæ, кæд дам уæ нæ уырны, æртæ лæгæй цæ фæхынцыдтон, уый, уæд дам рацæут æмæ цын сæ фынгтæ фенут, сæ хæрæнтæ ныр дæр ма æнæист ысты.

Сослан зæгъы:

– Уæд дын дæ сæр бахæрæд æмæ йæ цармы тыхт æрцу.

– Афтæ уæд,– зæгъы Сырдон.

Уалынмæ Сырдоны гадза ралыгъди. Йæ дзыхы тæрхъусы стæгдар афтæмæй. Сырдоны фæрсынц Нартæ:

– Дæ гадза та цы фæхæссы Сырдон?

Сырдон загъта:

– Сослан æмæ йе ‘мбæлттæ мæнмæ кæй бахордтой, гъеуыцы стæгдар. Ныр дæр уæ ма бауырнæд, тæрхъусы фыдæй цæ хорз федтон, уый.

Нартæ ныххудтысты, æндæр зæгъгæ ницы уал кодтой.

СЫРДОН ÆМÆ ЙÆ УС. (Æндæр вариант) Нарты лæппутæ Сырдоны дуæрттыл æрцæйцыдысты. Кæсынц Сырдон æмæ йæ усы митæм. Ус хæдзары дзаумæттæ ‘ддæмæ хаста, Сырдон та цæ мидæмæ хæссы, афтæмæй сæ цъæхахст цыди, хылкæнынц.

Нарты лæппутæ цæм дзæвгар фæкастысты ‘мæ уыцы бон æгуыст фесты.

Дыггаг бон дæр та рацæуынц Нарты лæппутæ æмæ цæ фыддæр хылгæнгæ раййæфтой æмæ та цæм кæсгæйæ баззадысты. Фегуыст та сты уыцы бон дæр æмæ та раздæхтысты. Æртыггаг бон дæр рацæуынц æмæ иуыл фыддæр хъæргæнгæ рыййæфтой Сырдон æмæ йæ усы, æгæр стæмæй кæрæдзимæ лæдзгуытæ систой. Æмæ загътой Нарты лæппутæ:

– Адон кæрæдзийы мардзысты ‘мæ уал цæм бакæсæм.

Фæкастысты та æмæ цыл баизæр и. Раздæхтысты та сæ хæдзæрттæм. Уæд цæ фæрсынц лæппуты сæ хистæртæ:

– Ныр æртæ боны куы фæцыдыстут æмæ куы ницы хæсгæ ‘ркодтат, куы ницы кусгæ, уæд-иу кæм уыдыстут?

Лæппутæ загътой:

– Дæлæ Сырдон æмæ йæ усмæ кастыстæм.

– Цы цæм кастыстут? Ус æмæ лæг никуы федтат?

– Ус æмæ лæг та куыннæ федтам, фæлæ диссаджы митæ кæнынц: ус æддæмæ хаста дзаумæттæ, Сырдон та мидæмæ, æмæ нæ фидауынц æртæ боны дæргъы, афтæмæй кæрæдзийы марынмæ ‘рцыдысты. Нæ бамбæрстам, цæмæн афтæ кæнынц.

Нарты хистæртæ, дисы бахаудысты ‘мæ цæм цыппæрæм бон уынынмæ ‘рцыдысты. Сырдон æмæ та йæ ус цъæхахсткæнынц: Уырызмæг цæ фæрсы: – Цæуыл кæрæдзийы тонут, уæ хъæрæй Нарты уынгты ацæуæн куынæуал ис?

Сырдон зæгъы йæ усæй:

– Хæйрæг æркодтам æмæ мæм нæ хъусы.

– Цæмæй дæм нæ хъусы?

– Къæвда кæндзæни æмæ мын мæ дзаума дуармæ хæссы.

Ус зæгъы:

– Æппындæр нæ уыдзæни къæвда æмæ мын дзаумæттæ хурмæ хæссын нæ уадзы Сырдон.

Уырызмæг зæгъы:

– Ныр цыппар боны хылкæнут, Сырдон, æмæ кæм и дæ къæвда уæдæ? – Къæвда уыдзæни,– зæгъы Сырдон,– уæлæ арвыл мигъты тымбылтæ ис.

Сырдоны ус зæгъы:

– Уыдон хуры мигътæ сты.

Сырдон зæгъы:

– Афтæ фæуæд, Нартæ мæм ныры хуызæн никуы æртымбыл уыдаиккой, ныр уæ ардыгæй цæугæ чи фена, уый зæгъдзæни: «Бæдæйнаг фæу, Сырдон, æгайтма Нарты уыйбæрцæй фæхуыдтай, ныр лæг дæ Нарты ‘хсæн!»

Нартæ фæрсынц:

– Уый тыххæй нæ ‘ркæсынкодтай уæдæ ныр цыппæрæм бон дæхимæ? – Уæдæ уæ мæ фыдæн фæлдисгæ кæнын, мыййаг, æмæ уæ уымæн æрæмбырдкодтон?!..

Хæмыц фæмæсты ис, кардæлвæстæй йæ басырдта, фæлæ Сырдон цъиу фестади ‘мæ ныппæррæстласта – ацу ‘мæ йæ ‘рцахс! Нартæ ма Сырдоны усæн бауайдзæфтæкодтой, стæй фæцыдысты.

Сырдон æрцыди ‘мæ фæрсы йæ усы:

– Цæй, Нартæ хъæстагæй фæцыдысты махæй, мыййаг?

– Чи – хъæстагæй, чи – худгæйæ.

– Уый ницы кæны уæдæ, дунейыл хур дæр не ‘ххæссы.

Цы ма загътаид ус дæр!

СЫРДОН ÆМÆ УÆЙЫДЖЫ ФЫРТ Уæйыджы фырт цуаны уыдис æмæ саг амардта. Саг коммæ асхъиудта ‘мæ иу дурджыны банцади. Уыцы рæстæджы Сырдон та йæ хæстæджытæй фæцæйцыди, æмæ саджы мард йæ разы февзæрд. Сырдон йæ фат æрдыныл авæрдта ‘мæ хъавæгау ныккодта.

Уæйыджы фырт æм дзуры:

– Фæлæуу! Ма фехс! Уый кæцы дæ?

Сырдон фембæрста: тæрсы уæйыджы фырт æмæ зæгъы:

– Де ‘взæр сæр иуырдæм, мæ саджы ‘мбал фæлидзы ‘мæ аирвæздзæни.

– Кæм фæлидзы?

– Дæ хæдзарыл мауал сæмбæл, комы хъæды баирвæзти. Цæй, æндæр хатт æм фæзындзынæн, ацы саг уал фаг у.

– Уый мæ саг куы у! – фæхъæркодта уæйыджы фырт.

– Кæцæй дæ саг у! Адон дыууæ уыдысты, иу дзы амардтон, иннæ дæ куысыфтæг сæры аххосæй аирвæзти, нæ мæ уыдтай?

– Ау, ацы саг иунæг куы уыди.

– Кæцæй иунæг уыди, йе ‘мбал, чи аирвæзти уый, чысыл дæлдæр ку’ хызти.

Нал фидыдтой дыууæ дæр, алчи саджы марды йæхи хуыдта. Хылмæ цæ бирæ нал хъуыди. Сырдон æмбæрста, тыхæй кæй ницы ахæсдзæни уæйыджы фыртæй уый, æмæ зæгъы:

– Хъус мæм уæдæ мæ ныхасмæ.

– Цавæр ныхасмæ?

– Мах нæ бафидаудзыстæм, фæлæ дын зæгъон мæ фæндон.

– Зæгъ.

– Ныр фæсæмбисæхсæв у. Æрулæфæм æмæ радтæм дзырд кæрæдзийæн; боны цъæхмæ нæ иу дæр йæ цæст нæ райгомкæндзæни. Хуыздæр фын нæ чи фена, уый фæуæд саджы мард.

Кæрæдзимæ радтой сæ къухтæ ‘мæ æрфынæй ысты. Сырдон хин æмæ кæлæнæй йедзаг уыд. Йæ кæрц феппæрста, быдыргъ тыхт æй акодта, цыма хуысгæ кæны, уый хуызæн. Йæхæдæг донбылмæ ныууади ‘мæ Донбеттырты кæстæртæн зæгъы:

– Уæ иу саг мæ хæдзармæ аскъæфæд, иннæ райсом уадындзæй ныууасæд æмæ йæ уæйыджы фырт куы фæрса, уæд-иу зæгъæд: «Æфсати йæ фосыл зылди мæ йæ саджы акодта».

Донбеттырты кæстæртæй иу саджы мард Сырдоны хæдзармæ аскъæфта. Сырдон та йæ кæрцы абырыди ‘мæ хуырхуыркæны. Уæйыджы фырт рæстæгæй-рæстæгмæ ракæсракæскодта, æмæ-иу Сырдоны ‘нцад хуысгæ куы федта, уæд та-иу уый дæр æрфынæй.

Бон дзирдзуркодта, афтæ Донбеттырты иннæ кæстæр уадындзæй ныууасыди. Уадындзы хъæрмæ уæйыджы фырт фестади ‘мæ дзуры Сырдонмæ:

– Уæлæмæ сыст, бон æрбарухсытæ ис!

Сырдон дæр æнæбарыгомау сыстади.

Уæйыджы фырт фæрсы:

– Цæй, цы фын федтай?

Сырдон зæгъы:

– Ницы ахæм. Цыма Нартæм æрцыдтæн, æмæ мыл Нартæ цытимæ ‘мбæлынц, æмæ цæ æз саджы фыдæй хорз федтон. Гъеуый дын мæ фын. Уæйыджы фырт зæгъы:

– Æз та федтон ахæм фын, цыма мæ зæдтæ сæхимæ ахуыдтой æмæ мыл уызæлыдысты. Фынгтæ тасыдысты алы хæринаг æмæ нуазинагæй. Цæст канд хæрдæй нæ, фæлæ сæ уындæй дæр æфсæст уыди.

Сырдон зæгъы:

– Дæ фын растдæр æмæ хуыздæр у. Æз дæн нæртон лæг æмæ хъуамæ раст зæгъон. Ахæсс дæ сырды.

Уæйыджы фырт акасти ‘мæ саджы мард уым нал. Зæгъы:

– Цы фæцис саджы мард?

Сырдон зæгъы:

– Дæ разы дæуæн уыди, цы хъуамæ фæуыдаид?!..

Уадындзæй цы лæппу уасыди, уый сæ уæлхъус февзæрди ‘мæ фæрсы: – Араджы цы хъæркæнут?

– Нæ саджы мард цыдæр фæци,– зæгъы уæйыджы фырт.

– Æфсати уадындзæй куы уасыди,– зæгъы Донбеттырты кæстæр,– уæд йæ фæндаг ауылты уыдис æмæ йæ йæхсæй рацавта ‘мæ йæ акодта. Сырдон зæгъы:

– Гъеуый дын, гъе! Дыууæйæ нын нæ комдзаг нæ дзыхæй фелвæста. Уæйыджы фырт зæгъы:

– Чердæм ацыди Æфсати?

– Ам комы мидæмæ.

Уæйыджы фырт йæ фæдыл арасти. Сырдон æмæ Донбеттырты лæппу худæгæй мардысты, стæй хæрзбон загътой кæрæдзийæн æмæ алчи йæхирдæм ацыди.

Сырдон сæхимæ рцыди. Саг цы лæппу ‘рхаста, уыимæ хорз фынг сарæзтой, стæй Донбеттырты лæппу рафардæг и.

Сырдон рамбылдта уæйыджы фырты. Саджы сæр æд сыкъатæ Сырдон йæ дуары сæрмæ сауыгъта æддæрдыгæй, цæмæй йæ Нартæ уыдтаиккой. Нартæй уыууылты чи цыди, уый фарста:

– Уæдæ Сырдонæн саг чи амардта?

Ахæм ничиуал баззади Нартæй, афтæ чи нæ бафарста. Стæй Сырдон саджы сæр мидæмæ бахаста.

Иу изæр Ныхасы бадынц Нартæ ‘мæ Сырдон зæгъы:

– Мæ саджы сæрæй уæ алчи дæр куы фарста, уæд мæм хуыздæр исты куы уыдаид, уæд та цы кодтаиккат?

– Уæд та загътаиккам: «Сырдон цæрын базыдта».

СЫРДОН ÆМÆ ИУДЗÆСТОН

Нартæй æддæмæ, Чынтæй дарддæр, иу тар хъæды хибарæй царди, Нартæй чи алыгъди, æмæ Чынтæ хъоды кæуыл бакодтой, уыцы Иудзæстон. Иудзæстонмæ Нартæ мæсты уыдысты, Чынтæ та йæ уарзгæ нæ кодтой йæ фыдмиты тыххæй æмæ йæ се ‘хсæнæй фервыстой.

Царди Иудзæстон тар хъæды йæ ус æмæ йæ чызгимæ.

Уæд айхъуысти Иудзæстоны чыззы кой. Иудзæстон арæх цыди балцыты, йæ чыззы-иу ыскодта лæппуарæзт æмæ йæ йемæ кодта. Кæмыты уыдаид Иудзæстон – алы ран дæр йæ чыззы хорз кой хъуысти. Æрыхъуыстой йæ Нартæ ‘мæ Чынтæ дæр, фæлæ ничи зыдта Иудзæстон кæм цæры, уый. Зылдысты алы рæтты, алы бынæтты, фæлæ никуы ницы ардтой.

Нартæ хæснаг æрывæрдтой: Иудзæстоны чи ‘ссара ‘мæ йын йæ чыззы къухдарæн чи ‘рхæсса, уымæн лæваркæнæм хæдзарон сæр фосæй. Зылди алчи дæр, фæлæ никуы ницæуыл æмбæлди.

Сырдон дæр аивтæй, Нартæй æмæ йæ Чынтæй куыд ничи базыдтаид, афтæ зылди Иудзæстоны фæдыл. Нал æхсæв зыдта, нал бон.

Иу райсом уыцы тархъæды фæцæуы ‘мæ ауыдта уобау ызмæлгæ. Уалынмæ дуар фегом, æмæ Иудзæстон рахызти. Сырдон базыдта Иудзæстоны ‘мæ йæхи мæгуыргуры арæзт акодта, сæр уырдыг æруагъта, йæ боцъотæ ралвыдта ‘мæ рацæуы. Донбыл æрлæууыди ‘мæ йæхи æхсы. Иудзæстон, йæ чызгимæ та балцы цыдис, æмæ ауыдтой Сырдоны. Нæ йæ базыдтой чи у, уый, мæгуыр лæг æй фенхъæлдтой, æмæ дзуры Сырдонмæ Иудзæстон:

– Куыд раджы ’хсыс дæхи, мæгуыр лæг?

Сырдон фæзылди цæхгæр æмæ зæгъы:

– Цы бакæнон, фарн æхсад лæгмæ кæсы.

– Ахæм фарнæй цæрæн нæй, фæлæ чи дæ? Кæдæм у дæ фæндаг? – Лыгъдлæг дæн Нартæ ‘мæ Чынтæй.

– Цæмæн дæ лыгъдлæг?

– Нарты Уырызмæджы хъуджы Чынтæ бахордтой. Æз æнхъæл уыдтæн æмæ мын Уырызмæг ныббардзæни, фæлæ кæм! Хъуджы æз хызтон æмæ мæ надæй хорз федта, стæй загъта: «Цалынмæ мæ хъуг кæм ис, уый зæгъай, уæдмæ дæ нæмдзынæн». Мæнæн гæнæн нал уыди ‘мæ загътон, Чынтæ йæ бахордтой зæгъгæ. Чынтæ дæр мæм ысмæсты сты, кæй цæ ‘схъæркодтон, уый тыххæй. Нал цæ иутæм уæндыдтæн цæрын, нал се ‘ннæтæм. Ралыгътæн æмæ айонг æрбахаудтæн. Нæ зонын, кæдæм ма фæцæуон.

– Уæдæ мæнау лыгъдлæг дæ ды дæр Нартæ ‘мæ Чынтæй.

– Ды хуыцауæй фæдзæхст у, фæлæ дзы мæ хуызæн бон никæуыл ма ‘ркодта.

Иудзæстон ахъуыдыкодта: «Ай дæр мæнау фæхауæггаг ис, ам мын куы ничи ис, цæй мæ цуры йæ ‘рцæрынкæнон».

Стæй та зæгъы мæгуыр лæгæн:

– Æз ацы бæсты иунæг цæрæг дæн. Нæ дæ фæнды ам баззайын? Сырдон зæгъы:

– Бæргæ, фæлæ æз балцылæгæн нæ бæззын, тыхгæнæг нæ дæн. Хæдзармæ зилын æмæ фос хизын у мæ бон, æндæр ницы.

– Мæн дæр ахæмæй хуыздæр ницы хъæуы хæдзары зылдтытæ кæндзынæ нæ сылыкъахимæ. Мæ чызг æмæ мæхæдæг та стæры цæудзыстæм.

– Кæд раст зæгъыс?

– Раст зæгъын.

Ныллæууыди Сырдон Иудзæстоны хæдзары. Иудзæстон æмæ йæ чызг та стæры фæцыдысты.

Сырдон хæдзардзинон куыстытæ райдыдта. Иудзæстоны сылгоймаг æм касти аивтæй, кæм сусæгæй, кæм æргомæй æмæ Сырдоны цырддзинад йæ зæрдæмæ фæцыди.

Изæры Иудзæстон йæ чызгимæ ‘рцыди æмæ кæмæйдæр фос ратæлæткодтой. Сырдон сæ размæ цырд рауади, афснайдта фосы ‘мæ бацыдысты хæдзармæ. Æхсæвæр ыскодтой, стæй ныххуыссыдысты. Сырдон хуыссыди иннæ хатæны.

Иудзæстон æмæ йæ ус ныхаскодтой. Уæд Сырдон ныхас хъуыста, йæхи худы зæронд фестынкодта, æмæ Иудзæстон кæм хуыссыди, уырдæм батылди.

Иудзæстон йæ усы фæрсы:

– Абоны мæгуыр лæг истæмæ арæхсы?

Ус зæгъы:

– Æгæр цырд дæр ма у, мæ зæрдæмæ фæцыди.

– Цæмæй?

– Хæдзарызылдтытæм тынг йæ хъус дардта. Фосмæ та ноджы хуыздæр касти.

– Уæдæ нæ фæрæдыдтæн?

– Нæ, ды цæрай, фæлæ мæгуыр у æгæр…

– Æмæ цы? – фæрсы Иудзæстон.

– Мæгуыр куынæ уаид, уæд æй нæхимæ бауыромиккам.

– Цæмæй?

– Чи зоны нæ чыззы дæр ын радтиккам, ахæм хæдзардзин куы уа, уæд.

– Ноджы уал æй базонын хъæуы.

Сырдон, уыцы ныхæсты фæстæ худы зæронды хуызы фæстæмæ рацыди йæ бынатмæ ‘мæ ‘схуыссыди, стæй загъта: «Фæлæу, Иудзæстон, нал мын фæцæудзынæ».

Дыггаг бон дæр та тынгдæр йæ хъус æрдардта Сырдон хæдзармæ ‘мæ та Иудзæстоны усы зæрдæмæ тынгдæр фæцыди. Изæры та куы ’рцыди Иудзæстон йæ чызгимæ, уæд та фыддæр æппæлд байдыдта ус йæ лæгæн. Иудзæстон зæгъы:

– Дыууæ боны номыл лæг лæджы фаг нæма базоны, багæдзæ уал кæн.

Æртыггаг бон дæр Иудзæстон æмæ йæ чызг стæры фæцыдысты. Сырдон та хæдзары митæ кодта. Иудзæстон йæ чызгæн зæгъы:

– Аздæхæм æмæ аивæй хъахъхъæнæм нæ хæдзармæзилæджы, кæддæра дæ мад æцæг раст зæгъы.

Раздæхтысты. Сырдон цырдæй кусы, стæй та фосы куыст бакодта. Иудзæстон зæгъы йæ чызгæн:

– Раст у дæ мад, хорз кæсы хæдзармæ уыцы мæгуыр лæг. Чызг зæгъы:

– Хæдзары уæвæг, хæдзары сафæг кæд ахæм цырд у, уæд стæры дæр хъуамæ бæззид.

– Уый хорз уаид бæргæ.

– Мæ бар æй бауадзут иу æртæ хатты.

– Сургæ йæ кæныс? – афарста йæ чыззы Иудзæстон.

– Нæ, фæлæ йæ мемæ стæры иу æртæ хатты акæнон, æмæ йын йæ миниуджытæ базондзынæн.

Сразы ис Иудзæстон. Изæры ‘рцыдысты, сæ фæнд усæн бамбарынкодтой. Чызг зæгъы йæ ныййарджытæн:

– Мæ фыд, ды дæхи рынчынæфсон ыскæн. Мæ мад, ды та рынчынмæкæсæг ыскæн дæхи мæ зæгъут: «Сауфурды был хизы сæрджын саг æмæ ‘мæ йæ игæр куы уаид, уæд фервæзин». Æз æй мемæ акæндзынæн æмæ йын базондзынæн йæ лæгдзинад.

Цыппæрæм бон куыддæр æрбабон ис афтæ Иудзæстон йæхи æрбарынчын кодта æмæ цыма мæлæты къахыл ныллæууыди, йæхи афтæ дары. Йæ чызг æй фæрсы:

– Уæ, мæ фыд! Бирæ бæстæтыл куы фæхаттæ, уæд æппын нæ зоныс искуы, цæмæй фервæзай, ахæм хос?

Иудзæстон зæгъы:

– Бæргæ мын ис хос. Сауфурды был хизы сæрджын саг æмæ мæ йæ игæр ку’ уаид, уæд фервæзин. Фæлæ чи ис ахæм, æмæ уырдæм чи ацæуа. Чызг зæгъы:

– Æз ацæудзынæн, æмбалæн та мæгуыр лæджы акæндзынæн, уæддæр дзы мæ мад тынг æппæлы æмæ йын фенон йæ цырддзинад.

Сырдонæн нæ зæгъын йæ бон нæ уыди. Араст Иудзæстоны чызгимæ Сау фурды былмæ. Цæуынц. Сынтæф цыл кодта. Æмæ Сырдон зæгъы: – Тæхуды, мæхи доны куы ахуылыдзкæнин.

Чызг дæр ысразы æмæ иу цады былыл æрулæфыдысты. Чызг цадæн иннæ фарс æрлæууыди, Сырдон та ацы фарс. Сæ дарæс раластой. Чызг йæ къухдарæн дурыл æрывæрдта. Сырдон ыскуывта:

– Хуыцау, ацы чызг цадмæ куы бахиза, уæд дымгæ цы рацæуа. Йæ куывд æрцыди. Чызг донмæ куыддæр бахызти, афтæ дымгæ ‘рбафутласта. Сырдон цъиу фестади, къухдарæн фелвæста ‘мæ Нартæм ратахти. Зæгъы цын:

– Иудзæстоны чыззы къухдарæн æрхастон.

Нартæ ныддискодтой æмæ стæй зæгъынц:

– Хæдзарæн сæр дын йæ фосæй алчи дæр раддзæни ‘мæ ахæсс къухдарæн, радт æй, стæй дын цæмæй кад ыскæнæм уый тыххæй Иудзæстоны чыззы сæры астæу цы иу урс хил ис, уый нын æрхæсс. Сырдон та маргъ фестади ‘мæ йæ бынатмæ атахти. Æрывæрдта дурыл къухдарæн. Уый фæстæ араст ысты.

Федтой Сæрджын саджы. Чызг æй фатæй фехста, æмæ саг мидмард фæци. Акъæртт æй кодтой æмæ йын йæ игæр рахастой. Сырдон чыззы цæстмæ цырд митæ кодта. Æрцыдысты сæ бынатмæ. Радтой игæр. Дыггаг бон дæр нæма сыстади Иудзæстон. Йæ чызг æй фæрсы: – Уæззау ма дæ?

– О, удæй тас мын нал у, фæлæ ма мæ мæ ныфс к’ уаид. Саукомы цæры сæгуыт æмæ мæ уый игæр к’ уаид. Фæлæ Саукоммæ æнцон цæуæн нæу.

Чызг та зæгъы:

– Æз та цæуын мæгуыр лæгимæ.

Араст ысты Саукоммæ Иудзæстоны чызг æмæ Сырдон. Уыди тынг æнтæф, æмæ Сырдон зæгъы:

– Иучысыл бæласаууон ку’ аулæфиккам.

Чызг ысразы æмæ иу бæласы бын æрулæфыдысты. Сырдон йæ худ систа. Чызг дæр йæ сæр райхæлдта. Сырдон урс хилмæ фемдзасти ‘мæ зæгъы:

– Дæ хуызæн цырд чызг зæронды хуыз райса, уый туг-тæригъæд у. – Цæмæй дæн æз зæронд?

– Урс хил – зæронды нысан, æмæ дæ сæры тæккæ астæу æрзади. Чызг кæсæны акасти ‘мæ йæ сæры астæуæй ыстыдта урс хил. Æмæ йæ аппæрста, стæй сыстади, йæ быны пæлæз æркодта ‘мæ йæхи дзæбæх æруагъта. Сырдон ыскуывта:

– Хуыцау, ацы чызг кæм афынæй уа.

Сырдоны куывд æрцыди. Чызг ысхуырхуыркодта. Сырдон ын йæ урс хил фелвæста, маргъ та фестади, æмæ Нартæм ратахти ‘мæ зæгъы Нартæн:

– Мæнæ уын йæ урс хил Иудзæстоны чызгæн!

Нартæ йæ æруыдтой æмæ зæгъынц:

– Раст у Сырдон. Ахæсс фæстæмæ ацы хил, кæм æй аппæрста, уым æй æрывæр, дæ кад дæр дын ыскæндзыстæм, фæлæ ма нын сараз иу хъуыддаг.

– Цы хъуыддаг ма у? – фæрсы Сырдон.

– Иудзæстон кæм цæры, уый нын базон æмæ Нарты ‘ртæ хистæры фæстæ дæу ысхистæркæндзыстæм.

Сырдон та маргъ фестади ‘мæ атахти. Чызг ма кодта фынæй. Йæ урс хил ын аппæрста, кæм уыди уым.

Чызг райхъал и ‘мæ фæрсы Сырдоны:

– Бирæ афынæй дæн?

– Дæхимæ гæсгæ бирæ, мæнмæ гæсгæ – цъус.

– Уый та куыд?

– Уый та афтæ. Лæг тагъд никуы фæкæны. Тагъды фæцæуы сылгоймаг æмæ афтæ.

– Цæй, хорз, нæ фæндаг дарæм.

Араст та сты дарддæр. Бахæддзæ сты Саукоммæ ‘мæ федтой сæгуыт. Чызг та уый дæр амардта æмæ йын йæ игæр систой æмæ раздæхтысты фæстæмæ. Æрхæддзæ сты Иудзæстонмæ ‘мæ йын сæгуыты игæр бахæрынкодтой.

Æртыггаг бон чызг йæ фыды фæрсы:

– Куыд хатыс дæхи?

– Хорз хатын, æнæниз дæн, мæ ныфс ис ме ‘уæнгты, фæлæ ма мæ тых мæхимæ к уаид.

– Уый та кæцæй æрхæсгæ у?

Сауайнæджы сæр урс дзæбидыр. Уый мын исчи ку’ амарид, æмæ мæ уый игæр куы уаид хæрынæн, уæд бынтон сынæниз уаин.

– Уæдæ та мах уымæ дæр дыууæйæ ацæудзыстæм.

Чызг æмæ Сырдон араст ысты. Дзæвгар фæцыдысты ‘мæ иу хъæдрæбынмæ бахæддзæ сты.

Сырдон зæгъы:

– Гъех, гъеныр ам æрулæф ахсæв, уæд райсом дзæбидыр дæлиау æрцæуид æмæ ‘нцонæй бафтид къухты.

Чызг ысразы ‘мæ æхсæвиуат æркодтой. Æрфынæйтæ сты. Сырдон маргъ фестади ‘мæ Нартæм æртахти. Нартæ сæ Ныхасы изæрбадт кодтой, æмæ цын Сырдон зæгъы:

– Базыдтон Иудзæстон кæм цæры, уый.

– Кæм? – фæрсынц Нартæ.

Сырдон цын бацамыдта æппæтдæр, стæй зæгъы:

– Дыууæ боны фæстæ, цы хъæдæй зæгъынц, уырдæм æрцæудзыстут. Йæ хæдзары дуар ын сымах н’ ардзыстут. Æз хæзарæн мидæгæй тæккæ дуары цур фæндыр цæгъддзынæн, æмæ йæ уæд ыссардзыстут.

Нартæ бацинкодтой. Сырдон та маргъы хуызы ратахти фæстæмæ, æмæ чыззы кæм ныууагъта, уым балæууыди, тæккæ суадоны цур. Сæ фæллад уадзынц. Райсомраджы фестадысты мæ цъитийырдæм ысраст ысты. Ауыдтой дзæбидыры. Чызг та йæ амардта æмæ йын йæ игæр рахастой. Æрцыдысты Иудзæстонмæ, радтой йын дзæбидыры игæр æмæ йæ бахордта. Райсомы чызг фæрсы йæ фыды:

– Куыд хатыс дæхи, мæ фыд?

– Тынг хорз! – зæгъы Иудзæстон.

– Уæдæ афтæ кæм фервæзтæ, уым дын куывд æмбæлы,– зæгъы Сырдон.

– Раст зæгъыс, мæгуыр лæг, æмбæлы нын куывдкæнын дæр. Кусарт акæнут æмæ скуывдкæнон. Хонгæ кæй æркæнон, ахæмæй ам ничи цæры, цыппар уды стæм, æндæр нæ.

Сырдон зæгъы:

– Кусарт нæ, кусæртытæ кæнын дæ хъæуы. Хуыцау зонæг, фæлæ дæм уæд та цыты уазджытæ фæзынди.

– Цæй, уæд та ацы хатт дæ фæнд фæуæд. Акæн, цас дæ фæнды, уыйбæрц кусæртытæ.

Сырдон дæсгай галтæ ‘рбаргæвста мæ цæ бауæларткодта. Цалынмæ уыдон фыхтысты мæ фынгтæ цæттæкодтой, уæдмæ Сырдон Иудзæстоны фæрсы:

– Хатыр бакæн, мæ фысым, фæлæ цæмæн иунæгæй цæрыс ам? Иудзæстон зæгъы:

– Иунæгæй бæргæ нæ уыдтæн, æз цардтæн Чынты ‘хсæн æмæ цыл тыхкодтон цардæй. Уый цын хæрам уыд æмæ Нартимæ бадзырдтой, цæмæй мæ амарой. Нартæ куывд ыскодтой. Æрсайдтой мæ Чынты взагæй, фæрасыг мæ кодтой æмæ зæгъынц «Афон у!» Нæма бамбæрстон, цæмæй зæгъынц афтæ, фæлæ сæ кæрдты фындзтæ стæвдластой. Сæхи мыл ныццавтой æмæ мын мæ галиу цæст бындзарæй фелвæстой. Базыдтон хабар. Фæтæррæстластон, ралæууыдтæн цыл. Нартæй кæй цæнкуылтæ фæкодтон, Чынтæй та кæй маргæ. Уыйфæстæ ма мын уым цæй цæрыны фадат уыди. Æмæхсæвæджы сыстадтæн æмæ ардæм рацыдтæн. Гъеуый дын мæ хабар.

– Уæдæ ныр нал бафидауис семæ? – фæрсы Сырдон.

– Æххосджын уыдон ысты. Сæ рæдыдыл куы басæттиккой, уæд цæуылнæ.

‘Сцæттæ сты фынгтæ. Æвæрын райдыдтой хæрд, нозт. ыцы рæстæджы Нартæ ‘мæ Чынтæ рацæуынц. Æрбахæддзæ сты, Иудзæстоны чызг æмæ Сырдон сæхи цы цады надтой, уырдæм. Цад сабузта ‘мæ цын ахизæн нал уыди фаллаг фарсмæ. Сырдон къухдарæн цы дурæй систа, уыцы дур хид фестади æмæ уыцы фарсмæ ахызтысты. Цæуынц дарддæр æмæ сæ фæстæ адзырдта дур:

– Сырдонæн кувут, уый ‘руаджы ирвæзут.

Нартæ ‘мæ Чынтæ дисы бацыдысты ‘мæ цæуынц. Ахæддзæ сты, Сырдон æмæ чызг сæ фæллад цы бæласы бын уагътой, уырдæм. Сæ развæндаг тархъæд фестади. Ацæуæн цын нал ис. Уæд иу урсхил йæхи æрбаздыхтытæкодта, авд ивазыны уæрхæн бæлæстæ лыгтæкодта æмæ фæндаг гæрста. Нартæ ‘мæ Чынтæ уыцы фæндагыл ахызтысты ‘мæ цæуынц. Фæстейæ та цæм адзырдæуыди:

– Сырдонæн кувут, уый ‘руаджы аирвæзтыстут.

Тынгдæр дисы бацыдысты Нартæ ‘мæ Чынтæ. Сæ цыды кой кæнынц. Бахæддзæ сты суадоны цурмæ, Иудзæстоны чызг æмæ Сырдон сæ фæллад цы ран уагътой, уырдæм. Дарддæр фæндаг нал арынц. Уæд суадон раивылди ‘мæ фæндаг айгæрста, стæй йæ ивылд æрынцади. Нартæ ‘мæ Чынтæ иумæ цæуынц донвæндагыл. Ныххæддзæ сты иу, дардыл чи ныззылд, ахæм къуылдыммæ æмæ сæ фæллад уадзынц.

Сырдон фынгтæ байдзагкодта ‘ппæтæй æмæ Иудзæстонæн зæгъы: – Хистæр дæ æмæ ракув.

Иудзæстон райдыдта кувын æмæ фæйнæ банызтой. Уыйфæстæ дыггæгтæ дæр банызтой æмæ æртыггæгтæ ‘ркодтой. Уыдон дæр банызтой æмæ та ногæй æркодтой.

Сырдон зæгъы:

– Гъе, Иудзæстон, мæ хорз фысым. Афтид хæрд æмæ нуæзтæй нæу циндзинад, фæндыр ацæгъдын дæр хорз уаид.

Иудзæстон зæгъы:

– Мæ фыдæй мын баззади хорз фæндыр, фæлæ дзы чи ацæгъда, ахæмæй нæм ничи ис.

– Æрдавут ма йæ! – зæгъы Сырдон.

Чызг фæндыр рахаста. Сырдон фæндыры къæбæлтæ базылдтытæкодта мæ ‘рцагъта. Кæм ма уыдис Иудзæстон æмæ йæ бинонты цинæн кæрон. Фæндыры хъæр æрыхъуыстой Нартæ ‘мæ Чынтæ æмæ зæгъынц:

–Сырдоны фыдбылыз нæм хорз афон сиды.

Фæндыры хъæры фæдыл Нартæ ‘мæ Чынтæ цæуын байдыдтой æмæ ‘ссардтой, лæг уæлбæхæй кæм бахызтаид, раст ахæм бахизæн. Радыгай дзы бацыдысты. Акастысты, æмæ ауыдтой Сырдоны фæндырæй цæгъдгæ. Иудзæстон, йæ ус, йæ чызг та хъусгæ кæнынц.

Стæй Сырдон симд æрцагъта. Иудзæстон æрæмдзæгъдкодта, ма мад æмæ чызг та симынтæ систой.

Нартæ ‘мæ Чынтæ зæгъынц Ацæмæзæн:

– Фæхабар цæм кæн не ‘рцыд.

Ацæмæз дымгæйау атахти ‘мæ цæм бадзырдта:

– Фарн уæ бадты!

– Фæрнæйдзаг уай, Алæгаты кæстæр! Цы хур, цы къæвда дæ ‘рхаста?

– Мæн æрвитгæ ‘рчындæуыди.

– Кæмæй?

– Нартæ ‘мæ Чынтæй.

– Цы цæ хъæуы?

– Ардæм цæуынц, кæд цын бар ис, уæд.

Иудзæстон та фæрсы:

– Фидыды алдзæн, æви хæцгæ кæнынц?

Ацæмæз й’ арц æрсагъта зæххыл, йæ уарт ын йæ уæлæ ‘рцауыгъта, йæ фæттæ цыл банцойкодта æд æрдын.

Иудзæстон дæр раст афтæ бакодта ‘мæ бацыдысты кæрæдзимæ Ацæмæз æмæ Иудзæстон.

Ацæмæз зæгъы:

– Ныббар, хатыр уæд.

Иудзæстон дæр зæгъы:

– Ды дæр ныббар, хатыр курын.

Радтой сæ къухтæ, стæй Ацæмæз йæ уадындзæй ныууасыди. Нартæ ‘мæ Чынтæ фенкъуыстысты, фæстейæ цæм радзырдæуыди: – Сырдонæн кувут.

Фыддæр дисы бахаудтой Нартæ ‘мæ Чынтæ. Уалынмæ ‘рбахæддзæ сты. Зæххыл æрсагътой æрцытæ. Сæ цурты цын сæ уæрттæ æмæ сæ фæттæ дæр æрывæрдтой. Райдыдтой исын Иудзæстоны къух радыгай.

Иудзæстон цæ фынгтыл рабадынкодта ‘мæ иу рæгъ ракодтой, дыггаг, æртыггаг дæр.

Уæд цæм иу зæронд лæг æрбацыди ‘мæ ракуырдта нуазæн, стæй зæгъы:

– Бар мын радтут кувынæн.

Бар дын ис.

Зæронд лæг зæгъы:

– Æз кувын Нарты цæрæнбон. Аххосджын ысты Иудзæстоны раз уымæй, æмæ Чынтыл кæй баууæндыдысты. Ныр с’ азым зонгæйæ рацыдысты фидауыны охыл, æмæ цын æз бар радтон цады сæрты рахизынæн цардбæллиц чи кæны, уымæн хуыцау цард радтæд æмæ уæ цæрæнбонтæ бирæ уæд, зондджын Нартæ!

Зæронд лæг анызта мæ ацыди. Чысыл фæстæдæр та фæзынди дыггаг зæронд лæг. Райста нуазæн æмæ зæгъы:

– Ныхасы бар мын радтут.

– Зæгъ цы дæ фæнды, уый.

Дыггаг зæронд лæг зæгъы:

– Æз кувын Чынты цæрæнбон. С’ азым зыдтой Иудзæстоны раз æмæ цардбæллон уæд сæ цард. Амæй фæстмæ се ‘хсæн цæрæг куы уа, уæд æй хорзырдæм фæзмæг уæнт, хæрамдзинад цæм мауал уæд. Уæ зонд бæрзонд уæд, у амонд бирæ. Фæндаг цын хъæды æз радтон.

Анызта нуазæн æмæ ацыди уый дæр.

Цъус рæстæг рауади, æмæ æртыггаг зæронд лæг фæзынди. Райста нуазæн æмæ дзуры:

– Кувыны бар мын радтут.

– Бар дын ис.

Æртыггаг зæронд лæг зæгъы:

– Æз кувын Иудзæстоны цæрæнбоны тыххæй. Иудзæстон мæстæлгъæд у, афтæмæй маст нæ бахаста нæ дæр Нартæм, нæ дæр Чынтæм. Уый тыххæй цын фæндаг радтон æз суадоны цур. Цæрын æй фæнды адæмимæ мæ йæ цард сымахимæ хорз ацæуæд.

Анызта уый дæр йæ нуазæн æмæ ацыди.

Сырдон зæгъы:

– Махмæ ‘рбацыди æртæ хæрзгæнæджы. Амæй фæстæмæ æртæ фæткæн баззайæд алцæмæй дæр, царды, хъуыддаджы, куысты, фынгыл æмæ æппæт ран дæр.

Радтой кæрæдзимæ сæ къухтæ Чынтæ, Нартæ ‘мæ Иудзæстон. Уый фæстæ систой рæгъытæ ‘мæ минаскæнын.

Уырызмæг зæгъы:

– О, Иудзæстон, мах нæ рæдыд æргом зæгъæм, Чынты æвзагæй дæ кæй фæцджынкодтам, уый нын ныббар.

Чынтæй иу Чъырæ уыди, сыстади ‘мæ зæгъы:

– О, Иудзæстон! Мах дæр нæ рæдыд зæгъæм. Барæй дæ хъыгдардтам æмæ дæ Нарты къухæй фæаипкæнынкодтам, ныббар нын æй.

Иудзæстон зæгъы:

– О, Нартæ мæ Чынтæ! Æз дæр мæ рæдыд зæгъын. Цæрыны амæлттæ зыдтон, фæлæ зонд никæмæн амыдтон, æмæ уымæй рæдыдтæн. Хæлæг дæр мæм Чынтæ уымæн систы. Амæй фæстæмæ нæ хæрз-зонд кæмæ уа, уый йæ мауал хæлæг кæнæд бацамонынæн.

Иудзæстон, Уырызмæг æмæ Чъырæ иумæ банызтой, иннæтæ дæр афтæ. Уырызмæг зæгъы:

– Дæуæн ам иунæгæй уадзæн нал и, Иудзæстон хъуамæ немæ ацæуай.

Иудзæстон зæгъы:

– Æнæ лæвæрттæй нал фæцæудзынæн.

Иудзæстон алкæмæн дæр лæвæрттæ фæкодта – фос уæд, фæллой уæд – æмæ раздæхти Нартæ ‘мæ Чынтимæ.

Нартæ ‘мæ Чынтæ Иудзæстонæн иумæ куывд ыскодтой æмæ зæгъынц Сырдонæн:

– Нæ ныхас нæ сайæм, æртæ хистæры дæлейы дын бынат.

Сырдон æрбадти æртæ хистæры дæлейы, стæй зæгъы:

– Уæ иу дзырд сыххæсткодтат.

Уыйфæстæ Нартæ ‘мæ Чынтæ Сырдоны номыл нуазæнтæ рауагътой. ‘Скадджын æй кодтой.

Сырдон зæгъы:

– Уæ дыггаг дзырд дæр баххæсткодтат.

Уæд Нартæ Сырдонæн хæдзарæн хъуг радтой.

Сырдон зæгъы:

– Гъеныр уе ‘ртыггаг дзырды бар баххæсткодтат.

Уыйадыл Сырдон фосыл фæхæст. Иудзæстон та семæ цæргæйæ баззад.

СЫРДОН ÆМÆ БОРÆТЫ ЧЫЗГ Сырдон Нарты астæуты, йæ хæрæджы дзыхыл цъутта сæвæрдта, афтæмæй йæ фæкæны. Нартæ худынц æмæ зæгъынц:

– Цы ми кæны Сырдон, йæ хæрæгыл цъутта цæмæн ис?

Сырдон цæ фехъуыста ‘мæ дзуры:

– Дон нуазынмæ цæуы мæ хæрæг.

– Ау, уæд ма йæ дзыхыл цъутта та цæмæн ис?

– Цæмæн? Цæмæй дон фæрсудзгæйæ нуаза, кæннод дуртæ аназдзæни. – Цæмæй йын тæрсыс уымæй? – фæрсынц Нартæ.

– Й’ ахсæны дурты цæнд равзæрдзæни.

– Уадз æмæ равзæра.

– Æдылы стут, Нартæ. Дурты цæнд кæм уа, уым нæ хуымгæндæн бæззы, нæ хосгæрстæн.

Ацыди Сырдон йæ хæрæгимæ, фæлæ йын дон нæ бадардта, афтæмæй раздæхти фæстæмæ Нарты ныхасыл.

Нартæ йæ фæрсынц:

– Бадардтай дон дæ хæрæгæн, Сырдон?

– Бадардтон.

– Уæдæ йæ хæмхудтæ хуылыдз цæуылнæ сты?

– Донмæ не ‘рыххæсти.

– Цæуылнæ?..

– Æфсæрмыкодта.

– Кæмæй?

– Нарты зæрæдтæ дам Ныхасы баддзысты æмæ уыдонæй. Сæ разæй дам мæныл ныуазын не ‘мбæлы.

– Æмæ дæ хæрæг Нарты чындз у исты!

– Кæд сæ чындз нæу, уæддæр цын сæ чындзыты бирæ уарзы æмæ йæ уыдон куы зоной, уæд ыл былысчъилтæкæндзысты.

– Цæмæн?

– Нартæй зæнæг кæмæн нæ цæуы, уый сусæгæй мæ хæрæджы фæагуры. – Мæнг зæгъыс, Сырдон.

– Уæдæ бафæрсæм хæрæджы.

Сырдон хæрæджы фæрсы:

– Раст зæгъын, мæ хæрæг?

Хæрæг ныууасыди:

– И-о-о-о!!!

Сырдон Нартæн дзуры:

– Уынут «о», дам, «о»!

– Уæд дæ фæлдысты фæуæд.

Сырдон та зæгъы:

– Борæты чындзæн нырмæ ницы ис. Ацæут, донмæ йæ рарвитут, стæй кæсут мæ хæрæгмæ, æмæ фендзыстæм.

Нартæ Борæтæн дзурынц:

– Нæ хатырæй уæ чындзы донмæ рарвитут.

Борæтæ сæ чындзы рарвыстой къæртатимæ дон хæссынмæ. Сырдонæн йæ хæрæг æрмахуыр уыди дон ныуазынмæ æмæ дзуры йæ хæрæгмæ: – Уартæ дын æнæ сывæллонджын сылгоймаг.

Хæрæг йæ сæр разылдта Борæты чындзмæ. Хæрæг куыддæр къæртатæ ауыдта, афтæ ныууасыди ‘мæ донырдæм Сырдоны къухтæй йæхи атыдта. Борæты чындзы раз балæууыди ‘мæ зæгъы Сырдон:

– Уынут, Нартæ?!

Хæрæг Борæты чындзы къæртатæм лæбуры. Борæты чындз æй нæ уадзы мæ хæрæгимæ ‘схъуырдухæн ысты.

Борæты чындз хъæркæны:

– Баххуыс мын кæнут!

Сырдон ныххудти, стæй рацыди мæ йæ хæрæджы иргъæвы. Хæрæг йæ фæстæгтыл ыслæууыди мæ Борæты чындзмæ гæпкæны. Сырдон тыхтæ- амæлттæй йæ хæрæджы бауырæдта ‘мæ дзуры Борæты чындзмæ:

– Æгъдау фесæфтат, æфсæрмы нæ кæныс хистæртæй, фæлæ сæ цуры хъæркæныс.

Борæты чындз зæгъы:

– Ма мæ ‘схъæркæн, Сырдон. Цы мæ агурай, уый дын сараздзынæн. – Уæдæ мын дæ цæгатæй заинаг хъуг æркæн.

– Хорз! – загъта чындз.

Борæты чындз сæхимæ ‘ссыди, Сырдон та Нарты ныхасыл рацыди. Фæрсы та цæ:

– Нæма уæ уырны, Нартæ, мæ ныхас?

– Уырны.

– Уæдæ уæ чындзытæм æгъдау нал ис, æфсæрмы нал кæнынц, уый дæр федтат?

– Федтам, Сырдон.

Борæты чындзæн йæ лæг Сырдонæн зæгъы:

– Хорз нын фæдæ, Сырдон, æгъгъæд нын фæуæд.

Сырдон сæхимæ ацыди.

Борæты чындзæн йæ лæг ‘ссыди æмæ фæрсы йæ усы:

– Гъе, кæйдæр гадза, рагон лымæн дæ Сырдоны хæрæгимæ? Чындз фæтарсти ‘мæ дзуры:

– Мæ бындурыл, уый цытæ дзурыс?

– Цы федтон мæ цæстæй æрдæбон, уый.

– Никуы мыл æрцыди ай хуызæн хабар, бафæрсæм Сырдоны. Изæры Сырдонмæ фæдзырдтой. Сырдон зæгъы Борæты чындзæн: – Кæй загътай, уый мын радт.

Чындзмæ йæ цæгатæй æцæг хъуг хæссынмæ уыди ‘мæ йæ фæздон уагъта. Зæгъы:

– Мæ цæгатæй мæм хæссынмæ цы хъуг ис, уый дæу фæуæд, æрмæст мын раст дзуапп радт.

Сырдон загъта:

– Ма тæрсут, мæ хæрæг æрмахуыр уыди дон нуазынмæ, æмæ ды куынæ уыдаис, уæддæр æндæр искæмæн дæр бакодтаид афтæ. Мæнæн та хъуг нæ уыди, æмæ – уæ лæвар бирæ.

Ахæм дзуапп радта Сырдон æмæ заинаг хъуг æркодта йæхицæн.

СЫРДОНЫ ФÆДЗÆХСТЫТÆ

Сырдон Нартæн æмæ йæ бинонтæн дæр уыди фыдбылыз. Тухæнæй мардта искæй дæр æмæ йæ хæдзары дæр.

Иухатт Сырдон йæ усæн зæгъы:

– Цымæ цы кæнис, æз дын куынæ уаин, уæд?

Ус загъта:

– Цæрин, кæд мæгуыр уæд мæгуырæй, кæд хъæздыг, уæд та хъæздыгæй.

– Уый та цавæр дзуапп у?

– Ды кæй агурыс, ахæм дзуапп.

– Æз дæ раст дзуапп агурын.

– Уомæ цы, раст дын зæгъын: куыд мæ ‘рыййафа цард, афтæ йæ ‘рвитдзынæн.

Сырдон дзуры:

– Хорз уæдæ! Æвæддзæгæн æппæтзонæг дæр дæ?

– Æдылы дæр цæмæн уон!

– Дунейы сæфт æрцæудзæни, уый дæр зоныс?

– Ды йæ зоныс, æмæ ма мæн йæ зонын цæмæн хъæуы!

– Нæ, æз дын æцæг зæгъын,– дзуры Сырдон.

Ус зæгъы:

– Уомæ адæм кæм лæууой, уым уадз æмæ æз дæр фесæфон. Сырдон ныххудти ‘мæ та зæгъы:

– Дунейы сæфт сылгоймæгтæй у, æмæ сылгоймæгтæй ничи фесæфдзæни, лæгтæ сæфдзысты.

– Уомæ кæд афтæ у, уæд чи дæуæй хуыздæр, чи та дæуæй сæфтдæр. – Уомæ æз ку’ амæлон, уæд ницы кæны?

– Ницы. Адæмы хæрзæджытæ кæм уой, уым ды дæр фæлæудзынæ. Сырдон зæгъы:

– Нæ фæлæудзынæн дын нæ зæгъын æз дæр, фæлæ ма мын мæ удæгасæй суадоныдон дурыны ‘рбадав.

Ус дурын систа ‘мæ фæрасти суадонмæ. Сырдон æй расырдта ‘мæ йæ хъæуы кæрон раййæфта. Нæмынтæ йæ систа. Нартæ йæ баиргъæвтой, стæй йæ фæрсынц:

– Цæмæн нæмыс дæ усы?

Сырдон зæгъы:

– Зонд ын амонын!

– Æмæ зонд нæмгæйæ фæамонынц?

– Уæдæ куыд? Суадонмæ йæ ‘рвитын æмæ йын раздæр зонд куынæ бацамонон, уæд мын мæ дурын асæтдзæн.

– Уæд ын загътаис, дурын ма асæтт.

– Уæд ма йæ цы хъахъхъæнын хъæуы, фæлæ йæ ныр хъæуы. – Æмæ дурын куынæ асаста.

– Æз дæр æй уымæн нæмын, кæннод дурын ку’ асæтта, уæд йæ нæмын пайда нал у.

Ацыди Сырдоны ус суадонмæ, систа дзы ‘мæ йæ ‘рбахаста. Æрывæрдта йæ къонайыл. Æмæ æнæ исты дзургæйæ ус æнцад бады. Сырдон æй фæрсы:

– Цы мæм дæ цæсгом не ‘вдисыс, тигъмæ мæм цы бадыс?

Ус зæгъы:

– Хъуыдыкæнын, ды ку’ амæлай, уæд кæмæ кæндзынæн æфсæрмы ‘мæ кæмæ нæ кæндзынæн, уыууыл.

Сырдон зæгъы:

– Æмæ йæ нырма нæма базыдтай?

– Уæд ма йæ дæуæн дзурин? Никуы мын ницы загътай.

– Уомæ хъус,– зæгъы Сырдон,– цалынмæ ма æз æгас дæн, уæдмæ мæнæй кæн æфсæрмы, адæмæй – нæ. Æз ку амæлон, уæд та адæмæй кæн æфсæрмы, мæнæй – нал.

– Хорз, бахъуыды кæндзынæн дæ номыл ацы фæдзæхстытæ. – Ноджы ма дын фæдзæхсын цыдæртæ.

– Цытæ? – фæрсы ус.

– Хъусыс дзæбæх?

– О, хъусын.

– Тагъд уыдзæни мæ мæлæт æмæ-иу мæ хорз дарæсы ма баныгæн. – Цæуылнæ?

– Барастыр лæгты уымæн цæгъды, æмæ ‘взары хæрзты мæ æвзæрты. Хъалтæ хорз дарæсы уыдзысты ‘мæ зындонмæ цæудзысты, мæгуыртæ ‘взæр дарæсы уыдзысты – уыдон та дзæнæтмæ цæуыдзысты, ноджы ма… Ус фæрсы:

– Цы ма ноджы?

– Фæдзæхсын дæ.

– Цæмæй ма?

– Ку’ амæлон, уæд-иу мын мæ сæр рæстырдæм ма баныгæнынкæн. – Уæдæ куыд?

– Мæ сæр хъуамæ уа бынмæ æмæ мæ къæхтæ та хæрдмæ.

– Уый та куыд?

– Куыд вæййы, афтæ.

– Искуы ма афтæ ныгæнгæ дæр æрцыди?

– Æрцæудзæни гъеныр, уымæн æмæ зæхх фæфæлдæхдзæни ‘мæ уæд мæ сæр фæуæле уыдзæни, къæхтæ та бынмæ фæуыдзысты, стæй ма ноджы… Ус та йæ фæрсы:

– Цы ма ноджы?

– Хъусыс?

– Хъусын.

– Мæ размæ дын цал лæджы уыди?

– Нырма ды иу.

– Æмæ дæ ногæй чындзы цæуын хъæудзæни.

– Уомæ ацæудзынæн.

– Ацу дыггаг лæгмæ, фæлæ ма ноджы…

– Цы та у?

– Лымæнтæ дын уыди?

– Ды иу.

– Уомæ иу мæ фæстæ лымæн дæр ыскæн, стæй ма ноджы… – Цы ма?

– Куы мыл кæуай, уæд тынг ма фæриссын кæн дæхи, стæй ма ноджы…

– Цы ма зæгъыс?

– Фырмæстæй тæвд хæринаг ма бахæр.

– Хорз. Нæ бахæрдзынæн.

– Бузныг дæ уыдзынæн, фæлæ ма ноджы…

– Цы ма дæ ферох?

– Тавд хæринаджы фæстæ уазал дон ма баназ.

– Нæ баназдзынæн.

– Гæдæйнаг фæу, фæлæ ма ноджы…

– Цы ма зæгъыс?

– Къухæй хæссын мæ ма бауадз, фæлæ ма ноджы…

– Цы ма дæ ферох?

– Мæ ингæны алыфарс къæйтæ ма нывæрын кæн, афтид сыджыт-иу мыл ныккалынкæн, бамбæрстай?

– Бамбæрстон!

– О, æмæ ма ноджы…

– Цы та у?

– Куы мæлай, уæд мæ бæсты ацу ингæнмæ.

Ус зæгъы:

– Æз ма дæ фервæзон, уыййæддæмæ гъеныр дæр ацæудзынæн. Сырдон хъæрзын байдыдта. Иу бон йæхи амардта. Нартæ рымбырд ысты, фæлæ та ногæй хъæрзын райдыдта.

‘Сфæлмæцыдысты Нартæ Сырдонмæ цæуынæй æмæ загътой:

– Ацы хатт ма куы амæла, уæд æм мауал ныццæуæм.

Иубон Сырдон амарди, æмæ йæ ус кæуы.

Нартæй йæм ничиуал цыди, зæгъгæ та хъæрзын райдайдзæни. Фæстагмæ иугæйттæй цæуын байдыдтой, æмæ ‘рымбырд ысты Нартæ куыд фæстагмæ. Чырын ыскодтой Сырдонæн æмæ фæрсынц Сырдоны усы: – Йæ дарæс кæм ысты?

Сырдоны ус цæм рахаста бызгъуыртæ ‘мæ зæгъы:

– Адоны ныгæнын кæны йæхи, тынг мын фæфæдзæхста.

Нартæ йыл ыскодтой бызгъуыртæ, стæй та уæд зæгъынц:

– Кæм æй ныгæнæм?

Иутæ зæгъынц:

– Нæ уæлмæрдты цур ын бынат нæй, хынджылæгкæндзæни мæрдтæй. Иннæтæ зæгъынц:

– Хъæды йæ баныгæнæм.

Æндæртæ дзурынц:

– Доны был æй баныгæнæм æмæ тагъддæр бамбийа, кæннод нæ йæ тæф фесафдзæни.

Баныгæнынæн ын ингæн ыскъахтой доны был. Ус дзуры:

– Къæйтæ æвæрын нæ уагъта йæхицæн.

Нартæ зæгъынц:

– Уæдæ йын фыддæрадæн къæйтæ нывæрут.

Нывæрдтой къæйтæ. Ус та зæгъы:

– Ингæнмæ йæ къухæй ма ахæссут, ласгæ йæ акæнут, афтæ фæдзæхста.

Нартæ загътой:

– Уæдæ кæд афтæ у, уæд æй къухæй ахæссут.

Систой Нартæ чырын æмæ йæ къухæй ахастой. Баныгæдтой йæ ‘мæ фæцыдысты сæ хæдзæрттæм. Рацыди цасдæр рæстæг, æмæ Сырдоны ус худы, йæхи хъæлдзæг дары. Нартæ йæ фæрсынц:

– Дæ лæг амарди, ды та хъæлдзæг дæ.

Ус зæгъы:

– Афтæ мын фæдзæхста, мæ фæстæ дам дæхи ма фæриссынкæн. Уый йын зындæр уыдзæн.

Сырдоны ус иугæндзон масткодта æмæ ныффæлахс, ныцола, ныммæллæг и. Уазал хæринæгтыл бафтыди хæрыныл.

Нартæ та йæ фæрсынц:

– Тæвд хæринаг хæр, кæннод фæфыдхуыз дæ.

Ус зæгъы:

– Нæ лæг мæ фæдзæхсгæ кодта.

– Ма йæм хъус, уый цæмæй риссай, уый дын бакодта.

Ус тæвд хæринаг хæрын райдыдта æмæ-иу стæй уазал дон нуæзта мæ йæ дæндæгтæ риссын байдыдтой.

Нартæ та фæрсынц:

– Цæмæн нуазыс уазал дон тæвд хæринаджы фæстæ?

– Нæ лæг мæ афтæ фæдзæхста.

– Гъемæ дæхи ныннизджынкодтай, фæлтау афтæ мауал кæн. Ус байхъуыста Нартæм, фæлæ уæддæр цæугæ никæимæ кодта. Нартæ йæм хатынц:

– Ды та лымæн ыскæн, кæд моймæ нæ цæуыс, уæд æмæ дæ цард фенцондæр уа.

– Нæ лæг мæ фæдзæхста, цæмæй лымæн ма ‘скæнон.

– Уæдæ фæрæдыдтæ.

Байхъуыста та Сырдоны ус æмæ Хæмыцимæ лымæн ыскодта. Хæмыц зæгъы иу бон Сырдоны усæн.

– Лымæны цардæй цы кæнæм, фæлтау мын бинойнаг у.

Ус зæгъы:

– Нæ лæг мæ фæдзæхсгæ кодта.

– Дæ лæг афонмæ донгæлмытæ хæрынц, цы йæм хъусыс.

Бацардысты Сырдоны ус æмæ Хæмыц иумæ.

Сырдон ныгæд кæм уыд, уыцы ран Донбеттырты сывæллæттæ хъазыдысты гуыппырæй. Уæд кæрæдзийы фесхуыстой æмæ Сырдоны ингæны фæрсгæй рахаудта. Сывæллæттæ чырын ауыдтой æмæ йæ сæхимæ аластой. Сырдоны Донбеттыртæ адзæбæхкодтой, цасдæр уым фæцис. Иу бон æрымысыди Нартæм цæуын æмæ зæгъы:

– Мæ хæдзар куы бабæрæгкæнин.

– Бар дæ ис, Сырдон,– загътой Донбеттыртæ.

Сырдон рацæуы æмæ ‘хсæвыгон сæхимæ ‘рцыди. Бакасти сусæгæй æмæ диссæгтæ уыны. Хæмыц æмæ Сырдоны ус дæларм-уæлармæй адджын фынæй кæнынц. Ницы ‘сдзырдта Сырдон, фæлæ раздæхт. Хæмыцæн сæ хæдзары йæ хæрæфырт-чызг уыди æмæ уырдæм ацыд. Чыззы хи найгæй сыййæфта Сырдон. Бацыди чызгмæ æмæ, чызг ныхъхъæркæнынмæ куыд хъавыди, афтæ йын Сырдон йæ дзыхыл фæхæцыди æмæ йæм дзуры: – Хъæр ма кæн, чызг, Хæмыц мæ усæн цы диссæгтæ уынынкæны, уыдон дын бамбарынкæнон.

Чыззы Сырдон йæ уатмæ баппæрста ‘мæ йын батыхкодта.

Æмбисæхсæвты Хæмыц сæхимæ ‘сцæйцыди, æмæ йæ Сырдон базыдта. Йæ бызгъуыр дарæс акодта мæ афардæг и.

Хæмыц бацыди ‘мæ ныххуыссыди, йæ хæрæфырты дæр нал абæрæгкодта.

Сырдон сæхимæ ‘рцыди ‘мæ бахоста дуар. Ус æм радзырдта: – Кæцы дæ?

– Æз, мæнæ мæрдтæйдзæуæг.

– Æмæ ацафон чи фæцæуы?

Сырдон зæгъы:

– Ацафоны фæцæуынц сылгоймаджы лымæн лæгтæ, æмæ сылгоймаджы удхæсджытæ.

– Уомæ дæ мæнмæ цы хъуыддаг ис, саударæг усмæ?

Сырдон та зæгъы:

– Ныртæккæ ардыгæй дæ лымæн ацыд, федтон æй.

Ус фæтарсти ‘мæ дзуры:

– Мæнæн лымæн нæй, уый мæ лæг уыди.

– Уый та фыддæр. Саударæг ус мой нæма скæны æмæ дæм уымæн фæзындтæн.

Ус ыстарсти ‘мæ зæгъы:

– У-у-у, мацы дзур, фæлтау дын лымæнæй ныллæудзынæн. Сырдон та йæм дзуры:

– Кæд дæ лæджыхай Хæмыцы басабыркæндзынæ æмæ дæ лæгæн ницы кæна, уæд ма дын дæ уд уадзын.

– Ау, нæ лæг раджы амарди.

– Зонын æй. Фæлæ Хæмыц демæ уæларм-дæларм куы хуыссыди, уæд Сырдон сыстади мæрдтыбæстæй æмæ Хæмыцы хæрæфыртæн батыхкодта. Ныр хъуыддаг Хæмыц базондзæни ‘мæ Сырдоны мард ыскъахдзæни, æмæ йæ куыйтæн бахæрынкæндзæни. Ма бауадз Хæмыцæн къахын Сырдоны ингæн, кæннод дæхæдæг Сырдоны бæсты мæрдтæм бацæудзынæ ‘мæ зындоны цады хъиамæткæндзынæ.

– Хорз, мæ уд ма мын ныууадз æмæ дын уый тыххæй ныфс дæттын. – Сырдон йæхи нæ равдыста, кæмдæр дæлбынты ныххуыссыд. Æрбабони. Хæмыц дзуры йæ хæрæфыртмæ:

– Мæ дарæс ма мын æрбадæтт.

Чызг сыстади ‘мæ йæм бахаста йæ дарæс. Чыззы уадултыл цæссыджы фæдтæ зындысты.

Хæмыц æй фæрсы:

– Цы кодтай чызг?

Чызг ницы дзуры, йæ сæр ныууырдыгмæкодта ’мæ йæ цæссыгтæ ‘ркалдысты.

Хæмыц та йæ фæрсы:

– Цы кодтай, уый мын зæгъ?

Чызг зæгъы:

– Батых мын чындæуыди.

– Чи уыди? Цавæр лæг уыд?

– Сырддзаст, цыргъзонд, цыргъ боцъо æмæ цыргъ фындз лæг. – Цы дын загъта?

– Загъта афтæ,– дзуры чызг,– Хæмыц дам мæ усимæ дæларм-уæларм куыд хуыссы, уый дын бацамонон. Æз мæхи надтон æмæ мæ йæ хъæбысы ахаста хуыссæнуатмæ. Æмбисæхсæвмæ мæ сыстын дæр нæ бауагъта. – Цавæр дарæс ыл уыди?

– Бызгъуыртæ.

Базыдта Хæмыц, уый Сырдон уыди уый, фæлæ ингæнæй куыд рацыди? Ацыди Сырдоны усы бафæрсынмæ. Хæдзармæ йæм комкоммæ бацыди ‘мæ йæ фæрсы:

– Исчи дæм уыди?

– Ничи, мæ мæрдтыстæн.

– Сырдон мæрдтæй сыстади ‘мæ мын мæ хæрæфыртæй фæхынджылæгкодта. Ныр ын хъуамæ ингæнæй йæ мард сисон æмæ йæ гæбæр куыйтæн бахæрынкæнон.

Ус дзуры:

– Уæ, ма бакæн уыцы ми, фæлтау мын мæхи бахæрынкæн.

– Цæмæн?

– Удхæссæг мæм дзырдта, æмæ Сырдоны ингæныл исты куы ’рцæуа, уæд æз уый бæсты мæрдтæм бацæудзынæн.

– Ды мемæ уыдзынæ.

– Æмæ ма мæнæй мардæй цы кæныс, удæгас куынæ уал уон, уæд? – Мæ маст дзы сисдзынæн.

– Уæд æз та кæмæй сисон мæ маст, саударæг куы дæн, нырма мыл афæдз нæ рацыд, æмæ ды æрвылæхсæв мæ цуры куы вæййыс.

Хæмыц фæхъуыдыкодта, стæй зæгъы:

– Сылгоймаг хæйрæджы хос у, йе ‘взаг та йæхицæй æртывæр карздæр у. Дæ хатыр ын фæуæд.

Сырдоны ус зæгъы:

– Мæн дæ ныхæстæ нæ уырнынц.

– Цæуылнæ? – фæрсы Хæмыц.

– Уымæн æмæ нæртон лæг ныхас куы кæны, уæд дзуары бын, кæнæ ардхæрæн бынаты.

Хæмыц ацыди Сырдоны усимæ Сырдоны ингæнмæ. Уым ард бахордта: – Уæд æз мæрдты бæхæй фæцæуон дæуæн, Сырдон, кæд дын мæ маст нæ ныббардзынæн.

Раздæхтысты фæстæмæ. Хæдзары ‘рбаййæфтой Сырдоны. Хæмыц фæмæсты ис, фæлæ й’ ард йæ зæрдыл æрбалæууыди ‘мæ зæгъы:

– Ох, цæй зын дæ, ардбахæрд!

Сырдон худы ‘мæ зæгъы:

– Ницы кæны, Хæмыц, ды дæхæдæг кæм батыхкодтай мæ хъугæн, уым æз дæ дыгæрдыгæн батыхкодтон æмæ йын цæмæй тæрсыс. Хъуг базаинаг уыдзæн, фæлæ дыгæрдыгæн фыддзаг ыссыдæй ницы уыдзæн, æмæ нæ мæстытæ ферохкæнæм.

Хæмыц дæр ма цы загътаид, аххосджыны бынаты бахаудта, æрмæст ма зæгъы:

– Уæддæр мын истæмæй фиддзынæ ды мæ мæстытæ.

Сырдон дзуры:

– Афтæ-иу мæ уадз, уыййæддæмæ дын мæстытæ бирæ дæр ыскæндзынæн. Ныр та дæ фæдзæхсын, мæ хъугæй цы рæуæд райгуыра, уымæ-иу æрцу мæ йæ акæн й’ афоныл.

Хæмыц рафардæг и мæстæй мæлгæ. Фæсмон кæны й’ ардбахæрдыл. Сырдон фæрсы йæ усы:

– Мæ фæдзæхстытæ мын иууылдæр сыххæсткодтай?

– О, низджындæр ма фæдæн.

– Цæмæй?

– Цæмæй, цæ, хинæй мыл рацыдтæ, æмæ уымæй. Ды дæхицæн Хæмыцы хæрæфыртимæ хъаны цард кодтай, æз та фыдæбоны хай бадæн.

– Уымæн æмæ Хæмыцæй лымæн ыскодтай, дæ саутæ нæма систай, афтæмæй дзы мой ыскодтай.

– Адæм мын загътой.

– Ау, ус мæнæн уыдтæ, æмæ адæмы коммæ та кæсгæ кодтай? Фæрæдыдтæ æмæ ныр дæхæдæг цæйау нæ загътай, куы дæ фервæзин, уæд мæхæдæг дæ бæсты мæрдтæм бацæудзынæн зæгъгæ, уæд ныр мæ бæсты ацу. Мæрдтæ мæн сæхимæ нæ бауагътой.

– Уæдæ ма дæ мæн тыххæй рауагътой?

– О, загътой зæгъгæ, дæ ус дæ фæдзæхстытæ не ‘ххæсткæны æмæ йын йæхи æрырвит. Ацу ныр, æз та ма Нартимæ ацæрон.

– Ма мæ арвит, Сырдон, фæлтау мæ æндæр исты хуызы райс дæ маст, æз дæр дын хорз куы баххуыскодтон. Хæмыцæй дæ фервæзынкодтон, уыййæддæмæ дæ куыйтæн хæрынкодта, стæй ма йын дæхæдæг дæр маст ыскодтай. Мæхи та мын д’ амæлæты фæстæ низджын фæкодтай, тыххæй ма хилын мæ къæхтыл.

– Цæй уæдæ дын барст уæд,– загъта Сырдон æмæ та бацардысты.

ХÆМЫЦ ÆМÆ СЫРДОН

Хæмыц балцы цæуын ысфæндкодта ‘мæ барвыста Сырдонмæ: «Къуырибалц кæнын æмæ мемæ рацу».

Сырдон æм æрбарвыста: «Мæ бон нæу, æнæсæрæн дæн».

Хæмыц ысмæсты и Сырдонмæ æмæ йæм йæхæдæг бацыди, бадзырдта йæм:

– Ам дæ цы, Сырдон?

Сырдон йæхи ‘рбатыхта барæй æмæ хъæрзгæ рацыди. Хæмыц æй фæрсы:

– Цы фыд дыл æрцыди? Цы кодтай?

– Ахæм фыд дæ хæдзарыл дæр куы ’рцæуид, мæныл цы фыд æрцыд. Цы мæ кæныс?

– Къуырибалцы цæуын æмæ мемæ рацу.

– Æмæ æнæсæрæн дæн дын куы загътон.

– Кæдмæ афтæ уыдзынæ? – фæрсы Хæмыц.

Сырдон зæгъы:

– Уæддæр иу къуыри.

Мард дæ рабырæд, уæдмæ æз фæстæмæ дæр цæудзынæн.

– Æрцу! Куынæ мын æрхæсдзынæ!

– О, æнæсæрæн кæд нæ дæ, уæд та цы ‘срынчын дæ, æвзæрдзинад иуыл дæхи цы бакодтай, искæмæн дæр дзы авæр.

– Дæуæн дзы дæдтын.

– Мæн ницæмæн хъæуы.

– Уæдæ дæ æз дæр ницæмæн хъæуын дæ къуырибалцы, фæлæ ацу, дæхæдæг.

– Ницы та агурдзынæ?

– Ницы.

– Æппындæр?

– Алыбон цы фенай, уый-иу мын зæгъ.

– Цæмæн?

– Базонон æй, кæддæра раст дзурдзынæ.

– Æмæ рынчын куы дæ?

– Уымæн рынчын дæн æз дæр, къуырийы мидæг фыдæбон кæй кæндзынæ.

Хæмыц ницыуал загъта, фæлæ йæхи ‘сцæттæкодта ‘мæ арасти иунæгæй балцы.

Цæуы.

Сырдонæн иу ран уыдис хæлар æмбал. Хæмыц æм ысфæндкодта цæуын æмæ йæм ‘нæхъæн къуырийы дæргъы уыд æввонгæй фæбадыны зæрдæ. Сырдон дæр хин æмæ кæлæн уыди. Кæуылдæрты базыдта Хæмыцы фæнд æмæ йæхи фæраздæркодта йæ хорз æмбал Хъæлиимæ æмæ йын дзуры: – Хъусыс, Хъæли?

Хъæли зæгъы:

– Хъусын, Сырдон.

– Хæмыц дæумæ цæудзæни æмæ иу къуыри дæумæ цæрыны фæнд кæны, ды йæ алæбон кæн цуаны. Æз иу ахъуыздзынæн уæ фæдыл. Цы сырд амара Хæмыц, уымæн-иу йæ цармыл хæсгарддзæф фæкæ саджил æвæрдæй раззаг галиу къахы цур, стæй йæ къуырийы фæстæ мæхи бар уадз, ды-иу мацы зæгъ, ам дæн уый тыххæй.

Сырдонæн Хъæли ныфс бавæрдта Сырдон йæхи æрымбæхста. Уæд Хæмыц æрхæддзæ ис æмæ бадзырдта:

– Хъæли! Æддæмæ мæм ракæс!

Хъæли ракасти ‘мæ Хæмыцы ку ауыдта, уæд зæгъы:

– О, уый Хæмыц куы дæ, цы хур, цы къæвда дæ ’рхаста? Хæмыц зæгъы:

– Афтæ фæзындтæн. Удыгас лæджы сæр цынæ бавзардзæни! – Раст зæгъыс, Хæмыц, рахиз нæм мидæмæ.

Хæмыц хæдзармæ бахызти ‘мæ хъуыдыкæны, цæмæй фыдми скæна Сырдонæн, уыууыл. Стæй ысфæндкодта хинæй рацæуын фысымыл æмæ Сырдоны асайын.

Хъæли фынг æрывæрдта, æмæ Хæмыц фæрсы:

– Æрæджы, æнхъæлдæн æмæ, Сырдон дæр ам уыди.

Хъæли зæгъы:

– О, уыди ам.

– Мæгуырæг, хъуамæ мемæ рацыдаид æмæ тынг æнæфæразгæ у. Хъæли хъуыддаг æмбæрста, йæхи мæтгæнæг ыскодта, фæрсы Хæмыцы. – Куыд у мæ хæлар, цæмæй мæллæг у, Нарт æй æдзух æфхæргæ фæкæнынц.

Хæмыц зæгъы:

– Мæнæй уый æхсæн ницы хæрамдзинад ис, мæ хуыцау ме ‘вдисæн. Кæнгæ дæр æй кодтон мемæ, фæлæ уæззау куы уыди, уæд æм уæлдай ныхас ницыуал ыскодтон, йæхæдæг æй хорз зоны.

– Æмбарын дæ, Хæмыц, мæнæн дæр Сырдоны хуызæн хæлар æнцонарæн кæм у.

– Æз дæр æй зонын, æфсымæртау цæрут уый, мемæ дæр æй уымæн кодтон, цæмæй нæ дæхæдæг федтаис иумæ цæугæ.

– Афтæ дæр дыл æууæндын, Хæмыц, фæлæ дын æппын ницы фæдзæхста?

Хæмыц зæгъы:

– Фæдзæхсгæ кодта.

– Цы, уæддæр?

– Цы куы зæгъай, уæд мын загъта, зæгъгæ дам цуаны цæугæйæ, алæбон цы уынай, уый-иу мын зæгъ. Æз æй фарстон, цæмæн æй хъæуы, уымæй. Уый загъта, кæддæра раст дзурдзынæ, æви нæ, уый базонын дам мæ фæнды.

Хъæли зæгъы:

– Гъемæ раст загъта, Сырдон гæды ныхасæй йæ удхæссæг уыны. – Уæ дзæбæх йæ бон, кæд иуыл гæды ныхас фæкæны. Æнæхъæн æртæ Нартæ дзы сау уынгæджы куы фесты.

– Уымæн æмæ уæ уый дæр афтæ уынгæджы у, йæхæдæг.

– Сайгæ нæ кæны.

– Уомæ уæ уый дæр сайы. Фæлæ уый уадзæм. Мæнæ исты ахæр. Хæмыц йæхи хорз федта ‘мæ фæрсы Хъæлийы:

– Кæд цуан кæнæм?

– Райсомæй раджы.

Æхсæвы ‘схуыссыди. Райсомæй раджы фестадысты Хъæли ‘мæ Хæмыц, сивтыгътой сæ бæхты ‘мæ Хъæли зæгъы:

– Уæллагкоммæ уал фæцæуæм.

Кæдæм зæгъыс, уырдæм цом! – зæгъы Хæмыц дæр.

Араст ысты Уæллагкоммæ. Фæцыдысты комы мидæг арф. Амардтой иу саг. Акъæртт æй кодтой æмæ йæ уæцъæфы фых* (*Уома уæцъæфы нывæрдтой мард сырды, уæрмгонд ын ракъахтой æмæ йыл уæлейæ арт скодтой (Б.Д.).) кæнынц. Чысыл фæстæдæр кæсынц æмæ зæххы бынæй сау фæздæг кæлы, хæрдмæ дзы Дæлæдзинтæ* (*Чысыл адæмы мыггаг, зæххы быны цæрджытæ.цæуынц æмæ хылкæнынц:

– Цæуыл нын нæ хæдзæрттыл арт бафтыдтат?

Хæмыц зæгъы:

– Мах мæнæ саджы фыд фыцæм, æндæр цæй арт бафтыдтам? Дæлæдзинтæ загътой:

– Уæ зынгæй нæ хæздæрттыл арт сирвæзти, æмæ йæ ахуыссынкæнут. Хъæли ‘мæ Хæмыц арт ахуыссынкодтой. Сæ саджы фыд бахордтой, стæй Хъæли зæгъы:

– Цæй, Сырдонæн уал нæ фыддзаг боны рацыд зæгъдзынæ. Хъæли саджы цармы раззаг галиукъахы цур хæсгарддзæф фæкодта ‘мæ царм бафснайдта, стæй æрцыдысты. Баулæфыдысты ‘хсæвæры фæстæ мæ ‘схуыссыдысты.

Дыггаг боны дæр та араст ысты цуаны Хъæли ‘мæ Хæмыц. Хъæли зæгъы:

– Ныр та Дæллагкоммæ фæцæуæм.

– Бар дæу, кæдæм зæгъай, уырдæм цæуын.

Араст ысты Дæллагкоммæ. Комы арф куы бацыдысты, уæд цæм иу къаннæг хъæу æрбазынди. Хъæуы алы-фарс хъæмп амад. Амардтой та иу саг æмæ йæ уæцъæффых кодтой. А ныр æрывналой хæрынмæ, афтæ хъæуы алыфарс цы цъынайы хъæмп амад уыди, уый ыссыгъди, хъæу рафæдискодтой æмæ хылкæнынц Хъæли ‘мæ Хæмыцимæ:

– У’ арт ахуыссынкæнут, кæннод нæ хъæу судзы.

Хæмыцитæ арт ахуыссынкодтой, æмæ цъына дæр ахуыссыди. Дис кæны Хæмыц: «Ай н’ арт сæ цъынамæ кæцæй бахæддзæ?» Хъæлийы бафæрсын нæ бауæндыди. Бахордтой та саджы фыд, цармы раззаг галиукъахы та Хъæли хæсгардæй фæсаджил кодта, стæй йæ бафснайдта ‘мæ рацыдысты изæры.

Æхсæвæры фæстæ та ныххуыссыдысты. Æртыггаг бон дæр сыстадысты ‘мæ ацыдысты цуаны.

Хъæли зæгъы:

– Саукоммæ ацæуæм.

Хæмыц дзуры:

– Цæуæм, кæдæм зæгъай, уырдæм.

Ацыдысты Саукоммæ. Арф бацыдысты йæ мидæг. Саг та амардтой æмæ йæ уæцъæффых кæнынц. Доны был цы чысыл хъæу царди, уыдоны хæдзæрттæй фæздæг ыскалди. Адæм хъæркæнынц Хæмыц æмæ Хъæлийыл: – Нæ хъæуыл нын арт бандзæрстат æмæ йæ ахуыссынкæнут. Ахуыссынкодтой с’ арт æмæ уæд хъæуы дæр ахуыссыди зынг. Стæй бахордтой саджы фыд. Цармы раззаг галиукъахы цур та Хъæли скодта хæсгардæй саджил æмæ рцыдысты сæхимæ. Æхсæвæры фæстæ та ныххуыссыдысты.

Ралæууыди цыппæрæм бон. Цæуынц та ногæй цуаны. Хъæли зæгъы: – Урс хохы дæр бабæрæгкæнæм.

– Бар дæу! – зæгъы Хæмыц.

Араст ысты Урсхохмæ. Бирæ фæцыдысты комы мидæг. Амардтой та саг æмæ йæ уæцъæффых кæнынц иу æндæр хъæуы кæрон.

Уæд адæм иу куыдзы расурынц. Куыдз Хæмыц æмæ Хъæлийы арты сæрты рагæпкодта, йæ къуди ‘ссыгъди ‘мæ кæй хæдзары смидæг вæййы, уыууыл арт сирвæзы. Адæм хылкæнынц Хæмыц æмæ Хъæлиимæ:

– У’ арт ахуыссынкæнут, фесæфта нæ.

Хæмыц æмæ Хъæли арт ахуыссынкодтой, уæд куыдзы къуди дæр нал сыгъди мæ хъæу фервæзти.

Бахордтой та саджы фыд. Сагдзармы раззаг галиукъахы цур та Хъæли хæсгардæй фæсаджил кодта ‘мæ рацыдысты сæхимæ. Æхсæвæр та скодтой æмæ ‘схуыссыдысты.

Райсомы та фæндзæм бон фестадысты раджы, æмæ Хъæли зæгъы: – Ныр та Хохыкоммæ фæцæуæм.

Хæмыц зæгъы:

– Ды – кæдæм, æз дæр – уырдæм.

Араст ысты Хохыкоммæ. Арф та бацыдысты. Амардтой саг ноджы мæ иу чысыл хъæуы дæллаг фарс саджы уæцъæффых кæнынц. Уæд иу ус сæрра и, йæ кæлмæрзæн систа ‘мæ йæ раскъæфы. Адæм æй ахсынц, фæлæ ахсын дæр нæ комы. Хæмыц æмæ Хъæлийы арты цурты ‘рбазгъордта. Кæлмæрзæныл арт сирвæзти, ус уынгты азгъоры æмæ та хъæуыл арт сындзæрста. Хъæуы адæм хъæркæнынц Хæмыц æмæ Хъæлийыл:

– У’ арт ахуыссынкæнут!

Уыдон дæр арт ахуыссынкодтой, æмæ хъæуы дæр арт ахуыссыди. Хæмыц æмæ Хъæли саджы фыд бахордтой. Сагдзармыл та Хъæли угард ыскодта раззаг галиукъахы цур æмæ рацыдысты изæры. Æхсæвæры фæстæ та ныххуыссыдысты ‘мæ бафынæй ысты.

Æхсæзæм бон ралæууыди. Фестадысты та дыууæ лæджы – Хæмыц æмæ Хъæли. Ацыдысты та сæ балцы. Хъæли зæгъы:

– Ныр та Быдырыкоммæ фæцæуæм.

– Кæдæмдæриддæр дæ фæнды, ацæуæм уырдæм,– зæгъы Хæмыц. Араст ысты Быдырыкоммæ. Йæ мидæг бирæ фæцыдысты. Саг та амардтой ноджы. Иу хъæдрæбын иучысыл хъæу æрынцади. Уый кæрон саджы уæцъæффых кодтой. Уæд дымгæ ‘рбадымдта, судзгæ сыфтæртæ систа мæ цæ хæдзæрттыл калы. Хъæу ыссыгъди. Адæм рафæдискодтой, хъæркæнынц Хæмыц æмæ Хъæлимæ:

– Ахуыссын кæнут у’ арт!

Уыдон дæр та арт ахуыссынкодтой æмæ хъæу фервæзти. Уым саджы фыд фæхордтой. Хъæли та цармыл, раззаг галиукъахы цур хæсгардлыг фæкодта ‘мæ рцыдысты сæхимæ. Æхсæвæры фæстæ ‘схуыссыдысты ‘мæ бафынæй ысты.

Ралæууыди æвдæм бон, Хæмыцы фæстаг бон. Сыстадысты ‘мæ та цуаны цæуынц.

Хъæли зæгъы:

– Ныр та Фæзтыкоммæ фæцæуæм.

Хæмыц дзуры:

– Фæцæуæм, кæдæм зæгъыс, уырдæм дæр.

Араст ысты Фæзтыкоммæ. Бирæ дзы фæцыдысты. Федтой та саг, амардтой йæ ‘мæ доны былмæ ‘рцыдысты. Хуыдтой æндæр хъæу. Сæ саг та уæцъæффых кодтой. Уæд иу лæг бæласы сæрыл бадти. Бæлас уыди хус, æмæ йыл арт сирвæзти. Лæг хъæркæны:

– Басыгътæн!

Адæм æрбамбырд ысты, фæлæ йын баххуыскæной, уый сæ бон нæ уыди мæ дзурынц Хæмыц æмæ Хъæлимæ:

– У’ арт ахуыссынкæнут!

Уыдон дæр арт ахуыссынкодтой, æмæ бæлас дæр нал сыгъди. Лæг æрдæгарыдтытæй аирвæзти.

Хæмыц æмæ Хъæли саджы бахордтой æмæ та ‘рцыдысты сæхимæ. Сагдзармыл та раззаг галиукъахы цур Хъæли банысанкодта хæсгардæй. Нывæрдта уыцы сагдзарм дæр иннæты цур. Æхсæвæр бахордтой æмæ ‘схуыссыдысты.

Ахсæвы Хæмыц хъуыдыкæны, хуыссæг æй н’ ахсы ‘мæ фæрсы йæхи: «Ныр куыд цæудзынæн Нартæм? Авд боны куы къулыбадæгимæ фæлеккакодтон, саджы фыд æм фæхордтон æрвылбон, æрмæст дзы маст æмæ хъыг цас æййафын, æндæр дзы удыбæстæ ницы уынын ам. Æртыты бын иу фесты хъæутæ, куы лæг, æмæ мæ уыдон тæригъæдæй Нартæм ницыуал ныххæддзæ уыдзæни. Ай цавæр фысым у, авд боны дæргъы дзы авд ныхасы фехъуыстон, цы коммæ-иу цыдыстæм уый ном загъта, æндæр ницы. Ныр мын кæд мемæ ницы радта, уæд мын сар йæ сæр кæны. Йæ сæр ын ралыгкæндзынæн æмæ йæ Сырдонæн ахæсдзынæн, æндæр мæ цы ‘нхъæлы?»

Бирæ рафтбафт фæкодта Хæмыц йæ хуыссæнуаты, фæлæ хуыздæр ницы рхъуыдыкодта. Уæдмæ ‘рбабон и. Фысым сыстади, Хæмыцы бæхы ‘рбаласта. Авд сагдзармы йын йæ фæсарцы саргъмæ бабаста, стæй дзуры Хæмыцмæ:

– Къæбæр бахæрæм.

Хæмыц та хъуыдыты ацыд æмæ ‘рбадти фынджы раз. Æнæбары цыдæртæ ахордта, стæй дзуры Хъæлимæ:

– Æз цæуын.

– Фæндараст фæ-у, мæ хæлар. Сырдонæн иу хорз арфæтæ ракæн мæнæй.

– Мæ бар æй уадз, Сырдоныл цы ’рцæуа, уый фехъусдзынæ ’ппæт дæр.

Хæмыц рацыди. Сырдон йе ‘мбæхсæнæй рахызти мæ зæгъы Хъæлийæн: – Дæ уазæг æгæр цæсты у.

Хъæли зæгъы:

– Мæ хуыцау ме вдисæн, кæд ын авд рæгъауы авд комæй нæ радтон. Фендзынæ сагдзæрмттæ.

– Уæд хорз, æз æй аййафон æмæ йæ раздæр ракъахдзынæн. Сырдон Хъæлийæн хæрзбон загъта ‘мæ рацæуы. Иу ран, дыууæ фæндаджы цур, хуыссыд Хæмыц. Сырдон зæронд лæджы хуызы бацыди Хæмыцмæ ‘мæ зæгъы:

– Дæ бон хорз уа, хорз лæг!

– Хорз дæ хай уæд, бæлццон.

– Хуыцауы тыххæй, нæртон лæджы каст куы кæныс, уæд цæуыл мæсты дæ?

Хæмыц зæгъы:

– Нæртон лæг бæргæ дæн, фæлæ мæстджын дæн.

– Уæд цæуыл? Зæгъ мын æй, чи зоны дын исты баххуыскæнын мæ бон бауа.

– Де ‘ххуыс мæ нæ хъæуы, фæлæ мын сар йæ сæр кæны.

– Уый кæмæн?

– Сырдонæн. Йе ‘мбалæй-иу æппæлыди, æз æм бæрæггæнæг фæцыдтæн æмæ дзы лæварæн хæссын, мæнæ авд сагдзармы, афтæмæй та авд хатты тæригъæдджын фæдæн æз уым, сæ хъæутæ цын-иу мæ зынг басыгъта. – Фенын ма мын кæн дæ сагдзæрмттæ.

– Дæ разы саргъы гоппыл ысты баст.

Зæронд лæг цæ федта ‘мæ зæгъы:

– Адон иу комы мард нæ уыдаиккой.

Хæмыц зæгъы:

– Авд комæй ысты.

– Ацу уæдæ ‘мæ Сырдонæн арфæтæ ракæн, хорз æмбал дын бацымыдта. Кæд дæ нæ уырны, уæд дын мæнæ мæ худ, уый дæ цонгыл æрывæрдзынæ æмæ æз кæм цæрон, уырдæм дæ ласдзæни дæ цонгæй, стæй уым дзурдзыстæм.

Хæмыц зæронд лæджы худ райста, йæ бæхыл ысбадти ‘мæ дарддæр цæуы. Зæронд лæг та йæхи Сырдон фестынкодта ‘мæ та рацæуы. Хæмыцы фæстæ Сырдон иу хъæдрæбын Хæмыцы йæ фæллад уадзгæ раййæфта. Сырдон та зæронд лæг фестади. Дзуры Хæмыцмæ:

– Дæ бон хорз уа, зæронд лæг!

– Хорз дæ хай уæд, дæуæн дæр.

– Нæртон лæджы каст куы кæныс, афтæмæй мæсты куы дæ. Цæмæн афтæ?

– Сырдоны тыххæй.

– Цы кодта Сырдон?

– Йе ‘мбалæй-иу æппæлыди! Æз æм ацыдтæн бæрæггæнæг æмæ мын авд сагдзармы радта, æндæр ницы. Ныр Сырдоны хъуамæ арты басудзон. – Фенын ма мын кæн дæ сагдзæрттæ.

– Дæ разы саргъы гопмæ баст ысты.

Зæронд лæг цæ федта ‘мæ стæй зæгъы:

– Цыма иу ран мард не сты.

– Авд комы мард ысты.

– Кæд афтæ у, уæд Сырдонæн арфæтæ ракæн, æвзæр æмбал дын нæ бацамыдта. Кæд дæ нæ уырны, уæд дын мæнæ мæ рон. Уый-иу дæ къухы дар. Кæм цæрон, уырдæм дæ кæндзæн. Æрбацу-иу мæнмæ æмæ уæд фендзыстæм.

Фæйнæрдæм фæцыдысты Хæмыц æмæ зæронд лæг. Зæронд лæг та Сырдон фестади ‘мæ зæгъы йæхицæн: «Иу хатт ма йæ бафæлварон». Хæмыцы та расырдта. Æрбаййæфта йæ суадоны цур йæ фæллад уадзгæ. Сырдон та ногæй йæхи зæронд лæг фестынкодта. Зæгъы Хæмыцæн:

– Дæ фæндаг раст уа, хорз лæг!

– Амондджын у ды дæр ‘мæ ‘гас æрцу!

– Нæртон лæджы хуызæн дæ ‘мæ уæд мæсты та цæуыл дæ?

– Нæртон бæргæ дæн, фæлæ мæсты та Сырдонмæ дæн.

– Цы дын кодта уагæр?

– Йе ‘мбалæй мын æппæлыди. Æз æй бабæрæгкодтон, æмæ мын радта авд сагдзармы, æндæр ницы. Ныр Нарты ‘хсæн фæхудинаг уыдзынæн æмæ Сырдоны хъуамæ тугæргæвст акæнон.

– Дæ сагдзæрттæ мын фенынкæн.

– Дæлæ саргъы гопмæ баст ысты.

Зæронд лæг цæ федта ‘мæ зæгъы:

– Цыма иу комы мард не сты.

– Авд комы мард ысты.

– Гъеуæдæ рамбылдтай. Сырдонæн арфæтæ ракæн. Кæд дæ нæ уырны, уæд дын мæнæ мæ хъама. Уый дæ къухы дардзынæ. Кæдæм дæ иваза, уым цæрын æмæ-иу мæм æрбацу. Стæй фендзыстæм. Дæ масты фæдыл ма ацу, уый нæртон лæгæн худинаг у.

Уыйадыл фæхицæн ысты дыууæ лæджы. Хæмыц сæхимæ рацæуы. Зæронд лæг та фестади Сырдон æмæ Хæмыцы разæй сæхимæ бафардæг и. Йæхи та ‘схъæрзæгкодта мæ ‘нхъæлмæ кæсы Хæмыцы фæзындмæ.

Хæмыц æрцыди сæхимæ. Йæ сагдзæрттæ райста ‘мæ цæ иу къуымы равæрдта, стæй мæстæй æрфынæй и.

Райсомы йæхи нæ равдыста Хæмыц Нартæм. Хæдзары бады. Изæрмæ фæбадти, стæй райста зæронд лæджы худ æмæ талынггæрæтты рацæуы. Худ Хæмыцы Сырдоны хæдзармæ ‘рбакодта. Хæмыц худ уæлкъæсæр æрцауыгъта ‘мæ раздæхти мæстæй мæлгæ.

Дыггаг бон дæр та нæ равдыста йæхи. Уæд та райста зæронд лæджы рон, уый дæр æй æркодта Сырдоны хæдзармæ. Смæсты Хæмыц, рон дæр худы цур сауыгъта ‘мæ раздæхти сæхимæ. Мæстæй йæ хуыссæнуаты ныффæлдæхти.

Æртыггаг бон дæр та не ‘вдисы Хæмыц йæхи Нартæм. Фæбадти суанг изæрмæ, стæй райста хъама ‘мæ цæуы йæ фæдыл. Хъама дæр Хæмыцы ‘ркодта Сырдоны хæдзармæ. Хæмыц тынг ысмæсты и. Райста худ æмæ рон дæр йæхимæ, стæй бахъæркодта:

– Сырдон, æддæмæ мæм ракæс!

Хæмыцы мæсты хъæр Сырдон фехъуыста, йæхи ‘рбатыхта, æмæ цыма ницы зоны, уыйау рацыди. Хæмыцы ауыдта ‘мæ зæгъы:

– Æрцыдтæ, Хæмыц, истытæ дзур.

Хæмыц зæгъы:

– Ай кæй худ у?

– Худ мæн у, фæлæ дæм цы ми кæны?

– Уæдæ рон та кæй у?

– Уый дæр мæн, кæцæй йæ ахастай?

– Хъама та кæй у?

– Хъама дæр мæн, цæмæн цæ адавтай?

– Чи цæ адавта? – фæхъæркодта Хæмыц.

Сырдон дзуры:

– Кæд ды нæ уыдтæ, уæд дæм цы ми кæнынц?

Хæмыц амæсты ис. Сырдоны йæ боцъойæ ацахста, æмæ Сырдон сырдиагкодта:

– И-и-и! Марыс мæ! Суадз мæ!..

Хæмыц æм дзуры:

– Цæмæн мæ фæсайдтай, тагъд æй зæгъ?

– Ау, лæг куы дæ, æрбахиз æмæ баныхаскæнæм.

– Ноджы ма мæ хынджылæгкæнынмæ кæныс?

– Нæ, нæ дыууæйы мæрдтыстæн дæр, лæгтау бадзурæм.

Хæмыц ысуагъта Сырдоны ‘мæ бахызтысты мидæмæ. Æрбадтысты. Сырдон фæрсы:

– Цал боны цæуы де ‘рцыдыл?

– Æртæ боны!

– Уæдæ дын ме ‘мбал ницы фæдзæхста?

– Уæлæ дын цæйдæр сагдзæрттæ рарвыста.

– Кæм ысты?

– Хæдзары.

– Уæдæ мын цæ ‘рхæсс, æз цæ фенон.

– Æххæст ма дын уыдон дæр радтон?..

Сырдон зæгъы:

– Нæ, кæд сагдзæрттæ авд ысты, кæд сæ раззаг галиукъæхты цур хæсгарддзæфтæ сты, уæд дын мæ номæй лæвар ысты.

Хæмыц сагдзæрттæ ‘рхаста ‘мæ æцæгдæр афтæ разындысты. Уæд Хæмыцæн Сырдон афтæ зæгъы:

– Хъус, Хæмыц.

– Цы дæм хъусон, мæлæты зондджын ныхас мын куынæ ракæндзынæ. – Хъус! Хатт зондджын ныхасæй æдылы ныхас хуыздæр вæййы. – Вæййы, вæййы, зондджын ныхасыл ды худыс æмæ бæрæг у, де ‘дылы ныхæсты тыххæй ныртæккæ дæ сæр дæ гуырæй куы фæхицæн уа, уæд æй бамбардзынæ.

Сырдон та зæгъы:

– Дæ сагдзæрттæ авд комы мард ысты.

– Уый æз хуыздæр зонын.

– Ныр дæм авд комæй рацæуынц.

– Чи? Дæ хуызæн сайджытæ? – зæгъы Хæмыц.

– Бауадз мæ,– дзуры Сырдон,– авд рæгъауы дæм æрцæуы, æмæ дзы мæнæн цы хай кæныс?

– Ныр ма ницы уынын æртæ боны дæргъы, мæхи Нартæм æвдисинаг дæр нал дæн, дæу аххосæй.

– Нартæм ацæудзынæ, фæлæ мын рæгъæутты разæй цы цæутæ цæуы, уыцы авд цæуы мын радт.

Хæмыц зæгъы:

– Ноджы мæ хынджылæгкæныс?

– Цæмæй дæ кæнын?

– Уæдæ цæй цæуты кой кæныс, д’ авд сагдзармы цæутæ фестадысты?

– Нæ, сагдзæрмттæ рæгъаутæрджытæ курдзысты, науæд дын цæй рæгъæуттæ раддзысты, уыдон дæу цæмæй зонынц, æрмæст дæ сагдзæрмтты тыххæй базондзысты. Цом ахæссæм сагдзæрмттæ, афонмæ ‘ввахс хъуамæ уой.

Акодта Сырдон Хæмыцы Нартыкъуылдымы фæстæмæ. Акастысты æмæ дунейы рæгъæуттæ ‘рбацæуы. Хæмыц мид-зæрдæ цин бакодта.

Сырдон æм дзуры:

–Уыныс, дæ рæгъæуттæ ‘рбацæуынц авдæрдыгæй, æрмæст цæутæ мæн. – Дæу уæд уыдон.

Рæгъаугæстæ авдæй æрбацыдысты ‘мæ цæ алчи дæр зæгъы: – Мæ сагдзарм!

Хæмыц сагдзæрттæ авд рæгъаугæсæн райуæрста. Рæгъаугæстæ фосы Хæмыцæн радтой æмæ фæцыдысты. Хæмыц авд рæгъауы йæ кæртмæ ‘рбатардта. Сырдонæн авд цæуы радта.

Сырдон й’ авд цæуы ратæры. Нартæ йæ фæрсынц:

– Цы скъæрыс, Сырдон?

– Мæ рæгъау.

– Авд цæуы дæр рæгъауыл нымайыс?

– Сæ кæстæрты та Хæмыцæн радтон.

Хæмыц Нартæн ыстыр куывд ыскодта, йæ рæгъæуттæ цыл байуæрста мæ ма дзы Сырдоны дæр хай фæци.

Уæдæй фæстæмæ Хæмыц æмæ Сырдон дæр нал быцæу кодтой. Сырдонмæ дæр фæзынди къахылдзæуæг авд цæуы æмæ ма уæрсты хай дæр. Сырдоны цæутæ, Сырдоны фосы семæ кодтой æмæ та цæ-иу изæры фæстæмæ ркодтой.

Нартæ йæм мæстæй мардысты бæргæ, фæлæ Сырдон Сырдон уыди.

БУРÆФÆРНЫГ ÆМÆ СЫРДОН Бурæфæрныг хъæздыгцæрæг уыди. Иу бон æй бафæндыди балцы фæцæуын æмæ Сырдонмæ барвыста. Сырдон æрбацыди ‘мæ зæгъы: – Цы мæ кæныс, Бурæфæрныг?

– Хъæуыс мæ.

– Зæгъ, æз цæттæ дæн.

– Балцы цæуынвæнд кæнын æмæ дæу мемæ кæнын. Фæлæ Нартæй макæмæн мацы зæгъ, уæд ды мæнæй пайда нал фендзынæ.

– Хорз, нæ зæгъдзынæн. Фæлæ мын пайда цы фæуыдзынæ?

– Зæгъдзынæн дын æй. Дæдтын дын дæс фысы ‘мæ иу сæгъ, æмæ мæ æртæ хатты фæхондзынæ нæ балцæй куы ‘рцæуæм, уæд.

– Мæ быгъдуан! – зæгъы Сырдон.

Араст ысты Бурæфæрныг æмæ Сырдон сæ дард балцы. Сырдон дæс фысы мæ сæгъы сæхимæ бафснайдта.

Цæуынц дыууæ лæджы сæ фæндагыл ныхасгæнгæ.

Æппынфæстаг æрхаудтой иу æлдармæ. Æлдар уыди Бурæфæрныджы хæлар. Æхсæвы уонг цæ æлдар хорз федта. Сау расыг фесты ‘мæ рацæуынц. Æлдар цæ рафæндарастласта. Иу ран доны был æрынцадысты ‘мæ Бурæфæрныг зæгъы:

– Оф-ф! Ныр дæхи анай!

– Æмæ цы кæны,– зæгъы Сырдон.

Сæ дарæс раластой æмæ сæхи найынц. Сырдон хин æмæ кæлæн уыди. Федта ‘ввахсмæ хъæу æмæ йæ нæ фæндыди ахæм хуызæй цæуын. Скодта Бурæфæрныджы дарæс. Йæхи дарæс та расыг Бурæфæрныгыл ыскодта. Бæхтыл ысбадтысты мæ цæуынц. Сæ дыууæйыл дæр пæлæзтæ, афтæмæй. Æрхæддзæ сты хъæумæ. Уым мæликмæ ‘рфысымкодтой. Сæ бæхты ‘рбастой, хæдзармæ бахызтысты, сæ пæлæзтæ раппæрстой æмæ мæликк Сырдоныл хуыздæр узæлы, арæзтдæр кæй уыди, уый тыххæй. Мæликк фæрсы Бурæфæрныджы:

– Ай та дын чи у?

Бурæфæрныг зæгъы:

– Мемæ йæ ракодтон кæстæрæн.

Мæликк зæгъы:

– Куыд хъуамæ уа, дæ дарæсы кондмæ ма бакæс æмæ уый дарæсы кондмæ дæр. Æз афтæ ‘нхъæлын, де ‘мбал дæу ракодта кæстæрæн. Сырдон фæцырд æмæ зæгъы:

– Раст зæгъыс, мæликк. Ацы Нартæ афтæ кæнынц. Исчи уыдонæй куы фæцæрæгдæр вæййы, уæддæр сæхи дæлæмæ нæ уадзынц. Стæй куы басæттынц, уæд та искæй фæллой сæхи фæхонынц.

Бурæфæрныг зæгъы:

– Раст у, фæлæ ма зæгъ, мæ дарæс дыл цæмæн ис конд?

Сырдон фæрсы:

– Мæныл мæхи дарæс и, дæуыл – дæхи. Цæй дарæсы кой кæныс? – Мæ куырæт дæуыл ис конд мæнæ.

Стæй та хæлафæй зæгъдзынæ?

– Раст у, хæлаф дæр мæн у.

– Мæ худ дæр дæу уыдзæни.

– Гъеуый дæр мæн у, хæрæг цыдæр! Кæм мæ бастыгътай, зæгъ æй? Сырдон фæрсы:

– Иумæ рацыдыстæм?

– О, рацыдыстæм.

– Æлдармæ иумæ уыдыстæм?

– Афтæ уыд.

– Ардæм иумæ ‘рцыдыстæм?

– Æрцыдыстæм.

– Уæдæ кæд ды æцæг хæрæг нæ дæ, уæд ма зæгъ, искуы мæнæн дарæс радтай?

– Нæ радтон, фæлæ мæ дарæс дæуыл уынын.

– Ау, кæд нæ радтай, уæд ма исчи йæ хистæрыл дау кæны? Абон мæныл, райсом æлдарыл истæмæй æрдаукæндзынæ, иннæбон та мæнæ нæ фысым мæликкыл.

Мæликк зæгъы:

– О, Бурæфæрныг, ды раст нæ дæ. Де ‘мбал дæу ницæмæй бахъыгдардта, дау дзæгъæлы кæныс.

Сырдон зæгъы:

– Ахæм ысты ацы Нарты адæм. Сæхицæй цæрæгдæрыл куы фембæлынц, уæд ын йæ фæллой сæи хонынц.

Бурæфæрныг мæстæй тъæппытæ хаудта. Мæликк дæр цæ хорз федта. Фæлæ Бурæфæрныг йæ маст нæ уагъта ‘мæ ‘лхыскъкодта Сырдоны. Райсомы рараствæййынц. Сырдон зæгъы:

– Цæй, нæхи ныннайæм.

– Нал найын.

– Ныннай, дæ дарæс дын радтон.

Сырдон радта Бурæфæрныгæн йæ дарæс. Йæхи дарæс та йæхиуыл ыскодта. Уæд æй Сырдон фæрсы:

– Зæгъ ма, Бурæфæрныг, цæуыл мæм мæсты кодтай?

– Уæдæ мæ номæй дæхи куыд уæзданкодтай?

– Цы диссаг уыди, ды алæбон уæздан дæ, æмæ æз та иу бон уæздан куы уон, уæд?

– Искæй ном хынджылæггаг нæ вæййы, Сырдон.

– О, фæлæ, искæуыл дæр цард сахуыркæнын фæхъæуы, Бурæфæрныг. – Æз дарддæр демæ балцы нал цæуын,– зæгъы Бурæфæрныг.– Фæлæ аздæхæм фæстæмæ.

– Бар дæу,– зæгъы Сырдон,– дæ балцы ацыд мæнæн зианы йæддæмæ пайда дæр нæу.

Раздæхтысты фæстæмæ Нартмæ. Бурæфæрныг бацыди сæхимæ. Сырдон дæр йæ хæдзары сбадти.

Бурæфæрныг æнхъæлмæ кæсы ‘мæ дзуры: «Кæд мæ фæхондзæни уыцы хæрæджы фырт?»

Кæсы бон, дыггаг, æртыггаг дæр… Нæй хонæг Бурæфæрныджы. Иу бон йæхи изæрырдæм февдæлонкодта Бурæфæрныг æмæ Сырдонмæ ныццыди, бахъæр æм кодта:

– Ам дæ, Сырдон?

Сырдон æм рауади:

– Ам дæн, Бурæфæрныг.

– Ау, æмæ нæ ныхас куыд уыди, æви дæ зæрдыл нал лæууы? – Мæ фыдыстæн æмæ дæ фыдыстæн, Бурæфæрныг, ныхас лæууы мæ зæрдыл.

– Уæдæ мæ цæуылнæ фæхоныс?

– Нæ мæм зындтæ ‘мæ м’ аххос нæу. Бурæфæрныг. Рахиз мидæмæ, фаг уыдзæн алцыдæр.

Бурæфæрныг бахызти. Сырдон сæгъ æрбаргæвста. Бурæфæрныджы хорз федта, бафсæста йæ. Стæй Бурæфæрныг зæгъы:

– Сырдон, ай у фыддзаг хуынд.

– Раст у,– зæгъы Сырдон,– райсом дæр дæ хонын, æрцу-иу. – Æрцæудзынæн.

Бурæфæрныг ацыд. Хъуыдытæкæны ‘мæ зæгъы йæхицæн: «Ау сæгъы æз иунæгæй хæрд нæ фæуыдзынæн æмæ ‘мбылдыкæндзынæн, фæлтау ма мæнæ искæй акæнон».

Дыггаг бон акодта йемæ æртæ лæджы. Ныццыдысты Сырдонтæм, æмæ Бурæфæрныг бахъæркодта:

– Сырдон, ам дæ цы?!

Сырдон ракасти. Бурæфæрныджы уазджытæй йæ зæрдæ ныккæрзыдта, фæлæ цæ бакодта мидæмæ. Æрывæрдта фынг фыддзаг бонæй мæгуырдæр. Цыппар лæгæй ма фæлхæрттæ фæуагътой, иннæ хæрд фæци.

Сыстадысты Сырдоны уазджытæ, æмæ Бурæфæрныг Сырдонмæ дзуры: – Нæ ныхас хъуыдыкæндзынæ?

– Кæнын, кæнын, Бурæфæрныг.

– Уæдæ ма дæм иу хатт ме ‘рхуынд æмбæлы.

– Æмбæлы, æмбæлы, Бурæфæрныг. Райсом-иу æрцу.

– Æрцæудзынæн, Сырдон!

Ацыдысты уазджытæ. Сырдон дæр та йæхицæн ысбадти ‘мæ бафынæй æхсæвы.

Сбони. Бурæфæрныг та зæгъы йæхицæн: «Кæд Сырдонмæ фылдæр æмбæлттимæ хъæуы цæуын?» Æрбакодта ма авд æмбалы ‘мæ Сырдонмæ ацыдысты æртыггаг бон. Бахъæр та кодта Бурæфæрныг:

– Сырдон, ам дæ?!

Сырдон сæ размæ рауади ‘мæ зæгъы:

– Ам дæн, Бурæфæрныг.

Авд лæджы та Бурæфæрныгимæ федта ‘мæ загъта Сырдон йæхицæн: «Багъæцут, хæрд æнхъæл чи ‘рцæуы, уый доны къус дæр нæ фæвæййы». Дзуры ‘рбацæуджытæм.

– Мидæмæ рахизут!

Бацыдысты ‘мæ рабадтысты. Сырдон цын сæ разы цыдæр баззайæггаг фæлхæрттæ ‘рхаста, стæй цын къусты бас ныккодта ‘мæ цын зæгъы:

– Хæргæут, мæ уазджытæ.

Бурæфæрныг фæрсы Сырдоны.

– Ай нын цы ‘рхастай?

– Дæ фæлхæрттæ басимæ. Хуыцау бахизæд, Бурæфæрныг, дæ номыл цы кусарт уыди, уымæн йæ бас дæр н’ акалдтон.

– Æмæ нæ дзырд басыл уыди?

– Нæ дзырд кусартыл уыди ‘мæ кусарт æнæ дон ничи фыцы. Цы доны йæ ‘сфыхтон, уый дæр кусартыл нымад у.

– Раст нæ дæ, Сырдон! – зæгъы Бурæфæрныг.

– Раст зæгъын, Бурæфæрныг! – дзуры Сырдон дæр.

– Цæмæй раст дæ?

Сырдон зæгъы:

– Байхъусæнт уазджытæ ‘мæ кæд рæдийон, уæд æй зæгъæнт. Мах цыдыстæм балцы, æмæ мæликк мæн хуыздæр федта Бурæфæрныгæй. Æз фæтæригъæдкодтон Бурæфæрныгæн æмæ йæ фыддзаг æхсæв ахъаззаг хорз федтон, сæгъы фыдæй. Уыди афтæ. Бурæфæрныг?

– Уыди, Сырдон. Дæ фыддзаг æрхуындæй ницы хъасткæнын. Сырдон та зæгъы:

– Æлдармæ уыдыстæм хуынды. Æлдар мæнмæ ницæйы цæстæй ракасти. Хорз федта ‘рмæст Бурæфæрныджы, æмæ мæ цы фæцух и, уый йын æз дыггаг хуындæй баххæсткодтон. Мæхæдæг та мæхи хуыздæр федтон. Афтæ уыди, Бурæфæрныг?

– Уыди, фæлæ ды дæр уæд хорз федтай дæхи.

– Раст у, фæлæ зноны хуынды мæгуыраудæр æвæрд уыди дæуæн. – О, уыди, уæддæр абоны фынгæй де ‘зноны фынг хуыздæр уыди. Сырдон зæгъы ноджы:

– Æртыггаг бон нæ фæлхæрттæй цы бахордтам, уымæй уæ абон хынцын.

– Уый та куыд? – фæрсы Бурæфæрныг.

– Куыд куы! Нæ балцы заман рауади афтæ; иу бон ды æфсæст – æз æрдæг æфсæст, иннæ бон æз æфсæст – ды æрдæг æфсæст. Æртыггаг бон н’ ацыд куыд уыди балцы, афтæ нæ хæлц дæр. Ды дзы цы федтай, æз дæр уый. Афтæмæй æз дæу д’ аггаг хуынд фæкодтон. Зæгъут мын, уазджытæ, раст дæн æз гъеныр, æви нæ?

Уазджытæ зæгъынц:

– Раст дæ, Сырдон, дæ ныхæстæм гæсгæ ды.

Бурæфæрныг фæмæсты ‘мæ зæгъы:

– Дæс фысæй нын цæуылнæ ‘ргæвдыс?

Сырдон зæгъы:

– Æмæ цæуылнæ ацыдтæ æртыггаг бон балцы?

– Уымæн æмæ мæ дарæсы уыдтæ.

Нартæ ныххудтысты, Сырдон – фыддæр. Уæд Нартæ фæрсынц Бурæфæрныджы:

– Дæ дарæсы Сырдон куыд цыди?

Сырдон зæгъы:

– Мæнæн дæлдæрæй куы уыди, уæд!

Бурæфæрныг амæсты ‘мæ дзуры:

– Кæд фехъуыстай æз дæуæн дæлдæрæй уыдтæн, уый?!

Сырдон зæгъы:

– Æз дын цума куы кодтон, уæд. Уæд кæм фехъуыстай Сырдон дæ дарæсы уыди?

Бурæфæрныг фестади ‘мæ зæгъы:

– Фендзыстæм, Сырдон, ацы фхæрд дæ сæрæй фиддзынæ.

Æмæ федде ис.

Сырдон ма йæ фæстæ адзырдта.

– Ницы кæны, Бурæфæрныг, фæлæ æртæ хатты йæ сæт ничи хæры, æртæ хатты басы фæстæ бас ды бацымдтай, Нартæ дæу уымæй зондзысты. Нартæ дæр худæгæй мардысты.

ЧЕЛÆХСÆРТÆДЖЫ ФЫРТ

Челæхсæртæгæн фырт райгуырди ‘мæ раст арвы гæрахау айхъуысти Æртæ Нартыл. Йæ фырт фæци Челæхсæртæгæн тæккæ зазхæссæны гуырд. – Лæппуйы куывд, лæппуйы куывд! – дзырдтой адæм Челæхсæртæгæн.

– Мæ фыдыстæн, уыдзæни лæппуйы куывд дæр,– дзырдта Челæхсæртæг æмæ æцæгæй дæр ысцæттæкодта лæппуйы куывд.

Æрымбырд æм ысты адæм, æрцыдысты Нартæ дæр. Равæрдтой фынгтæ, рахастой карз нозт. Æрбадтысты куывды ’ппæт адæм æмæ рæгъытæ цæуынц, кæм уæлейæ дæлæмæ, кæм дæлейæ уæлæмæ.

Фæстаг хатт уæдæ сыстади Челæхсæртæг, систа нуазæн, сгуы, æртæ мыдамæсты ‘мæ зæгъы:

– Мæнæ адæм, арфæ уын кæнын æмæ уæ курын. Абон мæнмæ чи рæмбырди, мæ цæхх, мæ кæрдзынæй ацы фынгыл чи ацахуыста, уыдонæй йæ ныфс чи хæссы, уый айсæд мæ фырты хъанæн æмæ ацы нуазæн мæ къухæй айсæд.

Адæмæй хъæлæкк ничи стади. Нартæ дæр кæрæдзимæ кастысты. Уæд Алæгатæй иу сыстади ‘мæ зæгъы:

– Фарн дæм дзурæд, Челæхсæртæг! Бæргæ райсин дæ нуазæн, фæлæ тæрсын: Æртæ Нарты астæу мах цъусдæр ыстæм æмæ, мыййаг, н’ азарæй сымах дæр дард мыггаг куынæ рацæуат. Уæд азым мах фæуыдзæни. Челæхсæртæг зæгъы:

– Фæрнæйдзаг у, фæлæ уый дæр ныхасæн бæззы.

Уæд Æхсæртæггатæй дæр иу сыстади ‘мæ зæгъы:

– Фæрнæй хон адæмы дæ хæдзармæ ‘мæ дæ хуыцауы хорзæх дæр уæд. Æз райсин дæ сидт, фæлæ тæрсын, æнæныббарон мыггаг ыстæм, æмæ дын фыдбылыз куы хæсса дæ гуырд.

Челæхсæртæг зæгъы:

– Нæ фæндаджы номæн мæнг «о» дæр хорз у.

Уæд та сыстади Борæтæй иу æмæ уый дæр зæгъы:

– Дæ сидт дын æмбарын, фæлæ нæ мыггагæй дыууæ кæм не сразы, уым Борæтæн дæр уæлдай ницы зæгъинаг ысты. Мыййаг Нарты кæстæртимæ дæ райгуыргæ кæстæр куынæ сарæхса ‘мæ йын фыдмитæ, фыдцъæлтæ йæ искуы, сомбон куы фæкæной, æмæ дым цæнкуылтæй куы ‘рцæуа, уæд зæгъдзынæ Нарты сыхæй: Борæты цæст нын хорз нæ бафæндыди, æмæ нæм маст хæсдзынæ.

Челæхсæртæг дарддæр кæсы ‘нхъæлмæ, æмæ йын йæ сидт райсæг куынæ уыди, уæд Сохъыр гуымиры фырт Хъæрæдзау зæгъы:

– Дæ сидт дын æз исын. Дæ фырты дын æз сыгъдæг æхсыр тугимæ хæтцæйæ схъомылкæндзынæн.

Æмæ райста Челæхсæртæджы къухæй нуазæн, æд ысгуы ‘мæ æртæ мыдамæсты.

Челæхсæртæг зæгъы:

– Хуыздæр фæу, Сохъыр гуымиры фырт, хъæбатыр Хъæрæдзæу! Æз æй афтæ дæр зыдтон, дæуы йæддæмæ кæй ничи басгуыхдзæни.

Нартæ ныссабыр ысты, сæ маст тыххæй ныууырæдтой. Сохъыр гуымиры фырт Хъæрæдзæуы номыл рацыди гаджидау. Иугæндзон йæ номыл куывтой, ныуæзтой.

Нартæм хардзау æркасти ‘мæ йæм Сослан дзуры:

– Хатыр бакæн, Челæхсæртæг, фæлæ ам мах ног гуырдыл цинкæнæм, ды та цавæрдæр иу сохъыры смаггæнаг Хъæрæдзæуыл куывдтытæ уадзыс. Хъæрæдзæумæ Сосланы ныхæстæ хъыг фæкастысты ‘мæ мæстыдзырд бакодта:

– Фендзыстæм, фæлæ-иу дæ ныхæстæ дæ зæрдыл дар! Ацы бон мæ маст ыскæнын нæ фæнды, ног гуырды цины тыххæй.

Нартæ сыстадысты ‘мæ зæгъынц Челæхсæртæгæн:

– Ды мах уымæн æрхуыдтай, æмæ нын цæмæй маст ыскæнай. Фæлæ зон, мах ацы цины фынг дæуæн мастæй раивдзыстæм. Абон дæ фыртæн фынг æрывæрдтай цины тыххæй, сомбон та йæм йæ масты тыххæй æрывæрдзынæ.

Сыстадысты Æртæ Нарты ‘мæ рацыдысты. Челæхсæртæг ма цæм ысдзырдта:

– Аггаг не стут, Нартæ, хонынæн æмæ кæй фæрæдыдтæн, уый мын хуыцау ныббарæд!

Челæхсæртæджы фырты хъанæн фæкодта Хъæрæдзæу. Нартæ зæгъынц: – Челæхсæртæгæн абон куывд цы гуырдæн уыди, уымæн йæ дзых дзоныгъфаст ыскæнын хъæуы, æмæ йæм æй афтæмæй барвитдзыстæм. Челæхсæртæджы фырт Сохъыр гуымиры фырт Хъæрæдзæуы хæдзары хъомылкодта. Хъæрæдзæу æхсыр тугимæ хæддзæкодта ‘мæ Челæхсæртæджы фырты афтæмæй хаста. Сырæзыд лæппу. Стуры хурхыл иу кард авæрдта, фæхуынкъ-иу æй кодта, афтæмæй ацъырдтаид æнæхъæн стуры туг. Челæхсæртæджы фырт ысси тугцъир æмæ лæхъор. Н’ ауæрста никæуыл. Хъæрæдзæу æмæ Челæхсæртæджы фырт цæуын райдыдтой иумæ.

Иу хатт Хъæрæдзæу Челæхсæртæджы ‘рхуыдта сæхимæ ‘мæ йын зæгъы:

– Кæс ма-иу дæ фырты хъæзтытæм.

Челæхсæртæг Сохъыр гуымирæн аласта авд хатты авд галы. Аргæвстой цæ ‘мæ уæд фынгтыл рабадтысты.

Хъæрæдзæу дзуры Челæхсæртæджы фыртмæ:

– Дæ фыды раз нын равдис д’ арæхстдзинæдтæ.

Челехсæртæджы фырт бауади рæгъаумæ. Куыры* (*К у ы р – æнæхост уæныг, богъ.) смæстыкодта ‘мæ йемæ сыкъайæ хæцын байдыдта. Афтæмæй йæ лæппу хохрæбынмæ балхъывта йæ сæрæй. Челехсæртæгæн æхсызгон куыннæ уыдаид, йæ фыртмæ ахæм тых ис, уый. Челæхсæртæджы фырт уыйфæстæ куыры бын йæ сæр фæтъыста æмæ йæ сфæртласта. Куыр атахти ‘мæ быдыры уæцъæфскъуыд фæци – амарди.

Йæ фæстæ авд тæрæнгæнæг фыры ракодта Челæхсæртæджы фырт. Йæ ныхмæ цæ ‘рлæууынкодта ‘мæ йæ сæрæй семæ хæцын райдыдта сыкъайæ. Челæхсæртæджы фырт тæрæнгæнæг фырыты йæ сæрæй кæй ныкъуиласы, уый – æнæхъæн фыр, йæхи сæрыл къæлыуайау батъæпæн вæййы.

Уырдыгæй атахти ‘мæ уырс-бæхимæ йæ сæрæй хæцын байдыдта. Уырсыл æфсæн цæфхæдтæ, ныззæвæтласы фæстæмæ. Челæхсæртæджы фырт æм йæ ныхы фæйнæг бадары ‘мæ болат цæфхæдтæй цæхæр акæлы, уæддæр Челæхсæртæджы фыртæн ницы вæййы. Челæхсæртæджы Сохъыр гуымир фæрсы:

– Цæй, куыд дæм кæсынц дæ фырты хъæзтытæ? Мæ фырт Хъæрæдзæу æй сыгъдæг æхсыр тугимæ хæтцæйæ схаста.

– Хуыздæрæн зæгъæн нæй,– зæгъы Челæхсæртæг.– Кæд ныр æнаггаг Нартæй мæ мæстытæ сисин. Рагæй мын тых кæнынц. Нæ мæ кадыл уадзынц, нæ мæ радыл нымайынц. Сæхи алыран дæр уæлдæр кæнынц. – Райс цæ дæ мæстытæ,– зæгъы Сохъыр гуымир,– мæнæн дæр мæ иу цæст уыдон сыппæрстой æмæ цæм дæндаг хæссын* (*Д æ н д а г х æ с с ы н – ома цæм мæ дæндæгты хъыс-хъыс цæуы, ома цæм мæсты дæн.). Мæхи тугæй фæхъомылкодтон Хъæрæдзæуы, æмæ ныр дыууæйæ сæ бон исты бауыдзæн. Мæнг н’ акæнынц – дыууæ æфсад у.

Челæхсæртæджы зæрдæ скафыди фырцинæй.

Уæд Сохъыр гуымир æмæ Челæхсæртæджы цурмæ дыууæ лæппуйы дæр æрбацыдысты. Фæцин цыл кодтой æмæ цæ сæ цуры ‘рбадынкодтой. Челæхсæртæг зæгъы:

– Гъеныр мæ ныфс ис, исты уæ бон бауыдзæни ‘нæмæнгæй. Æрмæст нын хъуамæ Нартæй нæ маст сисат.

Лæппутæ ныфс радтой. Челæхсæртæг зæгъы:

– Майрæмбон æрбалæудзæни. Уæд Нартæн кæнæ балцы цæуыны бон вæййы, кæнæ исты боны фæбадынц. Раст уæ гъеуæд хъæудзæн Нартæм бырсын.

Челæхсæртæг ма йæхимæ фæкасти цалдæр сыкъайæ, стæй арасти сæхимæ. Æрцыди ‘мæ йæ усæн дзуры:

– Гъе, усай, цинкæн, цин!

– Цæуыл цинкæнон?

– Ахæм фырт нын бахъомыл и, ахæм, æмæ айнæг дæндагæй дæр бахæрдзæни.

– О, ма кæн, фæлæ махæн ахæм фырт уа, уый мæ нæ бауырндзæни. – Ис, ис, усай! Абондæргъы йæ хъæзтытæм кæсын, æмæ Гуымир, кæнæ йæ фырт та цы сты йæ цуры! Нæ фырт куыримæ сыкъайæ хæцыди, бахаста йæ хохрæбынмæ, стæй йæ йæ сæрæй фехста куыры ‘мæ быдыры тъæппытæ фæхаудта. Уырдыгæй рацыди ‘мæ та диссаг: авд тæрæнгæнæг фыры йæ ныхмæ рлæууынкодта, семæ сыкъайæ хæцыди ‘мæ иу сæ кæй ныффæртласта, уый нæ лæппуйы ныхыл къæлыуайау батъæпæн. Уырдыгæй рацыди уырс бæхмæ. Уырс æй разæвæтласта йæ болат цæфхæдтæй, уый йæм йæ сæр бадардта. Дзæхст зæгъгæ, фæлæ марадз мур нуæс нæ фæзыны нæ фырты ныхыл. Уый тых у, тых, не фсин!

– О, макæ нæ бындарæй æнæ бындар аззайдзынæн, тæрсын ын. – Ау, цæмæй? Нартæм æз ахæм куы никæй зонын, æмæ йæ ныхмæ – фæлæууа.

– Нартæн уæларв Хуыцау æмæ зæдтимæ æмвынгæй чи бады, уый нæ фыртæй тыхджындæр уыдзæн.

Челæхсæртæг зæгъы:

– Хуыцауы фыртæй зæгъыс? Батырадзæй? Ха-ха-ха! Батырадз мæ фырты цур рыг дæр н’ акалдзæни, рыг.

– Æз ницыуал зæгъын, фæлæ Хуыцауы бафæндæд, ахæм цы рацæуа! – Хуыцауы ‘мдых чи у тыхæй, уыимæ та хуыцауы фæндондзинад циу? Мур дæр ницы! Фæлæ майрæмбоны размæ ‘хсæвы Сохъыр гуымиры фырт Хъæрæдзæу æмæ нæ фырт ам уыдзысты. Тыхкæндзысты Нартæн æмæ цын кæсдзынæ сæ митæм.

Æрбалæууыди майрæмбоны размæ изæр. Челæхсæртæджы фырт æмæ Сохъыр гуымиры фырт Хъæрæдзæу Челæхсæртæгмæ ‘рбацыдысты. Куыннæ фæцинкодтаид Челæхсæртæг! Æхсæв бонмæ цæ хуыссын дæр не ‘руагъта. Райсомы Нартæ цыдысты хæтæны.

Челæхсæртæг зæгъы:

– Æххæст Нарты ацæуын хорз у, æмæ фæлæуут.

Байхъуыстой Челæхсæртæгмæ лæппутæ. Нартæ ацыдысты, уæд Хъæрæдзæу æмæ Челæхсæртæджы фырт Нартæм бацыдысты ‘мæ зæгъынц: – Нартæ, ракæсут махмæ ‘ддæмæ!

Нартæй ма бынаты чи уыди, уыдон рацыдысты. Хъæрæдзæу цын зæгъы:

– Мæ фыды тыххæй хæс кæд фидут?

– Чи уыди дæ фыд, уый мах зонгæ дæр куынæ кæнæм, куынæ дæр дын дæхи зонæм.

– Сохъыр æй куы кодтат, уæд æй зыдтат æмæ йæ ныр нал зонут? Нартæ хъуыдыкодтой, фæлæ ницы рымысыдысты. Уæд Сатанамæ бацыдысты ‘мæ йæ фæрсынц:

– Нартæ сохъыр кæй фæкодтой, ахæмæй кæй зоныс?

– Ахæмæй зонын Сохъыр гуымиры. Уый Нарты фæллой тæргæйæ нæ лæгтимæ хæрхæмбæлд фæци ‘мæ схæцыдысты йемæ. Фос бæргæ байстой, фæлæ цын аирæзти. Æрмæст ма йын йæ иу цæсты Сосланы фат сымбæлди æмæ уымæй бакуырм и ‘мæ йæм абон дæр дæндаг дары. Æндæр никæй хъуыдыкæнын.

– Уæдæ кæд Сохъыр гуымиры фырт у, уæд ма иннæ та чи уыдзæн? Сатана зæгъы:

– Кæд уа, уæд Нарты сусæг ызнаджы фырт, Челæхсæртæджы фырт. Уый хъанæй хаст цыди Сохъыр гуымиры фыртмæ.

Нартæ бамбæрстой хъуыддаг æмæ зæгъынц æрбацæуæг тыхгæнджытæн: – Уæ тæрхон циу, уый нын уæхæдæг бамбарынкæнут.

Хъæрæдзæу дзуры:

– Мæ фыды мын фæсохъыркодтат, æмæ уын зæгъын – уæдæй абонмæ рацыдис æртæфондзыссæдз боны ‘мæ хсæвы. Уымæ гæсгæ хъуамæ бафидат æртæфондзыссæдзы галтæ мæ иу ахæм та хъуддзытæ.

– Уый та куыд? – фæрсынц Нартæ.

– Æртæфондзыссæдз боны мæ фыд йæ иу цæстæй нал кæсы æмæ алы бонæн дæр курын гал фидтон; иу ахæм та ‘хсæвтæ рацыди ‘мæ алы ‘хсæвæн та хъуг агурын.

Уæд Челæхсæртæджы фырт дæр зæгъы:

– Мæ райгуырдæй абонмæ рацыди дæс æмæ ссæдз азы. Алы азæн уæ агурын бонæн дæс галы – æртæфондзыссæдз галы – æмæ цæ радтут мæнæн дæр.

– Дæуæн ма та цæй тыххæй? – Мæ фыды мын бафхæрдтат æмæ уымæн. Нартæ катайкодтой. Цы бакæной уый, нал зыдтой. Уæд цæ иу рацыди ‘мæ зæгъы:

– Ронбæгъдæй нæ рбаййæфтат, фæлæ уын тайгæ нæ бакæндзæни. Цы уæ фæнды, уый бакæнут.

Уæд Сохъыр гуымиры фырт æмæ Челæхсæртæджы фырт Нарты сылгоймæгты ахсын байдыдтой. Сæ къæхтæй цæ ауыгътой, стæй цын кæрдты фындзтæй сæ дæллагхъуыртæ хуынкъкодтой æмæ цын куы сæ туг сцъирынц, куы цын сæ дзидзиты ‘хсыр адæйынц. Нарты устытæ мæ чындзытæй æрдиаджы йæддæмæ ницыуал хъуысти. Уæд Сатана сæ даргъ мæсыджы сæрмæ æртæ мыдамæстимæ ‘мæ ронджы дурынимæ суади, скуывта Хуыцаумæ:

– Хуыцæутты Хуыцау! О, ме ‘сфæлдисæг Хуыцау, курын дæ, кæд искуы дæ цæст ме ‘нæныййаргæ фыртыл хæцы, уæд йæ кæстæр æнгуылдзыл мæ сæры рду цы рбатыхса.

Сатана сæры ‘рду ауагъта ‘мæ йæ дымгæ ахаста. Батырадз цуаны хатти иу тархъæды ‘мæ саг амардта. Физонджытæ кодта суадоны цур. Хæрынмæ куыд æрывнæлдта, афтæ йæ кæстæр æнгуылдзыл Сатанайы сæры ‘рду атыхсти ‘мæ йæ нылхъывта.

Батырадз æрдумæ ‘ркасти мæ зæгъы:

– Кæд менæныййарæг мад тынг тыхсты ис, уæд, ацы æрду, урс дæ æмæ де ‘рдæг асау уæд.

Æрду æнгуылдзæй йæхи райхæлдта, йæхи арасткодта, æмæ йе ‘рдæг сауæй разынди. Стæй та Батырадзы ‘нгуылдзыл ыстыхсти ‘мæ йæ нылхъывта.

Батырадз фæкатай ис æмæ зæгъы: «Ох-хай, цы хабар уыдзæни, афтæ тыхст цæмæй фæкодтаид Сатана?»

Йæ хæринаг хæргæ рацыди, иннæ та ‘ккой бакодта ‘мæ фæрасти. Цæуы, тагъдкæны ‘мæ йыл рамбæлди иу чысыл саби, йæ мады риуыл кæугæ.

Батырадз фæрсы сабийы мады:

– Цæуылнæ сыстыс, лæг уæддæр дæн?

– Цы ма стон, мард æмæ мæлæтдзаг уд иу уавæрæн ысты, æндæра дæ бæргæ ‘мбарын.

– Æмæ цæуыл дæхи марыс?

– Куыннæ марон! Æз цæрын искæйонæй Сохъыр гуымирмæ. Фехъуыстон, Нартæм йæ фырт Хъæрæдзæу тыхкæнынмæ цæуы, уый. Фезгъордтон ардæм, фæлæ байстадтæн. Нал фæразын цæуын æмæ Нарты устытæ ‘мæ чыззытæ сæфдзысты, сæ туг цын сæ риуты ‘хсыримæ сцъирдзысты Челæхсæртæджы фыртимæ.

– Уый та йемæ цы ми кæны?

– Хъаны номыл цæм хæссынмæ уыд.

– Ау, Челæхсæртæг Нартимæ ‘мвынг куы вæййы, уæд хинæй цæуы? – Челæхсæртæгыл æууæнк нæй йæ райгуырдæй нырмæ.

– Уæдæ дын мæнæ физонæггаг. Æз мæхæдæг дæр Нартæй дæн æмæ цæуын, тыхмæ нæм чи ‘рцыди, уыдонмæ.

– Æз дæ мад, дæ фыды уазæг,– зæгъы ус.– Челæхсæртæгæн мацы кæн, ме ‘фсымæр у, фæлæ йын йæ фыртæн цы фæнды дæр кæн.

Батырадз йæ саджы мард фæуагъта усæн æмæ хъуыдытæгæнгæ уайтагъд ратындзыдта. Фæрсы йæхæдæг йæхи: «Ай циу? Челæхсæртæгæн йæ хо – хæрзгæнæг, йæ фырт – тыхгæнæг, йæхæдæг – фæливæг? Кæцыйы коммæ кæсон? Цæй, хæрзгæнæг æппæтæй дæр хуыздæр, уый коммæ бакæсон». Стæй ратагъддæркодта.

Батырадз æрбахæддзæ ис Нартæм. Кæсы ‘мæ уыны: Сохъыр гуымиры фырт Хъæрæдзæу æмæ Челæхсæртæджы фырт тыхмикæнынц. Нарты устытæн сæ къæхтæ хæрдмæ баст, сæ сæртæ уырдыгмæ. Дыууæйæ цын сæ дæллагхъуыртæ хуынкъкæнынц сæ кæрдты фындзтæй æмæ туг æхсыримæ цъирынц. Батырадз цыл ныббогъкодта: йæ хъæрæй зæхх æмæ кæмттæ ныррызтысты.

Уæд Сатана рахызти ‘мæ зæгъы:

– Цы фæдæ, Батырадз, дыууæ хъæддаг сырды нæ ныххудинагкодтой! Райдыдта Батырадз хæцынтæ. Рæдувынц æртæйæ дæр æд уидаг бæлæстæ ‘мæ цæ кæрæдзийыл ныххуырсынц, стæй лыстæг ысхъис ныввæййынц. Дуртæ кæрæдзийыл цæвынц æмæ лыстæй, уырæй сæ къæхты бынмæ згъæлынц. Уæд Батырадз тæвд байдыдта ‘мæ стыхсти. Нарты адæм доныбыл ныллæууыдысты. Кæрæдзимæ донгæрзтæ дæдтынц æмæ цæ Батырадз ахсы, иу йæ уæлæ уадзы, иннæ нуазгæ акæны. Батырадз чысыл æруазал и. Хохы сæрмæ йæхи фехста, уырдыгæй иу æхст ракодта йæхи ‘мæ йæ уæзæй Хъæрæдзæуыл сымбæлди. Уæд бавнæлдта Челæхсæртæджы фыртмæ. Йæ дзыхы йын йæ болат къухтæ атъыста, стæй йын йæ ‘фсæртыл æрхæцыди ‘мæ æрыскъуыдта. Йе ‘взаг федде ис æмæ йæ хъæлæсæй калди, Нарты устытæй цы туг фæцъырдта се ‘хсыримæ, уый. Уыйфæстæ Челæхсæртæджы фыртæн Батырадз зæгъы:

– Дæ фыды хойы хатыр дын кæнын, фæдзæхсын дæ бафæрæзта. Фæлæ ныр цу. Нарты зæххыл цард-цæрæнбонты дæ къах дæр куыд никуыуал æрæвæрай!

Уыйфæстæ Батырадз Хъæрæдзæуы сæр ралыгкодта, Нарты устыты суæгъдкодта ‘мæ зæгъы Челæхсæртæджы фыртæн:

– Цæугæ мæ разæй. Ацы хæрæджы сæры радт йæ хицауæн æмæ мын бацамон, кæм цæры Сохъыр гуымир, уый.

Челæхсæртæджы фырт Батырадзы разæй лидзгæ цыди. Сохъыр гуымиры цæрæнбынат æрбазынди ‘мæ Челæхсæртæджы фырт зæгъы: – Уæртæ йæ цæрæнбынат, ды кæй агурыс, уымæн æмæ йæм цу. Æз æм нæ бацæудзынæн.

– Уæд цæуылнæ?

– Аныхъуырдзæни мæ.

– Цæугæ мæ разæй, ды ам хъомылкодтай, ам рæзтæ ‘мæ цæуæнтæ хуыздæр зоныс.

Челæхсæртæджы фыртæн дæр гæнæн нал уыди. Ацыди разæй. Сохъыр гуымирмæ дзуры:

– Де сафæг æмæ ме сафæг дæр нæ цуры.

Сохъыр гуымир ралиуырдта ‘мæ йæм Челæхсæртæджы фырт йæ лæппу Хъæрæдзæуы сæр баппæрста. Сохъыр гуымир афтæ фенхъæлдта Челæхсæртæджы фырт амардта Хъæрæдзæуы. Февнæлдта Челæхсæртæджы фыртмæ, йæ роцъо йын йæ дзабыры фындзæй ыскъуырдта ‘мæ сæр йæ гуырæй атахти.

Уæд æм Батырадз дзуры:

– Хæрæджы фырт цыдæр! Уый маринаг куы уыдаид, уæд æй Батырадз дæр зыдта, фæлæ мын ныр додой дæ сæр кæны!

Хæцынтæ систой. Кæрæдзийы аууæрстой. Сæ хыл тæккæ былмæ ацыди. Уым фæхъæбысæй-хъæбысмæ сты ‘мæ сæ дыууæ дæр донмæ ныххаудтой. Сохъыр гуымир нæ састи. Уæд Батырадз Сохъыр уæйыджы мæсыджы бындзарæй систа, æмæ йын йæ мидæг Сохъыр гуымиры атъыста, стæй йæ фурдмæ фехста. Фурд æй йæ бынмæ нылласта ‘мæ Гуымир-уæйыг фесæфти. Уыцы рæстæджы Челæхсæртæджы хо уым февзæрди ‘мæ йæм Батырадз дзуры:

– Хуыцау ме ‘вдисæн, дæ дзырд дын сыххæсткодтон. Фæлæ йæ хъомылгæнæг мæнæй фыдæхдæр разынди ‘мæ йын йæ сæр аскъуыдта. Гуымиры-уæйыгæн йæхи та æз фурды ныррæцыгътон. Дæ маст æмæ Нарты маст дзы райстон.

– Бузныг, Батырадз. Дæ лæгдзинад ноджыдæр фылдæр кæнæд! – Бузныг дæуæн дæр. Æфхæрд кæй дæ, уый тыххæй дын мæнæ Сохъыр гуымиры бæстæ ‘мæ дзы цæр фæрнæйдзагæй.

Батырадз Нартæм æрцыди. Фæцин ыл кодтой Нартæ дæр.

Челæхсæртæджы хо дæр йе ‘фсымæры лæппуйы марды Челæхсæртæгмæ фæхæддзæкодта ‘мæ уый дæр мæстджынæй баззади. Хæрам хаста Нартæм, фæлæ æргом йæ бон цы уыди!

БАТЫРАДЗ ÆМÆ НАРТЫ ДÆСНЫ Нарты хъæугæрон æрцарди авд уæйыджы хо ‘мæ загъта:

– Æз дæн дæсны, хъæдгоммæгæс, хосгæнæг. Хуыцау æмæ зæдты скæнгæ. Кæд мæ, Нартæ, уæ цуры цæрын уадзут, уæд уæм фыдбылыз нæ уадздзынæн. Фыдбылыз кæуыл æрцæуа, уымæн та ‘вдадзы хос уыдзынæн. Нартæ йыл баууæндыдысты ‘мæ йæ хъæугæрон цæрын бауагътой. Авд уæйыджы дæр цинкодтой, зæгъгæ ныр хъаны цард кæндзыстæм нæ хойы фæрцы Нарты фæллойæ.

Авд уæйыджы хо сайæнми-сайæнтæгæнгæ ‘стыгъта Нарты.

Уæд иу бон Хæмыц аразы хæдзар æмæ йыл дур рахауди. Хæмыц хуыссы мæ йæ цæфæн хосгæнæг нæ уыди. Гæнæн æмæ амал н’ ардта. Уæд ын Сырдон зæгъы:

– Хæмыц! Дæсны нæм куы ис, цæуылнæ дæ дзæбæхкæны?

– Уæд уал сæмпæрчъийæ нæ цæуид æмæ йæ фадгæмттæ бамбæрзид. Цы нын феххуыскæндзæн?

– Исты удыбæстæ кæнын, чи зоны, у йæ бон.

Байхъуыста Хæмыц Сырдонмæ мæ сæ дæсныйы сæхимæ ‘рбакæнынкодта. Дæсны ‘ркасти цæфмæ. Æгæр тæссаг æй ысхуыдта ‘мæ зæгъы:

– Уæ дзуар æмæ хуыцауы аххосагæй фæцæф дæ, Хæмыц.

– Ау, æмæ цын цы кодтон?

– Уыдон тыхджын ысты. Сæхион дæ домдтой æмæ аххосджын дæхæдæг дæ.

– Сæхион та цы хонынц?

– Цалынмæ хæдзар аразын нæ райдыдтай, уæдмæ гал æргæвдын хъуыди. Куывд ыскодтаис, уæд дæм нæ фæхæрам уыдаиккой.

– Махмæ куывд, хæдзар арæзт куы фæуа, уæд ыскæнынц.

– Уыдон та раздæр домынц æмæ дын ныр та зынаргъдæр ыслæудзæни.

– Цас?

– Нарты дзуары раз гал аргæвдынкæн, мæнæн та мæхион. – Дæуæн та цы?

– Амонæггаг дыууæ тохъылы.

Хæмыцæн гæнæн нал уыди. Дыууæ тохъылы радта дæсныйæн. Йæ гал Нарты дзуармæ Сырдонæн арвыста ‘мæ йæ уым аргæвстой. Дæсны пысыра схускодта, стæй йæ баууæрста ‘мæ Хæмыцы цæфыл уый ныккæнынкодта. Хæмыцы цæфтыл дудаг пысыра куы сæмбæлди, уæд арсы богъ систа. Нартæ сæ куывды бадтысты. Сæхи хорз федтой Хæмыцы галæй. Хæмыцы хъæр куы фехъуыстой, уæд дыууæ кæстæры рарвыстой.

Дæсны цæм рауади ‘мæ зæгъы:

– Дзуæрттæ йæм лæбурдтой æмæ фæтыхсти. Аздæхут, фæдзæбæх ис. Лæппутæ дæр аздæхтысты. Хæмыц сæйгæйæ къорд бонты баззади. Уæд Сырдон фæрсы дæсныйы:

– Мæ зæды хай, æз дæр Нартæй æнæфхæрд нæ дæн, фæлæ ма зæгъ, пысырайы хусæй ма исчи цæф сæр дзæбæхкæны?

Дæсны Сырдонæн зæгъы:

– С-с-с! Мацы дзур. Нартæй цы тонæм, уымæй дын хай.

Сырдон дæр йæ дзых ныммыркодта, сусæгæй худти Нартыл, алæбон цæлдзых уыди дæсныйы ‘руаджы. Дæсны дæр цæ ‘нцонæй сайдта ‘мæ йе ‘фтиаг й’ авд уæйыг-æфсымæрмæ ‘рвыста: кæм галтæ, кæм тохъылтæ, кæм дзаума, кæм фæллой.

Авд уæйыджы дæр цæл-минаскодтой æмæ ‘ввонгæй цæуыннæ цардаиккой!

Йæ бон ныккæлæд – тыхджын Хæмыцы фырт Батырадз – кæцæйдæр фæзынди ‘мæ раздæр Сатанамæ бауади. Дзуры йæм:

– Гъе, Сатана! Дæ къæбицæй та мæ афсад.

Сатана йæм дзуры:

– Мæ дзаг къæбицтæ раджы равдæлон ысты.

– Уый та куыд?

– Фыдбылызы дæсны нæм фæзынди ‘мæ цыдæртæ дзуры мæрдты ‘мæ зæдты ‘взагæй, исы фос, хæзна ’ппæт дæр. Кæм цæ ‘вæры уыйас – ацу ‘мæ йæ базон. Не рагъæй нын нæ дзаумæ ласынкæны, нæ дзыхæй нын нæ къæбæртæ исынкæны.

– Ау, æмæ чи у, кæцон у?

– Йæхи хуыцау æмæ зæдты минæвар хоны.

– Багъæцæд, уымæн æз йæ къубал сыскъуындзынæн.

Батырадз сæхимæ бауади. Йæ фыд Хæмыцы хуысгæ баййæфта. Хæмыц радзырдта, цы йыл æрцыди, уый. Стæй йæ цавæрдæр дæсны кæй сайы ‘мæ йæ цæфы низ фыддæры йæддæмæ къаддæр кæй нæ кæны. Уæд Батырадз атахти дæснымæ. Байхъуыста ‘мæ кæсы: дæсны Сырдонимæ ныхаскæны. Батырадз цæ нæ бахъыгдардта, фæлæ Сырдоны раз бабадти, фæстæмæ здæхгæйæ. Дæсны та Хæмыцмæ ацыд. Сырдон дæр сæхимæ рацæйцыди, фæлæ йæ Батырадз йæ дыууæ хъусæй рацахста ‘мæ Сырдоны ’рдиаг ‘ссыди.

Дзуры йæм Батырадз:

– Тагъд мын зæгъ æппæт дæр раст, науæд дæ дуртыл фæхойдзынæн, дæ фыдыкомдзæгтыл мæргътæ ‘мæ сырдтæ куыд зилой!

Сырдон куыннæ фæтарстаид, радзырдта ’ппæт дæр Батырадзæн. Уæд Батырадз Сырдоны иуварс аппæрста, фæлæ дæснымæ бауади, Хæмыцы цурмæ. Йæ дыууæ ‘нгуылдзæй дæсныйы фындзы ргъиутæ æрбалхъывта ‘мæ йæ фæрсы:

– Чи дæ, уый мын зæгъдзынæ, æви нæ?

– Суадз мæ, хуыцау æмæ зæдтæй рарвитгæ дæн.

Батырадз дæсныйы фындз тынгдæр балхъывта ‘мæ йæ туг сæх-сæх райдыдта, стæй зæгъы:

– Хуыцау æмæ зæдтимæ æз иу фынгыл куы бадын, уæд дæ æз цæуылнæ зонын?

– Сæрмагонд æрвыст дæн.

– Уæдæ хуыцаумæ дæр мæнгард митæ ис, хæрæджы сæр хæра, менæ базонгæйæ Нарты адæмы ‘фхæрынкæны дæ хуызæн куырммæдзæуæг хъуддзытæн. Тагъд мын зæгъ, кæм цæрыс?

– Æз дæн авд уæйыджы хо.

Батырадз усы фындзы хъæл ыстыдта йæ рæбыныл æмæ йыл фæхъæр- кодта:

– Мæ разæй цу, кæм цæрынц де ‘фсымæртæ, уырдæм.

Дæсны усæн ма цы гæнæн уыд! Уæнгæй уæнгдæры дзæмбыты бахаудта, Батырадзы разæй, мыст гæдыйæ куыд лидза, уый ызгъорд кодта. Батырадз дæр æй уæгъд кæм уагъта.

Уæд æрбазындысты авд уæйыджы фидæрттæ. Дæсны хатиагау ныхъхъæркодта:

– Уе сафæг мемæ цæуы, уæгъд мæ нæ уадзы, æмæ кæнæ уæхи ‘фснайут, кæнæ йын исты хос йæ марынæн.

Батырадз хатиагау хорз æмбæрста. Дæсныйы йæ дзыггутæй рацахста. Уый йæ дзых куыд фæхæлиукодта, афтæ йын Батырадз йе ‘взаг ыстыдта ‘мæ йæ фехста Уæйгуыты фидармæ.

Уæйгуытæ авдæй тымбылæг сæ кæрты бадтысты ‘мæ Нарты ронгæй, сæ хо кæй фервыста, уымæй рæгъытæкодтой. Æвзаг сæ хистæры раз сæмбæлди ‘мæ йæ фелвæста. Стæй зæгъы:

– Диссаджы хъарм æвзаг,– æмæ йæ ахордта. Æвзаг хистæр уæйыджы гуыбыны абузын байдыдта мæ дзуры уæйыджы гуыбынæй:

– Дæ сæр бахæр, кæд йæ хойы ничи хæры!

Уæйгуытæ фæджихау ысты. Уæдмæ цæм Батырадз дæр фæмидæг и. Ныхъхъæр цыл ласта, æмæ уæйгуытæ кæрæдзийы сæртыл бихъуырæйттæ байдыдтой. Ралæууыди цыл Батырадз æмæ сæ кæрæдзийыл самадта. Сæ сæртæ цын ракъуырдтытæкодта, сæ хойæн дæр, стæй цæ Нартырдæм фехста. Дæсныйы сæр, Нартæ сæ ныхасы бадтысты, афтæмæй Сырдоны хъæбысы абадти. Уæйгуыты сæртæ та ныхасы астæу сæмбæлдысты. Сатана донмæ рацæйцыди ‘мæ цæ ку ауыдта, Нартæ сæры къуыдыртæй тæрсынц уый, уæд цын зæгъы:

– Ма тæрсут, гормæттæ, уый нæхионы зыввыттытæ сты.

Сырдон фæтарсти, зæгъгæ мын Батырадз мæ сæр дæр ныр лыгкæндзæни мæ фестади, сæхимæ руади ‘мæ уæрмы бамбæхсти. Батырадз авд уæйыджы гæнæхтыл ахаста йæ цæст – æмæ дунейы фос, фæллой, хæзна, дзаума! Фæлæ сеппæт дæр Нарты уыдысты, æмæ зæгъы:

– Диссæгтæ: уæртæ Уырызмæджы сырх галтæ, мæ фыды урс гал, Борæты фыстæ ‘мæ Алæгаты бæхтæ!

Фосыл сеппæтыл дæр ысхъæркодта ‘мæ цæ ратардта. Нартæй алчи згъордта. Æмæ хъæркодта, чи «мæнæ мæ хъуддзытæ» дзырдта, чи «мæ бæхтæ», чи «мæ гал» æмæ фосæй алчи йæхиуоны фæкодта. Батырадз акасти ‘мæ Сырдоны нæ уыны.

Сæхимæ йæм ныццыди, бахъæр æм кодта:

– Сырдон, æддæмæ мæм ракæс!

Сырдон уæрмы арфдæр ныббырыди. Дыггаг хъæр та бакодта: – Æддæмæ ракæс, Сырдон, Батырадз дæн!

Сырдон ыстарсти ‘мæ йын адæргæй йæ быны аирвæзти. Уæд Батырадз фембæрста: «Æвæццæгæн мæ тæрсгæ кæны». Æмæ сабырдæрæй бадзырдта:

– Ракæс мæм, Сырдон, ницы дын кæндзынæн.

Сырдон дæр гæды хъæдау ризгæйæ ‘сбырыди уæрмæй æмæ йæ сæр радардта сæ дуарæй.

Батырадз æм дзуры:

– Ракæс æддæмæ дын куы зæгъын!

Рацыди Сырдон æмæ тæрсгæйæ цыдæртæ спæртт-ыспæртгæнгæ дзырдта:

– Ма…ма, ма…мæ, ам…амар! М’ аххос нæ уыди.

– Тæрсгæ ма кæн, Сырдон, фæлæ дæ фос цæуылнæ ‘взарыс? – Мæнæн цæй фос ис, Батырадз?!

– Уæдæ цæугæ авд уæйыджы ‘мæ сæ хойы гæнæхтæм æмæ ма дзы фосæй кæй ыссарай, уыдон дæу, æмæ фæкæс Нартæн сæ дзаумæ, сæ фæллæйттæ хæссынмæ.

– Уый та куыннæ! Æз та мæлынæй фæтарстæн.

– Ма тæрс, Сырдон!

Сырдон дæр йæхи арæвдзкодта ‘мæ Нартимæ амбал и. Нартæ сæ фæллæйттæ ‘рхастой. Сырдон дæр æнæ фосæй фæфосджын ис Батырадзы руаджы. Хæмыц дæр цадæггай сыстади, радзæбæх, æмæ йын Нартæ цы гал бахордтой, уый ныхмæ йын уæйгуыты галтæй радтой.

Нартæ дæр та сæ гаччы сбадтысты, бон цын куывдæн уыди, æхсæв та чындзæхсæвæн. Фæлæ уæддæр Нартæ Сырдоныл худтысты, уæрмы кæй ныббырыди, уый тыххæй. Сырдон та цыл худти, Нартæ мард сæры къуыдыртæй кæй фæтарстысты, уый тыххæй. Кæм Нартæ – Сырдонæн, кæм та Сырдон – Нартæн.

БАТЫРАДЗ ÆМÆ САДЕНДЖЫЗЫ ‘ЛДАР Нартæм фыддæндаг хаста Саденджызы ‘лдар. Бæллыди, цы фыддæр æмæ исты ‘взæрдæр митæ бакæна Нартæн, уымæ. Арæх цыди хæтæнты, никуы цæ никæуыл хæст кодта раны. Нартæ сæхæдæг дæр хæтæны цæуаг уыдысты, æнцад никуы бадтысты.

Иуахæмы Нартæ та дард балцы фæцыдысты ‘мæ цæ къорд заманты ницыуал хъуысти. Саденджызы ’лдар уый базыдта мæ фсад æркодта ‘мæ Нартыхъæуы ‘рбадти. Нартæй бынаты ничи уыди, æмæ зæгъы хъæуты ма чи уыди, уыдонæн:

– Нартæ! Сымах фыдæлтæ махæн фыстой афæдзæй афæдзмæ чызг- хъалон æмæ мын цæ бафидут авд æмæ авд ахæмы фылдæрæй.

Нартæ кæрæдзимæ бакастысты ‘мæ йын зæгъынц:

– Мах фыдæлтæй ардæм хъалон циу, уый дæр нæ зонæм – ныр нæ ды цахæм хъалон агурыс?

Саденджызы ’лдар ныффуттытæласта ‘мæ хъæркæны:

– Кæд æй сымах нæ зонут, уæд ма йæ чи хъуамæ зона?!. – Нæ зонæм! Ницы зонæм! – зæгъынц Нартæ.

– Уæдæ уæм хуыздæр ницы фæнд ис?

– Ницы!

– Хорз, уæдæ, мæнмæ цы ’мбæлы, уый æз мæхæдæг тыхæй дæр бакæндзынæн.

– Фæкæн, кæд тыхæй дæ бон у, уæд!

Саденджызаг æлдар хæдзари-хæдзар, сыхæй-сыхмæ фæцыди, кæмдæриддæр ыссардта ног чындз, уыдон Нарты ныхасмæ æрымбырдкæнынкодта, сæ сабитæ сæ хъæбысы, афтæмæй. Равзæрста цæ авд фæлтæры авд чындзы æртæ сыхæй æмæ фæфардæг и йæ бæстæм, сæ сывæллæтты та цын Нарты ныхасы ныууагъта.

Дурдзавдæй куыннæ баззадаиккой Нартæ! Сатана рацыд. Нарты Стыр хæдзармæ бакодта сывæллæтты – дзидзидайты, стæй зæгъы Нартæн. – Хъуаз кæмæ ис, уый – хъуазы, саг кæмæ ис, уый саджы ‘хсыр æмбырдкæнут æмæ цæ хæссут Нарты Стыр хæдзармæ.

Нартæ хъуаз æмæ саджы ‘хсыр хæссын байдыдтой æмæ дзидзидай сывæллæттæн лæвæрдтой сывæдæгæй æхсыр.

Саденджызы ’лдар Нарты чындзыты йæ фидары бакодта ‘мæ цæ тухæнæй мардта. Сæ цæнгтæ цын фæстæрдæмыты ‘сбæттынкодта ‘мæ цын хæринаг афтæмæй лæвæрдтой. Нарты чындзытæн сæ риутæ ‘хсырæй ныддæнгæлтæ сты, раст къутуйы йæстæ баисты ‘мæ сæ хъæрзын цыди. Уæд цын астæуæй уæлæмæ сæ дарæс раласынкодта, сæ риутыл цын хъæрмуст хæцъилтæ ‘вæрдта, афтæмæй сæ риуты ‘хсыр фылдæрæй фылдæр кодта.

Саденджызы ’лдар цæм дзуры:

– Уæ маст мæхицæн дæр маст у, фæлæ Нартæ мæн нæ нымайынц, се ‘мвынг мæ нæ уадзынц. Ныр мæ кæд искуы ‘рхъуыдыкæниккой!

Нарты чындзытæ зæгъынц:

– Тæрсгæ ма кæн, Саденджызы ‘лдар. Нартæ рохгæнаг не ‘сты, тагъд дæ ‘рхъуыдыкæндзысты.

– Уомæ цын, фысым чи фæуа, уый та æз, мæнæ – Саденджызы ‘лдар!

– Нартæ сæхæдæг зонынц фысымæн фысымы кад радтын, сæ мастæн – фыдмаст ракæнын. Уыууыл дæ зæрдæ дар.

– Сымах дзурынмæ дæсны стут, фæлæ мын уæ хъиамæт мæ зæрдæйæн цард дæдты.

– Махæн та ‘лгъаг дæдты.

Саденджызы ’лдар нæ уагъта Нарты чындзыты къухтæ. Чындзытæ тыхстысты.

Саденджызы ’лдарæн авд чыззы уыди ‘мæ авд чындзы. Уыдон-иу разылдысты Нарты чындзытыл æмæ цыл худтысты, тутæ цыл кодтой. Саденджызы ‘лдары авд фырты та цын афтæ кодтой: хæфсытæ-иу æрбахастой, Нарты чындзыты риутыл цæ цавтой, куы та-иу цыл сæ бæтгæ бакодтой. Фыдæбон фыдæбоны фæстæ, маст масты фæстæ ‘взæрстой Нарты чындзытæ. Бонæй-бон æдыхдæр, бонæй-бон фыдуынддæр кодтой Нарты чындзытæ.

Иу бон Нарты гуыппырсартæ рцæйцыдысты. Базыдта цæ Саденджызы ‘лдар. Нарты чындзыты цæсгæмттæ Саденджызы ’лдар голджытæй се уæхсчытæм бамбæрзынкодта, йæхæдæг бавдæлд, сбæгънæг цæ кодта, сæ уæлæ ма уыди уæрагæмбæрзæнтæ, афтæмæй цæ мусы наййагыл бафтыдта ‘мæ цæ фосы скъæрд кодтой йæ дæлдæртæ. Саденджызы ‘лдар, йæхæдæг нæртон адæмы авд уæладзыджы сæрмæ скодта, рабадын цæ кодта гом уæзхæдзы* (*У æ з х æ д з – кадæггæнæгмæ гæсгæ у балкъонгонд дурдзæджындзтимæ.) ‘мæ цæ хыгъта. Сырдон фыдбылыз кæм нæ уыди. Нарты чындзытæм акасти ‘мæ дзы базыдта Сосланы усы. Сосланы усæн йæ дæлбикъ æртæ сау ыстъæлфы уыди. Бамбæрста хабар, фæлæ дзургæ ницы скодта.

Нартæн сæ разы февзæрди хæрд æмæ ныуæзт. Кодтой, цæл, бахъæлдзæг ысты.

Уæд цæм Сырдон дзуры:

– О, Уырызмæг! Æмбисæндтæ хæссынмæ диссаг куы дæ, уæд ма нын ракæн ногдæр æмбисондæй цы зоныс, уый.

– Цы дын ракæнон, Сырдон,– зæгъы Уырызмæг,– цæй фæдыл дæ фæнды?

Сырдон æй фæрсы:

– Цымæ, уæдæ лæгæй-усæй цы хъауджыдæр ис?

– Дæ мард дæлдæр фæуа Сырдонæн! Кæд уый нæ зоныс, уæд немæ хæтæны куыд фæцæуыс. Ус усæй баззайы, лæгыл цы хæс ис, уый бынтон æндæр у. Лæг чындзы нæ фæцæуы усау, стæй лæгæн ус кад кæны, æфсæрмы дзы кæны. Гом уæраг æмæ фад-зынæй лæджы рæзты ус никуы рацæудзæн, уæд уый æгад у.

– Уомæ гом уæраг æмæ фад-зынæй кæй ус фæцæуы йæ лæг æмæ мыггаджы рæзты, ахæм лæг дæр лæгыл ма нымад вæййы?

– Нал, нал, Сырдон!

Сырдон ницыуал загъта. Фæбадтысты Нартæ бирæ. Æрæджийау Уырызмæг фæрсы Саденджызы ‘лдары:

– Дæ хорзæхæй, нæ хорз фысым, дæ наййаджы цавæр адæм кусы? Саденджызы ’лдар зæгъы:

– Уыдон ахæм адæмы мыггаг ысты ‘мæ цыл дис чи фæкæны, уый цæ базоны, йæ бæстæйы арæнмæ ку ахæддзæ вæййы, уæд.

Нартæ фæрсынц ноджы:

– Сæ сæртæ та голджыты тыхт цæмæн ысты?

– Æз уын куы загътон – уæ бæстæйы арæнмæ куы фæцæуат, уæд цæ базондзыстут. Сæ сæртæ тыхт куынæ уой, уæд мæ наййаджы фæцæсты кæндзысты ‘мæ дзы зыгуымы йæддæмæ ницыуал æрывзæрдзæн.

Хæмыц фæрсы:

– Диссæгтæ дæр федтон, фæлæ най ц адæмæй кæныс, уыдон та гомзæнг цæмæн ысты?

– Хур цын се ‘стджыты куынæ сау кæна, уæд искæй зæрдæмæ фæцæудзысты, æмæ ма цæ мæнæн уæд цы пайда ис?

– Фадгом та цæмæн сты?

– Хъуамæ сæ къæхтæ хъæбæр уæзæг сывæрой, гаппар цæ куыд хауа, науæд цæй най бакæндзысты!

Нартæ арфæтæ ракодтой Саденджызы ’лдарæн æмæ рацыдысты. Сырдоны бафæндыди Сосланы амæстæймарын. Сæ бæстæм бахæддзæ сты Нартæ.

Уæд Сырдон зæгъы:

– Саденджызы ‘лдары найгæнджытæй разæй чи цыд, уый уæрджытæ куы федтон, уæд ма мæхи тыххæй бауырæдтон.

Сослан æм дзуры:

– Мæлæты мæркафа, дæ ныфс ды дæр цæмæ нæ бахæсдзынæ, æбон уæвгæйæ!

– Æз мыггаджы ‘фсæрмы кодтон, æндæра мæ хъуджы фæздæтты йас, уымæн йæ риутæ уыдысты ‘мæ сехсæн куы абырыдаин, уæд мæ бахъармкодтаиккой йæ хъуымыздзытæ* (*Х ъ у ы м ы з д з ы – ома йæ дзидзитæ.).

– Æнæмыггаг цыдæр, æмæ ды цæй мыггаджы кой кодтай, хæрæг Гæтæджы фырт?

– Гъе, Сослан, æз уымæн йæ бичъы сæрмæ федтон æртæ стъæлфы ‘мæ мæм дæ ус Бедухæйы хуызæн фæкаст.

– Уымæй мæнг дæ!

– Нæ дæн!

– Цæй, фæндагыл дæм цы дзурон, фæлæ дæм искуы мæ зæрдæ фехсайдта, уæд дын дæ дзых дзоныгъфаст акæнин иу уысммæ.

– Уæдæ хæснаг æрывæрæм!

– Уæд цæуыл? – фæрсы Сослан.

Аздæх Саденджызы ‘лдармæ, кæд уый дæ ус нæ разына, уæд мæ ме ‘взаджы цъуппæй æрцауындз, мæ рæхысæй мын Нарты куиты бабæтт. Кæд дæ ус Бедухæ разына, уæд уым Саденджызмæ, цы уагæй кусы, уыцы уагæй мæм æрцæуæд æмæ мæ ныннайæд.

Сослан зæгъы:

– Хорз, ыздæхын, фæлæ мын сар дæ сæр кæны!

Сослан аздæхти Саденджызы ‘лдармæ.

Саденджызы ’лдар Сосланы размæ уæрм ыскæнынкодта мæ æд бæх уым ныххауди. Саденджызы адæм Сосланы сбастой. Афтид мидæггæгты йæ Нарты чындзытæм бакодтой. Нарты чындзытæн сæ сæрбæстытæ систой. Сосланы ку’ ауыдтой, уæд ныцъæхахстластой, фæлæ цы ракодтаиккой? Ницы. Фегади Сослан йæ мыггаджы чындзыты ‘хсæн. Чындзытæ йыл тутæкæнынц, уайдзæфтæй йæ ‘фхæрынц, зæгъгæ нæм цы цæсгомæй æрбацыдтæ, уайсадæг гом чындзытæм. Бæргæ ма ‘хсыдта йæ къухы фыдтæ Сослан, фæлæ ницыуал.

Нарты сæргуыппыртæ сæхимæ ‘рцыдысты. Хабар базыдтой æмæ катайкæнынц: «Ай ныл цы бæллæхы ми сæмбæлди?»

Хуры чызг Батырадзæн хогонд уыди. Уый федта ацы митæ ‘мæ йæ цæссыг калгæ зæгъы Хурæн йæ фыдæн:

– Батырадз кæм ис, уый мын ыссар æмæ мæм тагъд хæддзæкæнæд. Хурæн Батырадзы цы ‘ссарын хъуыди! Уайтагъд æй Хур йæхи чызгмæ рарвыста.

Батырадз цингæнгæйæ бадзырдта:

– Цы кæныс, мæ хо, цæмæ мæм сидыс?

Хуры чызг æм æнкъардæй ракаст æмæ йæ фæрсы:

– Кæй дын зæгъон, уый сыххæсткæндзынæ:

– Дæуыстæн, сыххæст æй кæндзынæн!

– Нæ фæсайдзынæ?

– Дæуыстæн, нæ фæсайдзынæн!

– Уæдæ ацу Саденджызы ’лдармæ æмæ йæ æд хæдзарвæндаг какон сындзыл басудз.

– Цæмæн? Цы ракодта? – фæрсы Батырадз.

– Уырдæм куы ныццæуай, уæд æй базондзынæ.

Батырадз йæхи уæларвæй уыцыиу зыввытт раласта. Æндон зылланг ныккодта зæххыл. Авд ивазыны зæххы абырыди. Уырдыгæй фестади ‘мæ фæмидæг Саденджызы ‘лдары кæрты. Кæсы: устытæ бæгъæввадæй найкæнынц. Сæ риуты ‘хсыр ныццахсти мæ кæрæдзийы дæйынц. Базыдта Нарты чындзыты Батырадз.

Дзуры Бедухамæ:

– Æфсæрмæй нал у, мæ чындз, сæрбахъуыды цы нæ вæййы, фæлæ ма зæгъ: кæм и Сослан?

– Саденджызы ’лдар æй йæ ныггæнды цæнгтæбаст æмæ къæхтæсагъдæй дары.

Батырадз бауади ныггæндмæ. Сосланы бæстытæ фæлыгтæкодта, йæ хъæбысы йæ ныккодта. Стæй уырдыгæй Нарты чындзыты суæгъдкодта. Сæ дарæс ыскодтой æмæ Батырадз Саденджызы ‘лдары хæдзары фæмидæг и. Фæхъæр æм кодта:

– Гъе, хæрæг кæй ныййардта, уый цыдæр! Ды куыд бауæндыдтæ Нарты чындзытæй найкæнын, æви нæ бынтон сæфтыл банымадтай? Ныццавтой кæрæдзийыл сæхи. Батырадз æй йæ хъустæй фелвæста Саденджызы ‘лдары ‘мæ йæ арцыл æрсагъта. Саденджызы авд фырты, авд чындзы, авд чыззы ракодта Батырадз. Какон сындз цын фæкæнынкодта. Стæй йæ цъынаамад ыскæнынкодта. Цъынайы мидæг цæ бакодта ‘мæ цыл арт бандзæрста. Цъыбыртты сыгъд байысты Саденджызы ‘лдары бинонтæ. Саденджызы ’лдарæн та йæхи, бæласы афаста Батырадз, фастаджы æлдары цæнгтæ атъыста, стæй йæ суагъта ‘мæ дзедзыройгæнгæ баззади Саденджызы ’лдар бæласыл.

Уырдыгæй ратардтой Саденджызы ‘лдары фос мæ Нартæм рацыдысты. Нартыхъæу цæм ыззынди ‘мæ Сослан æрынкъард и.

Батырадз æй фæрсы:

– Цы кæныс, Сослан, æви фаг фæллой нæ тæрæм?

– Кæнгæ уыйбæрц ницы кæнын, фæлæ Сырдоны хæрæгæн фембылд дæн. Мæ ус хъуамæ Сырдоны ныннайа, ус дæр бæгънæг куыд уа, афтæмæй, æмæ ма уæд цæй Сослан ис Сосланæй?

– Ма тыхс, уымæн дын йæ хос мæнмæ.

Æрцыдысты Нартыхъæумæ. Нарты адæм куыннæ ныццинкодтаиккой! Чындзытæй алчи дæр йæ сабийыл йæхи ныццавта. Сырдон дæр æрбазынди, Батырадз æм дзуры:

– Гъе, Сырдон, йе мыггагæй нæ дæ, йе хистæр, йе кæстæр нæ зоныс? Кæм æгъдау, кæм та дзы ‘фсарм дæр вæййы.

Сырдон бамбæрста, Батырадз æм афтæ Сосланы тыххæй дзуры, уый, æмæ йæ фæрсы:

– Ныхас ныхас у Батырадз, фæлæ иугæр афтæ у, уæд дæ дзырдыл дыууæ нал зæгъдзынæн æз дæр. Дæ номæй мæ ныхас сæттын.

Нартæ та сæ фыддзаг бынаты абадтысты.

БАТЫРАДЗЫ БАЛЦ

Нарты Батырадз зæгъы Сатанайæн:

– Цæуын афæдзбалцы æмæ мын исты ахæрынкæн.

Сатана Батырадзы раз авæрдта ‘нæхъæн галы агъд æмæ къæртайы дзаг ронг. Уый цæ ахордта, анызта. Йæхс фелвæста, йæ дæндæгтæ дзы асхъаудта æмæ феддæдуар ис.

Цæуынтæ байдыдта йæ дард балцы. Ахызти Нарты зæххæй, уæддæр йæ цыд нæ уадзы. Бахæддзæ Хъуымы бæстæм. Ахызти донæй. Уалынмæ быдыры ауыдта бæхрæгъæуттæ. Бæхгæс хъазы ‘мæ худы, кафы ’мæ зары. Батырадз æм бирæ фæкасти, стæй йæ фæрсы:

– Цæй хъæлдзæг дæ, ацы бæхгæс?

– Куыннæ уон хъæлдзæг, кæд абон цингæнæн бон у!

– Цæмæй уæд?

– Адау-æлдар ус хæссы ‘мæ уый цинаг у.

– Адау-æлдар та чи у?

– Мæнæ ацы бæхты рæгъæутты гæс.

Батырадз арасти дарддæр. Иу хъомгæс зæххыл нал хæцы ‘мæ хæрдмæ хауы фырцинæй. Батырадз уый дæр фæрсы:

– Цæуыл у дæ цины сæр?

– Цинагыл цин хъæуы, хорз бæлцдзон.

– Æмæ æз куы ницы цинаг уынын.

– Адау-æлдар чындзæхсæв кæны, адон йæ фос ысты, æмæ йæ ды куыннæ зоныс?!

Ницы загъта Батырадз. Цæуы ‘мæ та амбæлди фыййауыл. Фыддзаг дыууæйæ тынгдæр уый цинкæны.

Фæрсы уый дæр Батырадз:

– Цæуыл афтæ тынг цинкæныс, фыййау?

– Куыннæ цинкæнон, абон цинты сæр уыдзæни, Адау-æлдар чындзæхсæв кæндзæни.

– Уымæй дæуæн цы ис? – фæрсы Батырадз.

– Адау-æлдар ахæм у: исты цины бон куы фæкæны, уæд лæвæрттæ дæр зоны. Æз та мæгуыр лæг дæн æмæ мæ исты уæлдай фæуыдзæни. – Уæд лæвæрттæ та кæмæнты фæкæны?

– Фиййæуттæн – фосæй, хъомгæстæн – хъомæй, бæхгæстæн – бæхтæй, лæггадгæнджытæн – дзаумайæ, кæнæ хæзнайæ.

– Уæд Адау-æлдар уазæгæн та куыд у?

– Ныр йæ цины бон у ‘мæ – хорз, æнæуый йæхимæ бындз батæхын дæр нæ уадзы.

– Уæдæ мæн дæр ысуазæгкæндзæн?

– ‘Суазæгкæндзæн, æрмæст æм фыд, хорзæй мацы ‘сдзур. Йæ рæдыдæн дæр ын «о» æмæ «раст у» дзур.

Бахæддзæ ис Батырадз Адау-æлдары хъæумæ. Адæм сæ зонгуытыл бæгъæввадæй рæнхъæй кæрæдзийы фæстæ алæууыдысты, сæ сæртыл æвæрд хуынтæ æмæ иу ыстыр агъуыстмæ цæуынц. Батырадз фæдисау ис. Хъæугæрон иу зæронд ус, йæ хæдзары кæрты суджы лыггагыл бадти ‘мæ куыдта.

Батырадз æм дзуры:

– Цæуыс кæуыс, мæ мадыхай?

– Цы кæнон, мæ хъæбул? Æнæ кæугæ дæр мын цы ис?

– Ау, абон алчи цин куы кæны фыййауæй æндæрæй, уæд ды цæуыл æнкъард дæ?

– Уыдон не ’лдарæй æнхъæлцау ысты, фæлæ æз та ‘рхæндæг дæн. – Цæмæн уæд?

– Не ’лдар Адау-æлдар у. Мæнæн цæуæт ис иу чызг æмæ иу лæппу. Адау-æлдарæн йе ‘взæрдзинад дардыл хъæр у. Чызг чындзы н’ ацæудзæн нæ хъæуы чызгæй, худинаг нæ кæны. Æз дæн мæгуыр зæронд ус. Хуыцау мын фыдбылызы рæсугъд чызг радта. Хъомыл æй кодтон сусæгæй. Æстдæс азы уый зæххон адæймаг нæ федта, æстдæс азы йæхæдæг дæр никæй федта. Ныр йæ чындздзон афон ысси. Мæ лæппуйæн йе ‘мцахъæн сæрæн гуырд æмбал ис. Иу бон мæ лæппу йе ‘мбалимæ цуанæй æрцыдысты. Цыдæр фыдбылызæн мæ чызг хæдзары цыдæр ми кодта. Мæ лæппуйы ‘мбал ауыдта чыззы ‘мæ бауадзыг и. Нал чъицыдта. Талынгты йæхи ‘мбарын байдыдта. Уæд æй мæ лæппу фæрсы: «Цы кодтай, æвзæрæй дын куы ницы фæдæн?» Уый загъта: «Мæнæн цæрæн нал ис, абон уæ хæдзары цы чыззы федтон, уый ма мын иу хатт куынæ равдисат, уæд». Мæ лæппу зæгъы уазæгæн: «Уый мæ хо уыди». Æмæ йæ ракодта. Мæ чызг ахæм фыдæбоны рæсугъд у, æмæ хур йæ цуры тар кæны. Йæ буары рухсæй хæдзары къуымтæ ныррухс ысты. Цыдæр фыдбылызæн мæ рудзынг гомæй аззади. Рухс не ’лдар Адау-æлдары цæсгомыл аныдзæвди. Йæ дæлдæртимæ мæм фæдисы цæуæгау æрцыдысты. Мæ лæппу ‘мæ мын мæ уазæджы ‘рцахсынкодта, сæ риутæй цын мысан ыскæнынкодта мæ цæ фатæй æхсынц. Чыззы та йæхицæн акодта. Æз ам тæригъæддагæй баззадтæн. Батырадз амæсты ‘мæ та фæрсы:

– Уæд адæм та сæ зонгуытыл цæмæн лæууынц бæгъæввадæй? – Лæвæрттæ хæссынц, кæмæ цы ис æмæ кæмæн цы йæ бон у, уый. – Уæдæ цæмæй базонон дæ лæппу ‘мæ дæ уазæджы, уый мын зæгъ, æз æм ныртæккæ цæуын!

– Уымæн ницы бакæндзынæ тыхæй, цы – уый хинæй. Хуыцаумæ скув æмæ мæ дыууæ ‘нгуырстуаны дзаг æхсыр радуц, дæ фатты фындзтæ дзы ‘ртæ хатты стул æмæ йæ стæй афтæмæй фехс, æндæра дын н’ амæлдзæни – мæ фырт æмæ мæ уазæг къулыл тыгъд ысты.

Батырадз хуыцаумæ скуывта, усы риутæй дыууæ ‘нгуырстуаны дзаг æхсыр радыгъта, стæй дзы ртæ хатты йæ фæттæ стылдта ‘мæ бацыди Адау-æлдары кæртмæ. Дуар ын нæ кодтой.

Батырадз адæмæн зæгъы:

– Сыстут æмæ уæ хæдзæрттæм фæцæут, кæннод æз хæцын куы райдайон, уæд уæ исчи мæ быны бабын уыдзæни.

Адæм сыстадысты ‘мæ сæхи бафæсфæдтæкодтой. Батырадз бадзырдта:

– Адау-æлдар! Æддæмæ мæм ракæс!

Ничи ракасти.

Ноджыдæр бахъæркодта дыггаг, æртыггаг хатт.

Уæд Батырадз æфсæндуарыл бахæцыди тыхæй, йе ‘вдузæнтæ йын ыстыдта, дуар систа мæ йæ фехста. Æдау-æлдар дæр уæд расæррæтласта, хæцынтæ систой фатæй – ничи цæ састи, бавнæлдтой кардæй – ничи цæ састи. Стæй армæй бавнæлдтой кæрæдзимæ. Æртæ боны ‘мæ æртæ ‘хсæвы æнæрулæфгæйæ фæхæцыдысты. Сæ къæхты бын дур хуырæй ызгъæлди, хъæд ысхъистæ кодта, сыджыт рыгæй тахти. Батырадз тæвд байдыдта. Адæм дискодтой: ай цавæр адæймаг у: Адау-æлдармæ хæцынмæ йæ ныфс чи ’рхаста?

Зæронд усы ауыдта Батырадз æмæ йæм бадзырдта:

– Дон ма мыл æрбакал, мæ мадыхай!

Зæронд ус адæмыл фæхъæркодта, адæм иу уысммæ кæрæдзийы фæрстæм алæууыдысты цæугæ доны уонг. Донгæрзтæ дзаг кодтой, кæрæдзийы къухтæм донгæрзтæ донимæ лæвæрдтой æмæ йæ Батырадзыл калдтой. Хæст дарддæр цыди. Уæд Батырадз боны фæстагмæ уазал кодта, Адау-æлдар та – тæвд. Батырадз февнæлдта. Æдау-æлдармæ, йæ донгæмтты йын йæ болат æнгуылдзтæ атъыста ‘мæ йын йе ‘взаг йæ ласæггаджы уонг ыстыдта. Æдау-æлдар уымæй «уæу» дæр нæ фæкодта, фæлæ фыддæр хæст райдыдта. Кæрæдзийы къæдзæхтæ фæркгай ыскъуыдтой æмæ уыдонæй – хостой. Батырадз февнæлдта Адау-æлдары хъустæм, ратыдта цæ. Адау-æлдар та Батырадзы дзыхы йæ къух фæтъыста. Батырадз цыл йæ болат дæндæгтæй æрхæцыди ‘мæ йын йе ‘нгуылдзтæ атæхынкодта. Адау-æлдар фембæрста, ай хуымæтæджы лæгимæ кæй нæ хæцы ‘мæ архайдта цæмæй ма аирвæза, фæлæ йæ Хæмыцы фырт нал уагъта. Йæ ронбастæй йæ систа, зæххыл æй ныххуырста. Æртæ хатты ма йæ гæндзæхтæ ацагъта, стæй йæ уд систа.

Адау-æлдары хъæуы адæм Батырадзæн райдыдтой арфæтæ. Сæхицæн æй æлдарæй уырæдтой, фæлæ Батырадз не сразы и.

‘Ссардта къулыл тыгъдæй зæронд усы лæппу мæ уазæджы, рафтыдта цæ. Зæронд ус йæ фырты ныхъæбыскодта ‘мæ уазæджы, йæ чыззы, Батырадзы ‘ркодта сæхимæ. Йæ уазæгæн зæронд ус чындзæхсæв ыскодта, йæ чыззы йын радта, къухылхæцæг та Батырадз уыди. Æнæхъæн къуырийы дæргъы ахаста чындзæхсæв, уыйфæстæ адæм зæронд усы лæппуйы хистæрæй, æлдарæй равзæрстой адæм сæхицæн. Зæронд усы лæппу ‘мæ йæ сиахс Батырадзæн балæвар кодтой тинты кæрц ахæм: хъызт бон лæджы буар хъарм кодта, тæвд бон та – уазал. Бирæ йын радтой фосы рæгъæуттæ ‘мæ цæ Батырадз дæр Нартæм æртардта. Нартæ фосы байуæрстой, стыр куывдтæ кодтой æмæ цæл-минасæй сæ рæстæг æрвыстой.

НАРТЫ НЫХАСЫ

Нарт сæ ныхасы æрæмбырд ысты ‘мæ тæрхæттæкæнынц. Сæ иутæ зæгъынц:

– Цæмæн ма бæззæм, Нартæ Нарт уæд уыдысты ‘мæ сæ сидзæрты куы рæвдыдтой.

Иннæтæ зæгъынц:

– Нал бæззæм, Нартæ Нарт уæд уыдысты ‘мæ сæ идæдзтæн лæггад куы кодтой.

Аннæтæ зæгъынц:

– Цæмæн ма стæм, Нартæ Нарт уæд уыдысты, сæ кæстæртæ нуазгæ куынæ кодтой, сæ хистæртæм куы хъуыстой æмæ уæздандзинад куы ‘вдыстой.

Уæд Нарты зæрæдтæй иу сыстади, æвзист нуазæн систа ‘мæ зæгъы: – Нартæй хъæбатырдæр чи у, уый йæ айсæд!

Нартæй ничи фезмæлыд. Хæмыц æй райста ‘мæ зæгъы:

– Нуазæн м’ аггаг у.

– Æмæ дæуæй цæй хъæбатыр ис?

– Мæ фырт Батырадзæн æй исын.

Уыцы зæронд лæг дыггаг æвзист нуазæн систа ‘мæ зæгъы: – Нартæй сылгоймагыл хорз чи уызæлы, чи йæ хъахъхъæны, уый айсæд ацы нуазæн дæр!

Нартæй ничи фезмæлыди йæ бынатæй. Хæмыц та нуазæн райста ‘мæ зæгъы:

– Ацы нуазæн дæр мæн у.

– Дæу кæцæй у, сылгоймæгтæ дæ уынгæджы куы фесты, дæ фыдбылызы Æрхъыз-дæндагимæ.

– Мæ фыртæн æй исын.

Зæронд лæг æртыггаг æвзист нуазæн систа ‘мæ зæгъы:

– Нартæй фынгыл уæздандæр чи у, уый айсæд ацы нуазæн дæр. Йæ бынатæй та ничи фенкъуысти. Хæмыц та бацыди ‘мæ райста нуазæн, стæй зæгъы:

– Ацы нуазæн дæр мæн у.

– Дæу куыд у, гал дын иу хæрдæн куынæ фаг кæны, уæд! – зæгъынц Нартæ.

– Мæ фырт Батырадзæн æй исын,– загъта Хæмыц.

Ахаста уыцы бон Хæмыц æртæ æвзист нуазæны дæр. Дыггаг бон æрымбырд ысты ногæй сæ Ныхасмæ ‘мæ зæгъынц:

– Хæмыц йæ фырты номыл æртæ ‘взист нуазæны ахаста ‘мæ йæ бафæлварын хъæуы.

– Йæ размæ йын барджытæ арвитæм! – зæгъы Уырызмæг.

Нартæ фондзыссæдз хъæбатыры равзæрстой. Батырадзы размæ цæ рарвыстой æмæ йæ разы бабадтысты. Батырадз дæр хъæдæй рахызти ‘хситтгæнгæ ‘мæ сабыр цыдис йæ бæхыл. Уæд æм хъæдæй Нарты фæсивæд рагæпластой æмæ йæ суынгæгкодтой. Батырадз цæ йæ фæдыл расайдта, стæй цыл фæстейæ раздæхти ‘мæ сеппæты дæр фæцæнкуылтæласта. Хæмыцы фыддзаг ныхас æрцыди.

Дыггаг хатт та Батырадз балцы уыди. Нартæ йын йæ усы фарсмæ сæ хъомгæсы схуыссын кодтой изæры. Батырадз æмбисæхсæвты ‘рбацыди. Йæ хуыссæнмæ бацыди, федта йæ усы фарсмæ хъомгæсы хуысгæ. Уый цæ ноджы баныуæрста, йæхæдæг дуармæ рацыди. Кæрдæгыл йæ нымæт айтыгъта, йæ саргъ йæ нывæрзæн бавæрдта, æ уæлæфтауæй йæхи рымбæрзта ‘мæ ‘рфынæй и.

Райсомы Батырадзы уæздандзинад Нартыл ахъæр и, алчидæр ын арфæтæкодта Батырадзæн.

Æртыггаг хатт Нартæ куывд кæнын æрæмысыдысты. Авд къуырийы сæхи фæцæттæкодтой. Авд къуырийы фæстæ æрымбырд ысты Нартæ. Фынгтыл рабадтысты иууылдæр æмæ авд боны сæ куывд ахаста. Нарты адæм хордтой, нуæзтой, фæлæ авд боны дæргъы Батырадз йæхи бауырæдта: хойрагæй авд комдзаджы дæр н’ акодта, нуæзтæй авд æртахы дæр нæ банызта. Иугæндзон кодта лæггад. Нарты адæм кастысты Батырадзмæ ‘мæ дзы сбуц ысты. Æрцыди цыл Хæмыцы ртыггаг дзырд дæр. Къуырийы фæстæ Нартæ сæ Нахасы тымбылæй бадтысты. Батырадз дæр семæ. Уæд Уырызмæг фæрсы Батырадзы:

– Зæгъ-ма, Батырадз, кæм сахуыр дæ афтæ ‘гъдауджыныл: – Уыдон дардыл дзуринаг ысты,– зæгъы Батырадз.

– Байхъусдзыстæм дæм неппæт дæр.

Уæд Батырадз райдыдта дзурын.

– Гуыбыны хорздзинадæн уæздандзинад базыдтон иу ран. Уыдыстæм дыууадæс æмбалы. Иу бон цуаны фæцыдыстæм. Амардтам иу дзæбидыр. Аргæвстам æй, уæларт æй бавæрдтам. Ме ‘мбæлттæ мæм хæлцон радтой æмæ мæ дон хæссынмæ барвыстой. Æз хæлцоны дон исын байдыдтон æмæ нæ дзаг кодта! Уæд мæм ме ‘мбæлттæй иу æрбацыди ‘мæ зæгъы: «Дон цæуылнæ хæссыс?»

Мæ хæлцон нæма байдзаг и зæгъгæ загътон.

«Ау, æмæ йæ нæ зоныс, уый нæ байдзаг уыдзæнис, уый?» «Цæмæй йæ зонын?»

«Уый зыд æмæ кæрæф лæджы хæлцон у, æмæ йын байдзаг кæнæн нæй», загъта ме мбал æмæ уæд базыдтон гуыбыныл хæцын.

Уырызмæг зæгъы:

– Раст дæ, Батырадз. Лæджы уæцъæф байдзаггæнæн нæй.

Нартæ уыцы ныхасмæ ныхъхъус ысты.

Батырадз та дзуры:

Сылгоймагæн уæздандзинад æмæ кад раттын та базыдтон æндæр ран. Нудæс æмæ ссæдзæй хæтæны уыдыстæм. Бон изæрмæ фæзылдыстæм, ницы ссардтам æмæ ныл иу комы ‘рталынг. Æхсæвиуатмæ ‘рхъавыдыстæм. Кæсæм æмæ иу ранæй рухс цæуы. Сфæндкодтам уырдæм бацæуын. Араст ыстæм, уæдæ цы уыдаид! Бацыдыстæм иу хæдзармæ. Хæдзары мад æмæ чызг. Табуафси, фысым уын ыстæм зæгъгæ загътой. Хорз нæ суазæг кодтой.

Æхсæвы бахордтам æмæ нын нудæс æмæ ссæдзæй дыууæ уаты бакодтой. Нудæсæй иумæ хуыссыдысты, ссæдзæй та иумæ. Дыууæ хуыссæны афтæ уæрæх уыдысты æмæ цæ сæрибарæй цыдыстæм. Рухс ахуыссынкодтой. Чызг йæ дарæс раласта, н’ астæу – ыссæдзы ‘хсæн – абырыди. Мад дæр раласта йæ дарæс æмæ нудæсы ‘хсæн абырыди. Уæд мад хатиагау дзуры йæ чызгмæ: «Æ, дæ бындар фæуай, иу лæг уæлдай сты уыдон æмæ уый дæр дæхи бакодтай».

Æз ныхас бамбæрстон, æмæ чыззы рæвдаугæ цы бакодтон, уый йæдтæмæ не ‘хсæн æвзæрдзинадæй ницы уыди.

Райсомы сыстадыстæм æмæ нын фæззæг-хъуг аргæвстой. Мад чызгмæ хатиагау дзуры:

«Цал сæры сты?»

«Нудæс!» зæгъы чызг.

«Æмæ ссæдзæм цы кодта?»

«Тынг уæздан разынди».

Хъуджы фыд ысфыхти, йæ фыдызгъæл ын фынгтыл æркалдтой. Йæ басæй йын мад амбæхста къусы дзаг, иннæйы акалдта. Мах хъудж хæрд фестæм. Уæд мæм мад къусы дзаг бас радавта ‘мæ зæгъы: «Саггаг æй кæн æмæ йæ бахуыппытæкæн, хæс дын у».

Æз дæр æй банызтон.

Цæуыны къахыл ныллæууыдыстæм. Ме ‘мбæлттæ ракъахдзæфкæнынц æмæ атонынц. Фæцагъды сты се ’ппæт дæр. Иунæг æз ма дзы баззадтæн, æмæ абон дæр уе ‘хсæн дæн.

Уырызмæг та зæгъы:

– Хорз бакодтай, Батырадз. Сылгоймагæн аргъ хъæуы. Уæргъ æппарын æм нæ хъæуы.

Батырадз та дзуры:

– Æххæст уын ме ‘хсардзинады кой дæр ракæнон.

Æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинад мæ куыдзæй базыдтон. Хæтæны ахуыр лæгæн иу ран бадын зын у. Уыдтæн та хæтæны. Федтон иу сырды ‘мæ мæ йæ фæдыл сайын байдыдта. Уыцы сырд иу лæгæтмæ бацыд æмæ дзы ссæдзæй рацыд. Дыггагмæ бацыд æмæ дыууиссæдзæй рацыд. Дис мыл бафтыд, зæгъгæ ай цы хабар у. Æртыггаг лæгæтмæ бацыд – æртиссæдз баисты. Цыппæрæм лæгæтæй – цыппарыссæдзы. Фæндзæм лæгæтæй фондзыссæдзы баисты. Афтæ цал лæгæтмæ хызтис сырд, уал ыссæдзы йæм æфтыди. Сæ нымæц дæр цы фæнды уæд, фæлæ уыдысты ‘мхуызон, æмыйас, æмуæз, æмгæс. Иумæдзы фат фæдардтон, фæлæ мæм иннæ хуыздæр фæкаст. Афтæмæй дзы иуы амарын дæр мæ бон нæ уыди ‘мæ æнæ уыцы сырдтæй иу æрхæсгæйæ дæр мæм æрцæуын нæ цыдис. Хъуыдыкæнын, цы бакæнон, уыууыл. Загътон мæхицæн: «Цæй уæддæр дзы иуы фехсон». Барæй мæ цæстытæ бацъындкодтон, цæмæй æвзаргæ мауал ракæнон. Уæд мæ разы иу ыстыр куыдз февзæрди. Мæ фат мын ратыдта ‘мæ мæм адæймаджы ‘взагæй дзуры:

«Цæмæн марыс адоны?»

«Иу дзы ахæссон!» загътон æз.

«Марын тæригъæд хъуыддаг у, фæлтау цæ ахсгæ ркæн!» загъта та куыдз.

«Æмæ дзы цал æрцахсдзынæн?» афарстон æй.

Куыдз азгъордта, иуы дзы рацахста ‘мæ йæ хъыллист ыссыди. Иннæтæ йæ сурынтæ систой. Стæй куыдз сырды аппæрста æмæ мын зæгъы: «Федтай гъеныр?»

«Федтон!»

Азгъордтон æмæ дзы иуыл фæхæст дæн. Йæ хъыллистмæ иннæтæ кæрæдзийы фæдыл ныххал ысты ‘мæ мæ фæдыл лидзынц. Æз тымбыл зылд кæнын æмæ цæ куыд фæстагæй ахсын байдыдтон. Сеппæт дæр мæ къухты бафтыдысты. Гъеуый уын ме ‘ртыггаг ныхас.

Уырызмæг зæгъы:

– Уымæй дæр раст бакодтай. Хъуыддаджы бацыдтæ зæгъгæ, уæд дзы фæстейы къæдзил уадзын нал хъæуы, уый фыдбылызсайæн вæййы. Нартæ Батырадзмæ фаг фæхъуыстой æмæ йын йæ хъæбатырдзинады тыххæй арфæтæ фæкодтой.

Батырадзы дæсныйад Нартæ уæд базыдтой.

БАТЫРАДЗ САТАНАЙЫ КУЫД ÆРКОДТА Дыууæ фурды астæу, æртæсæрон кæфхъуындар ысбадти ‘мæ Нартæн дон хæссын нал уагъта. Нартæ тыхсын байдыдтой. Нарты лæг фæсивæд дард бæлцуæтты уыдысты Батырадзы йæдтæмæ.

Батырадз уæларв дауджытæм хуындуаты уыди. Æртæсæрон кæфхъуындар æрдомдта Нартæй чызг-хъалон, фæлæ Сатана нæ разыкодта, никæй дæр уагъта Нарты чыззытæй кæфхъуындармæ. Сатанайæн æрмахуыр уари уыдис æмæ уымæн афтæ зæгъы:

– Уæларв дауджыты фынгыл бады мæхи Батырадз æмæ йæм фæтæх, зæгъ ын: кæд бадыс – сыст уæлæмæ; кæд лæууыс – уæд бадгæ мауал ыскæ, фæлæ мæм хæддзæ-кæн.

Уари уæларвмæ атахти. Уæдмæ æртæсæрон кæфхъуындар Нартыхъæумæ ‘рбацыд æмæ цæ ‘рдомдта чызг-хъалон.

Сатана зæгъы:

– Махмæ ахæм фæтк нæй æмæ чызг нæ, фæлæ карчы цъиу дæр радтæм хъалонæн, уæд нæ ды цы баййардтай?

Æртæсæрон кæфхъуындар амæсты ис Сатанайы ныхæстыл æмæ зæгъы: – Уæдæ кæд нæ фидут, уæд æз дæуæн дæхи ахæсдзынæн æртæ боны мгъуыдмæ.

Æртæсæроны кæфхъуындар Сатанайы аскъæфта дыууæ фурды ‘хсæнмæ. Уалынджы Батырадз æрхæддзæ ис ‘мæ фæрсы Нарты зæрæдты: – Цы у, цы хабар æрцыд?

– Цы хабар ма уа? Сатанайы æртæсæрон кæфхъуындар аскъæфта, чызг-хъалон кæй нæ фыстам, уый тыххæй.

– Кæцырдæм æй аскъæфта?

– Дыууæ фурды астæумæ!

Батырадз фырмæстæй цæхæртæ скалдта. Хуыздæр бæхы аивтыгъта ‘мæ дыууæ фурды астæумæ фæрасти. Иу фурдæй ахызти ‘мæ иу фыййауы ауыдта.

– Дæ бон хорз уа, фыййау! – дзуры йæм Батырадз.

– Хорз дæ хъуыддаг уа, бæлцдзон. Кæцæй фæдæ? Абæстыл мæлдзыг зæххыл абырын куынæ уæнды, цъиу та – атæхын æртæсæрон кæфхъуындарæй, уæд ды чи дæ?

– Мæн дæр раст уый фенын фæнды, хылмæ йæм нæ цæуын, цы мын кæндзæн?

– Кæна дын, æви нæ, уый мæнмæ нæ хауы, фæлæ мæлæты дзыхмæ дæхи къахæй цæуыс æмæ дæ хуызæн сахъ гуырдæн нырма раджы у амæлын. – Ницы кæны, фыййау, фæлæ ма зæгъ куыд æй ыссарон?

– Цу ацы иураст фæндагыл æмæ йыл æмбæлдзынæ.

Батырадз арасти йæ фæндагыл. Сæмбæлди йыл иу ус, дзуры йæм: – Дæ фæндаг раст уа, мæ хойыхай?

– Æнæнизæй цæрай, мæ хур. Кæйонг фæндарасткæныс?

– Æртæсæрон кæфхъуындармæ.

– Цы йæм тагъдкæныс æвзонг уæвгæйæ? Дæхимæ куыд ысмæсты дæ, мæнæ æз сæфын уый æгъгъæд нæу?

– Ницы кæны, мæ хо, кæд йемæ ныхаскæнын базонин. Фæлæ ма зæгъ, бирæ цæуын ма йæм хъæуы?

– Æрдæг бонцау.

– Уæдæ хорзæй баззай, æз æм атагъдкæнон! – загъта Батырадз æмæ йæ бæхы бацагайдта.

Фæцыдис та бирæ. Иу лæгыл ноджы амбæлди, уымæн арфæ ракодта: – Дæ фæндаг раст уа, ме ‘фсымæрыхай!

– Дæ хъуыддаг дæр раст уæд, мæ хæдзар. Кæйонг фæндарасткæныс? – Цæуын, æртæсæрон кæфхъуындармæ.

– Уагæр цæуыл дæхи сафыс! Мæнæ йæм æз цæуын, уый æгъгъæд нæу? Ды та нырма æвзонг дæ мæлынæн.

– М’ амонд афтæ у, æдзæугæ дзы нæй.

– Фæлæу уæдæ. Мæнæ чысыл фалдæр æз цæрын. Райсом уый мемæ хылкæндзæн, мæхæдæг æм кæй нæ цæуын, уый тыххæй æмæ исты бауынаффæкæнæм.

Батырадз ысразы ис. Уыцы ‘хсæв баззади лæджы хæдзары. Федта: æртæ сывæллоны сæ мады къабæзтыл хæцынц æмæ кæуынц.

Батырадз лæджы афарста:

– Цæуыл кæуынц ацы сывæллæттæ?

– Æртæсæрон кæфхъуындар цын дон хæссын нæ уадзы ‘мæ уымæн. Дойны цын у.

Батырадз акасти: бирæ фосы дзугтæ, фаг холлаг сæ разы, фæлæ се ‘стæгдар ныхъил ис.

– Ацы дзугтæ та цæмæн афтæ мæллæг ысты. Ахæм холлаг цæуылнæ хæрынц? – афарста Батырадз.

– Цæмæн куы зæгъай, уæд цын дойны у ‘мæ афтид холлаг сæ хъуыры нал цæуы.

Батырадз ницыуал ысдзырдта. Æхсæвы йæ фæллад ысуагъта, райсомы сыстад æмæ йæ фысымæн зæгъы:

– Дæ дарæс мæнæн радт, ды та мæ дарæс ыскæн, стæй дæ бæсты æз ысхæцдзынæн æртæсæрон кæфхъуындаримæ. Кæннод ды куы схæцай, уæд дыл, мыййаг, фæтых уыдзæн æмæ дæ аныхъуырдзæн. Мæнæн дæр хъыгуыдзæн. Кæд мæныл фæтых уа, уæд уый ницы кæны, дæу æфсон мæн бахæрдзæн, ды та удæгас баззайдзынæ.

– Уый та куыд, мæ уазæджы куыд сафон?

– Мæн ничи зоны, мæ удыгас кæй хъæуы?

Сразы фысым. Баивтой сæ дарæс. Батырадз æртæсæрон кæфхъуындары размæ бацыди, кæрæдзийыл сæхи ныццавтой. Батырадз æй иу цæф ракодта ‘мæ йе ‘ртæ сæрæй иу фæхаудта. Сæр æртæсæрон кæфхъуындары фидæрттыл сæмбæлди. Уæд Сатана зæгъы:

– Ох-хай, уый нæртон лæджы цæф куы у. Де уазæг уæд, хуыцау! Батырадз уæдмæ кæфхъуындары дыггаг сæры дæр атæхын кодта. Сæр фидары сисыл сæмбæлди ‘мæ йæ къул æркалди.

Сатана ракасти ‘мæ зæгъы:

– Уый Батырадз куы хæцы. Хуыцау, йæ фарс фæ-у, ныр мын тас нал у.

Батырадз кæфхъуындары ‘ртыггаг сæр дæр ахауынкодта ‘мæ сæр Сатанайы размæ батылди. Сатана базыдта, кæфхъуындар амарди, уый æмæ сæрыл батукодта. Уыйадыл сæр ратылди ‘мæ йæ гуырыл ногæй аныхæст. Стæй дзуры Батырадзмæ кæфхъуындар:

– Ацы сæр мын уадз, цы мæ домай уый дын раддзынæн.

– Уæдæ Сатана кæм и?

– Рацæуы дæм.

Батырадз рæхсад æрчъийæ кæфхъуындары синтыл афтæ ныллæууыд æмæ æрчъийы быдтæ кæфхъуындары синтыл сæ фæд ныууагътой. Уæдæй фæстæмæ кæфхъуындары рагъ чырынтæ у ‘мæ иу сæримæ у.

Батырадз зæгъы кæфхъуындарæн:

– Амæй фæстæмæ дыл иу сæры йæддтæмæ куыд нал уыдзæнæмæ адæмыл хъалон нал æвæрдзынæ, уый тыххæй æвдисæн уæд, зæххыл ыскæнгæ фидæрттæн-иу сæ иугай тигътæ ‘ркæлæнт.

Уыцы ныхас æрцыди кæфхъуындарыл, æмæ алы фидар мæсыгæн дæр раздæр йæ иу тигъ æркæлы.

Батырадз æмæ Сатана рацыдысты. Йæ фысым дæр мæлæтæй фервæзти, ус дæр афтæ. Нарты адæм Батырадз æмæ Сатанайы сæ хъæбысты кодтой. Стæй ыстыр куывд ныззылдтой æмæ авд боны ‘мæ авд æхсæвы куывдон адæм фынгтæй нæ сыстадысты.

НАРТЫ ’МБЫРД

Нарты гуыппырсартæ ‘мбырдæй бадынц сæ къæлæтджын бандæттыл. Тæрхонкодтой уыдон сæ дзыллæйы сæрыл.

– Нарт, Нарт уæд уыдысты, арв цæ нæрын уæд нæ уæндыди æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл, алчи цæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл.

Нарт, Нарт уæд уыдысты ‘мæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинад йæддæмæ куы ницы ирвæзти.

Нæ дзыллæ, дзыллæ уæд уыдысты ‘мæ сæ сæр сæрмæ куы хастой, сæ къæсæртæ бæрзонд ку’ арæзтой: мидæмæ цæугæйæ сæ сæр гуыбыр цæмæй нæ кодтаиккой, намæ Хуыцаумæ афтæ фæзындаид æмæ уымæн кувынц… Хуыцауæн кувын дæр аггаг нæ кодтой сæхицæн.

Афтæ радзырдта Нарты ’мбырды иу хистæр.

– Адæмтæ хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардмæ уæд хъуысти, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй* (*Ронг – нæртон нозт.) сæ бæрц куы зыдтой. Ацы рæстæджы хуызæн сæ мæрдты къоти куы нæ калдтой нозт æмæ хæрдыл; æнæгъдау фырнозтæй се ‘фсарм куы нæ сæфтой, сæ зонд, се ’хсар куы нæ састой. Стырæй чысылæй, сылгоймагæй, нæлгоймагæй æмрасыг куы нæ кодтой.

Загъта аннæ хистæр:

Н’ адæм, адæм уæд уыдысты æмæ нæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой; сылгоймаджы сæрыл нæ мæнг дунейы чъизи куы нæ кодта ничи йæ цæсгом.

Уый радзырдта æртыггаг хистæр.

Æмæ рахастой Нарты хистæртæм æртæ тыны* (*Т ы н – æвзист нуазæн сызгъæрин дзаумайæ.) – фыдæлты кадджын æмæ зынаргъ хæзнатæ. Райста дзы Уырызмæг иу тын æмæ загъта:

– Ацы хæзна Нарты хистæртæ аггагкæнынц, нæ фæсивæдæй æд зонд хъæбатырдæр æмæ хæрзæгъдаудæр чи разына, уымæн.

Д’алфамбылаймæ ку’ акæсай, уæд æхсарджын адæймаг, чъирикуывдæй дæр зын ыссарæн фæци. Сæфты къахыл æрлæууыди Нарт. Давд, сайд, мæнгард, фæлывд, козбаудзинад, дæ райгуырæн бæстыл гадзырахатæй зилынæй фылдæр ницыуал ыссардзынæ алы ран дæр. Зæрдæ цæмæй барухс уа, нæ бæстыл ахæм уацхъуыдæй ницыуал фехъусдзынæ.

Сидзæр, идæдз, мæгуыры кæуын æмæ дзыназын нал æнцайы Нартæн йæ иу кæронæй аннæмæ: цæрын цæ нал уадзынц тыхгæнджытæ, абырджытæ. Уыцы наггæгтæн, бæсты арæзт чи халы, арт ыл чи ’ндзары сæ фыдбылызтæй – уыдонæн уайдзæфкæнын чи бафæраза æргомæй, ахæм адæм ыскуынæг ысты н’ астæу. Сæ дзырд, сæ тых чи баиу кæна ‘взæрдзинад æмæ тыхдзинæдты ныхмæ чи ‘рлæууа, уыдон сæ бындзарæй чи стона, ахæмтæ арæх нал фендзынæ, нал, Нарты.

Æмæ æдзæсгæмттæ, ард кæмæн нали, сомы – уыдон хæрæгæй хуым кæнынц, æхсныфæй нуазынц адæмы туг…

Йæ ныфс уæ чи бахæсдзæн ацы хæзнамæ?

Йæ бадæнæй систа Нарты Хæмыц йæхи æмæ дзуры:

– Æз исын ацы тын.

– Уый та куыд?! Ды рагæй дæр д’ аууонæй куы тæрсыс, лæгмæ комкоммæ бакæсын куы никуы бауæндыдтæ зæронды бонмæ.

– Раст загътат, Нарты хуыздæртæ. Æз уын мæхицæй цæмæй раппæлон, уымæй мæм ницы ссардзыстут, фæлæ… мæ фырт Батрадз… Табу хистæрты фарнæн! Уымæй хъæбатырдæр, уымæй ныфсджындæр нæ разындзæн Нарты. Уый æвзæрдзинад дæр нæ бакæндзæн, кæнын дæр æй нæ бауадздзæн йæ разы.

– Ацы хæзнайæ кадджынкæнынц Нарты хистæртæ уыцы адæймаджы, хуыздæр чи разына йæ гуыбыныл, лæджы уаргъ зынæй дæр хæссын чи бафæраза кæрæй-кæронмæ, кад æмæ радæй.

Æмæ та ‘сдзырдта Хæмыц:

– Мæнмæ цæуы ацы тын дæр.

– Зæрдæмæ бацæуинаг нæу, Хæмыц, дæ хъуыддаг: дæ фыдгуыбын дын чи нæ зоны, иу ахæм адæймаг дæр нæй Нарты. Ничи дын базыдта никуы де ‘фсис: иннабонæй иннабонмæ бæркад никуы ‘ссыди дæ дзыхæй фынджы уæлхъус.

– Мæ фырт Батырадзы сæрыл исын ацы тын дæр: гуыбыныл дæр ничи разындзæн уымæй хуыздæр.

– Æртыггаг тын Нарты хистæртæ саггагкодтой, сылгоймаджы тыххæй æгъдауджындæр чи разына нæ фæсивæдæй, фылдæр чи ныббара йæ сылгоймагæн.

– Никæмæ йæ ауадздзынæн ацы хæзна дæр,– загъта ма ноджы Хæмыц.

– Адæмæн æмбисонд куы фæци дæ хъохдæндаг, быруйы хуынчъытыл куы бырыдтæ ды искæй устытæм, дæхи ус,– Быценты чыззы – дæ дзыппы куы хастай, уæд уый зæгъын та куыд бахъæцыд дæ цæсгом!

– Уæ уайдзæфтæ сæ бынаты сты, фæлæ уый зонут, куиты Нарт, æмæ сылгоймаджы тыххæй дæр никуы ссардзыстут ‘мæ фырт Батырадзæй уагджындæр.

Уæд Нарты хистæртæ сфæндкодтой бавзарын Хæмыцы фырт Батырадзы йæ хъарутæй:

Æмæ Батырадз балцæй куыд æрбацæйцыди, афтæ йын Нарты хистæртæ арвыстой йæ размæ фондзыссæдз барæджы.

Батырадз куы бамбæрста, йæ размæ кæй бадынц, уæд базмæлынкодта йæ бæх, цыма фæтарсти уыйау. Барджытæ арæнхъ ысты йæ фæдыл. Уæд цæм уый фездæхта йе ‘ргом, æмæ… дæ балгъитæг афтæ! Иу лæджы хуызæн федта сæдæ барæджы. Бирæ дзы нал ыссардта йæ хæдзар. Чи ма дзы аирвæзт, уыдонæн дæр сæ сисбынтæй калди сæ туг æмæ сæ рондз.

Куывды бадтысты Нарт иннабонæй иннабонмæ. Батырадз дæр уыд æмбырды. Фынгтæ афтæ сарæзтой æмæ дзы Батырадз не ‘ххæст иумæ дæр. Иннабонæй иннабонмæ Батырадз комдзаг не ‘схаста йæ дзыхмæ, фæлæ уæддæр хъæлдзæг дæр зарыд иннæтæй, аивдæр уыди йæ кафт. Æмæ та Батырадз йæ хæдзары нæ уыди, афтæ йын хъомгæсы барвыстой йæ усмæ. Баййæфта хъомгæсы йæ уаты. Раздæхт кæртмæ, йæ быны йæ нымæт æрытыдта, йæ саргъ йæ нывæрзæн бакодта æмæ уыйадыл йæ къах дæр нал атылдта хурыскастмæ.

Тæрхоны лæгтæн ысбæлвырд ысты æнæмæнгæй Батырадзы лæгдзинæдтæ; аггаг ын ыскодтой фыдæлты хæзнатæ, фæлæ ма ныхас уыди с’ астæу.

– Нарты фæсивæдмæ Батырадзæй æххæстдæр гуырд кæй нæ разынди, уый æцæг у, фæлæ нæ хъуыддаг кæронмæ н’ ахæццæкодтам, куы нæ базонæм, куы нæ бамбарæм,– цæмæ гæсгæ райста Батырадз, цæмæ гæсгæ йын адджын фесты уыцы лæгдзинæдтæ.

– Диссаг уæм хъуамæ фæзындзæни, Нарты хæрзæджытæ,– байдыдта Батырадз,– фæлæ хъæбатырдзинад, сарæхсын ‘мæ зæрдæмæ бахастон мæ цуанонкуыдзæй.

– Уый та куыд?

– Цуанæй æрбацæйцыдтæн иу хъæуыл. Бирæ куитæ æрæмбырд мæ куыдзыл. «Хæрдзысты мын æй», загътон мæхинымæр. Уалынмæ кæсын æмæ куыдз ай-уый нал, фæлæ асхуыста размæ. Æвæдза куитæ фæиугай ысты йæ фæдыл, афтæ цæм фездæхта йæхи ‘мæ цын батыхтæкодта.

Æмæ уæд бахастон мæ зæрдæмæ: знаджы басæттынмæ куы хъавай, уæд афтæ бакæн, цæмæй ызнаг фæдихтæ уа, фæхæлиу уа йæ тых, цæмæй нал æмбарой кæрæдзийы, уæд зын нæу йæ байсафын.

– Гуыбыны тыххæй та нын цы зæгъинаг дæ?

– Цуаны уыдыстæм æмæ сырд амардтам. Нæ фæллад ысуадзæм зæгъгæ ‘рбынаткодтам. Арт бандзæрстам, физонджытæ фæкодтам сырды мардæй, хистæртæ нæм дзурынц:

– Донæн нын амал ыскæнут.

Араст ыстæм донагурæг. Фæндагыл нæ чидæр иу хызынгонд ыскъуырдта йæ къахæй. Айстам æй немæ. Кæсæм æмæ иу къæдзæхæй тæдзы сыгъдæг дон. Тæдзæнмæ байдыдтам дарын нæ хызынгонд. Дарæм, дарæм, фæлæ йын байдзагкæнынæн амал нал ис: хызынгонд ивæзы ‘мæ ивæзы. Æрхастам дон, адæм басастой сæ дойны, фæрсæм цæ: «Цавæр мигæнæн у ацы хызынгонд, уыцы ивæзт чи кæны!»

Фæтæрхонкодтой уыцы ран бирæ чи фæцард, бирæ чи ‘мбæрста ‘мæ загътой цæхгæр: «Уый лæджы уæцъæфы йæддæмæ ницы уыдзæн! Уымæн нæй байдзаггæнæн, ничи ма йын базыдта æгас дунейыл дæр никуы йе ’фсис».

Уæдæй фæстæмæ никуыуал байдзагкодтон æз мæ гуыбын: фырхæрд – фыдрын. Фæлтæрын байдыдтон мæхи. Цыппар дихы кодтон ‘мæ кæрдзын иу рæстæджы, æртæ хайы дзы-иу бахордтон: мæ тых къаддæр нæ кодта, мæ куыст уæлдай нæ фæци. Уыйфæстæ ме ‘стонг кæрдзыны ‘рдæгæй састон, æгас кæрдзынæй йæ куыд састон, афтæ.

– Сылгоймаджы сæраппонд цы ‘гъдæуттыл хæцыс, уыдон тыххæй та уæд куыд хъуыдыкæныс?

– Нарты фæсивæд ыстæры уыдыстæм нудæс æмæ ссæдз барæгæй. Бафтыдыстæм иу тыгъд быдырмæ. Быдыры никуы – бæлас, никуы – дон. Нæ къухы ницы бафтыд. Бæхæй – лæгæй æвирхъау æнтæф бон нæ сæрæн нал уыдыстæм æнæ дон æмæ æнæ хæринагæй. Æризæр, афтæ кæсæм, æмæ рухс цæуы иу ранæй. Бахæддзæ стæм рухсмæ, фысым агурæм. Рухс кæцæй цыди, уым разынди хъæуд. Хъæуы ныггæндхæдзæрттæ. Ус æмæ нæм чызг рацыдысты иу ранæй, лæг зынæг нæй.

У – фысым уын фæуыдзыстæм: уазæг Хуыцауы уазæг. Кæрæдзимæ ракæсбакæс акодтам, æмæ æнæлæг хæдзары куыд æрынцайæм зæгъгæ, фæлæ ‘рхызтыстæм нæ бæхтæй æмæ цæ кæстæрты ‘вджид бакодтам.

Нæ фысымтæ нын хорз æхсæвæр сарæзтой. Фæсахсæвæр нын бакодтой хуыссæнтæ дыууæ уаты: иу уаты ссæдзæн, аннæйы та нудæсæн. Уалынмæ хъусын. Мад æмæ чызг, нæ уæлхъуслæугæйæ хатиагау ныхаскæнынц, нæ балæй та ‘рмæст æз æмбæрстон хатиагау.

– Чызгай, æз абонæй соммæ дæн, кæд æрбамæлдзынæн, уый бæрæг нæй: æз ницуал бавзардзынæн зæрдæмийæ, æхсызгондзинæдтæй. Дæуæн цард бацайдагъ уæд,– æндæра, зæгъæн цын нæй, уыйбæрц бирæ фендзынæ. Афтæ бакæнæм æмæ ссæдзæн æз раддзынæн æгъдау, нудæсы та дзы ды барæвдау.

– Уæ, Нана, мæлын хистæрæй кæстæры сæрыл нæу. Зæронд бæх байрагдзармы хор бирæ хатт бахæры. Æз нæма рацарддæн, ницыма федтон, фендзынæн, æви нæ, уый дæр дыууæйыл у. Ды та ацардтæ, дзæвгар федтай… Ссæдзæн æз хъуамæ зæгъон: «Æгас цæут!»

Æмæ бамбæрстон уæд,– сылгоймаг мæгуыр кæй у, тыхст сахат ыл кæй ыскæны рæстæгæй-рæстæгмæ. Уыцы ран дзырд радтон мæхицæн: мæ фыды хæдзармæ цы сылгоймаг æрцæуа мæномыл, уый куыд никуы фæсайдзынæн, йæхæдæг куы фæрæдийа, уæддæр æй азымы кæй никуы бадардзынæн.

Арфæ ракодтой Нарты хистæртæ Хæмыцæн йæ фырт Батырадзы тыххæй, арфæ ракодтой Батырадзæн.

Систой сæхи сæ къæлæтджын бандæттæй æмæ ахæлиу ысты æмбырдæй.

ТЫХДЖЫН БОРÆТÆ

Иу аз Нарты кæрдæг не ‘рзад æмæ сæ фос сыдæй мардысты, Сырдон цын бацамыдта: «Мукарайы зæххыл хорз кæрдæг». Афтæмæй Нарты фæсивæд хæлттæ сæппæрстой, кæй хал ысхауа, уый цæ куыд атæра хизынмæ Мукарайы зæхмæ. Хæлттæ ‘ппарыныл ысразы сты. Сырдон йæхи хæлттæппарæг фæкодта ‘мæ барæй Уырызмæджы фырт Сосланы хал ысхауынкодта. Сослан ын йæ хин ми базыдта, æхсаргард æм фелвæста. Сырдон алыгъд, мыст фестад, сисы хуынчъы бабырыд. Сослан хуынчъы дуармæ слæууыд æмæ йæм дзуры:

– Додой мын кæны дæ сæр, æз ардыгæй нал ацæудзынæн, дæу хъахъхъæндзынæн æмæ дæ ‘ххормагæй гъеуым ныммардзынæн.

Сырдон ын лæгъстæ байдыдта:

– Усуарзаг, куы дæ, ауадз мæ æмæ дын далæ дыууæ денджызы хуыдзыхы Хъызмыдæ-рæсугъды усæн дæ къухы бафтынкæнон.

Сослан ысразы, рауагъта йæ. Сырдон Сосланæн бафæдзæхста: – Ды хъазт сараз, æз ацæудзынæн æмæ Хъызмыдæ-рæсугъды хъазтмæ рхондзынæн æмæ хъуыддаг сараздзыстæм.

Сослан ысразы ис. Сырдон йæ хорз бæхыл абадт æмæ чызгмæ ацыд. Йе ‘рцыдмæ Сослан хорз хъазт куыннæ сарæзтаид!

Сырдон ацыд. Хъызмыдæ-рæсугъд галуаны авдхатæн æрхуы мæсыджы бадт. Йæ дондзау чызг донмæ рацæйцыд. Сырдон йæ бæхы ныцъцъыччытæкодта. Бæх йæ мидбынаты чъыллиппытæкæны, размæ нал цæуы. Сырдонæн йæ бæх дæр йæхи хуызæн хин уыдис.

Чызг дон ысхаста ‘мæ Хъызмыдæ-рæсугъдæн радзырдта:

– Диссаг, нæ дуармæ иу лæг йæ бæх нæмы мæ бæх не ‘нкъуысы. Хъызмыдæ-рæсугъд æй арвыста:

– Бафæрс-ма йæ, цы йæ хъæуы ‘мæ йæ бæхы цæмæн нæмы?

Чызг ацыд. Сырдоны фæрсы. Сырдон афтæ зæгъы:

– Нартыхъæумæ цæуын, мæ бæх нал цæуы ‘мæ йæ нæмын.

Чызг та хабар ысхаста. Хъызмыдæ-рæсугъд чыззы арвыста: – Цу ‘мæ йын зæгъ, бæхæй куыд ахиза мæ гъауæд цæудзæн. Чызг та Сырдонмæ ацыд æмæ йын Хъызмыдæ-рæсугъды ныхас радзырдта, æмæ Хъызмыдæ-рæсугъд кæсы.

Сырдон чызгмæ дзуры:

– Нартыхъæуы стыр æмæ хорз хъазт, æз уырдæм тагъдкæнын æмæ уый куынæ фенон, уæд æз бæхæй цы кæнын?

Чызг та ‘ссыд æмæ Сырдоны ныхæстæ Хъызмыдæ-рæсугъдæн радзырдта. Хъызмыдæ-рæсугъд та чыззы рарвыста.

– Ацу уæдæ ‘мæ дзы кæд æцæг ахæм хъаз ис, уæд æз дæр цæуын. Дæ бæх уал ысуадз, куы бафсæда, уæд цæудзæн æмæ мах дæр нæхи ацæттæкæнæм æмæ иумæ цом.

Чызг та йын куы радзырдта, уæд Сырдон чызгæн загъта: – Уæдæ цом æмæ мын Хъызмыдæ-рæсугъд йæхæдæг зæгъæд.

‘Ссыдысты ‘мæ йын йæхæдæг дæр афтæ радзырдта. Стæй гъеуæд Сырдон йæ бæхыл сахсæн бабаста, хорз æй фæхызта ‘мæ ‘нхъæлмæ каст. Уалынджы Хъызмыдæ-рæсугъд хæдтулгæ уæрдоны абадт, Сырдон йемæ ‘мæ йæ фæрсы:

– Дæ чегъыре та чи уыдзæн?

Хъызмыдæ-рæсугъд загъта:

– Æз дзы никæй зонын æмæ ды фæ-у мæ чегъыре.

Сырдон ысхæддзæ разæй, Сослан æй афарста:

– Дæ Хъызмыдæ-рæсугъд кæм и?

Сырдон ын загъта:

– Æрбацæуы.

Хъызмыдæ-рæсугъд æрбахæддзæ. Сырдон æм ауад æмæ йæ симды Сослан æмæ йе ‘фсымæр Созырыхъойы ‘хсæн ныххæцынкодта ‘мæ симын байдыдта.

Сау хохæй Сау уæйыг кæсы ‘мæ йæ мадæн загъта:

– Нарты хъазт ис, Хъызмыдæ-рæсугъд уым ис. Хъавынц æй сæхи бакæнынмæ, æз та рагæй уымæ ‘нхъæлмæ кæсын æмæ йæ уыдонæн н’ ауадздзынæн.

Мад уæйыджы нæ уагъта:

– Уыдонæй нырыуонг дæр фос ничи ма фæкодта, фæлтау дæхицæн бад.

Уæйыг дын ын афтæ:

– Ды цы зоныс, мæхи бар мæ уадз.

Ацыд, хъазтмæ ныццыд. Хъазты Сосланæй чыззы астæу æрхæцыд. Сосланы зæрдæ хорз нал уыди, хæсдзæн мын æй Сау уæйыг зæгъгæ. Батырадзмæ дзуры:

– Кæм дæ, мæнæ мын мæ цин Сау уæйыг куы халы?

Батырадз æрбауад, Сосланæй Сау уæйыджы ‘хсæн æрхæцыд. Симынц. Батырадз Сау уæйыгæн йæ къахыл фæлæууыд, ‘сриуыгъта йæ. Уæйыгæн йæ син фелвæст æмæ, ауадзут мæ, нал симын зæгъгæ йæхи суæгъд кæныныл архайдта, фæлæ йæ нал ауагъта, асим уал зæгъгæ Батырадз.

Симын хорз куы у, æнæбары симд та кодта, стæй та йын йæ мæкъуыстæг дæр ыстыдта Батырадз. Уæйыг йæ симд ныууагъта ‘мæ йæ цонг йе ‘ккой ыскодта мæ йæ мады размæ ‘ссыди ‘мæ йæ йæ цонгæй ыснадта, ды фыдæмбæлæг дæ зæгъгæ.

Хъазт фехæлд, Сослан Хъызмыдæ-рæсугъдимæ афидыдта, æрхаста йæ йæ хъуывгъандзуан чызгимæ.

НАРТЫ БАТЫРАДЗ

Батырадзæй фесæфти йе ‘фсымæр. Агурын æй байдыдта фыддзаг дæлдзæхы, стæй та уæларвы. Уæларвæй куы ‘рцæйцыди, уæд сæмбæлди иу зæронд лæгыл.

Кæм уыдтæ зæгъгæ йæ бафарста Батырадз.

– Кæм циу! Мæ фырт фесæфти, цыппар боны цæуы, афтæ,– загъта зæронд лæг,– æмæ уый агурын.

Батырадзы ‘фсымæр дæр фесæфти раст уыцы бон.

Зæронд лæг загъта:

– Уæларвон Найсын цæ бæргæ зонид.

Батырадз та ‘ссыди уæларвмæ, бацыди Найсынмæ ‘мæ йæ бафарста. Найсын загъта:

– Де ‘фсымæр æмæ зæронд лæджы лæппу дæлæ Ахъденджыз æмæ Хъæрæденджыз иу кæм бавæййынц, уым хæйрæджыты къухы сты.

Батырадз ныццыди уырдæм æмæ йын хæйрæджытæ нæ састысты. Стæй цæ уæддæр тыххæй ракодта. Батырадзы фсымæр-иу уыди баст, зæронд лæджы лæппу та уæгъд æмæ цæ ‘ргæвдынмæ нардкодтой хæйрæджыты ‘хсæнмæ.

НАРТÆН БАТЫРАДЗ ÆЛДАРМÆ ХÆЦЫНМÆ КУЫД АЦЫД Батырадз балцы ацыди. Уыцы заманты-иу хъæздыг лæг Нартмæ рарвыста, бæх уæм лæвæрд ис дугъы уайынмæ зæгъгæ. Аннæмæй цæм-иу уыцы рæстæджы æлдарæй хабар ыссыд: «Уæ, Нарты хъалтæ, æрцæут мæм, æмæ уын уæ четæнхæдæттæ æмæ уæ цъæхтынæй цухъхъатæ хомæй раивон». Уый уыди æфхæрæн гæххæтт.

Сагъæскæнын байдыдтой Нарт, уæдæ цы хуыздæр бакæнæм зæгъгæ. – А, бæхæн ма Тутыры дугъон ракурдзыстæм, фæлæ æлдарæн та цы дзуапп раддзыстæм. Лæппутæ, акæсут уæртæ рагъæй, нæ фыдгуырд никæцæй зыны?

Лæппутæ хабар æрбахастой, Батырадзы йæхсы къæртцытæ хъуысын байдыдтой зæгъгæ. Дыггаг бон Батырадз сихорыл æрбахæддзæ. Кæсы ‘мæ Нарт уарийы цагъд кæрчыты хуызæн лæууынц.

– Цы кодтат, цы уыл æрцыди? – фæрсы цæ Батырадз.

– Цы ма кæнæм? Бæх лæвæрд нæм ис, стæй нæм æлдарæй ахæм хабар ис зæгъгæ бамбарын кодтой Батырадзæн.

– Æ, уаих фæуат, æмæ уымæй цæмæй тæрсут? Цæугæут тагъд æмæ ‘ркæнут Тутыры дугъоны, æлдармæ æз хабар арвитдзынæн.

Батырадз æлдармæ арвыста:

– Мах дæ хомтæ æмæ мычъыртантыл куы ‘рвæссиккам, уæд дын дæ бирæ мулк не ‘ккойы схæссиккам.

Дугъы Нартæн сæ бæх фæразæй.

Уæд Батырадз зæгъы:

– Цæуын ныр æз æлдармæ хæцынмæ.

Йæ фыды бæхыл бабадти ‘мæ арасти. Цæуынтæ байдыдта ‘мæ цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ æлдармæ ныххæддзæ ис. Кæрæдзийæн саламтæ радтой, стæй йын Батырадз загъта:

– Ды махмæ афтæ ‘мæ афтæ рарвыстай, æмæ дæм ныр хæцынмæ ‘рцыдтæн.

Æлдар ын йæ цæстæнгас куы федта, уæд бамбæрста, ай сæфтгуырд нæу, уый æмæ йæм дзуры:

– Лæппу, мæ хæцæнгæрзтæ цæттæ не сты æмæ иу æртæ мæйы фæстæ ‘рцу.

Батырадз рараст сæхимæ. Æлдар арвыста й’ адæммæ се ‘гасмæ дæр:

– Ахæм лæг мæм æртæ мæйы фæстæ хæцынмæ ‘рцæудзæн, æмæ уый чи амара, уымæн ме ‘ртæ чызгæй – барæвзар, мæ мулкæн та – йе ‘мбис. Æлдары дзырдмæ ‘рцыди фараст тыхгæнæг уæйыджы. Хæссын цæ байдыдта. Уалынмæ хурыскæсæнырдыгæй иу тыхджын лæг æрбацыд, йæ цæстытæ сасиры чъилты йæстæ ‘мæ æлдармæ дзуры:

– Уæ, цытджын æлдар, цы кодтай, цы дыл æрцыди, мæ сæр дæ цæмæн бахъуыди?

Уый йын загъта:

– Стыр тыхгæнæг æрбацæудзæн, æмæ кæд уый амарай, уæд дын ме ‘ртæ чызгæй – барæвзар, стæй мæ мулкæн – йе ‘мбис.

Æлдары дуармæ цы хъæд уыд, уымæ фæлæбурдта ‘мæ йæ йæ дыууæ къухы ‘хсæн æрбапырхкодта, æз ын афтæ акæндзынæн зæгъгæ. Æлдар уыцы лæджы авд уæладзыджы сæрмæ скодта, уым æй æрбадынкодта йæ чыззыты фарсмæ ‘мæ йæ хæссын байдыдта.

Тохы бон æрхæццæ мæ Батырадз рараст сæхицæй. Æмбис фæндагыл æм йæ бæх дзуры:

– Лæппу, цæуыс, фæлæ куыд цæуыс, куыд, уый ма мын зæгъ. – Æмæ æз цы зонын? Куыд мын уынаффæкæныс, уый мын бауынаффæкæн.

– Æлдар, уæйыг æмæ домбай чи уыд, уыдон иууылдæр æрæмбырдкодта ‘мæ дын уыдон ницы кæндзысты, фæлæ дзы иу домбай лæг ис, уый дæ æртæ хатты æргæвдæнмæ баласдзæн æмæ дæ æз фервæзынкæндзынæн. Æцæг хæцæн бынат денджызы былмæ ракур, уым иу арц æрсадз, уымæй æртæ сардзины дарддæр та иннæ æмæ уыууыл та мæн бабæтт.

Æрхæддзæ нæртон Батырадз æлдары дуармæ. Хуыдта уыцы домбай лæджы. Дыууæ лæджы цæстытæ дæр арвы ферттывдау цæхæртæ акалдтой. Æлдар й’ адæмæн фехъусынкодта.

– Райсом хъазт уыдзæн!

Дыггаг бон æрæмбырд ысты адæм иууылдæр.

Батырадз загъта:

– Хъазт денджызы былыл куыд уа, афтæ бакæнут.

Уыдон бацинкодтой, уæдæ йын йæ мард, доны цæппардзыстæм зæгъгæ. Ацыдысты денджызы былмæ ‘мæ Батырадз арцыл æрбаста йæ бæхы денджызы был. Дыггаг арц денджызы был æрæвæрдта ‘мæ загъта: – Иу иннæйы куы ‘ргæвда, уæд æй ацы арцмæ куыд æрбаласа æмæ йæ уыууыл куыд аргæвда, афтæ.

Хæст райдыдта. Дыууæ лæджы кæрæдзийы æфсæн мæцъистæй хойын байдыдтой. Адæм фæтарстысты ‘мæ иууылдæр алыгъдысты, æрмæст ма денджызы был баззадысты дыууæ лæджы ‘мæ бæх.

Иузаман куы уыд, уæд домбай лæг Батырадзы баласта æргæвдæнмæ. Бæх уый ку’ ауыдта, уæд лæджы æрмадздзагæй ныццавта. Лæг уæлгоммæ ахауд. Батырадз денджызы багæпласта. Сырхзынг æфсæйнаг доны куы цæппарай æмæ уый хъуырхъуыр куыд кæна, афтæ доны афардæг, æмæ иуцасдæры фæстæ дзыхъынногæй ысгæпласта. Ногæй та хæцын байдыдтой. Афтæ дыггаг хатт дæр. Æртыггаг хатт Батырадз донмæ куы ныггæпласта, уæд дынджыр лæг фæтарст æмæ æлдармæ ралыгъд æмæ йын дзуры:

– Йæхæдæг цы у, йæхæдæг, уымæй æртæ хатты донбайдæр йæ бæх у. Дæ кæрты дуары дыууæ тарвазы астæу арф дзыхъ ыскъах, хъæуы кæронæй дæ хæдзармæ фæндагыл гауызтæ байтау, уома кад дын кæнæм зæгъгæ. Уыдоныл цæугæйæ, дзыхъхъы ныххаудзæн, æмæ йæ афтæмæй хъæдæй, дурæй куы нæ амарæм, уæд ын тыхгæнæг тых нал ыскæндзæн.

Æлдары кæрты цы фараст тыхгæнæджы уыд, уыдон уайтагъд акъахтой ыстыр уæрм. Батырадз æрцæуы гауызтыл. Уынджы бæхбæттæныл йæ бæх бабаста ‘мæ мидæмæ фæцæуы. Дуармæ куы бахæддзæ, уæд уæрмы ныххауд, уыцы фараст тыхгæнæджы йыл хъæдæй, дурæй бынмæ калын байдыдтой. Батырадз йæ кард ысласта, хæрдмæ йæ дары, хъæдтæ ‘мæ дуртæ уыууыл уайынц æмæ йæ къæхты бынмæ лыстæг муртæй кæлынц. Иузаман куы уыд, уæд йæ карды кæрон ысзынг уæрмæй. Йæ цæстытæ сасиры йæстæ кæмæн уыдысты, уыцы лæг æвдæм уæладзыджы сæр æлдары чыззытимæ бадти мæ Батырадзы ку’ ауыдта, уæд уырдыгæй рагæпкодта, фæлæ сисы сæрты куы рацæй гæпкодта, уæд æй Батырадз кардæй ныццавта. Сæр февгъуыдта, фæлæ йын йæ цонг æрдавта кард, æмæ лæг æнæ цонгæй афардæг.

Батырадз фæстæмæ фæзылд æмæ иннæ тыхгæнджыты къубалтæ тихалджытау акъуырдтытæкодта. Амардта æлдарæн йæхи дæр. Мулкæй йæм цы уыд, уыдон уæрдæтты сæвæрынкодта. Йе ‘ртæ чыззы дæр семæ афтæмæй цæ Нартмæ ‘схæддзæкодта.

НАРТЫ УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ СЫРДОН Нартæ цыдысты хæтæны. Хæстæгмæ цыдысты мæ иуыл фистæгæй ацыдысты. Иу доны былмæ ныххæддзæ сты. Сæ фæдисон, сæ мигæнæнтæ иууылдæр раластой. Уæд цæм Уырызмæг адзырдта:

– Æз зæронд лæг дæн, доны мæ ма ацæуынкæнут.

Фæсивæд æрбадзурынц:

– Сырдоны йæддæмæ дæ махæй ничи афæраздзæн.

Сырдон дын фездæхти:

– Рацу, Уырызмæг, ме ‘ккой æрбабад.

Бацыди Уырызмæг æмæ йе ‘ккой ысбадти. Донæн й’ астæумæ куы бахæддзæ сты, уæд Уырызмæг Сырдонæн зæгъы:

– Цымæ къах-къух ныхтæ кæд чындæуы, Сырдон?

Сырдон ын зæгъы:

– Кæм цæ рымысай, уым.

– Уæдæ ма фæлæу, гъеныр цæ рымысыдтæн.

Сырдон ныллæууыди. Уырызмæг йæ дзабыртæ раласта. Цалынмæ йæ къахы ныхтæ фæкодта, стæй йæ къухты ныхтæм бавнæлдта, уæдмæ Уырызмæг йе ’ккой фæбадти. Сырдон йæ мидзæрдæйы загъта: «Агъай, ай дæр та мæнæй нæ ферох уыдзæн».

Донæй ахызтысты, афтæ сæ къæвда ныццавта. Фыддзаг зæгъ уарыд, стæй цыл мит уарын райдыдта. Нарты стæртæ баргъæвстысты ‘мæ суынгæг ысты тыхджын. Куыддæриддæр уыди, хъæдмæ ‘схæддзæ сты. Арткæнын сæ бон нал уыди, се зныгътæ схуылыдз ысты, æмæ ма арт цæмæй ыскæной! Сырдон йе зныгъ йæ дæлармы дзыхъхъы бамбæхста ‘мæ йын сурæй баззади. Арт æмæ схон фелвæста, йе зныгъ цыл сурæй авæрдта, арт ацагъта æмæ йе зныгъ уайтагъд ыссыгъди. Бавнæлдта мæ стыр арт ыскодта. Сырдон цын зæгъы:

– Ацы артыл не ‘гас куы стымбыл уæм, уæд не ‘гас ихæнæй фæцагъды уыдзыстæм. Артмæ дæрдты баззайдзыстæм, æмæ нæ иу дæр не схъарм уыдзæн, фæлæ кæмæй цы уæнг сийы, уый йæм бадарæд.

Нартæ дæр уæлдай дзырд не ‘скодтой, Нартæн кæмæн йæ къах сыд, кæмæн йæ къух æмæ куыд сыд, афтæмæй йæ дардтой. Се ‘гас куы бадардтой, кæмæн цы сыд, уый, уæд Сырдон афтæ:

– Уæдæ мæнæн та мæ цъиу фæхауы уазалæй æмæ уый батавон. Афтæмæй æхсæвбонмæ Нарт уазалæй цагъды кодтой. Сырдон та хъармы лæууыди.

СЫРДОНЫ КАДÆГ

Нартæ хæтæны ацыдысты. Дард ацыдысты ‘мæ иу бæстæм бахаудтой. Уыйбæрц дард фæцыдысты, æмæ цæм æрцъыккæхсон дæр нал уыди. Бафтыдысты иу ранмæ. Сыххормаг ысты. Зынг цæм нал ис, арт цæмæй ыскæной. Уæд акастысты, æмæ иу ранæй фæздæг цæуы. Уыдон сæ кæстæры арвыстой: «Бацу, зæгъ, зынг ракур æмæ физонæг ыскæнæм нæхицæн».

Сæ кæстæр чи уыди, уый ацыди, бахъæркодта ‘мæ йæм ракастысты. Уый цын загъта:

– Дардæй æрыфтыдыстæм æмæ нæм зынг нал и, æмæ нын зынг радтут.

Уыдон æй нал ныууагътой æмæ йæ мидæмæ бакодтой. Лæгтырдыгæй ын фæхсбандон авæрдтой, бурæмæдз ыл акодтой æмæ йæ уыууыл абадынкодтой. Лæг ысбадти ‘мæ бандоныл баныхæст.

Æрæгмæ куы цыд, уæд йе ‘мбæлттæ иннæмæн загътой:

– Ацу-ма, æмæ йæ бабæрæгкæн, кæддæра цы фæцис уыцы лæг. Зынг рахæсс.

Арасти, бацыди, бахъæркодта мидæмæ. Ракастысты.

– Мидæмæ рацу, де ‘мбал дæр мæнæ ис. Иумæ ацæудзыстут. Бакодтой йæ мидæмæ ‘мæ уымæн дæр йе ‘мбалы фарсмæ бурæмæдз акодтой, æмæ та уый дæр баныхæсти. Дыууæ бадынц, кæрæдзимæ ракæсбакæскæнынц.

Афтæмæй радыгай фæцыдысты, æмæ-иу чи бацыд, уымæн йæ быны бурæмæдз акодтой, æмæ-иу нынныхæсти.

Уый раздæр фæфиппайдта Сырдон æмæ се ‘гасы фæстæ бацыди. Нал ныууагътой уый дæр, мидæмæ йæ бакодтой. Уымæн дæр иннæты фарсмæ акодтой бандоныл бурæмæдз æмæ йын загътой:

– Сбад.

Уый цæм бакасти ‘мæ загъта:

– Адон мæ уæздæттæ сты, æз – сæ дæлдæр. Мæнæн уыдон цур бадæн нæй, фæлæ мын æнæбын къæртайы фæнык акæнут æмæ уыууыл абаддзынæн. Æнæбын къæрта йын авæрдтой, фæнык дзы акодтой æмæ дзы бурæмæдз ауагътой æмæ йын загътой:

– Сбад!

Сырдон ысбадти æнæбын къæртайыл. Бурæмæдз фæнычы мидæг афардæг. Сырдоныл дзы цы фæхæцыдаид!

Нартæ кæрæдзимæ ракæсбакæскæнынц, сæ сæр уынгæджы фæци. Уæд цæм Сырдон дзуры:

– Фервæзын та уæ кæнин, æмæ та уын цы бæсты бацæудзæни? Нартæ йын зæгъынц:

– Фервæзын нæ кæн, уыййæддæмæ нæ цыдæриддæр курай, уый дын сæххæсткæндзыстæм.

Сырдон цын загъта:

– Ницы та сæххæсткæндзыстут, фæлæ та куы уарæм, уæд дзыхъхъытæ мæнæн дæтдзыстут, къуылдымтæ уæхицæн исдзыстут, галтæн сæ уæнгуытæ мæ сæ къуыбырсытæ мæнæн дæтдзыстут, сæ йегъаутæ æмæ сæ даргъ сытæ уæхицæн исдзыстут. Ку’ амæлон, уæд та мæ Ныхасы ныгæндзыстут.

Нартæ расомыкодтой, ард ын бахордтой:

– Куы уарæм, уæд хуымтæн сæ къуылдымтæ, сæ риутæ ‘мæ галтæн сæ дынджыртæ, сæ сыкъаджынтæ дæуæн раддзыстæм. Ку’ амæлай, уæд мæрдты ‘хсæн хуыздæр ран кæм и, уыцы ран дæ баныгæндзыстæм. Сырдон загъта:

– Уæдæ хорз.

Аг райста, донæй йæ байдзагкодта, уæларт æй сывæрдта ‘мæ йæ сыхсыста. Куы сыхсысти, уæд цын æй бандоныл сæ быны ауагъта. Се ’рбадæнтæ басыгъдысты, афтæмæй тыххæй-фыдæй фервæзтысты бандонæй. Сыстадысты Нартæ ‘мæ рацыдысты.

Раздæхтысты фæстæмæ сæ хæдзæрттæм.

Иу ран æрынцадысты ‘мæ загътой кæрæдзийæн: «А хæрæг та куы ныццæуа, уæд та йæхицæй æппæлдзæн – фервæзын цæ кодтон фыдбылызæй Нарты фæсивæды. Исты йын саразæм, йæхæдæг худинагæй куыд ныццæуа, афтæ».

Æхсæвы йын йæ бæхы былтæ бастыгътой, йæ дæндæгтæ зыхъхъырæй баззадысты. Сырдон цæ базыдта, йæ бæхæн ын йæ былтæ кæй бастыгътой, уый. Бахъуызыд æхсæвы ‘мæ йе ‘мбæлтты бæхтæн сæ къудитæ ралыгкодта, чысыл ма хæцыдысты.

Райсомы бæхтæ донмæ раласынц, æмæ иу бакæны, иннæ бакæны: «Гъе, Сырдон, дæ бæх цæуыл худы?» Сырдон йæ сæр батилы ‘мæ бахуды. Уалынмæ бæхтæ сифтыгътой æмæ рацæуынц. Иу бацæуы, æмæ йæ бæхы къуди балхынцъкæны, раивазы йæ, æмæ къухы аззайы. Иннæ бацæуы, йæ бæхы къуди балхынцъкæны, раивазы йæ, æмæ йæ къухы аззайы. Сырдон цæм кæсы, æмæ худы, æмæ цæм дзуры:

– Сымах дысон, мæ бæх цæуыл худы, уыууыл худтыстут, фæлæ уый худинæгтæ уыдта, æмæ уыууыл худтис.

Цыма хъуамæ загътаиккой Нарты фæсивæд! С’ азым сæхицæн зыдтой æмæ ницы сдзырдтой. Сæ сæр банкъуыстой. Сæхимæ ‘рцыдысты Нартæ. Иукъорд азы фæстæ уарын æрымысыдысты. Уарын æрымысыдысты, æмæ хуымтæ хæйттæ кæнынц, æмæ загътой:

– Сырдон хуымтæн сæ лæнчытæй тарсти, æмæ йын уыдон ысхайкæнут! Галтæн сæ уæнгуытæй тарсти, сæ къуыбырсытæй, æмæ йын уыдон радтут.

Цæрын байдыдтой. Сырдонæн йæ хуымтæ фырзадæй ныккæлынц, уыдонæн та – къуылдымтæ, хур цæ басудзы, ницы цæ ‘рзайы. Сырдонæн йæ галтæ бонæй бон хуыздæр кæнынц, уыдонæн та сæ зæронд галтæ бонæй бонмæ мæллæгдæр кæнынц. Бамбæрстой йæ, Сырдон цыл хинæй кæй рацыдис, уый, фæлæ ма цы сæ бон уыди зæгъын!

Цалдæр азы рацыди, æмæ Сырдон амарди. Æрымбырд ысты нартæ мæ Сырдоны ныгæнынц. Тæрхон кæнынц: «Кæм æй баныгæнæм? – Мæрдты ‘хсæнмæ уадзинаг нæу». Уæд загътой:

– Уæддæр Ныхасæй тарсти, æмæ йæ уæртæ Ныхасы нынныгæнут. Сырдоны Ныхасы баныгæдтой. Уырдыгæй фæстæмæ Нартæ Ныхасы бадынц, æмæ дыууæйы ‘хсæн дзырд куы ‘рцæуы, уæд фæзæгъынц: «Уæдæ мæнг чи дзуры, уый уæртæ Сырдонæн бæх уæд».

Афтæмæй Нарты фæсивæдæй иу нал баззади. Сырдонæн дæс хатты фæлдысты чи нæ фæци.

Уæд æрхъуыдыкодтой, Сырдон цыл хинæй кæй рацыди ‘мæ загътой: – Ацы хæрæгæн нын йæ удæгас уый нæ ракодта, йæ мард нын цы ракодта! Сисут, æмæ йæ скъахут æмæ йæ искуы фаджысы нынныгæнут. Систой, æмæ йæ скъахтой æмæ йæ фаджысы баныгæдтой.

СЫРДОНЫ ФОСЫКОНД

Иу хатт Нарт ацыдысты хæтæны ‘мæ цæм зынг нал уыдис. Уæд барвыстой зынгагур уæйыгмæ Нарты фæсивæдæй иуы, æмæ æгæр æрæгмæ куы кодта, уæд та барвыстой æндæры. Уый дæр та ‘ддæмæ нал цыд, афтæмæй Нарт цыдысты уæйыджы хæздармæ æмæ-иу цын сæ бадæнты ауагътой бурæмæдз. Мыдадз-иу цæ бадæнмæ баныхæста æмæ-иу бадгæйæ баззадысты. Уæд фæстагмæ бацыд Сырдон æмæ йæ бадын кодтой уый дæр. Фæлæ бадын нæ бакуымдта, æз кæстæр дæн зæгъгæ. Уæд Сырдон сыстад æмæ Нарты бынмæ тæвд дон уадзын байдыдта ‘мæ ныллæгуын ысты. Тыхтæй ма раирвæзтысты.

Уæд цын Сырдон загъта:

– Ма та-иу басæттут, кæй уæ раирвæзынкодтон, уыууыл! Уæд Нарт Сырдонмæ мæстыкæнын байдыдтой. Æртасын кодтой ыстыр бæласы къабуз æмæ йæ уыууыл бабастой, афтæмæй йæ хæрдмæ суагътой, æмæ Сырдон бæласы цъуппыл февзæрд.

Уыцы рæстæджы иу фыййау йæ фос æрбацæйыскъæрдта бæласы бынты. Кæсы, æмæ Сырдон бæласы цъуппыл йæ рихитæй ауыгъд, афтæмæй лæууы. Бафарста фыййау Сырдоны:

– Цы ми кæныс уым, Сырдон?

Уæд Сырдон загъта:

– Хуыцау дын æй ма ныббарæд, бахъыг мæ дардтай, мæнæ уæларвмæ хъуыстон ног хабæрттæм. Æртасынкæн, мæнæ цы бæласы къабузыл ауыгъд дæн, уый, æмæ ды дæр исты бамбарай.

Фыййау хъаруджын уыд, æвæддзæгæн. Æртасынкодта бæлас. Суæгъдкодта Сырдоны, æмæ йын Сырдон та йæхи бабаста бæласыл. Фыййау бæласыл ауыгъдæй баззад. Сырдон фос йæ фыддзаг ыскодта мæ ‘рцыд. Нарт дискодтой, ай та нæм фосимæ куы ‘рцыди зæгъгæ. Афтæ уыд Сырдоны фосыконд.

СЫРДОН ÆМÆ НАРТ

Нарт Сырдонмæ рагæй хъавыдысты нæмынмæ, фæлæ сæ къухы не ‘фтыд. Сырдон-иу цыл хинæй рацыд æмæ та-иу цæ амбылдта. Уæд дын иу хатт куы уыд, уæд Нарт фидиуæг арвыстой, зæгъгæ Нарты фæсивæд райсом хъуамæ Хъазæнфæзмæ æрæмбырд уой æйчытæ ‘фтауынмæ. Рацыдысты ‘мæ алчи дæр йæ айк йемæ рахаста. Тымбыл бадт æркодтой æмæ куы сыстадысты, уæд алчи й’ айк йæ дзыппæй систа ‘мæ дзуры, æриут цæ зæгъгæ. Уæд æрæджиау Сырдон дæр æрбахæддзæ, къуыпмæ фæгæпкодта ‘мæ уырдыгæй уасæджы уаст ныккодта.

Уæд æй Нарт бафарстой:

– Сырдон, д’ айк та кæм ис?

Уæд цæм Сырдон дзуры:

– Ау, æмæ атæппæт кæрчытæн иу уасæг куы уа, уæд цас диссаг у! Нарт худыныл фесты, æмæ Сырдон надæй фервæзти.

СЫРДОНЫ ФОСЫКÆНДТÆ

Хъомгæс-иу Нартыхъæуæй хъом ку’ аскъæрдта, уæд Сырдоны иунæг хъуг кæддæриддæр цыди сæ разæй, сеппæтæй хæрзхастдæр уыд æмæ уымæн, æвæддзæгæн. Изæрæй дæр афтæ. Нæртон адæммæ уый хорзау нæ каст. Арæх-иу дзырдтой: «Тыхæй, хъаруйæ фæстæмæ ныл ‘ппæтæй дæр уæлахизкæны, ныр та йæ хъуг байдыдта нæ фосыл уæлахизкæнын». Нæртон адæм уый фыддæрадæн Сырдоны хъугæн сусæгæй йæ былтæ ралыгкодтой. Уыцы хъуыддаг Сырдонмæ фæхабарчындæуыд æмæ хизæнуатмæ ацыди. Уым Нартон адæмы хъомæн сеппæтæн дæр сæ къæдзилтæ сæ рæбынтыл ралыгкодта.

Изæрæй Нарты адæм Ныхасы бадынц, Сырдон дæр уым. Ныхасы фæрсты хъом æрцæуынц, Сырдоны хъуг та сæ разæй, йæ дæндæгтæ зыхъырæй хæссы. Нæртон адæм Ныхасы гуыбындихтæ кæнынц æмæ Сырдонмæ дзурынц:

– Сырдон, дæ хъуг цæуыл худы?

Сырдон цын дзуапп радта:

– Мæ хъуг дзæгъæлы нæ худдзæн, йæ фæстæ худинæгтæ уыны, æвæддзæгæн.

Уалынмæ хъом æривгъуыдтой æмæ Нæртон адæмы хъомæй иуыл дæр къæдзил нал. Нæртон адæмæн уый фæхъыг æмæ тæрхон байдыдтой, Сырдон цын сæ хъомæн цы бакодта, уыууыл. Стæрхон ын кодтой: Сырдонæн йæ хъуджы аргæвдæм æмæ йæ ‘хсæны бахæрæм.

Сырдон дæр сразы и, æрмæст афтæмæй, æмæ йын йе ‘стджытæ фæстæмæ куыд радтой йæхицæн.

Хъуджы аргæвстой, сфыхтой йæ ‘мæ хæрын куы байдыдтой, уæд Сырдонмæ алырдыгæй йæ хъуджы стджытæ лæвæрдтой пыррыччытæкæнгæйæ, гъа, Сырдон дæ хъуджы стæг зæгъгæ.

Нæртон адæм тынг дискодтой, уæдæ цæй æдылы у зæгъгæ, йæ хъуджы стджытæй та ма цы кæны?

Сырдон йæ хъуджы ‘стджытæ куы ‘рымбырдкодта, уæд сæ голладжы иу хъæумæ ахаста. Уыцы хъæуы кæй зыдта, иу ахæм хъæздыг лæджы дуармæ сбадти, цæмæй йæ сæхимæ фысыммæ бауадза.

Хъæздыг лæг Сырдоны бахуыдта. Сырдон ницы уал загъта ‘мæ æд ыстджытæ мидæмæ хæдзармæ бацыд.

Уазæгдоны йын бауаткодтой.

Æрхуыссыны размæ цæ хатыр ракуырдта:

– Мæ голладжы бирæ хæзнатæ ис æмæ цæм исчи куыддæр бавнала, афтæ стджытæ фестдзысты. Курын уæ æмæ мæ мачи бабынкæнæд. Хъæздыг лæджы бинонтæ ‘нцад ысхуыссыдысты, Сырдоны хæзнаты мæт цæ нæ уыд, фæлæ Сырдон йæхæдæг æнæмæт нæ уыд. Æмбисæхсæв куы фæци, уæд рахызт йæ хуыссæнæй, байгомкодта йе ‘стджыты голлаг, йæхæдæг фæстæмæ сусæгæй ысхуыссыд.

Бонырдæм Сырдон йæ хуыссæны рабадт æмæ йæ уæрджытæ хойы, хъæркæны, бабын дæн, зæгъгæ, мæ хæзнатæ стджытæ фестадысты! Хъæздыг лæг æмæ йæ бинонтæ хъæрмæ сæ хуыссæнтæй фестадысты. Сырдон богътæкæны ‘мæ лæгмæ дзуры:

– Цы ма кæнон, дысон уын уый фæдзæхстон мæ голлагмæ мын уæ мачи бавналæд. Ныр голладжы ком байгомкодтат æмæ мæ хæзнатæ ‘стджытæ фестадысты!

Хъæздыг лæг, хæдзары хицау, Сырдоны сабыркæны, нæ хабар нын адæмыл ма айхъуысынкæн, цы дæ хъæуы, уый дын бафиддзыстæм зæгъгæ. Сырдоны ма ‘ндæр цы хъуыд, уыцы ныхасмæ уыд йе ‘нхъæлмæкаст æмæ дзуры:

– Уæдæ мын мæ хæзнатæ хæзнатæй нал бафиддзынæ, фæлæ мын семуæз æхца бафид.

Хæдзары хицауæн гæнæн нал уыд æмæ Сырдонæн æхца ранымадта ыстджыты æмуæз.

Сырдон худæнбылæй æд æхцатæ сæ хъæуы балæууыд. Ныхасы рæзты ссæуы ‘мæ йæ фæрсынц:

– Сырдон, уый цы хæссыс?

– Хуыцау ма мын куы радтаид ноджыдæр ыстджытæ, уæд дунейы хцайæ байдзаг уыдаин.

Ныхасы адæмæн рахабаркодта, зæгъгæ дам хъуджы ‘стджытæй æхца баивæн ис. Нæртон адæм хъуг нал ныууагътой, ыстджытæ голджыты ‘вгæнынц æмæ хъæууынгты хъæргæнгæ зилынц. ‘Стджытæ ‘хцайæ баивæг нæ фæци.

Базыдтой та Сырдоны хин. Нæртон адæм фембырд ысты. Тæрхон байдыдтой йæ фесафыныл.

– Нæ хъом нын ныццæгъдынкодтай æмæ дын гъеныр æнæ фесафгæ нал ис,– дзурынц Сырдонмæ.

Сырдон йæхæдæг тæрхонгæнæг фæци. Нæртон адæм æм байхъуыстой. Сырдон дзурын байдыдта:

– Саразут мын чырын, писийæ хорз сæрст куыд уа, цæмæй цæм дон ма хъара. Уым мæ нывæрут æмæ мæ фурды баппарут. Уымæй тæрхон дæр ма мын цы ис!

Нарты адæм ысразы сты ‘мæ афтæ бакодтой. Цæвæрдтой йæ чырыны, писийæ йæ байсæрстой, дон æм куыд нæ бахъара, æмæ йæ фурды баппæрстой. Фурд æй ласын байдыдта. Иуцасдæр æй фæласта, стæй сакъадахыл банцади. Хур æм куы ‘ркасти, уæд йæ писи дардмæ ‘рттывта. Фурдæн та йæ иннæ фарс фыййæуттæ фос дардтой. Уыдонæн сæ фосæй бирæ фæцагъди фаднизæй. Агуырдтой ахæм лæг, æмæ цын сæ фос чи фервæзынкодтаид. Фыййæуттæ цæмæй зыдтой, уыцы чырыны лæг ис, уый. Дисы бацыдысты, уый цы рттивы зæгъгæ ‘мæ йæм баленккодтой. Фыййау йе ‘рчъикъогъодзийы фындзæй чырын ыскъуырдта, ай та цы у, цы диссаг у зæгъгæ.

Уæд цæм Сырдон дзуры:

– Уæ фæндаг дарут, цæмæн мæ хъыгдарут?

Уыдон фæджих ысты ‘мæ йæ бафарстой:

– Цы дæ, цавæр дæ, цы ми кæныс ам?

– Æз дæн фосы фæлвæра, сымахæн цæуынæн бар ис, мæн ам уадзут. – Мах уæдæ рагæй ку’ агурæм дæу, нæ фос фаднизæй цагъды фесты.

– Уæдæ мæ тынг дæр не ‘вдæлы, фæлæ мæ аласут уæ фосы размæ. Баластой йæ сæ фосы размæ. Байгом æй кодтой.

Сырдон цын загъта:

– Уæ фосæн сæ тæккæ нарддæры аргæвдут.

Хорз æй федтой, бирæ гæды ныхæстæ цын фæкодта. Сырдонæн райсомраджы лæвæрттæкæнын байдыдтой сæ фосы хуыздæртæй. Сæ фосæй йын сæдæ балæваркодтой.

Сырдон фосыл рахъæркодта ‘мæ Нарты хъæуы уынгты – Ныхасы фæрсты – йæ фос сыскъæрдта. Адæм та дистæкæнын байдыдтой: ай цы хабар у, мах æй фурды куы баппæрстам, фурд æй ку аласта æмæ та æд фос фæстæмæ куы ‘рбаздæхт.

Фæрсынц æй:

– Куыд æгъдауæй дæ къухы бафтыдысты ацы фос?

Сырдон уæд йæхи мæсты хуыз ыскодта ‘мæ цæм дзуры:

– Уаих æрбауат, Нарты хъал адæм, кæд мæгуыр лæгæн уæ цæст нæ уарзы, уæд,– гытцыл ма мæ фурды фалдæр куы баппæрстаиккат, уæд мæ къухы фылдæр фос бафтыдаид. Фæлæ уын мæ бон цы у, мæгуыр лæг дæн æмæ мын уæ цæст уый нæ бауарзта. Гъеныр уæ фос кæй хъæуы, уый йæхи фурды баппарæд, чи уæ фалдæр бахауа, уый фылдæр фос фæкæндзæн. «Æррæй» зæгъгæ-иу фæхъæркæнут доны æмæ уæд фос уæ разæй ызгъордзысты.

Адæм сæхи фурды ‘ппарын байдыдтой, лæджы мыггаг цæ нал баззади.

Уæд сæ устытæ Сырдонмæ хъилтимæ бырсын байдыдтой, нæ лæгты нын фесæфтай зæгъгæ. Сырдон та цæ хатыр ракуырдта, цæмæй йын бар радтой йæхицæн тæрхон ыскæнынæн. Сылгоймæгтæ йæм байхъуыстой. Сырдон с’ астæу лæууы æмæ цæм дзуры:

– Голладжы мæ нывæрут, йæ ком ын бабæттут æмæ мæ афтæ фæндаджы астæу цæвæрут. Фæссихор-иу мæм уырдæм ацæут хъилтимæ æмæ мæ уым амарут.

Ахастой йæ голладжы мидæг æмæ йæ æртæ фæндаджы астæу нывæрдтой. Устытæ куы раздæхтысты, уæд уыцы фæндагыл иу хъал барæг хъазгæ ‘рцæйцыд. Барæг голлагмæ куы ‘рхæддзæ, уæд йæ бæх хуыррыттытæкæнын байдыдта. Йæ бæхæй рахызти ‘мæ голладжы размæ бацыд. Йæ къахæй голлаг ыскъуырдта – ай та цы у зæгъгæ.

Уæд æм Сырдон дзуры:

– Дæ фæндаг дар, хорз барæг, цæмæн мæ хъыгдарыс?

Барæг æй бафарста:

– Цы дæ, цавæр дæ, ам цы ми кæныс æртæ фæндаджы астæу? – Æз дыргъуарзаг лæг дæн æмæ ме ‘мбæлттимæ рацыдыстæм дыргътæм. Ардæм куы ‘рхæддзæ стæм, уæд мæ ам ныууагътой мæнæ куыд уыныс, афтæмæй, ды дам хæлæфкæндзынæ зæгъгæ. Мах дам дын нæ дыргъты ‘мбис раддзыстæм, уæддæр ам лæу. Æз дæр уæд ысразы дæн æмæ цæм ныр æнхъæлмæ кæсын. Фæссихор цæ ардæм хъæуы. Барæг та рынчыны тыххæй дыргътæ стыр æхсызгонæй чи агуырдта, ахæм уыд. Сырдонæн табуафситæ байдыдта, курын дæ, æмæ голладжы мæн цæвæр, дыргътæ мæ рынчыны тыххæй тынг æхсызгон хъæуы, дæ хорзæхæй, уазæджы хатыр мын бакæн, хорз лæг.

Сырдон уазæгæн фæндаг радта, цыма та йæ нæ фæндыди, уыйау. Нывæрдта йæ голладжы, йæ ком ын фидар бабаста ‘мæ йæ уым ныууагъта. Сырдон уазæджы нымæт йæ уæлæ ‘ркодта, сбадти бæхыл, йæхс йæ къухы райста ‘мæ рафардæг. Нæртон адæмы устытæ фæссихор хъилтимæ ралæбурдтой æмæ Сырдоны ’нхъæл уазæджы ныцъцъæлкодтой. Сылгоймæгтæ кæрæдзийæн дзурынц: «Гъеныр Сырдонæй æрынцадыстæм». Иучысыл рæстæг рацыди уыууыл, афтæ дын Сырдон уынгты бæхыл бадгæ хъазгæ ‘мæ худгæ ссæуы. Дистæ та йыл байдыдтой, ай цавæр хабар у, йæ туг ын ку’ акалдтам æмæ змæлгæ дæр куынæ уал кодта. Æмбырдтæ та йыл байдыдтой. Фæрсынц æй. Уæд цын Сырдон загъта: – Мæ сывзæрынæй абонмæ сымах мæн фесафыныл архайут, фæлæ мæн мæ хуыцауы хай нæ сафы. Ноджы ма уын æз куы фесæфон, уæд Нæртон адæмæй бынтондæр ызмæлæг нал баззайдзæн. Фæлтау цæрæм иумæ, кæд уын лæгæн бæззин æмæ нæ цот рацæуид.

Ницыуал загътой Нæртон адæмы сылгоймæгтæ ‘мæ сразы сты Сырдоны фæндоныл.

СЫРДОН ТА НАРТЫ АСАЙДТА Иу бон Нарт ацыдысты хæтæны, Сырдоны дæр ахуыдтой семæ. Ницы бафтыд сæ къухы ‘мæ раздæхтысты фæстæмæ. Уæд Нартæ зыдтой æнæбын цад тар хъæды астæу æмæ загътой: «Уыцы цад Сырдон нæ зоны, уыууылты йæ арвитæм æмæ дзы кæд фесæфид». Цадыл мæнгконд пыхсытæ ‘ркодтой æмæ йæ арвыстой цады комкоммæ фæндагыл. Нæ базыдта Сырдон, уым цад ис, уый æмæ дзы аирвæзт.

Былгæрон ма бæласы уидæгтыл фæхæст æмæ цæмæйдæрты ралæст цадæй. Хус къæцæлтæй арт акодта, ахускодта йæ дзауматæ ‘мæ Нарты размæ азгъордта. Нартæ Сырдонæн фесæфынæнхъæл уыдысты, фæлæ цæм уый хъæркæны:

– Фæлæуут ма, нæртон хæтæг адæм, диссаг уын радзурон. Нартæ дисауæй амардысты, уый Сырдоны хъæр куы у, уæд кæцæй фæзынди зæгъгæ.

Сырдон цын зæгъы:

– Мæ чысылæй нырмæ ахæм диссаг никуы федтон, стæй тæрсгæ дæр никуы фæкодтон.

Нарт æм дзурынц:

– Бæтæджы фырт, цы диссаг федтай, ма та нæ фæсай?

Сырдон цын загъта:

– Уæртæ уым иу цад ис, æмæ дзы федтон диссаджы сырдтæ, пыхсмæ ралыгъдысты. Фæтарстæн цæ æмæ ма фыртæссæй ардæм æрхæддзæ дæн. Сырдоны хус дзаумæтты куы федтой, уæд ыл Нарт баууæндыдысты. Сырдон хъуыдыкодта ноджы фыддæр ми Нартæн æмæ цын сындзджын къохмæ амыдта:

– Кæд тыхкæнынмæ цæут, уæд хуыздæр ранмæ нал фæцæудзыстут, уæртæ уыцы сындз къохмæ балыгъдысты ‘мæ цæм уырдæм бацæут. Æз цæм нал бауæнддзынæн, фæлæ къохы алыфарс зилдзынæн. Æмæ уын чердæм цæуой, уый амондзынæн.

Бацыдысты Нартæ сындз-къохмæ. Сындз æмæхгæддæр кæм уыд, Сырдон цын уырдæм амыдта. Афтæмæй æхсæв бонмæ Нарты сындзытæн ныттонынкодта. Бæхæй, лæгæй сæ туг калгæ райсомæй сындз къохæй рацыдысты.

«Сæрæй та ныл сайдæй рацыдтæ» зæгъгæ загътой Нартæ Сырдонæн. Нæ цæм бауæндыдыстут, Нартæ, сындзы бамбæхстыстут, уый адæмæн куы радзурон, уæд фидиссаг кæнут зæгъгæ загъта Сырдон.

Нартæ фæтарстысты: худинаг нæ кæндзæн, æмæ йæм дзурын нал бауæндыдысты.

СЫРДОН ÆМÆ НАРТЫ УÆЗДÆТТЫ ТАУРÆГЪ Созырыхъо, Уырызмæг, Хæмыц æмæ ма ‘ндæр чидæртæ фарастæй иумæ сфæндкодтой цуаны цæуын, Сырдоны та сæ сау лæг хуыдтой æмæ йæм барвыстой, немæ куыд рацæуай, афтæ. Уый загъта æз уæ фæдыл фистæгæй нæ бафæраздзынæн зæгъгæ.

Дыггаг хатт æм Уырызмæг бацыди ‘мæ загъта Сырдонæн рацу немæ зæгъгæ. Сырдон загъта:

– Бæх мын нæй æмæ ницы рацæудзынæн.

Бæх дын мах раддзыстæм зæгъгæ загъта Уырызмæг.

– Нæ, иннæ хæттыты сайд мын фæкæндзыстут.

Уырызмæг ын басомыкодта:

– Куы-иу ды – фистæгæй, мах – бæхтыл, куы мах – бæхтыл, ды – фистæгæй.

Ацы сомы Сырдон кæм бамбæрста мæ семæ ацыди.

Иу дзæвгар ку’ ауадысты, уæд иу фурды кæронмæ бахæддзæ сты. Уым Сырдон Уырызмæгмæ дзуры:

– Арæбын, Уырызмæг, бæх мын куы загътай, уæд мæ цæмæн фæсайдтай?

Уырызмæг загъта:

– Æз дын басомыкодтон, куы мах – бæхтыл, ды – фистæгæй, куы ды фистæгæй, мах та бæхтыл.

Гъе, хуыцау уын ма бакома зæгъгæ Уырызмæджы бæхы къæдзилыл ныххæцыди ‘мæ доны бацыдысты.

Созырыхъо дзуры Сырдонмæ, къухы ныхтæ ‘мæ къахы ныхтæ та кæм чындæуы зæгъгæ.

Уый йын загъта:

– Кæм цæ рымысай, уым.

Уыцы фарсмæ ку’ ахызтысты, уæд æрхызтысты бæхтæй, нæ фæллад ысуадзæм зæгъгæ. Афынæй сты. Сырдон дæр йæхи фынæйæфсон ыскодта, æмæ цалынмæ Нарты фæсивæд хъал кодтаиккой, уалынмæ цын се схонтæ, зныгътæ ‘мæ æртытæ фæдавта. Нарты уæздæттæ куы райхъал ысты, уæд иу саг амардтой, æмæ сæ зæрды уыд физонджытæ скæнын, æмæ алчи йæ зынджыдзаума агурын байдыдта.

Уæд Уырызмæг дзуры йе ‘мбæлттæм:

– Дæ разы ма мæ бæхыл саргъ æмæ базы астæу ме зныгъ æмæ схон фенут!

Федтой, æмæ дзы цы ссардтаиккой, стæй кæрæдзимæ дзурынц: – Уæртæ иу ранæй зынг æрттивы æмæ уырдæм чи бацæудзæн? Уым та царди авд уæйыджы. Афтæмæй та Сырдоны ‘рвитыныл сысты. Уый цын загъта:

– Мæн уадзут, мæнæн зынг ничи раддзæн, фæлтау уæхицæй исчи ацæуæд. Уæддæрта уæздан адæм ыстут æмæ сымахæй тынгдæр фефсæрмы уыдзысты.

Сырдон зыдта уым уæйгуытæ кæй царди, уый, фæлæ йæ иннæтæн нæ хъæркодта.

Сырдон цын куынæ акуымдта, уæд кæстæрæй цæуын байдыдтой уæйгуыты хæдзармæ. Уæйгуытæ цæ-иу бахуыдтой мидæмæ, æрбадын цæ-иу кодтой даргъ бандоныл æмæ-иу ын йæ быны бурæмæдз ауагътой нæ зынггурæн æмæ та иу афтæмæй сæ бадæнтæ бандоныл аныхæстысты. Афтæмæй иуæндæс лæджы Нарты æвзаргæтæй рæгъ-рæгъы даргъ бандоныл баззадысты. А-нæ Сырдон чи уыди, уый дын йæхицæн арт ыскодта, саджы фыдæй физонæг ыскодта ‘мæ йæхи дзæбæх бафсæста, йæхæдæг йæ даргъ рихитæ баздыхтæ, бабаста цыл фæйнæ æхсырфæмбалы, æмæ дын афтæмæй нæ Сырдон уæйгуыты дуармæ балæууыди йæ худæнбылæй йæ уæздæтты уынынмæ. Уæйгуытæ Сырдоны мидæмæ бахуыдтой æмæ йæ бандоныл бадынкодтой, фæлæ цын Сырдон загъта:

– Æз ме ’лдæртты цур никуы фæбадын. Фæлæ, уæ хорзæхæй, мæнæ мын къонайы дæле æнæбын къæрта авæрут, фæнык мын дзы ныккæнут æмæ уыууыл ысбаддзынæн.

Уæйгуытæ йæ цæмæй æрхъуыдыкодтаиккой уый. Æрхастой æнæбын къæрта, ныккодтой дзы фæнык, ауагътой дзы бурæмæдз. Бурæмæдз фæнычы афардæг æмæ Сырдон цы баныхæстаид! Æмæ йыл æрбадынкодтой Сырдоны, сæхæдæг уæйгуытæ нардæй æвзарын райдыдтой уазджыты ‘мæ фыддзаджы Хæмыцы фынгмæ æргæвдынмæ рахастой, æмæ Хæмыцæн фыртæссæй йæ цъыртт акалди.

Уæд æм Сырдон дзуры:

– Цы кæныс, Хæмыц? Афтæ куы ‘ппæлыдтæ дæхицæй, тас никуы зонын зæгъгæ, æмæ ныр фыр тæссæй дæ хæлафы дæ цъыртт ку’ акалдтай. Уый йæм цы сдзырдтаид, æмæ афтæ:

– Сырдон, кæд ма нын ды исты баххуыскæнай, ирвæзынæн, уæд нæхи куыд дарæм, дæу дæр афтæ буц дардзыстæм.

Афтæмæй Хæмыцы фынгыл æрæвæрынмæ куыд хъавыдысты, афтæ уæйгуытæм дзуры:

– Дис мæм кæсы, сымах кæрæдзийæн хистæры бар кæй нæ дæдтут, уый. Авд ыстут æмæ хистæр-кæстæр куынæ зонут.

Афтæмæй дын уæйгуытыл хыл нæ рацайдагъ, нæ! Хистæр иннæтæн дзуры… Уæйгуытæ авд дæр уыдысты куырдтæ…

– Æз хъæсдарæг куы дæн, æфсæйнæгтæ мын мæ бæрзæйыл куы хойы. Дыггаг загъта:

– Æз мæ дзыхæй тæвд æфсæйнаг куы раласын.

Æртыггаг загъта, уæдæ æз дзæбуг куы дæн зæгъгæ.

Афтæмæй цын загъд бацайдагъ æмæ дзæбугæй кæрæдзиуыл ралæууыдысты. Йæ дзæбуг кæмæн ахауы, уымæн та йæ Сырдон фелвасы ‘мæ йын æй йæ къухы фæсадзы, æллæх, куы дæ амардта зæгъгæ. Афтæмæй авд уæйыджы кæрæдзийы ныццагътой.

Сырдон, цæмæй йе ‘мбæлтты фервæзынкодтаид, уыууыл хъуыдыкодта. Афтæмæй дæрддзæфгомау къуымæй хъæрзын цыди. Сырдон бацыди уырдæм, æмæ дзы кæд хуыссыди уæйгуыты мад. Сырдон æм дзуры: – Зæронд хæрæг, тагъд мын бацамон бурæмæдз цæмæй суæгъд уыдзæн!

Зæронд ус æм дзуры:

– Ацу тагъд, кæннод куыддæр мæ фырттæ ‘рбацæуой, афтæ дæ хæрдзысты!

Сырдон куы иуы сæр ракæны уæйгуытæй æмæ йæ батулы усы цурмæ, куы иннæйы. Афтæмæй-иу мæгуыр зæронд ус ныббогътæкодта.

Сырдон æй йæ къахы бырынкъæй басхойы, тагъд бацамон мын, кæннод дæ марын зæгъгæ.

Уд адджын кæм нæу, æмæ мæгуыр зæронд ус загъта:

– Уым фæсдуар цуайнаг, дæ дыууæ кæстæр къухæй йыл ысхæц, скъæтмæ йæ ныххæс. Уым сау хъуг баст, æрдуц æй, артыл æй сæвæр, æмæ куы рафыца, уæд цын æй сæ быны ауадзæд æмæ суæгъд уыдзысты. Сырдон афтæ бакодта ‘мæ йе мбæлттæн сæ быны ‘хсидгæ ‘хсыр ауагъта. Нарты уæздæттæй куы иу ныхъхъæркæны, куы иннæ: «Дæдæй, мæ сыдзы фæрстæ куы басыгъдысты!»

Æмæ та фервæзынкодта Сырдон Нарты, сæ сыдзтыл бадын нал фæрæзтой, фæлæ.

Нарт баздæхтысты, афтæмæй уæйгуытæм цыдæриддæр хæзна æмæ фос уыди, уыдон раскъæрдтой, æмæ уæд Сырдонæн бæх радтой.

Цæуын байдыдтой, афтæмæй иу доны былмæ бахæццæ сты. Уым æрхызтысты, Сырдоны ‘рцахстой, ай нæ ‘рцахсынкодта, нæ зынг-дзаума нын адавта, фæлæ нæ ирвæзын дæр фæкодта, æмæ маргæ нæ, фæлæ даргъ бæласы тала ртасынкодтой æмæ йæ йæ рихитæй бабастой, сæхæдæг тала суагътой, æмæ Сырдон бæласы сæрмæ сгæпласта. Йæ бæхæн ын йæ уæллаг был алыгкодтой, æмæ бæхы бынæй бæласыл бабастой. Нарт сæ фос аскъæрдтой, æмæ та-иу дзæвгар ауадысты, æмæ нæ фæллад ауадзæм зæгъгæ, афтæ ‘рфынæйтæ сты.

Сырдон бæласы сæрæй хъæркæнын байдыдта, нæ цæуын дзæнæтмæ, нæ цæуын дзæнæтмæ, мæ бар мæхи нæу, нæ уынын дунейы хорздзинæдтæ зæгъгæ. Афтæмæй фыййау фехъуыста Сырдоны хъæртæ. Йæ фос раскъæрдта ‘мæ куы ‘рбахæддзæ бæласы бынмæ, уæд дзуры хæрдмæ Сырдонмæ. Цавæр у зæгъгæ йæм дзуры.

– Зæдтæ мæ ардæм сыргъæвтой æмæ мæ дзæнæтмæ кæнынц, дунейы хорздзинæдтæ ‘мæ мын хæзнатæ уынын кæнынц, æмæ цын æз нæ комын, мæ бар мæхи у, нæ цæуын дзæнæтмæ!

Афтæмæй йæм фыййау бахæлæгкодта, æз цæм ыссæудзынæн зæгъгæ. Сырдон æм дзуры:

– Уæ-лæ бæласы тала ‘ртасынкæн æмæ мæ райс тыххæй, кæннод мæ бабастой.

Фыййау тала ртасынкодта, Сырдоны сыхæлдта ‘мæ йын загъта, ныр та мæн сыргъæв зæгъгæ.

Сырдон фыййауы тынг фидар бабаста бæласыл, æмæ фыййау ысфардæг, уæдæ цы кодтаид, бæласы сæрмæ. Сырдон ысбадти йæ бæхыл, фыййауы фос йæ разæй аскъæрдта ‘мæ фæцæуы.

Фыййау æм дæлæмæ дзуры, цы ми кæныс, мæ фос мын кæдæм ыскъæрыс зæгъгæ. Сырдон æм дзуры, ды уал уым алырдæм фæлгæс дзæнæты къуымтæм, æз та ацы фос мæхицæн аскъæрон зæгъгæ. Афардæг и ‘мæ Нарты фынæйæ баййæфта, баздæхт æмæ цын сæ бæхты къудитæ ныллыгтæкодта æмæ цын цæ сæ сыдзты батъыста, йæхæдæг ныхъхъæр кодта фæдис зæгъгæ.

Нарты уæздан фæсивæд фестадысты, сæ фос сæ разæй аскъæрдтой æмæ фæцæуынц. Уæд иу Нартæй фæрсы Сырдоны, куыд рахызтæ зæгъгæ. Уый йын загъта, фиййауы куыд фæсайдта, уый.

Уæд æм иннæ дзуры:

– Æмæ уæдæ дæ бæх та цæуыл худы?

Сырдон бахудти ‘мæ загъта:

– Худинаг уыны мæ бæх æмæ худы. Уæдæ цы кæна!

Цавæр худинаг уыны зæгъгæ йæ фæрсынц Нарт. Сырдон цæ фæстæмæ фæкæсын кодта ‘мæ хорзау нал фесты, ай та нæхицæн куы сфыдбылызкодтам зæгъгæ ‘мæ афардæг ысты сæ хъæумæ.

СЫРДОН ЙÆ ХÆРÆФЫРТЫ КУЫД ФÆСАЙДТА Нарты адæмæн æнæ Сырдон фæндаг никуы уыди сæ царды. Сырдон та, зæгъы, ахæм адæймаг уыди, æмæ-иу Нарты адæм йæ сусæгæй уынаффæ куы кодтой, уæд цæ уый суанг йæ мидфынæймæ дæр æмбæрста. Уæд, зæгъы, иуахæмы Нарты хистæртæ бауынаффæкодтой балцы фæцæуын. Сæ балцы хабар Сырдонæн не схъæркодтой. Райсомæй Нарты хистæртæ сæ бæхтыл сæргътæ сæвæрдтой æмæ, зæгъы, сæ фæндаг Сырдоныл акодтой. – Цом, Сырдон, хæтæны ныффардæг уæм.

– Сымах бæхтыл, æз та фистæгæй. Куыд бафæраздзынæн афтæмæй уемæ хæтæны ахæтын.

Куынæ уал æй уагътой, уæд ысразы. Араст ысты, уæдæ цы уыдаид. Цæуынц, цæуынц, æмæ иу заман куы уыди, уæд Уырызмæг йе ‘мбæлттæм дзуры:

– Уыгæрдæнтыл цомут, кæд Сырдонæн ног карст уыгæрдæны йæ къæхты пырх акæлид.

Ацыдысты доны былты. Сырдонæн йæ бæгъæввад къæхты пырх акалд карст уыгæрдæны. Мæгуыр Сырдонæн йæ бон цæуын нал уыди ‘мæ цæм дзуры:

– Кæд ма уын хуыцау ис, уæд, мæ цæуыл марут, Нарты кадджын хистæртæ?!

Уæд æй Сослан йæ фæсарт сæвæрдта. Сырдон бамбæрста, сæ размæ сагрæгъау кæй фæуыдзæн, уый æмæ Сосланы арт æрбалыгкодта. Барджытæ йæ радыгай хастой æмæ сеппæтæн дæр се ртытæ ралыгкодта. Уæд, дын хуыцау хорз ракæна, амардтой саг. Уæдмæ сыл талынг дæр æрци. Физонджытæ кæныныл ныллæууыдысты, фæлæ цæ иумæ дæр арт нæй. – Сырдон, дæумæ дæр нæй зынг? – бафарста йæ Уырызмæг. – Уæ зæрдæтæ уæ устыты фарсмæ ныууагътат, мæнæй та зынг курут, Нарты кадджын хистæртæ!

Уæд Сырдон кæсы, æмæ мæйдары дардæй рухс кæлы.

Мæ къæхтæ риссынц зæгъгæ загъта æмæ цын бацамыдта рухс. Нарты хистæртæ радыгай фæцыдысты, рухс кæцæй калд, уырдæм, фæлæ цæ фæстæмæ змæлæг нæй. Уæд Сырдон дæр арт ыскодта, физонджытæй йæхи хорз федта. Иу ахæм æхсырфæмбал йæ иу рихийыл бабаста, иннæ та иннæ рихийыл æмæ арасти йæ хистæрты фæд-фæд. Бацыд, рухс кæцæй калди, уырдæм æмæ кæсы: йе ‘мбæлттæ бадынц.

Сбад, уазæг, зæгъгæ йæм ысдзырдта уæйгуытæй иу.

– Æз мæ хицæутты раз нæ фæбадын, фæлтау мын æнæбын хуыскъаджы фæнык акæнут æмæ уым ысбаддзынæн,–дзуапп радта Сырдон дæр. Æцæг дæр ын афтæ бакодтой æмæ æнæбын хуыскъаджы фæныкыл æрбадти. Уæларт фыхти стыр цуайнаг, æмæ йæ уæйгуытæй иу ыстыдта. Уæд, зæгъы, Сырдон кæсы ‘мæ йæ сæры иу хъуыды февзæрди.

– Бахатыркæнут,– загъта Сырдон,– фæлæ æртæ ‘фсымæры йеддæмæ куы не стут, уæд кæрæдзийæн æгъдау цæуылнæ дæдтут?

– Цæй тыххæй зæгъыс, хæххон дзигло? – бафарста йæ хистæр уæйыг.

Сырдон дзуапп нæ радта, æрмæст йæ хъуырмæ ацамыдта йæ къухæй, уома мæ хъуыры цыдæр фæбадти зæгъгæ.

Хистæр уæйыг æм хæстæг æрбацыд, æмæ йын Сырдон аивæй йæ хъусы бадзырдта:

– Дæ кад дын сафы дæ кæстæр æфсымæр. Де ‘вастæй уæртæ æнæхъæн кусæрттаг хæрд фæци.

Уæйыг айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йæ кæстæр æфсымæрыл ралæууыд. Кæрæдзийы туджы смæцыдысты уæйгуытæ.

Æртæ уæйыгæн баззад иунæг зæронд мад. Сырдон иронвæндаггæнгæ бацыд зæронд усмæ. Ус ратукодта. Сырдон йæхи фæсайдта, æмæ ту цæджындзы ахызти.

Усæн йæ сæрыхъуынтыл фыцгæ дон ауагъта Сырдон æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ – йæ дзыггутæ зæхмæ ‘ркалдысты. Амарди зæронд ус.

Рацыд Сырдон Нарты хистæрты цурмæ ‘мæ цæм, зæгъы, дзуры: – Гъы, Нарт, куыд уæ фæнды? Куыд-иу зæгъон Нартыхъæуы? – Дæ хорзæхæй, Сырдон, нæ удтæ де уазæг,– загътой Нарты хистæртæ лæхстæгæнгæ.

– Уæхицæй та ’ппæлдзыстут Нарты ныхасы, фæлтау мын бар радтут Уырызмæджы рагъæй гæрзытæ рауадзынæн.

Дыууæ нал загътой. Уæйгуытæй цы фæллой ракодтой, уыдонæй Сырдон йæ хай райста. Хъуддзытæн сæ цыбыр къæхтæ, галтæн сæ хъæлзæнгтæ, бæхтæн сæ байрæгтæ ‘мæ ‘рцыдысты Нарты хъæумæ. Уæд бонтæ цыдысты, æмæ Сырдонæн царды бар нал лæвæрдтой, сæ маст сисынмæ йæм къухбакæнæнтæ агуырдтой.

Нал, зæгъы, уыди мæгуыр Сырдоны бон Нарты хъалтимæ. Сырдон та, зæгъы, ахæм лæг уыди ‘мæ зыдта, бæстыл æвзаджы мыггагæй цы уыд, уыдон сеппæт дæр. Йæ мадырвадæлтæ та хæйрæджытæ уыдысты. Фæцыд сæм иуахæмы ‘мæ йæ мадыфсымæртимæ хуым бакодта.

Иу гутонæй, зæгъы, дыууæрдæм афæлдæхтой сæ хуым. Байуæрстой сæ хуымы хай. Уæд Сырдон æхсæвы хæйрæджы сусæгæй йæ хуым байтыдта. Райсомæй гытцыл мыггаг йæ къухты айста ‘мæ хæйрæгыл йæ фæндаг акодта.

Хæйрæг дæр Сырдонмæ гæсгæ гытцыл мыггаг ахаста. Сырдонæн ма йæ хуыммæ йæ зæрдæ кæм æхсайдта, уымыты йæ айтыдта.

Уæд хосгæрдæн афон æрлæууыди. Сæ хосгæрст ныккарстой. Мæкъуылтæ йæ самадтой. Уыгæрдæн та таугæрдæг равæрдта ногæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæйрæджы хуымы ницы ‘рзади. Сырдон йæ къæбицтæ хорæй байдзагкодта.

Уæд иу бон сæ хостæ уарынмæ ацыдысты. Сырдон зыдта, хæйрæгмæ сæгътæ кæй ис, уый, æмæ хæлæггæнæгау загъта хæйрæгæн:

–Йех, тæхуды ныр сæгътæ кæмæ ис! Зымæг-зымæджы дæргъы дæ сæгътæ ацы таугæрдæгыл фæхиз, уæд галы йæстæ бæргæ ныууаиккой! – Дæ хорзæхæй, Сырдон, мæ хуыздæр хæстæг, таугæрдæг мæнæн уадз, науæд мæ сæгътæ хъæбæр хосæй цагъды фæуыдзысты азымæджы,– загъта хæйрæг.

Сырдоны ма ндæр цы хъуыди. Сразы. Зымæг ралæууыд, æмæ хæйрæджы бинонтæ сыдæй мардысты, йæ фос та скъæты ниудтой æххормагæй.

Уæд иу бон хæйрæг Сырдонæн загъта:

– Ме стыр хæстæг, сыдæй мæлæм – бинонтæй, фосæй, æмæ нæ сæфын ма бауадз.

– Дæ цъæх тын мын æфстау радт ардыгæй æнæном сабатмæ æмæ дæм фæкæсдзынæн.

Хæйрæгæн æнæ сразыгæнгæ цы уыди. Сырдон хæйрæджы цъæх тынæй цухъхъа бахуыйынкодта ‘мæ дзы Нарты адæмы мæстæй мардта. Уæд хæйрæг нымайы ‘мæ æнæном сабат нæй æмæ нæй.

Æгæр ын фæбарстон зæгъгæ загъта йæхицæн æмæ ацыд Сырдонмæ. Сырдон базыдта, хæйрæг æм мæстыйæ кæй ыссæуы, уый æмæ йæ усæн загъта:

– Хæйрæг мæ ку’ агура, уæд-иу æй хъæуы сæрмæ сардау. Сырдон йемæ къахæн айста æмæ ацыд хъæуы сæрмæ. Уым, зæгъы, къанау къахыныл балæууыд. Уæд иу афон куы уыд, уæд йæ уæлхъус æрбалæууыд хæйрæг.

– Уæд та нæ искæй куыйтæ æргæвдынц, уæд нæхи цæмæй хъахъæндзыстæм.

Уæд Сырдон айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ дзы хæйрæгыл хорз æрцыди. Амардта хæйрæджы мæ æнæмæтæй цæры абон дæр.

НАРТÆ КУЫД БАЙУÆРСТОЙ Нартæ сбирæ сты, зæхх цын нал æххæсти, æмæ йæ байуарыны фæнд ыскодтой. Раздæр æй сыхгай адихкодтой æртæ хайыл, алы хай дæр фæндкодта нæ тыхджынты сæрыл æй адихкæнæм зæгъгæ. Иннæ Нартæ уыууыл не сразы сты.

Уæд цын Сырдон афтæ зæгъы:

– Зæххæн тыхджынты мæ мæгуырдæрты сæрыл уарæн нæй. Тыхджынæн дæр мæллæг йе ‘мбар куынæ цæуид уæд цæй тыхджын у. Фæлæ уын æз иу фæнд амонын: фæцæут уе ’ппæт дæр ыстæры, хуыздæр миниуæг æмæ пайдаимæ чи рцæуа, уымæн – бары хай, дыггагæн та – уыйфæстæ бары хай, æртыггагæн та – иннæ бары хай æмæ афтæ дарддæр.

Нартæм уыцы хъуыддаг хорз фæкасти ‘мæ цæхгæр фæнд ыскодтой стæры фæцæуын. Се стæры цæуыны бон уыд майрæмбон. Алчи цæ уæдмæ йæ бæхмæ зылд, йæхи цæттæкодта.

Æрцыди майрæмбоны бон. Æрымбырд ысты Нартæ ‘мæ сæ балцы фæндаг уыди Æргуынты зæхмæ. Арасткодтой æмæ фæцыдысты æмæ ныддолапъи сты. Се зныгътæ схуылыдз ысты, баргъæфстысты. Баирвæзтысты ма иу тархъæды астæумæ. Стæй бæлæстыл бакъуыркъатæ сты, уазалы сыдысты.

Сырдон цын зæгъы:

– Зныгътæ уæм куы уыди, хус къæцæлтæ уæ æрæмбырд кæнæд алчи, арт ыскæнут æмæ схъарм уат.

Нартæ йæм дзурынц:

– Сырдон, дæхæдæг нын исты хос ыскæн, мах бон нал у ахизын. – Æмæ мын, куы ‘рцæуат, уæд уæрсты уæ дынджыр куыр æрмахуыр уæнгуытæ куынæ дæддзыстут исты!

– Ард дын хæрæм, Сырдон: фыддзаг дын гъе уыдон раддзыстæм. – Уæдæ мын æвдисæн ныллæууæд Уырызмæг æмæ мæм йæ цъынды радтæд.

Уырызмæг æм йæ цъынды радта. Сырдон хус къалиутæ ‘мæ бæласы v8mcr8 рымбырдкодта, стæй зæгъы:

– Исчи мын йе зныгъ авæрæд.

Уыдон загътой:

– Цæй зынг нæ агурыс, хуылыдзæй ма кæм ыссудздзысты, кæд нын хорзы цæуыс, уæд кæронмæ.

Сырдонæн йе зныгъ йæ дæларм æмбæхст уыди. Ссыгъта йæ, арт ыскодта, æмæ Нартæ бахъармхуыз ысты.

Райсомы та цæуынц дарддæр. Æртæ боны ‘мæ та æртæ ‘хсæвы фæцыдысты. Ахæддзæ сты æндæр быдырмæ. Æрталынг цыл уым, иу хохрæбын федтой лæгæт æмæ дзы ‘рбынат кодтой сæхицæн. Лæгæтæн йе ‘гъдау уыди афтæ: мидæмæ дзы цас фæнды дæр бахызтаид, фæлæ йæ дуар æддæмæ цæугæйæ нал куымдта. Нартæ сеппæт дæр йæ мидæг фесты. Сырдон нæ бацыди лæгæтмæ, фæлæ лæгæты сæрмæ цы хуынкъ уыд, ууыл ысбадти ‘мæ Нартмæ рухс никуыцæй уал цыди. Кæрæдзийы дæр нал æвзæрстой, уæдæ цы уыдаид, стыхстысты. Сырдон уый куы базыдта, ай ныр ахъаззаг тыхст ысты Нартæ, уæд цæм хуынкъæй дзуры:

– Цы кæнут, Нартæ, рацæут нæ балц кæнын афон куы у!

– Фæндаг нал арæм, Сырдон, иучысыл нæм рухсы цъыртт искуыцæй æрбауадз.

– Куыннæ стæй, исты мын уæ угæрдæнтæн сæ лæнк-фæрстæ нæ дæддзыстут, хус хуымтæн – сæ адгуытæ.

Нартæ йын загътой:

– Фервæзын нæ кæ, Сырдон, уыййæддæмæ дын угæрдæнтæн дæр æмæ хуымтæн дæр сæ хуыздæртæ раддзыстæм.

– Уæдæ мын æвдисæн Сослан фæуæд, æмæ мæм йæ цъынды радтæд. Сослан радта йæ цъынды. Сырдон та цын лæгæты дуар бакодта, æмæ Нартæ фæиуварсысты, æрдæгмардæй рабырыдысты лæгæтæй. Сæ бæхтыл дæр ма тыххæй ысбадтысты æмæ та цæуынц дарддæр. Æртæ боны ‘мæ та æртæ хсæвы фæцыдысты. Ахæддзæ сты иу хъæды тагмæ. Уый уыди Æргуынты бæстæ. Хъæды таджы æрæхсæвиуаткодтой Нартæ. Сырдон йе зныгъ бамбæхста. Нартæ хус суг æрбахастой, уым сæгуыттæ амардтой, фæлæ цæ цæуыл ысфыцой, уый нæй. Сырдоны фæрсынц:

– Сырдон, де зныгъ дæхимæ уыдзæн æмæ нын нæ сугтæ схæцынкæн. – Ме зныгъ лæгæты ферох и, фæлæ ам исчи цæрæг уыдзæни. Кæсынц, æмæ иу хохрæбынæй фæздæг цæуы. Нартæ йæм дыууæ лæппуйы арвыстой. Лæппутæ бахæддзæ сты хохрæбынмæ ‘мæ дзы федтой агъуыст. Дуарæй бадзырдтой:

– Хæдзаронтæ, æддæмæ нæм ракæсут!

Хъæрмæ хæдзарæй рауади иу лæппу. Нарты лæппутæ йæм дзурынц: – Зынг нын авæрут, кæд гæнæн ис уæд.

Лæппу хæдзармæ фездæхти ‘мæ йæ фыдæн зæгъы:

– Дыууæ лæппуйы нæ зынг агурынц.

Зæронд лæг цæм рарвыста:

– Мидæмæ уал рацæут.

Нарты лæппутæ хæдзармæ бахызтысты. Уыдон лæппуты бын бандæттыл мыцъы-бурæмæдз акодтой æмæ сæ фынджы фарсмæ абадынкодтой. Лæппутæ бандæттæм нынныхæстысты. Æгæр æрæгмæ куы цыдысты, уæд та Нартæ авд лæппуйы барвыстой. Мидæмæ бадзырдтой: – Хæдзаронтæ, æддæмæ нæм ракæсут!

Æргуынты лæппу та цæм рауади ‘мæ цын зæгъы:

– Мидæмæ, уе ‘мбæлттæ дæр ам ысты, ныртæккæ иумæ ацæудзыстут. Уыдонæн дæр та мыцъы-бурæмæдз сæ бынты акодтой бандæттыл, æрбадын цæ кодтой æмæ нындæгъдысты бандæттыл. Нартæ та цæм кæсынц æнхъæлмæ. Сæ зæрдæ фехсайдта, æмæ ма чи уыдысты, уыдон сеппæт дæр бацыдысты. Бадзырдтой мидæмæ:

– Хæдзаронтæ, мидæгæй уæ чи ис, æддæмæ нæм ракæсут!

Æргуынты лæппу цæм худгæ рауади ‘мæ цын зæгъы:

– Ай, хуыцауы ‘рвыст адæм, уазджытæ, мидæмæ рахизут, уе ‘мбæлттимæ ацæудзыстут, фæйнæ нæм баназут. Абон Æргъуынты бæрæгбон у.

Нартæ йыл баууæндыдысты. Мидæмæ бацыдысты, алкæй бандоныл дæр сæ мыцъæ-бурæмæдз акодтой æмæ сеппæт дæр нындæгъдысты. Сырдонæн ма дзы бандон хъуыди. Æргъуынты лæппу бандонмæ куыд фæци, афтæ йæ Сырдон фæуырæдта:

– Фæлæу, æз уæздæттæй нæ дæн. Мæнæ зæххыл дæр абаддзынæн. Йæхæдæг фæныккалæн къæрта артдзæсты цурæй райста. Ныр къæрта фæныкæй йедзаг. Фысымты ус уым дæр мыцъы-бурæмæдз акодта, фæлæ уый фæнычы афардæг, Сырдоныл дзы ницы фæхæцыд.

Бадынц Нартæ, нуазынц, хæрынц, фæлæ сæ бæллæхыл дæр хъуыдыкæнынц, кæрæдзимæ бакæсбакæскæнынц æмæ нæ уæндынц кæрæдзийæн зæгъын, ай бандонмæ баныхæсти, уый, æнæуый йæ ‘мбарынц.

Уалынмæ ‘рхæддзæ сты фысымæн йе ‘ннæ авд фырты дæр. Арфæ цын ракодтой Нартæн, стæй дарддæр сæ нозт кодтой.

Хæдзары лæппуты фыд хатиагау дзуры йæ лæппутæм:

– Афон у фæхсынтæ кæнынæн.

Уырызмæг хатиагау хорз зыдта ‘мæ зæгъы Нартæн:

– Не сæфт æрцыди, марыны фæнд ныл кæнынц, æмæ нæ ном мыггагмæ худинагæй зайдзæн.

Сырдон та цæм фæхъуыста стæй цын зæгъы:

– Уæ фервæзынæн та иу хос бæргæ ис, фæлæ уын æй нал зæгъдзынæн.

– Фервæзын нæ кæн, Сырдон. Цы нын зæгъай, уый дын сараздзыстæм.

– Нæ мæ уырны, мыййаг ку’ амæлон, уæд мæ хынджылæг цæмæй кæнат, уый тыххæй мæ Ныхасы астæу ныгæндзыстут.

– Нæ хъуыранæй дын ард хæрæм, Сырдон, зæппадзы дæ бавæрдзыстæм.

Фысымтæ дуармæ сæхи куы цæттæкодтой, уæд Сырдон фестади. Йе ‘рбадæнтыл фæнык систа, Нартæ йыл худæгæй мардысты. Æргъуынты лæппутæ дискæнынц: «Ай цавæр адæм ысты, мах сæ маргæ кæндзыстæм, уыдон та кæуыны бæсты худгæ кæнынц».

Сырдон, уæларты цы цæдджинаг аг фыхти, уырдыгæй тæвд дон исын байдыдта, Нарты адæмы бын æй уагъта æмæ се ‘рбадæнтæн сæ хæлæфты сыдзæгтæ бандæттыл аззадысты, се ‘рбадæнтæ та гомæй баззадысты. Уæд цын Сырдон зæгъы:

– Сымах мæныл дзыхæй худут, æз та уе ‘взæрдзинадыл сыдзæй худын. Æркæсут ма, уе ‘рбадæнтæ уе ппæтæн дæр гомæй куы баззадысты.

Нартæ сæхи куы федтой, уæд хорзау нал фесты, сæ худын фæуагътой æмæ зæгъынц Сырдонæн:

– Ма нæ схъæркæн, æмæ дын цы хорзы бацæуæм?

– Цæмæй уылбаууæндон, уый тыххæй мын Хæмыц йæ цъынды радтæд. Хæмыц ын йæ цъынды радта. Уырдыгæй арасткодтой дарддæр. Уæд цæ Сырдон фæрсы:

– Фæлæуут ма, кæдæм цæут, Нартæ? Æргъуынты фосфæллой зæххыл куынæ цæуы, уæд цæ куыд уадзут, кæнæ уе ‘фхæрд куыд барут? Нартæ сразы сты Сырдоны дзырдыл. Сæ бандæтты сæртыл къуыддыртæ ‘мæ суджы лыггæгтæ рывæрдтой, кæсынц æнхъæлмæ сæ фысымтæм. Уалынмæ сæ фысымтæ фарастæй бацыдысты хæдзармæ ‘мæ зæгъынц Нартæн:

– Мах ыстæм Æргъуынты адæм, лæджыфыдхортæ. Сымах хуыцау махæн радта æмæ уæ ныр æргæвдгæ кæнæм.

– О, мæ цы кæны, мах та Нарты адæм ыстæм æмæ сымахмæ рцыдыстæм,– зæгъы Уырызмæг.

Февнæлдтой фараст лæгмæ дæр Нартæ ‘мæ цæ сæ быны ‘ркодтой. Сæ сæртæ цын ракодтой æмæ сæ быдырмæ фехстой.

Сырдон цын зæгъы:

– Гъеныр азилут, æмæ чи цы хæзна ‘мæ миниуæгыл фæхæст уа, уый рахæссæд.

Нартæ разылдысты Æргъуынаты агъуыстытыл, цыдæриддæр ыссардтой, уый рахастой, сæ фос-фæллой цын æд уæтæргæстæ ракодтой æмæ фæстæмæ раздæхтысты Нартæм. Уым сæ фæллой æмхуызон адихкодтой, фæлæ та зæххытæ уæддæр сæ фыддзаг бынаты уыдысты. Сырдон зæгъы: – Кæд фæллæйттæ ‘мхуызон байуæрстат, уæд зæххытæ цæуылнæ афтæ уарут?

Нартæм Сырдоны ныхас хардзау æркаст æмæ загътой:

– Сырдон нын иуыл фыдбылыз митæ кæны. Зæхх байуарæм æмæ йын радтæм лæнчытæ, нæ фосæн та – сæ уæнгуытæ.

Афтæ йын бакодтой. Сырдоны хуымтæ иннæтæй уæлдай хуыздæр æвзар уагътой, йæ уæнгуытæ бонæй-бон галдæр кодтой. Уæд Нартæ базыдтой, ай цыл Сырдон хинæй кæй рацыди, уый.

Сфæндкодтой се ‘хсæнæй Сырдоны фесафын. Сырдон цæ бамбæрста ‘мæ йæхи мард æфсон ыскодта. Нартæн уый æхсызгон уыди ‘мæ загътой: – Ныхасæй тарсти ‘мæ йæ Ныхасы тæккæ астæу баныгæнæм. Баныгæдтой Сырдоны Ныхасы астæу. Нартæй-иу чи фæмæсты, кæнæ ард чи хордта, уый дзырдта:

– Мæнг чи зæгъы, уый Сырдонæн фæлдыст хæрæгæй фæцæуæд. Афтæмæй Нартæй алы лæг дæр æртæ хаттæй къаддæр фæлдыст не ‘рцыди Сырдонæн.

Уæд загътой:

– Ацы хæрæгæн нын йæ удæгас уый нæ ракодта, йæ мард нын цы ракодта, Нартæ йын сеппæт дæр фæлдыст хæрæгæй цæуынц, сисæм æй æмæ йæ дæлæ доны баппарæм.

Сырдоны доны ныппæрстой. Дон æй аласта æмæ йæ донбеттыртæ райстой. Сырдон сæ хæрæфырт уыди, алу-балу комы тæф æм бауагътой, æмæ Сырдон райгас и.

Райсомы Нартæн куывд уыди ‘мæ сæ бадтыл уыдысты. Сырдон дæр цæм фæзынди ‘мæ цын зæгъы:

– Мæн дæр дзы æнæхай ма фæкæнут, мæхион мын радтут.

Нартæ загътой:

– Авд дæлдзæхы ныххауай, Сырдон, кæд дæуæн амæлæн нæй!

НАРТЫ БАЛЦ

Нарт æрæмбырдысты ‘мæ сфæндкодтой искуы фос куы фæкæниккам, зæгъгæ, æмæ баисты дыууадæс Нарты фæсивæдæй, сæ домбайдæртæй. Сбадтысты сæ бæхтыл æмæ рацыдысты хъæугæронмæ.

Хъæугæронмæ куы рацыдысты, уæд афтæ зæгъынц:

– Сырдон немæ куы нæ уа, уæд ницы бакæндзыстæм.

Арвыстой йæм иу кæстæры. Уый йын афтæ зæгъы:

– Уæртæ Нарт балцы цæуынц æмæ рацу.

Уыцы заман-иу нæ зæгъæн нæ уыди. Фæлæ цын Сырдон афтæ: – Бæх мæм нæй æмæ цы бакæнон?

Уæд ын афтæ зæгъынц зæгъгæ, куы мах – бæхыл, ды – фистæгæй, ды – фистæгæй, мах – бæхыл, æмæ афтæмæй хæддзæ кæндзыстæм. Сырдон афтæ бамбæрста, зæгъгæ-иу уый дæр бæхыл абаддзæн.

Ацыдысты ‘мæ Сырдон фæлмæцын райдыдта. Æнхъæлмæ дæр касти кæд æй исчи бæхыл авæрид. Фæлæ хабар бамбæрста ‘мæ ‘рсабыр и. Уæд иу заман иу ранмæ бахæддзæ сты ‘мæ сæ фæллад уагътой, сæ сæргътæ сæ нывæрзæн бакодтой, афтæмæй. Сырдон цын с’ арт æмæ се ‘схонтæ бамбæхста.

Созырыхъо кæй цуаны фæрасткодта, кæй – сугмæ, æмæ уайтагъд фездæхтысты саджы мæрдтимæ ‘мæ хус сугтимæ.

– Исчи ма уæ риуæд арт æмæ схон,– дзуры цæм Созырыхъо, фæлæ цын цæ Сырдон адавта ‘мæ никæмæ разындысты. Уæд йæхимæ федта ‘мæ йæм нæ разынди уымæ дæр.

Уæд цын Созырыхъо афтæ зæгъы:

– Сымах иуцъыккон ыстут, уæртæ ма мæ саргъы базы бын фенут! Фæлæ уым дæр ницуал разынди.

Уæд кæцæйдæр рухс фæзынди. Æхсæвыгон та рухс хæстæг фæзыны. Созырыхъо артмæ кæстæры арвыста. Кæстæр дуарæй бакасти, æмæ авд уæйыджы куырд кæнынц.

– Уе ‘хсæв хорз,– бадзырдта цæм уæйгуытæм.

– Æгас цу, хæххон дзигло,– дзуапп ын радтой уыдон дæр æмæ йæ мидæмæ бакодтой. Бандоныл ын бурæмæдз акодтой, æмæ йæ сбадынкодтой æмæ уым баныхæст. Нарт æнхъæлмæ кæсынц. Куы никуыцæй зынди зынггур, уæд кæрæдзийы агургæ иууылдæр уæйгуытæм бафтыдысты ‘мæ ахæм æмбисонд æрцыди сеппæтыл дæр. Сырдон хабар бамбæрста, йæхицæн физонджытæ фæкодта ‘мæ йæхи хорз федта. Стæй æхсырфæмбæлттæ йæ зачъетыл бабаста – даргъ зачъетæ йын уыди, фæстæмæ цæ-иу баста – æмæ уæйгуытæм бацыд.

Дуарæй бакаст æмæ афтæ зæгъы:

– Уе ‘хсæв хорз, ме ‘лдæрттæ!

Æгас цу, æгас зæгъгæ йæ бадын кодтой, фæлæ уый афтæ зæгъы: – Мæнæн æнæбын хуыскъаджы фæнык акæнут æмæ уым абаддзынæн. Æнæбын хуыскъаджы йын фæнычы бурæмæдз ауагътой, фæлæ дзы Сырдоныл ницы фæхæцыд.

Уæйгуытæ бахæрынфæнд ыскодтой Нарты ‘мæ цын æвзæрстой сæ нарддæры, æмæ Созырыхъойы сырх бæрзæймæ бахъавыдысты.

Уæд цын Сырдон афтæ зæгъы:

– Нæ, афтæ нæ, мах ыстæм Нарт, æрбацыдыстæм уæм фæрсынмæ: нæ куырдтæ нæ фидауынц; алчи дæр дзы йæхи дзаума ахъаззагдæр хоны. Уæйгуытæ кæрæдзимæ бакастысты. Стæй куынцы хицау афтæ зæгъы: – Куынц куы нæ уа куырдадзы, уæд æфсæйнаг куыд ыстæвдуыдзæн? Уæд хъæсдарæджы хицау афтæ зæгъы:

– Æмæ хъæсдарæг куы нæ уа, уæд æфсæйнаг цæуыл æрхойдзынæ? Дзæбуджы хицау дæр бамæсты ‘мæ цын афтæ зæгъы:

– Æнæзæндтæ, дзæбуг куы нæ уа, дзæбуг, уæд æй цæмæй æрхойдзыстут!

Хæрз мæсты та æртыскæны хицау ысси уæд, æмæ цын уый та афтæ зæгъы:

– Æртыскæн куы нæ уа, уæд æй къухæй куыд райсынмæ хъавут? Айда-а-мардзæ зæгъгæ кæрæдзимæ февнæлдтой, æмæ кæрæдзиуыл ралæууыдысты. Йæ дзæбуг-иу кæмæн æрхаудта, уымæн-иу æй Сырдон фæстæмæ авæрдта ‘мæ афтæмæй кæрæдзийы амардтой. Сырдон цæдджинагæй дзидза систа мæ йæхи хорз федта, стæй уæд дзуры Нартмæ:

– Гъы, ныр уæ куыд фæнды?

Нарт загътой:

– Ацы хатт ма нæ фервæзынкæн, Сырдон.

Сырдон цын дынджыр къоппайæ сæ бынты фыцгæ бас ауагъта, æмæ Нарт къæдз-къæдзы рацыдысты. Сæ ис, сæ бон цын рахастой æмæ Нартмæ рарасткодтой.

Иу заманы цыдысты хъæды. Нарт хъуыдытæкодтой: «Ацы фыдбылызæн куы ницы бакæнæм, уæд та нæ хъæуы дæр æнцад нæ ныууадздзæн, нæ худинаг нын ахъæркæндзæн».

Æртасынкодтой иу бæрзонд бæлас, æмæ йæ йæ рихитæй бæласы цъупмæ бабастой, æмæ бæлас ысуагътой, сæхæдæг афардæг ысты. Чи зоны, цас фæуыдаид уым, фæлæ уæд иузаман æлдары фыййау, бæдæйнаг лæппу, Сырдоны бынты ‘рбацæйыскъæрдта хизгæ йæ фосы тъæпæн дзуг. Сырдонæй ку’ ауыдта, уæд æм фæкаст æмæ йæм дзуры: – Цы кусыс уым, хорз лæг?

– С-с-с, сабыр у, зæдтæ уæларв тæрхонкæнынц æмæ уыдонмæ хъусын,– загъта йын Сырдон.

– Мæн дæр фæнды уыдонмæ байхъусын,– сдзырдта та йæм фыййау. – Уæдæ ’ртасынкæн бæлас,– загъта йын Сырдон.

Фыййау уыд бæдæйнаг, февнæлдта ‘мæ бæлас æртасынкодта. Сырдон ын афтæ зæгъы:

– Цæмæй дæ бабæттон?

– Мæнæ мæ хызыны босæй.

Æмæ йын фыййау йæ хызыны бос райхæлдта. Сырдон æй бæласмæ бабаста ‘мæ йæ суагъта, дзæбæх хъус зæгъгæ ‘мæ фосыл ахъæркодта Qмæ цæ Нартмæ ныттардта.

Нарт та цæттæ фос се ’хсæн байуæрстой.

СЫРДОНЫЛ САЙД КУЫД ÆРЦЫДИ Нарт Сырдонмæ иучысыл хæрам уыдысты, сайгæ цæ кæй кодта, уый тыххæй. Æмæ Созырыхъо сфæндкодта, уæдæ йæ мах дæр иу хатт куы фæриссынкæниккам, куы йæ фæсаиккам. «Цæй, æмæ йæ немæ балцы акæнæм» зæгъгæ загъта Созырыхъо. Сырдонмæ бæх нæ уыди, мæгуыр уыд, Нарт та тыхджын æмæ хъæздыг уыдысты. Æмæ Сырдон загъта, Созырыхъо йæм куы ‘рбацыди, уæд.

– Бæх мæм нæй, бæх.

Сызырыхъо йын загъта:

– Бæхы тыххæй ма тыхс – махмæ ис. Æмæ куы ды – фистæг, мах – бæхджын, куы мах – бæхджын, ды – фистæг, æмæ афтæмæй хæддзæ кæндзыстæм.

Сырдон ысразы и. Ку’ ацыдысты, уæд Сырдонæн бамбарынкодтой, куыд дзырд уыдысты, уый. Цы ма акодтаид Сырдон! Иу хатт бахæддзæ сты зымæгон, тъæнджы мæй, иу ыстыр доны былмæ.

«Æз та цы фæуон» зæгъгæ загъта Сырдон.

Уæд ын Созырыхъо афтæ зæгъы:

– Дæ дзауматæ ралас, æмæ мæ бæхы къæдзилыл хæц.

Доны астæумæ куы бахæддзæ сты, уæд Созырыхъо фæрсы Сырдоны: – Цымæ къахы ныхтæ ‘мæ къухы ныхтæ кæд фæкæнынц?

Уый йын афтæ зæгъы:

– Кæд дæ зæрдыл æрлæууа, уæд.

Æмæ афтæ зæгъы:

– Уæдæ гъер мæ зæрдыл æрбалæууыд.

Созырыхъо бæх баурæдта ‘мæ йæ къахы ныхтæ ‘мæ йæ къухы ныхтæ кæнын райдыдта. Сырдон та й’ астæумæ доны ихæнæй марди. Иу заманы донæй ахыстызты ‘мæ загъта Сырдон: «Адонæй æз хъуамæ мæ маст райсон истæмæй».

Ацыдысты дарддæр. Æхсæвиуат æркодтой. Сырдон цын æхсæвы сæ дзыппытæ акъахта ‘мæ цын с’ арт æмæ се ‘схонтæ доны баппæрста. Йæхионтæ та ныууагъта. Нарт ыскатай ысты, зæгъгæ ма арт цæмæй ыскæнæм, æмæ Сырдонæн афтæ зæгъынц:

– Дæумæ дæр ницуал ис, æви?

Сырдон цын афтæ зæгъы:

– Бæгуыдæр мæм ис,– æмæ доны былмæ бацыди. Æрцахста цæ ‘мæ, цыма æнæбары уыди, уыйау цæ доны баппæрста.

– Уæдæ ма ныр та цы бакæнæм,– загътой Нарт. Æмæ цæм хохы рæбынæй рухс фæзынди. Нарт уырдæм сæ кæстæртæй иуы зынггур арвыстой.

– Уæ, хæдзар, æддæмæ ма ракæсут, кæд уæ исчи уым ис, уæд! Уым та цардысты авд уæйыджы. Рацыдысты йæм æмæ йæ мидæмæ бакодтой. Уым уыд ыстыр даргъ бандон. Æрбадын æй кодтой, гъемæ йын йæ быны, бурæмæдз æй хуыдтой, уый ныккодтой. Гъемæ бандоныл баныхæсти.

Кæрæдзийы агурæг фæцыдысты ‘мæ сеппæтæн дæр афтæ бакодтой. Æрæджиау Сырдон дæр бацыди. Уый дæр бадынкодтой, æмæ цын Сырдон афтæ зæгъы:

– Адон ме ’лдæрттæ сты ‘мæ сæ разы куыд ысбадон? Фæлтау мын æнæбын тæсчъы фæнык акæнут æмæ уæд уым абаддзынæн.

Æнæбын тæсчъы йын фæнык акодтой, ауагътой дзы бурæмæдз æмæ асыххуыткодта. Уæйгуытæ цæ ‘ргæвдынвæнд ыскодтой æмæ цын сæ нарддæрмæ бахъавбахъавкодтой. Уый Сырдон куы бамбæрста, уæд цын афтæ зæгъы:

– Мах уæм зондæнхъæлмæ кæсæм, сымахмæ ‘рбацыдыстæм – нæ фидауæм, куындадзы ахсджиагдæр цы у – дзæбуг, хъæстарæг, рæс, æви куынц?

Уæйгуытæ ‘схыл ысты, чи загъта дзæбуг, чи цы, чи цы, æмæ афтæмæй кæрдзийы ныппырхкодтой.

Нарт ныхæстæй баззадысты æмæ сагъæскодтой: «Ныр нæхæдæг цы фæуæм?»

Сырдон афтæ зæгъы:

– Фервæзын та уæ кæндзынæн!

Æмæ дон ыстæвд кодта, æмæ цын æй сæ бынты ауагъта. Сæ сыдзы былтæ цын басыгъта. Æмæ цæ йæ маст систа уымæй.

СЫРДОН ÆМÆ НАРТ

Нарт куы нал фæрæзтой Сырдонæй, уæд дзы хынджылæгкæнынфæнд ыскодтой æмæ йæ цæрын нал уагътой.

«Хорз,– загъта Сырдон,– æз уын цы хъæуа, уый бакæндзынæн». Уæд иу бон куы уыди, уæд хъæуыл айхъуысти, зæгъгæ Сырдон амарди. Нарт æрæмбырд ысты ‘мæ ма йын фæстаг æгъдау радтой æмæ йæ уæлмæрдтæм ахастой. Ахизын цæ хъуыди доныл æмæ хъуыдыкодтой кæуылты йæ ахæссæм æмæ нæ фидыдтой.

Уæд Сырдон рахъил и æмæ сын афтæ зæгъы:

– Æз ма гас куы уыдтæн, уæд иу уæлæты цыдтæн.

НАРТЫ ДЫГГАГ СÆФТ

Нарты адæм ысфæндкодтой стæры фæцæуын æмæ цын Сырдон лæгъстæтæкæнын райдыдта, мæн дæр уемæ ауадзут зæгъгæ.

– Ацу, искуы нæ фæхудинагкæндзынæ,– загътой йын Нарт. Уæддæр сæ фæстæ сусæгæй ацыди, йæ бæхыл сбадти ‘мæ дзæвгар фæцыдысты ‘мæ цыл æрæхсæв, æмæ иу ран сæ фæллад уадзынмæ ‘рынцадысты. Сæхи ‘рбиноныгкодтой. Уæд цæм Сырдон бацыди. – Æ, мæнæ уæгъуырсыдз, ай дæр та ам куы февзæрди,– схор-хор ыл кодтой Нарт. Сырдон дæр цыл ысбустæкодта.

Уæдæ ацы куыдзæн куы ницы бакæнæм, уæд та нæм йæхæдæг фæраздæр уыдзæн зæгъгæ йын йæ бæхы бырынчъытæ алыгкодтой. Уæд цæ базыдта Сырдон дæр æмæ цын сæ бæхы къæдзилтæ ныллыгкодта сæ тæккæ рæбынтыл.

Иу заманы ‘сбадтысты сæ бæхтыл, цом зæгъгæ ‘мæ афардæг ысты фæсаууæтты хъуызгæ. Лæбурæг афтæ кæм нæ фæкæны! Уæд бон куы ‘рбацъæх и, уæд Сырдон фæстейы цæуы ‘мæ йæм фæстæмæ ракæсынц æмæ та ныххудынц:

– Сырдон дæ бæх та цæуыл худы?

Уæд цын Сырдон афтæ зæгъы:

– Мæ бæх дзæгъæлы никуы фæхуды, æвæддзæгæн та исты худинаг уыны.

– Ай та цыдæр бакодта,– загътой Нарт. Кæсынц æмæ сæ бæхты къæдзилтæ сæ тæккæ рæбынтыл лыг.

Афтæмæй никуыдæм уал фæцæудзыстæм, нæ худинаг айхъуысдзæни. Рахизут æмæ ацы куыдзы хъæбылæн исты бакæнæм, доны йæ баппарæм зæгъгæ йæ Нарт æмæ йæ голладжы цæвæрдтой. Уæд нал фидыдтой æмæ загътой, уæдæ даргъ хъил ыссарæм æмæ йæ иумæ баппарæм. Ацыдысты хъил агурæг, уый та уым голладжы баззад æмæ хъæркæны. «Нæ комын, нæ комын, куыйты Нарт». Фыййау йæ рæзты рарæй-баррæйгæнгæ фыстæ ‘рбаскъæры. Уæд æм фыййау дзуры:

– Чи дæ, цавæр дæ?

– Куыйты Нарт мæ ’лдар кæнынц æмæ нæ комын,– загъта Сырдон фыййауæн.

– У, уæдæ дзы мæн цæвæр, æз цын ныллæудзынæн æлдар,– загъта фыййау.

– Уæдæ голладжы ком райхал,– загъта Сырдон.

Фыййау голлаг райхæлдта ‘мæ дзы Сырдон ысбырыди ‘мæ фыййауæн загъта:

– Зæгъ цын иу æрмæст «комын» æмæ дæ фæрсдзысты «цы комыс, цы», фæлæ цын-иу ды «комын» йæддæмæ мацы зæгъ.

Фыййауы голладжы цæвæрдта, йæ ком ын хъæбæр бабаста йæхæдæг фосыл рахъæркодта ‘мæ цæ раскъæрдта.

Нарт дынджыр даргъ хъил æрбахастой, æмæ йæ голлагмæ сарæзтой, æмæ уæд фыййау хъæркæны йæ дзыхы дзаг:

– Комын уын, комын уын!

Уæд æм Нарт дзурынц:

– Цы нын комыс, цы, куыдзы хъыбыл?

Уæд цæм фыййау хъæркæны:

– Æлдар уын комын, æлдар!

Æ, куыдзы хъыбыл, уæдæ ма нын æлдар дæр комыс, æлдар зæгъгæ йæ доны цæссыдтой.

Фосимæ цæуы Сырдон, фæсфæдты цæ хизы ‘мæ дыууæ-æртæ мæймæ Нартыхъæуы балæууыд æд фыс-фос. Афтæмæй йын йæ хæдзары та хистытæ фæкодтой, Сырдон фесæфт зæгъгæ. Нарт гæды кæм не сты ‘мæ Сырдонмæ се взаг ысуагътой, цыдысты йæм, цы хабæрттæ дæм ис зæгъгæ. Уæд сеппæтæн дæр Сырдон загъта:

– Хуыцау уыл йæ бæллæх сæвæрæд, мæ голладжы ком мын æгæр хъæбæр балвæстат, уыййæддæмæ донбеттырты фос иууылдæр раскъæрдтаин.

Уæд ын лæхстæкæнын райдыдтой:

– У, махæн дæр бацамон цы бакæнын хъæуы, уый.

Сырдон та цын загъта:

– Сымах куыдзы мыггаг ыстут, фæлæ уæддæр та тæригъæд ыстут. Фос уæ кæй хъæуы, уый мемæ рацæуæд,– æмæ йæ кæм баппæрстой, уырдæм цæ акодта. Доны был цæ ‘слæууынкодта ‘мæ цын загъта:

– Опп зæгъгæ куы зæгъон, уæд иу уæхи баппарут. Фæстиатгæнгæ уæ йæхи чи баппара, уымæн йе ‘сæфт уыдзæн.

Опп зæгъгæ загъта ‘мæ Нарт сæхи доны бакалдтой. Сырдон йæ былтæ ныссæрфта ‘мæ хъæумæ худгæ ‘сфардæг и. Чи ма баззад, уыдон йæ размæ рацыдысты, мыййаг кæд махонтæ раздæхдзысты зæгъгæ. Уæд цын уый афтæ зæгъы:

– Мæнæ мæ ныхыл хъуынтæ куы разайа, уæд.

Нарт дыггаг сæфт гъеуæд фæкодтой.

СЫРДОН ÆМÆ НАРТ. (Æндæр вариант) Нарты фæсивæдæн Сырдонæй ахъазын æрыфтыд сæ зæрды ‘мæ бауынаффæкодтой, райсом алчи дæр йæ дзыппы карчы айк куыд рахæсса Ныхасмæ, афтæ. Уыцы хабарæн Сырдон ницы базыдта. Райсомы Ныхасмæ рымбырд ысты Нарты фæсивæд. Уырдæм æрбацыд Сырдон дæр. Фæсивæд ныхас ракъахтой:

– Цæй, æмæ ахъазæм. Уæртæ уобауы алфамблай æрбадæм æмæ айк чи нæ рыфтауа, уый æхсæны над фæкæнæм.

– Ахъазæм,– загътой иннæтæ дæр.

Æрмæст Сырдон ницы дзырдта.

– Цæй, Сырдон цы зæгъыс ды та? – фæрсынц æй Нарты фæсивæд. – Æз дæр разы дæн,– загъта Сырдон.

Фæсивæд уобауы алфамблай кæрчытау æрбадтысты. Уобауæн йæ тæккæ бæрзондыл та Сырдон æрбадт. Иу цасдæр рæстæджы фæстæ бæстæ хъуыдатт ысси, фæсивæд гæппытæкæнынц æмæ дзы алкæйы бын дæр айк разынди.

Иууылдæр æйчытæ куы «рæфтыдтой», уæд сæ каст скодтой Сырдонмæ.

Æппынæрæджиау Сырдон дæр сыстад, йæ къухтæ ныццагъта ‘мæ уасæджы уаст ныккодта.

– Цы кæныс, Сырдон, айк куынæ рæфтыдтай,– загътой фæсивæд. – Ау, уæдæ куыд æнхъæл уыдыстут, ацы ’ппæт кæрчытæн уасæг нæ хъæуы? Æнæ уасæгæй карк куыд хъуамæ рыфтауа!

Фæсивæд сайды бынаты баззадысты.

СЫРДОН ÆМÆ НАРТЫ ФÆСИВÆДЫ БАЛЦ Нарты фæсивæд ысфæндкодтой балцы ацæуын. Æмæ бауынаффæкодтой, уæдæ Сырдоны дæр немæ акæнæм. Æмæ Сырдонмæ бацыдысты ‘мæ йын загътой:

– Сырдон, немæ балцы куыд ацæуай, афтæ.

Сырдон загъта:

– Нарты хъалтæ, куыд уын ацæуон, куынæ мæм бæх ис, куынæ ндæр. Фистæгæй куыд ацæуон?

Бауынаффæ кодтой æмæ йын загътой:

– Нæ фæсарцыты дæ хæсдзыстæм радыгай.

Æмæ араст ысты балцы. Сырдоны хастой сæ фæсарц, æмæ-иу кæй фæсарцы бадти, уымæн-иу й’ арт, йе схон æмæ йе зныгъ адавта. Бирæ рæстæджы ку’ ацыдысты, уæд иу хъæдрæбынмæ бафтыдысты, иу чысыл ацуанкодтой æмæ саг амардтой.

Изæр дæр æрци. Сырдон йæхи иуфарс айста ‘мæ сугтæ ‘мбырд кæны иу æрхы. Уыдонæй иу дæр агуры й схон дæр, йе зынгъ, й’ арт дæр, иннæ дæр агуры, фæлæ нæй. Уæд фæрсынц Сырдоны:

– Сырдон, н’ арт, не зныгъ, не схонæй ницы уал ис? Ницы адавтай, мыййаг?

Уый цæм дзуры:

– О, уæ бонæй уат, Нарты хъалтæ, цæугæйæ уе ‘ртытæ, уе зныгътæ ‘мæ уе ‘ннæ гæрзтæ уæ устыты хъæбысты ферохкодтат æмæ цæ ныр мæгуыр Сырдонæй агурут!

– Цы бакæнæм, уæдæ?..

Уалынмæ ризæр и. Æмæ иу ран хъæдæй рухс цæуы. Сырдон загъта: – Ауайут, æмæ уартæ уырдыгæй зынг æрбадавут.

Æмæ иу ацыди. Æмæ уыдон уыдысты уæйгуытæ, цыппар æфсымæры. Сырдон цæ зыдта.

– Æгас цæут!

– Æгас цу ды дæр.

– Зынггур уæм æрбацыдтæн.

– Æрбад,– загътой æмæ йæ ‘рбадынкодтой иу бандоныл, бурæмæдзæй кæй айсæрстой, ахæмыл. Æмæ лæг уым ныхæстæй баззади. Уæд та арвыстой æндæр дыууæйы:

– Ауайут, цæй æрæгмæ цæуы?

Уыдонæн дæр та афтæ бакодтой. Уæртæ уе ‘мбал дæр уым бады ‘мæ йæ фарсмæ абадут зæгъгæ цæ ‘рбадынкодтой бурæмæдзæйсæрст бандæттыл, æмæ та уыдон дæр уым баззадысты бадгæйæ.

Уыйфæстæ та цæ ‘ртæйæ арвыста. Уыдонæн дæр та уæйгуытæ афтæ бакодтой.

Арвыста афтæ сеппæты дæр, æмæ сеппæт дæр бандоныл ныхæстæй баззадысты.

Сырдон йæхæдæг иунæгæй рынцад, уæд арт бандзæрста, физонæг ыскодта хуылфыдзаумæттæй, йæхи хорз федта. Иу нард уырг ма дзы ныууагъта ‘мæ йæ йемæ ахаста. «Цон, ныр м’ адæмы фенон» зæгъгæ Сырдон уырг тæвдæй йæ къухы, афтæмæй арасти, бацыди цæм. Бадзырдта уæйгуыты хæдзармæ ‘мæ йæ мидæмæ бакодтой:

– Цы фестут, ме ‘мбæлттæ? – афарста Сырдон, æмæ йе ‘мбæлтты хистæрæн – Нартæн уыди зачъетæ – æмæ уын мæнæ мæ хай æрбахастон зæгъгæ, нард уырг уымæн йæ зачъетыл аныхæстой. Æмæ йæ уæд уыдон дæр базыдтой сæ зынг цын кæй адавта, уый, фæлæ цын цы гæнæн уыди! Загътой йын уæйгуытæ:

– Дæ хорзæхæй, ды дæр иу чысыл абад де ‘мбæлтты фарсмæ. – Нæ, æз мæ хицæутты цур не ‘сбаддзынæн, фæлæ мын æнæбын къуыстилы фæнык акæнут æмæ уым ысбаддзынæн.

Уыдон дзы бурæмæдз акодтой, æмæ бурæмæдз иуфарс акалди. Ныр уыдон лæхстæкæнынц – Нарт.

– Дæ хорзæхæй, Сырдон, исты амал нын ыскæн аирвæзынæн. Æмæ цæ бафарста Сырдон:

– Зæгæлтæй хуыд стут, æви цы? Схæцут ма!

Схæцыдысты, фæлæ уæйгуыты бандон кæм ысфæрæзтаиккой, æмæ цын загъта Сырдон:

– Кæд уæ судзгæ бакæнон, уыййæддæмæ уын ныр цы хос ыскæндзынæн?..

Стæй уæйгуытæй иу бафарста Сырдоны:

– Кусæрттаджы нарддæр уæм цæмæй бæрæгвæййы?

Сырдон ын дзуапп радта…

– Йæ бæрзæй ыставддæр æмæ сырхдæр куы уа, уæд уымæй. Ныр уæйгуытæ райдыдтой Нарты фæсивæды нардæй æвзарын. Ныр Сырдон хъуыды байдыдта: «Адон ам куы аргæвдой, уæд мæнæн дæр худинаг у».

Æмæ уæйгуыты фæуырæдта ‘мæ загъта:

– Уæ хорзæхæй, иу хъуыддагæй уæ афæрсон.

Æмæ цæ фæрсы.

– Иууылдæр æфсымæртæ стут?

Уыдон загътой:

– Æфсымæртæ.

Æмæ цын загъта:

– Æмæ уын худинаг нæу иумæ цæрын? Махмæ дыууæ ‘фсымæры дæр иумæ куынæ цæрынц. Фосы йæддæмæ иумæ ничи цæры. Æмæ сымах фос куы нæ стут.

Æмæ йын загътой:

– Уарæм, æмæ нæм куырдадз ис, æмæ йын йæ дзаумайыл нæ фидауæм.

– Ау, æмæ цыл куыннæ фидаут? – афарста цæ Сырдон.

Хистæр чи у, уый загъта:

– Æз зæгъын, хъæсдарæгæй домбайдæр дзыничи у, хъæсдарæджы уæлæ ‘фсæйнæгты цъисткæнынц.

Уый кæстæр загъта:

– Æз та хуыздæрыл нымайын куынц. Æфсæйнаг доны хуызæн ыскæны, дымы йæ ‘мæ.

Аннæ ‘фсымæр загъта:

– Æмæ ‘фсæйнаджы чи ныцъцъæлкæны, уый дзæбуг куы у, уæд дзы дзæбугæй тыхджындæр хъуамæ кæцы уа!

Цыппæрæм чи уыди, уый загъта, сæ тæккæ мæстыгæрдæр æмæ æдылыдæр:

– Æмæ дзы æртдзыскæнæй тыхджындæр та чи у? Артмæ чи бацæуы ‘мæ уырдыгæй сырх зынг чи раласы!

Уæд Сырдон загъта уыцы æртдзысгæнтæгæнæн:

– Гъы-ы, афтæ, афтæ! Дæ дзырд раст у, уымæй дзаума дæр дзы нæй.

Уæйгуытæ кæрæдзимæ фæных ысты. Алчи дæр дзырдта: æз раст дæн, æз раст дæн. Æртдзыскæнæй чи ‘ппæлыди, уый дæр загъта:

– Æз раст дæн, мæнæ уазæг дæр афтæ куы зæгъы!

Æмæ кæрæдзийы ныхмæ фесты, стæй кæрæдзимæ армæй дæр бавналдтой, нæмын райдыдтой кæрæдзийы.

Стæй уæд Сырдон бауад æмæ йæ иумæ авæрдта – дæ цæф куыд райсай, афтæ.

Чи-иу фæмард, уымæй-иу дзæбуг райста æмæ-иу æй иннæмæ авæрдта, æмæ афтæмæй кæрæдзийы ныззыгуымкодтой. Дзæбугтæй кæрæдзийы сæртæ ныссастой æмæ амардысты.

Ныр Сырдон уæйгуыты хæдзары хицау ысси. Стæй Нарты къордæн дæр сæ хицау уыди, уæдæ цы! Уыдон ын лæхстæкодтой, æмæ цæ Сырдон суæгъдкæнын ысфæнд кодта. Хистæры цæмæйдæрты сæфтыдта, фæлæ сæ хистæрæн й’ агъды цъар бурæмæдзыл баззади.

Сырдон кæй ыстыдта фыддзаг, уыйимæ-иу Сырдон иннæтыл дыууæрдыгæй ысхæцыди ‘мæ-иу æй стыдтой æмæ-иу й’ агъды цъар бандоныл бурæмæдзыл аззади.

Уырдыгæй уæйгуыты дзауматæн сæ рогдæртæй рахастой. Иннæты мæт цæ нал уыди. Рацыдысты сæ бæхтæм, сæ саджы мардмæ.

Физонджытæ скодтой, бахордтой. Стæй сæхимæ цæуын ысфæндкодтой Нарты фæсивæд. Фæсахъат ысты æмæ ма кæдæм цыдаиккой. Сбадтысты сæ бæхтыл æмæ Сырдонæн загътой:

– Нæ фыдбылыз иууылдæр ды дæ ‘мæ дæ нал хæссæм, ам дæ уадзæм. Бæхтыл куы сбадтысты, уæд с’ агъды фæрстæ сæ уæлæ нал, æмæ сæ бæхтыл къул бадтысты, æмæ цæм Сырдон фæстейæ дзуры:

– Уæ бонæй уат, Нарты хъалтæ, фырхъалæй куыд къул ысбадтысты сæ бæхтыл! Фæлæ Нартыхъæумæ куы ныццæуат, уæд уæ Нарты чыззытæ нæ фæрсдзысты, Сырдон та уын цы фæци, кæм æй ныууагътат уацары зæгъгæ? Уæд уыл зарджытæ скæндзысты, уæ иу æмбал уацары ныууагътат зæгъгæ!

Уый куы фехъуыстой, уæд раздæхтысты фæстæмæ, уæдæ та нын уый дæр уайдзæф уыдзæн зæгъгæ ‘мæ йæ сбадын кодтой сæ фæсарцы ныр дæр. Æмæ цæуын байдыдтой. Иу цалдæрæй куы фæкъорд ысты, уæд сæхи нымæр фæнд кодтой: «Нæй йын уæддæр Нартмæ схæссæн, амарæм æй». Æрхæццæ сты иу коммæ, хъæд кæм уыди, ахæм коммæ, Тыхы фырт Мукарайы зæххытæм хæстæг чи уыди, Нартæн сæхи ахæм зæххы чи уыди, ахæм коммæ.

Сæ фæсарц радыгай бадти ‘мæ Нарты хъалтæ сеппæт дæр сæ ныхас баиукодтой, æмæ иу ыстыр бæлас æртасынкодтой уым, æмæ йæ уыцы бæласæн йæ цъуппыл æрцауыгътой йæ хурхæй. Æмæ араст ысты сæхимæ. Раст уыцы рæстæджы уыцы ранмæ ‘рбахæддзæ Тыхыфырт Мукарайы фыййау. Фыййау фæкомкоммæ и Сырдонмæ, æмæ йæм афтæ зынди, цыма уæлæмæ кæсы, уыйау, æмæ йæм ысдзырдта, зонгæ дæр æй нæ кодта, афтæмæй. – Йæ, уæлæ лæг, уым цы ми кæныс, цы?

Стæй та йæм ысдзырдта:

– Дæ хорзæхæй, зæгъ, цæмæ кæсыс, уый?

Сырдонæн йæ сæр фæзилæн нæ уыд, фæлæ йæм йæ къух фæтылдта; ома – ма хъæркæн зæгъгæ – асайынмæ йæ хъавыди.

Æртыггаг хатт та йæм куы сдзырдта, уæд ын Сырдон загъта: – Нал мæ ныууадзай æппын? Уæлæ хуыцау фондзыссæдз къамбецæй найкæны ‘мæ уымæ кæсын…

Уæд æм фыййау дзуры:

– У-у, дæ хорзæхæй, мæнæн дæр ма цæ фенынкæн.

Æмæ уæд Сырдон дæлæмæ дзуры:

– О, ирон лæгæн исты хъæр хъæуы! Дæу ардæм сæргъæв, æмæ æз сæ уындæй æнæхай фæуон!..

Куы нал æмæ йæ куы нал уагъта фыййау, уæд ын загъта: – Уæдæ бæлас æртасынкæн, æз дæр ме уæз æруадздзынæн, æцæг бирæ нæ фæуыдзынæ уым.

Цыдæриддæр уыд, уæддæр, Мукарайы фыййау дæр домбай лæг, æмæ йæ Сырдонимæ ‘ртасынкодтой. Йæ гæрзтæ йын сисынкодта Сырдон: йæ топп, йæ нымæт. Йæ хурхæй цы бæндæн сыхæлдта, уымæй йæ тынг ыстыхтытæкодта бæласмæ, ‘схæцыди бæласыл йæхæдæг дæр Сырдон, æмæ йæ сласта.

Цалынмæ Сырдон йæ нымæттæ йедтæ йæ уæлæ кодта, уæдмæ йæм дзуры фыййау:

– Куы ницы уынын!

– Ницы кæны, фендзынæ! Дæ цæстытæ ныдздзагъыркæн.

Уый нымæт йæ уæлæ скодта, фыййауæн йæ гæрзтæ* (*Вариант: ирон хъыримаг.) йæ уæлæ скодта, фос йæ разæй ракодта мæ сæ Нартмæ сыскъæрдта. Нарт фæдисы хуызæнæй кæрæдзимæ дзырдтой дисæн, дæлæ та Сырдон дунейы фос сыскъæрдта зæгъгæ.

Æрцыдысты ‘мæ йæ фарстой:

– Сырдон, кæм дын уыди ацы фос?

Уый загъта:

– Сымах лидзынмæ фестут, фæлæ æз бæласы сæрæй хъахъæдтон, æмæ иу ран тынг бирæ фос уыди, се ‘рдæг уым баззади. Æгæр бирæ уыдысты, мæн дзы адон хъуыди ‘мæ цæ раскъæрдтон. Æцæг, абон ма ацæут, фæлæ райсом раджы куыд ныххæддзæ уат, афтæ ацæут.

Уыдон æхсæвы сæхи барæвдзкодтой – Нарты фæсивæд – æмæ рацыдысты уыцы коммæ.

Лæг ауыгъд кæм уыди, уырдæм уыдоны ныххæддзæ ‘мæ фæдис баиу ысты. Фос дæр уым нал уыдысты, лæджы дæр ауыгъдæй федтой, æмæ кæрæдзийы цæгъдын райдыдтой. Чи ма дзы раирвæзти Нартæй, уыдон фæстæмæ сыздæхтысты сæхимæ, фæдис дæр сæ мард ахастой.

СЫРДОНЫ МАДЫ МАРД

Уырдыгæй Нарты фæсивæд куы ‘ссыдысты, уæд Сырдон йæхæдæг бамбæхсти, фæлæ йын йæ зæронд мады ныххурхкодтой. Фæдисæттæ йæ хæдзарæй ку’ ацыдысты, уæд хъуыдыкæнын байдыдта: «Ныр мæ мады ныгæнгæ кæнон, æви дзы пайда скæнон?»

Стæй загъта: «Бахус æй кæнон сусæгæй».

Бахускодта йæ мады, лæугæ куыд кодтаид, афтæ, æмæ æхсæвы, боны цъæхæй хъæуы кæронмæ куыд бахæддзæ уыдаид, афтæмæй ацыд. Сарæзта йæ, кæлмæрзæн ыл ныккодта ‘мæ йæ йе ‘ккойы скодта, афтæмæй.

Ахаста йæ, æмæ хæдзары ракомкоммæ куырой, хъæуы, æмæ йæ куыройы нучы уæлбыл æрлæууынкодта, лæдзæг æм хъил сæвæрдта, йе ‘ргом хурыскæсæнырдæм, йæ чъылдымы та – хæдзарырдæм.

Хæдзармæ бацыди сæумæрайсом.

– Уæ бон хорз!

– Æгас цу, Сырдон!

Сырдон, æрбад зæгъгæ йын загътой.

Уый загъта:

– Уæртæ мæ мад дæр мемæ ис.

Ус афтæ зæгъы:

– Æз æм ауайдзынæн æмæ йæ ‘рбакæндзынæн.

Уый чыззы ауыдта ‘мæ афтæ зæгъы:

– Нæ, ды йæм ма цу, мæнæ йæм чызг ауайдзæни, кæстæр у. Уæд чыззы куы рарвыста, уæд йæ фæдыл рауади ‘мæ йын загъта: – Чызг, мæ мад чысыл къуырма у, æмæ дæ нæ фехъусдзæн, æмæ-иу æй фæстейы батъæплас размæ, кæннод дæ нæ фехъусдзæн.

Чызг ацыди ‘мæ йæ фæстейы батъæпкодта, уæртæ дæм Сырдон дзуры зæгъгæ, ‘мæ ус куыройы нукмæ бахауди. Дон æй цалхмæ ныддавта ‘мæ йæ цалх йæ уæлæ сыздыхта. Чызг хæдзармæ фæци фæдисы.

Сырдон уым лæбурдтытæ самадта, загъд кодта, æддæмæ нал цыди, цалынмæ марды цалх æрзылдтытæ кодтаид æмæ йæ суымæл кодтаид, уæдмæ.

Æрæджиау рафæдискодтой, марды бахастой æмæ загътой:

– Сырдон, дæ хорзæхæй, цы тæрхон кæныс дæхæдæг, уый дын фидæм.

Радзур-бадзур, æмæ загъта:

– Доны йæ цы чызг баппæрта, уый мын радтут.

Сразы сты уыууыл. Радтой йын чыззы.

Йæ мады баныгæдта уыцы хъæуы.

Чыззы скодта Нартыхъæумæ. Æмæ та йæм уайын байдыдтой, кæм дын уыд ацы чызг зæгъгæ.

Уый загъта:

– Зæронд мад мын уыд?

– Уыд.

– Амардтат æй?

– О.

– Æз æй уыцы хъæумæ аластон æмæ йæ чызгæй баивтон. Сымахæй дæр зæронд мад кæмæн ис, уый йæ амарæд æмæ йæ чызгæй баивæд, æцæг æрыгон мад нæ ивынц.

Иу цыппарæй сæ амардтой сæ зæронд мадæлты. Сæ мæрдтæ цын аластой уыцы хъæумæ ‘мæ хъæр кодтой:

– Мады мард чи ’лхæны?

Фæлæ цæ чи балхæдтаид, æмæ цæ фæтардтой уырдыгæй. Уыдон дæр та мæстыйæ раздæхтысты сæ хъæумæ.

СЫРДОН ФÆГÆДЫ

Нартæ сæ Ныхасы рымбырд ысты ‘мæ кæрæдзийæн худæджы ныхæстæ фæкодтой. Сырдон цæм бирæ фæхъуыста ‘мæ дзы иуы ныхас дæр цыма йæ зæрдæмæ нæ фæцыди, уыйау йæхи былысчъилтæкодта. Уæд æй Хæмыц фæрсы:

– Цы былысчъилтæкæныс, Сырдон, æви ‘ппындæр адæмы ныхæстæй иу дæ зæрдæмæ нæ фæцыди?

– Куыннæ кæнон былысчъилтæ, уæ иуæй уе ‘ннæ гæды дæр ныхас ракæны мæ йыл ныххудут. Уагæры уе ‘цæг ныхæстæ цавæр уыдзысты? Сослан æм нал фæлæууыд æмæ зæгъы Сырдонæн:

– Хæрæг Гæтæйы фырт æмæ кæд ды исты хорз ныхас зоныс, уæд æй цæуылнæ ракæныс, мах дæр дæм байхъусдзыстæм.

– Уæхи аггаг ныхæстæ та мæм куыннæ уыдзæни.

Ныххатыдтой Сырдонмæ Нарты фæсивæд, цæмæй цын исты цæгдзинад радзура. Гæнæн ын куы нæ уал уыд, æгæр-æгæр æй куы тыхсынкодтой, уæд райдыдта дзурын:

– Мадымайрæмы бон сабатизæр уыди. Æз ысфæндкодтон хæрнæджы фынг саразын нæ мæрдтæн. Кусæрттаг мæ хъуыди, æмæ зæгъын ацуанкæнон…

– Уæд авд дæлзæхы ныххау, Сырдон, кæд дæуæй цуанон нæй,– бакодта Сослан.

– Бауадз æй, Сослан, йæ дзырд фæуа кæронмæ,– зæгъы Уырызмæг. Сырдон дарддæр дзуры:

– Иу хъæдмæ бахаудтæн, баййæфтон дзы иу лæджы, кæрæдзийæн арфæ ракодтам, æмæ Нартæй дæн уый куы базыдта, уæд мæ сæхимæ акодта. Хæдзары йæ ус цæххойæн дур тæвд кæны. Æз афтæ ‘нхъæлдтон хæринаг цæттæкæны. Дур тынг куы стæвдис, уæд ыл æртади ‘мæ хъæр кæны: «Афтæ дын хъæуы, цæмæн мыл рацыдтæ комдзог». Стæй фехста цæххойæн дур дуармæ, æз мæхи аиуварс кодтон, уыййæддæмæ мын мæ сæр афастаид. Фæрсын мæ фысымы: «Цы кодта ай дæ ус?» – «Цы фыддæр йæ сæр, æмæ цы хæдзарæй рацыд уыдон сæр дæр. Кæннод дæр фæрæдыд æмæ йæ уынæг фæци. Мæнæн æй загътой, æз та йæ амæн загътон æмæ мæ фарста, кæцæй йæ зоныс зæгъгæ, æз дæр ын загътон йæхæдæг мын æй загъта. Уыйадыл кæсыс йе ‘ртадæнты тæвд цæххойæн дурæй басыгъта, нырæй махæн хæрд не ‘рывæрдзæн, фæлæ цом Сауфурды был Хъохы дзæргъ хизы, æмæ йын йæ хъыбылтæй искæй амардзыстæм».

Ацыдыстæм уырдыгæй мæ фысымимæ. Уал амæлæд Сосланæй, цал мæнг ныхасы æз зæгъдзынæн. Æмæ федтам Хъохыдзæргъ йæ дыууадæс хъыбылæн дзидзи дары. Хъыбылтæй иу дзæргъы дзидзи дадта, иннæ хъыбыл та уый къуди æмæ афтæ дыууадæсæй кæрæдзийы фæстæ ныххал ысты, стæй æппæты фæстаг хъыбылæн йæ къудийы хъæлæй ноджы йе ‘хсыр мызти… – Уал дæ амæлæд æцæг, Сырдон, цал мæнг ныхасы ракодтай – зæгътай.

Нарты фæсивæд ыл ныххудтысты. Сослан æм нал фæлæууыд æмæ йæм дзуры:

– Фесæф нæ цæстыты разæй, Сырдон, ныхасмæ ‘рбауадзыны аггаг дæр нæ дæ, ‘схынджылæггаг дзы кодтой.

Стæй та ‘рсабыр ысты фаг куы фæхудтысты, уæд.

Уырызмæг Сырдоны фæрсы:

– Нæ, фæлæ уæддæр дæ кусæрттаг, цы фæци?

– Ахæмæн кусæрттаг куы нæ уа, уæд,– зæгъы Хæмыц.

– Йæ кусæрттаг ын мыстытæ бахордтой, йæ сæр дæр ын афтæ куы бахсыниккой,– загъта Сослан.

Сырдон цæм иу дзæвгар фæхъуыста, стæй цын афтæ зæгъы: – Æ, æвзæр куыйты Нарт, кусарт хъуамæ сымах мæнæн акæнат, æз уын фæндаг амыдтон, стæры кæдæм цæуын хъæуы, уый.

– Уый уырнинаг у, Сырдон, фæлæ а балцы цы гæды ныхас ракодтай, уымæй лæг хуыцаумæ асин сараздзæн,– зæгъы Хæмыц. – Омæ уæддæр хуыцаумæ фæндаг куы фæагурут, уыцы асиныл иу ысхизут, æрмæст уæ дзы мачи рахауæд, кæннод уæ искæмæн йæ бæрзæй асæтдзæн, йе йæ зæнг, йе йæ сæр ныппырхуыдзæн, æндæр ын цы хъуамæ уа,– бакодта Сырдон.

Уæдæй фæстæмæ Сырдоны гæды Сырдон хонынц.

СЫРДОН ЙÆ МАДЫ ТУГ КУЫД РАЙСТА Уæд дам Сырдонæн йæ мад базæронд ис æмæ йæ æддæмæ нал уагъта цалдæр азы дæргъы. Нарты адæм иу къорд хатты загътой Сырдонæн, цæмæй цæм йæ зæронд мады равдыстаид, фæлæ цæм уый никуы рыхъуыста. Иу рæстæджы, уæд Сырдоны мад фырзæрондæй амарди. Сырдон æй куыройы донмарæнмæ ахаста æхсæвыгон æмæ йæ уым куыройы нучы раз лæдзджытыл ныффидар кодта лæугæйæ. Бацыдис Сырдон Нартæм æмæ цын загъта:

– Мæ мады уынын уæ куы фæндыдис!

– Бæгуыдæр,– загътой сæ фæндондзинад Нартæ,– бæгуыдæр нæ фæнды йæ фенын.

– Мæ мад уæртæ дон хæссынмæ ацыди ‘мæ йæм искæй арвитут,– дзуры сæм Сырдон.

Нарты адæм Сырдоны мады размæ иу цалдæр чыззы арвыстой. Чыззытæ Сырдоны мадмæ куы февнæлдтой, уæд куыройы нучы ныххауди. Æрбацыдысты фæстæмæ чыззытæ ‘мæ радзырдтой, доны цын кæй ныххауди, уый. Уæд Сырдон, хинæйдзаг кæм нæ уыди, æмæ йæ сæр хойгæ ацыд йæ мады цурмæ. Систа йæ куыройы бынæй æмæ йыл хин куыдтытæ кодта. Нартæм рацыди ‘мæ цын загъта:

– Мæ мады мын цæрынхъуагæй амардтат æмæ мын туг куыд бафидат, стæй мын æй куыд баныгæнат æмæ хист куыд ыскæнат.

Нартæ нæ коммæ кастысты, цалынмæ йын йæ мады баныгæдтой, уæдмæ. Нал цæ уагъта уæд дон хæссынмæ Сырдон, хыл кодта семæ. Фæстагмæ Нартæ сразы сты. Рахастой марды кæугæйæ. Сарæзтой йын æвзист къулджын ингæн æмæ йæ уым бавæрдтой. Скодтой йын ыстыр хист, æмæ дзы Сырдон дæр йæхи хорз федта. Фæстагмæ цæ райста йæ мады туг дæр Нарты адæмæй.

НАРТÆ ХÆТÆНЫ КУЫД ФÆЦЫДЫСТЫ АВД УÆЙЫГМÆ Нартæ хæтæны цыдысты авд уæйыгмæ ‘мæ цын ахæм хæтæны нæ Сырдон цæуæн нæ уыди.

Куы барæвдзкодтой Нартæ сæхи хæтæны цæуæм зæгъгæ, уæд Сырдонмæ нырвыстой. Æмæ цæм ыссыди. Уый нæ зыдта – цы дзы кæнынц, фæлæ цæм ыссыди.

Æмæ Сырдонæн загътой:

– Хъæуы та нæ дæ сæр, ахæм æмæ ахæм ранмæ нæ цæуын хъæуы. Æмæ цын уæд загъта:

– Æмæ мæнæн бæх куынæ и, уæд цæуыл фæцæуон уемæ?

Уæд ын Уырызмæг загъта:

– Бæхы тыххæй не ‘стыхсдзыстæм. Цæудзыстæм иумæ, куы æз – барæг, цы – айдагъ, куы ды – фистæг, æз – бæхджын.

Æмæ афтæ райдыдтой цæуын. Иу дзæвгар ацыдысты ‘мæ Сырдон куы бафæллади, уæд Уырызмæгмæ дзуры.

– Бæх мын куы загътай?

– Æмæ дын бæх куыд загътон? – фæрсы йæ Уырызмæг.– Иумæ цæудзыстæм дын загътон, æндæр цы! Æз дын загътон: цæудзыстæм куы æз – барæг, ды – фистæг, куы æз – бæхджын, ды – айдагъ, æмæ афтæмæй нæ цæуæм?

Уæд Сырдон банкъард и. Сайд мыл æрцыди, фæлæ фендзыстæм зæгъгæ загъта йæхицæн, æмæ уæддæр бæхдзу кæны семæ.

Иу æртæ боны куы фæцыдысты, уæд бахæддзæ сты, уæйгуытæм бацæуæн кæм уыди, уырдæм – денджызмæ.

Æмæ та уæд загъта Сырдон:

– Æз куыд уыдзынæн ам та?

Æмæ йын уæд загъта Уырызмæг.

– Мæ бæхы дымæгыл хæц æмæ афтæмæй бахиздзыстæм.

Ныр иннæтæ бафале сты, бахызтысты фалæмæ, адард ысты. Сырдон йæ цонг æртыхта Уырызмæджы бæхы дымæджы кæроныл. Æмæ ацыдысты денджызы иудзæвгар, йе ‘мбисмæ бахæддзæ сты.

Уæд æм Уырызмæг дзуры:

– Сырдон, иухабарæй дæ бафæрсон: ныр къахы ныхтæ ‘мæ къухы ныхтæ кæд фæчындæуы?

Ныр дон хъеллаукæны Сырдоны бæхы дымæгыл.

Сырдон загъта:

– Кæм цæ рымысай, уым.

Æмæ йæм уæд дзуры Уырызмæг:

– Æз цæ, уæдæ, æрæмысыдтæн ам.

Гъемæ йе стыр хъулон бæхыл раласта йæ дзауматæ ‘мæ йæ къахы ныхтæ ‘мæ йæ къухы ныхтæ кæны. Уæдмæ дон Сырдоны хъеллаукæны бæхы дымæгыл.

Куы фæци, уæд, дзуаркъах ысбадти, афтæмæй Уырызмæг бæхы уæлæ йæ дзауматæ скодта фæстæмæ.

Æмæ йæм уæд дзуры Сырдонмæ:

– Нæ ма дæ фæнды цæуын?

Æмæ уæд Сырдон загъта:

– Мæн раджы дæр фæндыди. Хуыцау дын æй ма схатыркæнæд. Æмæ уæд арасткодтой. Цæуынц.

Уæд Сырдон æрхъуыдыкодта, цы маст цын ыскæнон зæгъгæ. Уырызмæг йæ зынгхос саргъæй базы астæу дардта. Æмæ йын цæ Сырдон фæндагыл адавта. Æмæ изæрæй бахызтысты фаллаг фарсмæ, уæйгуыты бынмæ бахызтысты.

Сæ бацыдмæ се ‘мбæлттæ цуан акодтой. Æмæ ‘рхастой цас хъуыд, уыйас сырды мæрдтæ иу цавæрдæр æнæхæрд зæххæй. Æмæ суг æртымбылкодтой, хæринаг ысцæттæкæнæм ныр зæгъгæ загътой.

Уæд, арт ыскæнæм зæгъгæ ‘мæ дзурынц Уырызмæгмæ:

– Зынгхос æри мæ арт бандзарæм, ысцæттæкæнæм исты хæринаг. Уырызмæг йæ бæх æрбаласынкодта. Сыстад, агуры зынгхæстæ ‘мæ цæ нал ары.

Фæрсынц Сырдоны:

– Ды разнаггадкодтай цыдæр у уæддæр æмæ нын цæ радт æмæ ахсæв хæринаг ысцæттæкæнæм.

Сырдон нæ басасти. Æмæ цæмæй с’ арт кодтаиккой, уый нæ уыди ‘мæ йæ ныууагътой, сæхуыддæг Сырдоныл ныххæцыдысты, иу ыстыр бæлас æртасынкодтой, æмæ йæ йæ боцъотæй бабастой уырдæм. Бæлас ысуагътой. Æмæ йæ систа уæлæмæ. Æхсæв-бонмæ уым фæлæууыди. Райсомæй йæ феуæгъдкодтой. Æмæ арасткодтой уæд авд уæйыгмæ. Уыдон – уæйгуытæ – авд дæр уыдысты куырдтæ.

Уазджытæ сæмбæлди зæгъгæ цæ авд уæйыджы хæдзармæ бакодтой – æфсæйнаг бандæттæм. Æмæ уæд æфсæйнаг бандæттыл ауагътой уыцы авд уæйыджы бурæмæдз-ныхасæн. Æмæ ‘рбадынкодтой нарты гуымирыты* (*О м а – нарты тыхгæнджыты.) æфсæйнаг бандæттыл. Æмæ Сырдон бадын нæ комы.

Æмæ уæйыг загъта Сырдонæн:

– Ды цæуылнæ бадыс?

Æмæ уый загъта:

– Мæнæн адон цур бадæн нæй. Уыдон сты мæнæн ме ‘лдæрттæ… – Цыма цæм æххуырст уыди, афтæ дардта йæхи. – Фæлæ мын тæсчъы мидæг фæнык ныккæнут æмæ гъеууыл ысбаддзынæн.

Æмæ байдзагкодтой тæскъ фæныкæй. Æмæ йыл бурæмæдз ауагътой. Æмæ бурæмæдз фæнычы афардæг и. Æмæ йыл уæд æрбадти.

Уæд уæйыг ацыди фæстæмæ йе ‘мбæлттæм. Æмæ загъта:

– Ахсæвваг нын ысты.

Сырдон сыстади, нæ йыл ныххæцыди бурæмæдз, æмæ Нарты размæ* (*Вариант: сæ рæзты.) кафæгау кæны, уыдон та кæуæгау кæнынц, стыныл фæлварынц, фæлæ цын сыстæн нæй, уæззау æфсæйнаг бандæттæ арф сагъд уыдысты зæххы.

Загътой уæд Нарты тыхгæнджытæ, нал цын ис сыстæн, уый куы базыдтой, уæд:

– Не сæфты фæндагыл рацыдыстæм.

Уæд Сырдон рацыди авд уæйыгмæ. Авд уæйыджы куывд кæнынц, чи цы аразы, чи цы.

Æмæ цæм рацыди Сырдон æмæ цын загъта:

– Нарты ‘взаргæ адæм уæм фæрсынмæ ‘рцыдысты. Уымæй уæ фæрсынц куырдадз хуыздæр у, æви куынц хуыздæр у, æви дзæбуг хуыздæр у, æви аркъау хуыздæр у, æви куырд хуыздæр у?

Æмæ скодтой афтæтæ авд сæры. Æмæ уæйгуытæм кæрæдзийы мидæг ныхас ацыди, чи у хуыздæр хуыдта, чи иннæ, уыууыл ныхаскодтой æмæ цын хылмæ ацыди. Чи аркъау хуыдта хуыздæр, чи дзæбуг, чи куынц, афтæмæй цын ыстыр хъаугъамæ ацыди. Æмæ ралæууыдысты дзæбугæй кæрæдзиуыл цæгъдыныл. Авд дæр ныддæрæнкодтой кæрæдзийы, иу ма дзы ‘рдæгмардæй баззад. Æмæ Сырдон баздæхт фæстæмæ, нæ хъæркæны Нартæн, уæйгуытæ кæрæдзийы ныссæрфтой, уый. Фæлæ бауади хæдзармæ, æмæ сæ рæзты кафы, зары, уыдон та мæстæй хæлынц. Уæд раздæхт фæстæмæ куырдадзмæ, удæгас ма цы уæйыг уыдис, уымæ ‘мæ йæ фæрсы, цы ’гъдауæй феуæгъдгæнæн ис бурæмæдзæй уыцы адæмæн, дæу нал амардзынæн зæгъгæ ‘мæ йын уæйыг бацамыдта хос. Иу авджы мидæг зæгъы загъта ис уыдонæн хос. Бандонæн йæ сæйраджы ауадз, æмæ уæд феуæгъд уыдзысты уыдон. Æмæ баздæхт фæстæмæ, бабæрæгкодта авг æмæ бæлвырд уыди, куыд загъта, афтæ æмæ уæд зæгъы Нарты тыхгæнджытæн: – Ныр уæ куы фервæзынкæнин, уæд куыд уаид?

Æмæ загъта уæд Сырдон:

– Фервæзын уæ кæнин, фæлæ та мын хуымтæн сæ хуссарбынтæ, угæрдæнтæн сæ цæгатбынтæ куы дæдтат. Фосæн та мын сæ фыддзаг ифтындзинæгтæ дæддзыстут фыдæнæн, бæхтæн – сæ фыддзаг сæргъæгтæ. Уырдыгæй дарддæр мын лыстæг фосæн сæ куистытæ* (*К у и с т – фыддзагзæддон.), сымах та мын дæддзыстут мадæл фыстæ.

Æмæ йын загътой:

– Кæйдæриддæр кой ыскодтай, уыдонæй дын мах ницы раддзыстæм, уымæй ма тæрс. Уырдыгæй дарддæр дæ цы фæнда, уый айсдзынæ. Æмæ Сырдон рахаста уæд хос. Æмæ йæ рауагъта бандæттыл, æмæ уæд феуæгъд ысты лæгтæ æфсæйнаг бандæттæй. Æмæ уæд феуæгъд ысты Нарты тыхгæнджытæ.

Æмæ сæ иу рауади, æмæ уæйгуыты мард куы федта, уæд фырцинæй фæстæмæ бацыд. Æмæ иннæты раз æрхаудта. Афтæ ‘нхъæлдта – Сырдон цæ ныххырхта уæйгуыты.

Æхсæвы уым баззадысты. Алы хæринаг æмæ нуазинаг æрхастой сæхицæн – нæ йæ хъуыд агурын, нæ йæ хъуыд æлхæнын.

Ныххæцыдысты авд уæйыджы фæллойыл. Хорздзинадæй дзы цы уыди, уый самадтой уæйгуыты бæхтыл, ратардтой цын сæ фæллой. Авд уæйыгмæ фæллой куыннæ уыдаид, æмæ иу цалдæр боны фæстæ ‘рхæддзæ сты Нартыхъæумæ, æрцæуынæнхъæл дæр цын нал уыдысты, афтæмæй.

Æмæ уæд æрынцадысты хъæумæ ’ввахс.

Æмæ загъта уæд Сырдон:

– Кæд мын исты дæдтинаг ыстут, уæд мын æй ам рахицæнкæнут. Æмæ акастысты Нарт сæхимидæг, æддæдæр айстой сæхи, баныхаскæнæм, æмæ дын цы ’мбæла, уый дын раддзыстæм зæгъгæ. Æмæ загътой сæхимидæг: «Мах Сырдонæн йæ фæндон йæхи бар ма ауадзæм, фæлæ цæмæй тæрсы, уый йын радтæм».

Æмæ йын цы хай æмбæлди, уый систой: галтæн сæ фыддзаг ифтындзинæгтæ, бæхтæн – сæ фыддзаг сæргъæгтæ, хъудздзытæн – сæ фыддзагзæдтæгтæ, фыстæн – сæ куистытæ, æмæ йæ ахицæнкодтой уым. Сырдон аскъæрдта йæ хай сæхимæ. Иннæтæ дæр æрбаскъæрдтой авд уæйыджы фæллой Нарты Хъазæнфæзмæ.

СЫРДОН, НАРТ ÆМÆ УÆЙГУЫТÆ Нарт ыстæры ку’ ацыдысты, уæд бирæ сырд амардтой, фæлæ цæм зынг нæ разынд. Уæд кæсынц æмæ иу ранæй цæстырухс кæлы. Уым цардысты уæйгуытæ. Нарт уырдæм цæуын байдыдтой, уæдæ зынг æрбахæссæм зæгъгæ, фæлæ-иу чи бацыд, уымæн-иу йæ быны сасым ауагътой æмæ-иу æй уым ысбадынкодтой. Афтæмæй Нарт уым æрæмбырд ысты. Æрæгмæ куы цыдысты, уæд Сырдон хъæдтæ кæрæдзиуыл хафын байдыдта ‘мæ арт ыскодта, хорз федта йæхи физонджытæй. Стæй уæд фæцыд йе ’мбæлттæм. Уæйгуытæ дын ын бадæн акодтой Нарты адæмы цур æмæ йæм дзурынц:

– Сбад.

– Нæ, уыдон ме ‘лдæрттæ сты ‘мæ мын уыдонимæ бадæн нæй, фæлтау мын дæлæ æнæбын хуыскъаджы фæнык акæнут.

Уæйгуытæ нæ фидыдтой чи хистæр у – хъæсдарæг, куынц, æви дзæбуг, уыууыл.

– Уæдæ дæлæ дугъы рауайут æмæ чи фæраздæр уа, уый дзаума уыдзæни хистæр.

Уæйгуытæ ацыдысты.

Уыдон цалынмæ дугъы уадысты, уæдмæ Сырдон аджы дон акодта, атæвд æй кодта ‘мæ йæ ныккодта къæртаты стæй йæ ауагъта сæ быны Нарты адæмæн. Нартæн сæ сыдзыфæрстæ басыгъдысты ‘мæ къæдз- мæдзытæгæнгæ лидзын байдыдтой.

Нартмæ уыди хорз миниуæг, уыдон кæрæдзиуыл комдзог нæ цыдысты. Ацы хабар Сырдон никæмæн ысхъæркодта.

НАРТ ÆМÆ СЫРДОНЫ ТОХЪЫЛ Сырдонмæ уыди хæрзхаст тохъыл. Нарт æм бабæллыдысты ‘мæ йæ сфæндкодтой бахæрын. Иу бон та Ныхасы бадтысты мæ дзурынц Сырдонмæ:

– Хъаймæт æрхæддзæкæны, Сырдон, æмæ дæ тохъыл афтæмæй фесæфынæн æвгъау у, фæлтау бавдæлæм, æмæ йæ аргæвдæм доны был. Нæхи хорз ысуазалкæндзыстæм, стæй физонджытæ фæкæндзыстæм, æмæ æуæд хуыцау кæсы ‘мæ махмæ.

Сырдон ницыуал ысдзырдта, сразы и, уæдæ цы уыдаид. Иу хур бон Нарты хистæртæ ацыдысты доны былмæ, Сырдон дæр йæ фæдыл аласта йæ тохъылы. Æрбынаткодтой иу бæласы бын, доны былмæ хæстæг, аргæвстой Сырдоны тохъылы ‘мæ йæ уайтагъд асыгъдæгкодтой. Сæхи афистæгкодтой æмæ сæхи найын байдыдтой. Сырдон ныллæууыд кусарты уæлхъус. Иу заман куы уыди, уæд Сырдоны хуыцауы ‘лгъыст дзауматæ рамбырдкодта ‘мæ сæ арты бакалдта. Нарты хистæртæ сæхи над куы фесты, уæд рацыдысты доны уæлбылмæ, уæдæ цом æмæ бур физонæгæй нæ мондæгтæ суадзæм зæгъгæ. Кæсынц – æмæ сæ дзаумæттæ уым нал. – Нæ дзауматæ нын цы хæйрæг фæхаста йæхимæ? – фæрсынц Нарт Сырдоны.

– Мæнæ сæ арты бакалдтон,– дзуапп радта Сырдон.

– Ау, уый та куыд, нал нæ хъæуынц? – фæджих ысты Нарт. – Æмæ ма цæ цы кæнут, уæддæр хъаймæт тагъд куы ’рцæудзæн? Нарты хистæртæ кæрæдзимæ бакастысты, фæлæ ницыуал ысдзырдтой.

НАРТ ÆМÆ СЫРДОНЫ ДИССÆГТÆЙ Уæд та иу хатт Сырдоны фыдбылыз йæхи мард ыскодта. Йæ цæстытæ бацъындкодта, йæ къæхтæ адаргъкодта, уылæфгæ дæр нал кодта. Нарт бацинкодтой, уæдæ нæ фыдбылызæй дæр фервæзтыстæм зæгъгæ. Се ‘ккойы скодтой Сырдоны ‘мæ йæ рахæссынц уæлмæрдтæм ныгæнынмæ. Фæндаг дыууæ къабузы кæм фæвæййы, уырдæм куы бахæддзæ сты, уæд сæхи мидæг быцæу кæнын байдыдтой. Иутæ загътой, уæллаг фæндагыл æй ахæссæм, иннæтæ загътой дæллагыл зæгъгæ. Ныхæстæм Сырдон йæхи нал бауырæдта ‘мæ цæм уæлæмæ дзуры:

– Æз ма æгас куы уыдтæн, уæд уæлæты хуыздæр уыд.

Нартмæ стыр диссаг фæкасти ацы хъуыддаг æмæ Сырдоны æд чырын зæххыл æрæппæрстой.

«Уæдæ та ныл хинæй рацыдтæ, гæды гацца, дæхи нын фæхæссынкодтай» зæгъгæ йæ нартæн æмбисонды нал фæкодтой.

НАРТ СЫРДОНЫЛ МАРЫНФÆНД КУЫД ЫСКОДТОЙ Нарты адæмæй ма баззад æгасæй цыппар. Уыдон ысфæндкодтой Сырдоны амарын. Сырдоны ‘рцахстой æмæ йын загътой, ныр дæ маргæ кæнæм, кæдæм ма мын лидздзынæ зæгъгæ.

Æмæ й’ алыварс хъаматимæ рлæууыдысты.

Сырдон цын уæд загъта:

– Цæвут зæгъгæ уын куы зæгъон, уæд мæ-иу цæвут.

«Цæвут» зæгъгæ, уæд æй сæ хъаматæй цыппарырдыгæй ныццавтой. Сырдон йæхи фæгуыбыркодта ‘мæ уыдон цыппарæй дæр хъаматæй сæ кæрæдзийы амардтой. Сырдон сæрæгасæй аирвæзт.

НАРТ ÆМÆ СЫРДОН КÆРÆДЗИЙЫ КУЫД САЙДТОЙ Нарты хорз адæм иу хатт балцы цæуынфæнд акодтой. Сырдонæн дæр загътой немæ рацу зæгъгæ, фæлæ цын уый дзуапп радта, бæх мын нæй зæгъгæ.

Уыдон ын загътой:

– Бæхæй цы кæныс, ды махимæ рацу ‘мæ-иу куы мах бæхджын уыдзыстæм, ды – фистæг, куы та-иу мах барæг уыдзыстæм – ды бæлццон.

Сырдон цæ уайтагъд нæ фембæрста уыцы ныхас æмæ арасти фистæгай семæ балцы.

Бирæ куы фæцыдысты ‘мæ куы бафæллад, уæд цын загъта: – Цæй-ма, куыд дзырд уыдыстæм, уый цæуылнæ кæнæм.

Уыдон загътой:

– Æмæ куыд дзырд уыдыстæм, афтæ куы цæуæм: куы мах бæхджын вæййæм, ды – фистæг, куы мах барæг вæййæм, ды – бæлццон.

Сырдон æй уæд бамбæрста, кæй йæ фæсайдтой, уый æмæ цыди фистæгæй. Иу ран цæ доны цæуын хъуыд æмæ йын Созырыхъо загъта: – Дæ фæччитæ уæлиау акæн, дæ къахы дарæс, дæ зæнгæйттæ ралас, дæ хæлаф уæлиау ыскæн, æмæ мæ бæхы къудийыл хæц æмæ дæ æз ахизын – кæндзынæн донæй.

Раласта, куыд ын загъта, афтæ, бæхы къудийыл ныххæцыд æмæ йæ фæкæны. Доны астæумæ куы бахæддзæ Созырыхъо, уæд æм дзуры фæстæмæ: – Сырдон, къахы ныхтæ ‘мæ къухы ныхтæ кæд чындæуы?

Сырдон загъта дзуапп:

– Лæг цæ кæм æрæмыса, уым.

Йæ бæх бауырæдта Созырыхъо, йæ къахы дарæс раласта, бæхыл цæхгæрмæ бандоны бадт ыскодта ‘мæ кæны йæ къахы ныхтæ ‘мæ йæ къухы ныхтæ. Уæдмæ Сырдон та доны астæу лæууыд.

Куы фæци йæ ныхтæ конд, уæд та араст доны фаллаг фарсмæ. Араст та сты ‘мæ Сырдон дæр куы смæсты и, уæд ацыд æмæ йæхицæн бæх ыссардта ‘мæ бæхыл арасти семæ. Ацыдысты ‘мæ æрынцадысты иу ран æмæ Сырдонæн йæ бæхы донгæмттæ алыгкодтой. Сырдон æй куы федта, уæд ницы сдзырдта, фæлæ йæ сæхуыддæг фæрсынц: – Дæ бæх та цæуыл худы, Сырдон, дæ бæх?

Уый цын загъта:

– Æвæддзæгæн исты худинæгтæ уыны ‘мæ уый тыххæй худдзæн. Уырдыгæй та араст ысты, бирæ фæцыдысты ‘мæ цыл æрталынг. Арт ыскодтой, уазал æхсæв уыд æмæ.

Арт цын не ‘схæцыд, æвæддзæгæн цъус арт уыди ‘мæ загътой: – Алчи дæр, цы уæнг дзы уазал кæны, уый батавæд, æндæр ын æрбадыны бар куыннæ уа, афтæ.

Фæтавта цæ алчидæр чи йæ къух, чи йæ къах, чи йæ хъус. Сырдоны рад куы ’рхæддзæ, уæд йæ хæлаф раласта ‘мæ хæлиу ысбадти. Уыдон ын загътой:

– Цы ми кæныс, Сырдон? Мах афтæ дзырд куынæ уыдыстæм æмæ ды артмæ хæлиу ысбадай æмæ дæхи батавай, уый бар дын кæм уыд? Сырдон цын загъта:

– Уый бар мын нæ уыд, уый зонын, фæлæ мæ хæлафы сыдзæг гом у, æмæ мæ сагæхты уæнг ис, æмæ мын сийы æмæ йæ тавын.

Батавта йæхи, сыстади, æрхуыссыди, иннæтæ дæр æрхуыссыдысты. Куы бафынæй ысты, уæд Сырдон бацыд æмæ сусæгæй бæхты къудитæ нæ туг рацæугæйæ амæллæгкодта, рахæцгæйæ куыд аскъуыдаиккой, афтæ. Райсомы сыстадысты, сæхи цæуынмæ срæвдзкодтой, сæ сæргътæ сæвæрдтой. Стæй сæ бæхты къæдзилтæ лхынцъ байдыдтой æмæ бæхы къудитыл куы рахæцынц, уæд сæ бæхты къæдзилтæ сæ къухы аззайынц. Стæй цын уæд Сырдон загъта:

– Афтæ мæ куы фарстат дæ бæх цæуыл худы зæгъгæ. Уæддæр уыдон уыдта ‘мæ уыууыл худти.

Хорз. Араст та сты дарддæр. Фæцыдаиккой, æвæддзæгæн, иудзæвгар, стæй та цыл иу ран баталынг. Уыди цын уазал, хæринаг дæр цæ хъуыд, æмæ цæм зынг нал уыди. Катай байдыдтой, цы уыдзыстæм, æнæ зынгæй цы саразæм зæгъгæ. Фæлæ куы ‘рталынг, уæд кæсынц, æмæ быдыры иу ранæй рухс цæуы. Загътой, уырдæм нæ исчи ацæуæд æмæ зынг æрбахæссæд, кæннод нын хорз нæ уыдзæн. Сырдон цын загъта, исчи уæ зынгмæ ацæуæд зæгъгæ, æз та, зæгъы, сугмæ ацæудзынæн. Сæ иу ацыд æмæ зынг кæм уыд, уырдæм дуарæй бадзырдта, æддейы уæм дзырдæуы зæгъгæ.

Уыдон æм ракастысты ‘мæ йын загътой, мидæмæ рацу ‘мæ дын раддзыстæм зæгъгæ хæдзармæ йæ бакодтой, иу къæлæтджын ын æрдавтой æмæ йыл бурæмæдз ауагътой. Лæг ыл æрбадт æмæ йæ уæлæ баныхæст. Фенхъæлмæ кастысты æмбæлттæ, æмæ сæ зынгдзау куынæ зынди, уæд та йæм сæ иу ацыди ‘мæ та дуарæй бадзырдта. Уый дæр та мидæмæ бахуыдтой æмæ йын къæлæтджын æрæвæрдтой, уый дæр та къæлæтджыныл нынныхæст.

Афтæмæй-афтæмæй сеппæтдæр фæцыдысты ‘мæ къæлæтджыныл нынныхæстысты. Фæстаг хатт цæм Сырдон дæр ацыд æмæ цæм дуарæй куы бакаст, уæд цæм дзуры:

– Цы ми кæнут, цæмæн нæ цæут, нæма бафсæстыстут?

Фысымтæ та уымæн дæр къæлæтджын æрдавтой, æмæ цын Сырдон загъта:

– Мæнæн ме ’лдæртты цур къæлæтджыныл бадæн нæй, ме ‘лдæрттæ сты адон, фæлæ мын æнæбын къæртайы фæнык æркæнут, æмæ уыууыл ысбаддзынæн.

Уыдон ын æнæбын къæрта ’рхастой, æмæ дзы бурæмæдз ауагътой æмæ йæ бынмæ афардæг, нæ йыл фæхæцыд. Æмæ йын загътой Нарты хорз адæмтæ:

– Сырдон! Исты нын ысхоскæн, кæннод сæфæм.

Уый цын загъта, æмæ уын æз цы хос зонын зæгъгæ.

– Нæй дын гæнæн, Сырдон, æнæ хос ыскæнгæ, кæннод ам куы фесæфæм, уæд дæуæн дæр худинаг æмæ нæхицæн дæр.

Сырдон загъта:

– Чи зоны, исты хос уын ыскæнин, фæлæ та мын уарæнбон рæстмæ хай нæ кæндзыстут.

– Хуыцауæй дын ард бахæрдзыстæм, ныр нын куыд зæгъай, афтæ дын бахай кæндзыстæм, фæлæ нын исты хос ыскæн.

Уый цын загъта:

– Сымах та мын фыддæрадæн хуссартæн сæ цæгæттæ дæтдзыстут, цæгæттæн та – сæ хуссæрттæ, галтæн сæ фыддзаг ифтындзинæгтæ, хъудздзытæн сæ фыддзагзæдтæгты.

– Хорз зæгъгæ загътой.– Дæхи куыд фæнды, афтæ дын бахайкæндзыстæм.

Сырдон фысымтæн загъта:

– Дон ыстæвдкæнут æмæ цæ суæгъдкæнут, кæннод адонæн сe Qфсæдтæ быдыры сты, æмæ цæм куы фæбæрæгкæнон, уæд æрцæудзысты ‘мæ уæ бынысæфт фæкæндзысты.

Йæхæдæг аг сæвæрдта ‘мæ дон хорз ыстæвдкодта, алкæмæн цæ йæ быны тæвд дон уадзын байдыдта ‘мæ сæ сыдзы цъæрттæ къæлæтджынтыл баззадысты. Стæй рараст ысты мæ ма цы хаттысты, уый фæхатысты, стæй фæстагмæ сæхи бæстæм æрцыдысты.

Стæй æрæмысыдысты уæд уарын æмæ Сырдонæн хуссæрттæн сæ цæгæттæ, цæгæттæн та сæ хуссæрттæ радтой.

Уыдон сæ дзырд фæсайдтой, с’ ард басастой. Фæлæ Сырдон уæддæр цы йæ фæндыд, уый райста. Уыдон та мæнгардæй баззадысты.

СЫРДОН ÆМÆ ЙÆ ЧЫЗЗЫТÆ Сырдонæн уыдис æртæ фырты мæ дыууæ фаззон чыззы. Йæ чыззытæ искæмæй куы фæхудинаг уой, уымæй тæрсгæйæ цæ ‘мбæхстæй хъомылкодта. Чыззытæ иу боны гуырдтæ уыдысты. Хистæр райгуырди райсомæй æмæ йæ Сырдон схуыдта Райсомæт, иннæ райгуырди изæрырдæм – æмæ уый та схуыдта Изæрæт.

Рæзтысты Райсомæт æмæ Изæрæт мæй æмæ стъалыты рухсмæ. Хуры цæст нæ уыдтой. Хуыцау йæ зонæг, фæлæ дын иу бон Сауирдæй æрцæйцыдысты Нарты хъал фæсивæд сæ хæтæнæй. Сырдоны чыззытæ сæ фыдæн алдымбыдтæ быдтой хиды был æмæ дын цæ нæнхъæлæджы куы фениккой Нартæ. Фæрсынц сæ кæрæдзийы:

– Чи сты ацы чыззытæ? – зæгъынц иутæ.

– Нæ бæстыл æнæзонгæйæ куы никæй фæуадзæм, уæд адон æмбæхстæй цардысты? – фарстой иннæтæ.

Ныхас ныхасы фæдыл цыди, таурæгъ таурæгъы фæстæ.

Уæд Хæмыц зæгъы:

– Адон Сырдонæн æнæ исчи нæ уыдзысты ‘мæ уый бафæрсæм. – Æмæ нын куынæ сæтта мыййаг? – зæгъы Сослан.

– Уæд йæ хуыздæр хос – æрцауындзæм æй йæ рихитæй æмæ йæ боцъотæй, стæй цæ уæд зæгъдзæни.

Сæ дзырд баиукодтой Нартæ. Иу изæр сæ Ныхасы ‘рбадтысты ‘мæ сæ иутæ синагбæндæнтæ кодтой. Иннæтæ уæрмытæ къахтой, æртыггæгтæ хъæдтæ лæгъзкодтой. Сырдон цæ ‘рбаййæфта ‘мæ цын зæгъы:

– Фарн уæ куысты!

– Фарн мах дæр æмæ дæу дæр уæд, Сырдон.

– Цавæр куысты лæуд ыстут уыйбæрц?

– Гъей, Сырдон,– зæгъынц Нартæ,– не ‘взæрты хъуамæ фæцæгъдæм æмæ кæй ауындзгæ, кæй судзгæ кæндзыстæм. Кæй та ‘рдузгæ, æвзæр мыггаг нæм цæмæй мауал гуыра.

– Ау, æмæ уын бæрæг нæма сты уе ‘взæртæ?

– Куыннæ, Сырдон! Бæрæг рагæй ысты, угæрдтæ дæр ма цæ фæкодтам.

– Æмæ ма цæ æз дæр иуæй-иуты куы зонын, бынтон æргæвдинæгтæй. – Гъемæ, Сырдон, сысдау дæ кард афтæ мæ къæлыуа лыгкæнынæн уæддæр кæм ысбæзза.

– Гъе, гъе, уæдæ не ’взæрты рæстæг æрцыди! – æмæ Сырдон йе ‘нæбары сауфахс кард сигæцыл дауын байдыдта.

Нартæ дыууæ цæджындзы ныссагътой, цæхгæр хъил æндзалмыл авæрдтой æмæ фæрсынц барæй Сырдоны:

– Гъы, куыд у, Сырдон? Цал лæджы фаг у иу ауыгъдæн?

– Ис гæнæн – фондзæй иумæ, дæсæн иумæ дæр.

– Уæдæ нын фидиуæг фæу,– зæгъынц Нартæ Сырдонæн,– райсом Æртæ Нарты адæм ам куыд уой.

Сырдон ысразы и æмæ Ацæты стыр авдуæладзыгон мæсыгæй ныхъхъæркодта:

– Гъей-ой, Æртæ Нарты! Райсом лæджы къахæй цæуджытæ, уе ’ппæт дæр Нарты Стыр Ныхасмæ рацæут! Нарт се ‘взæрты сафынц! Кæй ауындзгæ, кæй судзгæ, кæй æрдузгæ кæндзыстæм æмæ ‘рцæут æмхуызон! Райсомы Æртæ Нарты ныххæррæттластой Стыр Ныхасмæ. Рабадтысты дывæгъстæ ‘мæ æртывæгъстæй сæ дуркъæй бандæттыл. Сырдон дæр ыстырзæрдæйæ астæубадт ракодта ‘мæ хъусы.

Уæд Уырызмæг фæрсы Нарты:

– Не ’хсæн сусæг ми чи кæны, уымæн цы тæрхонкæнæм?

– Ауындзгæ! – зæгъынц Нартæ.

– Не ’хсæн сайæг чи у, уымæн цы ми кæнæм?

– Судзгæ! – зæгъынц та Нартæ.

– Не ’хсæн кæй кæстæр нæ вæййы сæрбахъуыды заманы, уымæн цы ми кæнæм?

– Уый та – ‘рдузгæ! Мыггаг сæфт у, мыггаг аргъæн нæ бæззы ’мæ – ‘рдузгæ!

– Уæдæ ахæм чи ис махмæ?

– Сырдон! – æмхуызон зæгъынц Нартæ.

Æрцахстой Сырдоны. Ауындзæнмæ йæ бакодтой, синагбæттæнтæй йын йæ боцъотæ ‘мæ йæ рихитæ ‘сбастой æмæ йæ ‘рцауыгътой. Бынæй йыл арт бандзæрстой, æмæ йæ фæрсынц Нартæ:

– Раст дзурдзынæ, æви зылын?

– Кæм раст зылынимæ, кæм зылын растимæ.

– Уый та куыд?

– Мæнг кæм дзурат уый æз растыл нымайын, раст кæм дзурат, уый та зылыныл.

– Уæдæ зæгъ: дæ хæдзары раз цы чыззытæ уыд цалдæр боны размæ, уыдон чи сты?

– Гъе уый зылыныл нымайын, мæнæн ис æртæ фырты, æндæр ничи. – Уæд та дæ хæдзары рæзты чи цыди, уыдон чи сты?

– Гъе, уый раст у, мæ хæдзары цурты никуы ничи ацыд. Сымах фынфенæгау кæй федтат, уыдон, сымах æнхъæл кæй не ‘стут, уыдон ысты.

– Омæ цæ кæнæ номæй нæ зоныс, кæнæ мыггагæй?

– Райсомæт æмæ Изæрæт сæ нæмттæ сты. Фæлæ райсомæй изæрмæ куы хъуыды кæнат, изæрæй та райсоммæ, уæддæр цæ нæ базондзыстут. – Гъе, хæрæг Гæтæджы фырт! Уæдæ цæ ды кæцæй зоныс?

– Æз сæ кæхцгæнæны уыдтæн.

Нал уагътой Сырдоны. Йæ сыдзыфæрстыл ын арт ысуагътой, æмæ Сырдон хъæркæны:

– Суадзут мæ, æлгъыст фæут, уыдон мæхи чыззытæ сты!

Суагътой Сырдоны ‘мæ та йæ фæрсынц:

– Кæмæй дын сты?

– Мæ фыртты мадæй! – зæгъы Сырдон.

– Нырмæ кæм уыдысты?

– Хурмæ уæгъдибар цы фос цæуа, уый æнафоны заинаг кæны ‘мæ цын тарстæн. Мæй æмæ стъалыты рухсмæ цардысты. Хуры рухсмæ цæ нæ уагътон. Гъеныр кæд искæй зæрдæмæ цæуынц, уæд мæм æрцæуæд усгур. Нартæ ныццинкодтой. Сырдоны суагътой. Сырдон йæ хæдзармæ ‘рцыди. Йæ сывæллæттæ йыл цинтæкодтой. Уæд Сырдон зæгъы:

– Ахсæв нæм уынæг лæгтæ уыдзæн, чыззытæ, сымах тыххæй, фæлæ нæ зонын Хæмыцæн фыдбылызы дæндаг и ‘мæ уæ худинагкæндзæн. Фæлæ цæугæ, мæ фырттæ, Донбеттырты Цыхы мæм æркæнут.

Сырдоны ртæ фырты Донбеттырты чысыл Цыхы ‘рбамидæгкодтой. Сырдон Цыхæн йæ хабар ракодта. Уæд Цых бавдæлди ‘мæ чыззыты ныддымдта, цыма сывæрджын сты, уыйау тыппыр лæуд кодтой.

Изæры Сырдон йæ дыууадæстæлыйон фæндыр райста ‘мæ йæхицæн æнкъард зарджытæ райдыдта. Уæд æм Нартæй цалдæр фæзынди ‘мæ бахъæркодтой:

– Сырдон, ам дæ цы?

– Ам дæн, мидæмæ!

Нартæ бахызтысты ‘мæ ‘рбадтысты Сырдоны хæдзары уырындыхъбандæттыл. Сырдон дæр семæ ‘мæ фæрсы Нарты:

– Цæй, цы хабар и, Нартæ? Уæ сæр мæм куыд æрбахастат? – Æнæхъуыддаг дæр кæм ыстæм, Сырдон. Нæ фæнд дæр дын æмбæрст уыдзæн.

Сырдон зæгъы:

– Марадзут, кæстæртæ, фынг фенут.

Уайтагъд фынгтæ февзæрдысты сæ разы ‘мæ, Нарт уæрæхтæ рабадтысты. Анызтой, ахордтой. Уæд Нартæ зæгъынц сæ фæндон. Сырдон цæ фæрсы:

– Цымæ хъуг аргъ хуыздæр кæд фæисы – æд рæуæд, æви йæхæдæг? Нартæ зæгъынц:

– Æд рæуæд хуыздæр у, фæлæ мах хъуг æлхæнæг не стæм, Сырдон. Мах чызггур ыстæм.

– Гъемæ уын куы зæгъын мæ чыззытæн тагъд рæуæдтæ уыдзæни. – Раст нæ дæ, Сырдон, сайыс нæ.

Уæд Сырдон йæ чыззытæм фæсидти ‘мæ цæ Нартæ куы федтой, уæд ма цы загътаиккой. Сыстадысты ‘мæ сæ сæртæ тилгæ фæцыдысты. Донбеттырты чысыл Цых æмæ Сырдон худæгæй мардысты Нартыл. Дыггаг изæр Нарты ныхасы Сырдоны чыззыты кой кодтой. Уæд цын Сырдон зæгъы:

– Диссаг уый у ’мæ Нартæн сæ кæстæртæ заинаг хъуддзытæм усгур куы фæцæуынц, уæд ма сæ цæсгом Ныхасмæ та куыд æрбатæрынц, хистæрты размæ?

– Фæлдыст фæ-у, Сырдон, дæ донгъ уазджытимæ, кæд дæуæн сæ фæздæттæй тæдзгæ хъуымыздыхт хæрынæн бæззы, уæд мах æхсыр куы бадæйæм, уымæй цы сафæм. Дæ хуызæнæн не ‘мбæлы хистæрты размæ ‘рбацæуын.

– Хорз фæуæд уæ ныхас, фæлæ та иу ацы хатт дæр афтæ ма фæрæдийут.

– Фенгæйæ у! – зæгъынц Нарты кæстæртæ дæр.

СЫРДОН ЙÆ УАЗДЖЫТÆН КÆРДЗЫН КУЫД ЫСКÆНЫНКОДТА Сырдон иу Тутырты заманы фæхуыдта Нарты хистæрты – Нарты гуыппырсарты йæхимæ ‘мæ цын зæгъы:

– Никуы мæм уыдыстут æмæ афтæмæй æз та у’ алкæй хæдзары дæр минас фæкæнын, цыма мæхи хæдзары вæййын, афтæ.

– Ницы кæны, Сырдон, кæд дæм мæсты равæййæм,– зæгъы Уырызмæг, – уæддæр ма банхъæл æмæ нын уæлдайаг дæ мыййаг.

– Хуыцау дын хорз ракæнæд, Уырызмæг. Стыр зонды хицау дæ. Мæ бон цы уа, уымæй уæ тыхсын нæ бауадздзынæн. Кæрдзын мын чи ракæна, ахæмæй хæдзары ничи ис, фæлæ уæ фыдызгъæлæй цух нæ ныууадздзынæн. Сырдон зилы йæ фырттимæ. Хынцы Нарты, цæстмæми – фылдæр. Уæд цын сыгъд цæкуыхоры ссад доны удæстæй сæ разы авæрдта ‘мæ та зæгъы:

– Гал куынæ уа, уæд лæг хъуджы дæр аифтындзы. Ус куынæ уа, уæд лæг йæхæдæг дæр фæцарæхсы. Кæрдзын уæ кæй хъæуа, уымæн мæнæ удæст ыссад хыссæгондæй.

Сырдон къæлыуа рывæрдта Нарты раз, йæхæдæг дзы йе ‘ртты сисы, аууæрды йæ, алы фосы ныв дзы акæны, стæй йæ ахæры. Уырызмæг æм дзуры:

– Куыд хæрыс уыййас хом хыссæ, Сырдон, уæд та дæ хуылф исты кодта.

– Ма тæрс, Уырызмæг, хорз хойраг риссын нæ фæкæны, æмæ дзы фен.

Нартæ Сырдонмæ гæсгæ радыгай æууæрдынтæ систой къæлуа ‘мæ йæ хæрын райдыдтой. Цæмæй зыдтой Сырдон та цыл хинæй цæуы, уый. Нарт расыгкæнын байдыдтой æмæ сæ ‘ртты тынгдæр æууæрстой къæлуа, тымбылтæ йæ кодтой, стæй йæ сæ дзыхмæ ‘ппæрстой æмæ та-иу æй ныхъхъуыртт ластой. Фæминаскодтой Сырдонмæ афтæмæй. Стæй цын Сырдон къæлыуайæ сарæзта кæм гал, кæм фыр, кæм цæу, кæм бæх æмæ ’ндæр ахæм нывтæ, сæ дзыппыты цын цæ байдзаг кодта Нартæн æмæ фæсхæрд, фæсныуæзт Сырдон Нарты адæмы афæндарасткодта сæ хæдзæрттæм. Нартæ уыдысты расыг. Æрцыдысты сæ бынæттæм. Сæ устытæ цæ куы федтой, уæд цæ фæрсынц:

– Ай цы ми бакодтат?

– Ницы! – зæгъынц лæгтæ.

– Æркæсут ма уæдæ уæ дзыппытæм, хом хыссæйæ дзыкъынатæ фæкодтат æмæ уæ Сырдон афтæмæй рарвыста, исты уын ног аз куынæ у. – Нæ,– зæгъынц лæгтæ,– диссаджы хæринаг у. Сырдонæн ус нæй æмæ йæ не ‘рмтты нæхæдæг æууæрстам.

– Сау худинаг æмæ сау æлгъыст фестут, Нарты хистæртæ! Сырдон уын йæхæдæг уæхицæн кæрдзын ыскæнынкодта. Фæлтау уе ‘сæфт куы ‘рцыдаид!

Нартæ тынг ысмæсты сты Сырдонмæ. Дыггаг бон æрымбырд сты сæ Ныхасмæ ‘мæ та Сырдоны ныхас кæнынц:

– Ай цавæр диссаг у, Сырдон нын æцæг нæхицæн кæрдзын ыскæнынкодта, æмæ ныл нæ устытæ нал æввæрсынц. Æндæр хатт та нын нæ мидæггæгтæ ныхсынкæндзæни, æмæ ныл былысчъилтæ кæндзысты нæ устытæ.

Уæд та Сырдон дæр фæзынди ‘мæ цын зæгъы:

– Цыфæнды мын кæнут ныр, фæлæ мæн куы сафат, уæд уæ адæм базондзысты ‘мæ зæгъдзысты: «Нартæн Сырдон кæрдзын скæнынкодта, хомæй цын æй фæхæрынкодта æмæ йæ уый фыдæхæй фесæфтой». Стæй уыл худинаджы гакк ысбаддзæни æмæ уæ йæхимæ дæр ничиуал бауадздзæн. – Гъех, Сырдон, хин æмæ кæлæн дæ мæ та ныл зондæй разылдтæ,– зæгъынц Нартæ ‘мæ та ‘сбадтысты.

Цы хъом уыдысты Нарт Сырдонæн, йæхæдæг арвы хин æмæ зæххы кæлæн чи уыди, уымæн!

НАРТЫ БАЛЦ БЫЦÆУÆЙ

Нартæ ‘сфæндкодтой балцы фæцæуын – хуымæтæджы нæ, фæлæ быцæуæй. Чи байстайа, чи бафæллайа, уый Нарты адæмы фæхонæд æмæ цæ къуыри фæхынцæд.

Нартæй алчидæр зылди йæ бæхмæ, йæхимæ дæр æмæ фæлтæрæнтæкодтой.

Æрлæууыди нысаны бон æмæ алчи афтид армæй, æнæисты хæсгæйæ йæ бæхыл ысбадти. Сырдон хинæйдзаг лæг уыди. Зыдта ’нæ баззайгæ йын нæй æмæ цы фæхынцдзæни уыйбæрц Нарты адæмы. Йæ саргъы базы бын фых дзидзатæ бавæрдта ‘мæ рарасти Нартæм æппæты фæстæ. Уæд æм Хæмыц дзуры:

– Гъе, Сырдон, фæдисы та фæстейы баззадтæ. Æвæддзæгæн, дæ хуынды уыдзыстæм.

– О, цы тыхсыс, Хæмыц, фæстейырацæуæг, чи зоны ‘мæ уæ разæй фæуа.

Нæ бамбæрстой Сырдоны ныхæстæ Нартæ ‘мæ цацуалцыдæй араст ысты Хурнайæндонмæ. Цæуынц бон, цæуынц æхсæв, æрулæфт нæй. Æртæ боны ‘мæ æртæ ‘хсæвы фæцыдысты, стæй Уырызмæг зæгъы:

– Нæ бæхты фæхизæм, нæхæдæг дæр аулæфæм.

Сразы сты Нартæ. Сæ бæхтæй æрхызтысты ‘мæ се ‘гасмæ дæр æддæмæкæсын æрцыди. Æрмæст сæ иуы бон дæр зæгъын ницы уыди, уæд æмбылды кодта. Алчи сæ йæхи йæ бæхимæ архайæг ыскодта.

Сырдон йæ бæхы цæфхæдтæ уыдта ‘мæ дзы иу къахы зæгæл барæй батъыста. Йæ бæхы къуылых ын куы федтой Нартæ, уæд бацинкодтой, зæгъгæ Сырдон фæстейы зайдзæни ‘мæ нæ хондзæни. Хæмыц та йæм дзуры:

– Гъе, Сырдон, дæ бæх æгæр михтæ садзы æмæ куыд уыдзынæ нæ зонын.

– Цы хъиамæт дæ ис, Хæмыц? Уый йæхи фæлвары. Кæд кау ысбийид æмæ йæ сæрты гæпп райдаид. Уыууыл архайы.

Нæ та бамбæрстой Нартæ Сырдоны дæлгоммæ ныхас æмæ худтысты. Уырызмæг уæд зæгъы:

– Цæуын афон та у!

Нартæ ‘сбадтысты сæ бæхтыл æмæ цæуынц.

Сырдон дæр абадти йæ бæхыл æмæ фæчепфæчепгæнгæ арасти. Уæд æм Уырызмæг дзуры:

– О, Сырдон, дæ бæх уæхицæй дзæбæхæй куы рацыди, уæд æртæ бонмæ куыд æрбакъуылых и?

– Хæфдзæст уыди йæ цæфхадгом æмæ йæ фæкъæртт хъæуы. – Омæ йæ фæкъæрткæн. Цæмæн тухийæ марыс бæхы?

Сырдон рахызти йæ бæхæй. Саргъы базы бынæй бурбынфых дзидзатæ раласта ‘мæ цæфхадимæ куыд архайдта, афтæ цæ æмырхæрд бакодта. Йæ бæхы къахы зæгæл ысласта, ‘сбадти та мæ цæуы. Баййæфта Нарты. Бæх къуылых нал цыди. Фæрсынц æй:

– Куыд тагъд адзæбæхи дæ бæх?

– Йæ хæф ын рауагътон æмæ, сæлæф царв æфсæст цыма у, уый гæпкæны.

Ацы ныхæстæ дæр нæ бамбæрстой Нартæ. Сæ цыды кой кæнынц. Сæ мисынджытæ ныддымстысты, сæ хордзæуæнтæ нылхъывтой, хъаймæт фидæгау. Уæд Сырдон йе ‘фсæст гуыбын асæрфта ‘мæ фæрсы Нарты: – Æмбисæндтæ æрхæссæн нæй, Нартæ?

– Æрхæсс, байхъусдзыстæм дæм.

Сырдон зæгъы:

– Уыдис мын дыууæ фæткъуыбæласы. Уалдзæджы сæ иуыл æгæр арæх къæвда цыди, сыфтæр раздæр рафтыдта, дыргъ дæр ыл фæзынди, фæлæ иннæ фæстæдæр радта ‘мæ уый дыргътæ фылдæр фæлæууыдысты. Цымæ цæй аххосæй уыди уый, кæд цыл уалдзæг иумæ ‘рцыди, уæд?

– Цæй аххос цæ, фыддзаг бæлас донæфсæст уыди ‘мæ тагъддæр ысбæззыди.

Сырдон йæхимидæг бахудти ‘мæ зæгъы йæ мид-зæрды: «Æ, æвзæр куыйты Нарт, уæдæ сымах дæр уæхи ныфсæстат æмæ уæ гуыбынтæ уымæн систой, фæлæуут уал: нæ мæ бамбæрстат».

– Уæдæ уын дыггаг æмбисонд дæр зæгъын,– зæгъы Сырдон,– дыууæ тохъылмæ зылдтæн. Иу бон цæ рауагътон иумæ. Хæдзары смидæг ысты ‘мæ мын сæ иу мæ хæдзар фаджысы бын фæкодта, иннæмæй бага дæр не ’рхауди. Уый та цæй аххос уыдзæни?

Нартæ зæгъынц:

– Уымæн æмæ уый æфсæстдæр уыди.

Цæуынц та сæ фæндагыл Нартæ. Сырд кæм ауынынц, уым дзидзахæрынмондагæй сæ комыдæттæ руайынц, дон кæм фенынц, уым та сæ кæмттæ сур кæнынц. Нæ нуазынц, нæ хæрынц.

Уæд та Сырдон æртыггаг æмбисонд райдыдта дзурын. Зæгъы: – Æххæст ма уын иу æмбисонд æрхæссон, æмæ уæд кæд бахæддзæуаиккам Хурнайæндонмæ.

Уыди мæм дыууæ галы мæ мадæрвадæлтæй Цъагъай æмæ Тымыгъ. Иумæ цæ баскъæрдтон донмæ, зæгъын, баназой. Нуазгæ дæр бакодтой, уæдæ цы уыдаид. Æрбаскъæрдтон цæ хæдзармæ. Сæ иу йæ доны хуыпп акалдта, фæлæ иннæ дурфидар ныцци. Цымæ цæмæн афтæ уыдаид?

Нартæ зæгъынц:

– Æвæддзæгæн ма уый раздæр дæр банызта дон æмæ уымæн. Сырдон та ацы хатт дæр йæ мид-зæрдæйы бахудти ‘мæ зæгъы: «Фæлæуут ныр уæ раны стут, Нартæ!..»

Бахæддзæ сты Хурнайæндоны фæзмæ, суадоны цурмæ. Нартæн сæ дзыхæй сæ ныхас гæзæмæ йæддæмæ нал хъуыст. Ныр æхсæз боны ‘мæ ‘хсæз æхсæвы, æнæ дон, æнæ кæрдзынæй ысты. Сырдон та йæхи йæ бæхимæ архайæг ыскодта, йæ саргъы базы бын ма цы дзидзатæ уыди, уыдон æмырхæрд бакодта ‘мæ йæ тæккæ ‘фсæстыл уыди. Саргъы базы хус дзалакæрдæг бакодта ‘мæ рацыди Нартæм. Дзуры цæм:

– Нартæ, быцæуæй куы цыдыстæм, мæ бæхыл къуылыхæй худтыстут æмæ уæ фæстейы никæмæй баззади. Мæхиуыл худтыстут æмæ уæ мæны йæддæмæ йæ дзыхæй дæр куы ничи дзуры, уæд цы кодтат?

Сослан зæгъы:

– Дурдæнгæлæй амæлай, Сырдон, н’ ахсæнтæ дурау ныхъæбæр ысты, m8 мисындзджытæ дымстлалымау ныттыппыр ысты. Куыд ма нæ дзурынкæныс?

– Уымæн æз хос зонын,– зæгъы та Сырдон.– Ацы фæзы симд саразæм æмæ уæ тыппыртæ ‘ртæбæкк уыдзысты, стæй уæ улæфт дæр фенцондæр уыдзæн.

Цы гæнæн ма уыди Нартæн! Хурнайæндоны стыр фæзы симд сарæзтой æмæ Нартæ къæдзтæмæдзтæкодтой, Сырдон та с’ астæу цæукъайау ысхъæл лæуд кодта. Йæ мид-зæрдæйы цыл худæгæй марди. Сырдон ноджы мæстæймарæн ныхас баппæрста Нартæм:

– А симгæ кæнæм, фæлæ раст та цæуыннæ лæуут?

– Гъе, хæрæг Гæтæджы фырт,– дзуры Сослан,– уыууыл ма куы уаиккам, уæд æй нæхæдæг хуыздæр зонæм.

– Уæд та заргæ акæнут, симд æнæ зарæгæй хæдмæлæй уæлдай нæу. Гъа, уæ гуыбынтæ ‘мæ уæ мисындзджытæй хъæрзут, фæлæ уæ дзыхтæ та цы кодтой?

– Уыдон дæр дæ хуызæтты куы уынынц, уæд сæ сæрмæ дзурын дæр нæ хæссынц, дæуау фæлитой æмæ хинæйдзæгтæ не сты,– бадзырдта Хæмыц.

Симынц Нартæ, симынц Хурнайæндоны стыр фæзы. Нарты гуыппыртæ сæ сæртæ руагътой. Уæд Уырызмæг зæгъы:

– О, Нарты адæм! Æз зæронд лæг дæн æмæ уе ’мсимд мæ бон нæу, улæфын мæ бауадзут!

– Нæй гæнæн,– зæгъынц Нартæ,– кæд зæронд дæ, уæддæр нæ зондджындæр дæ.

– О, Нартæ! Къуылых лæг дæн,– зæгъы Хæмыц, æмæ мæ улæфын бауадзут.

– Дæуæн дæр ницы гæнæн ис,– зæгъынц та Нартæ.– Чыззыты дзæбæхтыл зилгæйæ дыл дæ къуылых нæ фæзыны.

– Уæд та мæн бауадзут улæфын,– зæгъы Сослан.– Мæ иу цæст цæф у æмæ йæ суадоны рыхсон.

– Нæй гæнæн,– загътой Нартæ.– Сагтæ æмæ сæгуытты цæгъдынмæ дæ цæст цæф никуы уыди, уæд ныр цы кæны?

– Мæн ауадзут, аулæфон,– дзуры Батырадз,– æгæр ыстæвд дæн æмæ ’руазал уон.

– Нæ дæ ауадздзыстæм,– зæгъынц Нартæ.– Хуримæ æмвынг куы вæййут, уæд хуры тæвдæй куынæ ‘сфæлмæцыс. Ныр симды куыд тыхджын тæвд дæ?

– Уе ‘ппæтæй дæр мæн ауадзын хуыздæр у,– дзуры Ацы фырт Ацæмæз,– нæ симды фæндыры хъæр нæ цæуы æмæ уын мæ уадындзæй ацæгъдон.

– Нæ, Ацæмæз, хъазты фидыц ды куы дæ, уæд дæ куыд ауадзæм,– загътой Нартæ.

– Уæдæ мæн ауадзут,– зæгъы Сырдон,– æз уæ басгарон кæддæра уæ чи куыд лæууы.

Уыууыл ысразы сты. Сырдон азылди Нарты адæмыл. Уырызмæгæн йæ гуыбын фелхъывта ‘мæ йæ доны цъыртт акалди. Уæд зæгъы Сырдон: – Нæ хистæр йæ хъæбысы цад сарæзта суадонæй.

Нарт æй бамбæрстой æмæ ныххудтысты. Сырдон Хæмыцы гуыбыныл дæр бахæцыди ‘мæ йæ тæф ыскалди. Сырдон та дзуры:

– Не ’ннæ хистæр нæ хъылмайæ цæгъдынфæнд ыскодта мæ фæлидзæм. Нартæ тынгдæр ныххудтысты. Уæд Уырызмæг æмæ Хæмыц рахызтысты симдæй, æмæ Уырызмæг зæгъы:

– Цæй, хорз фæуæд, Нарты фæсивæд! Æз уын кæнын куывд. Уæ доны хуыпп уал акалут, нуæзт уымы – мæнæй.

Нартæ сæ доны хуыпп ауагътой æмæ цæ ивылд дон рацыдис ахæм, æмæ цын сæ хъæуы уынгтыл ничиуал ахызтаид. Уымæй ысулæфыдысты. Хæмыц дæр зæгъы:

– Уæхи адзæбæх кæнут, Нартæ. Æз дæр уын куывд кæнын, хæрд та уын – мæнæй.

Нартæ фæскъутæртæм ахызтысты. Сæ нæрдæй мæргътæ æмæ сырдтæ хуыдуг кодтой. Хайдтой сæ мицъырадоны. Стæй уытыппæт маргъ æмæ сырд фергæвстой æмæ цæ Нартæм æрластой. Дыггаг бон цæ ныргæвстой æмæ стыр куывд сарæзтой. Нартæ цæххы ад, уæд базыдтой, уæдмæ-иу сæ хæринаг æдзæх уыди. Æнæхъæн къуыри дзаг фынгтæй нæ сыстадысты, афтæмæй цæм Сырдон дзуры:

– Гъе, Нарты адæм! Чи нæ бафæрæзта иуыл хуыздæр ацы балцы? – Ды! – зæгъынц Нартæ æмæ йын сæ нуазæн авæрдтой. Сырдон æй анызта, стæй цæ фæрсы ноджы:

– Чи нæ хъæлдзæгдæр уыди ацы балцы?

– Уый дæр ды! – зæгъынц Нартæ ‘мæ йын иу ыстыр арм хайæн авæрдтой.

Сырдон дæр йæ хин миты руаджы Нарты стыр куывдтæй алы хатт хайджын уыди æмæ пайдаджын.

НАРТЫ КЪУЫРИБАЛЦ

Иу изæр Нарт æрымбырдысты сæ Ныхасмæ лæгæвзæрст æмæ кæстæрхуыздæрæй. Се ‘хсæн ныхас рацыди Нарты адæмæй чи фæразондæр у ххормагæй, кæй тых н’ асæтдзæн, кæй бон бауыдзæн фылдæр фæцæрын æнæ донæй. Уæд Сырдон йæ роцъомæ йæ къух сарæзта, рæмбыныкъæдзæй йæ къахыл æрынцойкодта ‘мæ дæлæуæзæй хъуыста Нарты ныхæстæм. Уырызмæг зæгъы:

– Æз кæд зæронд дæн, уæддæр авд боны мæ авд æхсæвы бафæраздзынæн æнæ дон, æнæ хæлцæй, мæ тых н’ асæтдзæн, афтæмæй. – Ды авд боны мæ авд æхсæвы кæм бафæразай, уым æз та дыууæ хатты бафæраздзынæн! – загъта æндонхъис рихи Хæмыц.

– Ау æмæ ’мбисондхæссæн æз куы дæн Нарты ‘хсæн,– зæгъы Сослан,– æз æртæ хатты фылдæр бафæраздзынæн.

Уæд Батырадз загъта:

– Кæд асæст уа, уæд уын æз мæй дæр бафæраздзынæн æмæ цы ’ппæлут уæхицæй мæ цуры?

Ацæмæз зæгъы:

– Уæдæ иу ахæм æз дæр бафæраздзынæн, фæнды хур уæд, фæнды тар уæд.

Сырдон зæгъы æрæджиау:

– Уæ, бын бауат, Нæртон адæм, æндæр хъару кæй уæнгты нæй: æз афæдзмæ дæр бафæраздзынæн, æмæ уæд цы стут мæ цуры?!

– Дур æруайæд де ‘взагыл, Сырдон,– зæгъы Сослан,– ды лæг ма фæхуйин æмæ не ‘хсæз куынæ сфæлварæм къуырибалцы.

– Фæуæд афтæ,– зæгъы Сырдон,– æрмæст дзырдæй: къуырийы мидæг нæдæр хæргæ, нæдæр нуазгæ, ма дæр æддæмæ хи хъуыдыйы исчи ацæуæд, ма дæр йæ доны хуыпп акалæд, афтæмæй нæ Симæнфæзы симд саразæм. Чи фембылды уа, уый æртæ Нарты къуыри фæхынцæд.

– Разы дæн æз! – фæхъæркодта Сослан.– Фæлæ сар дæ сæр кæндзæни. Сырдон. Куыддæр фембылды уай, æмæ фæсайай, афтæ дæ Нарты сагсур фæсивæдæн милмæ равæрдзынæн.

– Куы фембылды уон, уæд мын цыдæриддæр кæнут, кæннод мæ къуыри хæссут,– бадзырдта Сырдон.

Сразы сты Нартæ ‘мæ майрæмбонмæ сæмгъуыдкодтой. Нартæй алчи кусарт акодта ‘мæ æмгъуыды бонмæ сæхимæ хорз зылдысты, зæгъгæ ‘фсæстæй ку’ ацæуæм, уæд не ‘ххормаг фылдæр ахæсдзæни.

Сырдон та иннæрдæм: йæ хъуыры хæрд, нуæзт нал ауагъта. Йæ хуылфы тъæнгтæ ныссыгъдæг ысты ‘мæ йыл Нарты кæстæртæ худынц: – Уаих фæуай, Сырдон, Нартæ цæл-минас кæнынц, тъæпхауынц фырхæрд æмæ фырнуæзтæй, дæуæн та дæ фæрстæ бахаудтой. Уæд цæуылнæ хæрыс?

– Æз катайкæнын, Нарты гуыппырсарты ‘мбулдзынæн, æмæ мæ хæссинаг куы фæуой, уыцы катайæ мæллæг кæнын.

Æрцыди майрæмбоны бон. Нартæй алчи йæ бæхыл бабадти ‘мæ бухъ ныхас кæнынц. Уæд Сырдон саргъы базы дзала ракалдта æмæ дзы сур фых дзидза бакодта. Йæ бæхы фæстаг къахы зæгæл афтæ ныкъуырдта цæфхады æмæ йæ бæх чиугæ цыд кодта. Цæуынц иумæ Симæнфæзмæ. Иу доны сæрты хизгæйæ сæ бæхтæн дон бадардтой æмæ Уырызмæг Сырдоны фæрсы:

– Ныхасы дæ ныхæстæ хуыцауы сæрты куы ‘мбæлдысты, уæд фæндырыхæрæгау ныр цы ныкъæдз дæ?

– Нæ, уый уын æз уæ хъиамæт хæссын нал фæразын, æмæ мæ уый æркъæдзкодта,– дзуры Сырдон.

– Уæд дæ бæх та чиугæ цæмæн цæуы?

– Нæ, уый уын уæ фембылд зоны ‘мæ уыл рагацау кæугæ кæны. – Ау, хæрæг Гæтæджы фырт,– дзуры Сослан,– мах дæ хъилхъус гæбæррагъы бæрц дæр нал æмбарæм?

– Æмбаргæ та куыннæ кæнут, фæлæ куы ‘мбариккат, уæд мæ бæхыл нæ худиккат.

– Куыннæ йыл худæм, нæ нæ ййафыс æмæ мах Симæнфæзы нæ симд фæкæндзыстæм, стæй цы зæгъдзынæ: «Æз уæ нæ федтон».

– Нæ загътон, нæ, æмбаргæ кæнут, фæлæ ницы ‘мбарут: мæ бæх чиугæ уымæн цæуы ‘мæ цæфхад куы сагътон, уæд зæгæлы сæр атахти ‘мæ ‘вæддзæгæн зæгæл сæфтæджы сбырыди.

– Мæнæ дын м’ арц,– зæгъы Хæмыц,– æмæ йæ слас, фосæн дæр тæригъæд зон.

Сырдон арц райста ‘мæ йæхи цæфхадимæ архайæг ыскодта æнæдон быдыры; аивæй саргъæй сурфых дзидза райста ‘мæ йæхи хорз федта, стæй Нарты баййæфта.

Уырызмæг æй фæрсы:

– Цы кодтай, Сырдон, цыма д’ астæу фæрастдæри, афтæ мæм кæсы, уæд цæй аххос уыд?

– Æмæ уын куы загътон æмбаргæ кæнут, фæлæ ницы ‘мбарут: мæ бæхæн йæ сæфтæгæй зæгæл ысластон, къуылых нал цæуы ‘мæ мæнæн дæр фенцондæр и.

– Худæнбыл дæр уый тыххæй дæ, мыййаг? – афарста Хæмыц, æви дæ саргъы базы тæбæккыл худыс?

– Мæ саргъы базы зонд дæ сæры к’ уаид, уæд дæу хæрд æмæ нуæзт къуырийы дæргъы нæ бахъæуид.

– Ау, дæуæн дæ саргъ дæр ахæм зондджын у? – фæрсы Батырадз. – Хуыцау мæнæн дæ хорзæх радтæд, Батырадз! Нæ мæ фæнды дæу фегадкæнын, не ‘гасы сæрыл дæхи хæссыс, фæлæ мæнæ не ‘мбæлттæм мæ саргъы базы зонд нæй, æрхъуыдымæ та сты, мæнæ мæ саргъы къудыры халдих.

– Гъе, хæрæг кæй ныййардта уый цыдæр, кæй хоныс ды къуыдыр?! – фæхъæркодта Сослан æмæ Сырдоны ‘фцæгготы арц атъыста, систа йæ æд бæх æмæ йæ Симæнфæзмæ фехста. Сырдон дæр уæд йæ саргъыбазæй систа фæстаг хæйттæ, хорз федта йæхи ‘мæ Нарты ‘рцыдмæ уæлгоммæ хуыссыди бæласы аууон.

Ныххæддзæ сты Нартæ дæр. Алчи цæ йæхи адзæбæхкодта, Сырдон дæр семæ, æмæ симдыл ныххæцыдысты. Радгæсæй Сырдон æрлæууыд, уалынмæ симын райдыдтой. Сæ къæхты гуыппæй мигътæм рыг цæджындзтæй ныллæууыди, сæ хъæрмæ хæхтæ ‘згъæлдысты, сæ дымгæйæ бæлæстæ фæлдæхтысты. Сырдон зарыд:

– Æрсимæм цæй, æрсимæм!

– Бæхы саргъ дам цæмæн у?

– Баз æмæ къуыдырæй!

– Мæгуыр лæг бæрæг цæмæй у?

– Лаз æмæ гуыбырæй!

– Æрсимæм цæй, æрсимæм!

– Кадджын лæг зæндджын цæмæй у?

– Чъынды æмæ схъæлдзырдæй!

Сослан нал фæлæууыди ‘мæ дзуры:

– Сырдон, мах ам адæмы мæгуыр æмæ хъæздыгæй не ‘взардзыстæм, кадджын æмæ æгадæй, фæлæ нæ зарæг хъæуы.

– Нæртон зард дæр мæ рох нæу, фæлæ мын Борæты хæрæгау бæзджын æрхъырнут.

– Дæ фæлдысты фæуæд, æмæ йæ кадæн фæдар, хæрæг дæ, æндæра сæтæл* (*С æ т æ л н ы х а с – ома ахæм, æнæбæззон, ныхæстæ.) ныхæстæ нæ кæнис.

Сырдон та зары:

Æрсимæм цæй, æрсимæм!

– Алчи уæ мид-зæрды цы худы?

– Уымæн æмæ симд кæнæм!

– Махæн Уырызмæг куы цуды!

– Гуыппытæй йæ балхъивæм!

Нарт Уырызмæджы фелхъывтой æмæ йæ разгом ахуылыдзкодта. Уæд Уырызмæг зæгъы:

– О, Сырдон! Æз зæронд лæг дæн, æртæ боны симды бафæрæзтон, фæлæ мæ доны хуыппæй мæ разгом ахуылыдз. Мæн ауадз хъазтæй: Нартæн къуыриваг цы хъæуы хойрагæй, уый мæныл уæд.

Рахызти Уырызмæг хъазтæй æмæ фæсдур йæ доны хуыпп акалдта. Нартæ симынц тынгдæр. Ралæууыд цыппæрæм бон. Сырдон та зары: Æрсимæм цæй, æрсимæм.

– Махæй халон цы домы?

– Акæсынæн Оны стæг!

– Уæртæ-ма Хæмыц фæтоны!

– Уæд нæ симдæй ахизæд.

Нартæ Хæмыцы ‘сгуыппытæкодтой æмæ йæ тæф ыскалди. Хæмыц Сырдонмæ дзуры:

– Дæлимонты хай фæу, Сырдон! Симдæй мæ хизын ауадз, къуырийы дæргъы Нарты нуæзтæй цы хъæуы, уый æз хæссын.

Уыйадыл Хæмыц дæр рахызт æмæ фæскъутæр йæ тыппыр æсуагъта. Симынц ноджы Нартæ. Ралæууыд фæндзæм бон. Сырдон йæ зард кæны:

– Æрсимæм цæй, æрсимæм!

Борæты хæрæг кæд ниуы?

– Куы уа æххормаг, æнæдон!

– Кæсут-ма Сослан нæ симы!

– Ахизæд симдæй – нæ фæндон.

Нартæ Сосланы рахизынкодтой симдæй. Уæд Сослан зæгъы: – Хæрæг кæй ныллыдта, уый цыдæр, æнæмæнг мæ симд Борæ-хæрæджы ниуды аггаг йеддæмæ нæ уыд?

– Ау, æмæ цы мæсты кæныс,– зæгъы Сырдон,– уыууыл дæр хъустæ хъусынæн æрзади. Дæ хъустæй авд хатты стылдæртæ сты, хæрынæн æй нæ хъæуынц.

Сослан амæсты, арц ыл фехста, фæлæ Сырдон симды фæстæ амбæхсти ‘мæ арц зæххы афардæг и.

Стæй Сослан зæгъы:

– Ныр та дæ радæхст у, Сырдон.

– Æз дæ цы фехсон, фæлæ мæ зæрдæйы цы ис, уый дын Балсæджы цалхæй бафтæд.

– Уæ иу дæр хæрæг, уеннæ дæр.

Уæд Уырызмæг зæгъы:

– Æгъдау æмæ фæтк, ныхас æмæ хæснаг – æххæст цæ хъæуы. Уæ дыууæ дæр нæ ма хъыгдарут.

– Цæй фæуæд афтæ, фæлæ къуыриваг хæринагæй, сырдыфыдæй цы хъæуа, уый бæрц ыссардзынæн, æрмæст цæ Сырдон æрхæссæд.

– Хæссыны фыдæй ницы ныууадздзыстæм.

Симд дарддæр цыди æхсæзæм бон. Уæд Сырдон йæ мид-зæрды скуывта:

– Хуыцау, ахæм хур рауадз, æмæ Батырадз сырх зынг кæм феста! Сырдоны куывд æрцыди Нартыл. Бæстыл хур атылди. Батырадз тæвд байдыдта. Сырдон зары:

Æрсимæм цæй, æрсимæм.

– Лæг нæ кадджын кæд кæны?

– Йæхиуыл хæцын куы зона!

– Батырадз сырх зынг фæкæны?

– Уæдæ дзы нæ хъазт цы дома!

Батырадз дзуры:

– Доны ‘ртах мын авæрут.

– Нæ, Батырадз, нæ ныхас конд у.

– Уæдæ уын кæстæриуæг мæ бар фæуæд, æмæ мæ хъазтæй ауадзут. Рахызт Батырадз. Симд æвдæм боны стынгдæр и. Сырдон кæлæн æмæ хин адæймаг у. Ногæй та зарыди.

Æрсимæм цæй, æрсимæм.

– Зæрдæ хъæлдзæг кæд кæны?

– Хъазты фæндыр куы зæла.

– Ацæмæз, кæсут, куыд кæлы,

– Уадз йæ уадындз ыснæра.

Ацæмæз рахызт æмæ зæгъы:

– Къуырийы бæрц уын цæгъддзынæн, алæмæтон нæртон цагъд æмæ мæ суадзут.

Рахызти хъазтæй Ацæмæз дæр. Уæд Уырызмæг фæрсы Сырдоны: – Хуыцау дын ма уæд, Сырдон, ды раст куынæ зæгъай: махæй æххормагдæр уыдтæ, уæд нæ куыд амбылдтай?

– Сымах уæхи куы ‘фсæстат, уæд æз та ‘ххормаг дардтон мæхи. Сымах дзаг гуыбынæй æддæмæкæсын нал фæрæзтат, æз та афтид гуыбынæй цы хъуамæ акастаин. Фыхдзидзайы мамæлайы кæрстытæ ‘мæ саргъыбазы бавæрдтон. Сослан мæ арцæй куы фехста, уæд уе ‘рцыдмæ мæхи хорз федтон. Гъеуый уæ лæгдзинад æмæ ме ‘рхъуыды.

– Гъе, Сырдон, де ‘рхъуыды æмæ де ‘взаг куыд кæрдынц, афтæ дæ тых куы уыдаид, уæд Нартæй хынджылæгкæнис, фæлæ дын хуыцау тых нæ радта ‘мæ кув, цæмæй дын уыцы ‘взаг æмæ ‘рхъуыды мачи байса. Уыйадыл Нартæ рцыдысты сæхимæ ‘мæ дыггаг бон Сослан зæгъы Нартæн:

– Ныхас ныхас у: æз цæуын цуаны, фæлæ цы сырдтæ марон, уыдонæн Сырдоны йæддæмæ сæ хæссæг мачи уæд.

Сырдонæн гæнæн нал уыди ‘мæ донбеттыртæм фæцыди æмæхсæджы. Уым донбеттырты кæстæртæн загъта:

– Нарты Сослан мæн æвыдæй нæ ныууадздзæни. Цуаны ацыд, æмæ йæ сырдты доныбыл рæдзæгъдтæ кæны, сæ хæссын мæнмæ кæсы æмæ мын аххуыскæнут.

Донбеттыртæ зæгъынц:

– Доны цæ кал, стæй цæ мах бар уадз.

Сырдон сырдты доны калын байдыдта. Донбеттырты фæсивæд цæ Нартыхъæуы рæдзæгъдтæй амадтой.

Уæд та Сослан сæдæ сæдæйы амардта ‘мæ Сырдоны фæрсы: – Кæм исты меннæ сырдтæ?

– Ныхас, ныхас у, Сослан. Æз цæ Нартыхъæуы рæдзæгъдамад ыскодтон.

– Уæд мæнгард фæу, кæд ды мæнæй цæрдæгдæр нæ дæ.

– Кæм æз цæрдæгдæр вæййын, кæм – ды.

– Уый та куыд?

– Ды цæрдæг кæм вæййыс, уым æз н’ арæхсын. Æз цæрдæг кæм вæййын, уым та – ды н’ арæхсыс. Акæс дæ сырдтæм: цæгъдгæ хорз кæныс, фæлæ цалынмæ ды ‘мбырд райдайыс, уæдмæ æз уыдон тагъддæр ныххæддзæкæнын.

– Уæдæ ма ацы сæдæ сæдæ сæры ахæддзæкæн мæ цуры.

– Цалынмæ иу сæдæ марай, уæдмæ дæ кæрты уыдзысты.

– Фенæм, æз иу сæдæ цалдæр уысммæ амардзынæн.

Сослан арасти цуаны. Йæхи фæсфæд амбæхста ‘мæ хъахъхъæны Сырдоны. Сырдонмæ донбеттырты фæсивæд донæй кастысты. Уæд Сырдон сырдты калы ‘мæ йæ Сослан ауыдта. Фæстаг сырды куыд фæцæйхаста, афтæ йæ фатæй бахста. Фат Сырдоны йæ фæтджитæй зæхмæ зæгæлау ныкъуырдта ‘мæ Сырдон æд сырд сурыл аззад. Йæ бон сыстын дæр нал уыди. Фат ысласыныл фæцархайдта донбеттырты фæсивæдимæ, фæлæ ‘змæлын дæр нæ бафæрæзтой фаты. Сослан иу суангыл ысуади, иннæуыл æруади ‘мæ дæс сæдæ сырды марды рыппæрста. Сырдоны фæрсы: – Æ, Сырдон, нырма мæ фыддзæгтæй иу сырды мард дæ хъæбысы куы ис, уæд æй цæмæ дарыс, сæрæй, фембылды дæ.

Сырдон хабар æмбæрста, фæлæ ма уæддæр зæгъы:

– Ацы иу сырдæй мæ ком уадзын, кæннод хæрд-æмæ нуæзтахуыр нал дæн къуырийы дæргъы, æмæ мæ куывды цы бафæлхаскæндзынæн.

– Уæдæ уал дæ ком уадз, æз Нартæм цæуын æмæ зæгъдзынæн, ды кæй фембылды дæ, уый.

Сослан æд сырдтæ рацыд Нартæм. Стынг и куывд. Æртæ боны ‘мæ æртæ ‘хсæвы хæрынц, нуазынц, кафынц, зарынц, симынц. Уæд Уырызмæг фæрсы:

– Уæдæ Нарты кæлæн, фыдбылыз кæм и, æртыггаг бон æй мæ цæстæй дæр куынæ уынын!

– Уый сусæгахуыр у, сусæгæй та хæрдзæни искуы,– зæгъы Сослан,– фæлæ ма мын мæ сырдты сæртæ анымайут, ам æххæстæй ысты, æви цухæй?

Кæстæртæ анымадтой æмæ зæгъынц:

– Иуæй фæстæмæ ам ысты. Иу сæридзы нæй.

– Уæдæ та уый мæ сырдтæй амбæхста ‘мæ йæ ‘ссарын хъæуы,– зæгъы Сослан.– Мæ сырдты кæм амардтон, уым ма йæ фенут.

Нартæ авд лæппуйæ ауадысты. Кæсынц: Сырдоны хъæбысы сырд æмæ зæххæй уæлæмæ сыстын нæ фæразы. Нартæ йæ фæрсынц:

– Гъе, Сырдон, додой дæ сæр кæны, Сослан йæ сырдты банымадта æмæ иу сæр цух ысты. Ныр дын дæ фæнык ныддымдзæни, мæсты у. – Æнæбайрайгæ фæуæд йæ сырдæй æмæ йæ дзыхæй дæр. Фыддæрадæн мæ йæ фатæй фехста ‘мæ ам сагъдæй баззадтæн.

Нарты кæстæртæ фат ысластой æмæ ‘рцыдысты сæ куывдмæ сырд мардимæ. Сослан зæгъы:

– Нæ загътон, нæ, Сырдон сусæгхор у, мæ сырдтæй мын иу адавта. Бафæрсут æй, Нартæ, цæмæн?

Сырдон зæгъы:

– Гъе, Сослан, æз дын куы загътон: ды цæрдæг кæм дæ, уым æз н арæхсын. Æз цæрдæг кæм дæн, уым та ды н’ арæхсыс. Кæд æцæг зæгъыс, уæд ма зæгъ: алы сырдыл цал фаты хардзкодтай?

– Уый та цæмæн хъæуы?

– Сырд æнæ фатæхстæй н амæлы.

– Уый зонын.

– Уæдæ дæ иу фат иу сырдæн уæддæр хъуыди. Д’ алы сырды фарсыл дæр фат сагъд и, фæлæ мæ фæтджийыл та цæмæн ныссагътай дæ фат? Кæсут, Нартæ, иу худт мæныл кæм фæкодтат, уым дыууæ хатты худинаг уæд Сосланæн, мæнæн ахæм ми чи бакодта!

Нартæ фат федтой, æмæ Сосланы куы разынди, уæд цæ бауырныдта Сырдоны ныхас. Сырдон с’ алы рæгъæн æртæ нуазæны ‘ркуырдта, цы бонты рауагъта, уыдон нымæц дæр цæмæй баназа, уымæн. Сырдон иу нуазгæ кодта, дыууæ йæ хъæбысы, кæрцы бын æмбæхстæй цы хæтæл дардта, уым уагъта. Хæтæлы кæрон зæххы тъыст уыд. Бынæй æвæрд ысты æрхуы цæдджинаг æмæ уырдæм калди. Къуыри рацыди. Нартæ расгуытæй фæцыдысты сæ хæдзæрттæм.

Дыггаг бон сæ Ныхасы бадынц. Нартæ ныхаскæнынц. Сырдон йæ хæтæл зæххы атъыста ‘мæ ‘мбæхст ронг цъиры.

Нартæ йæ фæрсынц:

– Сырдон куывд куы фæци ‘мæ расыг фæскуывд куы кæныс! – О, сымах тæфагæй дæр дæн расыг.

– Уымæй раст нæ дæ.

– Уæдæ мын фæйнæ тохъылы радтут мæнæн æмæ уын æй фенынкæнон. Нартæ сразы сты. Сырдон цæ йæ хæтæлмæ радыгай фæкодта. Карз ронг фæныуæзтой Нартæ ‘мæ ‘срасыг ысты. Сæ фембылд куы бамбæрстой, уæд Сырдонæн фæйнæ тохъылы радтой, æмæ цæ Сырдон йæ хæдзармæ фæкодта.

СЫРДОН ÆМÆ НАРТÆ

Æрæмбырд ысты Нартæ сæ Ныхасмæ мæ бирæ ‘мбисæндты фæстæ зæгъынц:

– Диссæгтæ радзурæм, кæй ныхас диссагдæр уа, уымæн Нартæ бафидæнт, йæхæдæг цы зæгъа, уый.

Сразы сты сеппæт дæр. Равзæрстой тæрхоны лæгты. Уæларвы цæрджытæй Уастырджийы, Куырдалæгоны, дæларвы цæрджытæй Донбеттыры. Æртæ лæгæн ныффæдзæхстой: диссагдæр кæй ныхас уа, æмæ цæмæн, уый нын æй царды фенынкæнæд. Ахицæн хъуыддаг уыууыл. Нысанбоны Нартæ стырæй – чысылмæ, усæй – лæгæй Нарты стыр ныхасы ‘ртымбыл ысты. Кæмæн кæм фæтчыд, уым ыслæууыди, чи та бадгæ кодта. Уастырджи, Куырдалæгон, Донбеттыр Ныхасы зылдæн æртыкъах бандонтыл бадынц астæуæй æмæ цæм сæ размæ рацæуы ныхасгæнæг, стæй та ндæр. Чи радзуры, уый та йæ бынаты ‘сбады.

Фыддзаг ныхас уыди Уырызмæджы. Уый зæгъы:

– Диссæгтæ бирæ федтон, æмбисæндтæ дзæвгар фехъуыстон, фæлæ абоны онг æмбæхстæй цы ныхас фæдардтон, уымæй æмбисонддæр дзы ничи у. Æз уыдтæн стæры иунæгæй. Тар хъæдмæ бацыдтæн. Сау суадон дзы цыди. Мæхи уымæй хорз федтон, æрулæфыдтæн уæлгоммæ. Кæсын дымгæ сыстад, бæлæстыл йæхи хафы, фæлæ ницы йæ бон у. Бæлæстæ йæ цыма хъуыды дæр нæ кæнынц, хи афтæ дардтой. Боны фæстагмæ иу хус къалиу дымгæ ратыдта. Арвы уæрæхы йæ хæссы. Къæцæл растæй-растдæр кæны. Фат фестад, атахт уæларвмæ ‘мæ хуыцауы цæхæрадоныл сырх зынгæй сæмбæлди. Цæхæрадон ыссыгъди. Диссаг куыннæ уыди. Цæхæрадон судзы ‘мæ судзы. Дымгæ йыл æрбацыд, арт ысцырендæр и, фæлæ рæхснæг талабæлас зынгæй нæ фæтарсти, арт æм куыд хæстæгдæр кодта, афтæ бæлас дæр ыстылдæр кодта, фæйнæрдæм æххæссыдысты йæ хихтæ. Арты ’рхуыссынкодта æмæ цы зæхх басыгъди, уым ног тау разади – бæстæ дидинæг фестади… Ай цы нысан кæны, уый абон дæр нæ зонын. Сыгъд зæхх дидинæг феста, ахæм æмбисонд никуыма федтон.

Ацы дзырдтæм Сырдон бахуыфыди ‘мæ зæгъы:

– Гъы, гъы, хорз æмбисонд у, райхалын ма йæ куы зоныс, уæд. Уæд Хæмыц дзуры:

– Диссæгтæ æз дæр бирæ федтон, æмбисæндтæ дæр фехъуыстон, фæлæ гъеныр цы радзурынмæ хъавын, уымæн æмбал дзы нæй. Уыдтæн æз дæр балцы. Мæ цуаноны мемæ акодтон. Кæсын: комы иу сырд фæбыры йæ гуыбыныл. Акастæн æмæ сæгуыт ныззади, тыхсы сæгуыт йæ лæппыныл. Сырд хъавы йæхи сæгуытыл ныццæвынмæ. Иу æхст йæхи фæкодта. Æз мæ цуаноны ауагътон. Куыддæр се ‘хсæн бамидæг и, афтæ кæсын æмæ сæгуыт сырды йе ‘взагæй ыстæры. Сырд æнцад лæууы, не ‘вналы сæгуытмæ. Мæ цуанон дæр цæм цины цæстæнгасæй касти. Æз дискæнын. Кæд ма уыди афтæ, æмæ сырд фысимæ схъонагъ уа’

Сырдон йæ мидбыл фæхудти ‘мæ зæгъы.

– Хорз ныхас ракодтай, фæлæ ма йæ халгæ дæр ракæн.

– Уый та нæ тæрхонылæгтæм хауы.

Дарддæр радзырдта Сослан:

– Иу заманы иунæгæй уыдтæн цуаны. Цуан фыддзаг хатт мыййаг нæ кодтон. Бирæ федтон æмбисæндтæ, фыдæбæттæ дæр. Гъе, фæлæ мæ зæрдæйы абоны онг цы ‘мбæхст хабар хастон, уымæй диссгдæр ницы уыдзæн. Дыууæ маргъы кæрæдзимæ ‘рбацæйтахтысты, иу Саукомæй, иннæ Урскомæй. Сæ кæрæдзийы сæ базыртæй ахъæбыскæнынц. Уалынмæ цæм Сырхкомæй дæр иу маргъ ыстахти. Уый дæр фыддзæгтимæ хъазынтæ систа. Диссаг куыннæ уыди сæ хъазт: цæргæ кæнынц хицæн кæмтты, фæлæ хотау узæлынц кæрæдзиуыл. Кæрæдзимæ хатынц. Æз цæм бирæ фæкастæн, стæй цæ фехстон. Мæ фат сæ бынты суади, фæлæ цæ никæуыл сæмбæлди. Мæргътæ мыл ныххудтысты. Мæхимæ дæр æгад æркасти ‘мæ зæгъын мæхицæн: «Уæууæй, Сослан куы дæн æмæ ай цы раны фæдæн». Уæд сæ дæллаг хъуыртæй систой кæлмæрзæнтæ. Сырххохæй чи ‘тахти, уый сæ разæй афтæмæй, тæхынцæлыйау. Боны фæстагмæ нал фæзындысты. Уыйфæстæ сыстадысты тар мигътæ, зæхх сау адардта, арвæй нæрды хуызæн фехъуысти. Мигътæ сæхи цырд айстой, бæстæ асур и. Хур йæ тынтæ зæххыл атылдта. Кæсын æмæ ме ‘ртæ маргъы дæларв-уæларв ныххæцыдысты ‘мæ кафынц. Уæд мæхиуыл æрсагъæскодтон, цæмæн цæ хстон, уыууыл. Дискæнын абон дæр, цавæр мæргътæ сты ‘мæ цы амонынц, уыууыл.

Сырдон та нæ фæлæууыди ‘мæ зæгъы:

– Гъеныр ма йын йæ миниуæг куы зæгъис?

– Зæгъæд æй не ’хсæн тæрхоны лæгтæ чи сты, уыдон.

Уастырджи, Куырдалæгон æмæ Донбеттыр фæрсынц Нарты:

– Чи ма уæ цы зæгъинаг у?

Нартæ зæгъынц:

– Ацы ‘ртæ диссагæй уæлдай махмæ дæр хуыздæрæй ницы и. Ратæрхон-батæрхон фæкодтой Уастырджи, Куырдалæгон, Донбеттыр, фæлæ ницы хъуыдымæ рцыдысты. Уæд Уастырджи зæгъы:

– Æртæ дæр хорз таурæгътæ сты, фæлæ æз Уырызмæджы ныхас райхалдзынæн. Сау суадон царды хос у, фидæнæвдисæг. Бæлæстæ амонынц адæм – нырма цыл æлдариуæгдзинад ис æмæ ‘нцад ысты. Се ‘хсæн фæзындзæни ахæм, æмæ ‘сдзурдзæни рæстдзинадыл æмæ йыл адæм худдзысты. Уый нæ фæтæрсдзæни. Хус къæцæлау йæ тохы сæр адæм æмбардзысты фæстагмæ цадæггай, æмæ уæд цагъардзинадæн кæрон æрцæудзæни. Бæстæ тохы зынджы судздзæни, фæлæ талайау рæздзæни царды рæстдзинад, æмæ фæстагмæ адæм цы арты судздзысты, уый бамынæг уыдзæни, гъеуый амоны дæ ныхас.

Адæм тынг ныхъуыстой. Куырдалæгон зæгъы:

– Хæмыцы ныхас æмбарын афтæ. Адæм иу заманы кæрæдзийæн кард æмæ фыд фестдзысты, кæрæдзиуыл нал ауæрддзысты. Уæд се ‘хсæн фæзындзæни ахæм адæмтæ ‘мæ туджджын туджджынæй æфсымæр æмæ хæлар аразынкæндзæни. Кæрæдзийы рæвдаудзысты хотæ ‘мæ ‘фсымæртау. Гъеуый амоны дæ ныхас.

Адæм та тынгдæр æрыхъуыстой. Уæд Донбеттыр афтæ зæгъы: – Сосланы ныхас æз афтæ ‘мбарын. Мæргътæ сты сæрибары заман æвдисæг. Адæм сауæй, сырхæй, урсæй баиу уыдзысты. Тугæй ард балхæндзысты. Стыр тохы заманы фæстæ кæрæдзийæ ‘фсымæртæ ‘мæ хотæ зæгъдзысты, æмæ уый амонæг ысты.

Уæд Нарты адæмы Сырдон фæрсы:

– Кæй ныхас диссагдæр у?

Нартæ иутæ зæгъынц:

– Уырызмæджы.

Иннæтæ зæгъынц:

– Хæмыцы!!

Аннæтæ зæгъынц:

– Сосланы!!!

Нæ бадти кæрæдзиуыл сæ дзырд. Сырдон фæрсы æртæ ‘взæрст лæджы:

– Сымах та цы зæгъут?

Уастырджи зæгъы:

– Уырызмæджы ныхас диссаг у.

Куырдалæгон зæгъы:

– Нæ, Хæмыцы таурæгъ диссагдæр у.

Донбеттыр зæгъы:

– Æппындæр нæ, Сосланы ныхас иуыл диссагдæр у.

‘Схæддзæ сты тæрхоны лæгæй, æнæуый Нарты адæмæй сеппæт дæр. Кæрæдзийæн дзырды бар нал лæвæрдтой. Сырдон цæм кæсы ‘мæ цыл худы. Нал æмæ нал æнцайынц. Уæд Сырдон йæ гадзайы рацахста. Нæрв æрывæрдта. Нæрвыкъахыл гадзайы абаста ‘мæ Бадты кæстæртæй иуы нæрвы хъæдыл æрхæцынкодта ‘мæ гадзайы къуди ууæрдын райдыдта. Гадза нырдиагласта. Нартæ мæ сæ тæрхоны лæгтæ уайтагъддæр фæсабыр ысты.

Сырдон зæгъы:

– Ацы гадзайы цармы тыхт æрцæуæд мæнмæ чи нæ байхъуса. Æрывæрæм æртæ нысаны. Уастырджи, Куырдалæгон æмæ цæ Донбеттыр фехсæнт. Кæй фехст растдæр сымбæла, гъеуый ныхас уыдзæни раст æмæ иннæтæ мацыуал зæгъæнт.

Сразы сты Сырдоны ныхæстыл. Хин æмæ кæлæнæй Сырдон йедзаг уыди. Уый йе ‘ртæ фырты къухтæ нысанмæ æрывæрдта, йæхæдæг лæппутæн ныффæдзæхста:

– Куыддæр мæ чъылдым азилон, афтæ-иу уæ къухты фæиуварс кæнут, æмæ уæ куы фæрса исчи, цæмæн афтæ кæнут, уæд зæгъдзыстут: «Фаты дымгæ нын нæ къухтæ фæиуварскодта, кæд уæ нæ уырны, уæд уæхицæй исчи мысанмæ йæ къух æрывæрæд». Нартæй ничи бауæнддзæни ‘мæ лæвар махæн баззайдзæни.

Уастырджи, Куырдалæгон, Донбеттыр æхсын райдыдтой, фæлæ нæ цæфкодтой къухтæ. Стæй фехстой Уырызмæг, Хæмыц, Сослан дæр – нæ та фæцæф ысты къухтæ. Уæд Нартæй чи кæй фарс уыди, уыдоны дæр Сырдон фæсынтыкодта, фæлæ нæ фæцæф ысты къухтæ.

Сырдон та зæгъы:

– Гъеныр уæ мæнæй растдæр ничи у, æз хъуамæ фехсон. Сырдон йæ чъылдым раздæхта, ‘схуыфыди ‘мæ лæппутæ бамбæрстой сæ фыды хъуыды. Куыддæр Сырдон фат ысуагъта, афтæ æртæ лæппуйы сæ къухтæ кæрæдзийыл авæрдтой æмæ фат æртæ къухыл дæр ауади. Рамбылдта Сырдон.

Уæд Сырдоны фыртты Нартæ фæрсынц:

– Мах æхстæй уæ къухтæ фæйнæрдæм куы цыдысты, уæд Сырдоны ‘хсты заманы цæмæй баиу сты?

– Сымах æхст арвы нæрын у,– загътой Сырдоны фырттæ.– Уæ фатты дымгæ нын нæ къухты нæ – нæ цæнгты дæр фæцæйтыдта. Сырдоны ‘хстæй та нæ къухтæ сæ кæрæдзийыл æнæбары хъил баисты.

Нартæ ницыуал загътой, фæлæ уæддæр Сырдоны фæрсынц:

– Уастырджи, Куырдалæгон æмæ Донбеттырæй чи растдæр у, уый нын кæд зæгъай, уæд дæ дзых дæ дзых у, мах дæр – цæттæ, цы зæгъыс? Сырдон загъта:

– Æз мæгуыр лæг дæн. Æртæ ныхасы сусæг хъуыдыйы дæр зæгъдзынæн, уæд, кæд æмæ тæрхоны æртæ лæджы мæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъой.

– Разы стæм! – загътой тæрхоны лæгтæ.

– Уæдæ мын Уастырджи Нарты ‘хсæн хæдзæрттæ саразæд.

Уастырджи йæхсæй зæхх æркъуырдта ‘мæ уæладзыг хæдзæрттæ фестади Сырдонæн Нарты ‘хсæн.

Сырдон та зæгъы:

– Уæдæ Куырдалæгон дæр йе ‘ххуыс баххæсткæнæд истæмæй. Куырдалæгон йæ хъæсдарæг æркъæртцласта ‘мæ цыдæриддæр хæдзары дзаумагарзæй хъæуы, уидыджы уонг – иууылдæр ын фестадысты. Сырдон зæгъы:

– Донбеттырæй дæр æнхъæлцау дæн.

Ныффукодта Донбеттыр доны. Цыдæриддæр дарæс хъуыди, уый фестынкодта Сырдон ног хæдзары гауызы уонг.

Уæд Сырдон зæгъы:

– Уастырджи, Куырдалæгон æмæ Донбеттыр се ‘ртæтæ дæр иу царды тыххæй дзырдтой. Кæд цаутæ хицæн хуызты уыдысты, уæддæр иу царды ’вдисæн ысты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сосланы ныхæстæ. Уыдзæни ахæм заман: иутæ иннæты тыххæй цæл кæндзысты. Адæм хъизæмар кæндзысты, кæрæдзийы туг дойныйæн агурдзысты. Фæлæ ралæудзæн æндæр заман дæр æмæ дыууæ тудджыны кæрæдзийы цæрайæ цæрдзысты, кæрæдзийæн хорзы цæудзысты. Уыцы цард бæллиццаг цард у, æмæ йæ заманмæ чи ацæра, уый та фæзминаг у.

Сырдоны ныхæстыл ысразы сты ‘мæ Нарты адæмæй кæмæн куыд йæ къух амыдта, афтæ йын баххуыскодта. Уæдæй фæстæмæ Сырдон дæр Нарты ‘мсæр ысси, балцы дæр æмæ стæры дæр æнæ Сырдон нал цыдысты.

СЫРДОН КУЫД ФÆРАСЫГ

Нартæн сæ дзуары бон æрлæууыди ‘мæ куывдуаты цыдысты адæм. Алчи хаста йæ кувинæгтæ. Дзуарылæгмæ цæ лæвæрдтой æмæ цын Сырдоны къæбицгæс-æфсинæй бауырæдтой. Куывддон адæм цы нуæзт хастой, уыдонæй алкæмæй дæр Сырдон иу сыкъа нуæзта. Дзуарылæг дзуры Сырдонмæ:

– Уын нуæзтыты, сæ дзæбæхтæ цын хибарæй æвæр.

Сырдон дæр дзуары лæгмæ хъуыста ‘мæ алы ‘рбацæуæджы нуæзтæй сыкъайы дзаг æнцъыхта. Æртæ Нартæ бирæ адæм уыдысты. Алкæй нуæзтæй сыкъайы дзаг нуаз, уæд лæг тъæппытæ дæр ахаудзæни. Афтæмæй ахæм куывддон нæ уыди, Сырдон кæй нуæзтæй нæ банызта сыкъайы дзаг. Сырдон ма тыххæй йæ къæзтыл лæууыди – тынг расыг ысси, æмæ нал зыдта хорз нуæзт æмæ дзы цауддæр нуæзт кæцы у, уый. Цъæхцъæхид расыг ысси. Адæм æрбадтысты фынгтыл, Сырдон та рахаубахаукодта. Уæд ын ноджы Нартæ бадардтой æмæ йын зæгъынц:

– Хорз къæбицыгæс нын дæ, Сырдон, алкæй къухæй дæр нæ нуазæн баназ.

Сырдон алкæй нуазæн иста, ныуæзта цæ ‘мæ цы баци, уый йæхæдæг дæр нал зыдта. Нартæ дæр ныуæзтой, уæдæ цы! Сырдон уæлгоммæ ‘схуыссыди Хуры хъарммæ æмæ хуыр-хуыр байдыдта. Нартæй сыкъа чи аназы, уый та йæ сыкъайы бын цы чысыл аззайы, уый Сырдоны хæлиудзыхы ауадзы. Сырдонæн фæзæгъы: «Рухсаг у!» Сырдон æрыхснырсы æмæ йын уæд Нартæ фæзæгъынц:

– Цæр, цæр, Сырдон! Ахуысс уал, нырма фынгтæ не ‘рывæрдтам. Сырдон афтæмæй æнæмбаргæйæ хуыссыди. Нартæ та хæргæ ‘мæ ныуазгæ кодтой. Фæстагмæ йыл Нартæ сæ нуæзты уæлдай калын байдыдтой æмæ саубыны хуылыдз ныцци.

Фæцис куывд. Нартæ сæ хъæумæ ’рцыдысты ‘мæ гуыпхъазт сарæзтой, кафынц, зарынц. Сырдоны ныууагътой йæ кувинæгтимæ. Изæры куы ’рбауазæлттæкодта, уæд Сырдон дæр æнæбары рабадти, акасти фæйнæрдæм æмæ уыны: йæ дарæс у иууылдæр хуылыдз æмæ нуæзты тæф кæны. Йæхи кувинæгтæй дæр хъуыд нæй, йæ разы лæууынц. Ноджы й’ алыфарс куывдтон адæм цы фыд фæхордтой, уыцы ‘стджытæ рæдзæгъдтæй лæууынц. Сырдон дискæны: «Ай цы уыдзæн?» Сыстади, йæ хуылыдз дарæсы хæлиумæлиугæнгæ рацæуы сæхимæ. Йæ кувинæгтæ дæр йемæ. Нарты хъæугæронмæ куы ’рхæддзæ и, уæд ыл хъазты адæм амбæлдысты ‘мæ йæм дзурынц:

– Чердæм цæуыс, Сырдон?

– Дзуармæ.

– Ау æмæ дзуар ам хъæуы цы ми кæны?

– Уæдæ мæ кувинæгтæ нæхицæй куы рахастон.

– Хæсгæ цæ бæргæ ракодтай, фæлæ цæ хæргæ хъæлæгк бакодтай. Дæхи уæнт дæ кувинæгтæ, фæлæ афтæ хуылыдз та кæм ныдтæ?

– Зæгъын мын байрæджы,– зæгъы Сырдон,– цырд цыдтæн æмæ мæ хид дарæсæй рахъардта.

– Уый та куыд, Сырдон? Хид нуæзты тæф дæр ма фæкæны? – Омæ къæбицгæс уыдтæн, фæрасыг дæн, æмæ цы диссаг у, мæ хид нуæзты тæф кæны уый.

– Уæд афтæ зæгъыс дзуармæ цæуын, ныр та зæгъыс къæбицгæс уыдтæ. Чердæм дæ лæг бамбара?

– Æз уын, раст цы у, уый зæгъын, ныр сымахмæ растдæр чердæм кæсы, уыцырдæм æй бамбарут.

– Уæдæ ма ныр дæ кувинæгты кæйонг хæссыс?

– Мæ мæрдтæн дзы рухс зæгъон.

Уæд Нартæй иу Сырдоны худ аскъæфта ’мæ фæлидзæг. Нарты зæппадзы даргъ хъилыл æй сауыгъта, стæй йæм дзуры:

– Гъе, Сырдон, рухс кæм фæкæнынц, уый дæ рох ма уæд. Сырдон дæр йæ кувинæгтимæ зæппадзмæ балыгъди ‘мæ дзы бабырыди. Уым рухсаг кæны.

Нарты лæппутæ йæ фæрсынц:

– Цы ми кæныс, Сырдон? Дæ мад æмæ дæ фыд ацы зæппадзы ныгæд куынæ сты. Кæм рухсаг кæныс?

Сырдон цæм дзуры:

– Уый та цы уæлдай у? Ацы зæппадзы хъилыл мæ худ, æмæ æвæддзæгæн мæхи мард дæр ам æвæрд æрцæудзæн. Мæ фæстæ мæхиуыл «рухсаг у» зæгъæг нæ уыдзæни, æмæ раздæр мæхицæн рухсаг зæгъын. Ардыгæй мын кæд мæ рухсаг мæ ныййарджытæ нæ фехъусой, уæд-иу мæм æрцæуæнт.

– Гъе, Сырдон, уыдон дæм мæрдты не ‘рцæудзысты.

– Уæд-иу уæлион бæстæм раздæхæд æмæ уæртæ сæ хæдзары истытæ кусæд. Мæхæдæг мæ куыстытыл не ‘ххæссын – кæм мæ куывдмæ цæуын хъæуы, кæм чындзæхсæвмæ, кæм марды бонмæ.

– Уæдæ цалынмæ уыдон дæумæ цæуой, уæдмæ уал зæппадзы рухскæн. Нарты лæппутæ раздæхтысты. Сырдон зæппадзы мæрдты уæлæ бафынæй ис расыгæй. Райсоммæ æрчъицыдта ‘мæ йыл хъылмайы смагау алырдыгæй тæф калди. Кæсы рухсмæ, æмæ мæнæ Сырдон мæрдтимæ. Фæтарсти йæхицæн, фестади ’мæ ‘рдиаггæнгæ лидзын байдыдта. Йæ хъæрæй Æртæ Нарты уынгты райсом раджы бацæуæн нæ уыди. Хъæркодта йæ хъæлæсы дзаг:

– Баиргъæвут мæ, Нартæ! Байсут мæ! Ма мæ ауадзут!

Нартæ æртæ сыхæй æрымбырд ысты ‘мæ йæ фæрсынц:

– Кæмæй дæ байсæм, кæмæй дæ баиргъæвæм?

– Мæрдтæй, мæрдтæй! Мæрдтæ!

– Цы дын кодтой мæрдтæ?

– Дысон нæхимæ бафынæйдæн æмæ мæ сусæгæй сæхимæ акодтой. Абон боныцъæхтæй райхъал дæн м’ амондæн æмæ цын ралыгътæн.

Уæд Нарты лæппутæ, Сырдоны зæппадзмæ чи асайдта, уыдон зæгъынц:

– Гъе, Сырдон, æмæ дæ худ уым куы ныууагътай, уартæ зæппадзы хъилыл дын дзедзыло куы кæны!

Сырдон зæгъы:

– Мæ худ нæ, мæ тæбæгъ дæр уым ис.

– Цавæр тæбæгъ?

– Æвæддзæгæн мын хуыцау мæ кувинæгты н’ айста ‘мæ мын цæ мæ разæй мæрдтæм барвыста, уым цæ федтон.

Нартæ та йæ фæрсынц:

– Сырдон расыг дæ, æви ’вронг?

– Цæй расыг дæн, мæ хъуыры нырма уазал доны цъыртт дæр куынæ ауагътон!

Нартæ бамбæрстой Сырдоны хабар. Тынг ыл фæхудтысты, чи йæ æдылы ‘схуыдта, чи сæрхъæн, чи сæнтдзæф æмæ ма загътой:

– Хуыцауæн кув, дæ уд ма йæ мидæг кæй ис æмæ дын цæрæнбон кæй радта, уый тыххæй, æдылы къоппа.

СЫРДОНЫ ХÆРÆГ ФÆРАЗÆЙ Нартыбæсты иу заманы фыдуард кодта ‘мæ сæ хуымгæндтæ сæфтысты. Ницы амал ардтой æмæ сæ дзуæртты фелгъыстой. Уыйфæстæ ‘нтæф хур ыскодта ахæм, æмæ бæстæ дзæгæрæг фестади. Зæхх ныхъхъæбæр и – ныххус и. Æппын кæрдæджы цъупп нал хаудта уæлæмæ. Катайы бацыдысты Нарт: уæдæ ма ныр цы кæндзысты, куыд цæрдзысты? Зæххæй урс, хъæбæрцъар сындз ыслæсти, фæлæ йæ сæ фос нæ хордтой æмæ цагъды кодтой.

Уæд цын Сырдон зæгъы:

– Зæрдæйы коммæ хъусын нæ хъæуы, фæлæ авд хохы фæстæ ис ыстыр фæз, уый æркæрдæм æмæ йæ ’рхæссæм, хиуæтты хизынæн æвгъау у. Хæмыц æм дзуры:

– Хиуæттæ дын дæ сæр бахæрой, Сырдон. Мæ бæхмæ хъилбыцæутæ сæвæрдтон, галтæ уæлæмæ нал ыстынц æмæ мын куыд хæссынкæныс холлаг?

Сырдон зæгъы:

– Хæрджытæ нæм уæддæр ис. Хæрджытыл æрхæссæм.

– Дæ фæлдысты фæуой,– дзуры та Хæмыц.– Хæрæг цас хъуамæ ‘рхæсса, науæд уыдон дæр фырæххормагæй сæ былтæ куы ’хсынынц. – Хæрæгæн ис хæринаг, хæрæджысындз,– зæгъы Сырдон,– ауадзæм цæ хизынмæ ахсæв, стæй райсомы авд хохы фæстæмæ фæцæудзыстæм нæ хæрджытыл.

Сразы сты Нартæ Сырдоны ныхæстыл. Ауагътой сæ хæрджыты æхсæвы. Сырдонæн уыди нард хæрæг, фиуы къæртт цыма уыди – стымбылтæ ис æмæ нæрдæй тъæпп хаудта.

Нартæ æхсæвы Сырдоны хæрæгæн бæласы зæнгмæ хæрдмæ йæ дзых бабастой æмæ йæ афтæ ныууагътой. Райсомы алчи йæ хæрæгыл бабадти æмæ Сырдоны хæрæджы, йæ дзых хæрдмæ бастæй куы федтой бæласы зæнгыл, уæд ныххудтысты. Фæрсынц Сырдоны:

– Дæ хæрæг æппын дысон-бонмæ йæ дзых бынмæ куынæ ‘ркодта, уæд цавæр у?

Сырдон зыдта, Нартæ йын фыддæрадæн афтæ бакодтой æмæ зæгъы: – Мæ хæрæг зондджын у, бирæмæ уæ йæ сæфтæджы бæрц зонд дæр нæй. Уый уын федта уе смаггæнаг хæрджыты ‘мæ йæ сæрмæ не ‘рхаста сæ цуры хизын. Уый тыххæй йæхи бæласыл ауындзынмæ хъавыди. Фæлæ йын нæ бантысти.

– Уæд цæуылнæ?

– Мæн æрцæугæ федта æмæ мын мæ мæгуыр хуызмæ бакасти, стæй ахъуыдыкодта: «Йех, ныр æз мæхи ку’ амарон, уæд ма мæ хицау Сырдон та цы кæндзæни?»

Нартæ ницы загътой. Авд хохы фæстæмæ стыр фæзмæ фæцыдысты. Алчи цæ хос æркаста, уæргъбæстытæ сывæрдтой. Сырдон аивтæй алкæй уæргъбастæй холлаг фæласта ‘мæ уæргъбæстыты мидæг дуртæ байдзагласта, куыннæ зындаиккой æддæмæ, афтæ, стæй сабыр рацыдысты. Нартыхъæумæ куыддæр æрзындысты, афтæ Сырдон зæгъы: – Хъусут мæм, Нартæ?

– Хъусæм, цы нын дæ зæгъинаг?

– Цæй, нæ хæрджыты дугъы ауадзæм?

– Цæмæн дæ фæнды?

– Сымах хæрджытæ дысон бонмæ бирæ сындз фæхордтой. Мæ хæрæг та ‘ххормаг у мæ кæддæра семæ дугъ бафæразид.

– Гъе, Сырдон, дæ хæрæгыл ахæм уаргъ ис æмæ куы асæпкæна, уæд дын искуыцæй фæтæхдзæни.

– Йæ зиан уæд мæн уыдзæни,– зæгъы та Сырдон.

Нартæ сæ хæрджытæй æрхызтысты. Сырдон пысырайы аууæрцъ йæ хæрæджы къудийы бын батъыста ‘мæ хæрæг ысхъыллипхъыллипкодта. Нартæ фæрсынц:

– Цы кæны, Сырдон, дæ хæрæг?

– Дугъмондагæй хæрдмæ хауы.

Рауагътой сæ хæрджыты ‘мæ Сырдоны хæрæг æрбаразæй. Сæ кæрты дæр иу ран нал лæууыди.

Уæд æй Нартæ фæрсынц:

– Сырдон, дæ хæрæг цæуылнæ сабыркæны?

Сырдон зæгъы:

– Нал мæ уадзы. Ауадз дам мæ æмæ дам æппæт Нарты хæрджыты бæрц фæдугъкæнон.

– Цæмæн æй афтæ фæнды, фæлдыст дын уа?

– Цæмæн цæ! Нарты хæрджыты сæры дам дурæй уæлдай зонд нæй. – Омæ хæрæг хæрæг вæййы.

Сырдон та зæгъы:

– Нæ, нæ! Хæрджыты хицæуттæм дæр дам дурæй уæлдай зонд нæй. – Цæмæй бæрæг у?

– Уæ уæргъгæмттæй.

Нартæ æристой сæ хæрджытæй уæргъгæмттæ. Райхæлдтой бæндæнтæ мæ кæсынц: чысыл йæддæмæ сæ уæргъгæмтты хастой дуртæ. Уæд нартæ зæгъынц Сырдонæн:

– Дæ маст та нæ ‘ртывæрæй систай.

Сырдон дæр цыл худæгæй марди.

СЫРДОН ÆМÆ НАРТЫ БАЛЦ Нартæ лæгхуыздæр, лæгразагъддæрæй цыдысты балцы. Уæд цыл иу ран ныммæйдар и ‘мæ хъæдыкæрон иу фæз-æрдузы æрынцадысты. Арт кæнынц. Хæссынц алы ‘мбисæндтæ. Сæ фылдæр ныхас у Сырдоныл. Уый дæр цæм хъусы. Уæд Нартæ бауынаффæкæнынц: «Æгæр асадæн кæны, нæ фæндаг зынвадат уыдзæни, фæлæ хъызт цалынмæ не ‘стынг и, уæдмæ фæсауæрц сырдыфыдæй æркæнæм».

Нартæ хъæды апырх ысты: хъæд фаты ‘хситт æмæ сырды богъ исси. Цасдæр фæцагътой сырдтæ, æрхастой цæ ‘мæ цæ цæгъдтæ-амад ыскодтой. Æмбисæхсæвмæ фаг фæхынджылæгкодтой Сырдонæй. Сырдон ныссабыр æмæ быхста. Æмбисæхсæв Нартæ ныффынæйтæ сты. Уæд Сырдон цадмæ багæпласта ’мæ Доныбардуагæй ракуырдта уазал. Нартæ хуыррытфынæйкодтой, афтæ бæстæ сæлын байдыдта, хъæд къæскъæскодта уазалы. Стæй цыл залты мит, æнусон цъити ‘ркодта ‘мæ бакъуркъатæ сты. Мæлынмæ рцыдысты. Сырдон та йæхи Донбеттыртæм хаста. Нартæ рыхъал ысты, сæ бон дзурын нал у, сæ дæндæгтæ кæрæдзийыл сæхи хойынц уазалы, фæхтхойæгау. Сæ бон арт ыскæнын нал уыд. Æзныгъ цæ никæмæ уал баззади, ныййих уазал ысты. Сырдон сæ цуры февзæрд æмæ цыл худы:

– Гъе, Нартæ, цавæр къуркъатæ баистут, æви расыгдзæф фестут мæ фæстæ, æз уæ дзæбæхæй куы ныууагътон!

Нартæй иутæ зæгъынц:

– Сырдон мах де уазæг, фæлæ нæ схъармкæн.

– Куыннæ куы, исты мын уæ сырдты уæллаг хуылфыдзауматæ физонæгæн куынæ дæддзыстут!

Уырызмæг æм дзуры:

– Мæ сырдты мæрдтæн айс сæ игæртæ.

Хæмыц зæгъы:

– Æз та дын сæ пиртъитæ дæдтын.

Сослан дзуры:

– Æз та дын уыргтæ дæдтын.

Сырдон цæм дзуры:

– Кæд гæнæн ис, уæд цæ мæхæдæг сисдзынæн.

– Сис! – зæгъынц Нартæ.

Сырдон дæр Нарты сырдты уæллаг хуылфыдзауматæ ахицæнкодта. Стæй Донбеттыртæй зынг æрбахаста, æртытæ скодта ‘мæ Нартæ тæфсын райдыдтой. Сæхицæн физонджытæ кæнынц æмæ та бахуызæн ысты. Сырдон хицæн арты физонæг кæны, æмæ йæм Нартæ мæсты кæнынц. Уæд Нартæ хæссынц æмбисæндтæ.

Уырызмæг зæгъы:

– Цымæ иунæгæй чи фæхæры?

– Сырд! – зæгъынц Нартæ.

– Уæдæ сырдæй Сырдоны ’хсæн хъауджыдæр нæй.

Хæмыц зæгъы:

– Цымæ кæрæф та чи фæкæны?

– Сырдты фыддæр – бирæгъ! – зæгъынц та Нартæ.

– Уæдæ Сырдонæй бирæгъ дæр не ‘хсæн ничи и.

Сослан зæгъы:

– Цымæ иуыл фыдæх æмæ хъулондзинад кæмæн вæййы?

– Калммæ! – зæгъынц ноджы Нартæ.

– Уæдæ дзы Сырдонæй фыдæхдæр ахаст никæмæ и, йæ хъулон æмбæхст у.

Уæд Сырдон зæгъы:

– Нартæ, кæд Уырызмæг афтæ рæдау у, уæд ма-иу искуы иу изæр йе ‘хсæвæрмæ мæн дæр фæхонæд. Фæлæ Уырызмæг сырды ми фыддæр кæны. Науæд Хæмыц, ды бирæгъæй мæныл худыс æмæ кæм и дæуæй бирæгъдæр? Чындзæхсæв ды никуы скодтай, хуындыхъæр дæуæй никуы рацыд, дæ фæллой сусæгæй дæхæдæг хæрыс. Цы зæгъон Сосланæн? Нарты кæстæрты уый æфхæры, сæ хистæрты цын хурхæй уый мары, уæдæ ма уыцы хъулондзинадæй фыддæр цы и? Тых кæуыл нæ кæны, уымæ хæрам хæссы ‘мæ йæ стæй сайдæй байсафы. Зæгъут Нартæ: чи нæ у æвзæрдæргæнæг? Нартæ Сырдоны фарс фесты. Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан сæ рæдыд бамбæрстой, æмæ зæгъынц Сырдонæн:

– Æвзаг дæ куыд ис, афтæ дæ тых дæр куы уаид, уæд Нартæн дæ цуры цæрæн дæр нал уыдаид. Фæлæ нæ мауал мæстæй мар.

Сырдон дæр ницыуал ысдзырдта.

СЫРДОН ÆМÆ ЙÆ УАЗДЖЫТÆ Иу тыхст заманы Сырдонмæ ’рцыдысты хуындуазджытæ Нартæй æмæ йын зæгъынц:

– Дæлæ кæнай, уæлæ кæнай, Сырдон, хъуамæ нæ фæхынцай. – Хорз, хъæстагæй-иу ма ацæут,– зæгъы Сырдон.

– Фæхынц уал нæ, стæй дæ цæй хъæстагæй ацæудзыстæм.

Сырдон зæгъы:

– Уæдæ уал æз кусæрттагмæ ауайон, уæдмæ уал уæ не ‘фсин истæмæйты фендзæн.

Сырдон ацыд. Йæ ус æфсæрмы кодта Нартæм – уайсæста цæм. Усмæ уыди карк æмæ уасæг. Æрбахаста цæ й’ армы ‘мæ Нартæй иу кæстæрмæ сиды:

– Кыс, кыс!

Нарты кæстæр æм дзургæ рауад. Ус æм карк ысдары, куы – уасæджы, зæгъгæ дзы кæцыйы аргæвдæм. Хæмыц нæ бамбæрста ‘мæ зæгъы: – О, чындз, цы хъиамæткæныс? Карчы лывзæфых акæн, уасæджы та – къуыдырфых.

Усæн гæнæн нал уыди ‘мæ зæрдæрисгæйæ дыууæйы дæр аргæвста. Нартæ дыууæ маргъы ахордтой. Сырдон нал зыны, йæхи нал æвдисы. Уæд бирæ ‘нхъæлмæ фæкастысты. Æрæджиау Уырызмæг ракуывта:

– Цæй, нæ фысым дæр рухсаг уæд.

Сырдоны ус фæтарсти йæ лæгæн, ферох æй ис йæ уайсадын æмæ фæхъæркодта:

– Мæ бындур байхæлди, æмæ нæ лæг кæм и?

Нартæ ныххудтысты ‘мæ зæгъынц:

– Уæлдай нæу, чындз, уæддæр æй мæлын хъуыди ‘мæ рагацау амарди, æндæра афонмæ йæ хæдзарыл æмбæлдаид.

Сырдоны ус ныккуыдта. Уæд Сырдон æрбауади ‘мæ зæгъы: – О, не ‘фсин, æз ныр мард дæн, рухсаг мын загътой Нартæ, æмæ дæ ‘рхуынды ‘фсæрм нал и, сæхæдæг дæ дарæнт.

Нартæ кæрæдзимæ бакастысты ‘мæ зæгъынц:

– Зондæй та ныл фæтых и.

Сырдон цæм дзуры:

– Æз уын раздæр дæр куы загътон: уынгæ уæ хорз фæкæндзынæн, фæлæ мæ хъæстагæй ма ацæут. Æз сымах цæстæй хорз федтон, зæрдæйæ уыл узæлгæ бакодтон æмæ уæ хæдзæрттыл хорзæй сæмбæлут, мæ лæггад уын – хæлар. Мæ дыууæ карчы дыууæ кусарты сты, æмæ мæ Нартæ хæдзарæн дыууæ хатты куы фæхоной, уæд мæ уыйфæстæ цæрын дæр нал фæнддзæни.

НАРТÆ ЗÆДТÆ ’МÆ ДАУДЖЫТЫ КУЫД ФÆКАФЫНКОДТОЙ ‘Нæрæмон Нартæ сфæндкодтой диссаг æрымысын. Хъазæнмус аразын æрымысыдысты. Иу фисынæй иннæ фисынмæ æвæрд уыди дыууиссæдз дурдзæджындзы. Иннæ фисынæй аннæ фисынмæ дæр афтæ. Хъазæнмус дардыл зылд уыди. Фæластой йæм аххæрджытæ, йæ фæстæ – ‘ндзæлттæ. Ныккалдтой йыл гъеуыдон фæстæ кæм пыхс-æхсуалы, кæм – цъыхыры. Былкъæйтæ йыл дыууадæс ‘гас вазыны дæргъмæ æртæ вазыны уæрхмæ сывæрдтой. Йæ фæстæ ласын райдыдтой сыджыт уæлхæдзарæн. Ивазыны Qвæзæн сыджыт ныккодтой Нартæ сæ хъазæнмусы уæлхæдзарыл æмæ йæ къулæгæй фæнадтой, цæмæй сыджыт ныхъхъæбæр уа. Æртæ Нартæ æртæ æхсæв æмæ æртæ боны фæхостой сыджыт, доныпырх æй кодтой, афтæмæй. Фæлæ ‘ртæ ‘нгуылдзы бæрц дæр сæ бон нæмын не ‘рци уый бæрц сыджыт. Уæд иу изæр Нартæ сæ Хъазæнмусы уæлхæдзары æрымбырд ысты æмæ та тæрхонкæнынц сæ Хъазæнмусыл. Иутæ зæгъынц:

– Нæ Хъазæнмус куынæ сырæза, уæд нæ худинаг зæххыл нал бацæудзæни.

Иннæтæ зæгъынц:

– Цух ма у цæмæйдæрты.

Æртыггæгтæ зæгъынц:

– Йæ цыппар фисыныл фæйнæ мæсыджы хъуамæ уаид арæзт. Цыппæрæмтæ зæгъынц:

– Бафæрсæм хистæрты, не ‘мбаргæдæрты.

Нартæ фыддзаг Уырызмæджы фæрсынц:

– Цыппар мæсыджы сфидаудзысты нæ Хъазæнмусы цыппар фисыны? Уырызмæг зæгъы:

– Фидаугæ дæр кæндзысты ‘мæ ма фидарæн дæр лæудзысты. Нартæ бавнæлдтой æмæ сарæзтой алы фисыныл дæр мæсыг. Сæ Хъазæнмусæн. Дыггаг хатт Сатанайы фæрсынц:

– Нæ иутæ зæгъынц, зæгъгæ нæ Хъазæнмусы агъуыст ма цух у цæмæй дæрты, ды йæ рахатдзынæ ‘мæ нын æй зæгъ.

Сатана зæгъы:

– Куыннæ йæ ‘мбарут алы мæсыджы фарсмæ ма гæнах дæр хъæуы. Нартæ уæлдай ницыуал загътой, фæлæ гæнæхтæ дæр сарæзтой. Æртыггаг хатт сæ кæрæдзийы фæрсынц:

– Цæй, цы хъуаг ма у нæ Хъазæнмус?

– Ницы, фæлæ нæ къулæгъостæй тæддзæни,– зæгъынц иутæ. – Æнæ къулæгъостæй ныккæлдзæни,– зæгъынц æндæртæ.

– Æнæ къулæгъостæй аххæрджытæ ‘мæ æндзæлмттæ нымбидзысты къæвдамæ,– зæгъынц аннæтæ.

– Омæ йæ ныххойынæн цы бакæнæм, уыууыл дæр хъуыды хъæуы,– зæгъынц чидæртæ.

Уырызмæг зæгъы:

– Сырдонмæ фæдзурут.

– Цæмæн? – афæрсы Сослан.

– Кæд фыдмитæ фæкæны, уæддæр нын æнæпайда дæр нæ уыдзæни. – Нарты Хъазæнмусы Сырдон цас пайда у? – фæрсы Хæмыц. Уырызмæг та зæгъы:

– Æдых у хъаруйæ. Уый хыгъд тыхджын у хъудыйæ, фæдзурут æм. Фæдзырдтой Сырдонмæ. Уырызмæг æй фæрсы:

– Цы хъуаг ма у, Сырдон, нæ Хъазæнмус?

– Сырдон загъта:

– Хъуагдзинæдтæй фылдæр та йæм цы ис! Зымæг йæ сыджыт ыскъуыдтæ кæндзæни ‘мæ ихтæ бынмæ сæхи иваздзысты, уалдзæг ихтæ дон фестдзысты ‘мæ бынæй цæдтæ фæзындзæн, сæрды тæвды сыджыт рыг фестдзæни ‘мæ йæ фæззæг дымгæ фæхæсдзæни. Гъе, уый у уæ Хъазæн агъуыст-мус.

Нартæ Сырдонмæ хъуыстой, стæй йæ фæрсынц:

– Æндæр ма йæм цы фау хæссыс, Сырдон?

– Гъеуый фаг у, уынæг уыл кæугæ кæндзæн, цæуæг – худгæ, кæсæг – артæнхæлдтæ. Æндæр ма уæ мæнæй цы хъæуы?

– Хъæуы, хъæуы, Сырдон! – зæгъынц Нартæ.

– Цы?

– Цы нын амоныс, цæмæй ныл кæуæг дæр ма уа, худæг дæр, артæнхæлæг дæр?

– Зæгъын æнцон у, кæнын зындæр,– зæгъы Сырдон.

– Зæгъ æй, Сырдон. Бакæндзыстæм æй.

– Стæй дзы мæнæн цы ис?

– Куывд ыскæндзыстæм нæ Хъазæнмусæн æмæ дæ æртæ хистæры дæлейы сбадынкæндзыстæм.

Уæд Сырдон зæгъы:

– Æлутоны ронг бахсидут, галтæ аргæвдут æмæ майрæмбонмæ сæмгъуыдкæнут уæларв дауджытæ ‘мæ зæдтæн. Стæй зæгъут: майрæмбонмæ ма Нартæ уазæгæн цæх, кæрдзын дæддзысты, стæй майрæмбонæй фæстæмæ Нартæ сæ уазæгæн æнæ бакусгæйæ доны къус дæр нал дæддзысты. Фæдисау уыдзысты дауджытæ ‘мæ зæдтæ, æмæ фыддæрадæнæн рацæудзысты сымах куывдмæ майрæмбоны. Бавдæлут, уæ Хъазæнмусы уæлхæдзары майрæмбоны размæ æхсæвы донæй тынг бапырхкæнут, стæй цæ уым кафтыл бафтаут æмæ йæ уыдон сæ къулæг къæхтæй афтæ ныннæмдзысты, афтæ – цардцæрæнбонты дзы ’ртах нал ахъардзæни!

Нартæ байхъуыстой Сырдонмæ ‘мæ фехъусынкодтой:

– Нартæм ма уазæгуаты цæуинаг чи у, уый майрæмбоны размæ боны уонг. Уæдæй фæстæмæ Нартæ сæ уазæджы нал хынцдзысты æнæбакусгæ. Диссагау фæкасти уæларвон зæдтæ æмæ дауджытæм Нарты хабар æмæ сфæндкодтой, æцæгæй афтæ сты Нартæ, æви барæй ахъæркодтой сæхиуыл. Раст майрæмбон ратахтысты уæларвæй Нартæм. Нарты дæр ма хуыздæр цы хъуыди, сæ Хъазæнмусы уæлхæдзарыл цыппар кæроныл уырындыхъ бандæттæ равæрдтой. Сæхи хистæрты: Уырызмæджы, Хæмыцы, Сосланы уæлейы рабадынкодтой, стæй та – уæларвон цæрджыты. Уæд Уырызмæг Сырдонмæ дзуры:

– Æ, дæ бон ныссивай, Гæтæджы фырт, кæд мын цы ми кæныс? Сырдон зæгъы:

– Тагъд ма кæн, Уырызмæг. Ныртæккæ фендзынæ алцыдæр, фæлæ радгæсæй мæхи бауыромут.

– Бар дæхи,– зæгъы Уырызмæг.

Уæд Сырдон нуазæн систа ‘мæ зæгъы:

– Уæларвон цæрджытæ! Нартæ ‘ртæ сыхæй сымахæй бузныг сты. Уе ‘рцыды цытæн хъуамæ къæрццæмдзæгъд æмæ гуыпсимдæн хъазт сырæза ацы Хъазæнмусы стыр уæлхæдзарыл. Цалынмæ фынгтæ цæттæкæной. Уæ цытæн та æз нуазæн нуазын.

Кæм ма уыди: зæдтæ, дауджытæ, Нартæ симдыл ныххæцыдысты. Нартæ ‘ртæ сыхæй цы надтой уæлхæдзары сыджытæй, уыйбæрц æртæ зæды надтой сæхæдæг сæ къулæг къæхтæй. Нарты Хъазæнмусы уæлхæдзары сыджыт надæй наддæр кодта. Хуыцау бамбæрста Нарты фæнд æмæ мæстыкодта йе скæнгæ дзуæрттæм. Уый Хурæн зæгъы:

– Уыныс, Нартæ цы ми кæнынц, уый?

– Уынын, Хуыцау,– зæгъы Хур.

– Гъе, уæдæ æз мæхæдæг куы нæ уаин, уæд ме скæнгæ дзуæрттæ Нартæн уаиккой сæ къухтыл донкæнæг, æмæ сæ къæхтæхсæг. Ме скæнгæ дзуæрттæ хæрдæнхъæл æмæ нуæзтæнхъæл фæцыдысты, æмæ цæ Нартæ наййаг хъудздзытау сивтыгътой симдыл, сæ Хъазæнмусыл цы сыджыт и, уый цын нæмынц кафыны ‘фсон сæ къулæгкъæхтæй. Мæ номæй цæм фæсид æмæ раздæхой.

Хур зынгæхсид ыскодта. Уæд уæларвон цæрджытæ зæгъынц: – Ох-хай, уый Хуыцауы сидт у, æмæ нæ цæуын куы хъæуы. Нартæ зæгъынц:

– Ацæудзыстут, фæйнæ ронджы ма уæддæр баназат.

– Нæ рæстæг нæу, æнæуый дæр анызтам.

Зæдтæ ‘мæ дауджытæ фæфардæг ысты. Нартæ сæ Хъазæнмусы уæлхæдзармæ ‘ркастысты мæ цъенга хъæбæрнад ныцци. Сæ цинæн кæрон нал уыди. Уайтагъд фынгтæ равæрдтой æмæ Сырдоны цыппæрæм хистæр ыскодтой. Кæрон нал уыди сæ цинæн, дзуæртты фæкусынкодам зæгъгæ. Хуыцау та мæстæй тъæппытæ хаудта. Дзуæртæ уæларвмæ схæддзæ сты. Хуыцауы хæдзармæ бацыдысты ‘мæ цæ Хуыцау фæрсы:

– Цæй, куыд ыстут?

Уыдон зæгъынц:

– Фыркафтæй нæ уд дзæнæтмæ ахæддзæ.

Хуыцау зæгъы:

– Зындонмæ дæр уæ бирæ нал хъуыди.

Уацилла фæрсы:

– Цæмæн зæгъыс, Хуыцау?

– Цæмæн цæ, Хуыцау уын куынæ уаид, уæд уæ зæххон адæм афтæ хынджылæгкæниккой.

Æфсати фæрсы:

– Омæ раст зæгъыс?

– Раст зæгъын,– зæгъы Хуыцау,– акæсут ма Нартæм, сæ фырцинæй зæххыл дæр нал хæцынц. Уыдон ыскодтой, кафгæ хъуамæ кæм кодтаиккой ахæм ыстыр Хъазæнмус. Йæ сыджыт нæмын сæ бон нæ уыди. Сымах ныссайдтой æмæ уæ къулæгкъæхтæй цъенгæ хъæбæрнад ныккодтат Хъазæнмусы уæлхæдзар. Нартæн гъеныр сымах хуызæн æппындæр ничи бакуыста. Афæдзæй-афæдзмæ хойын кæй хъуыди къулæгæй Æртæ Нартæн, уый сымах æртæ хатты тагъддæрæй боны ’ртыддзæгæм хаймæ хост фестут. Уæдæ ма цы уа уымæй æххуысдæр?

Бамбæрстой сæ рæдыд дзуæрттæ ‘мæ сæхи срасткæнын дæр нал бауæндыдысты Хуыцауы раз. Æрмæст Аларды сыстади ‘мæ зæгъы: – Фæрæдыдыстæм, Хуыцау, фæлæ иу рæдыды тыххæй мах дæр афтæ азымы ма бадар. Бахынцдзыстæм æй, дæхæдæг уыдзынæ ‘вдисæн, чи нæ цæмæй баххæсса Нарты адæммæ, уымæй йыл йæ фыдæх калдзæни, нæ йыл бацауæрддзæни.

Хуыцау зæгъы:

– Гъе, æз дæр уын уый амонынмæ хъавыдтæн.

Уæдæй фæстæмæ Нартыл дзуæрттæ æцæгдæр рахатыдысты. Æфсати цын йæ фос нал лæвæрдта, æмбæхста цæ. Фæлвæра бынаты фосыл низ æфтыдта. Рынымардуаг, Аларды – рын æмæ хæбузниз уагътой адæмыл. Уацилла цын хор зайын нæ уагъта, цы цын-иу æрзади, уыууыл их уагъта, лæсæны хай йæ кодта. Сафа бынаты бæркад сæфта. Тутыр ардыдта йæ сырдты Нарты адæмыл.

Нартæ уæддæр нæ тарстысты. Кæм хосгæнджытæ мæ ‘хъæдгоммæгæстæ уырæдтой, кæм сырдты цагътой. Æмæ уæд загътой уæларвон цæрджытæ: – Адонæн мах низæй мæлæт нæй, цы – уый сæхи низæй.

Ныууагътой цæ сæхи адыл Нарты.

НАРТÆ ХУРЗÆРИНМÆ ФАТ КУЫД ФЕХСТОЙ Сырдон Нартæн фыдбылызтæ дæр кодта, фæлæ цын хæрзты дæр цыди. Уæд та Нартæ сæ Ныхасы бадынц æмæ Сырдонæн зæгъынц:

– Сырдон! Нартæй ахæм хæдзар нæй, æмæ ды кæм нæ бахордтай, кæм нæ банызтай, уæд ма махæй дæр искæйты фæхон. Искуы дæ хæдзарæй зард æмæ кафты хъæр райхъуысынкæн.

Сырдон зæгъы:

– Сымахмæты дæр мæ барæй хай ис. Æндæра бирæ нæ, уазæг уæм йæ къах дæр нæ бавæрид.

– Уымæй раст нæ дæ, Сырдон. Махæн нæ уазæджы хай ничи байсдзæни, нæ дæр нæ хуынды хай, нæ дæр нæ куывды хай.

– Гъе, Нартæ! Уыдон иууылдæр мæныл баст ысты æмæ мæн алы хæдзар дæр хъуамæ хистæрæн кæнид.

Хæмыц æм дзуры:

– Æз мæ уазæджы хай дæу тыххæй куы фесафон, уæд-иу дын мæрдтæм фæлдыст фæуон.

– О, ма кæн Хæмыц, фæсмон фæкæндзынæ,– зæгъы Сырдон. – Хæрæджы уастмæ цы бар байхъуса, уый мæн хъæугæ дæр нæ кæны,– зæгъы Сослан дæр.

– Сырдон, дæумæ цы зæд, цы дуаг байхъуса, уый ма цæй кадджын уыдзæни! Уæд цын сæныччы хъусæй искуы туг ысуагътаис! – бакодта Уырызмæг дæр.

Уæд Сырдон зæгъы:

– Уæдæ мыл не ‘ууæндут?

– Нæй зæгъ, Сырдон! – зæгъынц Нартæ.

– Æмæ куы фембылды уат, уæд та?

– Уæд та дæ хæдзарæнхуынд кæнæм.

– Чи фæсайа?

– Уымæн Борæты гæбæр хæрæг афтæ уфтæ фæкæнæд æмæ стæй йæ фæлдысты дæр фæуæд.

– Нартæ,– зæгъы Сырдон,– кæд афтæ у, уæд уæ чъырынмæ æртæ мыдамæстимæ мæн сырвитут Сатанаимæ, æмæ йæ фендзыстæм, уæ хистæртæ та чъырыны сæрæй хурыскæсæнмæ фат фехсæнт.

Сразы сты Нартæ. Сатана æртæ мыдамæсты ракодта ‘мæ чъырынмæ бацыди Сырдонимæ. Нарты хистæртæ æртæйæ чъырыны сæрæй хурыскæсæнмæ фат фехстой. Уæд Сырдон ыскуывта:

– Гъе, хуыцæутты Хуыцау! Мах дæуыл хъодыкæнæм. Хурзæрин, ды нын фæу фатфæдисон, абонæй фæстæмæ Нартæм уазæджы бар мауал уæд, мачиуал дæр цын сæхи айсæд.

Хурзæрин Хуыцауæн фехъусынкодта Нарты куывд. Уæд Хуыцау ысмæсты и ‘мæ цыл ысхъызыди. Нартæм уазæг нал цыди, сæхи цын ничиуал уагъта.

Уæд иу бон зæгъынц:

– Сырдоны фæндиаг нæхи ма фæкæнæм, фæлæ йæ фыддæрадæн балцы фæцæуæм.

Араст ысты Нартæ балцы. Сырдоны зондæй цыл ахæм зæгъ рацыди ‘мæ Нартæн сæ кæрцытæ сæ къæхтæм æривæзтысты. Стæй цыл тых уарын байдыдта. Нартæ суазал ысты ‘мæ зæгъынц: «Ам фæцагъды уыдзыстæм, фæлæ искуы ныллæууæм».

Иу хъæумæ бахæддзæ сты. Цавæрдæр зæронд лæг мæнгагъуысты суг саста ‘мæ йæм Нартæ дзурынц:

– Уазæг нæ уадзут?!

– Сымахæй цæй уазджытæ ис, йæ къæбæр æнæвгъауæй чи нæ дæтты, уазæгсур чи у æмæ Хуыцауы зæрдæ рухс Хурзæринæй чи скъахта. Нæй, сымах хуызæттæн мæнмæ бынат нæ разындзæн.

Хъæуастæумæ ссыдысты. Иу ус ыссад хаста арынгмæ. Нартæ йæм дзурынц:

– Уазæгуаты нæ бауадз.

Ус цæм разылди ‘мæ зæгъы:

– Сымах уазæджы аггаг не стут, Хурзæринæй хуыцауы зæрдæ чи скъахта, йæ къæбæрыл къуызгæ чи кодта, уыдон цæй адæмы аггаг ысты! Нартæ сæ сæртæ ныттылдтой æмæ дарддæр араст ысты. Хъæугæрон æрыгон лæппу ‘мæ чызг хæдзары зылд кодтой. Нартæ цæ фæрсынц: – Уазæг нæ уадзут?

Уыдон зæгъынц:

– Бæгуыдæр уадзæм, фæлæ уæхæдæг уазæгсур ыстут, къæбæрыл чъынды, Хуыцауы зæрдæ Хурзæринæй ыскъахтат æмæ ма цæй уазæг аггаг ыстут!

Уæд Нартæ сæхицæн зæгъынц:

– Ай нын хин ысчындæуыди ‘вæддзæгæн, кæнæ фыдусы æлгъыст фестæм.

Уырызмæг зæгъы:

– Ницы кæны, нæхи бынатмæ та ‘рцæудзыстæм, фæлæ нæ балцы кой кæнæм дарддæр.

Нартæ сæ фæндаг дарынц. Бирæ фæцыдысты ноджы Нартæ.

Æндæр хъæумæ бахæддзæ сты. Баййæфтой дзы чындзæхсæв. Сау бæгæны хæрдмæ фынк уагъта ‘мæ зæхмæ цæппузыртæй хауди.

Уырызмæг зæгъы:

– Ох, ахæм бæгæныйæ дæ дойны суадз!

Барвыстой сæ кæстæртæй иуы. Уæд адæм ныххудтысты ‘мæ зæгъынц: – Æнхъæлмæкæсæг Нартæ фæзындысты.

Нартæ се ‘фхæрд бамбæрстой, фæлæ дзургæ ницы скодтой æмæ дард дæр ацыдысты. Æртыггаг хъæумæ бахæддзæ сты. Уыд кувæнбон Хуыцау æмæ Хуыцауы зæдтæ – дауджытæн. Бур физонджыты тæфæй комыдæттæ уадысты. Уæд Хæмыц зæгъы:

– Ох, иу физонæджы комдзаг дæ дæндæгты ‘хсæн ма æрыууæрд! Уыдонмæ дæр та барвыстой, цæмæй цæ бауадзой сæ куывдмæ. Уæд адæм зæгъынц:

– Гъей, къæбæрыл æвгъаугæнджытæ, уазæгсур Нартæ, цы цæсгомæй нæм дзурут, æви исгæй фæлхæрттæм цæуæг ыстæм сымахау.

Бамбæрстой та Нартæ се ‘фхæрд. Цæуынц дарддæр. Стонг дæр систы, уæдæ цы уыдаид. Уæд тынг адард ысты ‘мæ иу фæзы сæ фæллад уадзынц.

Сослан зæгъы:

– Адон иууылдæр Сырдоны митæ сты ‘мæ йæ кауы михтыл æнæрцауындзгæ нæ фæуыдзынæн, стæй йæ нысанмæ ‘рывæрдзынæн Нарты фæсивæдæн.

Уырызмæг зæгъы:

– Уый афтæмæй н’ амæлдзæн, фæлæ мæнмæ ис фæнд: цъымарамæ йæ бакæнæм, дурыл æй бæгънæгæй бабæттæм æмæ йæ къогъотæ ‘мæ дзынгатæ куыд фæхæрой, кæннод Нарты йæхицæй æппæлдзæн.

Уырызмæджы фæндыл ныллæууыдысты. Нартæ Сырдоны сбæгънæгкодтой, цъыфдзастраны йæ бæгънæгæй дурыл ысбастой æмæ араст ысты сæхимæ.

Уæд кæцæйдæр иу цуанон æрцæйцыди заргæ. Сырдон æй федта ‘мæ хъæркæны:

– Нæ мæ хъæуы, нæ мæ хъæуы!

Цуанон æм æрбацыди ‘мæ йæ фæрсы:

– Цы дæ нæ хъæуы, цы?

Сырдон зæгъы:

– Стыркоймаг Æвдидзæн хорз чызг ис. Нартæ мæн равзæрстой хуыздæрæн æмæ зæгъынц: «Æрхæссæм дын æй». Æз нæ разы кæнын, æмæ уыныс: ныббастой мæ дурмæ, сæхæдæг цуаны фæцыдысты. Æрдæг сахат мын радтой рæстæг – хъуыдыйæн. Ныр куы ‘рцæуой, уæд та мæ фæрсдзысты.

Цуанон зæгъы:

– Цымæ цын æз куы сразы уаин, уæд куыд уаид?

– Бар дæу, фæлæ тынг хорз бакæнис, æз бинонджын дæн, сывæллæттæ дæр мын ис, фæлæ ды та кæй мæт кæныс.

Цуаноны Сырдон йæхи бæсты дурмæ бабаста. Цуаноны бæхыл абадти ‘мæ ныххоста сæхимæ. Уалынмæ кæсы, æмæ Нартæ йæ размæ. Дзурынц æм: – Фæлæу ма, Сырдон!

– Цы мæ кæнут?

– Чи дæ суагъта?

– Зæдтæ, дауджытæ. Загътой ды дам нæртон лæг дæ къæбæрыл. Уæд Нартæ зæгъынц:

– Тагъд нын нæ нæртон æгъдау раздах фæстæмæ, кæннод дæ какосындзыл ысфизонæгкæндзыстæм.

Сырдон фæтарсти ‘мæ зæгъы:

– Хорз, уæдæ Хурзæринмæ æртæ фаты фехсут æмæ зæгъут: «Хуыцау фæрæдыдыстæм, куыдзы коммæ ма бакæс». Стæй уæд алкæмæ дæр цæудзыстут уазæгуаты.

Нартæ афтæ бакодтой. Хур цæм худгæйæ ракаст æмæ рацæуынц. Куывд цы хъæуы уыди, уырдæм æрхæддзæ сты. Куывды адæм Нартæн уырдыг ныллæууыдысты ‘мæ зæгъынц:

– Уæ хорзæхæй, кадджын Нартæ, саггаг нæм кæнут, саходут нæ цæхх, нæ кæрдзынæй, бузныг уæ уыдзыстæм, сымах уазæг æндæр хъæумæ аздахын нæ уарзут.

Нартæ фæдискодтой: уæд цæ ’ввахс нæ уагътой, ныр цын лæггадгæнæг сысты. Адæм цын фæлæвæрттæкодтой æмæ цæ кадджынæй рарвыстой, æрмæст ма загътой: «Тæригъæддагæй кæй ныууагътат, уый дæр æнæ хай ма ныууадзут».

Нартæ æд фæллæйттæ, чындзæхсæв кæм уыди, уырдæм æрцыдысты. Уым дæр цыл сæмбæлдысты зæрдиагæй, арфæтæ цын кæнынц æмæ дзурынц: – О, Нæртон адæм, сымах рæдау ыстут уазæджы хынцынмæ. Райсут нæ цæхх, нæ къæбæрæй дæр.

Тынг цыл фæцинкодтой æмæ цын лæвæрттæ ракодтой, æрмæст ма загътой: «Тæригъæддагæй кæй ныууагътат, уый дæр æнæхай ма ныууадзут».

Нартæ не ‘мбæрстой: тæригъæддагæй кæй ныууагътой? Цæуынц сæхимæ сæ фæндагыл æмæ ‘рбахæддзæ сты иннæ хъæумæ… Зæронд лæг, зæронд ус, æвзонг чызг æмæ лæппу Нарты размæ худаистæй æруадысты ‘мæ зæгъынц:

– Нæ хуынды сæр сымах ыстут, Нартæ, æмæ гайтма уæхæдæг фæзындыстут, саггаг нæм кæнут.

Нартæ кæрæдзимæ бакастысты. Уæд цыл зæронд лæг дæр рамбæлди ‘мæ цæм дзуры:

– Æрыгæтты коммæ дæр бакæсын хъæуы, нæртон адæм.

Уалынмæ цæм зæронд ус дæр рацыди ‘мæ цæм хаты:

– Нæртон адæм, бакоммæкæсут æмæ нæ цинагыл фæцинкæнут. Уырызмæг Нартæн зæгъы:

– Цæй, æнæцæугæ дзы нæй, кæм хистæрты хатыр, кæм сылгоймагхонæг, кæм кæстæрты фæндондзинад.

Нартæ хъæуы иу хæдзармæ бацыдысты, æрбадтысты дывæлдах, æртывæлдах бандæттыл.

Уæд кувынц хистæртæ:

– Цытджын Нартæ! Æгайтма нæм фæзындыстут. Стыр бузныг уæ стæм абон сымахæй. Æрмæст ма тæригъæддагæй кæй ныууагътат, уый дæр æнæхай ма ныууадзут, лæвæрттæ уæм куы радтæм уæд.

Хистæртæ цалынмæ куывтой, уæдмæ цæм Уастырджи ‘мæ Сырдон дурыл цы цуаноны бабаста, уый дæр фæзындысты. Уастырджи зæгъы: – Нарты азым кæмæн кодтат, уый мæнæ мемæ ‘рцыди.

Нартæ дæр уæд сæхицæй фæбуцдæр ысты. Æрыгон чызг æмæ лæппу арæзтой чындзæхсæв. Хуыздæр ма кæй ыссардтаиккой чындзхæсджытæн: Уастырджи – къухылхæцæг, Уырызмæг – хистæр уазæг, Хæмыц – æмдзуарджын, Сослан цыты уазæг, Сырдон – нымæттухæг, цуанон – кæстæр уазæг. Фысымтæ райгонд уыдысты сæ чындзхæсджытæй. Диссаджы хорз чындзæхсæв ныззылдтой. Кафт, зард, худын, хъазын хъуысти фысымтæй.

Фæци чындзæхсæв. Нарты цур Сырдон фысымты нымæт райхæлдта. Цыма уыдаид диссагдæр! Нартæй ахæм нæ баззади, æмæ чындзы нымæтæй хайджын чи нæ фæци. Уастырджи бузныг загъта Нартæн дæр æмæ фысымтæн дæр, стæй æрыгон лæппу ‘мæ чызгмæ фæсидти – зæгъы цын: – Амондджын ут уæ зæронд мад æмæ фыдæн, цæвиттойнаг. Махæн нæ зæрдæты куыд бацинкодтат, афтæ цинтимæ цæрæг ут уе ‘зæры бонмæ. Нарты номæй Уырызмæг дæр расомыкодта чызг æмæ лæппуйæн, зæронд ус – зæронд лæгæн, стæй алчи йæ бæстæм фæцыди. Нартæ стыр лæвæрттимæ, ис æмæ бонимæ ‘рцыдысты сæхимæ мæ се ‘рхæссæггæгтæй, се ‘фтиæгтæй ахæм никæй ныууагътой, æмæ кæй нæ барæвдыдтой, кæуыл нæ бауызæлыдысты. Нартæ дæр уæд Сырдонмæ зулдзых нал кодтой, фæлæ йæ с’ алы хæтæны семæ ‘мбалæн кодтой. Кæм цын хъазæнхъул уыд, кæм мастыдзæкъул – Нартæн. Кæм та Сырдонæн Нартæ сæхæдæг уыдысты хъазæнхъул, куы мастыдзæкъул. Цин æмæ маст иумæ цæуынц фæндагыл, чи цæ фæтыхджындæр вæййы, лæг дæр афтæ ацæуы.