ПРОЗÆ

ПРОЗÆ

МÆ ФЫЦЦАГ НЫХАС

Фæнды мæ кæсджытæн бамбарын кæнын, цæмæй дызæрдыг ма кæной мæ чиныгыл. Мæ чиныджы ис гуырдзиаг нæмттæ, гуырдзиаг æлдæртты койтæ æмæ уый тыххæй кæсджытæ зæгъдзысты: мæнæй уый ацы таурæгътæ гуырдзиаг чингуытæй райста, зæгъгæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ фæсхохы Ир—Арагуийы комæй фалæмæ, Дзимыргом, Чысангом, Леуахи, Дæрыком, Захъор, Дзауыком, Урстуалтæ, иудзырдæй, Хуссары Ир Гуырдзыстоны æлдæртты цагъар уыдысты, хохы адæм сын хъалон фыстой. Сæ цурты чи цард, уыдон сын куыстой, æлдæртты цы фæндыд, уыдæттæ сын кодтой æмæ уый тыххæй сæ таурæгътæ дæр æмхæццæ зынынц. Æрмæст уыдон æхсæн Арагуийы комы адæм сæрибарæй баззадысты, уый тыххæй, æмæ се ‘лдары тынг раджы амардтой; æмæ сæхицæн æлдар кæнын нал суагътой. Кæд сæм Чысаны Ерыстау æлдæрттæ бахъав-бахъав кодтой, уæддæр сæ сæ топпы дзых, сæ карды ком никуы раздæхтой æмæ ныр дæр æмæ уæд дæр сæрибар адæм уыдысты.

АРАГУИЙЫ ÆЛДАР НУГЗАР

Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæныны агъоммæ, Арагуийы доны былыл, сау хохы къæдзæх сынæджы раз, Косетмæ хæстæг, ныр дæр ма сæ систæ æнæхæлд сты, лæууыди мæсыг æмæ галуан. Ацы мæсыджы царди Арагуийы Ерыстау æлдар Нугзар.

Уыцы рæстæгмæ гæсгæ, æлдар Арагуийы гуырдзиаг адæм — Хады комæй хъалон иста, фæлæ Хъуды ком, Тырсыгом æмæ Хиуы ком сæрибар адæм уыдысты, æлдарæн хъалон нæ фыстой, бегара нæ кодтой. Æлдар чысылгай-чысылгай Хъуды комы адæмы йæхимæ æрбахæстæг кодта. Фæсивæды хуыздæртæй мыггæгты тыхджынтæй Хады комæн моураутæ2, хъалонисджытæ скодта, хицоны цæстæй сæм акасти, Хады комы гуырдзиаг адæмæн сæ хицæуттæ æрæвæрдта. Хъуды комы адæм дæр ыл баууæндыдысты.

Хъуды комы адæмы ‘руаджы Тырсыгомы адæмимæ дæр слымæн, баурæдта дзы йæхимæ хъалонисджытæ-моураутæ. Хъуд æмæ Тырсыйы адæм йæ коммæ кæсын байдыдтой, тых кæнынмæ, хъалон исынмæ йемæ цыдысты, фæлæ сæ хъалон исын нæма уæндыд.

Уалдзæг уыдис æмæ бæстæ кæрдæгæй, цъæх сгæлладау, сæрттывта. Арагуийы дон къæдзтæ-мæдзтæ, пырх калгæ, æнусы къæдзæхтыл йæхи æппæрста, фырмæстæй урс фынктъанхъатæ фæйнæрдæм пырх кодта. Мæргътæ алы ‘взагæй дзæнæтон сæрибары зарджытæ кодтой. Хурзæрин арвы астæу йæ хъарм тынтæй зæххы рæвдыдта. Хурыскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ йын бæлæстæ фæлмæн хъырныдтой.

Раст хуыцаубон уыд æмæ адæм ныхасы бадтысты. Уалынмæ æлдар йæ асаултимæ уым балæууыд æмæ адæмæн арфæ ракодта. Адæм фестадысты, салам ын радтой æмæ йæ æрхизын кодтой. Æгъдаумæ гæсгæ æрбадти æмæ афтæ зæгъы:

—Хиуы ком схъал сты, сæ бæстыл цæуæг, цъиу тæхæг нал уадзынц, æлдарæн æрдуйы бæрц дæр кад нæ дæттынц, хъалон нæ фидынц, хæстмæ сæм цæуын хъæуы, — загъта, — нæхицæн сæ хъалондар, бегарадзау скæнæм.

Куырис сыгъд æмæ йыл бæттæн худти. Ирон адæмыл хæсты хъуыддаджы ‘рдæм фехситт кæн, æндæр сын бирæ нæ хъуыд æмæ нæ хъæуы, раджы дæр æмæ ныр дæр алы бæсты арæнтæй сæ фæллад стджыты хъæрзын, уынæргъын хъуысы. Хæсты быдыры æнæхъуаджы ‘хсидгæ нæмыгæй йæ цард чи бахуыссын кодта, кæддæриддæр ирон адæм ахæм дзæгъæл хъуыддаджы тыххæй зивæг нæ кодтой æмæ нæ кæнынц. Æлдары дзырдыл сразы сты.

Æлдар Хъуды комы адæмæн фæстаг хуыцаубонмæ æмгъуыд скодта, хæстмæ цæттæ куыд уыдаиккой, афтæ. Хуыцаубон æрцыд æмæ æлдар Хады комы æфсæдтимæ Хъуды комы фидары дзуары мæсыджы раз фæзы æрæнцад. Уыдонимæ баиу сты Хъуды комы æфсæдтæ æмæ дыккаг бон Тырсыгомы ‘рдæм араст сты. Тырсыйы адæмæн дæр хъуыстгонд уыди хабар æмæ цæттæ уыд меды, раст Къобы фæзы Тырсыйы æфсæдтимæ дæр баиу сты. Хъуыддаг бирæ нал ахаста. Хиуы комы адæм дæр сæхи хæстмæ сцæттæ кодтой. Дыккаг бон Самтъеройы фæзы Хиуы æфсæдтимæ ныхæй-ныхмæ æрлæууыдысты. Дыууæ домбайæ тугæмхæццæ цæстæнгасæй иу иннæйы аныхъуырынмæ хъавыд.

Дыууæрдыгæй минæвæрттæ сарæх сты, се ‘хсæн рацу-бацу кодтой. Æлдар сæ йæхицæн хъалондар, бегарадзау æгъдæуттæ агуырдта. Хиуы комы адæм та сæрибары дуг, сæ царды хæрзæбоныл хæцыдысты, зыдтой, Ерыстау æлдары уæззау уаргъы бын сæ байзæттаг дыдæгътæ кæнгæ кæй цыдаиккой, уый æмæ сæ царды бæсты мæлæт хуыздæрæн равзæрстой. Хур аныгуылд, фæстаг хатт ма тугæмхæццæ сырхсырхид тынтæй хæхтæн салам радта. Бæстæ фæталынг, афтæ минæвæрттæ хъуыддаг хæсты ‘гъдауыл ахицæн кодтой. Самтъеройы фæзы дыууæ фарсæй æфсæдты топпы цæхæр мæйдар æхсæвы кæрæдзимæ æвзæгтæ-æвзæгтæ мæлæты хос хаста. Топпы хъæрæй Терчы фæйнæфарс кæмтты, æрвнæрæгау, бæстæ араудта. Мæлæтдзаг цæфты хъæрзынæй зæхх æнкъуысти, арв змæлыд. Хиуы комы адæм—усæй, лæгæй—иууылдæр хæсты быдырмæ рацыдысты, нæлгоймаг адæм хæцгæ кодтой, сылгоймæгтæ та сын сæ фæстæ дон æмæ хæринаг хастой. Бæлвырд нæ зонын, æцæг, хæст цал боны ахаста, Хиуы комы адæм басастысты, мæсгуыты дæгъæлтæ æрхастой æмæ сæ Арагуийы æлдары кьухы радтой æмæ йын зæххы æмбæрц бакуывтой.

Цы дардыл дзурын, æлдар йе ‘фсæдтимæ Хиуы комы суанг фæззæгмæ фæцард. Хиуы адæмæн сæхицæй — тыхджындæр мыггæгтæй хицæуттæ скодта, моураутæ, хъалонисджытæ дзы баурæдта, фидар æгъдæуттæ дзы сæвæрдта. Хъалондар, цагъариуæг йæ сæрмæ чи нæ хаста, уыдон æрцахсын кодта, кæй марын акæнын кодта, кæй та Косеты мæсыджы хъоргъы ауадзын кодта. Хæцæнгарзæй сæм цы ссардта, иууылдæр сæ байста æмæ æрæгвæззæг йæ хæдзармæ ацыд. Æфсæдтæ дæр фæхæлиу сты. Афонтæ цыдысты, рæстæг уыцы иухуызон саутар мылазон хаста, тыхджынтæ æдыхты скæсын нæ уагътой. Æлдар Хъуды комæй сайгæ-сайгæ хъалон исын байдыдта. Мæсыг хи дурæй сæтты. Хъуды комы адæмы тыхджындæртæ сæ фарс фесты, моураутæ, хъалонисджытæ сæ скодта. Фистæг—бæхджынæн дондзау. Хъуды комы тыхджындæр адæмты ‘руаджы Ерыстау æлдар æгас Хъуды комы адæмы йæхицæн хъалондар, цагъар скодта, адæмы сызмæста. Уарзондзинад, æцæгдзинад, сæрибардзинад сындзын уæззау худы бын хъеллау кодтой, уыцы рæстæджы æлдæрттæй хæхтæ æмæ къæдзæхтæ дæр тарстысты. Адæймагæй сдзурын, сныхас чи уæндыд сæрибар дуджы тыххæй? Уыцыиухуызон саутар мигъ бадт адæмыл, кæуын цæстæнгас лæвæрдтой.

Арагуийы Ерыстау æлдар йæ фыдхъуыддæгтыл, фыдмитыл фæсмон нæ кодта, фæлæ ма ноджыдæр фыддæр фыдмитæ кæнын райдыдта. Æлдары æвастæй лæг ус нæ хаста, чызг чындзы нæ цыд, лæг-иу ус куы ‘рхаста, уæд-иу кæд æлдары бафæндыд, уæд хъуамæ ног чындзы фыццаг æхсæв æлдарæн фенын кодтаиккой… Ахæм æнæфсармдзинадæй æмæ фыдтыхмитæй раст сырды хуызæн сси. Фæлæ уыцы фыдхъуыддæгтæ æмæ фыдмитæ иудадзыг æлдары аххос нæ уыдысты, уый тыххæй æмæ адæмы дæлбынтыдзуаг къæбылатæ йæ фарс уыдысты, адæмы кæрæдзийыл æфтыдтой. Адæм кæрæдзийы дзырд нал æмбæрстой: иумæйаг цардыуаджы хæрзæбон æгъдау фехæлд. Иутæ æлдары хорзæхæй мæгуырты уæлæ симдтой, адæмы фæллойæ минас кодтой, иннæтæ уæззау уаргъы бын змæлын нæ фæрæзтой, сыдæй мардысты. Афтæмæй Ерыстау бирæ азты æлдарад фæкодта Арагуийы бæстыл.

Раст уыцы рæстæджы Арагуийы доны хæд былыл, хохы хъæбысы, Ганис, зæгъгæ, иу чысыл хъæуы цард æнæзæнæг лæг æмæ ус — Берд æмæ Хъызмыдæ. Берд æмæ йæ усы адæм бирæ уарзтой сæ рæдау, кæрдзындæттоны тыххæй, стæй æнæзæнæг кæй уыдысты, уый тыххæй дæр сын адæм тæригъæд кодтой æмæ сын зæнæджы тыххæй Хуыцаумæ бирæ куывтой. Уыцы куывд Хуыцауы раз æнæахъазæй нæ баззад: зæронд Хъызмыдæ басывæрджын æмæ адæмыл айхъуыст йæ хабар. Фæлæ адæмæй кæй уырныдта, кæй нæ, уый тыххæй, æмæ Хъызмыдæйæн йæ цæрæнбонты зæнæг нæ уыди æмæ йæ азтæ дæр ивгъуыд уыдысты.
Хъызмыдæйæн йæ арын афон æрцыд æмæ раст куадзæны размæ майрæмбоны лæппу ныййардта. Адæм æрæмбырд сты Бердæн арфæтæ кæнынмæ, кæрæдзимæ хæрзæггурæггæгтæ цыдысты, сæ уарзон лæг æмæ усы сын Хуыцау кæй барæвдыдта, уый тыххæй, сбуц сты æмæ Хуыцауæн кад лæвæрдтой. Фæлæ уæды æлдæртты рæстæджы мæгуыр кусæг адæмæй амондджын чи уыд? Сæ фос, сæ зæнæг, сæхæдæг, иууылдæр æлдæртты бар уыдысты, цы сæ фæндыд, уый сын кодтой.

Раст уыцы уалдзæг, Хъызмыдæйæн лæппу куы райгуырди, уæд æлдары аргъонахъ гадза3 дæр къæбылатæ ныййардта. Гадза уайтагъд амард æмæ йæ къæбылатæй дæр иуы йеддæмæ нал фервæзт, амардысты æмæ къæбылайы хъуджы æхсырæй хастой.

Иу бон æлдар Ганисы хуссæрттæм цуаны бацыд. Хъызмыдæ хæдзары дуармæ бадт, йæ сывæллон йæ хъæбысы. Æлдар ус æмæ сывæллоны куы федта, уæд сыл йæ цæст андæгъд: Хъызмыдæ бæрзонд, урсцъар, нард, зæрондгомау ус, фæлмæн цæстæнгас лæвæрдта, сывæллон дæр уый хуызæн, æнхъизæнджын дзулы гуыдыны хуызæн пухпухид нард, йæ хъæбысы, хурау, худт.

Æлдар йæ дæлдæртимæ Берды хæдзары дуармæ фæлæууыд æмæ Бердмæ бадзырдта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Хъусыс! Мæ аргъонахъ къæбыла дæм æрбарвитдзынæн æмæ йæ дæ усæн хорз схæссын кæн, дзидзихъуаг æй ма ныууадзæд. Куыд уынын, афтæмæй дæ усæн хорз æхсырыхъæд ис, æмæ къæбылайы дæр хорз схæсдзæн. Хъусут, куыддæр æй дзæбæх не схæссат, афтæ уæ хæрз бынсæфт фæкæндзынæн!

Бæх фæзылдта æмæ ацыд.

Дыккаг бон æцæг æлдар йæ куыдзы къæбылайы моурауæн Берды усмæ барвыста æмæ йын бафæдзæхста, дзидзихъуаг æндæр æй куыннæ ныууадзой, афтæ. Моурау къæбылайы Берды усмæ радта, æмæ сын æлдары фæдзæхст ныхæстæ дæр радзырдта.
Мæйтæ ивтой, бонтæ цыдысты. Усы дзидзи къæбылайы исты хъыгдардта, æви йæм æндæр сахъат уыдис, Хуыцау зыдта, къæбыла тынг смæллæг. Иу бон та æлдар Ганисы хуссæрттæм цуаны бацыдис æмæ Берды дуармæ æрхызт. Хъызмыдæ тыргьы бадт, йæ сывæллон йæ хъæбысы, къæбыла та йæ разы хуыссыд. Æлдар къæбылайы рауын-бауын акодта æмæ йæ фыдхъуынтæ, цолайæ куы федта, уæд схъæр кодта, йæ цæстытæй зынджытæ аппæрста, йæ дзыхæй цæхæртæ æмæ афтæ зæгъы:

— Нæ уын загътон, хæрджытæ, дзæбæх æй схæссут!

Æлдар усы хъæбысæй сывæллон раскъæфта, йæ къæхтыл ын фæхæцыд æмæ дзы усы сæрæн æртæ цæфы фæкодта. Сывæллонæн йæ астæу асаст, æртæ хатты ма йæ гæндзæхтæ ацагъта æмæ йæ уд систа.

Æлдар та усыл фæхъæр кодта:

— Дæ цæстытæ дын скъахдзынæн, хорз æй куы нæ схæссай, уæд! — æмæ ацыдис.
Адæм æрæмбырд сты мæгуыртæ, æмæ сывæллоны баныгæдтой. Бирæ фæрадзур-бадзур кодтой се ‘намонд рæстæджы тыххæй, фæлæ сæ бон цы уыдис æмæ банцадысты.
Хъызмыдæ къæбылайы хæссын байдыдта.

Уыцы рæстæджы кусæг адæм æфсæн рæхыстæй баст уыдысты, сæ сæр сæ бар нæ уыд, ницы æмбæрстой. Скъола — æндæр кусæг адæмæн нæ уыд, афтæ æнхъæлдтой, æмæ райдайæнæй байдайæнмæ цагъары æфсондз хъуамæ хæссæм,—дзырдтой. Адæймаг сæрибар исдзинад кæй у, уый æмбаргæ дæр нæ кодтой, афтæмæй æлдæртты æхсары бын бирæ сæдæ фæлтæрты фæцардысты.

Сывæллоны мæлæты фæстæ ус къæбылайы хæссын райдыдта. Тыхджын цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ бары. Æлдæртты дзырд уыцы рæстæджы арвы цæфау уыд.

Къæбыла куыд хъомыл кодта, афтæ фыдуагæй-фыдуагдæр кодта. Иу бон усы дзидзийыл дæндагæй фæхæцыд. Бонæй бонмæ дзидзи æрхæм асайдта, рæссыйын байдыдта. Куыдзы хæст ферхæм, схæф кодта, усы риу къутуйы йас ныррæсыд. Уыцы рæстæджы кусæг адæмæн дохтыртæ, æндæр кæм уыд, усмæ чи фæкастаид. Дзидзийы хæлд стыр низ асайдта æмæ Хъызмыдæ амард. Адæм æрæмбырд сты, Хъызмыдæйы мардыл фæкуыдтой фæхъыг кодтой æмæ йæ баныгæдтой, «рухсаг у, рухсаг» загътой, æмæ раздæхтысты.

Адæмы зæрдæ тæригъæддаг мардæй тынг фæрысти, тынгдæр та уый тыххæй, æмæ Берд—сабыр æмæ раст кусæг лæг, комы дымæгыл цард æмæ алы тыхст бæлццонæн дæр хъарм фысым уыдис, Хъызмыдæ та —хъæлдзæг æмæ рæдау æфсин, кæйдæриддæр мады хуызæн рæвдыдта æмæ сæ уый тыххæй адæм фылдæр уарзтой.

Берд афæдзæй афæдзмæ хистытæ фæкодта, йæ фæллой сихсыди, мæгуырæй баззад. Берд — иуæй зæронд лæг, иннæмæй — æнæ бинонтæ, йæ цардæй стыхсти, кæд ма йын адæм æххуыс кодтой, уæддæр ын кæрдзын скæнæг нал уыд, æмæ бирæ бонты æххормаг зади. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм мæгуыр цардæй æмæ мæстджын сагъæстæй Берд йæ зондæй дæр фæцух æмæ дзæгъæл цæуын райдыдта, цыма- иу æлдарæй искуыдæм лыгъд, хъæргæнгæ згьордта:

—Æлдар æрбацæуы, æлдар, æлдар… Сывæллон, сывæллон!

Æмæ-иу згъорынæй куы сфæлмæцыдис, уæд-иу дæлгоммæ зæххыл ахаудта, кæд-иу æй исчи баурæдта, уæд-иу уымæн дæр æлдары хъаст йæ сонт ныхæстæй дзырдта. Берд уыцы хуызæнæй иу аз фесæфтис, стæй раст тъæнджы мæйы фæндагыл, Дзимыры æфцæгыл, ныссалд. Хъуды комыл айхъуыстис Берды мæлæты хабар, адæм æрæмбырд сты. Берды мард æрхастой. Кæмæн йæ бон цы уыдис, уый æрхаста: хойраг, нозт, Хъызмыдæйы фарсмæ йын ингæн скъахтой æмæ йæ баныгæдтой, «рухсаг ут, рухсаг» загътой, æхсæны хист ын скодтой æмæ ацыдысты. Æрмæст ма хъуыстис Берды хæдзаруатæй алы æхсæв дæр уыджы уасын.

Арагуийы Ерыстау æлдары тыхмитæй, фыдмитæй адæм сфæлмæцыдысты, уæлдайдæр та Берды хъуыддаджы тыххæй иууыл смæсты сты æмæ чи абырæг алыгъд, чи хæхты бамбæхсти* (* Уыцы рæстæджы хæдзаруæттæ зынынц хохы фидæртты (автор).), хъалон нал фыстой, моураутæ дæр бирæ фæмардтой, фæлæ уæддæр æлдары хинæйдзаг зонд æмæ калмы æвзаг адæмы сайын хорз фæрæзта. Иу адæмæй иннæты бырста. Куырис сыгъд æмæ йыл бæттæн худти, адæм кæрæдзийы дзырд не ‘мбæрстой, æмæ та сæ-иу йæхицæн хъалондар цагъар скодта.

Фæлтæртæ ивтой, азтæ цыдысты… Адæм уыцы саутар, сау мылазон мигъты бын цардысты, рухсмæ фæндаг ничердæм ардтой. Кæд-иу искуы иу лæг фæзындис, æмæ-иу исты сдзырдта сæрибар дуджы тыххæй, уæд-иу æй æлдæрттæ æрбамардтой, æрбайсæфтой, афтæмæй бæстæ талынгæй талынгдæр кодта.

Иу уалдзæг «Фидары дзуары» бон уыдис æмæ адæм æрæмбырд сты мæсыджы раз æмæ та æлдары кой райдыдтой. Рубайты Мистала, урсзачъе зæронд лæг, сыстад æмæ загъта:

— Хур ныл баталынг, мæй рухс нал кæны, зæхх мæстæй ризы, стъалытæ зæхмæ хауынц, нæ тæригъæдмæ кæсын нал фæразынц. Иу æвзæр фыдуаг æлдар нын нæ устыты кæрдæн систа, нæ чызджыты нын фæхудинаг кодта, йæ куыдзы къæбылаты нын нæ устытæн хæссын кæны, нæ фæсивæды нын йæхимæ басайдта, нæ зæрдæтæ кæрæдзимæ нал сты, сæфынмæ нæ бирæ нал хъæуы, фæлæ æууæнк, æууæнк, кæрæдзийæн æууæнк радтæм, нæ дзырд иу скæнæм, нæ цытджын дзуары раз ард бахæрæм.

Адæм æмхуызон схъæр кодтой:

— Бахæрæм, бахæрæм! Ард бахæрæм!

Æмæ та фæсабыр сты, фæхъус сты. Адæмы ‘хсæн бындз куы атахтаид, уæд уый базырты хъæр дæр фехъуыстаид. Мистала кардæй æртæтигъон бæрз къæцæл ацамадта æмæ та афтæ зæгъы:

— Дзуары угард ныккæнæм, мæ хæдзæрттæ, дзуары угард, хорз адæм!
Уый фæстæ адæм æмхуызонæй дзуары угард ныккодтой, куыд кæрæдзийыл сайдæй ничиуал рацæудзæн, æлдармæ дзырдтæ ничиуал бахæсдзæн, ууыл ард бахордтой. Угæрдтæ дзуары мæсыджы хуылфы сæвæрдтой æмæ та адæм ныхас кæнын райдыдтой.

Бирæ радзур-бадзуры фæстæ Дзанайты Тохти загъта:

— 0, нæ хорз фæсивæд, о, нæ хорз кæстæртæ, рæстæджы хæрзæбон саразын сымахмæ кæсы. Мах куыд базæронд стæм, нæ рæстæг дæр немæ афтæ базæронд. Кæд бирæ фæцардыстæм, бирæ федтам, уæддæр дзы нæ зæрдыл бирæ нал лæууы. Лæг æртæ æррайы кæны æмæ йæ фæстаг æррайы дуг зæронддзинад у, фæлæ уæ цы фæнды, уый зæгъут, зонд кæстæрæй хистæры сæрыл нæу, мах дæр уын æмбал.

Райдыдтой æмхуызон дзурын æмæ сфæнд кодтой: «æлдармæ минæвар сæрвитæм».

Се ‘хсæнæй равзæрстой минæвар, зондджындæр æмæ зæгъынæн хъæбатырдæр лæг — Рубайты Реуазы æмæ йын загътой:

— Цу, Реуаз, æмæ æлдарæн зæгъ: мах æмсæр, æмхуызон сæрибар адæм уыдыстæм, ныр нæ дæхицæн хъалондарцагъар скодтай, нæ сыхаг адæм Хиуы комимæ нын кæрæдзи ныццæгъдын кодтай, нæ туджы хæстæ мыггагмæ нæ сихсийдзысты. Дæ куыдзы хъæвдынты нын нæ сылты урс æхсырæй фæхæссын кодтай, рæсугъд бæх, рæсугъд чызг никæмæн уадзыс. Ныууадз нæ хуыздæр у, нæ фыдæлтæ дын цагъар нæ уыдысты, мах дæр дын нæ уыдзыстæм.

— Ацы ныхæстæ æлдарæн æнæфсарм зæгъ, — Тохти загъта æмæ минæвар ацыд.
Раст æмбисбон уыдаид, афтæ Реуаз æлдары кæрты æрхызт æмæ æлдармæ асаултæй иу лæджы барвыста. Æлдар æм басидт æмæ йын афтæ зæгъы: —Зæгь, цы хабар дæм ис?!

Реуаз æлдарæн радзырдта адæмы фæдзæхст ныхæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æлдар мæстæй, артау, ссыгъдис, бандон фелвæста æмæ йæ Реуазы сæрыл ныццавта. Реуаз йæ карды сæрмæ февнæлдта, фæлæ йыл æлдары асаултæ амбырд сты æмæ йæ кæрты æрра куыдзы мард ныккодтой. Адæм сæ минæвармæ æнхъæлмæ фæкастысты, цы дзырд схæсдзæн, зæгъгæ, суанг изæрмæ, стæй куы никуы зындис, уæд .алчи йæ хæдзармæ ацыд, бæрæгбон фехæлди, дыккаг райсом Тохти æмæ Мистала Реуазы бæрæггæнæг куыд ныццыдаиккой, афтæ.
Æхсæвы æлдар æфсадхон арвыста æмæ Хады комы æфсæдтæ æрæмбырд кодта æмæ райсом раджы Хъуды комы «Фидары дзуары» мæсыджы раз фæзы йе ‘фсæдтимæ æрæнцад.

Хъуды комы хæцæг адæм дæр «Фидары дзуары» мæсыджы бацыдысты æмæ уырдыгæй хæцын райдыдтой. Æлдар йæ урс бæхыл йе ‘фсæдты астæу ратæх-батæх кодта. Мæсыджы сæрæй Дзанайты Тохти фехста æмæ æлдар йæ урс бæхæй асхъиудта, йæ сæрыл хъил фæлæууыд. Æлдар ноджыдæр æфсадхон арвыста Хады коммæ æмæ та æфсæдтæ æрбакодта. Æртыккаг бон бæстæ гæрах æмæ цæхæр сси, Хъуды комыл арт бафтыдта, басыгъта, никуыуал ницы ныууагъта. Хæцæг адæм хæхты фидæрттæм сæхи айстой, сылтæ æмæ сывæллæттæ хъæуты баззадысты, уый тыххæй æмæ сын хæхты фидæртты цæуæн нæ уыди, стæй хæст æвиппайды æрцыд æмæ адæм сæхи сцæттæ кæнын нæ бафæрæзтой.

Цыппæрæм бон æлдар йе ‘фсæдтæ арвыста æмæ Хъуды комы цыдæриддæр сывæллоны мыггаг ссардта, иу фæзмæ сæ æрæмбырд кодта æмæ дзырд радта йе ‘фсæдтæн, цæмæй сывæллæтты бæхтæй банай кæной. Кæй зæгъын æй хъæуы, æфсæдтæ æлдары дзырд сæххæст кодтой, сывæллæтты ныммур, ныцъцъæл кодтой. Сывæллæтты нымæц цас уыди, хуыцау зоны. Уыцы чысылты ныййарджыты кæуын, дзыназынæй къæдзæх бадон уыдаид, фæлæ æлдар йæ рихибынæй худт, æрдуйы бæрц тæригъæд дæр сын’ нæ кодта. Хъуды комы цыдæриддæр ссардта фосæй, хæзнайæ, иууылдæр сæ ахаста æмæ ацыд. Æрмæст ма Хъуды комы фæйнæфарс хъæутæ сау æндæрг хастой арты сыгъдонæй.

Æлдары ацыды фæстæ адæм æрæмбырд сты, сывæллæтты кæм банай кодтой, уыцы фæзы æмæ алчи йæ сывæллоны бæрæг кодта, фæлæ ма сæ цы бæрæг уыдаид! Ныцъцъæл, ныммур сты. Адæм сыл фæкуыдтой, фæхъыг кодтой æмæ сæ баныгæдтой. Уыцы фæз абоны онг дæр хуыйны «Непис къало», ома «паддзахы мус». Адæм æрсабыр сты, æрæнцадысты, сæ сыгъд хæдзæрттæ бацарæзтытæ кодтой. Сау сагъæс, æрдиаг адæмы ‘хсæн нæ цух кодта. Æлдар дæр та сæ хъалон исын райдыдта. Адæм уæззау уаргъы бын цæуын нæ фæрæзтой, афтæмæй рæстæг сау тар мигьы бын æнцад лæсыд.

Иу уалдзæг та «Фидары дзуары» бон уыд æмæ Хъуды комы адæм дзуары мæсыджы раз æрæмбырд сты æмæ та æлдары койтæ кодтой. — Æвæдза, нæ фесæфт хуыздæр у, — загъта Мистала, — уыцы сырд æлдарæн атæппæт æвзæр митæ ныббарыны бæсты!

Урсзачъе зæронд лæг Дзанайты Тохти адæмы ‘хсæнæй фестад æмæ афтæ зæгъы:

— Нæ фесæфт хуыздæр у, нæ фесæфт, хорз адæм, нæ байзæдтаг хъалондарцагъарæй ныууадзыны бæсты. Иу арс ныл сахуыр ис æмæ нын фыдмитæ кæны. Æмбисонд афтæ у, Дзуахеты, дам, иу дзæргъ фесæфта, æмæ, дам, æй Безан амардта. Уыцы хуыйæн куы ницы фæнд скæнæм, æндæр амал нæй, æмæ йæ рихитæ аздыхта.

Адæм фæсабыр сты, фæхъус сты, цыдæр хъуыдыты аныгъуылдысты, стæй æмхуызон сдзырдтой:

— Мæлæт, мæлæт, марын æй хъæуы, æндæр хос нæй! — æмæ та фæсабыр сты.

Тохти уырдыг фестад æмæ афтæ зæгъы:

—Мæнæ хорз адæм! Уæззау хъуыддаг рæуæг дзырдтæй нæ рæзы. Æлдары амарын, хъæл акъуырæгау нæ уыдзæн. Лыстæг æркæсæм, фæсмон куыннæ фæкæнæм, афтæ. Мах иууылдæр æмхуызон, æмсæр адæм, хор æмæ донау, иумæ сæвзæрдыстæм, кæрæдзийæн æууæнк радтам, фæлæ ноджыдæр радтæм, цæмæй, топпы нæмыгау, нæ фæнд иу уа. Æмвæнд, æмдзырд адæмæн хох дæр нæ лæууы.

— Разы, разы! — адæм æмхуызон сдзырдтой æмæ та дыккаг хатт ард бахордтой æмæ æууæнкдзинады бæрæгæн дзуары хуылфы фæйнæ топпы нæмыджы мысайнаг сæвæрдтой æмæ иннæ аз куадзæн боны æлдары амарыны тыххæй фæнд скодтой.

Рæсугъд хур бон уыд. Арвы астæуæй хурзæрин йæ хъарм тынтæ зæххыл æппæрста. Цъæхсæр къæдзæхтæ, æвзистау, æрттывтой. Æрнæджыты зæлдаджы хуызæн тамагæрдæг ирдгæ фæйлыдта. Алы хорз дидинджыты тæфæй адæймаджы зæрдæ рухс кодта. Уалдзыгон мæргъты зарынæй адæмы æнкъард сау зæрдæйы цыдæр хъæлдзæгдзинады бæрæг абадт. Хурскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ йын бæлæстæ фæлмæн хъырныдтой. Арагуийы дон, хæрдгæбыдау, къæдзтæ-мæдзтæ йæхи айвæзта, фæйлауæн фæйлауæны сырдта æмæ æнусы къæдзæхтыл пæлхæндæг æртахæй йæхи цавта, цыма уый дæр тарф фынæйæ райхъал ис. Иу дзырдæй, бæстæ дæр базмæлыд, цæмæдæр йæхи цæттæ кодта. Адæм изæры онг фæминас кодтой, стæй алчи йæ хæдзармæ ацыди.

Фæззæг æрцыди, зымæг дæр аивгъуыдта, уалдзæг æрæввахс. Сæрибар дуджы тыххæй йæхи нывонд чи ‘рхаста, Чырыстийы бæрæгбон — куадзæн æрцыд, адæм кæрæдзийæн арфæтæ кодтой. Раст уыцы бонмæ; уыд æлдарæн дæр йæ марыны æмгъуыд, уый тыххæй æмæ алы хæдзар дæр, фос кæмæ уыд, уый æлдарæн хъуамæ уæрыкк бахастаид, фос кæмæ нæ уыд, уый та — гогыз, йе — карк æмæ афтæмæй æлдарæн куадзæны арфæтæ ракодтаиккой. Æлдары марыны æмгъуыд дæр куадзæн бонмæ уый тыххæй сарæзтой, æмæ сыл цæмæй æлдары зæрдæ ма фæгуырысхо уа. Адæм — зæрондæй, ногæй æрæмбырд сты æмæ æлдармæ арфæты ‘фсон бацыдысты. Стыр галуаны астæу, кæрты адæм рæнхъытæ алæууыдысты. Æлдар сæм мæсыгæй рацыд æмæ сын арфæ ракодта, фæлæ уыцы арфæтæ æгьдауыл нæ уыдысты. Йæ зæрдæ йæ базыдта. Йæ дзырдтæ йæ дзыхæй æрхæцгæ цыдысты. Адæм æдгæрзтæ кæй уыдта, уый тыххæй йæ хуыз рафæлив- бафæлив кодта, йæ къухты æнгуылдзтæ зыр-зыр кодтой. Уыцы сахат цъиу куы фестадаид, дардмæ куы атахтаид æмæ æдзæрæг ран куы цардаид, уымæ дæр бæллыд. Йе уæд та адæмæн цагъар куы фестадаид, уый дæр æй фæндыд, фæлæ йын уыдæтты гæнæн нал уыд æмæ йыл цы ‘рцыдаид, уымæ æнхъæлмæ каст: хаттæй хатт-иу мæсыджы алыварс йæ цæст ахаста, фæлæ йæ дæлдæртæй иу дæр адæммæ ракæсын нал уæндыд. Адæмы разæй Тохти ралæууыд æмæ афтæ зæгъы:

—Арагуийы æлдæр! Æрбад, де ‘лдардзинады фæстаг бон у, æмæ ма дын кад радтæм, бафæрсæм дæ!

Æлдарæн бандон æрæвæрдтой æмæ æрбадт, фæлæ ахæм мæгуыр цæстæнгасæй ракаст адæммæ, ахæм сагъæссаг бæрджытæ фæзынд йæ цæсгомыл æмæ йæм адæмæй бирæты зæрдæ фæфæлмæн, фæлæ алчидæр ардæй тарст æмæ хъуыддаг бауромыны тыххæй сдзурын нæ уæндыд. Адæмы хистæртæ, зæрæдтæ дæр йæ разы æрбадтысты. Адæм фæсабыр, фæхъус сты. Адæмы ‘хсæн мæлдзыджы къæхты хъæр дæр фехъуыстаид.
Дзанайты Тохти сыстад æмæ афтæ зæгъы:

— Ерыстау æлдар! Абон дæ тæрхоны бон у æмæ дæ фæрсæм: цæмæн нын кæрæдзи ныццæгъдын кодтай? Сыхаг Хиуы комы адæммæ, цы дæ хъыг дардтой? Цæмæн сæрра кодтай мах дæр? Цæмæн нæ фæсайдтай сæрибары дугæй? Дæхицæн нæ хъалондарцагьар цæмæн скодтай?

Æлдар ацы ныхæстæн цæстысыгæй дзуапп лæвæрдта, æндæр ницы. — …Зæгъ, цы дын кодтой нæ саби сывæллæттæ, мæнæуы куыристау сæ цæмæн банай кодтай? Цы дын кодтой нæ мæгуыр уазал хæдзæрттæ, цæмæн сæ басыгътай? Зæгъ, зæгъ, цы дын кодта Берд—æгас комы фысым, цæмæн æй федзæрæг кодтай? Адæймаджы цытджын æхсырæй дæ куыдзы къæбылатæ цæмæн хæссын кодтай, цæмæн дæйын кодтай дæ куыдзы хъæвдынтæн адæймаджы арфæгонд дзидзи?
Æлдар ацы ныхæстæн иуæн дæр дзуапп нæ радта, æрмæст-иу йæ рæссыд стыр сырх цæстытæ доны разылдта æмæ-иу мæсыджы ‘рдæм йæ усмæ фæкаст.
Тохти адæмырдæм раздæхт æмæ загъта:
— Тæрхон, тæрхон, нæ фыдæлты тæрхон!

Адæм тæрхон кæнын райдыдтой. Цæмæйдæриддæр уыцы рæстæджы адæмы æмбырд тæрхон кодта, чи загъта: «дуры бын æй фæкæнæм», чи загъта: «ауындзгæ йæ æркæнæм», чи загъта: «гæрзтæй йæ амарæм», æрæджиау бафидыдтой æмæ загътой:

— Кардæй йæ амарæм, уæздан лæджы кадæн гæрзтæй мард хуыздæр. Æвиппайды кæрдтæ фехситт кодтой, мæсыджы къултæ ферттывтой æмæ æлдарæй уонг уонгыл нал аззад, галуаны астæу цъæх нæууыл йæ туг азæй кодта, йæ фыды кæрдихтæ туджы малы сæр ленчытæ кодтой. Адæм сæ кæрдтæ асæрфтой æмæ ацыдысты. Æрмæст ма хъуысти æлдары мæсыгæй йæ усы хъарджытæ.

Æлдары дæлдæртæй иу лæг чысаны Ерыстау Дзимсермæ хъæргæнæг ацыд, цæвиттон, æлдары ус Дзимсеры чызг уыд. Дзимсер дæр æрцыд æмæ æлдары баныгæдтой, æлдары усы йæ цагъартимæ Дзимсер акодта Чысанмæ æмæ уым царди. Уæдæй фæстæмæ Арагуийы Ерыстау æлдары хæдзар федзæрæг, æрмæст ма дзы мæргътæ ахстæттæ кæнынц.

Рæстæг уыцы иу сау тар мылазон хаста, рухсы цъыртт æм никæцæй зынд, кусæг адæмы цард, æфсæн рæхыстæй баст, талынг мæйдары хъеллау кодта. Адæмы зæрдæ ныссау, ныддур, масты бру атонын, аскъуынын нæ фæрæзтой. Стыр уæззау дуры бынæй цæстысыг тугæмхæццæ калд. Чысаны Ерыстау æлдар Дзимсер дæр та йæ сиахсы адæммæ—Хады коммæ чысылгай чысылгай æвналын систа. Хады комæн та йын сæхицæй дæр хæрзгæнджытæ фæзынди, фæлæ Хъуды коммæ нæ уæндыд, уый тыххæй, æмæ Хъуды комы ирон адæм сæ фæнд иу скодтой æмæ Ерыстаутæй сæхимæ цæуæг нал уагътой æмæ сæрибар адæм уыдысты.

Дзимсер Хады комæй хъалон исын райдыдта. Уый дæр та Арагуийы Ерыстау æлдарæй фыддæр æмæ тъайлагдæр фæци. Хады комы адæмæн сæхицæй хъалонисджытæ-моураутæ тыхгæнджытæ скодта æмæ та адæмы бартæ рæхыстæй сбаста. Ирон адæмæй гуырдзымæ хæстæг чи цард, уыдонæй дæр та хъалон исын райдыдта* (*Æрæджы дæр ма Ганис Назгъастæн хъалон фыстой (автор).). Дзимсер фыццаг Хады коммæ цæуын нæ уæндыд, æрмæст йæ хъалонисджытæ-моурауты ахъазæй куыста. Уый фæстæ Хады комы хъалоны æгъдæуттæ куы сфидар кодта, уæд йæхæдæг дæр хъалон исынмæ цæуын райдыдта: хорз бæх, хорз гал, рæсугъд чызг никæмæн уагъта. Дзимсеры æвастæй лæг ус нæ хаста, чызг чындзы нæ цыд. Хъалон исынмæ-иу куы ацыд, уæд-иу æхсæв фысыммæ кæмæ баззад, уымæй-иу æхсæвы йæхицæн чызг агуырдта. Ахæм æвзæр митæ кæнын та уый дæр райдыдта æмæ та Хады комы адæм сæ фыццаг уæззау уаргъы бын дыдæгътæ кæнын систой.

Иу фæззæг та Дзимсер Хады коммæ хъалон исынмæ уыд æмæ йæ æхсин нæ уагъта:

— Дысон æхсæв, — загъта, — æвзæр фын федтон, цыма, дам, дын дæ мæсыгыл сармадзантæ ныццавдæуыд æмæ фехæлди.

Дзимсер кæлкæл ныххудт æмæ йын афтæ:

— Уый куыд зæгъыс, æхсин-æлдар, æз Хады коммæ куы бацæуын, уæд мæ тæсæй хæхтæ ризынц, дуртæ фадынц. Æртæрдзынæн дын гал рæгъæуттæ, фосы дзугтæ, хъаланкари хъуымацæй дын балхæндзынæн хæдойнæгтæ, хæлайфæгтæ, æмæ дæм чысангомы æхсинтæ хæлæг кæндзысты. Уыцы бон Дзимсер дыууадæс лæгимæ хъалон исынмæ ацыд.

Раст Арагуийы доны былыл, Хады комы, Млет, зæгъгæ, иу хъæуы царди авд æфсымæры, сæ хистæр Хуца, зæгъгæ. Авд æфсымæрæн иунæг æфсымæрхо Тамар, йæ рæсугъддзинады кой æгас адæмыл айхъуыст. Дзимсер дæр æй фехъуыста æмæ та йæ зæрдæ иу ран нал лæууыд. Уыцы чызджы бæллондзинад та йын йæ намысы рудзынг талынгтæ кодта, æмæ уый тыххæй æмраст уыдонмæ æрфысым кодта.

Хуца æмæ йе ‘фсымæртæ хорз зыдтой Дзимсеры фыдзæрдæйы конд, сæ иунæг æфсымæрхойы сын æнæфæхудинаг кæй нæ ныууагътаид, уый æмæ сæхи раздæр сцæттæ кодтой. Дыууæ стыр кауы сбыдтой æмæ сæ хæдзары мидæг дыууæрдыгæй къулынцой бахъил кодтой.

Уалынмæ Дзимсер дæр ныххæццæ. Хуца йæ размæ, хъæлдзæг фысымау, рауад, æрхизын сæ кодта йæ дыууадæс лæгимæ æмæ сæ хæдзары даргъ бандоныл æрбадын кодта. Дзимсерæн йæ цæст чызгыл андæгъд, йæ зæрдæ, артау, ссыгъд, талынгтæ кодта. Чызгæн дæр фырмæстæй йæ зæрдæ цыма æфсæйнаг тæлы æрбалвæста, æрбалхъывта, катайтæ кодта. Дзимсеры тыппыр стыр сырх цæстытæ рагъыйас фындзы фæрстæй зындоны цæстæнгас лæвæрдтой, иудзырдæй, кæфхъуындар æнхъæлмæ каст æнæаипп чызджы аныхъуырынмæ. Уалынмæ æхсæвæр дæр сцæттæ, бахордтой, бануæзтой æмæ иу кауы раз Дзимсер æлдары схуыссын кодтой, иннæ кауы раз — Дзимсеры дыууадæс лæджы, Дзимсер афтæ зæгъы:

— Зонут, ныр мæнæн цы хъæуы, уый? Уæ хойы мæм ракæнут! Хуца хъæлдзæгæй афтæ зæгъы:

—Хорз, уый зонын, æлдар, дæ рын бахæрон, чызгæн дæр æмбæрстгонд у, фæлæ цырагъы рухсæй æфсæрмы кæны.

Дзимсер йæхи айвæзта æмæ афтæ зæгъы:

— Ахуыссын æй кæнут!

Цырагъ ахуыссын кодтой, хæдзар фæталынг! Уалынмæ гуыпп, зæгъгæ, æмæ сыл каутæ бафæлдæхтой, сæ хъыс-хъыс ссыд кауты бынæй. Чызг цырагъ асыгъта, Хуца æмæ йе ‘фсымæртæ хъаматæ фелвæстой æмæ сæ кауы бынмæ ныррæхуыстытæ кодтой, ныммардтой сæ. Хæдзар тугæй мал сси. Уыцы бонæй фæстæмæ Хады комы адæм дæр сæрибар адæмæй баззадысты.

Дыккаг бон Арагуийы адæм, ирæй, гуырдзыйæ, æрæмбырд сты. Млеты хъæуы мæрдты баныгæдтой. Хуцайы Ломисы дзуарæн дзуары лæг скодтой, æлдары кæй амардта, уый тыххæй, æмæ абон дæр Хуцайы мыггаг, Бурдултæ, Ломисæн дзуары лæгтæ сты.

Афтæтæ кодтой уыцы рæстæджы æлдæрттæ æмæ барджынтæ.

Уыцы рæстæгæй фæстæмæ Арагуийы комæй фесæфт æлдары кой.

МАД ÆМÆ ФЫРТ

Рæстæг уыцы иу сау тар мылазон хаста. Адæмы тыхджынтæ мæгуыртыл æрхæцыдысты. Адæймаджы æмсæр æмбардзинад фесæфти. Тыхджынтæ мæгуыр адæмы стурты бынаты сæвæрдтой. Мæгуыр адæмы зæрдæ уыцы сау тар мигъы бынæй рухсмæ фæндаг ничердæм ардта, афтæмæй фæлтæрæйфæлтæрмæ цард, тыхстæй-тыхстмæ цыд.
Гуырдзыстоны Уырысимæ баиу кæныны агъоммæ Дзимыргомы Лекъо, зæгъгæ, иу лæг цард, йæ ус Дзебысон. Фыццаг æнæзæнæг уыдысты, стæй сын дыууæ лæппу æмæ æртæ чызджы райгуырд. Лекъойæн йе ‘рвадæлтæ — фондз æфсымæры, магусайæ цæлуарзаг — Лекъойы марыны фæнд скодтой, цæмæй йæ фос, йæ мулк æмæ йæ ус уыдонæн баззадаид, уый тыххæй. Раст джиуæргуыба æхсæвы Лекъойы сæхимæ бахуыдтой. Лекъойæн йæ марæджы йæ дæллаг фарс æрбадын кодтой, фынг æрæвæрдтой æмæ гаджидаутæ кæнын райдыдтой. Иукъорд рæнхъыты фæстæ æфсымæрты хистæр Лекъойæн афтæ зæгьы:

— Лекъо, — зæгъгæ, — хур, дам, кæцæй скæсы? Лекъо йын йæ къухæй бацамыдта, — далæ уырдыгæй, зæгъгæ.

— Ныгуылгæ та, дам, кæцæй акæны?

Лекъо иннæ ‘рдæм куыд фæзылд, афтæ йæ марæг хъамайæ ныццавта, дæлармы дзыхъхъæй иннæрдæм акаст. Лекъо размæ фынгыл бахауд æмæ йæ уд систа.
Дыккаг бон Лекъойы æрвадæлтæ Лекъойы мард баныгæдтой, йæ ус Дзебысоны сидзæртимæ сæхимæ бакодтой, сæ мулк, сæ фæллой сын сæхимæ бахастой æмæ Лекъойы марæг æрвадæлтæй иу Дзебысоны йæхицæн ус скодта. Лекъойы сидзæрты кæуын, дзыназынæй арв уынæргьыдта, зæхх æнкъуысти, фæлæ уæддæр Лекъойы марæг æрвадæлтæй хъуыды дæр ничи кодта, йæ ис, йæ мулкыл ын цинæй мардысты.
Афонтæ цыдысты. Рæстæг хатти. Кусæг адæм уыцы иууызон сындзын худы бын цыдысты. Сау тар, сау мылазон мигь йæхи нæ иста. Хуры цæст нæ зынд. Æлдæрттæ сын сæ туг нуæзтой. Дзимыргомы адæм дæр Ерыстау æлдары цагъар уыдысты. Ерыстау æлдар куы фехъуыста Лекъойы марды хабар, уæд йæ моурауты барвыста Дзимырмæ. Марджытæм цыдæриддæр ссардтой фосæй, хæзнайæ, Лекъойы сидзæртæ дæр семæ, Ерыстау æлдармæ сæ акодтой.

Ерыстау æлдар Лекъойы сидзæртæй иу чызг—Марине, зæгъгæ, Къахеты иу æлдар — Цоллахъы фыртæн егарыл ауæй кодта. Иннæ сидзæртæм сæ мады ‘фсымæр — Дзебысаты Бæтæ ныццыд æмæ сæ æлдарæй балхæдта, йæхимæ сæ ракодта æмæ сæ мады æфсымæримæ цардысты. Маринейы Цоллахъы фырт йæ цагъартæй иу лæгæн — Леуан, зæгъгæ, усæн радта, æмæ æлдары цур цардысты, æлдарæн куыстой.

Æртæ азы фæстæ Марине лæппу ныййардта æмæ йыл ном сæвæрдтой Бицикъо. Бицикъойыл аст азы ацыд, афтæ иу бон æлдары фыртимæ хъазыдысты, æрæджиау сæ хъултыл фæхыл сты æмæ Бицикъо æлдары фырты фæнадта. Æлдары фырт кæугæ сæ хæдзармæ бацыд æмæ йæ фыдæн рахъаст кодта. Æлдар смæсты ис, йæ хъæлæсæй зынджытæ æппæрста, йæ цæстытæй цæхæртæ æмæ афтæ зæгъы:

—Æрбакæнут уыцы куыдзы фырты æмæ йын нæмын куыд хъæуы, уый бацамонон.
Бицикъойы æлдармæ бакодтой æмæ йæ цæджындзыл сбæттын кодта, йæ разы бандоныл æрбадт æмæ йæ кæрз уисæй нæмын райдыдта бонизæрмæ. Хур фæцæй ныгуылд, афтæ лæппуйæн йæ сæр йæ риуыл æрхауд, базырзыр кодта æмæ йæ уд систа. Лæппуйы фыд Леуан æлдармæ йæ моурауы минæвар барвыста æмæ йæ лæппуйы мард ракуырдта. Фæкуыдтой йыл æмæ йæ баныгæдтой.

Афонтæ цыдысты. Рæстæг хатти. Хуыцау лæгæн цы сæрибардзинад радта, уый йын æхсарæй агуринаг фæци. Иугай лæгтæ æрмæст сæхи царды хæрзæбоны тыххæй æгас дунетæ сæфтой. Марине æмæ йæ мой дæр уыцы сæфтыты æмбал уыдысты. Бон сæ хур сыгъта, æхсæв — уазал, бæгънæг, бæгъæввад. Æртæ азы фæстæ та сын дыккаг лæппу райгуырд. Леуаны хæлæрттæ, йæхи хуызæн мæгуыртæ æрæмбырдысты, фæцин ыл кодтой æмæ йыл ном сæвæрдтой Тугъан…

Леуанæн йæ зæрдæ рухс нæ кодта, нæ цин кодта, кæд та йын лæппу райгуырд, уæддæр.

Алыхатт дæр йæ ныхас уый уыд:

— Цæмæн гуырæм, цæмæн цæрæм? Нæй фыдыбæстæ, нæй сæрибар дуг. Куы нæ гуыриккам, куы нæ цæриккам, куы фесæфиккам, уæд хуыздæр уаид.—Ахæм сагъæстæй йæ зæрдæ сау цъар, сау агъуд скодта æмæ æртæ азы фæстæ уый дæр амарди.

Тугъан æнахъом — чысылæй сидзæр баззад. Мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы. Марине сывæллоны амалтæй хæссын райдыдта. Къуыри фондз боны æлдарæн куыста, иу бон йæхицæн. Ахæм тыхст амалтæй Тугъан фæхъомыл, дыууадæс аздзыд, фæлæ йæ уæддæр йæ мад æддæмæ рацæуын нæ уагъта, тарсти йын йæ фыццаг лæппуйы зæрдæтахтæй, исты зиан та мын ыл куы æрцæуа, зæгъгæ. Ахæм æмбæхст нæй, чи нæ раргом уа. Иу бон æлдар уæладзыгæй каст æмæ. Тугъаны хæдзары дуармæ хъазгæ федта æмæ йæ зæрдæмæ фæцыд. Æлдар йæ моурауæн афтæ зæгъы:

— Цу æмæ Леуаны фырты æмæ йæ мады ардæм ракæн. Моурау ацыд æмæ сæ æлдармæ бакодта. Марине — чысылгомау æмбис ус, кæддæр йæ фидауцджын тымбыл цæсгом фенцъылдтæ ис, Тугъан — дыууадæс аздзыд — лæджы бындзæфхад, йæ мады цур домбайы хъæвдыны лæуд скодта. Æлдар къæлæтджын бандоныл бадт æмæ афтæ зæгъы:

— Хъусыс, хуыздæр дын цæмæй уа, уый бынат дын скодтон. Ды кæркгæстимæ кæрчытæм зил, дæ фырт та цуанон куыйтимæ цуан ахуыр кæнæд!

Уæлдай сдзурын сæ бон цы уыд. Маринейы кæркгæс скодта, Тугъаны та — куыдзгæс.

Азтæ цыдысты. Рæстæг хатти. Тугъаныл ссæдз азы ацыд.Рихитыл милтæ фæхæцыд. Цæсгом туг æмæ æхсыр хæццæ хуыз лæвæрдта. Цонджы хъултæ тугæфсæстæй тагъдтагъд цавтой.Зæрдæ й.æхи арвы милтыл сæрфта. Цуанонæй та хуыздæр макæмæй раппæл—топпæй æрду нæ ивгъуыдта. Æлдар дæр æй бирæ бауарзта. Йæхи фырты хуызæн æм уарзон цæстæй касти, хæрд — дарæс хъуаг æй нæ уагъта. Фæлæ уæддæр Тугъанæн йæ цард йæ зæрдæмæ нæ цыд. «Цыфæнды уæд, загъта, цагъарæй сыгьзæрин дарæсы цæрыны бæсты сæрибарæй мæ къухтæй æлыг æмæ чъыр куы змæнтон, уый хуыздæр у». Ахæм хъуыдытæй Тугьаны зæрдæ цух нæ уыдис, йæхи атонатон кодта сæрибар быдырмæ. Уыцы рæстæджы æнус рæхыстæй бæттæнтæ атонынæн йæ сæр нывонд чи скодта, ахæм уæйгуытæ нæма уыд, æмæ рæстæг уыцыиу хъинонæй, уалдзыгон сæлæф зæйау, æнцад- æнцад лæсыди.

Иу бон æлдар æмæ Тугъан цуан кæнынæй æрцыдысты. Æлдарæн йæ цъиусур йæ уæхскыл, æхсидтæй заргæ, уæладзыгмæ сфардæг. Тугъан куыйты сæ бынатмæ бакодта æмæ йæ хæдзармæ бацыд. Марине арты фарсмæ бадт æмæ куыдта. Тугъан йæ цуры уырдыг алæууыд, уымæн дæр йæ цæстысыг акалд, фæлæ йæ фæрсгæ нæ бакодта, уый тыххæй æмæ сæ цард хъæлдзæгдзинадæй ницы æвдыста. Кæддæриддæр куыдтой, сагъæс кодтой. Марине йæ къабайы фæдджийæ йæ цæстысыгтæ асæрфта æмæ афтæ зæгъы:

— Не сфæлдисæг хуыздæр фæуа, кæд нæ цæмæн сфæлдыста. Тугъан йæ мады фарсмæ æрбадт æмæ афтæ зæгъы:

— Цæй зæрдиагæй кæуыс, цы хабар фехъуыстай, нана?

— Цы хабар, нана дæ нывонд, фос стæм æмæ фос, уæртæ ме ‘мдзуарджын Осепайы æд бинонтæ ауæй кодта не ‘лдар иу кæсгонæн æмæ сæ фæкæны.

Тугъан æнæдзургæйæ дуармæ рацыд æмæ дурыл сбадт. Сагъæссаг хъуыдытæ сæры магъзы, денджызы фæйлауæнтау, кæрæдзи æййæфтой. Иæ зæрдæ масты цæхæрæй сау тар æнуд кодта. Марине хæдзары арты фарсмæ хъарджытæ райдыдта æмæ йæ хъарæджы Бицикъойы кой дæр скодта. Тугъан фæстæмæ хæдзармæ бацыд æмæ афтæ зæгъы:

— Нана, Бицикъо та чи уыд, цæмæн ыл кæуыс? Марине ныуунæргъыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Цæмæн дæ хъæуы, нана дæ нывонд, цæмæн æй фæрсыс?

—Нана цæра, зæгъ мын æй, Бицикъо чи уыд?—нал æй уагъта. Марине Тугъанæн Бицикъо чи уыд, уый нæ хъæр кодта, уый тыххæй æмæ йын æлдаримæ схæрамæй тарст, фæлæ йæ Тугъан куы нæ уал уагъта, куы йæ суынгæг кодта фæрсынæй, уæд афтæ зæгъы:

— Де ‘фсымæр уыд, де ‘фсымæр, туг мыл ныууарыд. Нæ бирæгъ æлдар æй надæй амардта.

Тугъан фырмæстæй сдзурын нал сфæрæзта æмæ иудзæвгар æнæдзургæ алæууыд, цæстытæ туджы разылдта, уæлвонг абадтысты, æмæ афтæ зæгъы:

— Кæцæй дæ ракодтой, уырдæм фæндаг нал базондзынæ?

— Фæндаг бæргæ базондзынæн, фæлæ нæ уырдæм чи уадзы? — Нæ къæхтæ æмæ нæ хъару.

Цы дардыл дзурын, Марине æмæ Тугъан лидзыны фæнд скодтой. Æхсæвы мæйрухс уыд боны хуызæн. Арвы хъæдыл стъалытæ тыбар- тыбур кодтой, цыдæр хицæн бæрæг хъæлдзæг хуыз æвдыстой. Стыр æнгуз бæлæстæ кæрæдзийæ-кæрæдзимæ аууон æппæрстой: Алазаны дон, хæрдгæ быдау, йæхи æппæрста стыр сивырау комы. Хурскæсæны ирдгæ фаг улæфыд æмæ Тугъан æмæ йæ мады мæстæй сыгъд зæрдæ уымæл кодта. Иудзырдæй, дзæнæтон æхсæвтæй иу уыд. Раст æхсæвæр афон Марине æмæ Тугъан фæйнæ дыууæ кæрдзыны сæ рæтты акодтой æмæ алыгъдысты. Æхсæвбонмæ æнæрынцойæ фæцыдысты æмæ боныцъæхæй Арагуийы доныл Зиноны хиды цур хъæдбыны бонасадæн æрæнцадысты.

Дыккаг бон æлдар куы базыдта Марине æмæ йæ фырты алидзыны хабар, уæд алы ‘рдæм фæдис арвыста. Зиноны хид дæр æрцахстой, хъахъхъæнджытæ дзы скодтой. Марине æмæ йæ фыртæн хъахъхъæнджытæй хидыл ацæуæн нал уыд. Дон та ивылд уыд æмæ ласынæй тас уыд. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы æнхъæлмæ фæкастысты. Хъарагъултæ хид уæгьд нæ уагътой. Æртыккаг бон Гуыдангомыл бацыдысты, Хевсурет æфцæгыл Пасанаурмæ æрцыдысты, Хады комы мидæмæ Ломисы æфцæгыл Дзимырмæ ныххызтысты, сæ гуырæн бæстæм. Фæлæ иу аххос уый уыд, æмæ Марине иронау нал зыдта, стæй Маринейы зонгæ дæр нал бакодтой, сæхæдæг дæр сæхи нæ бацамыдтой æмæ иулæгмæ æххуырсты ныллæууыдысты—сæ мады æфсымæрмæ.

Цоллахъы фырт æлдары хуыссæг нал ахста, алы ‘рдæм чингуытæ рафысс-бафысс кодта. Дзимыры æлдар Ерыстаумæ дæр ныффыста, цæмæй йæ хъус бадара æмæ Маринейы куы ссара, уæд æй йæ фыртимæ ахæстæй Къахетмæ Цоллахъы фыртæн куыд арвита, афтæ. Ерыстау æлдар бæстæ сызмæлын кодта хохæй, быдырæй, Марине æмæ йæ фырты агуырдта. Ирон адæмы ‘хсæн дзырд уады бæхыл бады, сусæг нæ кæны. Чидæр Ерыстау æлдармæ дзырд бахаста, Дзимыры, дам, ахæм æнæзонгæ; æнахуыр ус æмæ лæппу лæг ис, чи зоны, æмæ, дам, кæд ды кæй агурыс, уыдон сты, зæгъгæ.

Дыккаг бон Ерыстау æлдар асаулæты æфсад Дзимырмæ барвыста, цæмæй Марине æмæ йæ фырты æрцахсой. Фæлæ лæгæн знаг цас ис, уыйас та йын лымæн дæр вæййы. Иу ус, Сабедо, зæгъгæ, Маринейæн базонын кодта, ахсынц дæ, зæгьгæ. Марине хъуыддад/кы хабар куы базыдта, уæджылы дзæгъæл, æдзæрæг хохмæ сфардæг йæ фыртимæ æмæ уым къæдзæхы æххæлты бамбæхст. Асаултæ сæ фæцагуырдтой æмæ сæ куы нæ ссардтой, уæд ацыдысты æмæ Ерыстау æлдарæн загътой хъуыддаджы хабар. Уæлдай нæ уыдзæн, Хъелы хох кæсджытæн куы базонын кæнон, уæд. Арагуийы доны сæр хурныгуылæны ‘рдæм бæрзонд гæмæх хæхтæ арвыл æнцайынц. Хуырджын лæнчытæ, нарæг æххæлтæ, талынг къуымтæ, зылынмылын хурджын кæмттæ — суанг Урстуалтæм афтæ ахаста. Раст, æвæццæгæн, Кавказы хохы астæу æлхынцъ Хъелыл æрцыд æмæ ахæм æххæлтæ æмæ фидæрттæ дæр уымæн у. Хъелы хохыл зымæг цъиу тæхæг нæ вæййы, уый тыххæй æмæ дзы мит иннæ хæхты хъауджыдæр бирæ фылдæр уары. Сырд дæр дзы нæ фæразы зымæг цæрын. Иудзырдæй, Хъелы фидæрттæ лæг йæхи цæстæй куы нæ фена, уæд хъазы сисæй зын равдисæн сты. Æлдары асаултæ дæсæй Дзимыры ныллæууыдысты, Марине хохæй æрцæудзæн, зæгъгæ, æмæ йæ æрцахсдзыстæм. Фæлæ Марине хохæй не ‘рцыд æмæ зымæджы дæр уым базэадысты.

Майрæмы куадзæны рæстæг уыд æмæ Хъелы хохыл мит фæлдзæгъдæн хаста. Сау мигъы тымбылтæ комæй-коммæ лиуырдтой. Цæгат фарсы тымыгъ миты хъæпæнтæ æфцæгæй-æфцæгмæ æппæрста. Марине æмæ йæ фырт Хъелы хохы Саудзуары лæгæты æрынцадысты. Дон лæгæтæн йæ хæдраз цæуы, фæлæ сæ суг æмæ хæринаг агурын хъуыд. Хохы лæнчыты фугæ пыхс цъæх дардта. Тугъан фугæ пыхс куыристæ фæбаста æмæ сæ лæгæтмæ æрхаста. Стæй цуан кæнын райдыдта æмæ урс хохы сырдтæй бон дыууæ, æртæ мардта. Цалынмæ фæззæджы ‘рдæм уыд, уалынмæ Тугъан сырдтæй фаг амардта, фæлæ фыд цæм фыхтаиккой, аг сæм нæ уыд æмæ физонæгæй цардысты. Иу бон Тугъан доны бын фæлмæн дур бацагуырдта æмæ йæ хъæбæрдæр дурæй аджы хуызæн дзыхъ скъахта фыд фыцынæн* (*Æрæджы дæр Саудзуары кувæндоны уыд уыцы дур (автор).), цъæнут æртыдта сæхицæн лыстæнæн æмæ цæрын байдыдтой.

Сæрд аивгъуыдта. Зымæг æрцыд. Фыййæуттæ сæ фос быдырмæ атардтой. Мит æрæхгæдта. Цъиу тæхæг нал уыд. Хохæй сауы къуыбыр нал зынд. Мит æртæ лæг бæрц ныууарыд. Хъелы сырдтæ комрæбынтæм æрцыдысты. Иудзырдæй, Хъелы хохы змæлæг нал уыд. Æрмæст ма миты бын лæгæтæй Марине æмæ йæ фырты фæздæг калд. Уæды уонг Марине æмæ йæ фырт уыйас тынг хъыг нæ кодтой — мæргъты уасынæй, сырдты уындæй сæ зæрдæ æнцад уыд. Фæлæ ныр бæстæ бафынæй, амарди, æрмæст ма цæгат фарсы тымыгъы зызын хæхтæ араудта, æхситт кодта. Стыр тыгъд цъитийы астæу лæгæты æнæкæрон цъæх арвы йедтæмæ сæм уд змæлæг никæцæй зынд. Æрмæст уадтымыгъ миты хъæпæнтæ, уылæнтæгæнгæ, хаста æмæ сæ лæгæты дуармæ амадта. Афтæмæй бонæй-бонмæ æнхъæлмæ кастысты боны фæдаргъмæ.

Бон дæр фæдаргъ. Хур тавын райдыдта. Мит фæзæйнад, фæдзода. Хохы цыргъытæ фæсау сты. Фæлæ Марине æмæ йæ фыртыл адæймаджы хуыз нал уыд. Сæ цæсгом сын мит басыгъта, ныссау сты, фæздæгæй бакуырм сты, нал уыдтой. Сæ хъару асаст, фезмæлын нал фæрæзтой. Хæринаг сын нал уыд, сæ фыдтæ фесты. Иудзырдæй, тагъд мæлæтмæ æнхъæлмæ кастысты.

Лæджы зæрдæ фыдæбонтыл куы сфæлтæра, уæд æм зындзинад тынг нал хъары. Иу райсом раджы Сырхыты хохы тигъыл сырдты дзуг схæлиу. Тугъан йæ топп йе ‘фцæджы афтыдта æмæ сырдтæм æхстбæрц схъуызыд! Гæрах ацыд æмæ сырдты стырдæр асхъиудта, фæлæ рæбыны абадт. Тугъан сырды мард лæгæтмæ баласта æмæ йæ мадæн афтæ зæгъы:

— Нана, ма тæрс, нал амæлдзыстæм, иу мæйы фаг та нæм ис, стæй уалынмæ уалдзæг æрцæудзæнис.

Тугъан сырды мардæй физонæг скодта, бахордтой æмæ та сæ зæрдæ фæлæууыд.

Хохы хуссæрттæ фæхъулон сты. Дон файтынг ис. Зæхх базмæлынмæ хъавыд. Иубон та Тугъан цуаны ацыд, бонизæрмæ хохы фæзылд, изæрæй сырд амардта æмæ рацыд. Саудзуары фæхæрдгæнæнмæ куы ‘рхæццæ, уæд бæстæ нытталынг, ныммæйдар. Уарын байдыдта. Арв нæрыди, æрттывта. Тæгъды зæй уарын митæмхæццæ уылæнтæ кодта. Тугьанæн нымæт йæ уæлæ. сырды мард йе ‘ккой, лæгæтмæ тындзыдта. Раст æхсæвæр афон æрхæццæ. Артдзæсты гæзæмæ зынгтæй стъæлфæн хауд. Марине лыстæныл уадзыгæй лæууыд. Тугъан йæ мады цæсгомыл дон æркалдта, æрчъицын æй кодта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Цы кодтай, нана, цæмæй фæтарстæ? Марине кæуын хъæлæсæй афтæ зæгъы:

— Ныртæккæ, чысыл раздæр мæм цыдæр æрбацæйцыд. Æз æм дæу æнхъæл акастæн, уый мæ куы федта, уæд схъуыр-хъуыр кодта æмæ æхсæвы мæйдары аныгъуылд.

Тугъан йæ мадæн ныфсытæ авæрдта, арт скодта æмæ æрбадтысты. Марине кæмæй фæтарст, уый бæлццон лæг уыд, æмæ кæрæдзийæ фæтарстысты. Марине йæ æхсæвидар фенхъæлдта, бæлццон та йæ зин фæхуыдта. Бæлццон дард, дуры бын сбадт æмæ уырдыгæй хъахъхъæдта. Арв-иу куы ферттывта, уæдиу Тугьаны ауыдта лæгæтмæ фæцæйцæугæ, нымæт йæ уæлæ. Бæлццоны дзырдæй адæмы бауырныдта, Хъелы хохы лæгæты, загъта, Саудзуар цæры æмæ дзы Саудзуарæн иу азы фæстæ кувæндон скодтой, æмæ ныр дæр Саудзуар хуыйны.

Дыккаг бон хур скаст, хохæй-хохмæ тын анывæзта. Бæрзонд урс хæхтæ, æвзистау, сæрттывтой. Арф нарæг кæмттæ сау æндæрг хастой… Зымæг аивгъуыдта, уалдзæг æрцыд. Хъелы уæлхох фæзтæ кæрдæгæй цъæх сгæлладау сæрттывтой. Зымы æхситт кæмттæ арыдта. Алы хорз кæрдæджы тæфæй лæджы зæрдæ рухс кодта, иудзырдæй, зындон дзæнæт фестад. Фиййæуттæ сæ фос Хъелы хохмæ стардтой æмæ Саудзуар лæнчы лæгæты раз æрбынат кодтой.

Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Адæймаг зынтæ цас фены, хорздзинæдтæ дæр уыйас уыны, фæлæ Марине æмæ йæ фырт райдианæй- байдианмæ хорздзинадæй ницы федтой.

Дыккаг бон райсом раджы, фиййау фос лæгæты раз хизгæ æрбауагъта æмæ лæгæтмæ бакаст, æмæ Марине æмæ йæ фырты куы федта, уæд уыдон сау уындæй фиййау афтæ фæтарст æмæ йæ цæстытæ батартæ сты, зæрдæ ихыкъæртт фестад æмæ фæлурсæй фиййæуттæм æруад æмæ сын афтæ зæгъы:

— Уæлæ лæгæты дыууæ хæйрæджы, саусауид, æвзалыйы хуызæн сæ цæсгом. Фиййæуттæ схудтысты æмæ афтæ зæгъынц:

—Ау, æмбисбон цавæр хæйрæгу?

Фиййауæн йæ зæрдæ чысыл æрæнцаддæр æмæ афтæ зæгъы:

— Ус æмæ лæг, сатæгсау сæ цæсгом. Сæ дарæс бызгъуыр, скъуыдтæ, цъæнуты хæлттæй бæстытæ, мæллæг, сæ цæстытæ арф кæцæйдæр æрттивынц. Ласары дзуарыстæн, комкоммæ хæйрæджытæ.

— Цом ма, фенæм, лæппутæ, Гиголайы хæйрæджыты. Цæвиттон, фиййау Гигола хуынд. Фиййæуттæ фондзæй ацыдысты æмæ лæгæты Марине æмæ йæ фырты федтой — æцæг хæйрæджыты хуызæн. Дауита, фæлтæрдзæрдæ лæг, Маринейы бафарста, кæцон сты, кæцы бæстаг, уыдæттæй. Марине сæхи æндæр бæстаг бацамыдта, йæ ном схуыдта Марта, йæ фырты ном та Тархан.

—Адæмæй хъодыгонд стæм, загъта, æрмæст удыбæстæджын адæмы руаджы цæрæм.

Фиййæуттæ сæ сæхимæ акодтой æмæ сын кæрдзын бахæрын кодтой: фыд, бас, дзул. Марине æмæ йæ фырт фиййæуттæм æххуырст ныллæууыдысты — Марине фосдуцæг, йæ фырт та фиййау. Марине æмæ йæ фыртæн сæ цард фæхуыздæр. Хæринагæй æфсæдын байдыдтой, уадултыл туджы уадындзтæ ахъазыд, цонджы хъултыл тугдадзинтæ сæхи тагъд- тагъд цæвын систой, цæстом фехсыргъуыз. Иудзырдæй, хæйрæг кæй хуыдтой, уыдон адæймæгтæ фестадысты æмæ фиййæуттимæ цæрын байдыдтой. Сæрд аивгъуыдта. Майрæмы куадзæны мæй фæци. Æрæгвæззæг æрцыд. Арв хъулæттæ кæнын райдыдта. Цæгат фарсы тымыгъ фæйлауæнтæ систа, миты хъæпæнтæ хохæй-хохмæ æппæрста. Фиййæуттæ тагъд-тагъд сæ дзаумæттæ бастой, бæхтыл сæ æвæрдтой. Фосы дзугæн цæу сæ разæй, фиййауы фæстæ — быдырмæ афардæг сты. Марине æмæ йæ фырт дæр фæстæмæ Дзиддырмæ æрцыдысты æмæ сæ мады æфсымæртæм бацыдысты. Ирон адæмы æхсæн сусæг цы кæны. Чидæр та Ерыстау æлдармæ дзырд ныххаста: Марине æмæ йæ фырт, дам, сæ мады æфсымæр Бæтæйы хæдзары цæрынц, зæгъгæ. Ерыстау æлдар та фыццаг хаттæй фылдæр асаулытæ барвыста Дзимырмæ Марине æмæ йæ фырты æрцахсыны тыххæй æмæ сын бафæдзæхста, ахсын куы нæ комой, уæд сæ маргæ уæддæр куыд акæной, афтæ.

Раст цыппурс рæстæг уыд æмæ мит ныууарыд, ныхгæдта. Хæхтæй сау къуыбыр нал фæзынд. Дзебысаты Бæтæйы хæдзар дыууæ хъæуы астæу зыбыты иунæг ран митденджызы астæу тæппалы хуызæн гæзæмæ сау æндæрг хаста.

Асаулытæ æхсæвыгон Бæтæйы хæдзары алыфарс æрбадтысты æмæ Бæтæмæ минæвар барвыстой, цæмæй сын Марине æмæ йæ фырты радта. Бæтæ та минæварæн ахæм дзуапп загъта:

— Барæй мæ туг, ме стæг нæ ратдзынæн, зæгъы. Æхсарæй увб ВДя фæнды, уый кæнут. Æмæ йæ хæрæфыртимæ гæнахы бацыд.

Бон цъæх кæньгн байдыдта. Гæнахы фæрстæй фæздæг кæльш систа. Топпы хьæр Суаргом араудта. Бæтæйы фæрдыгдзых хъримаг галау уасыд. Иннæрдыгæй Тугъаны ерæдзыпп æнæрæнцайгæйæ, арвау, нæрыди. Асаулытæ мусы къуымты бамбæхстысты. Хъуыддаг афтæ уыд æмæ гæнах хæххон агъуыст мусимæ æмхæст амад уыд, æмæ сæ зымæджы хардз фосæн цы хъуыд—хъæмпæй, хосæй, уый иууылдæр мусы æвæрд уыд. Бæтæ йæ хæрæфырты куы нæ лæвæрдта, уæд асаулытæ мусыл арт бафтыдтой. Мус ссыгъд æмæ гæнах дæр судзын байдыдта. Тугъан гæнахы дуар’ фегом кодта, йæ рахиз къухы кард æлвæстæй, йæ галиу къухьг. топп æргъæвдæй хъазуат рацыд. Кæрæдзийыл гæрæхтæ ацыдысты æмæ асаулытæй иу асхъиудта, Тугъанæн дæр топпы нæмыг йæ сæвджын риуы иннæрдæм фæд акодта, рухс дзы акаст, фæлæ нæ фæцудыдта. Дыккаг гæрахæн йæ уæрджытыл æрхауд æмæ асаулыты хисдæры кардæй рариуыгъта æмæ йын йе счъилы нуæрттæ суагъта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Дæу дæр, мæ лымæн, дæсны нал сдзæбæх кæндзæн æмæ миты уæлæ уæлгоммæ ахаудта.

Топпы хъæрмæ, арты цæхæрмæ дыууæ хъæуы — Дæллаг Баджын æмæ Уæллаг Баджын — æрæмбырд сты, Бæтæйы дарддæр хæцын нал бауагътой. Се ‘хсæн бацыдысты. Хæцæн дæр ын нал уыд—гæнах басыгъд. Йе ‘фсымæртæ дæр æй нал бауагътой. Бæтæ æмæ Маринейы æрцахстой æмæ сæ Ерыстау æлдармæ акодтой. Бæтæйæн ма дыууæ ‘фсымæры сæ хæдзары баззад. Ерыстау æлдар Маринейы Къахетмæ фæстæмæ Цоллахъы фыртæн арвыста, Бæтæйы та Хъанцелы мæсыджы хъоргъы ауагъта. Бæтæйы йе ‘фсымæртæ уайтагъд балхæдтой æмæ фæстæмæ Дзимырмæ æрбацыд. Марине та Цоллахъы фыртмæ, куыд уыд, афтæ кæркгæс цагъарæй баззад. Афонтæ цыдысты. Рæстæг ивта. Рухсаг уæд, Уырысы паддзах Алыцсандр II цагъарты куы ссæрибар кодта 1861 азы, уæд Марине дæр зæрондæй ссæрибарис æмæ Калакмæ ацыд æмæ уый йæхи æмхуызон зæронд болкъон мой скодта. Иуцалдæр азы ма ацард, стæй уый дæр амарди. Рухсаг уæнт!

САУДАРÆГ УС

Кавказы хохæн йæ астæу алыг кодта Хъуды комы нарæг. Йæ фгæрсты, уæйгуытау, бадынц стыр бæрзонд гæмæх хæхтæ, алырдæм фидар цæстæнгас дæттынц. Хуссарцæгæттæ, къуырфбын лæнчытæ дидинæгæй алы хъулон хуыз æвдисынц, сæ хорз тæфæй, сæ рæсугъд уындæй лæджы зæрдæ рухс кæны. Урссæр къæ.дзæхтæ хуры скастæй, æвзистау, æрттивынц. Сау суадæттæ хæлхæлгæнгæ денджызмæ тындзынц. Нард фосы дзугтæ, миты хъæпæнтау, урсурсид дарынц. Ацы дзæнæтон бæстыл фæцæйцæугæйæ, лæджы зæрдæ афтæ схорз вæййы, æмæ арвы милтыл йæхи асæрфы. Фæлæ сæрд афтæ хорз куыд у, уыйас та зымæг талынг зындон цæрæн у. Хицæнæй Хъуды комы зымæг мит фылдæр уары, уый тыххæй, æмæ цæгатфарс тымыгъ Кавказы хохы сæрты миты хьæпæнтæ, ингæнмæ калæгау, фæкалы. Нарæг кæмтты уæлхох фæзты мит лæджы æмбæрц ныууары.

Раст Хъуды комы, Арагуийы доны фарс, иу рæсугъд уæлхох фæзы царди дыууæ ‘фсымæры—Таджи æмæ Дзама. Дыууæ дæр æнæзæнæг уыдысты, фæлæ сæ хъæздыгдзинадæй æмæ рæдау, кæрдзындæттонæй хохы дыууæ фарсы адæмыл сæ хорзы кой айхъуысти. Кæддæриддæр адон бæлццон цæуджытæн хъæлдзæг æмæ рæдау фысым уыдысты. Адæм сын бирæ фæкуывтой хуыцаумæ, майрæммæ зæнæджы тыххæй, фæлæ уыцы куывтытæ агнæахъазæй баззадысты — Таджи æмæ Дзамайæн зæнæг нæ райтуырди æмæ кæддæриддæр сæ цард æнкъардæй æрвыстой.

Гуырдзыстон Уырысимæ баиукæныны рæстæджы æвзæр стонг азтæ скодта. Хор нал æрзад. Бæстæ бахуси. Адæм сыдæй мардысты, фыццаг сæ хæзнатæ фæуæй кодтой—топп йедзаг хорыл, кард йæ кæрддзæмы дзагыл, уый фæстæ сæ зæнæджы райдыдтой уæй кæнын* (* Мæ фыды фыд Залиа уыцы рæстæджы иу чызг балхæдта æртæ сысчыйы мæртæй, йæ ном хуынди Майæ (автор).).

Æрæгвæззæг уыдис æмæ арв хъулæттæ кæнын райдыдта. Цæгат фарсы миты уазал йæ нысæнттæ равдыста, Сау мигъты тымбылтæ хохæйхохмæ лиуырдтой. Адæмы зæрдæ тынгдæр æрæнкъард, æрмæгуыр, хъуыдытæ æвзарæны цыдæр саумигъ æндæрг абадт, зæрдæ цыдæр зындоны цардмæ æнхъæлмæ касти, саутар, сау мылазон æхсæвидар дзы йæ ныхтæ ныссагъта, æмæ кæдæм аирвæзтаид, уымæн фæрæз нæ зыдта.

Раст Косетмæ хæстæг, Арагуийы доны фарс, иу къуыбырыл цард Арагуийы æлдар. Иу бон æлдарæн йæ ус афтæ зæгъы:

—Лæгай, зымæг æрцæуы æмæ цы хæрдзыстæм, уый нæ зонын, иу мæрты дзаг нæм хор нæй, нæ хæзнатæ фæуæй кодтам, ницыуал нæм ис, нæ цагъартæй дæр хор, фос никæмæ ис, цы ма сæ райсæм? Фыдæлты æмбисонд афтæ у: «уæрдон, дам, дын суг куы нæ ласа, уæд, дам, дын йæхæдæг суг у». Уæртæ Глахайы чызг æмæ лæппуйы ахæсс æмæ сæ искуы хорыл ауæй кæн.

Æлдар уæлдай ницыуал загъта æмæ йæ усы дзырдыл сразы æмæ дыккаг бонмæ сæмгъуыд кодтой.

Æхсæвы уазал дуг скодта. Мит фæлдзæгъдæг хъæпæнтæ æвæрдта. Цæгатфарсы миты уазал йæхи хæстæгæйхæстæгдæр ласта, кæд ма Кавказы хъæбатыр хæхтæ урæдтой, уæддæр сæ сæрты лиуырдта æмæ сау мигъы тымбылтæй дзæнæтон лæнчытæ æмбæрзта. Адæм дис кодтой, «ахæм фыдуазал, фыддуг никуы федтам» дзырдтой.

Иу мæгуыр ус æмæ лæг — Глаха æмæ Марта, зæгъгæ, уыцы æлдары фарсмæ цардысты. Æхсæвы, хæдзары, арты фарсмæ, нымæты зæронд сæ быны, хъисын пæлæз сæ уæлæ, æрхуыссыдысты. Сæ сывæллæтты — чызг æмæ лæппу — сæ астæу бакодтой æмæ сын аргъæуттæ кодтой, цæмæй се стонг ферох кодтаиккой. Фæлæ стонг æмæ уазалæй бирæгъ дæр тæрсы, нæ фынæй кодтой, куыдтой, кæрдзын агуырдтой, маст æмæ стонгыл тых хуыссæг кæм нæу æрæджиау банцадысты, бафынæй сты.

Дыккаг райсом хъарм хурбон скодта. Дунейы рæвдауæг хурзæрин хохмæ тын анывæзта. Къæдзæхтæ, сыгъзæринау, сæрттывтой. Заехх бахъарм. Мæргътæ зарын байдыдтой. Адæм хурмæ рацыдысты. Глаха дæр йæ хæдзары дуармæ йæ ус æмæ сывæллæттимæ бадти, хурмæ сæхи тавтой, æхсæвы уазалы æфхæрддзинад сæ зæрдыл лæууыд, æмæ хур сфæлдисæг хуыцауæн арфæ кодтой.

Æвиппайды сæ разы æрбалæууыд æлдары лæгмоурау æмæ сын афтæ зæгъы:

— Уæ сывæллæтты уын æлдар йæхимæ куры. Глаха æмæ йæ ус æрвдзæфтау фесты, ницыуал базыдтой, мæстæй сæ зæрдæ сыгъд æмæ æрдæг æууылдтытæй афтæ зæ гъынц:

— Цымæ æлдар нæ сывæллæттæй цы кæны? Æлдары лæг йæ сины сæрыл фæхæцыд æмæ сыл фæхъæр кодта:

— Уый мæ хъуыддаг нæу, цы сæ кæна, уый йæхи бар у. — Чызг æмæ лæппуйæн сæ къухтыл фæхæцыд æмæ сæ æлдармæ акодта.

Чызгыл цыдаид авд азы, лæппуйыл та фараст, йе дæс азы. Бæстæ кæуын, хъæр сси. Глаха æмæ йæ усы кæуынæй, сывæллæтты цъæхахстæй къæдзæхтæ арыдтой, зæхх æнкъуысти, мæгуыр адæмы зæрдæ тъæппытæ хаудта, фæлæ сын фарсдар, сæрхъызæг рауайæг кæй бон уыди, æмæ алчи йæ мæгуыр сæйæны ныссади.

Глаха æмæ йæ ус сæ сывæллæтты фæдыл æлдары хæдзары дуармæ кæугæ бацыдысты æмæ сæ зонгуытыл æрхаудтой. Æлдар уæладзыгæй ракасти æмæ афтæ зæгъы:

—Атæрут уыцы хæрджыты, сæ хъæр сын куыд нæ хъусон, афтæ. Глаха æмæ йæ усы æлдары лæгтæ, гуыппытæгæнгæ, кæрты дуарæн федде кодтой.

Глаха æмæ йæ ус кæугæ æмхасæн æлгъитгæ рацыдысты. Æлдар сæ кæцæйдæр фехъуыста æмæ схъæр кодта:

— Хосро, Хосро, — зæгъгæ.

Хосро йæ размæ æрбауад — иу рæсыдгуыбын лæг, æмæ йын афтæ зæгъы:

— Зæгъ лæппутæн, æмæ уæртæ уыцы дыууæ зæрондæн надæй сæ царм куыд растигъой, афтæ.

Хосро лæппутæм фæдзырдта æмæ æцæг дыууæ зæрондæн надæй сæ царм растыгътой, сæ буар цъæх тæппал сси. Ус куыддæр йæ хæдзармæ бахæццæ, афтæ йæ уд систа, фæмарди. Мæгуыртæ æрæмбырд сты, Глахайæн йæхи хуызæттæ, фæкуыдтой тæригъæдтаг мардыл, се ‘намонд дугыл æмæ йæ баныгæдтой. Глаха дæр йæ усы фæстæ бирæ нал ацард, уый дæр амарди.

Глахайæн йæ усы цы бон ныгæдтой, раст уыцы бон æлдар дыууæ сывæллоны, хордзенты мидæг, бæхыл йæ фæсарц ахаста уæймæ. Сæ ныййарæг мадыл кæугæ, дзыназгæйæ, чызг æмæ лæппуйæн бæхы фæрстыл сæ цæстысыг лæсæнтæ уади, фæлæ уæддæр æлдары зæрдæ цъæх уираг дурæй хъауджыдæр фæлмæн кæкын нæ бакуымдта. Дур батадаид, къæдзæх бадон уыдаид, цæстысыг фестадаид уыдон кæуын, дзыназынмæ, фæлæ уæддæр æлдары зæрдæмæ æрдуйыйас фæлмæндзинад не ‘рцыд.

Хур фæцæйныгуылди, хæхтæн ма йæ сыгъзæрин тынтæй фæстаг хатт салам лæвæрдта, æризæрис, æвæццæгæн, æмæ хур дæр уыдон тæригъæдмæ кæсын нал фæрæзта æмæ йæ бынатмæ тындзыдта, афтæ æлдар Таджийы хæдзары дуармæ бахæццæ æмæ салам радта хæдзары хицауæн:

— Де зæр хорз уæд, Таджи, — зæгъгæ. Таджи дæр йæ рады арфæ ракодта:

—Хорзæй цæрай æмæ нæм æгас цу!

Уазæджы бæхæй æрхизын кодтой, сывæллæтты дæр æрисой бæхæй æмæ сæ хæдзармæ бакодтой.

Таджи æмæ æлдар арты фарсмæ бандоныл æрбадтысты. Таджи æмæ Дзамайы æнæзæнæг дыууæ усы сывæллæттыл цинтæ, мондæгтæ кодтой, рæвдыдтой сæ æмæ сæ кæуынæй банцадысты, фæлæ ма уæддæр кæуынхæкъуырццæг кодтой.

Æлдарæн нæл фыс аргæвстой, уæларт нард нæл фысыфыд фыхт. Стыр арт фæйлауæнтæ кодта. Таджийы ус æфсинад райдыдта, хæбизджынтæ фырдзадæджынæй улæфыдысты. Æхсæвæр сцæттæ æмæ фынг æрæвæрдтой — хæрд, нозт бирæ. Цæмæйдæриддæр Таджи хъæздыг царди: дойныйæн бæгæны нуæзта» зæрдæрухсæн та — арахъхъ. Бæрц бинонтæ æмæ зæхджын лæг, хор сæм зæрондæйзæрондмæ зад. Фæминас кодтой, фæцæл кодтой. Гаджидау гаджидауы сæрты хызт. Хæрд фесты æмæ сæ фынг систой. Уæды онг Таджи æлдары нæ бафарста, цæвиттон, афтæ уыд Таджийæн йе ‘гъдау, цалынмæиу уазæгæн кæрдзын бахæрын кодта, уалынмæиу æй хабарæй нæ фарста. Ныр йæ рæстæг куы ‘рцыд, кæрдзын куы бахордтой, уæд æлдарæн афтæ зæгъы:

— Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ кæдæм цæуыс, ацы сывæллæтты кæдæм кæныс?

Æллар йæ рихи аздыхта æмæ афтæ зæгъы:

— Хор уæййаг агурын, мæ цагъартæ смæгуыр сты, ницыуал сæм ис, цы сæ райсон æмæ ацы дыууæ уацайраджы хорыл уæймæ рахастон, — загъта.

Таджи æмæ æлдар чызг æмæ лæппуйы аргъыл дзурын райдыдтой. Бирæ радзурбадзур фæкодтой, Таджи чысыл лæвæрдта, æлдар та бирæ агуырдта. Æрæджиау бафидыдтой дæс мæрты хорыл, аныхæстæ ма кодтой æмæ схуыссыдысты. Дыккаг бон раджы сыстадысты, сæхи цæхсадтой. Хæрд, нуæзт та йын сцæттæ кодтой, хорз та йæ федтой, стыр къутуйæ йын хор сæвгæдтой, дæс мæрты йын сбарстой, æмæ æлдар йæ хæдзармæ ацыди. Чызг æмæ лæппу Таджи æмæ Дзамайæн баззадысты.

Таджи Дзамайæн бар бауагъта, чызг æмæ лæппуйæ иу Таджийы номыл куыд уыдаид, иннæ та Дзамайы номыл, афтæ. Дзама йæхицæн лæппуйы райста, чызджы та Таджи йæ номыл хаста. Таджи чызг æмæ лæппуйыл нæмттæ сæвæрдта: Гуырдзыхан æмæ Гуырдзыбег.

Чызг æмæ лæппу дзæвгар афонты мысыдысты, сæ ныййарæг мад æмæ фыды нæ рох кодтой. Фæлæ рæвдауаг æмæ фæлмæн æнæ ныййаргæ мадæлты узæлынрæвдауынæй Гуырдзыхан æмæ Гуырдзыбег тагъд ферох кодтой гуырдзиаг æвзаг æмæ сæ ныййарæг мад æмæ фыды дæр.

Лаеджы зæрдæ царды асинтыл уæлæмæ хизы, йæхи уæлвонг сисы æмæ арвы милтыл йæхи асæрфы, бæрзондæй рафæлгæсы, цайргæсау, дунейы рæсугъддзинæдтæ йæ разы тыбартыбыр кæнынц, цард æм йæ мидбылты худы сауæрфыг чызгау, фæлæ уыдон иу цæсты ныкъуылдмæ сты. Гуырдзыбегыл ацыдаид фынддæсæхсæрдæс азы, афтæ фиййау цæуын райдыдта. Таджи аемæ Дзама сæхи æнæзæнæг нал хуыдтой. Каеддаериддæр сæ хаедзарæй зарыны хъæр хъуысти.

Иу сæрдыгон бон Гуырдзыбег йæ фос сæрвæтæй сæухиз дудынмæ æртардта. Гуырдзыхан æмæ Гуырдзыбег дæр устытимæ кæрты фос дыгътой, Дзама та хæдзары уæлувадыл бадтис æмæ топп сæрфта, фосдуцджытимæ хъазыди, йæ фос, йæ бинонты уындæй йæ зæрдæ рухс кодта, æвиппайды топп фæдзæгъæл, гæрах, Æмæ Гуырдзыбег æхсыры къæртайы размæ басхъиудта. Гуырдзыбегæн нæмыг раст йæ ныхы стæгыл сæмбæлди æмæ иннæрдыгæй магъзы фæрчытæ атыдта. Устытæ йыл амбырд сты, Дзама дæр нызгьордта, фæлæ ма Гуырдзыбег æртæ хатты йæ гæндзæхтæ ацагьта æмæ йæ уд систа. Дзама фæстæмæ фæзылд æмæ хæдзары смидæг, топп аивтыгъта æмæ йæ уый дæр йæхиуыл ныциавта æмæ хæдзары астæу уæлгоммæ бахаудта.

Бæстæ кæуынæрдиагæй хъæр сси. Устытæ сæ рустæ ныттыдтой, кæрæдзийы сæры хъуын бындзыггай истой. Адæм сыл æрæмбырд сты, сæ тæригъæдæй уыдон дæр куыдтой, дзынæзтой. Таджи уым нæ уыди, уыгæрдæнтæ сгарæг ацыд, хосгæрдæн æрæввахс æмæ уыгæрдæнтæ бæрæг кодта. Таджимæ дæр хъæргæнæг арвыстой æмæ уый дæр æрцыд. Алчидæр зоны, уый дæр цы кодтаид, уый.

Таджи зæппадз самайын кодта. Æртæ бонмæ зæппадз сцæттæ ис, Дыууæ галы хæрнæгæн аргæвста, æртæ комы æрхуыдта. Адæм сыл фæкуыдтой, фæхъыг кодтой, Гуырдзыбег æмæ Дзатлайы зæппадзы сæвæрдтой, «рухсаг ут, рухсаг» загътой æмæ раздæхтысты. Адæм хæрнæг бахордтой æмæ алчи йæ хæдзармæ яцыд. Æрмæст ма хæдзарæй хъуыстис Дзамайы усы хъарджытæ.

Афонтæ цыдысты, рæстæг ивта. Таджи дæр йæ мæстытæ, йæ зиæнттæ ферох кодта, æмæ та цард йе ‘гъдауыл хæтын райдыдта.

Раст Терчы доны фарс иу хуссар рæбыны царди æртæ ‘феымæры, сæ кæсдæр джиргол, зæгъгæ. Уыдон дæр æнæзæнæг уыдысты. Иу уалдзыгон бон джиргол Таджимæ æрцыд. Таджи хæдзары дуармае бадт æмæ йын джиргол салам радта:

— Дæ бонтæ хорз уæнт!

— Хорзæй цæрай, лæппу, хорзæй цæрай! Цæвиттон, уыцы рæстæджы зæронд адэем лæппутæм сæ номæй нæ дзырдтой.

— Цом, мæ хур, хæдзармæ, кæрдзын ахæр, бæлццон дæ æмæ дын стонг уыдзæн.

джиргол арфæ ракодта, фæлæ йæ Таджимæ хъуыддаг кæй уыд, уый тыххæй дарддæр ницыуал загъта æмæ хæдзармæ бацыдысты.

Раст сихорафон уыд æмæ сын Гуырдзыхан фынг рахаста, хæрд, нуæзт æмæ минас кæнын райдыдтой. Гуырдзыхан сæ разы уырдыг лæууыд æмæ сын арахъхъ лæвæрдта. Гуырдзыхан æмæ джиргол кæрæдзи куы федтой, уæд кæрæдзийы уарзондзинадæй сæ зæрдæ ссыгъди, цыма сын сæ зæрдæ тæвд æфсæйнаг тæлы æрбалхъывта, иу дзырд дæр сæ бон нал уыди.

Уарзондзинады тых афтæ у, æмæ дыууæ уарзоны кæрæдзи куы фенынц, уæд сæ бон сдзурын нал вæййы, кæд бирæ кæрæдзийæн ныхас кæнинаг вæййынц, уæддæр. Зæрдæйы уарзондзинады хыз æрцахсы, хурхы уадындзтæ адымсынц, зæрдæ къултыл йæхи хойын сисы, цалынмæ йæ рæстæджы дæргъдзинад æрынцайын кæны, уалынмæ. Ахæм дуг уыд джиргол æмæ Гуырдзыханыл дæр. Куыддæртæй хæрд фесты æмæ сын Гуырдзыхан сæ фынг систа. Уыцы бонæй фæстæмæ джиргол æмæ Гуырдзыхан кæрæдзи уарзондзинадæй, артау, сыгъдысты, пиллон уагътой.

Уæлдæр куыд загътон, уымæ гæсгæ, Таджи цалынмæ уазæгæн кæрдзын бахæрын кодтаид, уалынмæиу æй хабарæй нæ фарста, ныр кæрдзын хæрд куы фесты уæд ын афтæ зæгъы:

— Лæппу, цы хъуыддаг, цы хабар дæм ис?

— Ницы, фосхизæн æфцæг æххуырсынмæ дæм æрбацыдтæн, — къæмдзæстыггомау загъта.

Таджи æмæ джиргол фондзыссæдз фысæн иу фыс хизæггагыл бафидыдтой æмæ джиргол йæ хæдзармæ ацыд.

Ралæууыд уалдзæг. Зæхх арт фестад, бæстæ змæлæг ссис. Цард йæ мидбылты худти. Зæрдæ фаг сулæфыд. джиргол дæр йæ фос Таджийы бæстæм æртардта, иу рæсугъд рæбынауы дарæн æрцарæзта æмæ йæ фос хизын райдыдта. Таджи дæр йæ фос джирголы фосимæ схæццæ кодта æмæ иумæ хызтой. Гуырдзыхан алы сæухиз афон уæтæрмæ фос дуцынмæ цыд, æмæиу йæ зæрдæ сусæг уарзондзинады цæхæрæй судзгæ æрцыд.

Иу бон та Гуырдзыхан фос дуцынмæ ссыд æмæ йын джиргол афтæ зæгъы:

— Чызгай, æппын мын тæригъæд нæ кæныс? Дæ уарзондзинадæй мæ зæрдæ сфыхт, сфизонæг. Нал фæразын. Уæд та мæ маргæ куы акæнис! А мæ дамбаца дын æмæ мыл æй цæв. — Æмæ йæм йæ дамбаца бадардта. Чызджы фæлмæн зæрдæйæн ма уыцы иу ныхас хъуыд, æмæ атыппыр, адæнгæл. Уарзондзинадæй хурхы уадындзтæ арæсыдысты æмæ джирголы хъæбысмæ æнæдзургæ йæхи баппæрста. Бæстæ фæхъуси, фæсабыр. Дыууæ дзыхы кæрæдзийыл сасмау андæгъдысты, афтæмæй бирæ, тынг бирæ генцад алæууыдысты, стæй фосы фарсмæ цъæх сгæллады хуызæн кæрдæгыл бахаудтой, фосы æмбис æнæдыгъдæй баззад, афгæмæй хизæнуатмæ дзæгъæл ацыдысты. Хуыцау зоны, кæдмае фæбадтаиккой уыцы ран, æндæр фиййау сын се ‘нцойдзинад куы нæ фехæлдтаид, уæд Фиййау къуыбырæй ныхъхъæр кодта, «джиргол, дæ фос дзæгъæлы фæцæуынц», зæгъгæ. Фиййауы хъæрмæ фестадысты, джиргол йæ фосмæ ацыд, Гуырдзыхан та — йæ хæдзармæ. Уыцы бонæй фæстæмæ уыдонмæ дыууæ зæрдæйы нал уыди, фæлæ сæ зæрдæтæ уарзондзинады сасмæй баныхæстыты, баиу сты æмæ се ‘хсæн æмбæхст ницыуал уыди. Дзырд бакодтой, куыд уыдон ус æмæ лæг уыдзысты, кæрæдзи нал фæсайдзысты, ууыл сомы бакодтой, ард бахордтой.

Æрæгвæззæг æрцыд. Арв хъулæттæ кæнын райдыдта. Хохы цыргъытыл мит æрхæцыд. Цæгат фарсы тымыгъ риуыгътыта? систа, æфцæгæйæфцæгмæ сау мигъы тымбылтæ хаста. Дзæнæтон хæхбæстæй мæргъты зарын нал хъуыст — хъарм бæстæм атахтысты. джиргол дæр йæ фос йæ хæдзармæ атардта.

Нæ хæхты зымæг цух нæ уадзы, мит æруарыд, æрæхгæдта, зæххæй сауы къуыбыр нал фæзынд. Гуырдзыхан мæллæг кæнын райдыдта, уæды онг бинонты хъазæн хъул, ныр йæ дзыхæй дзырд нал хауы, нынкъард, ныффæлурс. Иæ хъуыдытæ иууылдæр джирголы уарзондзинады хызы ахст фесты æмæ æдзухæй Арвы комы нарæгмæ каст джирголы фæстæ.

джиргол дæр цолайæцоладæр кодта, йæ фос ныууагъта> хæдзармæ йæ хъус нал дардта, йе ‘фсымæртæн буцтæ кодта, ус ын æрæгмæ кæй куырдтой, уый тыххæй. джирголæн йе ‘фсымæртæ хъуыддаг тагъд бамбæрстой æмæ йын ус курын фæнд скодтой.

Уалдзæг æрцыд. Зæхх сулæфыд. Бæлæстæ сыфтæр æфтыдтой. Æрнæджытæ дидинæгæй алы хъулон хуыз равдыстой, сæ хорз гæфæй лæджы зæрдæ рухс кодта. Хурыскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ йын бæлæстæ фæлмæн хъырныдтой. Мæргътæ сæрибар зарджытæ кодтой. Уазал зымæг æфхæрд фосы дзугтæ кæрдæгæфсæстæй сынæр цагътой. Иудзырдæй, бæстæ хуыссæгæй райхъал æмæ бæрæгбон кодта.

Иу бон джирголы хистæр æфсымæр Бицикъо афтæ зæгъы:

— Цом, æз Таджимæ цæуын, æмæ йын йæ чызджы джиргонæн усæн ракурæм.

Бинонтæ иууылдæр сразы сты. Бицикъо йæ лæдзæг райста æмæ ацыд.

Раст хур фæцæйныгуылд, афтæ Гаджийы хæдзармæ бахæццæ æмæ салам радта хæдзары хицауæн:

— Дæ изæртæ хорз уæнт, Таджи.

— Хорзæй цæрай, Бицикъо, æмæ æгас цу!

Æгъдаумæ гæсгæ аныхæстæ кодтой, кæрæдзи афарстой æмæ хæдзармæ бацыдысты, бандоныл æрбадтысты æмæ ныхас кæнын райдыдтой: рæстæджы тыххæй, кæрдæджы, фосы тыххæй. Уалынмæ æхсæвæр сцæттæ. Гуырдзыхан фынг рахаста æмæ сын æй сæ разы авæрдта. Чызг сæ разы уырдыг лæууыд æмæ сын нуæзт лæвæрдта. Таджи æмæ Бицикъо цæрæнбонты гаджидаутæ нуазын райдыдтой. Хорз куы банозтджын сты, уæд Бицикъо чызг курын æрæмысыд. Гуырдзыхан цайдан фынджы раз авæрдта æмæ кæмдæр амбæхсти.

Бирæ радзур-бадзуры фæстæ Таджи сразы ис æмæ йæ чызджы джирголæн усæн радта. Ирæды тыххæй бирæ нæ фæдзырдтой. Бицикъо алцæуыл дæр разы уыд æмæ дæс æмæ дыууиссæдз хъугыл бафидыдтой. Бицикъо дард æмгъуыд не скодта, фæлæ къуырийы фæстæ Таджи ирæд исынмæ куыд æрцыдаид, афтæ. Куыд загътой, афтæ сæ хъуыддаг дæр скодтой. Таджи къуырийы фæстæ ирæд райста æмæ дыууæ уарзонæн сæ зæрдæ æрæнцад.

Сæрд аивгъуыдта. Адæм хор, хос æркарстой, бафснайдтой. Доны былтыл их фæхæцыд. Хохы цыргъытыл зымæг йæ урс кæрц æрæмбæрзта. Хур адарди. джиуæргуыба æрцыд æмæ джирголæн ус æрхастой.

Азтæ цыдысты, рæстæг уыцы саутар мылазонæй хаста. Гуырдзыстоны паддзахад бамынæг, бахуыссыд. Сæ бæстæ хъахъхъæнын нал фæрæзтой. Кавказы адæмы мыггæгтæ кæрæдзимæ лæбурдтой, кæрæдзи фос тыхæй тардтой, истой, давтой. Иудзырдæй, тынг змæст рæстæг уыди.

Лæг сырдæй сырддæр сырд у. Цæст не ‘фсæды, зæрдæ лæбуры, йæхицæй мæллæгдæр, æдыхдæры цард халы, йæ ис, йæ фæллой йын тыхæй исы, давы. Стыр зондджын лæгтæ бирæ сæдæ азты фæкуыстой, сæ хъару, сæ зонд иумæйаг уарзон æцæгдзинады царды тыххæй бафæллайын кодтой, фæлæ бирæ нæ бафæрæзтой лæджы зæрдæ сфæлмæн кæнынæн. Бирæ сæдæ азты дæр фæкусдзысты зондджын адæмтæ, цалынмæ адæймаг базона уый, кæцæй рацыд, цы у æмæ кæдæм цæуы.

Иу æрæгвæззæг раст æмбисæхсæв Таджимæ бадзырдæуыд:

— Уазджытæ, уазджытæ, Таджи!

Таджи хуыссæнуатæй фестад. Устытæ арт акодтой. Таджи дуар фегом кодта æмæ уайтагъд хæдзары астæу фондз æдгæрзтæ лæджы æрбалæууыд. Таджи уайтагъд хъуыддаг фембæрста, уазджыты ‘фсон абырджытæ кæй уыдысты, уый, æмæ фæстæмæ йæ гæрзтæм фæзылд. Абырджытæ Таджимæ фæлæбурдтой æмæ йын йæ къухтæ синагæй абастой. Абырджытæ та уыдысты дагъистайнаг адæм (лекъ). Таджийы ус уаты нывæрзæнæй хъама фелвæста æмæ йæ абырджытæй иуæн йæ гуыбыны раст фистоны онг ныссагъта. Иу æртæ хатты ма йæ гæндзæхтæ ацагъта æмæ йæ уд систа. Иннæ цыппар лæджы кæрдтæ фелвæстой, Таджи æмæ йæ усы лыстæг къуыхтæ скодтой. Дзамайы усы рацахстой, синагæй йын йæ къæхтæ сбастой, хæдзары цыдæриддæр ссардтой, æхцайæ, фосæй, хæзнайæ, Дзамайы ус дæр семæ, æртыккаг бон Дагъистаны балæууыдысты.

Дыккаг бон, Таджийы хæдзары змæлæг куы нæ уал уыди, уæд адæм афæдис кодтой æмæ хæдзары астæу Таджи æмæ йæ усы къуыхтæ, мардæй туджы малы ссардтой. (Таджи хъæуæй хицæн царди). джиргол æмæ Гуырдзыханмæ хъæргæнæг арвыстой æмæ æрцыдысты. Адæм сыл фæкуыдтой, фæхъыг кодтой æмæ сæ Дзама æмæ Гуырдзыбеджы фарсмæ зæппадзы сæвæрдтой. «Рухсаг ут, рухсаг» загътой æмæ раздæхтысты. Гуырдзыхан Таджийы рæхыс йе ‘фцæджы бафтыдта æмæ йæ хæдзармæ ацыд. Гуырдзыхан сау скодта, барысчъи дардта афæдзы бонмæ.

Цæй, ныр уал Дзамайы усы хабар фæуадзæм æмæ Гуырдзыханы хъуыддаг радзурæм.

Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæныны онг Хиуы комы цард иу хуымæтæджы хиуаг мыггаг. Гуырдзыстон Уырысимæ куы баиу сты, уырысы æфсæдтæ Гуырдзыстонмæ цæуын куы систой, уæд адæм дыууæ дихы фесты: иутæ уырысы фарс уыдысты, иннæтæ сæ Гуырдзыстонмæ цæуын нæ уагътой. Ацы хиуаг мыггаг дæр уырысы фарс уыдысты æмæ сын фæндæгтæ амыдтой, слымæн кодтой уырысы хицæуттимæ, уырыссагау базыдтой цыдæр салтайбалтайтæ, æмæ сын хæрзиуджытæ лæвæрдтой. Уæды онг хуымæтæджы хиуаг мыггаг уый фæстæ хохы адæмæн æлдар сси, æгас хохы адæм сæ армы дзыхъхъы æрбатымбыл кодтой, æмæ сæ сызмæлын нал уагътой, фыдæбонæй сæ мардтой.

Кæддæриддæр æдых тыхджынæн — дондзау, алчи сæм йæхи хæстæг ласын байдыдта, хъантæ сæ хастой, джирголы фыд дæр уыдонæй йæхицæн хъан схаста, Теджиа, зæгъгæ. Теджиа фыдлæг, фыдæгъдау разынд, æнæууæнк, æнæард, иудзырдæй; хæстæг, хицонæн нæ бæззыд.

Гуырдзыханы ма йæ афæдзы бонмæ барысчъи сау дарын дыууæ къуырийы хъуыд, афтæ, Мынайы дзуарыбоны, Теджиа джирголтæм бацыд йе ‘мцеччы хæдзармæ.

Хæдзары æрмæст Гуырдзыханы йедтæмæ ничи уыд, иннæ бинонтæ иууылдæр дзуары уыдысты. Теджиайыл Гуырдзыхан фæцин кодта, куыд сæ хæстæг, сæ хъан, æрхизын æй кодта æмæ йæ уатмæ бакодта, хæрд, нуæзт, хорз æй федта. Теджиа куы банозтджын, уæд усимæ аенгефсарм ныхæстæ райдыдта. Гуырдзыхан фырмæстæй йæ дыууæ æрфыджы астæу хъæды сынчъыйас фелхынцъ кодта, цæсгом афæлурс æмæ афтæ зæгъы: — Ау, нæ згьан куы дæ, нæ хæстæг, нæ урс æхсырæй дæ куы схаетам, саударæг ус куы дæн, уæд куыдтæ дзурыс, цытæ дзурыс, худинаг дын нæу, — æмæ æнæдзургæйæ дуармæ фездæхт.

Теджиа усы рацахста, йæ хъæбысы йæ æрбатымбыл кодта амæ йæ сынтæджы баппæрста. Ус хъæр кодта, тæлфыд, йæ гæндзæхтæ цагъта, фæлæ йæ бон ницыуал сси, цы дардыл дзурын, æнæууæнк хиуаг йæ чъизи зæрдæйы фæнд сæххæст кодта æмæ ацыди.

Гуырдзыхан йæ фæстæ атутæ кодта æмæ афтæ зæгъы:

—Ту, хиуаг хæрæг! Ту, хиуаг æнæууæнк куыдз!—æмæ скуыдта. Гуырдзыхан фæстæмæ фездæхт кæугæ æмæ уаты къуымты рацагур-бацагур акодта æмæ сынтæджы бынæй йæ уыртты бос синаг айхæлдта æмæ йæ уаты цары уæладзæныл фидар абаста æмæ, кæугæйæ, афтæ зæгъы:

— 0, хуыцау, бæрзондыл бадæг, Мынайы Майрæм, Хъуды Майрæм, сымах зонут мæ рæстдзинад, мæ тæригъæд хæссæг сымах фæут, уе ‘вджид кæнын мæ тæригъæддаг æнамонд уд.

Ацы цыбыр, фæлæ зæрдæмæ хъарæн ныхæстæ кæнгæйæ, синаг йæ хурхыл æрвæдзæг авæрдта æмæ царыл ауындзæгæй баззад.

Хур акъули, фæцæйныгуылд, адæм дзуары бынæи æрцыдысты æмæ хъæуы уынджы хъазт скодтой. Уалынмæ джирголы хæдзарæй кæуыны хъæр ссыди. Адæм бафæдис кодтой, цы хабар у, — зæгъгæ, æмæ синаг айхæлдтой, фæлæ æгæр ферæджы. Гуырдзыхан амард, æрмæст ма синаджы феуæгъдимæ йæ сау цæстытæ фæирд кодта, чи зоны, мæрдты ‘гъдауæй загъта, джирголы ма куы фенин, зæгъгæ. Адæм радзур-бадзур систой, цæмæн йæхи амардта, цы маст дзы бацыд, йæ моимæ уарзонæй куы цард, дзырдтой, фæлæ ницы фæндаг ссардтой хъуыддагæн æмæ адæмы ‘хсæн æмбæхстæй баззад. Гуырдзыханыл адæм фæхъыг кодтой æмæ йæ баныгæдтой, «рухсаг у, рухсаг, бецау» загътой æмæ сæ хæдзæрттæм ацыдысты,

Маст лæджы æнафоны зæронд кæны, — джирголæн йæ сау рихитæ, æрæгвæззæджы фæсалау, фæхалас сты, йæ астæу фæгуыбыр, цæсгом ныффæлурс, фенцъылдтæ, æрфгуыты астæу лæгъз ных фæугард, йæ хъуын барц сбадт, иудзырдæй, джирголы уындджын, рæсугъд цæсгом кæуын цæстæнгас равдыста. Йæ дзуаппджын мæлгъæвзаг къуызгæ дзурын райдыдта. Хуыссæг æй нал ахста, йæ хъуыдытæ иууылдæр Гуырдзыханы ингæны уæлхъус сау марой зилахар кодтой. Бон-иу йæ уаты дуармæ æнкъардæй бадти, æхсæв та-иу Гуырдзыханы ингæны уæлæ кæуынмæ цыд. Нæй ахæм сусæгдзинад, чи нæ раргом уа.

Теджиа æнæгъдау, рæуæг лæг уыди, алы дзæгъæлдзæуаг устытимæ лымæнтæ кодта, расыгæй-иу ахæм устытæн йæ тæригъæдтæ æнæфсарм фæдзырдта.

Иу хатт Теджиа Къобы йæ лымæн устытæй Госæзи, зæгъгæ, уыимæ сæмбæлдис æмæ та йæ фыдуаг æгъдæуртæй хæйрæджы зæрдæрухс кодта. Æхсæвы Гуырдзыханы хъуыддаг Госæзийæн радзырдта, фыны йæ куыд фены, уыдæттæ йын загъта. Райсомы та Теджиа йæ хæтгæ цардæй Сæнайы ‘рдæм афæндараст. Кæй зæгъын æй хъæуы, Госæзи Теджиайы йедтæмæ æндæр ахæм лæгты зæрдæ дæр нæ хъыг кодта æмæ Гуырдзыханы хиамарыны хабар кæмæндæрты радзырдта. Уыцы сахат дзырд уады бæхыл абадти æмæ Ирыстоны къуымты æрзылд. Адæм æргом дзурын байдыдтой, Гуырдзыхан Теджиайы тыххæй йæхи кæй амардта, уый. джиргол дæр æй фехъуыста æмæ Теджиайы марыны фæнд скодта.

Хуыцау бирæ бары, фæлæ æгæр тæригъæд нæ бары. «Мæлæты фæндагыл, дам, мыд ныччынди». Иу бон Теджиа джирголмæ æрхызт æнæхонгæ уазæгæй, уаты къæлæтджыныл фæстæдзæг æрбадт æмæ та расыгæй, æрфгуытæ æлхынцъытæ кæнгæ, ныхаестæ кодта. джиргол та уаты къуымы, иннæрдыгæй, æнæдзургæйæ бадт æмæ хъуыдытæ кодта: «Ам æй мæхи хæдзары куы амарон, уæд худинаг у, фæлтау æй цæуын ауадзон, стæй йæ фæстейæ асурдзынæн æмæ йæ афтæмæй амардзынæн» загъта. Теджиа, бухъхъытæ кæнгæйæ, загъдæмхас джирголæй хъазыд æмæ йын афтæ зæгъы:

— Хорз лæг дæ, бæргæ, ахсæ.в мын иу ус куы ссарис, уæд. джирголæн фырмæстæй йæ зæрдæ йæ хъуырмæ ссыд, риу рацæй тыдта, йæхи уромын нал фæрæзта, ноджы йын Теджиа усы кой куы скодта, уæд. Атыдта, арæмыгъта зæрдæ йæ бæттæн. джиргол хъама фелвæста æмæ йæ Теджиайы нард гуыбыны раст фистоны онг ныссагъта. Теджиа къæлæтджыныл дзæгæй баззад, гуыбыны фиу дзæкъулыйас размæ рахаудта. Боны джиргол йæхи сцæттæ кодта, æхсæвы Теджиайы бæхы дымæгыл ныббаста æмæ йæ Окрохъанайæ Къобы æхсæн фæзы аппæрста æмæ абырæг алыгъди.

Ирон адæм, стыр дзыллæ уæвгæйæ, сæхи скуынæг кодтой, иумиаг æфсымæруарзондзинадæй фидар нæ уыдысты, искæйы цæф сын нæ рысти, сæхи æлхыскъыл кæрæдзи мардтой, цагътой. Чи сæм-иу фæхудти, уый-иу сæхи фенхъæлдтой. Æфсымæр æфсымæры нæ уарзта, цæгъдджытæ йæм æххуырста. Уыцы æвзæрдзинæдтæ суанг мах рæстæджы онг дæр ма раххæстысты.

Раст Тырысгомы сивырауты иу хæдзар Семмæрзатæ цард. Иу æхсæв джиргол уыдонмæ бафысым кодта. Семмæрзатæ джирголы туджджынтæн хæрзгæнæг уыдысты, джиргол уый нæ зыдта. джирголы хорз федтой æмæ йæ схуыссын кодтой. джиргол куы бафынæй, уæд ын йæ топпы хъусы дон ауагътой, йæ кард æмæ йын йæ хъама дуртыл фæхырхтой æмæ джирголы туджджынтæм фехъусын кодтой. джирголы туджджынтæ дыууадæсæй Хъасарайы йæ размæ бабадтысты. джиргол кæркуасæнты фестад æмæ рацыди. Хъасарамæ куыддæр рахæццæ, афтæ йæ туджджынтимæ баиу ис. Бæстæ гæрах сси. Топпы хъæр бæстæ арыдта. джиргол дæр топп фелвæста, æруагъта æмæ не схæцыд, кард фелвæста æмæ æрду дæр нал фæкарста, хъама дæр афтæ. Джиргол йæ къухы фыдтæ дæндагæй стыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Цæвут мæ, хæрджытæ, уæ рæстæг у! — æмæ йæ карды æнцой ныллæууыд. Æхсидгæ сау туг йæ фæрстæй цыхцырæгау мызт. Йæ буар тугæй куыд афтид кодта, афтæ æнцад, бæлас кæлæгау, йæхи зæхмæ æруагъта, йæ къухтæ йæ риуыл авæрдта æмæ йæ уд систа. Йæ туджджынтæ ма йыл уæддæр сæ кæрдтæ æвзæрстой.

Дыккаг бон адæмыл айхъуыст джирголы мæлæт, фæдисы ацыдысты, æмгар, хæстæгджын лæг уыд; æмæ джирголы æнæгъдау къухæй мардæй федтой. Адæммæ тынг хъыг фæкастис. Тыхæн æхсар йæ хос бæргæ у, фæлæ бахьуаг сахаты мæгуыры бон цы у. Фæкуыдтой йыл æмæ йæ сынтыл йæ хæдзармæ æрхастой. джирголæн йе ‘фсымæртæ раздæр амардысты æмæ йæ хæдзары æрмæст йæ зæронд мады йеттæмæ ничиуал уыд. Уый тæригъæдæй бæстæ скъуыдтæ хаудта. джирголæн Гуырдзыханы фарсмæ ингæн скъахтой æмæ йæ баныгæдтой, «рухсаг ут, рухсаг» загътой æмæ раздæхтысты. Йе ‘мгæрттæ йын æхсæны хист скодтой æмæ адæм фæйнæрдæм ацыдысты. Æрмæст ма хъуысти джирголы хæдзарæй йæ мады хъарджытæ.

Фæци джиргол æмæ Гуырдзыханы хабар, ныр та Дзамайы усы хъуыддаг радзурæм.

Раздæр куыд загътон, афтæ Дзамайы усы лекъ ахастой Дагъистанмæ, зæгъгæ, уым æй иу Наибæн ауæй кодтой. Уый дæр та йæ æндæрæн ауæй кодта. Афтæмæй уæйтæгæнгæйæ Цæцæнмæ æрбафтыди. Уыцы рæстæджы Тæгиатæ дардыл хаттысты, Дзамайы усы Цæцæны Мамсыратæ балхæдтой æмæ йæ джызæлмæ æрбакодтой. Дзамайы ус иронау хорз нал зыдта, Мамсыратæ йæ куы фарстой, кæцон дæ, зæгъгæ, уæд йæхи бацамыдта Хъудаг. Уыцы номæй йæ хуыдтой Мамсыратæ.

Афонтæ цыдысты. Рæстæг ивта. Уырысы æгъдæуттæ стыхджын сты. Адæмæн сæ бартæ айстой. Мамсыратæ Туркмæ лидзын æрæмысыдысты. Хъудаджы дæр семæ акодтой Арвы комы фæндагыл. Дзамайы ус йæ райгуырæн бæстæм куы бахæццæ, сæ хæдзаруатмæ куы бакаст, Дзама æмæ Гуырдзыбеджы зæппадз куы федта, йæ цард, йæ фыдæбæттæ куы æрæмысыд, уæд йæ зæрдæ суынгæг, ссыгъд, цыма йын йæ зæрдæ тæвд æфсæйнаг тæлы æрбалвæста, скуыдта æмæ сбогъ-богъ кодта. йæ зæронд хус уадултыл цæстысыг лæсæнтæй æркалдта. Йæ кæуынмæ уæлвæндагæй иу зæронд ус, уыцы бæстаг, Тотырдзан, зæгъгæ, æрцыд æмæ афтæ зæгъы: — Бабын уай, цы мæгуыр дæ, цæуыл кæуыс, дæ фæхъхъау фæуон? Дзамайы ус йæхи фæхъæбатыр кодта, йæ фæстаг хъару æрæмбырд кодта æмæ зæронд усæн афтæ затъы:

— Хуыцауы тыххæй, дин иманы тыххæй, джирголы ус Гуырдзыханы нæ зоныс?

Зæронд ус ныуунæргъыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Цæуылкæ йæ зыдтон, цæуылнæ, мæ сæр дæ нывонд фæуа. Раджы йæхи куы амардта. джирголы дæр йæ тудæджынтæ амардтой. Æмæ йын, иууылдæр куыд уыд, хабæрттæ радзырдта. Дзамайы ус фырмæстæй кæуын нал сфæрæзта. Йæ цæсгом ацъæхи, цæстытæ батартæ сты æмæ фæндаггæрон стыр дурыл йæ сæрæн æртæ цæфы ныккодта, йæ гæндзæхтæ ацагъта æмæ йæ уд систа. Мамсыратæ сæ уæрдæттæ баурæдтой. Дзамайы усæн фæндаггæрон ингæн скъахтой æмæ йæ баныгæдтой. «Рухсаг у, рухсаг» загьтой æмæ Туркмæ афардæг сты. Дзамайы усæн йæ ингæн ныр дæр бæрæг у Арийы комы фæндаггæрон чысыл сыджыты обауæй.

Рухсаг уæнт! Фæци сагъæссаг таурæгъ.

АЙСÆ

Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæныны рæстæджы адæм дыууæ дихы фесты: иутæ Уырысы нæ уагътой Гуырдзымæ, иннæтæ та сæ фарс уыдысты.

Иукъорд азты фæстæ адæм ‘æрсабыр сты, уырыс алы комы хицæуттæ скодтой, иугай лæгтæ тæрхон кæнын байдыдтой, адæмы æмбырд фехæлди. Иу хорз уалдзыгон бон Æгайты хуссары сау фосыдзуг хизыныл ахæлиу сты, лæппулæг фиййау Ахмæт рындзыл бадти, йæ фосы уындæй йæ зæрдæ рухс кодта æмæ уадындзæй зарыди.

Уалынмæ саунæмыгдзау чызджытæ, сæ къæртатæ сæ къухты, æфцæгæй æрцыдысты æмæ Ахмæтæн арфæ ракодтой:

— Дæ фос бирæ уа, Ахмæт!

Ахмæт уырдыг фестад, уадындз зæххыл авæрдта æмæ афтæ зæгъы: — Хорз амонд уæ хай, хорз чызджытæ! Айсæ уадындз зæххæй фелвæста, Ахмæты къухы йæ авæрдта æмæ чызджытæ æмхуызон схудтысты: —Азар ма нын, Ахмæт, дæ уадындзæй, æмæ та схудтысты, Ахмæт уадындзы ныуулæфтытæ кодта æмæ ныззарыди:

Урс доны сæрмæ — сау фæрдыг, — Бирæ дзы уымæн ныуæзтон. Урс цонг дæ, чызгай, сау æрфыг,— Бирæ дæ уымæн ныууарзтон…

Айсæ джихæй баззади, Ахмæты уарзондзинадæй йæ зæрдæ сыгъди, цыма йын йæ зæрдæ тæвд æфсæйнаг тæлы æрбалвæста, — иу дзырд дæр йæ бон нал уыди.

Ахмæт дæр кæд уадындзæй зарыди, уæддæр ыл хуыздæр бон нæ уыди, — уымæн дæр Айсæйы уарзондзинадæй йæ зæрдæ сыгъди уырыди, фæззыгон сыфтæрау. Уадындзы амонæнтыл йæ къухтæ зырзыр кодтой, рызтысты.

Хуыцау зоны, цас сын фæзарыдаид. Чызджытæ араст сты, ацыдысты. Аисæ дæр сæ фæстæ, Ахмæтмæ фæкæс фæкæсгæнгæ, къуыбырæй фæаууон.

Ахмæт бонизæрмæ фосы фæдыл уæнтæхъил, сæр гуыбырæй фæхатти. Изæры фос æртардта æмæ арты фарсмæ къонайыл æнкъардæй абадти. Йæ хицау Хъуыдайнат æддейæ æрбацыди æмæ афтæ зæгъы:

— Цы кæныс, цæуыл æнкъард дæ? Ахмæт, куыд лæскъдзæрин лæг, æххуырст лæг, хæрз чысылæй сидзæр баззади, æмæ афтæ бакодта æнкъардгомау:

— Ницы, мæ сæр риссы.

Царддæттæг сæрд ацыди, аивгъуыдта, Ахмæт æмæ Айсæ кæд арæх нæ уыдтой кæрæдзийы, уæддæр-иу хаттæй-хатт сæмбæлдысты æмæ-иу уæд дзæнæтон царды сахæттæ æрвыстой.

Фæззæг æрцыди. Хуымтæ æркарстой. Мæкъуылæй мусты алыварс байдзаг. Адæм сæ хор хос æрæфснайдтой.

Ахмæт дæр фиййау нал цыди.

Иу æхсæв Ахмæт æмæ Айсæ мусы мæкъуылты аууон ныхæстæ кодтой сæ уарзондзинады тыххæй, сæ царды тыххæй.

Æвиппайды чидæр мусы æмбондæй йæ топпы дзых æрбадардта æмæ афтæ зæгъы:

— Сис дæ топп, кæрæдзи хъуамæ амарæм, — мæ хойы мын фæхудинаг кодтай!

Ахмæтæн дæр цæсты ныкъуылдæн йæ топпы сампалы вделхъ фæцыди æмæ кæрæдзийы риутыл топпытæ авæрдтой.

Айсæ схъæр кодта:

— Уари! Уари! ма ныццæв, Ахмæт у! Уари йæ топпы ‘нцой иудзæвгар сахат, æнæдзургæйæ, фæлæууыди, стæй афтæ зæгъы: —Æнхъæл дæн, мæ хо, фæхудинаг мæ кодтай!

—Нæ, Уари цæра, нæ… Сыгъдæг, сыгъдæг уарзондзинады ныхас кæнæм, æндæр ницы…

Ахмæт æмæ Уари мусы чъилыл æрбадтысты, Айсæ та сæ цуры уырдыг лæууыди æмæ ныхас кæнын райдыдтой.

Уари загъта:

— Хъусыс, Ахмæт! Айсæ мæ кæнгæ хо у, ды дæр æй зоныс, — ды та мæ хæлар æмгар дæ, кæрæдзийы уарзут, уый базыдтон, фæлæ йын иу зæронд фыды йедтæмæ никуы ницы ис æмæ ныгæнинаг у. Айсæ йæ фыды хæдзарæй никуыдæм фæцæудзæн. Дæуæн дæр хæдзар нæй; чысылæй сидзæр баззадтæ, æххуырстæй кæдмæ фæцæрдзынæ, дæ хъару дын зонын: æртæ азы иумæ фиййау фестæм… Дæ уды хайы хохы сæр дæр фæдардзынæ, æрцу æмæ Дауитайы хæдзары цæр — йæ чызг дæр дæу уыдзæн æмæ йæ ис дæр: уыцы иунæг чызджы йедтæмæ йын никуы ницы ис, мæнæн дæр хæстæгæн бæздзыстут.

Ахмæт, æнкъардгомау, афтæ зæгъы:

— Уари! Сидзæрæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы!.. Дауита куы нæ сразы уа, йæ чызджы мын куы нæ радта, уæд мæ хъуыддаг куыд уыдзæн?

Уари хъуыддаджы бар йæхимæ райста Дауитайы сразы кæныны тыххæй, æмæ бирæ нал фæдзырдтой: бафидыдтой. Ахмæт йæ фæсронæй дамбаца фелвæста æмæ йæ Уаримæ нысангарзæн авæрдта…

Уари æмæ Айсæ Дауитайы хæдзармæ ацыдысты, Ахмæт та, лæскъдзæрæн кæмæ царди, уыдонмæ бацыди.

Дауита арты фарсмæ бандоныл бадти æмæ лулæ дымдта… Уари æмæ Айсæ хæдзары балæууыдысты æмæ йын Уари салам радта: — Де ‘хсæв хорз, Баба!

—Хорзæй мын фæцæрай, хорзæй, Бабайы хур. Уари бандоныл æрбадти æмæ бирæ нал фæгæдзæ кодта. Ахмæт æмæ Айсæйы хабар Дауитайæн лыстæггай радзырдта. Дауита дæр сразы ис, фаг æхсызгон ын уыд æмæ бафидыдтой.

Хур ацыди, бæлæсты сыфтæ æрызгъæлдысты, зымæг йæ урс кæрц хæхтыл æрæмбæрзта, доны былтыл их фæхæцыд, мæргътæ хъарм бæстæм атахтысты, джиуæргуыба æрцыди, адæмы зæрдæ бæркад хæрднуæзтæй схъæлдзæг, физонæджы тæф лæджы зæрдæ рухс кодта. Лæппутæ сæ нæуæгхаст устытыл цинæй мардысты.

Ахмæт дæр Айсæимæ саргъуыдта, ус æмæ лæг систы.

Ахмæт Хъуыдайнатæй йæ лæсчъы хай æртиссæдз фысы райста æмæ цæрын байдыдта Дауитаимæ.

Хъал цы нæ кæны — мæгуыр цы нæ бары…

Иу бон Бибо бегара кæнынмæ æрцыди æмæ та хъæртæ кодта адæмыл. Уыцы бон Ахмæт фиййау уыди хохы. Дауита дуармæ бадти æмæ лулæ дымдта. Бибо Дауитайыл фæхъæр кодта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Ныртæккæ бегарайы цæуын хъæуы æлдарæн хос ласынмæ, дæ галтæ сифтындз, æмæ цæугæ!

Зæронд лæг бахъуыр-хъуыр кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Дæ хорзæхæй, ныр мæ ныууадз, æндæр хатт ацæудзыстæм, — лæппу дæр ам нæй, фиййау ис, æз та зæронд лæг дæн, — кæдæм дын афæраздзынæн?

Цыбырæй зæгъæм, Бибо стырзæрдæ лæг уыди хицæутты ныфсæй, лæг йæ цæсты æрду дæр нæ уыд: æвиппайды ехсæй зæронд лæгыл æрлæууыди æмæ йын йæ уадулты туг æркалдта.

Дауита Тогъуызаты мыггагæй уыд, цæф чи нæ барста: фарсылдарæн кард фелвæста æмæ йæ Бибойы нард гуыбыны раст фистоны уонг ассыдта, Бибо уæлгоммæ ахаудта зæххыл. Иннæ чапартæ Дауитайыл амбырд сты, фидар ын бæндæнæй йæ къухтæ сбастой æмæ йæ хицаумæ аластой. Бибо бирæ нал ацард, дыккаг æви æртыккаг бон амарди. Хъуыддаг изæрæрдæм уыди.

Ахмæтмæ лæгтæ ‘рвитын нал бахъуыди. Йæ фос æртардта æмæ Айсæйы, кæугæ дзыназгæ, æрæййæфта.

Ахмæт бирæ фæхъыг кодта уыцы фыдбылызы тыххæй æмæ бандоныл æрбадти…

Æмбаргæ лæг зын хъуыддаджы кæддæриддæр нæ тагъд кæны. Бирæ рахъуыды-бахъуыды фæкодта æмæ афтæ зæгъы:

—Æнæ хицæуттæ хъуыддаг кæнæн нæй.

Ахмæт хицæутты зæрдæ хорз зыдта, хъуыддаг æнæ уыдон кæй нæ сарæзтаид, уый.

Аст туманы йæм æхца уыд, йæ дзыппы сæ авæрдта æмæ ацыди. Хицауы тæлмац, Пиран, зæгъгæ, Ахмæт уымæ радта йæ хъуыддаг кæнын.

Дыккаг бон раст сихорафон Пираны хæдзары балæууыди, æмæ йын дардæй ныллæг бакуывта. Пиран стъолы фарсмæ бадти æмæ цыдæр хъуына чингуытæ рафæлдах-бафæлдах кодта…

Æрæджиау афтæ зæгъы:

— Цы дæ хъæуы? — æмæ йæ дыууæ ‘рфыджы астæу хъæды сынчъыйас фелхынцъ кодта.

— Дæ хорзæх, дæ рынтæ бахæрон, дæ хорзæх… Уалынмæ Елызбарчапар æрбацыди æмæ тæлмацæн афтæ зæгъы:

— Тырсыйы хъæуы хицау уæрыччытæ ‘ркодта æмæ сæ цы фæкæнæм? — Сæ мадæлтæ дæр семæ сты? — Пиран æй бафарста.

— Нæй, дæ рынтæ бахæрон, нæй, сæ мадæлтæ семæ не сты. — Ныр та уыдон хъæрмæ куы нæ хъусон! Ацу æмæ йын зæгъ, — сæ мадæлтæ дæр сын куыд æркæна, афтæ. Елызбар ацыди æмæ дуармæ хъуыр- хъуыр кæны:

— Ай диссаг нæу, уæрыччытæ йын æркодта, æмæ ма сын сæ мадæлты дæр агуры!..

Ахмæт бæгъæмсарæй фæсдуар уырдыг лæууыди æмæ дзуапмæ æнхъæлмæ касти. Æппынæрæджиау, чингуытæ рафæлдах-бафæлдах куы фæкодта, уæд афтæ зæгъы:

— Цы хъуыддаг дæ ис, цы хабар у? Ахмæт хæстæгдæр балæууыди. — Цы хабар, дæ рын бахæрон, — мæгуыры дур хæрдмæ суры, Дауитайы хъуыддаджы тыххæй дæм æрбацыдтæн, кæд ын исты хос æмæ фæрæз æрцæудзæн йæ хъуыддагæн, уæд мыл æхцайы тыххæй ма бацауæрд. Пиран уырдыг фестади æмæ Ахмæтмæ ныхæстæ кæнын райдыдта: —Хъæуиаргъ лæг амардта, мæ хур, хъæуиаргъ!.. Хицауы донг ракодта, йе ‘фсымæрæй дæр æй фылдæр уарзта, фæлæ хъæдгом сæрдæнæй фæлмæн кæны, афтид армы хъыргъы нæ бады, исты дæм ис, исты, хицаумæ цы бавдисæм, уымæй?

—Æрмæджы уал мæм аст туманы ис,—цы ма хъæуа, уый та ма фосæй ауæй кæндзынæн æмæ дын æрхæсдзынæн, цас зæгъай, уыйас.

Пиран фæстæмæ бандоныл æрбадти æмæ та хъуына чингуытæ рафæлдах бафæлдах байдыдта.

Ахмæт лæууынæй куы схъыг, уæд афтæ зæгъы:

—Ацы аст туманы уал айс, æз нæхимæ ацæуон, кæд искæмæ æхца æфстау ссарон, уæд дын ноджыдæр æрхæсдзынæн. Пиран æрæджиау- æрæджиау афтæ зæгъы:

— Ды искуы уæхимæ цæудзынæ, уым æфстæуттæ агурдзынæ, уалынмæ хъуыддаг дæумæ нæ кæсдзæн. Æхца æфстау куы агурай, уæд ам дæр бирæ ис, — уæртæ сомихаг Иуанемæ æхца йæ фылдæр цы ис: кæд дæ фæнды, уæд æм арвитæм, æмæ æрбацæуа?

Ахмæт дарддæр ницыуал загъта, Пираны фæндыл сразы ис. Арвыстой æмæ иу рæсыд гуыбын сомихаг æрбацыди. Иуанеимæ хицæуттæ лымæн уыдысты, уый тыххæй, æмæ-иу искæй æхца æфстау куы бахъуыди гæртамы тыххæй, уæд ын-иу уымæй исын кодтой.

Пиран æмæ сомихаг сусæгæй цыдæртæ адзырдтой, æмæ сомихаг афтæ зæгъы:

— Ратдзынæн ын дæс æмæ ссæдз туманы мæйы æмгъуыдæй, кæд мын ме ‘хца йе ‘мгъуыдмæ нæ бафида, уæд алыбон дæр туман пайда куыд кæной, афтæ.

Ахмæт тыхст лæг уæвгæй, йæ усы фыды йын Сыбырмæ кæй ахастаиккой, уый зыдта æмæ сомихаджы дзырдыл сразы ис.

—Æгæр цыбыр æмгъуыд мын кæй дæттыс, уый хорз нæу. Пиран йæ чъылдым фездæхта æмæ фæбогъ ласта:

—Дæ бон дæ уа, уæззау хъуыддаг рæуæг ныхæстæй нæ арæзы! Цы дардыл дзурын, сомихагæн чиныг ныффыстой—дæс æмæ ссæдз туманы (вексел). Ахмæты бæсты иу кæцондæр салдат йæ къух æрфыста. Чиныг сомихаг айста, æмæ дæс æмæ ссæдз туманы Пираны къухы банымадта. Ахмæты аст туманимæ— стдæс æмæ ссæдз туманы Пиран йæ дзыппы ассыдта.

—Хъуыддаг мæ бар уадз?—загъта, æмæ Ахмæт æрцыди йæ хæдзармæ. Иу къуырийы фæстæ фехъуысти, — Дауита рынчын у, ахъазаг нал у, мæлы, дам. Дауитайы мард къухы нал æфтыд æнæ хицæутты, дохтырты чиныгæй.

Ахмæт Пиранæн лæгъстæ кæнын байдыдта, цæмæй йын Дауитайы марды хицæутты дохтыртæй ракура, фæлæ Пиран хъуыддаг уæззауæй равдыста: хæцгæ низæй мард у, загъта, ома Ахмæт йе ‘хца фæстæмæ курын мауал бауæнда.

Дыккаг бон Ахмæтмæ цавæрдæр чиныг авæрдта æмæ афтæ зæгъы: — Хъусыс, ацы чиныгыл цас бахъуыди хардз — де ‘хцайæ ма æгасæй иу туман ис, иннæтæ иууылдæр хъуыддаджы фæдыл бахъуыдысты! Цас хъæуы, цас!.. Ныддис кодта.

Ахмæт Дауитайы мард раласта йæ хæдзармæ. Адæм ыл фæкуыдтой, фæхъыг кодтой.

Ахмæт Дауитайæн хорз хæрнæг скодта. Адæм хæрнæг бахордтой: «Рухсаг уæд, рухсаг!» загътой æмæ ацыдысты. Æрмæст ма хъуысти Дауитайы хæдзарæй Айсæйы хъарджытæ.

Ахмæт йæ хæс йе ‘мгъуыдмæ бæргæ бафыста, фæлæ йæ чиныг æнæхæлдæй баззади.

Ацыдаид ыл дыууæ азы бæрц, афтæ иу бон дианбег (пъырыстыф) æмæ фондз асаулыйы Ахмæты дуармæ балæууыдысты æмæ Ахмæты номæй бадзырдтой хæдзармæ. Айсæ сæм хыссæ къухæй рауади æмæ сын афтæ зæгъы:

—Æрхизут, лæг хохы хъæуы ис, фæлæ йæ хæдзар—ам, кæрдзын бахæрут.

Дианбег усмæ фæлывд цæстæнгасæй бакаст æмæ йын арфае ракодта. Дианбег æмæ асаулытæ хохмæ ацыдысты. Раст сихорафон, Ахмæт йæ фос кæм дардта, уырдæм схæццæ сты.

Ахмæт сæ размæ рауади, куыйтæй сæ баиргъæвта æмæ сын салам радта, æгъдаумæ гæсгæ. Бæхтæй æрхызтысты æмæ дианбег Ахмæтæн афтæ зæгъы:

— Дæ фос æртæр æмæ сæ куыд ныффыссон, афтæ, сомихаджы хæсы тыххæй. Торгæй сæ хъуамæ ауæй кæнæм. Ахмæт йæ топпы æнцой алæууыд æмæ афтæ зæгъы:

—Ау, æз сомихаджы хæс раджы куы бафыстон, уæд мын дыккаг хатт фидын кæнут?

Дианбег йæ хызынæй цыдæр чингуытæ систа æмæ сæ райгом кодта. — Сомихаг Иуанейæ дæс æмæ ссæдз туманы дардтай æмæ йын сæ йе ‘мгъуыдмæ нæ бафыстай, уый тыххæй алы бон дæр йе ‘хца туман пайда кæны, афтæ амоны йæ чиныг. Ныр авд мины онг сты.

Фосмæ асаултæй арвыста æмæ сæ æртæрын кодта. Ахмæт фиййæуттæй æвдисæнтæ бæргæ бавдыста, сомихаджы хæсы тыххæй йæ фосæй кæй цуры ауæй кодта, æхца кæй цуры радта сомихагæн, фæлæ уыцы æвдисæнтæ æнахъазæй баззадысты, æхцайы хæс, дам, æвдисæн нæ уадзы,—дианбег загъта.

Ахмæтæн йæ фос ныффыста суанг фæстаг уæрыччы онг дæр. Ахмæт фыццаг æнхъæл нæ уыди, æцæг ын йæ фос тæрдзысты, уый. Фæлæ фос куы араст кодтой — цыппарфондзыссæдз фысы, уæд йæ зæрдæ мæстæй ссыгъди, йæ цæстытæй тугæмхæццæ цæстысыгтæ æркалдта. Сывæллонæй уæдмæ цы фосимæ сахуыр, уыдонæй йын иу бон йæ къух исын кодтой. Ахмæт йæ хъару æрбамбырд кодта, йæ топпы астæуыл фæхæцыд, фосы размæ базгъордта æмæ сæ фæстæмæ раздæхта.

Дианбег асаултыл фæхъæр кодта:

— Цæвут æй ехсæй!

Ахмæтыл, æцæг, ехсытæй ралæууыдысты.

Уалынмæ Ахмæты гæрах фæцыд, æмæ асаултæй иу асхъиудта; хъама фелвæста æмæ дыккаг фæтымбыл. Иннæ æртæ Ахмæты кæрдтæй лыстæг къуыхтæ скодтой æмæ йын йæ фосы атардтой.

Асаулты мæрдтæм цыдæр хицæуттæ æрцыдысты, федтой сæ æмæ сæ баныгæдтой.

Фиййæуттæ Ахмæты мард сынтыл сæвæрдтой æмæ йæ – йæ хæдзармæ æрхастой. Адæм æрæмбырд сты, фæкуыдтой йыл, фæхъыг ыл кодтой, «рухсаг у, рухсаг, æгады мардæй нæ амардтæ!» загътой.

Баныгæдтой йæ, æхсæны хист ын скодтой æмæ ацыдысты, æрмæст ма хъуысти Ахмæты хæдзарæй Айсæйы кæуын æмæ хъарджытæ.

Айсæ бонæй бон мæллæгдæр кæнын байдыдта, кæрдзын нал хордта, æдзух кæуынæй нæ ‘нцади. Иу къуырийы фæстæ Айсæйыл æррайы бæрджытæ фæзынди: Ахмæты кардиу сбаста æмæ-иу уынгты рацу-бацу кодта хъæргæнгæ. «Ахмæты чи амардта’ Ахмæты чи амардта!»,—дзырдта Айсæ. Тынгæй-тынгдæр æрра кæнын байдыдта, дзæгъæл цæуын систа, кæд ма йæ хæстæджытæ æмæ йæ хорз сыхæгтæ хъахъхъæдтой, урæдтой, уæддæр иуран нал лæууыди, дзæгъæл цыди.

Раст нæуæгбон æхсæвы та Айсæ дзæгъæл ацыди æмæ йæ урс доны сæрмæ бирæгътæ бахордтой. Йæ дарæсæй æмæ ма йын йе стæгдарæй адæм кæй ссардтой, уыдон æрхастой æмæ сæ Ахмæты цур баныгæдтой. Рухсаг ут, рухсаг! загътой æмæ ацыдысты.

Афтæтæ кодтой уыцы рæстæджы хъæндилтæ.

ЗÆЛДА

Гуырдзыстон уырысимæ куы баиу сты, уæд адæм ысхылы-мылы сты, хохы адæм ранæй-рæтты хæцыдысты: Хъобангом, Хъуды ком сæ загъд нæ уагътой, сæрибары дуг агуырдтой.

Иукъорд афонты фæстæ, Апхазов1 хæхтæм æфсæдтæ бакодта. Мæсыг хи дурæй сæтты,—хицæуттæ йын фæзынди: Хъæвдын К-ты, Биби Р-ты, æмæ хохы адæмы æрсабыр кодтой, алы комы хицæуттæ скодтой—бегарагæнджытæ, хъалонисджытæ. Н-ты Зарбеджы дæр Хъуды комæн хицау ыскодтой.

Раст Хъуды комы, дыууæ Ганисы астæу, царди дыууæ сыхаджы — Курдан æмæ Кудзан. Сæ дыууæ дæр æнæзæнæг уыдысты. Иу бон Курданæн лæппу райгуырди, Куыдзанæн та — чызг.

Курдан æмæ Кудзан кæрæдзийы бирæ уарзтой, æфсымæртау цардысты. Курдан æмæ Кудзан дзырд бакодтой: чызг æмæ лæппу куы схъомыл уой, уæд сæ нæ фæхицæн кæндзысты, ус æмæ лæг уыдзысты, — ууыл ард бахордтой. Чызгыл ном сæвæрдтой — Зæлда, лæппуйыл та — Хъази.

Зарбеджы рæстæджы чызг æмæ лæппуйыл раст стдæсгай азтæ цыдис. Иу бон Зарбег Сохты хъæумæ бегара кæнынмæ бацыди æмæ Кудзаны хæдзары дуармæ фæлæууыд. Зæлда хæдзары дуармæ тын уæфта, Зарбег чызгæн салам радта:

—Дæ бон хорз уа, хорз чызг!

Зæлда æфсæрмæй йæ цæсгом фæсырх кодта, уырдыг фестади æмæ къæмдзæстыгæй афтæ зæгъы:

—Æнæнизæй фæцæр.

Зарбег йæ сины сæрыл фæхæцыд æмæ афтæ зæгъы:

— Куыдзан уын кæм ис, Куыдзан!

— Нæ зонын, æддæмæ кæдæмдæр ауад. Зарбег бæхæй рахызт. Йæ бæх кауыл бабаста æмæ чызджы дурмæ бауади, æмæ йын афтæ зæгъы: — Цы хорз тын уафыс, Зæлда… æмæ тын йæ къухæй сгæрста. Зæлда æфсæрмæй ницыуал зыдта, уалдзыгон хъазау рызти, зыр-зыр кодта, йæ цæсгом ныссырх, афтæмæй, æдзынæг зæхмæ кæсгæйæ, æнцад лæууыд?

Уалынмæ Кудзан æрбацыд æмæ уазæгæн салам радта.

—Алæбон æгас цу, Зарбег!

—А…а…а.. хорзæй цæрай, Кудзан, хорзæй, мæ лымæнты хуыздæр,—Зарбег йæ ныхас даргъ ауагъта.—Мæнæ дæ чызджы тын уынынмæ рахызтæн; диссаг хорз тын уафы, Кудзан цæра… Ахæм рæсугъд чызг дын кæм уыди?

— Цæй рæсугъд у, цæ, уыцы иунæг чызг мын ис, æмæ æрмæст фаджысы æфсирау даргъ цæуы, æндæр æм цы рæсугъддзинад ис… — Баууæнд мыл, баууæнд, Кудзан, æз Калачы дæр ахæм рæсугъд чызг нæ федтон; ничи ма йæ ракуырдта? — Мæнæ Куырданатимæ фидыдау стæм…

— Ау, æмæ уыдонмæ ахæм лæппу кæцæй æрцыд?

— Куырданæн йæхи фырт.

—Хъазийы æвзæр омдзæгхор?.. Уымæн æй куыд дæттыс æхсины хуызæн чызджы!

Зæлда йæ куыст фæуагъта æмæ хæдзары смидæг, къонайыл абадтис æмæ йæ мадæн афтæ зæгъы:

—Алы дзæгъæлдзуаг махмæ цæуы!..

Кудзан дæр ницыуал сдзырдта. Зарбег бамбæрста, йæ дзырд дыууæйæн дæр æхсызгон кæй нæ уыд, уый, æмæ афтæ зæгъы, йæ сины сæрыд хæцгæ:

— Сæрæй уæм мæ дзырд хъыг фæкасти?..

— На, ницы нæм фæкасти, фæлæ… Кудзан йæ дзырд нал ахæццæ кодта.

Зарбег Кудзаны уæхскыл æрхæцыд æмæ афтæ зæгъы:

— Уый хуызæн чызгæн ахæм мой скæн, æмæ хъуыддаджы, куысты чи уа, æхца дæм голладжы чи хæсса. Хъази кæмдæр фиййау ралли-балли кæны, цæмæн бæззы!

—Æвæццæгæн йæ амонд æндæр нæ уыд, æмæ йын цы кæнæм. — Кудзан сабыргомау сдзырдта.

— Ацы зæронд адæм амондыл ныххæцыдысты, искуы йæ федтай, цы? Ахæм гæды дзырдтæ ныууадз, ныр зонды рæстæг у, æмæ лæг хъуамæ зондæй куса.

— Бæргæ, дæ рын ахæрон, фæлæ мæгуырмæ зонд дæр æмæ амонд дæр хæстæг нæ цæуынц.

Зарбег бамбæрста, уыцы сахат кæй ницы аскъуыддзаг кодтаид Зæлдайы зæрдæ ссарыны тыххæй, уый, æмæ цæмæй Кудзаны йæхимæ æрбахæстæг кæна, уый тыххæй афтæ зæгъы:

— Æлдармæ иу асаулыйы бынат уæгъд ис, æмæ дæ кæд фæнды, уæд дæ уым ныллæууын кæнон?

Кудзан кæд ас лæг уыд, уæддæр уыцы рæстæджы адæм рæуæгдæр уыдысты, уæлдайдæр, асаулы куы ныллæууыдаид, уæд цыма дунейы йæхи бакодтаид, уыйау æм касти. Æмæ, æцæгдæр, афтæ уыди. Асаултæ-иу иу æвзæр рæсыдбыл, схъæлфындз хицауы дзыхæй сæ æфсымæрты туг нуæзтой. Кудзан лæппу райгуырæгау фæци æмæ Зарбеджы дзырдыл сразы. Йе асаулы ныллæууыны тыххæй.

Кудзан Зарбеджы йæ хæдзармæ бахуыдта, хæрд, нуæзт, — хорз æй федта. Бегарайы уæрдæттæ æрæмбырд кодтой, æлдармæ сæ арвыстой æмæ сæ фæдыл Кудзанимæ ацыдысты. Раст хур фæцæйныгуылд, афтæ æлдары дуармæ бахæццæ сты. Æлдар уæладзыгæй ракаст æмæ афтæ зæгъы: — Бегарайы уæрдæттæ цæттæ сты?

— Цæттæ, дæ рын бахæрон. — Зарбег дзуапп радта.

— Уыцы зæронд лæг та цы агуры? — æлдар сдзырдта.

— Асаулы лæууынмæ хъавы, дæ рын бахæрон…

— Уымæй зæронддæр никуы ссардтай? — схъуыр-хъуыр кодта æлдар. Зарбег бахудти æмæ афтæ зæгъы:

— Фыццагон зæрæдтæ ныры нæуджытæй рæуæгдæр сты.

— Рæуæгдæр сты-ы-ы? — æлдар йæ дзырд даргъ ауагъта. Цы дардыл дзурын, Кудзаны асаулы бауромын кодта Зарбег, æмæ уымæй фæстæмæ Зарбеджимæ иумæ цæрын байдыдтой. Кудзан нуæзтуарзаг лæг уыди æмæ Зарбег Кудзаны алыхатт дæр хорз уыдта, арахъхъ ын нуазын кодта, цæмæй йæ фылдæр бауарзтаид æмæ йын йæ чызг Зæлдайы усæн радтаид. Æцæг Кудзан Зарбеджы æфсымæрæй фылдæр бауарзта, арæх цæуын байдыдта Зарбег Кудзантæм, фæлæ Зæлдайæн Зарбеджы уындæй йæ зæрдæ рысти, цыма-иу йæ зæрдæйы ихы цæнд ныккалди, уый хуызæн-иу фæци Зарбеджы уындæй æмæ-иу йæхинымæры афтæ:

— Тъæпп куы ахауай, уæддæр дын нæ бакомдзынæн! — æмæ-иу йæхи бамбæхста.

Зарбег та Зæлдайы уарзондзинадæй сыгъди-уырыди, æхсæвæй-бонæй йæ зæрдæйæ нæ хицæн кодта. Йæ дуне, йæ цард Зæлдайы уындыл радтаид, фесæфтаид. Фæлæ Зæлдайы зæрдæ Зарбегмæ бакæсын дæр нæ куымдта. Зарбег Зæлдайы сæрхызтдзинад чызгон æфсæрмыл нымадта, йæхиуыл æууæндыд, йæ каддзинадæй йæ зæрдæ бæрзæндты хатт æмæ хъуыды дæр нæ кодта, Зæлда йæ нæ уарздзæн, уый, йæхи амондджыныл нымадта.

Иу фæззæг Зарбег æмæ Кудзан бегара кæнынмæ бацыдысты Сохты хъæумæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Зарбег хæдзары смидæг æмæ салам радта Кудзаны усæн. Зæлда гуымбыл ахста, æмæ Зарбеджы куы федта, уæд æддæмæ ацыд æмæ фæсхæдзар хурмæ.сбадти. Кудзан æмæ Зарбег бахордтой, банызтой æмæ бегарайы уæрдæттæ акодтой æмæ ацыдысты. Зарбег фæндагыл ныхæстæ кæнын райдыдта Кудзанимæ:

— Кудзан, бирæ дæ кæй уарзын, уый зоныс, стæй дæм æлдар дæр мæн тыххæй хæлар кæй у, уый дæр æмбарыс…

—Æмбарын, мæ хур, æмбарын, хуыцау дæ бауарзæд, мæнæн дæр мæ бон цы уа, уымæй дæ нæ ферох кæндзынæн.

— Ныббар мын, Кудзан, ирон æфсæрмытæ едтæ — гæды митæ сты, стæй ахуыргонд лæг дæн, ахæм ирон æфсæрмытыл худгæ фæкæнын, фæлæ мын Зæлдайы усæн куы радтис, уæд кæрæдзи хуыздæр уарзиккам. Хиæппæлын фауæгау у, фæлæ Хъуды комы мæнæй хуыздæр лæг нæй… —Нæй, мæгуыр, нæй, фæлæ… Кудзан йæ дзырд нал ахæццæ кодта. — Уæдæ ма цы? Ирæд у, æмæ мæнæ—мæ дзыппы,—фæнды сыгъдат æхца, фæнды — фос.

— Ирæды тыххæй æнцон у, фæлæ чызг цы зæгъдзæн…

— Чызджы цы фæрсыс! Чызг цы зоны, ды йæ фыд дæ, æмæ дæ кæмæн фæнда, уымæн æй ратдзынæ.

— Уый бæргæ афтæ у, фæлæ Куырданатимæ дзырдгондау дæн æмæ… —Ахæм дзырдтæ едтæ дæ зæрдыл куы дарай, уæд æвæджиау чызджы фенамонд кæндзынæ.

Зарбег Кудзанæн æхсæв дзургæ, бон дзургæ, — æлдары хъусмæ дæр бахæццæ. Уый дæр ын загъта, æмæ бафидыдтой. Зарбег систа æмæ Кудзанæн ирæд ссæдз туманы радта. Зæлда уый куы фехъуыста, уæд йæхи хурхытæ кодта, йæхи мардта, фæлæ ма йын цы хос уыди. Царддæттæг сæрд аивгъуыдта, ацыди: хур адард, сыфтæр æрызгьæлди, мæргътæ хъарм бæстæм атахтысты, хохы бæрзæндтыл зымæг йæ урс кæрц æрæмбæрзта, доны былтыл их фæхæцыд, джиуæргуыба æрцыди æмæ Зарбег чындзхæсджытæ æркодта Кудзаны хæдзармæ.

Кудзан кæд фыццаг уыйас хъæздыг нæ уыди, уæддæр æм ныр тугцъир цъулберты уæлдæйттæй аззæдтытæ кодта, хæрд, нуæзт — бирæ, фæцæл кодтой, фæминас кодтой, сиахс æмæ чындзы аргьуанмæ акодтой. Зæлдайæн йæ цæстысыг йæ сырх уадултыл лæсæнтæгæнгæ, аргъуанмæ æрцыдысты; аргъуаны астæу стъолы раз сауджын цæттæйæ лæууыди. Зарбег йæ фæндондзинад равдыста. Уый фæстæ Зæлдайы фæрсын райдыдта, фæлæ Зæлда цы дзуапп радтаид. Нæ цуры устытæ лæууыдысты æмæ схъæр кодтой: фæнды йæ, фæнды, зæгъгæ, æмæ Зæлдайы къух сауджыны къухмæ авæрдтой фæндоны бæрæгæн.

Зæлдайыл кæугæ, дзыназгæйæ саргъуыдтой, æмæ Зарбеджы хæдзармæ ацыдысты. Зарбегæн йæ мад æмæ йæ фыд уайтагъд амардысты æмæ Зæлда хæдзары иунæгæй баззад.

Зæлда кæд Зарбеджы нæ уарзта, уæддæр хæдзарыл хорз хæцыд, хорз æй фæхъахъхъæдта. Зарбег хæтгæ цард сахуыр и, уазæджы сихор æлдары фынгыл, æмæ æддæ цы уыдта, йæ хæдзары дæр уый агуырдта, æмæ йæ усы надта, хоста, Зæлда Зарбегæй кæд æфсæрмы нал кодта, уæддæр æм тызмæг нæ дзырдта, фæлæ хæдзары куыстыл зæрдиагæй зылди. Зарбег афтæ æнхъæлдта æмæ йæ усæн йæхи æхсарæй бауарзын кæндзæн, искуыцæй-иу куы ‘рцыд, уæд-иу дуарæй ехс батылдта: — Кæсыс, ацы ехс ус æмæ бæхы тыххæй конд у!

Зарбег алы фыдуаг устытимæ хæтын сахуыр и, хицæуттæ сæхимæ кæй кæнын кодтой, уыдонимæ. Зæронд, æмбыд хицæутты буарæй устытæм Зарбеджы лæппу тугæфсæст буар хуыздæр касти, æмæ-иу раздæр Зарбегæн фенын кодтой зæрдæрухсы дуг.

Зарбегæн йæ хæдзары кусæг нал уыди, æрмæст æххуырстыты йедтæмæ — уыдон дæр фиййæуттæ, хæдзары куыст иууылдæр Зæлдайы æвджид баззади, фæлæ Зæлдайы æндон зæрдæ æмæ болат стæг куыстæй нæ тасыд, — цас фылдæр куыста, уыйас хъæлдзæгдæр кодта.

Зæлдайæн йæ чындзы ацæуынæй фондз азы ацыди, æмæ иу хатт дæр йæ фыды хæдзары нæ уыди, уый тыххæй æмæ Хъазийы уарзондзинады хызы бахауынæй тарсти; вæййынц дыууæ адæймаджы ахæм уарзондзинадæй баст, æмæ уыдон кæрæдзи куы фенынц, уæд сæ никæцы зæххон тых бауромдзæн — баиу уыдзысты. Ахæм уарзондзинады рæхысæй баст уыдысты Хъази æмæ Зæлда дæр, æмæ уый тыххæй Зæлда йæхи хъахъхæдта, йæхи æмбæхста Хъазийæ, цæмæй нæ фехæлдаид дыууæ лæджы цард æмæ йæхæдæг дæр адæмы ‘хсæн нæ фæхудинаг уыдаид. Фæлæ æрцæуинаг хъуыддаджы фæиуæрдæм кæнын лæджы бон нæу, фæзæгъынц иуæй-иутæ. Иу сæрд Зарбеджы фиййæуттæ хохæй кæрдзынмæ æрæрвыстой, Зæлда кæрдзын сцæттæ кодта хæрæгуаргъ æмæ фиййæуттæн кæрдзын ахаста. Хъази хохæй æрцæйцыди æмæ раст æмбис фæндагыл Зæлдаимæ баиуысты. Фыццаг сæ дыууæ дæр джихау баззадысты, стæй фæндаггæрон, цъæхсгæллады хуызæн кæрдæгыл æрбадтысты. Кæд сæм зæгъинæгтæ бирæ уыд, уæддæр иунæг дзырд дæр сæ бон нал уыди, уарзондзинады ивылæн сын сæ хъæлæсы нуæрттæ бацауæзта, æмæ æнæдзургæйæ æдзынæг кастысты…

Æрæджиау Хъази афтæ зæгъы:

— Цы дзæнæтон сахат у! — æмæ Зæлдайы йæ хъæбысы акодта. Ног хъуынтæуадзæг лæппу æмæ сауæрфыг чызгæн сæ дзыхтæ кæрæдзиуыл бандæгъдысты. Хæрæг фæсфæндаг аздæхти æмæ астæумæ кæрдæджы хызт, пыррыччытæ кодта. Хурыскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ Зæлдайы сау дадалитæ фæйнæрдæм фæйлыдта. Сæ тæккæ сæрмæ мигъы къуымбил ныллæууыд æмæ дыууæ уарзоны хуры æнтæфæй хъахъхъæдта, уалдзыгон мæргътæ бæлæстæй зарыдысты æмæ сын сæ уарзондзинадæн кад лæвæрдтой; сæ фарсмæ сау суадон бæрзондæй згъордта æмæ сын сæ сусæг уарзон ныхæстæн фæлмæн хъырныдта; хуыцау зоны, кæдмæ фæбадтаиккой, кæдмæ кæрæдзийыл фæцин кодтаиккой, фиййау сын сæ рæстæг куынæ фехæлдтаид, уæд. Фиййау къуыбырæй æрбазынд æмæ йæ фосыл фехситт кодта. Хъази æмæ Зæлда фестадысты; Хъази дæлæмæ ацыд, Зæлда — уæлæмæ, кæрæдзимæ фæкæс-фæкæсгæнгæ ахицæн сты. Зæлда фиййæуттæн кæрдзын схаста, фос федта æмæ фиийæуттæн бафæдзæхста, цæмæй æнтæф боны уæрыччытæ хохы бæрзæндмæ митгæрæттæм куыд стæрой, афтæ, цæмæй сæ хур ма судза æмæ рацыди. Йæ æрцыдмæ Зарбег дуармæ бандоныл бадти æмæ афтæ зæгъы:

— Кæм уыдтæ æд хæрæг?

— Фиййæуттæн кæрдзын схастон.

— Куыд сты фос, æндæр?

— Дзæбæх! — æмæ хæдзармæ барасти.

— Ау, фæлæу-ма, чызгай, цавæр у! — æмæ йын йæ цонгыл фæхæцыд. — Хуыцауы стæн, иу пъа дын куы нæ акæнон, уæд мæ зæрдæ нæ фæлæудзæн.

Зæлда йæхи айвæзта æмæ афтæ зæгъы:

— Фæлæу-ма, цы хынджылæг кæныс!

— Фæлæу-ма, фæлæу, нæ мын аирвæздзынæ, — æмæ йæ сынтæджы баппæрста æмæ йын йæ сырх уадултæн ныпъатæ кодта.

Кæд Зæлда чысыл раздæр хуры тынимæ хъазыди,—ныр та знаджы æртты бахауд. Æрæджиау хæдзармæ бацыдысты æмæ арты фæйнæ фарс æрбадтысты, Зарбег ныхас кæнын райдыдта:

—Æлдаримæ мæ куыст ныууагътон, ныр хæдзары куыд кусон, афтæ, — загъта.

Зæлдайæн йæ хуыз ауади, цыма йын исчи йæ зæрдæйыл тæвд æфсæйнаг авæрдта, уыйау фæци, æмæ æнкъардгомау афтæ зæгъы: — Цæмæн ныууагътай дæ куыст, цæмæн рацыдтæ?

— Хæдзары хицау нæй, фосмæ фæкæсæг…

Зæлда ницыуал сдзырдта æмæ нæбары къуымы цыдæртæ йæхи архайæг скодта. Уыцы бонæй фæстæмæ Зарбег йæ хæдзары цæрын байдыдта, фæлæ уæддæр иуран нæ лæууыд, куы иу хъæумæ уад, куы иннæ хъæумæ, йæ хæтгæ цард нæ уагъта.

Иу бон æлдар куывд кодта цæйдæр тыххæй, хорзæх ын æрцыд æви цы, хуыцау зыдта æмæ та Зарбег дæр уым уыди, йæ маймули кæфтытæй та кодта хицæутты раз, йæ зайнаг гуыбын-иу слæф-лæф кодта. Зарбег тагъд цæмæн рацыдаид, кæй зæгъын æй хъæуы, баззади дзы иу къуыри. Иу бон Хъази Зарбеджы фиййæуттæй иуыл сæмбæлди æмæ йæ фæрсы: — Зарбег уын кæм ис, Зарбег? Фиййау афтæ бакодта:

—Æлдар куывд кæны æмæ та уырдæм йæ сæфты гуыбын ахъардта, æндæр кæм и?

— Йæ ус та, мæгуыр, йæ ус? Иунæгæй куыд цæры?

— Куыд цæры? Уый æфсæйнаг у, æфсæйнаг, уый йедтæмæ æндæр ус афтæ нæ бафæразид.

— Макæ-ма, æмбал ын уыдзæни, — Хъази загъта. Ломисы дзуарыстæн, уымæ хæйрæг дæр нæ бауæнддзæни.

—Ау, афтæ фыдуаг ус у?

— Фыдуаг нæу, фæлæ æмбæлттæ едтæ нæ уарзы.

— Зарбег кæд æрцæудзæн, нæ зоныс?

— Кæд æрцæудзæн! Цалынмæ та искуы хæрд, нуæзт ара, уалынмæ уый не ‘рцæудзæн.

—Æмæ уæдæ æхсæв йæ ус кæимæ хуыссы?

— Иунæгæй, æндæр кæимæ.

— Æмæ иунæгæй куыд уæнды?

— Нæ дын зæгъын, уый хæйрæгæй дæр нæ фæтæрсдзæн, Хъуды Майрæмыстæн, уый лæг амарыныл дæр фæстиат нæ фæуыдзæн.

— Сымах дæр, æвæццæгæн, фыдæбонæй мары уæдæ?

— О-о-о! Уый махæн нæ хойы хуызæн у, уый куы нæ уаид, уæд махæй иу дæр нæ фæлæууид Зарбеджы хæдзары…

Уалынмæ хур аныгуылди, Хъази æмæ фиййау ахицæн сты. Фиййау йæ фос бынатмæ аскъæрдта, Хъази та Зæлдамæ ацыди.

Адæм схуыссыдысты. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ Хъази Зарбеджы хæдзары дуармæ бахæццæ æмæ йыл куыйтæ срæйдтой. Хъазийæн топп йæ къухы, афтæмæй æнцад ныллæууыд. Дис фæкодта Хъази, Зæлда кæй нал бадти, рухс дзы кæй нал цыд, уый тыххæй.

Зæлда-иу Хъазийы ‘рцыдмæ никуы схуыссыд, æнхъæлмæ-иу æм касти, фæлæ уыцы ‘хсæв Зарбег æрцыд æмæ йын фадат нал уыд, стæй Хъазийы æрцæуинаг дæр фаг нæ зыдта. Уалынмæ хæдзары дуар фегоми æмæ дыууæ лæджы кæрæдзийы риутыл топпытæ авæрдтой. Зарбегæн йæ топп фæдзæгъæл, Хъазийы гæрах ацыд æмæ Зарбег асхъиудта. Гæрæхты хъæрмæ адæм амбырд сты æмæ Зарбеджы къæсæрыл мардæй ссардтой, Зæлда та хæдзары къуымты хъарджытæгæнгæ рацу-бацу кодта.

Дыккаг, бон хицæуттæ æрцыдысты чапартимæ, адæмы æрæмбырд кодтой, Зарбеджы чи амардта, уый ссарут, загътой. Адæм радзур- бадзур фæкодтой, рафæрс-бафæрс, фæлæ Зарбеджы марæг не ссардтой, æмæ хицæуттæ аххосджын Зæлдайы радтой кæйдæрты ‘взагæй.

Зæлдайы хицæуттæ рафæрс-бафæрс, ракъах-бакъах систой, фæлæ Зæлда алы фарстæн дæр «нæ зонын», зæгьгæ, дзуапп лæвæрдта. Зæлдайæн йæ къухтæ сбастой æмæ йæ Тогъуызаты ахæстонма акодтой. (Тогъуызатæн мæсыг уыд, æмæ дзы уырыс ахæстон скодтой æмæ уый тыххæй афтæ хуынди).

Зæлдамæ Хъазийы равдисын тынг зын касти: иуæй адæмæй æфсæрмы кодта, худинагæй тарст, иннæмæй уарзондзинады уидагыл уæлæхох нæ фæрæзта, æмæ алы æфхæрд, зыйдзинад æгъгъæдæн иста æмæ-иу йæхинымæры афтæ:

— Цæй, уарзоны тыххæй мæлæт лæгæн дæтты дзæнæт, хабар нæу. Зæлдайы Тогъуызаты ахæстоны æртæ мæйы фæдардтой рæстдзинад равдисыны тыххæй, фæла» Зæлда йæ фыццаг дзуапп нæ фендæрхуызон кодта. Æртæ мæйы фæстæ Зæлдайы Калачы тæрхондонмæ арвыстой йæ аххосы чингуытимæ.

Иу бон хицау æрцыд æмæ Зарбеджы фос торгæй ауæй кодта, æхца йæ дзыппы сæвæрдта æмæ ацыди: йæ усæн, дам, ахæстоны хардз æндæр бахъуыди, загъта.

Зæлдайы Калачы тæрхондоны бирæ нал бафарстой, йæ хъуыддæгтæ хицауæй æвдыст уыдысты, æмæ йын стæрхон кодтой: йæ бартæ ист æмæ йæ мыггагмæ Сыбырмæ ахæссæнт.

Иу уалдзæг, раст Ломисы боны, адæм дзуары фæзы æрæмбырд сты æмæ бæрæгбон кодтой: аргæвстой галтæ, нæл фыстæ, уæрыччытæ; хæрд, нуæзт æмæ минас кодтой, фæсивæд кафыдысты, зарыдысты. Уалынмæ бырцæй иу лæг ыззынди, йæ худ йæ къухы, йæ фæдджитæ йæ фарсыл роны сагъд, ивазгæ къахдзæф, тындзгæ цыдæй схæццæ æмæ адæмæн арфæ ракодта:

—Дзуары хорзæх!

— Йæ хорзæх дæ уæд! — адæм загътой.

Адæм фæсабыр сты, фæхъус сты, цæуæгмæ æнхъæлмæ кастысты. Цæуæг адæмы ‘хсæнмæ бацыди æмæ йæ бафарстой хабæрттæй. Бæлццон йæ хид асæрфта йæ худæй æмæ афтæ зæгъы:

— Зæлдайы, мæгуыр, Сыбырмæ фæкæнынц, уый тæригъæд куы нæ федтаин, æмæ…

Адæмæн цыма зæхх сæ быны ныххауд, арв сæрыл æрæнцад, уый хуызæн фесты, иу дзырд дæр ничиуал скодта. Æрæджиау кувæндонæй иу зæронд лæг разынди, урс цикъæ хæцъилæй йæ сæр баст, урс-урсид зачъетæ риуыл фæйнæрдæм айдзаг сты, дзуары тырыса йæ къухы, æмæ афтæ зæгьы:

— Цы хабар у, цы ныл æрцыд?

Бæлццоны дзуары лæджы размæ бакодтой, æмæ йын радзырдта Зæлдайы хабар æмæ афтæ зæгъы:

—Дæлæ дуканийы цырæгьтæ æлхæдтон дзуары тыххæй æмæ уым лæууыдтæн, уалынмæ хъадаманты хъæр ыссыди. Уырыс калакæй ахæстæтты ракодтой, æмæ Зæлда дæр семæ, станцы цур æрæнцадысты, æмæ сæ фæллад уагътой. Мæн фæндыд Зæлдайы фенын, фæлæ мæ салдат нæ уагъта. Æз æндæр афицерæн иу абази радтон, æмæ Зæлдаимæ фæныхæстæ кодтон.

Адæм ныссабыр сты, се ‘хсæн бындз куы атахтаид, уæд уый базырты хъæр дæр фехъуыстаид.

— Цы хабæрттæ дзырдта, бецау? — дзуары лæг та йæ бафарста. — Цы хабæрттæ! Зарбеджы мард, дам, мæныл сæвæрдтой, Иу абази ма мæм уыд, æмæ йын æй радтон.

— Бецау, Зæлда, бецау! Кудзан дæ тæригъæд фæхæссæд, дæу тыхæй чи радта! — алырдыгæй адæм сдзырдтой.

—Адæммæ дын ницы ныстуан кодта? — бафарста та йæ зæронд лæг. —Адæмæн арфæ кодта,—мæ фæстæ, зæгъгæ, æнæнизæй цæрут, — загъта.

Дзуары лæг та хъуытазтæ бацагъта, æмæ афтæ зæгъы:

—Байхъусут, бамбарут! Хуыцауы хъæлæс æмæ адæмы хъæлæс иу сты, нæ фесæфт хуыздæр у, Зарбеджы марæг куы нæ ссарæм, уæд. Зæлдайы рæстæй Сыбырмæ хæссынц, уый зонут, адæм?

—Зонæм, зонæм!—схъæр кодтой æмхуызон.—Уæдæ Ломисы дзуары, Хъуды Майрæмы фыдæх ссарæд, Зарбеджы марæгыл зæрдиагæй чи нæ ‘рзила, чи нæ йæ бацагура!

— Оммен! Оммен! — адæм та схъæр кодтой. Дзуары хъуытазтæ ныццагъта æмæ сæ кувæндоны сæвæрдта.

Уыцы бонæй фæстæмæ адæм зилын байдыдтой Зарбеджы марæгыл. Рафæрс-бафæрс кодтой, агуырдтой, фæлæ Зарбеджы марæгæй иу ныхысæрыйас хабар нæ базыдтой, æрмæст Хъазимæ сæ зæрдæ æхсайдта, фæлæ йæ цæмæй базылын кодтаиккой, уый нæ зыдтой.

Азтæ ивгъуыдтой, рæстæг ивта. Хъази мæллæгæй-мæллæгдæр кодта. Йæ намыс æй æфхæрдта, æргæвста, æхсæвæй-бонæй иуран нал лæууыд, дзæгъæл хатти, æмгар, хæлар ын нал уыд, никæйуал зæрдæ зыдта, Зæлдайы сæфт, уарзондзинад, Зарбеджы мард æдзух йæ зæрдæйæ нал хицæн кодтой, æмæ, иудзырдæй, сырды хуызæн сси.

Иу уалдзæг та Ломисы бон уыд. Адæм бæрæгбон кодтой. Æрæмбырд та сты дзуары фæзы, æмæ та Зарбеджы ныхас дæр кодтой. Уалынмæ къуыбырæй иу лæг æрзынди, йæ топпы ‘нцæйтты сындæг æрцæйцыд. Йæ цыдыл дæр бæрæг уыд, рынчын кæй уыд, уый. Æнцад-æнцад адæмы ‘хсæнмæ бацыди. Адæмæй йæ бирæтæ нал базыдтой, йæ сæрыхъуын йæ уæхсчытыл æрæнцад, йæ зачъетæ ныффæдзæлтæ сты, йæ цухъхъайы скъуыдтæ дзедыры тагæй бæстытæ, йæ уадултæ ныссау сты, ныццыргъ сты. Иу дзырдæй, мæрдон хуыз лæвæрдта.

Хъази адæмы раз йæ зонгуытыл æрхауд, æмæ афтæ зæгъы: — Амарут мæ, маринаг уын дæн!

Адæм фезнæт сты, фæйнæрдæм алæууыдысты æмæ Хъази иунæгæй аззад.

Адæмы хистæртæ æмæ зæрæдтæ Хъазийы алыварс æрлæууыдысты æмæ йæ фæрсын байдыдтой:

— Зæгъ, мæ хур, раст зæгъ, цы ракодтай, адæмæй цы курыс? Адæм хорз сты, хуыцауы хорзæхæй адæмы хорзæх хуыздæр у! Зæгъ цы курыс? — Мистала загъта.

Хъази æдзухæй йæ цæстысыг калдта, куыдта æмæ-иу хаттæй-хатт сдзырдта:

— Амарут мæ! Аргæвдут мæ!

Адæм дисы бафтыдысты, цæхгæр дзуапп кæй нæ зыдтой, уый тыххæй, Хъази цæуыл йæхи марын кæны, дзырдтой.

Мистала йæ дынджыр сырх цæстытæй адæммæ акасти æмæ афтæ зæгъы:

— Мæнæ хорз адæм, байхъусут, бамбарут! Хъазийы хабар бамбарын хъæуы, Хъазийы æхсар не ‘ртардта нæ размæ курæг, фæлæ йыл цыдæр зындзинад ис æмæ уыцы зындзинадæн баххуыс хъæуы.

Мистала Хъазимæ хæстæгдæр балæууыд, æмæ йын афтæ зæгъы: —Хъази, мæ хæдзар! Ацы адæм иууылдæр де ‘фсымæртæ сты, сæ тугæй конд дæ, дæу тыххæиййæ удæн зын чи нæ скæндзæн, ам ахæм лæг нæй. Зæгъ, цы курыс? Зæгъ, зæгъ!

Хъази сбогъ-богъ кодта æмæ йæ кæуынимæ сдзырдта:

— Зарбеджы æз амардтон! — æмæ зæххыл ныддæлгоми.

Адæм схылы-мылы сты, дыууæ дихы фесты. Иутæ загътой — амарæм æй, иннæтæ загьтой—дуры бын æй фæкæнæм. Афтæмæй адæм нал фидыдтой. Æрæджиау, фаг куы фæдзырдтой, уæд сын Мистала афтæ зæгъы: — Бон, бон æрхъуыды кæнут, цавæр бон у! Нæ фыдæлты нын тæтæры цагъариуæгæй чи фервæзын кодта2, низ, мæтых нæм алыран чи нæ уадзы, уыцы Ломисы Уастырджийы бон мæлæты тæрхон куыд кæнут? Адæм фæсабыр сты, фæхъус сты, æрмæст ма Хъазийы хæкъуырццæг кæуын хъуысти.

Адæм дзуары фæзы тымбыл æрбадтысты, хъуыддаг ранывæнд- банывæнд байдыдтой, радзур-бадзур, адæм сæхи æгъдауæй тæрхон кæнын сæ ныфс уыйас дæр нал хастой: уырысы æгъдæуттæ тых кæнын байдыдтой, адæмæн сæ бартæ айстой, æмæ бирæ радзур-бадзуры фæстæ æрæджиау бафидыдтой æмæ загътой:

— Хъазийы йæхи бар уадзæм, дзуары хатыр ын фæуæд, фæлæ Зæлдайы рæстдзинад хицæуттæн базонын кæнæм æмæ йæ ракурæм. Хъазийы, Зарбеджы æмæ Зæлдайы хабæрттæ лыстæг ныффыссын кодтой адæм æмæ Калачы стыр хицаумæ (судмæ) балæвæрдтой. Суд хъуыддаг равзæрста æмæ загъта: Хъазийы æрцахсæнт, Зæлдайы Сыбырæй рауадзæнт.

Иу мæйы фæстæ Хъазийы æрцахстой, æмæ йæ ахæстонмæ куы фæцæйкодтой, уæд Диделты къæдзæхæй йæхи аппæрста æмæ амарди. Чи зоны, адæм та йæ ракуырдтаиккой,—уæддæр нал фæлæууыд. Зæлдайы бæргæ рауагътой, фæлæ йæм цалынмæ чиныг хæццæ кодта, уалынмæ амарди уый дæр.

АЗАУ

Арагуийы доны сæр Ганисы хъæу хуыссы; раджы дзы кæддæр царды денджыз цæдæджинагау фыхт, æрнæгджын бæстæ, хор, фосджын адæм,— цард сæм йæ мидбылты худт. Раст Ганисы хъæуы цард дыууæ сыхаджы: Сачъынаты Боба æмæ Тогъузаты Бибо. Кæрæдзийы тынг уарзтой, иу хæдзар, иу бинонтау цардысты. Фæлæ сæ дыууæ дæр æнæзæнæг уыдысты æмæ уый тыххæй кæддæриддæр хъыг кодтой. «Нæ ис, нæ бон кæмæн зайдзæн»,— дзырдтой. Бибойы ус Томиан уыди, Бобайы ус та Хъаныхъон. Томиан æмæ Хъаныхъон иу рæстæгыл басывæрджын сты æмæ-иу дыууæ усы кæрæдзийæн дзырдтой: «Кæд нын лæппутæ райгуыра — æфсымæртæ сæ скæнæм, кæд нын чызджытæ райгуыра — хотæ сæ скæнæм, кæд иуæн лæппу райгуыра, иннæмæн — чызг,— ус æмæ лæг уыдзысты»,— уый тыххæй кæрæдзийæн æцæгдзинады дзырд лæвæрдтой.

Раст Ногбон æхсæвы Томианæн лæппу райгуырд, Хъаныхъонæн та — чызг. Бибо куывдæн гал аргæвста, адæмы ‘рхуыдта; Тогъузаты стыр хæдзары арт фæйлауæнтæ кодта, физонæджы тæф ирдгæ дардмæ хаста, адæм дыууæ ‘фсæйрагæй бадтысты. Иукъорд гаджидæутты фæстæ лæппуйыл ном сæвæрæм загътой. Нæмттæ равзæрстой æмæ лæппуйы мад Томианмæ йæ къухылхæцæджы барвыстой, цæмæй æгъдаумæ гæсгæ нæмттæй равзара æмæ лæппуйыл йæ мады ’взæрст ном сæвæрой. Томиан йæ къухылхæцæгæн афтæ зæгъы:

— Цы дæ фæнды, уый йыл сæвæр, дæ нывонд фон, фæлæ мæм Таймураз дзæбæхдæр ном кæсы,— загъта.

Томианы къухылхæцæг хистæр лæгтæн радзырдта Томианы æвзæрст ном. Хистæр лæгтæ лæппуйыл ном сæвæрдтой «Таймураз» æмæ йæ цæрæнбоны тыххæй гаджидау банызтой. Адæм фæминас кодтой æмæ ацыдысты.

Иубон Томиан æмæ Хъаныхъон дондæттæны баиу сты æмæ ныхæстæ кодтой.

Хъаныхъон афтæ зæгъы:

— Дæ нывонд фæуа мæ сæр, кæд дæ сывæллон æхсæв кæуаг нæу? — Нæу, дæ фæхъхъау фон, нæу, ахæм дзуар сывæллон никуы ис, æхсæв кæм хуыссы, уый ничи базондзæн.

— Дæ-дæ-дæй, мæнæн мæ чызг цы кæуаг у, дæллагон-дæллагон, æхсæв-бонмæ мын цæстыцъынд нæ дæтты.

— Дæ нывонд фон, æмæ дæм кæд Тутыры конд дзуар нæй?

— Уый та цы у, де ‘фсымæрыстæн?

— Уый та уый у, æмæ Тутыры æртыццæджы куырд райсом раджы сысты, йæхи цæхсы, æххормагæй, æнæдзургæйæ дзуæрттæ скæны æмæ уыцы дзуæрттæй кæмæ уа, уымæн цæст тых нæ кæны, стæй йын дæллагонæй тас дæр нæу.

— Мæ къонайыл, уæдæ уый æз куы нæ зыдтон. Бын бауой уастæн нæ Тæгиатæ, кæд æрмæст бæхы фыд хæрынн йедтæмæ ницы зонынц, уæд. — Мæнмæ ма дзы кæмдæр иу дзуар ис æмæ дын æй ратдзынæн, уæддæр мæ чындзаг у,— загъта Томиан æмæ бахудти.

— Хорз, дæ нывонд фон, хорз, нæ фæндтæ нын лæгтыдзуар сæххæст кæнæд.

Дыууæ усы ныхæстæгæйгæ æрцыдысты æмæ алчи йæ хæдзармæ бацыд. Иубон Хъаныхъон устыты æрхуыдта, хорз сæ федта, æмæ йын йæ чызгыл ном сæвæрдтой «Азау».

Таймураз æмæ Азау сæ къахыл уайын куы байдыдтой, уæд сæ фæнд куыд уыд, уымæ гæсгæ сæ нал хицæн кодтой дыууæ сывæллоны, куы-иу Бобатæм уыдысты, куы Биботæм, афтæмæй цардысты.

Иубон Томиан æмæ Хъаныхъон бæндæйнаг тама тонынæй æрцыдысты. Таймураз æмæ Азау Биботы кæрты хъæбыс-хъæбыс бафынæй сты, сæ уæлæ стыр сау калм цæхгæрмæ хуыссыд. Томиан æмæ Хъаныхъон калмы куы ауыдтой, уæд сцъæхахст кодтой, сывæллæттæн фæтарстысты, устыты хъæрæй калм фæтарст æмæ хæмпæлы смидæг. Таймураз æмæ Азау дæр фехъал сты æмæ сæ мадæлтæм фæлмæн бахудтысты. Сыдæллæтты рауын- бауын акодтой, фæлæ сын калмы хабар не схъæр кодтой. Æмæ сын куы ницы уыд, уæд банцадысты, фæлæ калмы цæстæнгасæй цыдæр æнамонды хъуыддаг сæ зæрдæйы сау æндæрг адардта.

Афонтæ цыдысты, рæстæг хатти. Дыууæ уарзоны дзæнæтон бæласау рæзыдысты: æнæ сæ иу се ‘ннæ минут нæ лæууыд. Таймураз æмæ Азауыл ацыд фæйнæ ссæдз азы, фæлæ уæддæр Боба æмæ Бибо нæ тагъд кодтой хъуыддаджы кæрон сæххæст кæныны тыххæй, цæвиттон, чындзæхсæвы тыххæй.

Иу уалдзæг Бибо йæ фос хизынмæ атардта хохмæ; иу рæсугъд лæнчы фосдарæн скодта æмæ уырдыгæй йæ фос хызта. Раст Атынæгæй Кæхцгæнæны астæу мит уарын байдыдта. Æхсæв-бонмæ лæгбæрц мит ныууарыд, бæстæй сауы къуыбыр нал фæзынд, бæрзонд хохæй мит разæй кодта, æмæ Бибойы æд фос, æд рæгъау зæй фæласта. Нарæг комы зæйы бын ныххæрджитæ сты. Дыккаг бон адæм афæдис кодтой, фæлæ Бибойы уæтæрæй змæлæг нал уыд, æрмæст ма комы нарæджы мæрдты смагмæ зæйы уæлæ сынтытæ ратæх-батæх кодтой.

Уалдзыгон хур æркаст, æрæнтæф, æртыккаг бон мит дон фестад, æрнæг та цъæх адардта, Бибойы мард зæйы бынæй скъахтой æмæ йæ сынтыл йæ хæдзармæ æрхастой, фос, хъомæй иу дæр нал фервæзт,— сырдты, сынтыты хæлæттаг фесты. Томианы хъарджытæй, Таймуразы кæуьинæй хох змæлыд, быдыр æнкъуыст. Адæм æрæмбырд сты æмæ йæ баныгæдтой, «рухсаг у, рухсаг» загътой æмæ ацыдысты. Бибойы бирæ фæллойæ хæрнæгæн хистаг нал баззад.

Мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы. Боба Таймуразмæ уазал цæстæнгас дарын райдыдта. Хæстæг сæм нал цыд, Азауы дæр хъахъхъæнын байдыдтой, Таймуразимæ сын сдзырд, сныхасы бар нал уыд. Хъаныхъон фестырзæрдæ, Томианимæ уарзон ныхæстæ нал кодта. Томиан-иу Хъаныхъонæн сæ фыццагон царды ныхæстæй исты куы загъта, уæд-иу ‘нæрвæосоны худт бакодта æмæ-иу аздæхти. Таймураз æмæ Азау та кæрæдзийы уарзондзинады артæй сыгъдысты, пиллон уагътой. Боба та йæ чызгæн æндæр мой агуырдта, Таймуразыл нал æрвæссыд, фæмæгуыр сты, æмæ йын Азауы аккаг нал кодта.

Иубон Азаумæ курæг æрцыдысты Биганатæ, тынг хъæздыг хæдзар, æмæ Бобаимæ ныхæстæ кодтой хæдзары тыргъы. Боба æргом ницы сдзырдта, фæлæ йын æхсызгон уыд, ахæм хъæздыг хæдзар ын йæ чызджы кæй куры. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ дæс æмæ æртиссæдз хъуджы ирæдыл бафидыдтой. Азау сæм фæсдуарæй хъуыста æмæ сын сæ бафидауыны хабар куы базыдта, уæд йæ зæрдæ мæстæй ссыгъд, атыппыр, адæнгæл, риу рацæйтыдта, ныццух-мухтæ кодта æмæ афтæ зæгъы: «Уæдæ ма мæ раттæд!» йæ цæстысыгтæ асæрфта, æмæ цæстытæ цыдæр диссаг хъæбатыр цæстæнгас равдыстой, æмæ та афтæ зæгъы: «Раттæд ма мæ уæдæ!»

Азау кæугæ хæдзармæ бауад æмæ йæ мадæн афтæ зæгъы:

— Нæ бирæгъ мæ дæлæ иу арсæн куы радта, уæд ды та цы зæгъыс, нана? — æмæ та скуыдта.

— Нана дæ фæхъхъау фæуа, мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, ды та йæм хæстæг цæуыс, цæмæй дæ дардзæн, цы дын ссардзæн, амонд æрмæст хъæздыгады кæй ис, уый базон æмæ иудадзыг дæ зæрдæйы фæндыл ма цу. — Нал æй зоныс, нана, цытæ мын-иу дзырдтай?

— Зонын, нана дæ нывонд фæуа, зонын, фæлæ ныр фæмæгуыр сты, ницыуал сæм ис; царв æмæ мын мыдыл куы не ‘рвæссыс, уæд Тогъузатæм цы хæрдзынæ?

— Адæм иудадзыг гуыбыны тыххæй нæ цæрынц,— æмæ та скуыдта. — Хорз, дæ сæрыл мæ ‘рхæссой, хорз, зæгъдзынæн дæ фыдæн, æмæ дæ нал ратдзæн.

Фæлæ уыцы ныхæстæ уыдысты былдау дзырдтæ æмæ хъуыддаг куыд уыд, афтæмæй баззад.

Бакайыс кодтой Бигантимæ. Азау мæллæг кæнын райдыдта, йæ цæсгом мæстæй ныффæлурс, цæстытæ мæстыгæр цæстæнгас лæвæрдтсй. Йæ рæсугъд мæлгъæвзаг мæй иуныхас нал кодта. Иудзырдæй, йæ мад æмæ йæ фыдмæ сырды хуызæн каст. Боба æмæ Хъаныхъон та афтæ хъуыды кодтой: Азау Биганы-фырти-мæ куы баиу уа, уæд æй бауарздзæн, зæгъгæ. Фæлæ Азау йæ зæрдæйы фæйнæгыл цы Таймуразы хуыз ныффыста, уый скъахын, уый сæппарын никæй бон уыд, уый бурæмæдз ахорæнæй зæрдæйы фахсыл ныххæцыд, ньиффидар æмæ халын нæ куымдта.

Иубон Таймураз куыстæй æрцæйцыд, Азау хуымонтæн кæрдзын схаста, æмæ фæндагыл баиу сты. Фыццаг кæрæдзимæ фемдзаст сты, иу дæр сæ дзурын нал сфæрæзта, сæ зæрдæтæ уарзондзинадæй атыппыр сты, хурхуадындзтæ адымстысты, цæстытæ батартæ сты; цыдæр диссаг æнахуыр хъуыдыты аныгъуылдысты.

Æрæджиау Таймураз афтæ зæгъы:

— Чызгай, дæ амонд дын хуыцау хорз фæкæнæд, хорз мой скодтай. Азау йæ цæсгом фæсырх кодта, йæ цæстытæ доны разылдта æмæ афтæ зæгъы:

— Мæ амонд цы уыд, уый баци, фæлæ дæу хуыцау амондджын фæкæнæд.

Таймураз йæ рихи аздыхта æмæ афтæ зæгъы:

— Мæ фыд Бибойыстæн, æз дæу хæссын никæмæн ауадздзынæн, цалынмæ æгас уон, уалынмæ.

— Хуыцауы тыххæй, ферох мæ кæн, мауал мæ уарз, адæмæн мæ æрдхæрæн æмбисонд ма фæкæн.

— Нæй, нæй, Азау, дунетæ куы сыстой, уæддæр мын дæу ничи байсдзæн, ме ‘ррадзинады раз ничи фæлæудзæн.

— Ма кæн, Таймураз, дæхи ма саф, дæу мардæй куы фенон, уæд мæрдты авд марды кæндзынæн, фæлтау мæ ферох кæн, сис мæ дæ зæрдæйæ, аппар мæ фаджысмæ, батутæ мыл кæн, дыууæ мыггаджы ма фæцæгъдын кæн.

— Уый куыннæ зоныс, уарзондзинадæй лæг æрра кæны. Мæ зонд фæдзæгъæл, мæ зæрдæ басыгъд дæ уарзондзинадæй. Зæгъ мын цæхгæрæй, мæн дæ æви нæ?

Азау ницыуал сдзырдта. Йæ хъуыдытæ дардыл ахаттысты. «Дæу нæ дæн» загътаид, æмæ Таймуразы уарзондзинады рæхыстæ аскъуынын, атонын йæ бон нæ уыд. «Дæу дæн» загътаид, æмæ æргомæй зыдта, стыр бæллæхтæ сæм кæй æрцыдаид, уый æмæ йæ кæлмæрзæны хаутæ схъаугæ æнцад лæууыди. Кæй зæгъын æй хъæуы, Азауыл уарзондзинад тых кæнын райдыдта, зæрдæйы уадындзтæ сæры магъзыл сæхи цавтой æмæ уарзондзинады цæхæртæй зонды фæндагыл арт æфтыдтой. Æппынæрæджиау афтæ зæгъы:

— Ирон лæджы ус байсын дæм куыд æнцон кæсы? Таймураз хъамайы фындзæй зæхх сзылдта æмæ афтæ зæгъы:

— Ард дын хæрын ацы зæххæй, сомы дын кæнын бæрзонд цъæх арвæй, куыд æз æмæ дæу ацы сыджыты йедтæмæ ничи ахицæн кæндзæни. — Зонын, Таймураз, зонын, æнæ фыдбылыз нæ баззайдзыстæм. Ферох мæ кæн!

Таймураз фондзыссæдз ныхмæлæууæг лæджы раз йæ сæр не ‘ркъул кодтаид, не ‘ртасыдаид, нæ басастаид. Фæлæ ныр Азауы уарзондзинады раз зæххы æмхуызон йæхи æруагъта æмæ афтæ зæгъы:

— Чызгай!— æмæ та дзурын нал сфæрæзта.— Ды амондджын дæ, ссардтай дæхицæн къай, фæлæ мæнæн та дæ къухæй мæлæт ма бахæлæг кæн!—дамбаца фелвæста æмæ йæм æй дæтты.

— Цæв мыл æй, нæ мын фæрисдзæн. Ма тæрс, ма тæрс,— зырзыргæнгæ ма сдзырдта.

Азауæн ма уыцы иунæг ныхас хъуыд йæ зæрдæ басæттынæн. Ныггуыпп ласта уарзондзинады арт зæрдæйы æмæ сæры магъзы стъæлфæнтæ акалдта, йæхи нал баурæдта æмæ Таммуразы æфцæджы ныттыхсти. Дыууæ дзыхы кæрæдзийыл андæгъдысты, иудзæвгар сахаты фæстæ сгæллады хуызæн кæрдæгыл æрбадтысты æмæ сæ уынæр нал ссыд. Æрмæст ма сæ баты гæзæмæ змæлын æврагъы æнкъуысын кодта. Хуыцау зоны, кæдмæ фæбадтаиккой, къæвда сын сæ рæстæг куы нæ фехæлдтаид, уæд. Арв ныннæрыд, æмæ фæйнæрдæм ацыдысты.

Уыцы бонæй фæстæмæ Азау æмæ Таймураз æхсæв фыны иумæ уыдысты, бон — хицæнтæ.

Томиан хистытæ фæкодта, хæдзары ма цы мурзгъæл уыд, адæмæн сæ бахæрын кодта, фæлæ ма йæ ноджыдæр сауисæны хист хъуыд. Уалдзæг уыд æмæ Томиан уæрыччытæ балхæдта, хист сцæттæ кодта, адæмы æрхуыдта. Адæм хист бахордтой, «рухсаг уæд, рухсаг»,— арфæ ракодтой æмæ ацыдысты. Æрмæст ма хæдзары баззад Таймуразимæ фондз лæппуйы, йе ‘мгæрттæ, кæстæриуæг чи кодта, уыдон: Бимболат, Хъамболат, Хазби, Турбег æмæ Чермен. Уаты та ‘рбадтысты æхсæвæрыл æмæ ныхас кæнын райдыдтой. Бирæ царды фæндтæ фæкодтой Таймуразæн, бирæ митæй мæсгуытæ йын фæцамадтой. Фæстагмæ йын ус курыны фæнд скодтой. Фæлæ ирон лæг æнæ ирæд йæ чызг кæм дæтты, ирæд цы раттаид, уый та Таймуразмæ нæ уыд, æмæ уæд скъæфыны фæнд скодтой. Хъуыддаг афтæ уыд æмæ Таймураз хъуамæ Азауæн фехъусын кæна, дыккаг æхсæвмæ цæттæ куыд уа, афтæ. Скъæфджытæ дæр сæхи сцæттæ кæной æмæ йæ куыд аскъæфой, афтæ.

Таймураз дыууæизæрастæу Бобатæм фæсдуар бамбæхст æмæ Азауæн бамбарын кодта. Фæлæ Азау нæ разы кодта, уый тыххæй æмæ Боба йæ чызджы Таймуразы хуызæн мæгуырæн нал раттаид, нал саккаг кодтаид, кæд фыццаг, Бибойы хъæздыг рæстæджы, сæ фæнд иу уыд, Азау æмæ Таймуразы уарзондзинад сæ дыууæйæн дæр æргом æмæ фæндон уыд, уæддæр. Ныр Таймураз фæмæгуыр, йæ хæдзары цылпæркъахыг гæды нал уыд, æмæ Боба йæ тых æмæ йæ хъару Азау æмæ Таймуразы фæхицæны тыххæй батайын кодтаид, бахуыссын кодтаид, не сразы уыдаид. Дыккаг та, Битанатæ дæр тыхджын мыггаг уæвгæйæ сæ усы айстыл не ‘рæвдадаиккой, хæцыдаиккой. Æмæ уый тыххæй Азау цæхгæр зыдта, куы йæ аскъæфой, уæд стыр бæллæхтæ кæй æрцыдаид, уый. Фæлæ йæ Таймуразы уарзондзинад дæр размæ тардта. Йæ зæрдæ, йæ хъуыдытæ иууыл Таймуразы уар-зондзинады хызы стыхстысты, æмæ æртæ мыггаджы хæрзæбон бахъахъхъæныныл уæлахиз кодта æмæ йæ Таймуразы фæндыл размæ тардта. Æмæ афтæ зæгъы:

— Иу æнаккаг сылы тыххæй дæхи сафыс, фæлæ бар дæу. Дыккаг æхсæвмæ Азау дзырд радта Таймуразæн æмæ ацыди. Дыккаг æхсæв Биботæм хисты уæлдæйттæ сцæттæ кодтой, зæронд лæгты æрхуыдтой. Чермены Бобамæ хонæг арвыстой, æмæ йын афтæ зæгъы:

— Уæлæ дæм Томиан хонæг æрæрвыста, хисты уæлдæйттæй ма цыдæртæ аззад, зæронд лæгтæ дæр уым сты æмæ дæумæ кæсынц. Боба арфæ ракодта, араст Черменимæ æмæ Биботæм ссыдысты. Хъуыддаг афтæ уыд, æмæ Боба фынгыл куы ‘рбадт, уæд фондзæй скъæфджытæ, æхсæзæм Таймураз Азауы скъæфынмæ ацыдысты. Скъæфджытæй иу, Хъамболат, зæгъгæ, Бобатæн сæ хъан уыд æмæ хæдзармæ бæрæггæнæг бауад. Хæдзары куы ничи уыд, Азау æмæ Хъаныхъоны йедтæмæ, уæд Азауæн амбарын кодта. Азау дуармæ рауад, бæхыл æй авæрдтой æмæ йæ аскъæфтой.

Бæстæ цъæхахст, хъæр сси, Хъаныхъон фæдисхъæр кодта, Сачъынатæ æмæ Биганатæ рафæдис кодтой. Боба дæр фынгæй фестад æмæ фæдисы ауади. Фиотæг фæндагыл скъæфджыты разæй фесты, раст Къæйджыны уæлвæз баиу сты скъæфджытимæ. Бæстæ гæрах сси, дыууæрдыгæй топпы цæхæр кæфойæ калæгау калд, нæмгуытæ ихуарæгау кодтой. Æхсæв уыд æмæ иргъæвæг адæм нæ уыди. Фондзæй скъæфджытæ мард фесты, фондз та фæдисонтæй фæмарди. Таймураз цæфтæй аирвæзт æмæ Урстуалты йæ мадырвадæлтæм алыгъд. Азау хуыры астæу дурты бын бамбæхст. Сачъынатæ æмæ Битанатæ Бибойы хæдзар ныххæлиу кодтой, Томиан дæр йæ сыхæгтæм бамбæхст.

Дыккаг бон адæм æрæмбырд сты, бæстæ сызмæлыд, алырдыгæй фæдис уадысты. Мыггæгты кæрæдзимæ лæбурын нал бауагътой хъуыддаг фæсабыр, знæгты ‘хсæн фидар лæгтæ æрæвæрдтой. Хъуыддаг равзарыны тыххæй фæстаг хуыцаубонмæ сæмгъуыд кодтой. Мæрдты баныгæдтой æмæ ацыдысты.

Хуыцаубон æрцыд, æмæ адæм æрæмбырд сты дзуары фæзы, фæлæ Рубайты Мистала нæма ‘рцыд, æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты. Уалынмæ разынд, лæдзæг йæ къухы, урс-урсид зачъетæ цыллæйы хуызæн сæвджын риуыл ирдгæ фæйлыдта. Æрхæццæ æмæ адæмæн арфæ ракодта:

— Уæ бонтæ хорз уæд æмæ фарн уæ ныхасы!

— Фæрнджын у, Мистала, æмæ нæм æгас цу! — адæм дæр арфæ ракодтой. Æрбадтысты æмæ тæрхон кæнын рамдыдтой, хъуыддаг равзарыны фæстæ загътой:

— Таймураз зылын уый тыххæй у, æмæ Биганаты куырд усы сæрра кодта æмæ йæ аскъæфта; Азау уый тыххæй зылын у, æмæ куырд ус уæвгæйæ Тайммуразы фæндыл сразы ис, æмæ уыдон тыххæй стыр бæллæхтæ ‘рцыд, фæсивæды хуыздæртæ мард фесты, мыггæгтæ кæрæдзимæ сызнаг сты, адæмы иумæйаг царды уарзондзинад бахъыгдардтой. Боба та уый тыххæй зылын у æмæ йæ чызджы æвæндонæй моймæ кæй радта. Ацы аххостæм: гæсгæ æртæ дæр зылын сты,— загътой.

Адæмы æмбырд æртае дихы фесты, иутæ загътой: «Дурты бын сæ хъуамæ фæкæнæм»(Зылын лæгыл-иу адæм фæйнæ дуры ныццавтой. (Авторы фиппаинаг )), иннæтæ загътой: «Амарæм сæ». Æртыккаг, фылдæр къорд загътой: «Хъоды сыл бакæнæм».

Афтæмæй сæ дзырд кæрæдзийыл нал бадт æмæ нал фидыдтой. Æрæджиау Мистала сыстад æмæ афтæ зæгъы:

— Фарн уæм байхъусæд, хорз адæм! Адæм фæсабыр сты, фæхъус сты, се ‘хсæн бындз куы атахтаид, уæд уый базыры хъæр дæр хъуыстæ уыдаид.

— Мах иу адæм, иу бинонтæ, дæ къухы æнгуылдзтæй кæцыфæнды алыг кæнай,— рисдзæн дын, цардæн куыд хицау не стæм, мæлæтæн дæр афтæ, дыууæ дæр хуыцауы бар сты, мæлæты тæрхонæй хуыцауы æгъдау халæм, нæ бинонтæй та дыууæ уды сафæм. Хъоды, мæ хæдзæрттæ, хъоды сыл бакæнæм, Бобайæн та йæ галтæй иу аргæвдæм æмæ нæ хид кæнинаг у æмæ йæ саразæм,— загъта æмæ йæ цæстысыгтæ асæрфта.

Мисталайы кæрдаг ныхас æмæ цæстысыджы æртах адæмы зæрдæ афтæ сфæлмæн кодтой, æмæ æмхуызонæй «разы стæм» загътой.

Мистала дзуаргæсырдæм баздæхт æмæ афтæ зæгъы:

— Угард, дзуары угард ныккæнæм, мæ хæдзæрттæ. Азау æмæ Таймуразыл адæм хъоды бакодтой: йæ хæдзармæ сæ чи бауадза, дон, кæрдзын сын чи радта, сæ фос сын йæ фосимæ чи ауадза, уый Ломисы дзуары фыдæх уæд, загътой.

Дзуарыгæс хъуытæзтæ ныццагъта, дзуары угард ныккодтой æмæ угæрдтæ дзуары хуылфы сæвæрдтой. Бобайæн йæ гал аргæвстой æмæ сæ хид сарæзтой. Туджджынтæй дзырд райстой, цалынмæ хъуыддат æвзарой, уалынмæ кæрæдзийы куыд нæ бахъыгдарой, уый тыххæй сын сæ рихийы хъуынтæй райстой æмæ сæ дзуары хуылфы дæвæрдтой æмæ фæйнæрдæм ацыдысты.

Азау дуры бын æххормаг, дойныйæ куы сфæлмазцыд, уæд иу фæсахсæвæр тальинджы рацыд æмæ, Ганисы хъæугæрон иу дзæгъæл æнæмой ус цард, Дыса, зæгъгæ, уымæ æрæыд. Азау Дысамæ дуары хуынкъæй бакаст, æмæ Дыса йæ разы кæрдзын æрæвæрдта æмæ скуывта:

— Хуыцау, адæмæн бирæ ратт, æз дæр сыдæй куыннæ амæлон. Хуыцау, кæд ма искуы мæ хуызæн мæгуыр ис, уый дæр фервæзын кæн. Кæрдзын æрсаста æмæ хæрыныл æрбадт. Азау уыцы зæрдиаг куывдтытæ куы фехъуыста, уæд фæныфсджын æмæ дуарыл бахæцыд. Дуары хъæрмæ Дыса рауад æмæ афтæ зæгъы:

— Чи дæ, чи?

Азау дуары къæсæрæй бахызт æмæ афтæ бакодта:

— Сс-с… Æз дæн, æз.

— Мæ къонайыл Азау дæ, цы? Æмæ дыл адæм хъоды куы бакодтой, уæд дыи цы кæнон? — æмæ æнæбарыгомау йæ разæй бараст.

Артдзæсты къæцæлы муртæ фæрухс-фæмынæг кодтой, Азау æмæ Дыса арты фарсмæ иу ран æрбадтысты, Дыса Азауæн кæрдзыны къæбæртæ йæ разы авæрдта æмæ афтæ зæгъы:

— Хуыцау мын æй ныббарæд, хъоды дзырд халын, фæлæ тыхст удæн радтын кæд тæригъæд нæ уаид, ахæр-ма, ахæр, дæ фæхъхъау фон, дæ цæсгом куы ныцъцъæх.

Азауæн йæ фидауцджын сау цæстытæ ма арф кæцæйдæр, цæсты къæлæттæй сау æндæрг хастой, йæ фидауцджын тæнæг былтæ ныххус сты, дзæгъæл змæлд кодтой, йе ‘взаг басур, комы нал хатти, йæ уадултæ цъити хъæпæнау ныффæлурс сты æмæ афтæ зæгъы:

— Цы хæдзармæ уадзинаг дæн, цы, дæ нывонд фон, бæсты бинаг къæй фæдæн, зарæджы сæйраг,— æмæ йæ кæлмæрзæны къабазæй йæ цæстысыгтæ асæрфта.

Дыса та йын кæрдзыны къæбæртæ йæ размæ бакодта æмæ афтæ зæгъы:

— Ахæр-ма дзы, ахæр, акомдзаг дзы кæн, дæ дзыхы гам дын айсдзæн æмæ дæ зæрдæ фæлæудзæни.

Азау кæрдзыны мур йæ дзыхы бакодта, фæлæ йе ‘фсæртæ ныууадысты, ласæггаг ныссур, аныхъуырын йæ бон нал уыд æмæ йæ фæстæмæ йæ къухмæ рату кодта. Дысайæн йæ зæронд хус уадултыл йæ цæстысыг æркалд æмæ афтæ зæгъы:

— Уæд та дон ахуыпп кæн, дæ сæрыл мæ ‘рхæссой, дон,— æмæ йын къусы мидæг дон авæрдта.

Азау дон анызта æмæ афтæ зæгъы:

— Цымæ цы фæци уый?

— Таймуразы фæрсыс, бецау, Таймуразы? Азау йæ сæр батылдта æмæ та йæ цæстысыгтæ асæрфта. Дыса дæр кæуынхъæлæсæй афтæ зæгъы: — Урстуалты йæ мадырвадæлтæм рынчын у, йæ цæфтæй нæма сдзæбæх, фæлæ, дам, йæ удæн тас нæу, зæгъынц.

Уалынмæ дуарæй æрбадзырдæуыд:

— Дыса, уæ Дыса, уым дæ, цы?

— Дыса фестад æмæ дуармæ ауад, Азау къутуйы фæстæ амбæхсти. Дысайæн сыхæгтæй чидæр æрвитæггаг æрбахаста,— къусы мидæг бас æмæ фыды хæйттæ. Дыса къус райста æмæ йын арфæ ракодта. лæппу фæстазмæ аздæхт. Дыса дуар ахгæдта æмæ хæдзармæ бацыд æмæ афтæ зæгъы: — Цы фæдæ, цы, Азау, дæ фæхъхъау фон? Азау фæскъутуйæ раæыд æмæ афтæ зæгъы:

— Æрбацæуæгæй фæтарстæн æмæ амбæхстæн. Дыса йын къус йæ разы авæрдта æмæ та афтæ зæгъы:

— Ай та нын хуьцауы лæвар, уый йедтæмæ дын цы бахæрын кодтаин,— æмæ йын йæ разы фьидтæ æркарста.

— Ахæр-ма, ахæр, дзидзайы мур дын дæ зæрдæ фæлæууын кæндзæн. Азау фыды комдзаг йæ дзыхы бакодта, фæлæ хæрын йæ бон нал уыд æмæ та йæ фæстæмæ райста. Дыса та йын басы къус йæ къухы авæрдта æмæ афтæ зæгъы:

— Ахуыпп-ма дзы кæн, ахуыпп, бецау, дæ зæрдæ дын фæлæууын кæндзæн.

Азау бас ахуыппытæ кодта, æмæ гæзæмæ туджы уадындзгæ йæ уадултыл ахъазыд.

Цы дардыл дзурын, æхсæвæр бахордтой æмæ йын Дыса афтæ зæгъы: — Ахсæв дæ бауромин, фæлæ дæ райсом исчи куы фена, адæм дыл хъоды бакодтой æмæ нæ дыууæйæн дæр хорз нæ уыдзæн, фæлæ æмбæхст кæм дæ, уый мын зæгъ, æмæ дын кæрдзын хæсдзынæн.

Азау уырдыг сыстад, йæ нарæг астæу ныкъкъæс-къæс кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Ды мын ныййарæг мадæй адджындæр мад, мæ хæрзæбонæй æнæхай, мæ фыдбылызæй хайджын. Макæмæн мæ схъæр кæн.

— Нæ, мæ зæйласт Дзанаспийыстæн, нæ, никæмæн зæгъдзынæн. — Фидары къæдзæхы раз, дуры бын, лæгæты, йæ дуарыл ын цилтæ бамбæрзтон æмæ уым дæн,— загъта.

Азау æмæ Дыса кæрæдзийыл скуыдтой. Дыса йæ хæдзары баззад, Азау та йæ бынатмæ ацыд.

Уыцы æхсæвæй фæстæмæ Дыса алыбон дæр Азауæн кæрдзын хаста: куы мæнæргъы æфсон, куы хъæлæрдзы тонын æфсон. Азауы цыма зæхх аныхъуырдта, адæмæй йæ иу зонæг нæ уыди, Дысайы йедтæмæ.

Æрæгвæззæг æрцыд, хур адард и, уазал кæнын райдыдта, хохы цыргъытыл зымæг йæ урс кæрц æрæмбæрзта, Азауæн уыцы ран фæлæууæн нал уыд, зæймиты бын фæцадаид, зымæджы йын уым цæрæн нæ уыд. Æнæ уый дæр æй Таймуразы уарзондзинад æнцой нæ уагъта: йæ зæрдæ йын йæхирдæм рæхыстæй ласта.

Иуæхсæв мæйрухс арвыл тыбар-тыбур кодта, стъалытæ кæрæдзимæ худтысты, дымгæйы зызын фæлмæн хъырныдта, гоби къæдзæхтæ сау æндæрг хастой. Азау Таймуразмæ лидзын æрымысыд.

Раст æхсæвæрафон йæ къабайы зæронд йæ астæуыл атыхта æмæ аæыди. Æхсæв боны хуызæн мæйрухс уыд, фæлæ Хъелы æдзæрæг хохмæ куы схæццæ, уæд бæстæ ныммæйдар, митæмхæццæ зæгъ уарын байдыдта, цæгатварсы тымыгъ хохæй хохмæ сау мигъы тымбылтæ аппæрста, уадтымыгъы æхситт кæмттæ араудта, митфæлдзæгъдæн уылæнтæй Азауы сæвджын риуыл тымыгъ цавта æмæ йын йæ урс дæллагхъуыр хуылыдз кодта; иудзырдæй, фыдæхсæвтæй иу уыд; Азау хъазуатæй размæ тьгндзыдта.

Раст Саудзуары фæхæрдгæнæнмæ куы бахæццæ, уæд уым Гудан æмæ Хиуы фиййæуттæ сæ фос рацæйтардтой. Азауыл куитæ срæйдтой, æмæ дуры фæстæ амбæхсти. Хиуаг фиййау Гугуа куиты фæдыл бауад æмае дуры ‘нцой лæугæ Азауы федта æмæ æрдæг иронау афтæ зæгъы: — Цом, кæрдзын бахæр.

Азау бамбæрста, кæфхъуындары хъæлæсмæ кæй фæцæуы æмæ дзы æхсары йедтæмæ хос кæй нал ис, уый æмæ афтæ зæгъы:

— Бирæ ма дзур, ме ‘мбæлттæм кæсын, фæстейæ ссæуынц, Урстуалтæм цæуæм æмæ уыдонмæ лæууын.

Уыцы сахат Азауы сæры фондзыссæдз хъуыдыйы аленчытæ кодта, фæндыди йæ, мыст куы фестадаид æмæ искуы зæххы бын куы амбæхстаид. Йе цæргæс куы фестадаид æмæ арвы дæргъдзинады куы ‘рбайсæфтаид. Уæд та йын дымгæ Таймуразмæ фæдис хъæргæнæг куы фæцадаид. Фæлæ ницы; кæфхъуындары дзых йæ разы хæлиуæй лæууыд æмæ йæ минутæй .минутмæ аныхъуырынмæ хъавыд. Уалынмæ иннæ фиййæуттæ дæр базгъордтой æмæ Азауы сæхимæ бакодтой æмæ йæ арты фарсмæ абадын кодтой нымæты бын; цасдæр æй фиййæуттæ тавтой, рæвдыдтой, уыйас та Азау мæсты кодта æмæ фиййæуттæн алывыд дзырдта. Фиййæуттæ гуырдзиагау цыдæр ныхас кодтой. «Гугуас цоли ла-мазиа» («Гугуаиы ус рæсугъд у») дзырдтой. Тагъд-тагъд сæ уæргътæ бастой, цæмæй сын сæ фос мит не ‘рцахстаид. Азау уырдыг фестад æмæ скуыдта, сдзынæзта æмæ афтæ зæгъы:

— Ауадзут мæ, мæхи амардзынæн, мæнæн мæ уарзон æндæр у, æз сымахæн нæ бæззын.

Цы дардыл дзурын, фос фезмæлын кодтой, Гугуа бæхыл абадт, Азауы йын йæ фæсарц авæрдтой, æмæ йæ басылыхъхъæй йæ астæумæ абаста, æмæ æхсæвы мæйдары аныгъуылд.

Дыккаг бон хур скаст, хохæй-хохмæ тын анывæста, хохы бæрзæндтæ митæй урс адардтой, комы рæбынтæ сауæндæрг хастой. Дыса Азауæн кæрдзын схаста, фæлæ Азау уым нал уыди. Фæцагуырдта йæ, фæхъæр æм кодта, Азауы нал ссардта æмæ кæугæ фæстæмæ раздæхти. Уыцы бонæй фæстæмæ Дыса дæр нал базыдта, Азау цы фæци æмæ кæдæм ацыд, уый.

Азауы хиуаг йæхицæн ус скодта, залиаг калмы хъæбысы зындоны артæй сыгъд. Азаумæ бон минуты бæрц каст, æхсæв та йын афæдз уыд. Хиуаджы цур хуыссынæй мæрдтæм цыд, йæ зæрдæ тъæппытæ хаудта, иу ныхас, иу дзырд йæ дзыхæй нæ цыд, æхсæв æй хуыссæг нæ ахста—боныцъæхмæ æнхъæлмæ каст, боныцъæхæй та хурыкастмæ тындзыдта æмæ Таймуразы уарзон мондæгтæ хуры тынтæй иста, йæхи сæ рæвдыдта. Æмæ-иу уæд йæ салд ихзæрдæ Таймуразы мондæгтæй батæфсти, бахъарм и æмæ-иу йæхинымæры загъта: «Чи зоны, уæлæуыл куы нæ баиу уæм, мæрдты уæддæр кæрæдзийы фендзыстæм».

Ахæм хъуыдытæй Азауыл бон изæр кодта. Хиуаджы цæстæнгас Азауы зæрдæйы джебогътæ тъыста, кæуынхъæлæсæй, цæстысыг калгæ æхсæв уатмæ цыд. Азау лидзынвæнд дæр бирæ хатт скодта, фæлæ фæндаджы бæрæгæн ницы зыдта æмæ та-иу баззади.

Азауæн дыууæ лæппуйы райгуырд, уыдон дæр сæ фыды хуызæн фыдуаг, фыдæгъдау, Азау уыдонмæ дæр зæнæджы цæстæй нæ каст, уыдон дæр ын зæнæджы ад нæ кодтой. Йæ хъуыдытæ иууылдæр Таймуразы уарзондзинады хызы мидæг стыхстысты; алырдæм фæндаг агуырдта, фæлæ æрдуйы бæрц дæр Таймуразы бæрæгæн ничердыгæй ницы зыдта, æмæ афтæмæй рæстæгæй-рæстæгмæ æнхъæлмæ касти.

Таймураз кæд уæззау цæфтæ уыд, уæддæр йæ тугæфсæст буар æмæ йе ‘ндон стæг тагъд сдзæбæх и æмæ Урстуалты йæ мадыфсымæртимæ цард, фиййау цыди. Æхсæв-иу фосы цур дарæны мæйрухсимæ ныхæстæ кодта: «Уæлæ мæйрухс,—загъта,— кæд искуы Азауы сау цæстытæ дæумæ мæнау дзыназынц, уæлæ Бонвæрон стъалы, кæд Азау дæ уындæй йæхи рæвдауы, уæ зæххы Барастыр, кæд искуы йæ урс фæлмæн риу сыджыты æмбийы».

Ахæм сагъæстимæ Таймуразыл æхсæв бон кодта. Дыууæ хатты Таймураз Азауы агурынмæ дæр ацыди, фæлæ никуы ницы ссардта æмæ фæстæмæ афтидæй æрцыд. Таймуразæн йæ мадыфсымæртæ ус курыныл ныллæууыдысты, бирæ чызджытæ йын амыдтой, бирæ чызджы зæрдæ хæлдта Таймуразы бæллиццаг уынд. Фæлæ Таймураз не сразы, уынгæ дæр никæй кодта, йæ зæрдæмæ дæр ничи цыд.

Уарзондзинады æфхæрд низæй низдæр у, Таймураз мæллæг кæнын райдыдта, мæг æмæ мæт адæймаджы æнафоны мæрдтæм кæнынц, Таймураз æррынчын, æруатон и æмæ йæ мадыфсымæртæм басидт æмæ сын загъта: — Æз мæлын, мæ куыст уын хæлар уæд, фæлæ куы амæлон уæд мын мæ мард ахæссут æмæ мæ Ганисы уæлмæрды мæ фыды цур баныгæнут. Уый тыххæй йæ мадыфсымæртæй æцæгдзинады дзырд райста. Амард Таймураз, рухсаг уæд, æмæ йæ ахастой йæ мадыфсымæртæ æмæ йæ Ганисы уæлмæрды йæ фыд Бибойы цур баныгæдтой. Сывылдз хъæдæй йын йæ нывæрзæн цырт ныссагътой. Уыцы цырт схæцыд æмæ сбæлас, абон дæр цæры Ганисы уæлмæрды стыр сывылдз бæлас.

Афонтæ цыдысты, рæстæг ивта; Уырыс Кавказы бæстæ райстой, адæм æрсабыр сты, фæндæгтæ суæгъд сты, адæмтæ кæрæдзимæ цæуын байдыдтой. Азау дæр базыдта йæ фыдыбæстæ, фæлæ Таймуразы царды бæрæгæн ницыма зыдта æмæ Ганисы хъæумæ цæуыны фæнд скодта. Уалдзæг уыд æмæ бæстæ зынг фестад, хурыскæсайы дымгæ фаг улæфыд, æмæ йæ бæлæстæ фæлмæн хъырныдтой, æрнæджытæ дидинæгæй сæхи сфæлыстой, алы хъулон хуыз æвдыстой, бæстæ цард сси, алчи йæ къаимæ баиу — бамбал и: мæргътæ, бындзытæ, кæфтæ, кæсæгтæ царды уалдзæджы цин кодтой. Фæлæ Азауы салд зæрдæ нæ батæфст, нæ бахъарм. Æнæ къайæ, иунæгæй, зыбыты иунæгæй арвыхъæды бын хъеллау кодта. Таймуразы уарзондзинад ын йæ зæрдæ рапапар-баппар кодта, иу ран нал лæууыд.

Иубон Азау йæ хиуагæн афтæ зæгъы:

— Ауал азы дæ хæдзары фæкуыстон, базæронд дæн, мæ райгуырæн бæстæ никуы федтон, мæ мад, мæ фыды уæлмæрд нæ зонын, мæ хæстæджытæй ферох дæн. Афтæмæй куы амæлон — тæригъæд дын уыдзæни, курын дæ, æмæ мын мæ мад, мæ фыды уæлмæрд фенын кæн,— загъта. Хиуаг дæр уæлдай ницыуал сдзырдта æмæ сразы ис.

Азау раст Зæрдæвæрæн бонмæ йæхи сцæттæ кодта: арахъхъ рауагъта, гъомелийы тæнджытæ сфыхта, иу фыс балхæдта, уæрдон сифтыгътой æмæ йæ фырттæй иуимæ ацыд. Азауæн фæндагыл йæ зæрдæ схъæлдзæг, йæ зæронд хус уадултыл туджы уадындзтæ ахъазыд, йæ сау цæстытæ худæн цæстæнгас лæвæрдтой, йæ зæрдæ цыдæр хæрзæбонмæ тындзыдта; Таймуразы сурæт йæ зæрдæйы, цæстытыл уади, фæлæ хъуыддаг афтæ не ‘рцыд.

Раст хурныгуылд афон Ганисы хъæумæ бахæццæ сты. Хъæугæрон сæ размæ рауад иу ус, Магда, зæгъгæ. Азауы базыдта æмæ йыл фæцинтæ кодта, Магдайы Азау йемæ акодта æмæ йæ фыды хæдзармæ бацыд. Азауыл йе ‘фсымæртæ фæцин кодтой, лæппуйы хæдзармæ бакодтой. Азау æмæ Магда тыргъы æрбадтысты. Хур йæ фæстаг тынтæй хæхтæн салам лæвæрдта, Ганисы къæдзæхтæ сызгъæринау æрттывтой. Таймуразы цыртбæлас ингæныл аууоны сау æмбæрзæн айтыдта. Азау Магдайæн афтæ зæгъы:

— Дæ фæхъхъау фон, Таймураз цы фæци, Таймураз?

Магда ныуулæфыд æмæ афтæ зæгъы:

— Раджы куы амард, дæ нывонд фон, Урстуалты йæ мадырвадæлтæм, ардæм æй æрхастой æмæ йæ Бибойы цур баныгæдтой, йæ фыды фарсмæ. Азауæн йæ зæрдæ атыппыр, адæнгæл, цæсгом ацъæх и, хурхуадындзтæ адымстысты, цæстытæ батартæ сты, сæры магъз ихы къæртт фестад æмæ афтæ зæгъы:

— Цом-ма, дæ нывонд фон, йæ ингæн мын фенын кæн.

Азау Магдайы фæстæ цух-мухтæгæнгæ араст æмæ уæлмæрдмæ ссыдысты. Магда Азауæн Таймуразы ингæн бацамыдта. Азау ингæныл адæлгом, йæ дзыхы дзаг сыджыт фелвæста æмæ базыр-зыр кодта, æрбатымбыл, стæй адæргъ ингæны уæлæ æмæ йæ уд систа. Магда адæммæ фæдис фæци, адæм сызгъордтой æмæ Азауы Таймуразы ингæны уæлæ дæлгоммæ мардæй ссардтой.

Адæм æрæмбырд сты. Азауы уæлмæрдæй хъæумæ нал æрхастой. Зæронд адæмтæ радзур-бадзур фæкодтой, æнæраст тæрхон сæм хорз нал фæкаст, фæсивæдæн Аэау æмæ Таймуразы хабæрттæ фæдзырдтой, фæлæ æгæр ферæджы, дыууæ уарзоны кæрæдзийы нал федтой, æрмæст ма Азау йæ зæронд, фæлмдзыд стджытæ Таймуразы цур ингæны ныккалдта. Азауæн Таймуразы фарсмæ ингæн скъахтой æмæ йæ баныгæдтой; «Рухсаг ут, рухсаг» загътой æмæ раздæхтысты. йæ фысæй йын хист скодтой æмæ ацыдысты.

Таймураз æмæ Азауы ингæныл стыр сывылдз бæлас абон дæр дзыназы Ганисы уæлмæрды.

ДЫСА

Ганисы хъæуы цард фондз мыггаджы: Тогъуызатæ, Сачъынатæ, Гæдиатæ, Дзыгойтæ æмæ Дзестелтæ. Кусæг адæм, хор, фосджын, хъæздыг, иу хæдзар, иу бинонтау, уарзонæй цардысты. Уыцы рæстæджы мæгуыртæ сæ цурмæ лыгъдысты æмæ сæ уыдон дæр сæхимæ истой. Сæ ис, сæ фæллойæ сын хай кодтой, лæгуарзондзинад сæм бирæ уыд. Сæ зæрдæ сæ кæрæдзийæн куыд уарзта, афтæ æцæгæлон адæмы дæр рæвдыдтой. Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæныны рæстæджы Ганисмæ æрцыд иу мæгуыр ус æмæ лæг—Дзанаспи æмæ Дыса. Хъæугæрон сын иу кæркдон къуым радтой, æмæ уым цардысты. Дыса — мигæнаг ус, Дзанаспи та — кадæггæнаг, адæм сæ бирæ уарзтой.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Гуырдзыстон Уырысимæ куы баиу ис, уæд се ‘фсæдтæ Гуырдзыстонмæ æрвитын систой, алы бæсты хицæуттæ скодтой. Фæндæгтæ арæзтой. Фæндæгтæ аразынмæ бегара кæнын райдыдтой. Иу зымæг пинертæ* (* Уыцы рæстæджы уарыссаг бегарагæнджыты пинертæ хуыдтой. (автор).) Ганисы хъæумæ бацыдысты æмæ сæ хæдзарæн лæгæй бегарайы акодтой æфцæджы фæндаг кæнынмæ. Дзанаспи дæр — семæ.

Раст Гордзылейы тæссæртты Дзанаспийы зæй фæласта. Дæлæ комы нарæджы сау къæдзæхы бын ныппырх.

Æхсæвы та мит уарын байдыдта. Цæгат фарсы тымыгъ миты хъæпæнтæ æрхытæм калдта. Зæйты гуыр-гуырæй хæхтæ араудтой. Дзанаспи комы нарæджы зæйты бын ныцци.

Æртыккаг бон хурскастæй бæстæ, урс цикъæйау, сæрттывта. Мигъы скъуыддзæгтæ нарæг мæсчъыты, урс цагъд бæмбæгау, ныббадтысты. Хæххон хæдзæрттæ алы къуыбырæй гæзæмæ сау æндæрг хастой.

Дыса хæдзары дуармæ лæууыд æмæ йæ дыууæ сау цæсты æфцæджы ‘рдæм ныуурс сты, Дзанаспимæ æнхъæлмæ каст. Фыдуацхæссæг халон фаджысы рагъæй Дысайы ‘рдæм уасыд, хъæр кодта. Дыса бакатайтæ кодта æмæ афтæ зæгъы:

—Дæ-дæ-дæй, мæ хæдзар байхæлд, мæ лæгыл мацы æрцæуа! Уалынмæ фæдис хъæргæнæг æрхæццæ, Дзанаспийы, дам, зæй фæласта. Бæстæ хъарæг сси. Дысайы кæуынæй къæдзæх бадон уыдаид, цæстысыг фестадаид. Фæлæ къæдзæхтæ дæр нал зындысты миты хъæпæнæй. Адæм фæдис ацыдысты, æртæ боны йæ фæцагуырдтой, зæйтæ ракъах- бакъах кодтой, фæлæ Дзанаспийы не ссардтой, æмæ уалдзæгмæ зæйы бын баззад, Дыса алыбон дæр агурынмæ цыд, фæлæ йæ къухы ницы æфтыд, нæ йæ ардта.

Бон фæдаргъ. Зæхх йе ‘ргом фæзылдта. Бæстæ сулæфыд, хур хъармдæр тавын байдыдта. Зæйтæ тайын систой. Уалдзæг æрцыд. Иу бон Дзанаспийы мард зæйы бынæй скъахтой. Дысамæ фосæй ницы уыд, хæрз мæгуыр, тæригъæддагæй цард. Дзанаспийы адæм баныгæдтой, æхсæны хист ын скодтой. «Рухсаг у, рухсаг» загътой, æмæ ацыдысты. Æрмæст ма Дзанаспийы хæдзарæй хъуыст Дысайы хъарджытæ,

Дыса фист къуымбилы тынæй дæрзæг хæдон скодта æмæ йæ мойыл сау дарын райдыдта. Афæдзы бонмæ фыд, урсаг нæ бахордта. Йæ афæдзы боны хорз адæмты руаджы сауисæны хист скодта æмæ кæркдонкъуымы мæгуырæй цард. Дысайыл цыдаид æртиссæдз азы, фæлæ уыцы рæстæджы адæммæ гæсгæ йæ цæсгом тынг зæронд хуыз нæ лæвæрдта. Дысайы бирæ уыд курджытæ, фæлæ никæмæн куымдта, мой нал кодта.

Раст уыцы рæстæджы Косеты хицаумæ иу бæхтæрæг — Мырыкаты Мацкъа цард. Чиныджы цыдæртæ базыдта, уырыссагау салтай-балтай сахуыр ис æмæ адæмы сæрты акаст. Бахъуаг сахат-иу Мацкъайы агуырдтой хицаумæ минæвар. Æнæ Мацкъайы чи уæндыд хицаумæ исты гæртам бадæттын. Иудзырдæй, Мацкъа сси хицауы рахиз цонг. Фæлæ йыл уæддæр уæлдай ном сывæрдтой — «Лисиц» æмæ йæм-иу куы фæхъæр кодтой йæ номæй, уæд-иу сæ разы цъилау ныззылд.

Мацкъа арæх цыд Ганисмæ. Дзуарыбонты, бæрæгбонты æцæг рувасау гуыбындзуан рацу-бацу кодта æмæ-иу рæбынæй сбадт. Чысыл цыбыр лæг, стыр гуыбыр фындз, арф цъæх цæстытæ, фæлдæхт хъуынджын æрфгуытæ, сау цыргъ уадултæ, хъуынджын рихитæ, — иудзырдæй, хæйрæджы цæстæнгас лæвæрдта.

Мацкъайæн Дыса йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ ракурыны фæнд скодта. Арæхдæр цæуын байдыдта Ганисмæ, цæмæй Дысаимæ искуыдтæй балымæн уыдаид, фæлæ Дыса Мацкъайæн иу ныхасæн дæр йæ къухы не ‘фтыди, уый тыххæй æмæ Дыса раздæр бамбæрста Мацкъайы фæнд æмæ дзы йæхи хызта. Мацкъа рагæй æнæус уыд, хицæутты дæлбазыр фæлхæрттæ хæргæ ныззæронд, фæлæ ма зæронды ‘рдæм ускурын цæмæн æрæмысыд, хуыцау зыдта.

Иу сæрд стыр хицæуттæй дзырд рацыд, адæмы хыгъд ныффыссын. Мацкъа æмæ дианбег Ганисмæ бацыдысты. Фæндагыл Мацкъа дианбегæн афтæ зæгъы:

— Ганисы иу идæдз усы бауарзтон, æмæ мын уый ракурынæн баххуыс кæн.

Дианбег бæрзæндты акаст æмæ афтæ зæгъы:

— Ныры закъонтæм гæсгæ ускурыны бартæ фæндонæй сты. Кæд усы дæр фæнды, уæд æнцон хъуыддаг у.

— Усы, куыд бамбæрстон, афтæмæй нæ фæнды, фæлæ йæ ды куы фæтæрсын кæнай, уæд уæлдай нæ зæгъдзæн.

— Хорз, фендзыстæм, — загъта дианбег.

Уалынмæ Ганисмæ бахæццæ сты æмæ сауджынмæ бафысым кодтой. Сауджын æмæ йæ ус сæ размæ рауадысты æмæ сæ хæдзармæ бакодтой. Дианбег — æнæ ус лæппулæг, йæ сау зачъетæ фæйнæрдæм айдзæг сты, хæрзиуджытæ йæ сæвджын риуыл тыбар-тыбур кодтой, — стъолы фарсмæ фæстæдзæг бадт æмæ цыдæр хъуына чингуытæ рафæлдах-бафæлдах кодта. Иннæ ‘рдыгæй сауджын — хъуынджын, уызыны хуызæн — уыджы бадт кодта, æнкъардгомау боннымайæн фæрдгуытæ раууил-баууил кодта. Сауджыны ус хæдзары къуымты цъил фестад, хæринæгтæ цæттæ кодта, куы-иу сауджыны цур дианбеджы ныхмæ абадт, куы-иу фестад, цыдæр тæвд æфсæйнаг ын йæ зæрдæ сыгъта, йæ хуыз рафæлив-бафæлив кодта, дианбеджы цæстæнгасæй цыдæр мондæгтæ иста.

Мацкъа, зæронд хæйрæджы хуызæн, сæ разы уырдыг лæууыд æмæ-иу диакбег кæмæ фæсидт, уымæ-иу фæдзырдта. Адæмьг хыгъд фыссын райдыдтой.

Дианбег бандоныл фæстæдзæг абадт æмæ афтæ зæгъы:

—Да… Уыцы идæдз усмæ ма бадзур! Мацкъа ауад æмæ усы ‘ркодта.

Дыса дуаргæрон къæмдзæстыггомау балæууыд æмæ йын дианбег афтæ зæгъы:

— Мæнæ ма сауджынимæ аныхæстæ кæнут. Сауджын сыстад æмæ Дысаимæ æддаг тыргъмæ ацыдысты æмæ йын сауджын афтæ зæгъы: — Дыса, дæ амонд æрцыд. Ныронг цардæй ницы федтай. Ныр дæм хуыцау æркаст. Цыдæр зæддуаг дын æххуыс кæны. Мацкъа дæ куры. — Уалынмæ фæкæуа дæ уды ралгъитæг, цалынмæ æз мой не скæнон. Мæрдтæм куы фæхæстæг дæн. Цæй мой афон ма мын у?

— Макæ, Дыса, дæ зæрдæйы фæндыл ма цу! Царды денджыз дæм раздæхти æмæ дзы дардмæ ма лидз. Ныры дуджы амонд æрмæст хицæутты къухы ис. Уыдон цы фæнда, уымæй дарддæр змæлæн нæй. Мацкъа та сæ фырты хуызæн у, бирæ йæ уарзынц. Æхца дæр æм бирæ ис.

— Нæй, нæй, сауджын цæра, уый кой мын ма кæн! Йе ‘хца дæр ын фæрнæй уæд. Хицæуттæ та мæ удмæ цы бар дарынц?

— Цы бар дарынц та цы хоныс? Хуыцау бахизæд, куы дæм фæхæрам уой, æмбойны дæ æрбайсафдзысты, дæ хъæр, дæ цъист нал фæзындзæн. — Мæ къонайыл, æмæ афтæ бирæгътæ сты, æмæ раст адæймаджы дæр сафынц?

— Бирæгътæ не сты, фæлæ адæм сæ къухы сты, цы сæ фæнда, уый сын кæнынц.

Дыса зæхмæ ныккаст æмæ афтæ зæгъы:

— Цы фæнды кæнæнт. Калм дæр æнæрастæй нæ хæцы. Æз мой нæ кæнын.

—Æз дын зæгъын, мæ чызджы хуызæн, ма фæрæди! Уый йедтæмæ бар дæу.

— Табуафси, дæ чызджы хурæй бафсæд, фæлæ мой нæ кæнын. Сауджын дианбегмæ бацыд æмæ йын Дысайы хабар загъта, мой куыд нæ кæны, куыд нæ комы, уыдæттæ. Дыса йæ хæдзармæ фæцæйцыд, фæлæ йæ дианбег раздахын кодта.

Дыса дуаргæрон лæууыд æмæ, йæ кæлмæрзæны хаутæ схъаугæйæ, цыдæр хъуыдытæ кодта.

Дианбег ын афтæ зæгъы:

— Билет дæм ис?

— Цæй билет?

— Цæрыны бары гæххæтт.

— Æмæ мæнæ сауджын нæ зоны, кæдæй нырмæ ам цæрын, ме ‘мбай хъæддур куы нæ уал ис?

— Сауджыны хъуыддаг хицæн у, мæ хъуыддаг — хицæн. Æз ацы зылды хицау дæн æмæ хъуамæ, закъон цы амоны, уый æххæст кæнон. Билет кæмæ нæй, уыдон ахсгæ кæнын.

— Æмæ уæд ахъæуы иумæ дæр билет нæй æмæ се ‘ппæты дæр æрцахсдзынæ?

— Уый дæр дæ хъуыддаг нæу. Дæумæ билет нæй æмæ уал дæу æрцахсдзынæн… Акæнут æй ахæстонмæ! — загъта æмæ Дысайы иу скъæты бакодтой æмæ йыл дуар сæхгæдтой. Æмæ цалынмæ дианбег адæмы хыгъд фыста, уæдмæ æртæ боны ахæстоны уыд. Æртыккаг бон дианбег Дысамæ басидт æмæ йын афтæ аæгъы:

— Хъусыс, билет кæдмæ æрхæсдзынæ дæ фыды бæстæй? Билет кæцæй æрхæссон? Ерыстаутæ мæнæн билет ратдзысты, уыдонæй куы ралыгъдыстæм, уæд?

— Уый та хуыздæр, уæдæ абырæг дæ?

—Абырæг нæ дæн, фæлæ мæ мæ сæры хицауимæ не ‘лдар уæй кодта, æмæ уымæй ралыгъдыстæм.

— Цы хъауджыдæр ис, де ‘лдары фос дæ, æмæ йæ коммæ куы нæ кæсай, уый дæр абырæг. Ныр дын æппын дæр æнæрцахсгæ нæй æмæ дæ хъуамæ Ерыстау-æлдармæ арвитон… Сбæттут ын йæ къухтæ! — дианбег загъта.

Æмæ Дысайæн йæ къухтæ синагæй абастой, иу гызири1 йын йемæ бафтыдтой æмæ дианбег Ерыстау-æлдармæ ныффыста: Фервитын дын дæ лидзæггаг цагъартæй иу ус — Дысайы, æмæ йæ дардмæ ма фесаф, мах бахъæудзæн, мах дын æй балхæндзыстæм».

Æмæ Дысайы Ерыстау-æлдармæ бакодтой.

Адæмы хыгъд фыст фæци дианбег æмæ ацыдысты.

Иу бон дианбег Мацкъайæн гæххæтт радта Ерыстау æлдармæ æмæ Мацкъа ацыд Дысайы æлхæнынмæ. Мацкъа Ерыстау æлдарæн фондз туманы æхца радта æмæ Дысайы йæхицæн балхæдта усæн.

Дыса æмæ Мацкъа куыдз æмæ лæдзæджы цард кодтой. Иу иннæмæн нæ барста. Мацкъа афтæ æнхъæлдта, æмæ Дысайæн йæхи тыхæй бауарзын кæндзæн. Алыбон æй надта, хоста, Дыса та йæ уарзгæ нæ кодта, æввахс — æмгæрон æм нæ цыд, хъарм улæфт, ныхас йæ дзыхæй нæ хауд. Афтæмæй Косеты цардысты. Мацкъа — бæхтæрæг, Дыса та — æлдарæн гæрзтæхсæг. Кæрæдзи хъуынхъис хордтой.

Иу бон дины хицæуттæй дзырд рацыд—æнæаргъуыд ус кæмæн ис, уыдон сæ устытимæ куыд саргъауой, афтæ. Чи нæ саргъауа, уымæн æй куыд арвитой, афтæ. Мацкъа æмæ Дыса дæр æнæаргъуыд уыдысты æмæ сыл аргъауын хъуыд. Сауджынтæ бæстæ сызмæлын кодтой, кæмæн йæ ус æрвитын кодтой, кæуыл аргъуыдтой. Дысайы дæр Ганисмæ баластой æмæ йæ дианбег, ссыдтытæгæнгæ, йæ аргъуанмæ бакодта. Мацкъа сауджыны къухы аргъауæггаг фондз сомы ассыдта æмæ сыл ацаргъуыдта. — Цæугæут ныр! — загъта.

Æмæ ацыдысты.

Афонтæ цыдысты, рæстæг ивта. Мацкъайы уарзон хицæут тæ ивд æрцыдысты. Мацкъайæн Косеты цæрæнбынат нал уыд æмæ Ганисы — Дысайы кæркдон къуымхæдзары æрцардысты. Фæлæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ Мацкъа Косеты æлдæртты фынгыл цы уыдта, Дысайы хæдзары дæр уый агуырдта. Æмæ Дыса кæм ссардтаид, кæцæй æрхастаид ахæм цыбæл хæринæгтæ? Æмæ-иу æй уæд Мацкъа надта, ратæр-батæр æй кодта. Дыса бирæ хæттыты динамонджыты судмæ бахъаст кодта, фæлæ дзуаппæн уыцыиу дзырд иста: «Хуыцау цы сиу кæна, уый лæг ма ахицæн кæнæд», зæгъгæ. Æмæ та-иу Дыса фæстæмæ кæугæ раздæхт.

Мацкъа дзуарыбонтыл, хистытыл зылд. Иу бон расыгæй æрцæйцыд æмæ къæдзæхæй рахаудта. Адæм афæдис кодтой, Мацкъайы мард æрхастой æмæ йæ баныгæдтой æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыд. Дыса уыйфæстæ иукъорд азты æнæ маст, мæгуыр æмæ сæрибарæй ацард, стæй уый дæр амарди.

САФИАТ

Гуырдзыстон Уырысимæ куы баиу сты æмæ Георги XII йæ æнæхъарудзинады тыххæй йæ паддзахад куы ныууагъта, уæд Уырыс алы бæсты се ‘гъдæуттæ æрæвæрдтой. Адæмы æмбырд, тæрхондæттæ фехæлдысты. Уырысы хицæуттæ уынаффæ кæнын райдыдтой. Адæм сæм сæхи хæстæг ласын систой æмæ цард уырысы æгъдæуттæй зилын райдыдта. Раст уыцы рæстæджы Уæлладжыры комы, Нузалы цард мæгуыр ус æмæ лæг Сауаты Саукуыдз æмæ йæ ус Сæниат. Саукуыдз æмæ йæ усæн райдианы зæнæг нæ уыд, стæй иукъорд азты фæстæ ус басывæрджын. Саукуыдз — зæнæгмæ цыбæл адæймаг—лæппу райгуырынмæ æнхъæлмæ каст, фæлæ хъуыддаг афтæ не ‘рцыди.

Иу зымæгон фыдæхсæв цæгат фарсы тымыгъ риуыгътытæ систа. Уадтымыгъы æхситт кæмттæ арыдта. Мит фæлдзæгъдæн хæдзары къултыл халас æвæрдта. Хæдзары астæу артдзæсты мæхъийы сæттæнтæй гæзæмæ арт фæрухс-фæмынæг кодта. Саукуыдз йæ кæрцы зæронды арты фарсмæ бандоныл фæлдæхтæй лæууыд. Хæдзары къуымы фæсдуар хъæмпы уæлæ хуыссыд Сæниат, хьæрзыдта, йæ арын афон æрцыд æмæ йæ гуыбын рыст, катæйттæ кодта. Сыхаг устытæ йæ цуры бадтысты æмæ йын ныфсытæ æвæрдтой. Уалынмæ фервæзтис — чызг ныййардта. Устытæ фæхъус сты, чызг кæй райгуырд, уый тыххæй. Æрæджиау иу зæронд ус афтæ зæгъы: —Æппыннæйы бæсты чызг дæр хорз у. Сæниат ныхъæрзыдта æмæ афтæ зæгъы:

— Чызгæн йæ гуырæнбон дæр сау æмæ йæ мæлæнбон дæр. Чызгæн йæ райгуырдыл авд боны рацыд, афтæ йын йæ мад авдæнбæттæн скодта, йæ сыхаг устытæм дæр бадзырдтой æмæ йыл ном сывæрдтой Сафиат. Æнæзæнæг ус æмæ лæг—Саукуыдз æмæ Сæниат сæ иунæг чызджы тынг буц хæссын байдыдтой, дарæс, хæрдхъуаг æй нæ уагътой. Кæд чызг уыд, уæддæр дзы лæппуйы мондагæн сæхи рæвдыдтой. Чызгыл æвддæс азы ацыд, чындздзон, алцæмæй æххæст. Йæ рæсугъддзинады кой айхъуыст, Йæ сау цæстытæ, дзедыры нæмыгау, сау æндæрг хастой. Йæ сау æрфгуытæ лæгъз фæтæн ныхыл кæрæдзимæ сæ ных сарæзтой. Йæ сау дзыккутæ, сынты базырау, рæтæны стæвдæн, зæвæттæ æмбæрзтой. Йæ фидауцджын тæнæг былтæй æнгом дæндæгтæ, миты хъæпæнау, урс æрттывд кодтой. Йæ нарæг астæу, сæвджын фæтæн риу лæджы зæрдæ йæхимæ скъæфта, иудзырдæй, уыцы рæстæджы рæсугъддæртæй рæсугъддæр уыд. Сафиатмæ алы бæстæй курджытæ цыдис, фæлæ никæмæн куымдта. Бирæ саг лæппу уый тыххæй хæхты дзæгъæл цыд, æррайы хуызæн. йæ фыд дæр æй никæмæн лæвæрдта. Чызджы рæсугъддзинадæй йæ зæрдæ схъал, сбæрзонд ис, арвы милтыл йæхи асæрфта æмæ йæ чызджы никæмæн аккаг кодта. Æвæццæгæн, æнамонды цæлхдур йæ разы хъен лæууыд æмæ йын йæ фæндаг æхгæдта.

«Зæрæстон хуым, загътой, дурæппарæн, идæдз усы хæдзар — адæмæн æмбис». Æрыдоны цард иу зæронд ус Айсæт, зæгъгæ. Айсæтæн уыд иунæг лæппу Гæди. Айсæтмæ уырысы хицæуттæ, сæудæджертæ арæх цыдысты, йæхимæ сæ хæстæг дардта, цæмæй йын йæ иунæг лæппуйы сахуыр кæной сæудæджеры куыстыл, хицæутты хъуыддагыл. Æцæг Гæди, лæппулæг уæвгæйæ, уырыссагау тагъд базыдта, хицæуттимæ дæр слымæн æмæ сæудæжер кæнын райдыдта.

Уарзондзинад адæймаджы хаттæй-хатт сафгæ дæр фæкæны, рæстагыл арæзт куы нæ фæуа, уæд. Уæлладжыры хохы цард Тулатæй Бибо, зæгъгæ, хорз барæг, хæтæг лæг. Бирæ лымæнтæ йын уыд кæсæгæй, цæцæнæй, мæхъæлæй. Тулатæ уыдысты рагон туджджын Сауатæй, Саукуыдзы мыггагæй. Бибо æмæ Саукуыдзы чызг та кæрæдзи тынг бирæ уарзтой, фæлæ туджджын кæм уыдысты, уым сæ уарзондзинад уыдис сусæг уарзт. Бибо Сафиаты ракурыныл ысдзурын адæмæй нæ уæндыд, æфсæрмы кодта Сауатæй, туджджын кæй уыдысты, уый тыххæй æмæ сæ уарзондзинад Сафиатимæ адæмы ‘хсæн æргом нæ уыд.

Рæстæг уыцы иухуызон хаста. Уырысы хицæуттæ стыхджын сты. Айсæт йæ фырт Гæдийы хицæуттæн афтæ бауарзын кодта, æмæ æнæ Гæдийы къахдзæф дæр никæдæмуал кодтой. Иу бон Гæди пъырыстыфимæ Нузалмæ бацыд æмæ хъазты ‘хсæн Сафиаты федта æмæ йæ тынг бауарзта. Гæдийæн уарзондзинады цæхæрæй йæ зæрдæ ссыгъд, хурхы уадындзтæ адымстысты, иу дзырд дæр йæ бон нал уыд æмæ хъазты астæу, цавддурау, лæууыд. Сафиат-иу хъазты лæгъзы, тæхгæ пакъуыйау, куы атахт, уæд-иу Гæдийы цæхæр цæстытæ йæ фæстæ дзагъырæй аззадысты. Сафиаты уарзон цæстæнгас, хъазгæ мидбылтыхудт бирæ саглæппуйы зæрдæ басыгъта, фæлæ дзы йæхи ничи бафсæста, ничи барæвдыдта. Дыккаг бон Гæди æмæ пъырыстыф фæстæмæ Æрыдонмæ æрцыдысты.

Гæдийыл сау æндæрг хуыз ахæцыд. Сафиаты уарзондзинады мæстæй нал куыста. Йæ хъуыдытæ иууыл дæр Сафиаты уарзондзинады хызы стыхстысты æмæ-иу куыстмæ дæр йæ зæрдæ нал ради. Гæдийы мад Айсæт—фæлтæрд зæронд ус, Гæдийы хабар сбæрæг кодта. Хæххон мæгуыр чызджы кæй бауарзта, уый куы базыдта, уæд ын ныры дуджы царды ныхæстæ радзырдта:

æрмæст амонд хъæздыгдзинады кæй ис, уый, æндæр амонд агурын никæцæй хъæуы, зæгъгæ, йын загъта. Мады ныхæстæ тынг фæцыдысты Гæдийы зæрдæмæ æмæ зæрдиагæй ныллæууыд сæудæджеры куыстыл æмæ хицæуттимæ лымæн кæныныл.

Раст уыцы рæстæджы Нузалы цард иу гæды лæг, Кукус, зæгъгæ. Уыцы гæды лæг базыдта, Гæди Сафиаты кæй бауарзта, уый, æмæ сæм-иу гуыбын æнхъæл арæх дзырдтæ хаста, æхсызгон ныхæстæ Сафиаты тыххæй, æмæ кæддæриддæр Кукусæн Гæдийы хæдзары дуар гом уыд. Афтæмæй рæстæг хатти.

Иу хатт та Гæди пъырыстыфимæ Нузалмæ бацыд. Фæндагыл Гæди пъырыстыфæн радзырдта, Сафиаты ракурын йæ зæрды кæй ис, уый. Пъырыстыфæн дæр æхсызгон уыд йæ уарзон лæджы ускуырд, æмæ йын ныфс дæр сæвæрдта, хъуыддаджы уый дæр кæй бацæудзæн, уый тыххæй. Нузалмæ куы бацыдысты, уæд уым пъырыстыф хъазт скæнын кодта. Æрæмбырд сты хъæуы чызджытæ, фæлæ Сафиат нæма æрцыд, æмæ цыма хъазт цыдæр хъуаг уыд, нæ фидыдта. Уалынмæ Сафиат хæдзары фисынæй разынд, йæ дыстæ фæйлаугæ, хъазты чызджыты астæу балæууыд. Хъазт стæвд. Фæндыры хъæр къæдзæхтæ араудта. Æмдзæгъды тъæпп-тъæпп дардмæ хъуысти. Уалынмæ Бибо дæр хъазтмæ ссыд йæ мæхъæлон уазджытимæ. Кукус та хъазты уынаффæгæнæг уыд—дежурнæ. Сафиат-иу куы ракафыд, уæд-иу ын Гæдийы йемæ скафын кодта. Иу хатт куы уыд, уæд Бибо йæ уазæджы Сафиатимæ скафынмæ ракодта. Кукус ыл фæстæмæ ахæцыд. Бибо уый мæстæй Кукусы хъазтæй раппæрста.

Хъазт ахæлиу, ацыдысты. Ныхасы адæм хынджылæг кодтой Кукусæй, хъазтæй дæ ратардта, зæгъгæ. Уый мæстæй Кукус бартхъирæн кодта Бибомæ, æз дын ацы æфхæрд нæ ныууадздзынæн, зæгъгæ. Кукус æцæг сæххæст кодта гæдыдзырдтæй йæ хъуыддаг, фæлæ фæстагмæ йæхицæн дæр хорз нæ уыд.

Пъырыстыф куы ныццыд фæстæмæ, уæд Саукуыдзмæ басидт, æмæ йын радзырдта, Гæди йын йæ чызджы кæй куры, æмæ уый хорз хъуыддаг кæй у, Гæди хицæуттимæ лымæн кæй у, æмæ йын æххуыс кæй уыдзæн, уыдæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы рæстæджы хицæутты дзырд, арвы цæфау, тыхджын уыд. Саукуыдз пъырыстыфы дзырдыл уæлдай ницыуал загъта, фæлæ ма афтæ бакодта:

— Уый чызджы фæндон дæр у, æмæ…

Кукусы Бибо хъазтæй кæй раппæрста, уыцы хæрамæн Кукус бабадти дондæдтæны, Сафиат дон кæцæй хаста, уым, æмæ Сафиат æмæ Бибойы ныхæстæм хъуыста. Йæ фыд æй Гæдийæн куыд дæтты. Гæди дзæгъæлдзæуаг куыд у, ахæм æвзæр дзырдтæ Бибо Гæдийæ фæкодта Сафиатæн.

Кукус Æрыдонмæ æрцыд æмæ радзырдта Айсæт æмæ Гæдийæн, Бибо æмæ Сафиатæй цыдæриддæр фехъуыста, уый. Айсæт Кукусы йæ хæдзармæ бахуыдта, хорз æй федта æмæ йын фæдзырдта, йæ лæппуйы хуызæн æй кæй уарзы, æмæ Бибойæ Кукусы маст кæй райсын кæндзæн, уый. Æрмæст хъуамæ Кукус мæнг æвдисæн ныллæууа, цыдæриддæр Гæди Бибийыл гæдыдзырдтæ равдиса хицæутты раз, ууыл. Кукус дæр сразы ис. Айсæт Гæдийæн загъта:

—Усы байст уды айст у, æмæ йын йе ‘хсыры цъыртт хæрам скæндзæн, Бибойы хицæуттæм хорз куы нæ банымудза æмæ дзы йæ маст куы нæ сиса, уæд.

Гæди сразы ис æмæ йæ мадæн дзырд радта.

Уыцы изæр Кукус Гæдийы æххуырстимæ — Мæхæмæтимæ фæхыл, æмæ Мæхæмæт Бибомæ арвыста, хицæуттæн æй кæй ахсын кæнынц, уый. Бибо фæтарст æмæ абырæг алыгъд.

Дыккаг бон пъырыстыфмæ Гæди æвзæр банымыгъта Бибойы: мæхъæлимæ бæхтæ давы, лæгтæ мары, ахæм дзырдтæ фæкодта. Æцæджы тыххæй та æвдисæн ныллæууыд Кукус. Пъырыстыф хъазахъхъы арвыста Бибойы ахсынмæ, фæлæ Бибойы не ‘ссардтой, æмæ афтидæй æрцыдысты. Иу бон Саукуыдз Дзæуджыхъæуæй раздæхт æмæ Æрыдоны Гæдима бафысым кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, Саукуыдзы Гæди хорз федта, цыбæл хæринæгтæ, нуазинæгтæ йын фенын кодта. Дыккаг бон Саукуыдз Нузалмæ куы бацыд, уæд фæрынчын æмæ йæ чызгæн лæгъстæ кодта, цæмæй Гæдийæн бакома, Гæдийы ус куы уа, уæд амондджын кæй уыдзæн, уый йын дзырдта. Фæлæ чызг не сразы, ницы амæлттæй æмæ йæм йæ фыд схæрам, æлгъыста йæ.

Иу къуырийы фæстæ Саукуыдз амард æмæ йæ бавæрдтой. Фæлæ уыцы рæстæгмæ гæсгæ йæ ингæн æртæ ‘хсæвы хъахъхъæнæг уыд, æмæ хæдзары нæлгоймаг нал уыд, чи йæ бахъахъхъæдтаид, æмæ Сафиат ацыд йæ фыды ингæн хъахъхъæнынмæ. Фæндагыл халæттæ йæ сæрмæ тахтысты, фыдæхсæв скодта, ныммæйдар. Сафиат йæ фыды ингæн хъахъхъæдта. Æвиппайды федта йæ фыды аууон. Аууон æй ралгъыста æмæ Сафиат сæрра. Дыккаг бон Нузал хъæугуывд кодтой æмæ дзуары бын Æрæмбырд сты æмæ ныхас кодтой. Зæронд лæг Тасолтан нæма æрцыд, бафæстиат, æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты. Куы ‘рцыд, уæд сын хабар радзырдта, цæй тыххæй бафæстиат, уый, æмæ загъта:

— Уæлæ Æрхы Сафиат сæрра, æмæ йæ дзуармæ кæнын хъæуы, зæгъгæ. Фæсивæд ацыдысты æмæ йæ дзуармæ æркодтой æмæ дзуары цур басур, фæлæ йæ дзуарæн куы бафæдзæхстой, уæд æрчъицыдта æмæ адæмæй хицæн слæууыд.

Уыцы рæстæджы хъæдæй сау нымæтджын, сау лæг, хъуынджын худы рацыд æмæ Сафиатæн загъта:

— Цом, Къасарайы базондзынæ дæ амонд.

Сафиат æмæ саунымæтджын ацыдысты Къасарамæ. Саунымæтджын уыд Бибо, Бибо афтæ хъавыд, æмæ Къасарайы къæдзæхæй сæхи куыд аппæрстаиккой, — фыццаг Сафиаты, стæй та йæхи. Бибо Сафиаты раздæр къæдзæхæй аппæрста, стæг дзы стæгыл нал фæхæцыд. Бибо йæхи къæдзæхæй аппарынмæ куы хъавыд, уæд ахъуыды кодта, æмæ йын Кукус æмæ Гæди маринаг кæй уыдысты, уый тыххæй йæхи фæурæдта æмæ йе ‘мбæлттæм æрцыд.

Радзырдта сын йæ зæрдæйы мæстытæ æмæ загъта;

— Кукус æмæ мын Гæди маринаг сты æмæ сæ агурын хъæуы, зæгъгæ. Æрыдоны Гæдийæн йæ мад амард æмæ иунæгæй баззад. Гæди Сафиаты мард куы фехъуыста, уæд ыл æртæфстысты, уый тыххæй цы хинтæ æмæ æвзæр митæ фæкодта, уыдон. Иу бон ыл æрбафтыд Кукус æмæ йын Гæди афтæ зæгъы:

— Ацу, мæ цæст дæ куыд нæ уына, афтæ. Атæппæт бæллæхтæ дæу тыххæй æрцыд. Кукус ын загъта:

— Нæ дыууæ дæр зылын стæм, æмæ нæ фыдуагдзинæдтæ адæмæн мауал хъæр кæн. Гæди загъта:

— Хорз, мæ хæдзар, мæнæ дын уат æмæ схуысс. Кукус уаты схуыссыд, фæлæ Гæдийы цæстæнгасы цыдæр фыдбылызы хъуыддаг равзæрста, æмæ йæхи бæсты йæ уаты Гæдийы æххуырст Мæхæмæты схуыссын кодта. Гæди бацыд æмæ Кукусы æфсон Мæхæмæты амардта. Кукус алыгъд æмæ Бибомæ ссыди, цæмæй Гæдийы банымудза Бибомæ, фæлæ Бибо Кукусы куы федта, уæд æй рацахста æмæ йæ бæласыл сбаста. Кукус ын лæгъстæ кодта, ма мæ амар, зæгъгæ, фæлæ йæ бирæ радзур- бадзуры фæстæ кардæй æркъуыхтæ кодта. Бибо уырдыгæй ацыд, æмæ Æрыдоны Гæдиимæ кæрæдзи амардтой.

Сафиаты сау дзыккутæ Къасарайы къæдзæхыл ауыгъдæй бирæ азты хъеллау фæкодтой!

САДУЛЛÆ ÆМÆ МАНИДЗÆ

Кавказы хохы сынæгыл, зымæг хур кæдæм нæ фæкæсы, сæрд — мæйрухс, иу ахæм нарæг комы, Хъелы хохрæбын царди ус æмæ лæг. Лæг хуынди Куыцыкк, ус та Фатмæ. Ис, фæллой сæм бирæ уыд, фæлæ æнæзæнæг уыдысты. Дыууæ дæр зæронд — усыл цыдаид æртиссæдз азмæ хæстæг, лæгыл та уымæй фылдæр. Адæм сæ бирæ уарзтой сæ рæдау, кæрдзындæттоны тыххæй. Хъæздыгæй, мæгуырæй, кæмæдæриддæр æмхуызон цæстæй кастысты, кæмæндæриддæр æмхуызон фысым уыдысты æмæ сын уый тыххæй адæм бирæ фæкуывтой хуыцаумæ, Майрæммæ зæнæджы тыххæй. Адæмы куывд иууыл æнæахъазæй нæ баззад. Фатмæ басывæрджын, фæлæ йын зæнæг кæй никуы уыд, æмæ сывæрджыны бæрджытæн кæй ницы зыдта, стæй зæронд кæй уыдис æмæ йын зæнæг кæныны афон дæр кæй нал уыд, уый тыххæй йæхи низджын схуыдта. Фæнизджын дæн, зæгъгæ-иу йе ‘мгæрттæн дзырдта. Æхсæз мæйы фæстæ йæ сывæрджындзинад сæргом ис. Сæ хæлæрттæ, сæ хæстæджытæ фæцин кодтой: «О, хуыцау, Куыцыккæн лæппу радт, зæгъгæ, куывтой.

Царддæттæг сæрд аивгъуыдта. Бæстæ бафынæй. Зымæг æрцыд. Цæгатварсы тымыгъ нарæг коммæ миты хъæпæнтæ уылæнтæй калдта. Хуры цæст дард хæхты астæуæй туйы бæрцæн фæзынфæтары кодта.

Бæрзондгомау зæронд ус Фатмæ йæ урс дадалитæ йæ фæлурс уадултыл, урс цыллæ тынау, фæйлыдта. Йæ цола даргъ лыстæг къухы æнгуылдзтæ, денджызы хъазау, зыр-зыр кодтой. Хæдзары фæсдуар хъæмпы уæлæ бинаг цъæх нымæтыл катайтæ кодта, хъæрзыдта: йæ арыны афон æрцыд æмæ йын сывæллон гуырди. Куыцыкк — къæсхуыр, нарæг, бæрзонд лæг, йæ урсхæццæ мыдгъуыз рихитæ уазалæй фæдзæлттæ ныссалдысты. Артыл архайдта, мæхъийы сæттæнтæ артыл æндзæрста, хæдзар хъарм кодта, фæлæ цы схъарм уыдаид? Сисы хуынчъытæй хæдзармæ миты хъæпæнтæ тымыгъ хаста. Хæдзары цар халас сæвæрдта. Уад, тымыгъ дзы зылд.

Хур аныгуылд, баталынг, афтæ Куыцыкк йæ сыхаг устытæм бадзырдта æмæ æрбацыдысты. Фатмæйы ратул-батул байдыдтой, зынæвгъæд уыд æмæ, куы йæ бæндæныл ауыгътой, цæмæй тагъддæр ныййардтаид, уый тыххæй. Раст æмбисæхсæвы Фатмæйæн лæппу райгуырд. Дыккаг райсом адæм æрæмбырд сты Куыцыккæн арфæтæ кæнынмæ. Куыцыкк нозт балхæдта, нæл фыс аргæвста, куывд скодта. Адæм æрбадтысты, гаджидаутæ кæнын райдыдтой — цæрæнбон, дзуæртты тыххæй. Æрæджиау лæппуйыл ном æвæрын æрæмысыдысты. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ лæппуйыл ном сæвæрдтой Садуллæ, зæгъгæ. Фæминас кодтой æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыд.

Афонтæ цыдысты. Рæстæг хатти. Садуллæйыл æртæ азы ацыд, афтæ йын йæ фыд ус ракуырдта иу идæдз усы чызг, стдæс азы кæуыл цыд, ахæм, Цæмæхъуыд, зæгъгæ, йæ ном. Чызг— чындздзон, лæппу — сывæллон, кæрæдзийæн къæйттæ-æмбæлттæ куыд уыдаиккой? Чызг разы нæ уыд сывæллонмæ усæн ацæуын, фæлæ йæ йæ мад тыхæй радта. Чызгæн йæ уарзондзинад, йæ хъуыдытæ æндæримæ уыдысты, æндæр лæппуйы уарзондзинадæй йæ зæрдæ сыгъд, æндæр лæппуйы цæстæнгас ын йæ зæрдæ æууылдта. Фæлæ йæ йæ мады æхсар ингæнмæ тардта, зындонмæ æппæрста. Куыцыкк ирæд бафыста дæс æмæ ссæдз хъуджы. Фæззæг дæр æрцыд. Адæм куыстгонд фесты. джиуæргуыба æрхæццæ æмæ Садуллæйæн ус æрхастой. Чызг лæппуйы уарзондзинадæй цы уыдта? Ницы. Уарзондзинадæй йе стонг нæ уагъта, йæ зæрдæ йын уарзондзинады æртæх нæ уымæл кодта. Мæстæй сыгъд, пиллон уагъта. Афтæмæй йæ бонтæ кæугæ, дзыназгæ æрвыста. Йæ фыды хæдзармæ лидзын йæ мадæй нæ уæндыд, æндæр бæстæм алидзын йæ ныфс нæ хаста. Бон сауизæрмæ сæргуыбырæй, уæнтæхъилæй рацу-бацу кодта. Сагъæссаг хъуыдытæ, сау мигъы тымбылтау, йæ зæрдæйыл тыхст. Лæппумæ-иу куы фæкаст, уæд-иу ныссагъæс кодта:

— Ай куы слæг уа, — æз та зæронд бауыдзынæн. Мæ бон æркæнæд мæ радтæг мадыл!

Цæмæхъуыд джиуæргуыбайæ уалдзæгмæ уыцы зындоны арты судзгæ фæцард. Уалдзæг уыд æмæ Куыцыкк куырой арæзта. Садуллæ уынджы лæппутимæ хъазыд. Фатмæ сыхæгтæм цыдæр ад курæг ацыд. Цæмæхъуыд ракæс-бакæс акодта æмæ афтæ зæгъы:

—Адæймаджы адæмæй иуы бар ис, мæн уый дæр нæ фæцис. Ацы цардæй мæлæт хуыздæр.

Цæмæхъуыд рагъæнæй бæндæн райста æмæ йæ хæдзары уæладзæн хъæдыл фидар абаста æмæ афтæ зæгъы:

— Цард æви мæлæт? — чысыл ахъуыды кодта, стæй дыууæ бандоны кæрæдзийыл авæрдта æмæ сæ уæлæ слæууыд, иу хатт ма бæстыл йæ цæст ахаста æмæ бæндæн йæ хурхыл æрвæдзæг авæрдта. Бандонæй йæхи раппæрста æмæ ауыгъдæй аззад. Иу дыууæ хатты ма бæндæнмæ фæлæбурдта, фæлæ йæхи иргъæвын нал бафæрæзта, æмæ йæ сырх уадултæ цъæхæй аззадысты. Цард адджын у, æвæццæгæн, æй нал бафæндыд йæхи марын, фæлæ æгæр ферæджы. Æртæ хатты ма йæхи стымбыл кодта, стæй йæ уд систа æмæ адаргъи.

Фатмæ сыхæгтæй æрæгмæ æрбацыд—зæронд ус ныхæстыл афæстиат. Æрæджиау æрбацыд æмæ хæдзары астæу Цæмæхъуыды ауыгъдæй куы федта, уæд скуыдта, сæрдиаг кодта. Йæ хъæрмæ сыхæгтæ амбырд сты, бæндæн айхæлдтой, фæлæ æгæр ферæджы, амард. Æрмæст ма бæндæны феуæгъдимæ йæ сау цæстытæ фæирд кодта. Куыцыкк дæр йæ куыст фæуагъта æмæ базгъордта. Садуллæ йе ‘мгæрттимæ хъазыд.

Адæм æрæмбырд сты. Хицæуттæ æрцыдысты, рафæрс-бафæрс фæкодтой, аххосджыны агуырдтой, фæлæ зылыны никæй ссардтой æмæ ацыдысты. Адæм Цæмæхъуыды баныгæдтой, «рухсаг у, рухсаг» загътой, æмæ раздæхтысты.

Куыцыкк базæронд, кусын нал фæрæзта. Фатмæйæн йæ фарс бахуыскъ, уæлæмæ нал стад. Садуллæ кусынхъом нæма уыди. Хæрзмæгуырмæ æрцыдысты. Æрмæст ма сæм уыд иу хуым, иу уыгæрдæн æмæ сæ фыдæлты хæзна—тигъджын хъримаг топп. Фатмæ раздæр амард. Куыцыкк дæр йæ хæд фæстæ. Садуллæ чысылæй сидзæр баззад, æмбырдтæ, хистытыл зылд. йе рвадæлтæ йæ радгай хастой æмæ слæг ис.

Мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы. Садуллæйæн чызг дæр чи радтаид усæн, ахæм мæгуырæн? Иунæгæй, хæрззыбыты иунæгæй цард. Садуллæ царды фæрæзæн цуан кæнын æрæмысыд, йæ фыдæлты хъримаг топпæй гæрæхтæ райдыдта æмæ йын рæстмæ дæр фæци. Сырдтæ йæ размæ хæлæф кодтой. Бон дыгæйттæ, æртыгæйттæ мардта. Кавказы хохбæрзæндтæй йæ топпы хъæр, æрвнæрæгау, хъуыст. Адæм дæр æй бирæ уарзтой. Хæлар, уарзонзæрдæ лæппу уыд.

Иу æрæгвæззæг та цуаны ацыд Сырхыты хохмæ, изæрæй , стыр сычъи цæу амардта, къæдзæх рæбынмæ йæ баласта, арт скодта, бæрз уæхстыл нард физонджытæ ныссагъта. Арт фæйлауæнтæ кæны. Физонджытæ фыцынц. Мæйрухс арвы астæу тыбар-тыбур кодта, сыгъзæринау. Стыр бæрзонд къæдзæхтæ гобийæ бадынц, цыма истæмæ ныхъхъус сты, сыбыртт никæцæй уал хъуыст. Æрмæст ма искæдæй-искæдмæ хохы рындзæй уыджы уасын ком араудта. Уалынмæ физонджытæ сцæттæ сты, фынгæн йæ разы къæйдур авæрдта, Æфсатимæ скуывта:

— Табу дæуæн, Æфсати! Хъæздыгæн дæр дæдтыс, мæгуырты дæр æфсадыс. Радт дæ фосæй æнæвгъау!

Кæрдзын æрсаста, физонæг æркарста, минас фæкодта, йæ топп йæ хъæбысы, афтæмæй йæ пæлæзы бын лæгæты схуыссыд.

Раст æмбисæхсæв арв хъулæттæ кæнын райдыдта. Цæгат фарсы тымыгъ риуыгътытæ систа. сау мигъы тымбылтæ хохæй-хохмæ æппæрста, мит уарын байдыдта. Боныцъæхмæ лæджы æмбæрц мит ныууарыд. Садуллæ фестад, йæ пæлæз ацагъта, сырд хæссæн гæрзæй йæ сырд абаста, йе ‘ккой йæ скодта æмæ хохмæ хæстæгдæр иу хъæумæ æрцыд. Садуллæйæн йæ размæ хъæуы фæсивæд рауадысты, фæцин ыл кодтой. Цæвиттон, зæйуат уыд æмæ дзæбæх кæй фервæзт, уый тыххæй йын арфæтæ кодтой. Садуллæйы иу хæдзар сæхимæ бахуыдтой, йæ сырды мард ын айстой æмæ æрбадтысты. Садуллæ йæ сырды фысымæн ралæвар кодта æмæ афтæ зæгъы: — Сфыцут нын сырды фыд æмæ минас фæкæнæм Æфсатийы дæттинагæй. Фысым дæр йæ рады арфæ ракодта, æмæ афтæ зæгъы:

— Дæ цæрæнбон бирæ, дæ хуызæн уазджытæ нæм хуыцау уадзæд! Æфсати дын æнæвгъау дæттæд!

Сырды мард адæм цæфтыдтой. Æфсин уæлибыхтæ кæнын райдыдта. Арт фæйлауæнтæ кæны. Уæларт нард сырды фыд фыцы. Дзаджджын уæлибыхтæ артæй иугай дыгай исынц. Стыр цъæх дурыны арахъхъ хъарм кæнынц. Сихор сцæттæ. Сыхæгты дæр æрхуыдтой. Стыр хæдзары уырындыхъ бандоныл рабадтысты. Фысым уæлейæ—даст, схъæлрихи лæг Сосе, цардæй йæ зæрдæ рухс кæмæн кодта, ахæм.

Фысымы чызг Манидзæ — æхсæрдæс аздзыд, чындздзон чызг: ныллæггомау, нарæгастæу, тымбылдзæсгом, сырхуадул, сау цæст, сау æрфыг. Ставд сау дыууæ дзыккуйы быды зæвæттыл æнцадысты. Йæ сæвджын риу лæджы зæрдæ йæхимæ скъæфта. Устыты кæрон уырдыг лæууыд, æдзух Садуллæмæ касти. Йæ зæрдæ йын цыма тæвд æфсæйнаг æрбалвæста, уарзондзинады артæй сыгъд. Йæ цæсгом ныссырх. Йæ къухты æнгуылдзтæ зыр-зыр кодтой. Уыцы сахат бындз куы фестадаид æмæ Садуллæйы къуыбыр рихитæн куы апъа кодтаид, уый дæр æй фæндыд. Фæлæ йын ирон æгъдæутты рæхысбæттæнтæ бар нæ лæвæрдтой æмæ устыты кæрон, цæджындзы хуызæн, сагъдæй лæууыд.

Садуллæ дæр, бæрзондгомау, нарæгастæу, нæуæг хъуынтæ уадзæг лæппулæг, йе ‘мгæрттимæ бадт. Уый дæр Манидзæйы уарзондзинадæй артау сыгъд, мыдадзау тад. Фæлæ иу аххос уый уыд, æмæ Садуллæ — хæрзмæгуыр лæг — ирæд цы радтаид, уый йæм нæ уыд, æмæ йæ хъуыдытæ дзæгъæлы сæфтысты. Куыд мæгуыр лæг, йæхицæн æй æнхъæл нæ уыд. Уалынмæ фынг æрæвæрдтой—дзаджджын чъиритæ, нард сырды фыд, карз цъæх арахъхъ,—минас фæкодтой æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыд. Бон изæрæрдæм уыд æмæ Садуллæйы йæ хæдзармæ нал ауагътой æмæ æхсæвы йæ фысымтæм баззад.

Хур аныгуылд. Æризæр ис. Бинонтæй чи хъуццытæ дуцынмæ ацыд, чи фосæн холлаг æвæрдта. Хæдзары æрмæст Садуллæ æмæ Манидзæйы йедтæмæ ничиуал аззад. Садуллæйæн йæ къæхтæ басыдысты æмæ сæ артмæ тавта, йæ сæрдæндонæй хъазы фиу систа æмæ сæ уымæй сæрста. Манидзæ йæ цуры уырдыг лæууыд æмæ афтæ зæгъы:

— Мæ уд дын уый куы фестид, æмæ нырттæккæ дæ къæхтæ куы адзæбæх уаиккой.

Садуллæ хæрдмæ скаст æмæ афтæ зæгъы:

—Хорз амонд дæ хай, мæ хур. Куыдз къуылыхæй нæ мæлы. Ницы та мын уыдзæн.

Чызг бандоныл йæ цуры абадт æмæ афтæ зæгъы:

— Цы дзæбæх фидауæм. Тæхуды искуы нæ афтæ куы абадын кæниккой!* (* Хуссар Ир чындзы æмæ сиахсы фынгыл чындзхæсджыты астæу бадын кæнынц, æмæ уый тыххæй афтæ загъта Манидзæ дæр (автор).) Садуллæ фæхудт æмæ афтæ зæгъы:

— Хуыцауы бафæндæд, мæ зæрдæйы рухс! — æмæ йын пъа кæнынмæ хъавыд, фæлæ Манидзæ йæхи аскъæфта æмæ та уырдыг слæууыд. Уалынмæ устытæ æрбацыдысты æмæ Манидзæйæн афтæ зæгъынц: — Фæхъæуай, цы чызг дæ, иннæ изæрты хъауджыдæр хъуццытæм дæр нал фæкастæ.

Чызг цыдæртæ адзырдта æмæ дуармæ ацыд.

Æхсæвы Манидзæйы хуыссæг нал ахста, Садуллæйы уарзондзинады хызы стыхст. Йæ зæрдæ хъæрмттæ кодта, цæмæдæр бæллыд, цæмæйдæр тыхсти. Йæ гæзæмæ фыны Садуллæ йæ цæстытыл уад. Уыцы сахат Манидзæ Садуллæимæ арты судзынмæ дæр цæттæ уыд, фæлæ йæ сылгоймаджы æфсæрмдзинады рæхысбæттæнтæ урæдтой. Иуæй йæ фыдæй тарст, иннæмæй та йын ирон æгъдæуттæ бар нæ лæвæрдтой æнæ ирæдæй Садуллæйы фæдыл ацæуынæн æмæ фондзæссæдз хъуыдыйы йæ сæры магъзы уылæнтæ кодтой. Садуллæ дæр афтæ: Манидзæйы уарзондзинадæй йæ хуыссæг фæлыгъд, ратул-батул кодта. Мæгуырдзинад ын йæ уæнгтæ саста, йæ ныфс ын иста. Ирæд цы радтаид, уый йæм нæ уыд æмæ йын йæ хъуыдытæ уый хæлдта. Уыцы сахат йæ уд уый куы фестадаид, ирæды фаг фос цы ссардтаид, Манидзæйы йæхицæн усæн цы ‘рхастаид, уый дæр æй фæндыд. Фæлæ мæгуырæй адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы. Дыккаг бон хур скаст, хохæй-хохмæ тын анывæзта. Бæстæ, урсцагъд бæмбæгау, сæрттывта. Адæм уæлхæдзæрттæм рацыдысты. Алы къуыбыртæй хъæутæ гæзæмæ сау æндæрг хастой.

Физонæг ацæттæ, Садуллæ æмæ фысым хæрдыл æрбадтысты. Манидзæ сын уырдыг лæууыд, арахъхъ сын лæвæрдта. Фæстаг хатт ын хуры уынд йæ зæрдæмæ хуры тынтæ æппæрста. Йæ лыстæг урс даргъ æнгуылдзтæ арахъхъы сякъайы уæлæ зыр-зыр кодтой. Уарзондзинады арт ын йæ уæнгтæ змæлын кодта. Садуллæ дæр уый хуызæн: арахъхъæй нал æфсæст. Зæрдæ уарзондзинадæй æфсис нал зыдта. Хæрд фесты. Садуллæ фысымæн хæрзбон загъта æмæ ацыд.

Садуллæйæн йæ сыхаг чызг уыцы хъæуккаг ус уыд Магда,. зæгъгæ. Уыимæ хъæугæрон фæндагыл баиу сты, кæрæдзийæн салам радтой, кæрæдзийы афарстой, аныхæстæ кодтой сæ хæстæджыты тыххæй, сæ хæлæртты тыххæй æмæ иуран æрбадтысты. Садуллæ уыцы усæн Манидзæйы тыххæй сæ уарзондзинады хабар сæргом кодта æмæ йын хъуыддаг йе ‘вджид бакодта, цæмæй йæ хъус бадара, чызгæн æмбарын кæна. Фæлæ та хъуыддаг ирæдыл æрынцад æмæ йын Магда афтæ зæгъы:

— Мæ къонайыл, æмæ дын йæ чызджы æнæирæд чи ратдзæн, цыппæркъахыгæй дæм гæды дæр куы нæй, уæд.

Садуллæ йæ къуыбыррихи аздыхта, æмæ афтæ зæгъы:

— Цæй, уæддæр-иу дæ хъус бадар — чизоны «мæгуыр уæрццæн уад æрхæссы».

Кæрæдзийæн хæрзбон загътой, æмæ ахицæнтæ сты. Иу райсомы дондæттæны Манидзæ æмæ Магда баиу сты, æмæ йын Магда афтæ зæгъы: — Æ, гæды, гæды, базыдтон дын дæ хабар. Манидзæ йæхи фæсырх кодта, æмæ афтæ зæгъы:

— Цы хабар? Цавæр у? Магда бахудт фæлмæнгомау.

— Мæнæй та йæ цы ‘мбæхсыс?

Манидзæйæн йæ хуыз ауад æмæ тызмæггомау афтæ:

— Цы дын схъæр кæнон? Цы мæм ис æмбæхсинаг? Магда та бахудти. — Мæхæдæг æй зонын, цы дæм ис æмбæхсинаг, уый. Садуллæ мын æй йæхæдæг дзырдта.

Манидзæйæн йæ уадултыл туджы уадындзтæ ахъазыд. Йæ хуыз йæ бынаты æрцыд. Афтæ æнхъæлдта Магда æндæр исты хъуыддаджы тыххæй дзуры. Мидбылты бахудт, йæ дзыккуйы кæрон асхьаудта æмæ афтæ зæгъы:

— Уæд дын де ‘фсымæртæ амæлæнт — макæмæн мацы зæгъ!

Магда йæ дзыккуйы таг фæстæмæ аппæрста, æмæ афтæ:

— Уæд дын дæ иунæг æфсымæр, амæлæт, Садуллæйы бирæ уарзыс? Манидзæ къæмдзæстыгæй афтæ зæгъы:

— Бæрзондыл бадæг мæ уыйас бауарза!

Магда æмбаргæ ныхасæй:

— Мæ мадыстæн, нæ хъæубæсты уымæй хуыздæр лæппу нæй, хъаруджын, сабыр, мæлдзыг йæ къахы бын нæ фæкæндзæн.

Манидзæ æнкъардгомау:

— Мæгуыр, дам, куы у, зæгъынц, мæгуыр.

Магда къæртайы дон систа, æмæ афтæ зæгъы:

— Иунæг у, дæ фæхъхъау фæуон. Чысылæй сидзæр фæци. Йæ фыдæй йын ницы баззад æмæ цы кæна. Нырма лæппу у, йæ хъаруйы ‘руаджы цыдæриддæр ссардзæн.

Манидзæ дæр дон систа æмæ афтæ зæгъы:

— Атъæпп мын уа искæй хъæздыгад! Æз ирæды тыххæй загътон, уый йедтæмæ адæймаг кæм куса, уым фæллой æнцон ссарæн у. Чызг куы бæзза, уæд йæ къаимæ хохы сæр дæр фæцæрдзæн.

— Мæ мæрдтыстæн, Садуллæйæн йæхи хуызæн ус куы фæуа, уæд дыууæ азмæ фос рæгъæуттæ скæндзæн.

Манидзæйы ма ныхас кæнын фæндыд, фæлæ Магдайæ æфсæрмы кодта, æмæ афтæ зæгъы:

— Ныббар мын, Магда, мæ мады хуызæн дæ уарзын. Мæ ныхæстæ мын къæйныхдзинадыл ма банымай, чызгæн ахæм ныхæстæ не ‘мбæлы, фæлæ… æвзæртæ бахæрæд, мæрдты дзыназæд, ацы ирæд чи æрæмысыд. Кæимæ дæ фæнда, уыимæ цæрын дæ бон ма уæд, фосы тыххæй нæ хъомты хуызæн уæй кæнынц. Цы лæгмæ йæ фæнда чызджы, уымæ йæхи фæндæй ацæуид, æмæ йыл уæд та йæ мад æмæ йæ фыд æвдисæн кæнынц. Стæй ма нæм иу æвзæр æгъдау ис, æнæ ирæдæй моймæ фæцæуын, дам, худинаг у, афтæмæй хъусын, æмæ уырыс дæр æмæ гуырдзы дæр, дам, ирæд нæ исынц чызгæй. Гъеныр мæгуыр лæг цы кæна, кæм ссара дыууиссæдз, æртиссæдз хъуджы ирæд?

— Уастæн, йæ æрымысæг удæнцой ма фена, — Магда сдзырдта, — уæртæ нæ лæппу Гарсойыл ныр дæс æмæ ссæдз азы цæуы, æмæ æнæ усæй бады ирæды тыххæй. Дыууæ галы зæронды нæм ис, æмæ сæ ирæды куы радтæм, уæд ма нæхæдæг та цæмæй цæрдзыстæм? Алыбон рахъуыды- бахъуыды кæнæм нæ зæронд лæджимæ, фæлæ ирæды фаг фосæн ницы амал арæм, æмæ нæ лæппу æнæусæй лæууы.

— Магда, де ‘фсымæрыстæн, адæймагæн уд ис, уд, æмæ йæ уд йæ бар цæуылнæ у? Мæ уд у, æмæ мæ кæмæн фæнды, уымæн мæ радтæнт мæ мад æмæ мæ фыд, æндæр ма цы?

— йе… е… е… дæ нывонд фон, Манидзæ, нырма дæ фыды бафæрс, кæддæра дæ æртиссæдз хъугæй къаддæр искæмæн радтид. Ныр уæртæ нæ сыхæгтæ кæдæй дзурынц Турамы чызгыл, æмæ сын æй дæс æмæ æртиссæдз хъугæй къаддæрыл нæ дæтты. Æнкъæл дæн, æмæ йæ ныр уадзынмæ хъавынц, цы кæной мæгуырæг, сæ бон нæу уый бæрц ирæд бафидын. Фæлæ, дам, чызг æндæр никæмæн комы, йæхи, дам, мары. Афтæ хъусын, йæ фыд, дам, æй хъæздыг Быгъдайты æвзæр Хъазийæн дæтты. Бабын уа, уастæн! Бабале мын ибон куыройы хъаст кодта, мæ фыд, дам, мæ æвзæр омдзæгхор, расыггæнаг Хъазийæн дæтты æмæ, дам, мæхи амардзынæн, æндæр хос мын нæй.

Ацы ныхæстæ кæнгæйæ хъæумæ бахæццæ сты æмæ алчи йæ хæдзармæ бацыд.

Цард йе ‘гъдауыл хатти. Ирон æгъдæутты рæхысбæттæнтæ сæттын нæ комынц. Зыддзинад хъуырмæ схæццæ, цæстырухс баталынг кодта, нал уынынц. Фосмæ бæлгæйæ, ирон лæджы зæрдæ ферох кодта зæрдиаг зæнæг, уарзондзинад. Хуыцауы стыр лæвар — зæнæг уæй кæнын æфсæрмы нæ кæнынц.

Иу бон Хъази Вабалемæ курæг бацыд йæ мады ‘фсымæр Дзаххотимæ. Бабалейы фыд Турам дуармæ бадт æмæ лулæ дымдта. Турам Дзаххот æмæ Хъазийы куы федта, уæд ын æхсызтон уыд, æмæ йæм цалынмæ хæццæ кодтой, уалынмæ раздæр уырдыг фестад æмæ сæ размæ рауад. Кæрæдзийæн салам радтой, кæрæдзийæн арфæ ракодтой, æмæ хæдзары тыргъы æрбадтысты æмæ ныхас кæнын райдыдтой фосы тыххæй, хор, хосы тыххæй. Бабале сæ цуры тын уæфта, æмæ Дзаххот æмæ Хъазийы куы федта, уæд фестад æмæ сæ сыхæгтæм балыгъд.

Турам йæ усмæ бадзырдта, уазджытæн сихор цæттæ хъæуы, зæгъгæ. Йæхæдæг лæппуйæн загъта, æмæ сын кусарт акодтой. Сихор сцæттæ, нæл фысы фыд, хæбизджынтæ, арахъхъ, бæгæны — хуыцау кæй радта, фынгтæ уæз кодтой. Скуывтой æмæ гаджидаутæ кæнын райдыдтой. Фынгыл фондз лæджы бадт: Турам, Дзаххот æмæ Турамы æртæ сыхаджы — æвдисæн лæгтæ. Хъази сæ разы уырдыг лæууыд æмæ сын нуæзт лæвæрдта. Дзæбæх куы бануæзтджын сты, уæд ирæдыл дзурын райдыдтой. Бирæ радзур- бадзу нæ фæкодтон.

Турам загъта:

— Мæ ирæд, мæ сæры аргъ у дæс æмæ æртиссæдз хъуджы æмæ мады бæх.

Турам хорз зыдта, Быгъдайтæ, фысы дымæгау æнцон кæрдæн кæй сты, уый, æмæ сæ размæ дæр уымæн хъæлдзæгæй рауад, кадджын уазæджы фынгтæ сын уымæн æрцарæзта. Уый йедтæмæ Турам уазæгмæ æлхынцъæрфыгæй кæсаг уыд.

Дзаххот йæ зачъе адаудта, æмæ афтæ зæгъы:

— Ноджыдæр ма дын дæ сæрæн кад ыскæндзыстæм фаты бæхæй1. Быгьдайтæм бирæ ис, хуыцау сын раттæд. Фæлæ чызгæн дæр фæндон у? Бафарстат чызджы дæр?

Турам йæ рихи аздыхта æмæ афтæ зæгъы:

—Нырма мæ хæдзары сылгоймаджы фæнд не ‘рцыд. Мæхи фæндонæй дарддæр никæй хъуыддаг у. Фæлæ чызджы дæр цæуылнæ фæнды!.. Къорийы хуызæн тымбыл лæппу! — æмæ Хъазимæ ыскаст.

Хъази дæр йæ мидбылты бахудти.

Бафидыдтой ирæдыл. Дзаххот йæ дамбаца нысангарз ратта. Ирæд исыны тыххæй Турамæн æмгъуыд скодтой, иу къуырийы фæстæ Турам ирæд исынмæ куыд ацыдаид, афтæ. Æхсæвы хорз фæминас кодтой. Дыккаг бон Дзаххот æмæ Хъази сæ хæдзармæ ацыдысты. Сæ фæнд куыд уыд, афтæ сæ хъуыддаг дæр скодтой: къуырийы фæстæ Турам ирæд райста, дæс æмæ æртиссæдз хъуджы, мады бæх æмæ фаты бæх.

Уалдзæг уыд æмæ бæстæ зынг фестад. Хур арвы астæу хæтын систа. Зæхх йæ риу уæлгоммæ фæзылдта. Бæстæ кæрдæгæй цъæх адардта. Алы цæрæг удгоймаг райгас. Мæргътæ зарыдысты. Дзæбидыртæ хохы фидæрттæм ссыдысты, бæрæгбон кодтой. Бæлæстæ сыфтæртæй сæхи сфæлыстой. Хурыскæсæны дымгæ фаг улæфыд æмæ йын фæлмæн хъырныдтой. Адæм быдырмæ ‘рцыдысты, уалдзæджы куыст кодтой. Алы къуыбырæй фиййæутты зарæг кæмттæ араудта. Иудзырдæй, зæхх йæ тарф хуыссæгæй сæхъал. Адæм хъæлдзæг уыдысты, фæлæ Бабале сау тар, сау мылазон æнкъардæй дуармæ бадт, бадт æмæ куыдта. Сæдæ сагъæссаг хъуыдыйы йæ сæры магъзы минут фондзыссæдз фæлтæры кодта. Зæрдæмæ рухсы цъыртт, хъæлдзæгдзинад нæ цыд. Йæ сырх уадултæ ныффæлурс сты, цæстытæ доны азылдта. Мæрдон сау хуыз ыл бафтыд. Иудзырдæй мæлæтмæ тындзыдта, æмæ-иу йæхинымæры дзырдта:

— Уалынмæ мацы фенæд, цалынмæ Хъазийы мæхицæн мой не скæнон! Турам йæ чызджы æнкъарддзинад æрдумæ нæ дардта, ирæды цы галтæ, хъуццытæ райста, уыдоныл цинæй мард, фæлæ фæстæдæр цы уыдаид, æмæ цы уыдзæн, уый нæ зыдта. Йæ хæстæджытæй чысыл исты чи æмбæрста, уый йын-иу афтæ куы загьта: «Дæ чызджы тæригъæды бацыдтæ, зæгъгæ, æвæндонæй йæ Хъазийæн кæй радтай, уый тыххæй», уæд-иу Турам бахудт, æмæ-иу афтæ:

— Нывæрзæн здахаг у, балымæн уыдзысты, — худгæйæ дзырдта. Сæрд фæци, аивгъуыдта. Кавказы талынг кæмттæм ма хур гæзæмæ рухс æндæрг хаста. Бæрзонд сау хæхтæ сæ уæлæ урс кæрц æркодтой, бафынæй сты. Хæхтæй хъыпп-сыпп нал хъуыст кæуын цæстæнгас ралæвæрдтой. джиуæргуыба æрцыд, æмæ Бабалемæ чындзхæсджытæ бацыд. Хъæубæстæ змæлæг сси. Турамы хæдзары хъæлдзæгдзинад паддзахад кодта. Хæрд, нуæзт денджыз фестад, бæркад фынгтæ фæхсынты уæзæй тасыдысты. Чындзхæсджытæ фарны зарæг кодтой. Дзæбидыры сыйæ сау бæгæны гаджидау рæнхъытæ уагътой. Фæлæ Бабале та йæ æнæ аипп чызгон сыгъдæг уд æнæмæлгæ уæларвон сиахсæн цæттæ кодта.

Раст æмбисæхсæв Бабале йе ‘мгар чызджыты, йæ цуры чи бадт, уыдон сæ хæдзæрттæм арвыста, зæгъгæ, æз дæр хуысгæ кæнын æмæ сымах дæр ысхуыссут. Чызджытæ ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Бабале уаты иунæгæй баззад. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ йæ чындздзон дарæс йæ уæлæ акодта æмæ æхсæвы мæйдары аныгъуылд, хуыцау зыдта, кæдæм ацыди. Райсом боныцъæхмæ Бабалейы ничи базыдта. Куы сбон ис, уæд æй агурын байдыдтой доны былтыл, къæдзæх рæбынты, хæдзæртты къуымты, кæд искуы йæхи амардта, зæгъгæ, йæ агуырдтой, фæлæ Бабалейы нал ссардтой. Зæхх æй аныхъуырдта, æви йæ æврагъ фæхаста, нал сбæрæг ис. Фыццаг æй чи куырдта, уыцы сыхаг лæппуйыл дæр дау кодтой, фæлæ йæм зылынæй ницы ссардтой, æмæ банцадысты. Дыууæ боны фæстæ чындзхæсджытæ сæ хæдзæрттæм ацыдысты. Ирæд фæстæмæ æнæистæй ныууагътой, цалынмæ Бабалейы хабарæй бæрæг базоной, уалынмæ. Уыцы хуызæн Бабалейы хъæрцъист никуыуал фæзынд, дæлзæх фæци æви уæларв, уымæй бæрæг нал сси. Турамæн йæ хъæлдзæгдзинадыл сау тар мигъ æрбадти. Алæрдæм хъуыдытæ кодта, Бабалейы чи ахаста, цы фæци, уымæй бæрæг нæ зыдта. Иуæй йæ чызг фесæфт, иннæмæй йæ фæстæмæ ирæд фидын хъуыд, чызг куы нæ фæзына, уæд. Ахæм хъуыдытæ Турамæн йæ цард цыбыр кодтой, хæдзарæй æддæмæ нал цыд.

Уалдзæг æрцыд, фæлæ Бабалейы хабарæй æрдуйыбæрц дæр ничи ницы базыдта. Бирæ фæцагуырдтой, бирæ фæзылдысты алы бæсты, алы хæхты, фæлæ Бабале нæртон сæфт фæкодта, не сбæрæг. Чи загъта, доны йæхи баппæрста æмæ йæ дон арф хуыдымы цæфсæрста. Чи загъта, искуы йæ бирæгътæ бахордтой. Чи загъта, йæ чындздзон дарæс йæ уæлæ кæй ахаста, уый тыххæй хъуыдыйаг у — дард бæстаг лæджимæ алыгъд, æмæ йæ зонæг нæма ис. Ахæм дзырдтæ цыд адæмы ‘хсæн.

Раст Зæрдæвæрæны размæ къуырисæр боны уыцы хъæуæн сæ дзуарыбон вæййы. Комы астæу бæрзонд къæдзæх хохы сæр,. раджы кæддæр, беридон монастир кæм уыд, ахæм. Аргъуанты æрдæг хæлдтытæ, ныккæнд пъадвалтæ. Æрмæст иу раныл иу къахвæндаг æм ис, иннæ йæ алыварс карст айнæг къæдзæх. Фыццагон фидар сыгъдæгдзинæдтæй иу æвдисы. Æнæ йæ боны уыцы бæрзондмæ йæ фæдон адæмæй иу дæр нæ цæуы. Уыцы дзуарыбон уыди, æмæ адæм æрæмбырд сты уыцы къæдзæхы сæр, скуывтой, кувæндоны нысайнæгтæ цæвæрдтой æмæ хæрд, нуæзтыл æрбадтысты. Æмбисхæрд нæма фесты, афтæ уарын ныккалдта. Арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Заеххы бын дзы æмбæхст аргъуан ис, æвæццæгæн, знаджы рæстæджы кæй скодтой, ахæм. Кувддон, адæм уарынæй уыцы аргъуанмæ балыгъдысты æмæ Бабалейы уым мардæй ссардтой — аргъуаны астæу уæлгоммæ лæууыд, йæ къухтæ йæ риуыл æвæрд, мæрдон цæстæнгас лæвæрдта. Иууыл бæрзонд æппæт уынæг хуыцау зоны, Бабале йæ мæлæты агъоммæ цы ми кодта уыцы ныккæнд аргъуаны. Адæм исдугмæ фæтарстысты диссаг уынинаг марды тыххæй, стæй йын йæ фыдмæ лæг арвыстой æмæ æрцыд. Бабалейы йæ фыд Турамы хæдзармæ бахастой. Дыккаг бон Быгъдайтæ дæр æрцыдысты æмæ йæ баныгæдтой. «Рухсаг у, рухсаг»,- загьтой æмæ раздæхтысты. Иу къуырийы фæстæ Быгъдайтæ сæ ирæд фæстæмæ айстой дæс æмæ æртиссæдз хъуджы æмæ дыууæ бæхы. Манидзæмæ алы бæстæй алы хорз адæм курæг цыд, фæлæ никæмæн куымдта, йæ мад æмæ йæ фыдмæ йæхи скъæйных кодта. Бирæ хорз хъæздыг лæгтæн æй лæвæрдтой йæ мад æмæ йæ фыд, фæлæ Манидзæйæн Садуллæйы уарзондзинад йе ‘фсарм афтæ бамынæг кодта, æмæ йæ мадæн æмæ йæ фыдæн иу дзырд, иу ныхас нал барста. Адæм ма йыл къæйныхы ном дæр сæвæрдтой, æвзæр, фыдуаг, налат у дзырдтой. Фæлæ уарзондзинад афтæ у, æмæ уарзондзинадæй стыр зондджынтæ дæр хаттæй- хатт фæсонт вæййынц. Бирæ хатт уарзондзинад лæгæн йæ зонд баталынг кæны, æмæ нал фæзоны, цы ми кæны, уый. Нал фæзоны хистæры, кад æмæ æфсæрмдзинад. Афтæ уыд Манидзæ дæр. Садуллæйы уарзондзинад ын йæ зæрдæ сыгъта, йе ‘фсæрмдзинад ын кæдæмдæр сырдта. Ферох кодта хæххон чызджы сылæгдзинад æмæ хъазуат ралæууыд йæ фыды раз. Иу бон Садуллæ цуанæй æрцыд, æмæ йæ сæ сыхæгтæ бахуыдтой — дзуарыбон сын уыд æмæ сæм бирæ адæм хуынд уыд. Уыцы хуынды сомихаг Гиго дæр фæци. Иукъорд гаджидауты фæстæ ныхас фæтынгдæр, æмæ Гиго афтæ зæгъы:

— Цæй хæснаг скæнæм, чи базона, хæзна цы у, уымæн къухтыкæлмæрзæн ратдзынæн.

Адæмæй чи загъта «хорз зæхх», чи — «хъримаг топп», чи — хорз кард» чи цы; чи цы загъта. Æрæджиау сомихаг афтæ зæгъы:

— Уыдонæй иу дæр хæзна нæу, ауæйгæнæн кæмæн нæ уа;

ахæм хæзна. Лæг куы фæмæгуыр уа, уæд уыдон се ‘ппæты дæр ауæй кæндзæн, фæлæ хæзна у лæгæн йæ ус, ауæйгæнæн кæмæн нæй.

Иууылдæр адæм ууыл сразы сты. Æцæг, загътой, лæг цыфæнды фæмæгуыр уа, уæддæр йæ усы нæ ауæй кæндзæн. Фæминас кодтой æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыд.

Садуллæ æхсæвы рахъуыды-бахъуыды райдыдта, уæдæ, загъта, кæд ус зæххæй хæзнадæр у, уæд мæ зæххытæ Сосейæн ирæды радтон æмæ Манидзæйы мæхицæн усæн æрхæссон. Фæлæ раздæр ме ‘рвадæлты бафæрсон, кæд мын ирæд фидой, уæд мæ зæххыты бар уыдон у, загъта. Дыккаг райсом раджы цуаны ацыд æмæ нæ изæры сырды мард æрхаста. Æрхуыдта йе ‘рвадæлты, хорз сæ федта, йæ хъуыддаг, йæ хабар сын радзырдта. Садуллæйы æрвадæлтæ фынддæс хæдзары — фæйнæ лæгæй уым уыдысты. Кæрæдзимæ бакастысты, кæрæдзийы цæстæнгас бамбæрстой æмæ æрвадæлты хистæр Хъырым афтæ зæгъы:

— Садуллæ, не ‘фсымæр. Дæу тыххæй ирæд фæйнæ галы куы бафидæм, уæд нæ фесæфдзыстæм. Нæ бинонтæй иу дæ, æмæ хъуамæ не ‘хсæн цæрай. Дæ фесæфтæй нæ мыггаг цыбырдæр кæны, иу хæдзар сафæм. Дæ зæххытæ дæр дæхи. Æвзæр куы уаис, уæд дын ницы бафидиккам, фæлæ бæззыс, æмæ бæззонæн фæндаг ис. Райсом демæ цæуын, ус кæм курыс, уырдæм. Ирæд мах бар уæд! — загъта мыггаджы хистæр Хъырым. Дыккаг бон раджы Садуллæ æмæ Хъырым араст сты æмæ Сосемæ бацыдысты. Хур фæцæйныгуылд, афтæ Сосейы хæдзармæ бахæццæ сты æмæ салам радтой хæдзары хицауæн. Сосе дæр сыл гæзæмæ цинтæ бакодта, фæлæ Хъырым — æвзаджджын, дзырдарæхст лæг, ныхæстæй йæ арæгъæд кодта æмæ хæдзармæ бацыдысты. Æхсæвы сæ бауазæг кодта. Сосе хорз зыдта, Садуллæмæ бирæ хъуын æлвынинаг кæй нæ уыд, уый æмæ сæм уазал цæстæнгасæй каст. Æхсæвæры фæстæ Хъырым Сосеимæ ныхас райдыдта бакаис кæныны тыххæй æмæ загъта:

— Æнхъæл дæн, дæ чызг æмæ ме ‘рвад кæрæдзи уарзынц æмæ сын сæ уарзондзинад ма фехал. Мах дæр дын хæстæгæн бæздзыстæм.

— Мæнмæ ахæм чызг нæй, — загъта Сосе, — æмæ иунæг лæджы хæдзар чи фæдара. Нырма цардæй не схъыг. Курджытæ йæ бирæ ис æнæ сымах дæр, фæлæ йæ никæмæн дæттын. Уадз, æмæ уал мемæ цæрæд, — Демæ нæ фæцæрдзæн, Сосе, нæ фæцæрдзæн, — загъта Хъырым. — Хуыцау æмæ зæххыхъæд цы æгъдау скодта, уый ды нæ фехалдзынæ, фæлæ нын зæгъ, цас нæ агурыс ирæд æмæ бафидауæм!

— Комкоммæ ирон лæгыл фау сæвæрын дæр бæллæх у, — загъта Сосе, æмæ æлхынцъæрфыгæй афтæ зæгъы:

— Нал мæ уадзыс, Хъырым, æмæ дын мæ ирæд зæгъын — дæс æмæ æртиссæдз хъуджы, йе фынддæс ифтыгъд галы.

Хъырым уæлдай ницыуал загъта, уый тыххæй, æмæ Сосе ирæд нал фæхъадæджындæр кодтаид, фæуæлдай кæныны йедтæмæ, æмæ афтæ зæгъы: — Хорз, кæд æй нал фæкъаддæр кæндзынæ, уæд. Сосе ма ирæдыл бафтыдтаид, фæлæ йæ цæсгом нал схъæцыд æмæ афтæ зæгъы:

— Уæддæр æгæр чысыл ирæд загътон.

— Æрбайхъус, мæ чысыл хур, Сосе, Хъырым загъта, — демæ нæ хæстæг фæнды. Садуллæ йæ удыхай хохы сæр дæр фæдардзæн. Цæстæй цы уындæуы, уымæй нæ цардæуы. Абон кæд афтæ мæгуыр у, уæддæр, хуыцауæй бузныг, йæ зонд æмæ йæ хъаруйы фæрцы йæ фаг кæмдæриддæр ссардзæн, фæлæ дæс æмæ æртиссæдз хъуджы æгæр бирæ сты.

Цы дардыл дзурын, Сосе афтæ æнхъæлдта, æмæ Садуллæ дæс хъуджы дæр не ссардзæн æмæ уымæй йæ хъуыддаг фехæлдзæн æмæ афтæ зæгъы: — Дæс хъуджы дзы дæу тыххæй хатыр, æртиссæдз хъуджы, йе фынддæс ивтыгъд галы, уымæй дæлæмæ афæдз куы фæдзурæм, уæддæр нæ уыдзæн.

Аныхæстæ ма кодтой æмæ фынддæс ифтыгъд галыл бадзырдтой. Садуллæ йæ дамбаца нысангарзæн ныууагъта. Хорз сæ федтой æмæ ацыдысты.

Манидзæйы зæрдæ æрæнцад, æрфæлмæн, йæ уадултыл туджы уадындзтæ ахъазыд. Садуллæ ма уæддæр ирæды мæт кодта.

Адæм кæрæдзи руаджы цæрынц, хорз адæмтæм уæрст ницы ис. Хъæздыг мæгуыры хъуагдзинæдтæ бæрæг дары æмæ мæгуыртæн æххуыс кæны, цæмæй царды фæндагыл уыдон дæр фæраст уой.

Раст джиуæргуыбайы Садуллæйы æрвадæлтæ сæхи сцæттæ кодтой — хæрд, нуæзт, цæдæджинæгты бæгæны бахсыстой, тохъыл фыстæ аргæвстой, Сосемæ хонæг арвыстой, æмæ сæм фондз æмбалимæ æрцыд ирæд исæг.

Иу къуыри минас фæкодтой. Кæрæдзимæ сæ фæхуыдтой. Къуырийы фæстæ Сосейæн фынддæс ифтыгъд галы — хæдзарæн гал — ирæд радтой Садуллæйы æрвадæлтæ. Кæрæдзийæн арфæ ракодтой, æмæ Сосе йæ хæдзармæ ацыд.

Нæ зымæг — зындон, нæ кæмттæ — зæйуат. Ацæуæн, азмæлæн хохы кæм вæййы. Мит æртæ лæгбæрц ныууары. Садуллæйæн йæ ус уалдзæгмæ хæссинаг баззад. Уалдзæг æрцыд, æмæ раст куадзæнты Садуллæ ус æрхаста.

Хæдзары цыппæркъахыг гæды дæр нæ уыд. Манидзæ хæдзары къуымты ракæс-бакæс кодта, æмæ дзы никуы ницы уыд, алырдыгæй къуымтæ уазалы смаг кодтой. Манидзæ иу бон йæ мады ‘рвадæлтæм ацыд æмæ сæ цухъхъаваг уæргъуын къуымбилтæ æрхаста, æвзаргæ тынæй дзы цухъхъа скодта æмæ цухъхъайæ ефс бæх баивта. Дыккаг цухъхъа скодта æмæ дзы хъуг баивта. Ефс æмæ хъуг цæуæт кæнын райдыдтой. Æй-да-а, хæдзар фæхъæздыг. Садуллæ цуан кæнын ныууагъта æмæ фосы куыст райдыдта. Хæдзар йæ былтæй акалд. Манидзæйæн æртæ лæппуйы æмæ иунæг чызг — Сахар, зæгъгæ, райгуырд. Цард сæм йæ мидбылты худт. Æрхастой сæ фырттæн устытæ, федтой сæ цæуæты цæуæт æмæ амардысты.

Садуллæ æмæ Манидзæйы мæлæты фæстæ Сахары йе ‘фсымæртæ Сачъынаты Гус, зæгъгæ, уымæн æвæндонæй, æнæбары, тыхæй усæн радтой. Дæс æмæ æртиссæдз хъуджы дзы ирæд райстой. Гус æмæ Сахар сæ райдианæй загъд кæнын райдыдтой. Гус фыдыздыхт лæг, йæ раззаг дæндæгтæ дæр дывæрццаг уыдысты. Лæг амарын æрдумæ нæ дардта, фыдзонд, фыдзæрдæ, тæригъæдæй нæ тарсти, йæ намыс та æппындæр æфсæрмы нæ кодта. Фыдуынд, стыр фындз, сау цæсгом, сырх цæстытæ, къуыпп ных, хæйрæджы цæстæнгас лæвæрдта. Сахар дæр Гусы нæ уарзта, иу дзырд, иу ныхас ын нæ барста. Иудзырдæй, куыдз æмæ лæдзæджы цард кодтой. Гус Сахары нæмгæ кодта, Сахар та йын дзыхæй алывыд дзырдта.

Иу бон та Гус Сахары надта æмæ йын Сахар афтæ зæгъы: — Нæм мæ, нæм! Цы нымæт цæгъдай — хъуынджындæр. Афтæ æнхъæлыс басæтдзынæ мæ?

Гус хъама фелвæста æмæ Сахарæн йæ хъустæ сæ рæбыныл æрбалыг кодта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Цæугæ ныр, уæртдзæг рауадз, андиаг нымæтæй хъуынджындæр фест — æмæ йæ атардта.

Сахар йе ‘фсымæртæм бацыд туг калгæ.

Сахары ‘фсымæртæ Сачъынатæй сæ хойы хъусты лыгмæ иу лæг амардтой. Уый фæстæ кæрæдзи марын байдыдтой Сахары мыггаг Биганатæ æмæ Сачъынатæ. Авд лæджы Сачъынатæй фæмард, фараст лæджы Биганатæй. Уалынмæ Гуырдзыстон Уырысимæ баиу сты æмæ сын Уырысы хицæуттæ кæрæдзи цæгъдын нал бауагътой. Гус Къуары доны фаллаг фарсмæ алыгъд æмæ æндæр ус æрхаста.

Ныр йæ байзæддаг уым цæрынц.

ХО ÆМÆ ÆФСЫМÆР

Кавказы хохы сынæгыл райдианæй нырмæ бирæ адæмы мыггæгтæ царди æмæ цæры, фæлæ се ‘хсæн иумæйаг хъуыддаг аразæн — тæрхондон никуы уыд. Иу адæм иннæйы нæ зыдта кæрæдзи нæ уарзтой, кæрæдзимæ лæбурдтой, кæрæдзийы фос тыхæй тардтой, кæрæдзийæ уацайрæгтæ хастой, кæрæдзийы цагътой. Гуырдзыстоны паддзахад æныгуыс — æдых уыди æмæ сæ уромын нæ фæрæзта, афтæмæй кæрæдзийы цыбырæй-цыбырдæр кодтой.

Гуырдзыстон Уырысимæ баиукæныны агъоммæ, Чысаны доны хæд сæр иу къæдзæх сынæгыл царди иунæг хæдзар, Битæрты Ахмæт, зæгъгæ. Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны паддзахадæн йæ тых асастой Турк, Перс æмæ Лекъ. Уырыс та цæугæ нæма æркодтой æмæ адæм кæрæдзи мидæг схылымылы сты. Иудзырдæй, тынг змæст рæстæг уыди.

Ахмæтæн йæ кæстæртæ — дыууæ ‘фсымæры, йæхицæн чызг æмæ лæппу — Тамар æмæ Хъазара. Тынг хъæздыг царди: фос, хæзна—бирæ, сæ хъæздыгады кой—дардыл хъуыст.

Иу уалдзыгон бон хур скаст, хохæй-хохмæ тын анывæзта. Фæскъæвда хурбоны бæстæ цъæх адардта. Хурзæрин арвы астæу тыбар- тыбургæнгæ фæцæйтахт. Хъазара сæрвæтæй фосы дзуг сæухиз дуцынмæ æртардта. Бинонтæ иууылдæр фос дуцыныл ныллæууыдысты, алкæмæн йæ къæрта йæ разы æхсырæй урс танхъа хаста. Иннæ ‘рдыгæй дынджыр цæхгæры æхсыр фæрсыгътой, тæсчъыйас цыхтытæ тæбæгъты ахстой. Цард сæм йæ мидбылты худти, гуылф-гуылф кодта. Фос дыгъд нæма фесты, афтæ хъæды къохæй фынддæс лæджы æрбазынди. Ахмæт сæм кæсæнцæстытæй акасти æмæ афтæ зæгъы:

— Хуыцау нæ фесæфта! Лекъ нæм æрцæуынц, хæсдзысты нæ! — Цалынмæ бинонтæ ракæ-бакæ кодтой, уалынмæ лекъ фосы алыварс амбырд сты. Бæстæ гæрах сси. Топпыхъæр кæмтты арыдта. Ахмæт фæцæфис, былæй асхъиудта æмæ хæмпæлæй хъæр кодта:

— Хæмпæлмæ, Хъазара, хæмпæлмæ! Фæлæ Хъазарайы лекъ рацахстой, Тамарайы дæр, æмæ сын сæ къухтæ синагæй фидар абастой. Иннæ бинонтæ—сылгоймагæй, нæлгоймагæй хæмпæлы амбæхстысты. Лекъ Ахмæты хæдзары цыдæриддæр ссардтой — фосæй, хæзнайæ, Тамар æмæ Хъазара дæр семæ—Дагъистанмæ сæ афардæг кодтой:

Ахмæт кæд уæэзау цæфтæ фæцис, уæддæр æндон стæг æмæ тугæфсæст буар тагъд сдзæбæх ис, фæлæ цæмæй цардаид, уый йын нал уыди, æрмæст иунæг фысы йедтæмæ, уый дæр фосæй чи фæдзæгъæл ис, ахæм. Фæлæ цард кусæг лæджы уæхскыл бады. Ахæм хорз кусæг лæг, хæдзар та уайтагъд йæ былтæй акалд фосæй, хæзнайæ, æппæтдæр бирæ. Фæлæ Ахмæты Тамар æмæ Хъазарайы маст домдта, йæ зæрдæ йын хордта. Тамар æмæ Хъазарайы лекъ акодтой Дагъистанмæ. Хъазарайы Дагъистаны иу æнæзæнæг Наиб балхæдта. Тамары дарддæр акодтой, Авары бæстæм æмæ уый дæр уым ауæй кодтой. Хъазара — куыстуарзаг, уынаффæджын, коммæгæс лæппулæг. Исдуг йæ фыдыбæстæ, йæ мад, йæ фыды мысыд, стæй Наибы хæдзарæн хицау сси. Æнæ Хъазарайы бафæрсгæ Наиб хæдзары хъуыддæгтæй иу дæр нал кодта, базыдта йын йæ зæрдæ, йæ хъару æмæ йæ йæхицæн лæппу скодта. Хъазара бирæ хæттыты лидзыны фæнд дæр скодта, фæлæ та-иу æй Наибы уарзондзинад баурæдта. Сахуыр ис лекъагау, базыдта сын се гъдæуттæ æмæ йæ адæм бирæ бауарзтой. Иудзырдæй, Хъазарайæн Дагъистан дыккаг райгуырæп бæстæ сси. Тамар йе ‘фсымæры мысыди, Авары бæсты зыбыты иунæгæй йæхи бынсæфтыл нымадта, æгоммæгæсаг, фыддзых, фыдуаг сси. Йæ хицау æй фæстæмæ дагъистайнагæн ауæй кодта. Уымæ дæр куыддæртæй фондз азы фæцарди, стæй та йæ уый дæр уæймæ ракодта æмæ раст Хъазара цы Наибмæ уыди, уый дуæртты æрцыд. Наиб дуармæ бандоныл бадти, йæ кæрц йæ уæхсчытыл æмæ йын афтæ зæгъы:

— Кæдæм кæныс уыцы чызджы?

— Уæймæ.

— Цас уыдзæн йæ аргъ?

— Дыууадæс сыгъзæрины.

Наиб чызгмæ бакасти æмæ афтæ зæгъы:

— Хорз, зынаргъ нæу, кæд не ‘фсины зæрдæмæ фæцæуа, уæд, — æмæ йæ усмæ бадзырдта, ус рацыди æмæ йын Наиб афтæ зæгьы:

— Фенма, уыцы чызг Хъазарайæн усæн бæздзæн æви нæ? Ус чызджы федта æмæ афтæ зæгъы:

— Хорз, дзæбæх чызг у.

Наиб чызджы хицауæн дыууадæс сыгъзæрины радта æмæ Тамар уыдонмæ баззади.

Хъазара уым нæ уыдис, хуымкæрдынмæ уыдис. Изæры куы æрцыд, уæд ын Наиб афтæ зæгьы:

—Бакæс-ма, Хъазара, цы ус дын æрхастон! Аварханы чызджы хуызæн! — Хъазарайæ хъазыд.

Тамар уырдыг лæууыд æмæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, фæлæ кæрæдзи нал базыдтой. Тамарæн йæ чызгон хуыз сивта, цæсгом гæзæмæ æндæргсыд фæткъуыйау, сцъæхис, дыууæ æрфыджы астæу фæугард, æрмæст ма йæ сæвджын ныхыл сау æрфгуытæ чызджы рæсугъддзинад хъахъхъæдтой. Хъазара дæр йæ хуыз аивта, йæ зачъетæ ‘рцыдысты, цæсгом фæлæгхъуыз ис, йæ лæппудзинады нысæнттæй йæм ницыуал уыдис æмæ Тамаримæ кæрæдзийæн æнæзонгæ сысты. Æхсæвæр бахордтой, Наиб æмæ йæ усы схуыссын кодтой æмæ сæ уатмæ ацыдысты.

Хъазара сынтæгыл æрбадт, Тамар йæ разы уырдыг лæууыд æмæ йын Хъазара афтæ зæгъы:

— Раздæр базонæм кæрæдзи. Нæ дыууæ дæр кæцондæр, кæйдæр бæсты баиу стæм, зæгъ мын, кæцон дæ, кæм бæстаг, кæй чызг дæ?

Тамар йæ кæлмæрзæны хаутæ асхъаудта æмæ афтæ зæгъы:

— Чысан хуыйны мæ бæстæ, ирон адæмæй мæ мыггаг, Битæрты Ахмæты чызг дæн, — æмæ йæ кæлмæрзæны къабазæй йæ цæстысыг асæрфта. Æмæ та афтæ зæгъы:

— Куыдзы дæндаг бахæрæнт, лекъ нæ рахастой ме ‘фсымæримæ. Ме ‘фсымæры иу ран ауæй кодтой, мæн — иннæ ран. Нæ зонын, ме ‘фсымæр цы фæци, æгас у, æви нæу, уый бæрæг нæ зонын. Батадтæн, бахус дæн уый мæтæй. Мæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси.

Хъазара иудзæвгар ницыуал сдзырдта, хъуыдыты аныгъуылди. Сæрымагъз уылæнтæ кодта. Зæрдæ фырцинæй анæрст, фæцæйскъуыд. Хурхыуадындзтæ адымстысты, цæстысыг æркалд. Иу дзырд дæр йæ бон нал уыдис. Стæй афтæ зæгъы:

— Ис аллах, æгайтма тæригъæд нæ ракодтам. Æз де ‘фсымæр дæн, Ахмæты фырт Хъазара.

Тамар фырцинæй йæхи нал баурæдта æмæ Хъазарайы æфцæджы атыхст æмæ йын ныпъатæ кодта.

Уымæн дæр цинæй йæ цæстысыг æркалд æмæ æнæдзургæйæ, кæрæдзи ‘фцæджы тыхстæй бирæ, бирæ, тынг бирæ алæууыдысты. Стæй сынтæгыл æрбадтысты æмæ Тамар афтæ зæгъы:

— Мæ уд дæ нывонд, мæ сæр дæ фæхъхъау, мæ зæрдæ мын сæфтау æмæ йæ ахæр, ацы хабар Наибæн ма зæгъ!

— Цæуылнæ? — загъта Хъазара.

— Цæуылнæ, уый дын зæгъдзынæн. Хицæутты зæрдæ афтæ у, хорзæй, æвзæрæй цы сфæнд кæнынц уый сæ фæндыл куы нæ цæуы, уæд уыцы хъуыддаг халаг сты. Чизоны æмæ куы базона, мах хо æмæ æфсымæр стæм, уый, уымæн та йæ фæнд æндæр уыди, куы фæмæсты уа, искæй нæ куы ауæй кæна, уæд та фæхицæн уыдзыстæм. Фæлтау уадз æмæ афтæ цæрæм. Чи сæ фæрсы? Кæй цы хъуыддаг ис?

Хо æмæ æфсымæр кæрæдзи бавдыстой, цæмæй макæмæн зæгъой сæ хабар. Раст æмбисæхсæвмæ фæныхæстæ кодтой, сæ зындзинæдтæ, сæ хасты хабартæ, сæ царды уынаффæтæ. Стæй хо æмæ æфсымæр хъæбыс- хъæбысы фæлмæн лыстæн уатыл афынæй сты.

Райсомæй хур скасти, уаты рудзгуытæй хид авæрдта. Тамар æмæ Хъазара фестадысты. Хъазара хуым кæрдынмæ ацыди, Тамар та хæдзары зылд райдыдта.

Афонтæ цыдысты. Рæстæг хатти. Адæмæй афтæ, Тамар æмæ Хъазара ус æмæ лæг сты, уыдон та — хо æмæ æфсымæр. Фондз азы сыл ацыди. Иу бон Наиб йæ усæн афтæ зæгъы:

— Хъазарайы усæн зæнæг нæ гуыры æмæ йын дыккаг ус æрхæссæм, — загъта.

Наибы ус дæр уæлдай ницы сдзырдта. Цæмæйдæриддæр, Хъазарайы сæхи фыртæй дæр фылдæр уарзтой æмæ Хъазарайæн дыккаг ус æрхастой—лекъаг чызг. Уыцы усæй Хъазарайæн дыууæ лæппуйы райгуырди — Умар æмæ Ахмæт.

Тамар йæ фыццаг цæрæнбынæтты кæд фыдуаг, фыдæгъдау уыди, уæддæр уый йæхи аххос нæ уыди, фæлæ йе ‘фсымæры мæстæй, йæ мад, йæ фыды мысынæй йæ зæрдæ сырды хуызæн сси, иу дзырд, иу ныхас никæмæн барста, йæ цардæй йæм мæлæт хуыздæр касти æмæ бирæ уæйтæ дæр уымæн фæци. Ныр, Наибы хæдзары’йе ‘фсымæримæ куы баиу, уæд йæ зæрдæ схорз, сфæлмæн, хæдзары зылдæй йын амонын ницы хъуыд, æнæрынцойæ куыста, архайдта, æмæ йæ уый тыххæй Наиб æмæ йæ ус фылдæр бауарзтой. Иудзырдæй йын хæдзары мидæг уынаффæ иууылдæр йæ къухмæ радтой.

Адæмы аразгæ дæр уарзондзинад кæны, — сафгæ дæр.

Хъазара йæ усы уæлдай бирæ уарзта. Цыдæриддæр хъуыддагæй сусæгдзинад æм уыди, иууылдæр ын сæ-иу дзырдта, фæлæ Тамаримæ хо æмæ æфсымæр сты, уый йын никуы загъта, никуы схъæр кодта. Хъазарайы ус та дис кодта Хъазара æмæ Тамары цардыл. Уый тыххæй æмæ уыдонмæ ус æмæ лæджы ‘гъдæуттæй ницы уыди.

Иу æхсæв сын цыдæр бæрæг æхсæв уыди, æмæ хъæлдзæг æхсæв адæм хъæлдзæг ныхас фæкæнынц. Хъазарайæн йæ ус уатыл афтæ зæгъы: — Иунæг хуыцауы тыххæй, дæ устытæй кæй фылдæр уарзыс? — Дæу, æндæр кæй?

— Хуыцауы тыххæй, раст зæгъ, дин Иманы тыххæй.

— Уæллæй, Тамары фылдæр уарзын, уый хуызæн ус лæгæн ссарæн нæй.

Айта, ус дын загъд самадта, стæргай ис æмæ уаты къуымы уыджы бадт скодта. Лæг æм дзуры:

— Дæу фылдæр уарзын, рацу схуысс, — хъазы дзы.

Нæй, нæ хуыссы, загъд кæны…

Иннæ уаты æртæаздзыд лæппу Тамары цур хуыссыд, уымæ дæр базгъордта æмæ йæ æрбаскъæфта. Æхсæвбонмæ загъд фæкодта. Райсом дæр уый хуызæн. Сæ загъд сын Наиб дæр фехъуыста. Дыккаг æхсæв дæр загъд райста: «Ахæм усæн дын ссарæн нæй?» — хъæр кодта. Куы нæ уал уагъта Хъазарайы, уæд ын афтæ зæгъы:

— Нæй, нæй йын ссарæн ахæм усæн, уый тыххæй æмæ мæ хо у. — Куыд дæ хо у? Ныры онг дæ ус уыд, ныр та дæ хо фестад?! — Ныры онг дæр мæ хо уыди, ныр дæр, æмæ амæй фæстæмæ дæр мæ хо у.

Тамар дæр сæм æрбацыди иннæ уатæй сæ хъæрмæ æмæ райдыдтой усимæ дзурын суанг сæрæй: лекъ сæ куыд рахастой, куыд сæ ауæй кодтой, Тамар кæмыты уыд, уыдæттæ йын фæдзырдтой æмæ йæ баууæндын кодтой æмæ бафидыдтой. Æртыккаг бон Хъазарайы усы Наибы ус фарста: цæуыл хыл кодтой, куыд бафидыдтой, уыдæттæй.

Хъазарайы ус Наибы усæн Тамар æмæ Хъазарайы хо æмæ æфсымæрдзинады хабар радзырдта, Наибы ус та сæ йæ мойæн фæдзырдта. Наиб дæр дис фæкодта.

Диссаг хъуыддагыл адæм дис фæкæнынц. Айхъуысти дзыллæйыл Тамар æмæ Хъазарайы хабар. Кæй уырныдта, кæй нæ. Иу бон Наиб Тамар æмæ Хъазарамæ басидти æмæ сын афтæ зæгъы:

— Гормæттæ, цæуылнæ мын загътат, хо æмæ æфсымæр стут, уый. Сымах дыууæ æнæаипп бæлоны дзæнæты дуар хъазуатæй бакодтат. Æз та зæрондæй тæригьæды хъуыддагæй хицæн нæ уыдтæн. Хуыцау уæ фæлвæрдта æмæ къæдзæхæй фидардæр разындыстут. Хæйрæджы хызы тыхст уыдыстут æмæ нæ бакуымдтат хæйрæгæн сайын. О, æнæсæтгæ хох, о, фидардзинады къæдзæх! Цы уæ хъæуы мæнæй хæрзиуæг, зæгъут мын æй, абон мæ гуырæн бон у!

Тамар æмæ Хъазара Наибы раз дæлгоммæ æрхаудтой, æрзоныгуыл кодтой, зæххы онг ын бакуывтой æмæ загътой:

— Дæ уындæй хуыздæр хорз махæн дунейыл ницы ис, фæлæ ма нын фенын кæн иу хатт нæ ныййарджыты,—æмæ зæххыл дæлгоммæ æрхаудтой. Наиб сæм бавнæлдта, сыстын сæ кодта æмæ афтæ зæгъы:

—Домбайы хъæвдын хъæргæнгæ агуры йæ фыдыбæстæ. Сыххæст кæндзынæн уæ курындзинад, — æмæ сын арфæ ракодта.

Хорз лæгæн йæ кой нæ сæфы, йæ хъуыддæгтæ нæ мæлынц. Наиб йæхи дард балцмæ цæттæ кæнын райдыдта æмæ сын загъта, æмбалæн йемæ куыд ацæуой, афтæ. Хорз лæджы фæстæмæргътæ дæр тæхынц. Иууылдæр сразы сты æмæ иу бонмæ æмгъуыд скодтой.

Тамар æмæ Хъазарайæн лæвæрдтæ фæкодтой: хæзна, топпытæ, цæуаг бæхтæ, дарæсы хæрзтæ. Се ‘мгъуыды бонмæ сбадтысты дæс барæджимæ. Наибы ус сæ фæстæ кæугæ рацыд. Наибы дæр кæлмæрзæнæй йæ цæстысыгтæ асæрфта Хъазара Наибы усæн дзырд радта:

—Мæ фыды фендзынæн, кæд ма æгас уа, уæд, æмæ фæстæмæ Наибимæ раздæхдзынæн, — зæгъгæ, ууыл ын ард бахордта,

Умар æмæ Ахмæт дæр сæ фыды фæдыл куыдтой, фæлæ Наиб йæ бæхæн æртæ цæфы ныккодта æмæ дард фæндагыл араст сты. Раст цыппæрæм боны Ахмæты хæдзармæ бахæццæ сты Чысаны доны сæр æмæ хæдзары фæстæ хуымы фæзы æрхызтысты. Ахмæт фыццаг афтæ æнхъæлдта, цыма та тыхгæнджытæ сты, йæ топп йæ къухы, сæ размæ бацыд, фæлæ йын Хъазара хæццæиронау куы радзырдта, йæхи куы бацамыдта, Тамары йын куы базонын кодта, йæ чызг æмæ йæ лæппу кæй сты, уый йын куы; загъта, уæд фырцинæй скуыдта, сбогъ-богъ кодта æмæ сæ йæ хъæбысы ныккодта. Уый фæстæ Наибы къух райста æмæ йын йæ къухы уæлæрттæн ныпъатæ кодта, зæххы онг ын бакуывта, зыр-зыргæнгæ сыстад æмæ афтæ зæгъы:

— Бузныг дæ дæн, æлдæртты æлдар, мæнæн мæ зæнæг чи фенын кодта. Уый фæстæ бузныг дæн иунæг хуыцауæй, дæуæн ахæм хорздзинады зæрдæ чи скодта. Кад дæттын дæ райгуырæн бонæн, лæгъстæ кæнын дæ мæлæты сахатæн. Сомы дын кæнын уарзондзинадæй, ард дын хæрын æцæгдзинадæй, куыд ацы хорздзинад фенынмæ æнхъæлмæ нал кастæн.—Æмæ та йын йæ къухы уæлармæн ныпъатæ кодта.

Наиб дæр.æм йæ мидбылты худгæйæ касти. Уый фæстæ хæдзармæ бацыдысты æмæ æгъдауæй æрбадтысты.

Æхсæвы сын Ахмæт нæл фыс аргæвста. Æхсæвæр цæттæ кæнын райдыдтой. Фæлæ иу аххос уыди, æмæ Ахмæтмæ дзуринæгтæ бирæ уыди æмæ йын, куыд хъуыд, ахæм тæлмац нæ уыди — Хъазара æмæ Тамар иронау хорз нал зыдтой æмæ-иу кæд Ахмæт бирæ фæдзырдта, уæддæр Наибæн æрдæг дæр нæ фæрæзтой зæгъын. Фæлæ Наиб ахæм æвронг зонды хицау уыди æмæ Ахмæты ныхæстæ, хъуыдытæ дæр æмбæрста.

Теуайы уаргъ, загътой, афтæ ма ныккæла, æмæ дзы бæхы уаргъ ма равзæра. Ахмæт кæд уыцы хасты фæстæ фæцудыдта, фæмæгуыр, уæддæр та йæм фаг фæллой æрæмбырд, мæгуыр нал уыди. Æхсæвы сæ хорз федта—хæрд, нуæзт—минас фæкодтой æмæ схуыссыдысты. Ахмæт дæр йæ чызг æмæ йæ лæппуйы ‘хсæн хъæрмонæджы хуыст скодта, йæ цæнгтæ сын сæ нывæрзæн ауагъта æмæ сæ йæ хъæбысы аныуæрд-аныуæрд кодта, фырцинæй йæ цæстысыг цъæх бинаг нымæтыл, хуырызгъæлæгау, .калди. Райсом раджы фестадысты. Нæл фыс та сын аргæвстой. Уазджытæ дæр сыстадысты, сæхи цæхсадтой, хуыцаумæ бакуывтой, аходæн сцæттæ æмæ минас фæкодтой.

Хæстæг сыхаг хъæутæ дæр фехъуыстой Ахмæты уазджыты .хабар. Уыдон дæр сæ суазæг кодтой. Чи сæ йæхимæ ахуыдта, чи уырдæм хуынтæ хаста. Цыппар боны сæ нæ ауагътой.

Цыппæрæм бонмæ Наиб цæуын æрæмысыди. Ахмæт Наибæн æртæ æстдæсы аргъ хæзна топп ралæвар кодта, йе ‘мбæлттæн дæр ын фæлæвæрттæ кодтой—уæды рæстæджы æгъдаумæ гæсгæ — чи цухъхъа, чи куырæт, чи басылыхъхъ. Хорз сæ барæвдыдтой.

Бæлвырд, æцæг, загъта апостолминæвар: «Лæг ныууадздзæн йæ мад æмæ йæ фыды æмæ баиу уыдзæн йæ усимæ». Хъазара кæд йæ зæронд мад æмæ фыды федта, сæ уарзондзинадæй йæ зæрдæ срухс, сцин кодта, уæддæр æм йæ ус æмæ йæ зæнæджы уарзондзинад фæфылдæр æмæ æмбæрзæн æвæрдта йæ мад æмæ йæ фыды ‘хсæн æмæ афтæ зæгъы:

—Æз хуыцауы раз дзырд радтон Наибы усæн, мæ кæнгæ мадæн, фæстæмæ куыд æрцæудзынæн, зæгъгæ, ууыл ын ард бахордтон, ард фæсайын зын хъуыддаг у, — загъта, — фæлæ æгас куы уон, уæд дæуæй дæр хæс дарын, Наиб æмæ йæ усæй дæр. Хуыцауы куы фæнда, дард бæстæй хæстæг æскæндзыстæм, кæрæдзи алы аз дæр уындзыстæм,—æмæ йæ цæсты сыгтæ асæрфта.

Ахмæт дæр скуыдта æмæ афтæ зæгъы:

—Мæнгард лæг уæлæуыл дæр сæфт æмæ мæрдты дæр. Ма басæтт дæ ард, фæлæ мæн дæр ма ферох кæн, — загъта.

Кæрæдзийæн ныхъхъæбыстæ кодтой æмæ кæрæдзийыл скуыдтой. Наиб дæр йæ цæсты сыгтæ асæрфта. Кæрæдзи къухтæ райстой, фысымæн «хæрзбон» загътой æмæ дард фæндагыл араст сты. Тамар баззад йæ фыды хæдзары.

Раст цыппæрæм бон Дагъистанмæ ныххæццæ сты æмæ та алчидæр йæ царды æгъдаумæ гæсгæ цæрын райдыдта.

Хорз адæймаг адæмæн царды хос хæссы, йæ кой та мыггагмæ нæ сæфы. Тамар æмæ Хъазара Наибы руаджы хъуыддаг афтæ скодтой, æмæ фæсхох иры лекъ æппындæр нал хъыг дардтой, иу дзыллæ, иу адæмы хуызæн систы. Лекъ ирон адæмы ‘хсæн базар кæнын райдыдтой, цыллæ, зæлдаг уæймæ хастой. Фæсхохы ирон адæм дæр æдасæй сулæфыдысты. Наиб æмæ Хъазара алы аз дæр Ахмæт æмæ Тамармæ хуынды цыдысты, лæвæрттæ сын хастой, лечъы хуыздæр адæмты иримæ лымæн кодтой. Афтæ Ахмæт æмæ Тамар дæр Наибмæ хуынды цыдысты, ирон адæмы лечъимæ лымæн кодтой. Æмæ лекъæй иры ‘хсæн иу тых, иу лæбурд дæр нал цыд, уарзонæй цардысты.

Афонтæ цыдысты, рæстæг ивта. Гуырдзыстон Уырысимæ баиу сты. Фæлæ ма Кавказы хохы адæмтæ змæлыдысты. Уырысæн сæхи нæ лæвæрдтой. 1830 азы Абхадз хохы адæмты æрсабыр кодта, фæлæ ма Шамил хæцыд. Уыцы змæст рæстæджыты кæрæдзи нал федтой иукъорд азты. Ахмæт хæрззæронд баци, фезмæлынæн нал уыди, фæлæ Тамарæн Хъазарайы уындмæ бæллын йæ зæрдæ сыгъта, уырыдта. Иу æрæгвæззæг Тамар хуын сцæттæ кодта: хæрд, нуæзт, дарæстæ, хуынæн цы хъуыд — æппæт. йе ‘рвадæлтæй æртæ лæджимæ сбадт æмæ Дагъистанмæ Хъазара’ æмæ Наибы уынынмæ фæцыд. Фæлæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ Наиб цы хъæуы цард, уый æфсæдтæ басыгътой. Наиб æмæ Хъазара йæ фыртимæ хæсты мард фесты. Наибы ус йæ фыды хæдзармæ ацыд. Æрмæст ма Наибы хæдзары къултæ сыгъды сау æндæрг хастой. Тамар фæкуыдта, фæхъыг кодта, йе ‘фсымæры ингæн дæр нал федта æмæ кæугæ фæстæмæ йæ хæдзармæ æрцыд.

ХЪУДЫ ЦЫППУ

Кавказы хохы сынæджы хуссарварс, Арагуийы доны сæр Хъуды ком хуыссы, цыма йæ зæххыхъæд хицæнæй фидары тыххæй скодта: бæрзонд къæдзæх хæхтæ, зынбацæуæн лæгæттæ, нарæг бахизæн кæмттæ — фидар.цæстæнгас дæтты.

Раст Арагуийы доны сæр царди Хъуды Цыппу. Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæныны фæстæ, адæм куы ‘рсабыр сты, куы æрæнцадысты, уæд Калачы сæудæджертæ Макарæй фос ласын райдыдтой Арвы комы фæндагыл. Фæндаг Дзæуджыхъæуæй Калакмæ æртæ дихæй уæрст уыди. Дзæуджыхъæуæй чырæ Къобы онг быдыры ирон адæм ластой, Къобæй Косетмæ та хохы адæм, Косетæй Калакмæ—Гуырдзыстоны адæм.

Иу бон Цыппу Къобмæ чырæ ласынмæ ныццыди фондз æмбалимæ: Сугъар, Тотырадз, Цицо, Тайти æмæ Дударимæ. Къобмæ куы ‘рцыдысты, уæд Цыппу хицауæй сгæллады чырæтæ райста, чырæты хицау Цыппуйы бафарста йæ ном æмæ йæ мыггагæй. Хицауæн Цыппу йæ цæрæн бæстæ раст равдыста, фæлæ йæ ном æмæ йæ мыггаг фæлывдæй загъта «Хафына Къæрныхов», уыцы номыл чырæты хицау накладной гæххæтт ныффыста, иу гæххæтт Цыппумæ радта, иу та йæхимæ баурæдта. Цыппу æмæ йе ‘мбæлттæ æхсæв уæрдонæй сгæллæдты чырæ раластой, чырæты сæ .хæдзæрттæм сæхицæн нылластой æмæ сæ бавæрдтой.

Бонтæ ивгъуыдтой, рæстæг хатти, чырæты хицау Калачы йæ фос куы нæ райста, уæд хъуыддаг сдзырддаг кодта, хицæуттæ рафысс- бафысс байдыдтой, Хъуды комы Хафына Къæрныхов агуырдтой, фæлæ ахæм ном æмæ мыггаг Хъуды комы не ссардтой. Бирæ фæрафæрс-бафæрсы фæстæ хицæуттæ банцадысты æмæ сæудждæер дæр. Дыууæ азы фæстæ, хъуыддаг куы ферох, уæд Цыппу йе ‘мбæлттимæ сгæллæдтæй базар кæнын байдыдта алы хъæуы: Урстуалты, Дзимыры, Чысаны æдасæй сгæллæдтæ уæй кодтой. Уыцы рæстæджы Рубайты Биби Косеты стыр хицауæн сусæг дзырдхæссæг — комдзог уыд, хицау дæр æй рæвдыдта майдантæй йедтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхца дæр ын-иу авæрдта, æмæ-иу Биби рæстæй дæр æнæхъуаджы йе ‘мбæстон адæмыл комдзæуджытæ цыд.

Бибийы сгæллæдты мæтæй хуыссæг нал ахста, хъахъхъæдта Цыппуйы. Цыппу Чысаны сгæллæдтæ ауæй кодта æмæ фæстæмæ æрцыд. Биби уый куы базыдта, уæд Цыппуйы фæдыл ацыд Чысанмæ æмæ сгæллæдтæй дыууæ топпы балхæдта æмæ сæ Косеты хицаумæ ныххаста æмæ хицауæн загъта, уыцы сгæллæдтæ Цыппу фондз æмбалимæ кæй радавта, уый. Æцæджы тыххæй та йæм радта, кæй балхæдта, уыцы сгæллæдтæ. Косеты хицау сгæллæдтæ Калакмæ арвыста сæ хицаумæ, ацы сгæллæдтæ дæу сты, æви нæ, зæгъгæ, йæ бафарста. Сомихаг йе сгæллæдтæ базыдта æмæ Косеты хицаумæ ныффыста:

— Сгæллæдтæ мæн сты, зæгъгæ, æмæ хуыснæджыты куыд ссарой, афтæ.

Косеты хицау куыддæр уыцы гæххæтт райста Калачы сæудæджерæй, афтæ асаултæ барвыста æмæ Цыппуйы йæ фондз амбалимæ йæхимæ ныккæнын кодта. Хицау бирæ рафæрс-бафæрс, ракъах-бакъах фæкодта Цыппу æмæ йе ‘мбæлтты, фæлæ йын куы нæ басастысты, уæд сыл хъадамантæ сывæрын кодта æмæ сæ ахæстонмæ арвыста. Цыппу йе ‘мбæлттимæ Косеты ахæстоны цыппар мæйы фæбадт, цалынмæ йæ аххосы чингуытæ цæттæ кодтой, стæй йæ Калачы тæрхондонмæ арвыстой сæ аххосы чингуытимæ.

Иу бон ахæстоны дуары хъæр фæцыд æмæ.дуар фегом. Дæс салдаты æд топпытæ, сæ разæй схъæлфындз цъæхдзаст хицау ахæстоны смидæг æмæ афтæ зæгъы:

— Судмæ, судмæ, — сæ нæмттæ æмæ сын сæ мыггæгтæ анымадта. Цыппу æмæ йе фондз æмбалы салдæттæ сæ астæу стымбыл кодтой æмæ сæ иу стыр хæдзары смидæг кодтой.

Суд æгъдаумæ гæсгæ бадт. Ахæстытæн цъæх цинелтæ сæ уæлæ, зылынты бандоныл бадтысты. Суд бирæ тæрхон нæ фæкодта, уый тыххæй æмæ сæ зылыны чингуытæ Косеты хицауæй фидаргонд уыдысты.

Иу сахаты фæстæ суды хистæр расидт:

— Цыппу йе ‘мбæлттимæ сгæллады барджитæ радавта Къобы фæлывд номæй. Уый Косеты хицау æвдисæнтæй сбæрæг кодта æмæ æцæгдзинад у, уый тыххæй сæ бартæ ист æмæ мыггагмæ Сыбырмæ æрвыст уæнт, æмæ та сæ ахæстонмæ акодтой.

Æхсæвы мæйрухс æрттывтытæ калдта, йæ сыгъзæрин цæс тæй ахæстоны рудзынгæй мидæмæ худт. Ахæстытæ рудзынджы раз бамбырд сты æмæ арвы лæдæрдтæй сæхи рæвдыдтой. Чи зоны, загътой, нырæй фæстæмæ нæ бæстаг арвы зылд нал фендзыстæм. Цыппу йæ рихи аздыхта хъæбатыры бæрæгæн æмæ афтæ зæгъы:

— Сыбыры ныммæлыны бæсты нæ ирон бæстыл æруадзæм нæ мæлæт. Лæг иу бон райгуыры, иннæ бон амæлы æмæ æнцад мæстæй базарыд: «Сугъары дзыппы, дам, цъæхих æндон æмæ, дам, Нуазайы* (Цилканы станцы цур (автор).) скæнæм нæ лидзæн бон!»

Ахæстытæ Цыппуйы фæндыл сразы сты æмæ дзырд скодтой Цилканы станцы цур, хъæдмæ хæстæг хъæуы, ахæстытæн æхсæв æнцайæн бынат кæм уыд, уыцы ран сæ йе цæгъдгæ куыд ныккæной, йе куыд алидзой, ууыл кæрæдзийæн ард бахордтой æмæ схуыссыдысты.

Иу мæйы фæстæ Цыппу æмæ йе ‘мбæлтты Сыбырмæ ракодтой Арвыкомы фæндагыл, дыууадæс салдаты семæ хъахъхъæнæг. Раст Нуазайы хъæумæ куы схæццæ сты, ныр Цилканы станцæ чи хуыйны, уырдæм, уæд уым æхсæвиуат æрæнцадысты иу хæдзары.

Уыцы æхсæв раст Ломисы дзуары æхсæв уыд æмæ Цыппу иу сомæй арахъхъ балхæнын кодта, уæрыкк аргæвстой æмæ Ломисы дзуарæн скуывтой. Арахъхъæй сæхиуыл фæхæцыдысты, салдæттæн дзы баталас кодтой. Салдæттæ хорз куы срасыг сты, уæд къуырма кæфты хуыст скодтой, æрмæст ма ахæстыты уæлхъус иу салдат дзой-дзой кодта. Ахæстытæн сæ фæнд куыд уыд, афтæмæй æвиппайды фестадысты, æмæ къулы уæлæмæ хæрдæрдæм слыгъдысты, фондзæй аирвæзтысты, фæлæ æхсæзæм — Гайтийы рацахстой æмæ йын йæ къахы бынтæ ныллыгтæ кодтой.

Хъуыддаг афтæ уыд, æмæ, ахæстытæ куы алыгъдысты, уæд сæ цуры цы салдат лæууыд, уый иннæты фехъал кодта æмæ сæ асырдтой. Фондзæй иуæрдæм лыгъд фесты. Гайти иунæгæй фæхицæн æмæ йæ салдæттæ æрцахстой. Фондз абырæджы æхсæвбонмæ фæцыдысты æмæ боныцъæхæй Чысаны Монастеры хъæды бонасадæн бакодтой. Дыккаг æхсæв, раст æхсæвæр афон Цъорцъохы куырдмæ бацыдысты æмæ йын сæ хъадамантæ рафтауын кодтой. Цыппу йæ хъадаманыл нытту кодта æмæ афтæ зæгъы: —Абонæй фæстæмæ дæ лæджы къах макуыуал фенæд! Цъорцъохы куырд сæ хорз федта—хæрд, нуæзт, æхца дæр сын радта æмæ рацыдысты. Мудзухы æфцæгыл Хъуды коммæ æрхызтысты. Ныр ма сæ иу мæт уый уыд æмæ Гайтийы куыд байстаиккой, уый тыххæй хъуыды кодтой. Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны фæндаг Диделтыл уыд, Млеты тæссæрттæ конд нæма уыдысты. Цыппу алыбон дæр Къайсуартæм станцæмæ иу зæронд усы æрвыста бæрæггæнæг Гайтийы размæ, цæмæй йын базонын кæна Гайтийы æрбацыд. Иу къуырийы фæстæ зæронд ус абырджытæм дзырд бахаста: Ахсæв, дам, Гайти Къайсуарты уыдзæн æмæ йæ райсом ракæндзысты, зæгъгæ.

Абырджытæ сæхи сцæттæ кодтой æмæ Гордзылеты йæ разы бабадтысты.

Дыккаг бон хур скаст, хохæй-хохмæ тын анывæзта. Бæрзонд къæдзæхтæ, æвзистау, сæрттывтой, фæлæ ма уæддæр Хъуды комы рæбынтæ сау æндæрг хастой. Уалынмæ сын Гайтийы сæ разы æрбалæууын кодтой. Абырджытæ æвиппайд уæлвæндагæй æргæппытæ кодтой æмæ цæсты тъæбæрттæн Гайтийы Уартауы дæлбыл фæкодтой. Салдæттæ ма сæ фæстæ гæрæхтæ кодтой, фæлæ абырджытæ фидæртты хохы сæрмæ сфардæг сты æмæ уырдыгæй Гадзыгайы зарæг кодтой.

Абырджытæ Рубайты Бибийы марыныл бирæ фæзылдысты, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд. Хæдзарæй æддæмæ нал цыд, дуар æхгæдæй дардта, тыхæй бабырсæн æм нæ уыд, арт ыл куы бафтыдтаиккой, уæд æгас хъæу сыгъдысты æмæ сын тæригъæд кодтой, афтæмæй сын Биби бонæй-бонмæ æнæ мардæй баззад!

Царддæттæг сæрд аивгъуыдта, ацыд. Хæхтæ мит æрæхгæдта, ацæуæн фæндаг нал уыд. Уадтымыгъы æхситт, дымгæйы зызын кæмттæ араудта, бæстæ кæуын цæстæнгас лæвæрдта. Абырджытæ сæ хæдзæрттæм æрцыдысты. Ирон адæмы ‘хсæн дзырд уады бæхыл бады. Биби та Косеты хицаумæ дзырд ныххаста. Хъуды абырджытæ, дам, сæ хæдзæртты цæрынц, зæгъгæ. Раст Цыппурсы рæстæг уыд, æмæ Косеты хицау æфсæдтæ æрæмбырд кодта — Хадæй, Хиуæй. Уыдонмæ уырысы æфсæдтæ баиу сты. Хицауы фæнд афтæ уыд, æмæ абырджытæм æхсæв куыд ныббырстаиккой æмæ сæ æвиппайды куыд æрцахстаиккой, афтæ. Фæлæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ æфсæдтимæ Цыппуйы æфсымæргонд — Цъорцъохы куырд дæр уыд æмæ Цыппумæ барвыста, ахсæв дæм бырсдзысты, зæгъгæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, абырджытæ дæр хæстæмбæрц сæхи сцæттæ кодтой æмæ æфсæдты раз къуыбырыл, Такаты мусы æрбадтысты. Æхсæв мæйрухс уыд боны хуызæн. Миты хъæпæнтæ тыбар-тыбур кодтой. Раст æмбисæхсæв Такаты мусы раз фæхæрд кодтой. Абырджытæ мусы аргæрæнæй æфсæдтыл топп, их уарæгау, ныккалдтой æмæ дзы дыууæ уым аззад, иннæтæ фæлидзæг сты æмæ æндæр хъæуты æрæнцадысты, Цыппуйы æвронг зонд хъуыддаджы зындзинад равзæрста, æнæхæцгæ хос нал ис, уый, æмæ хæцæн фидар бацагуырдта.

Гордзылеты бын хъæуы сæр къæдзæх сынæджы раз—лæгæт. Лæгæтæн йæ алыварс айнæг, иу бацоны йедтæмæ йæм нæй. Лæгæты мидæг суадон. Абырджытæ лæгæтмæ фæндаг ныммарзтой æхсæвы, цæмæйдæриддæр мит арф уыди, цыдæриддæр сæм хъомвос уыди, лæгæтмæ сæ стардтой æмæ сæ аргæвстой, сæ мæрдтæй сын лæгæты раз хæцæн самадтой, цæвиттон, мит арф уыд æмæ дур къухы не ‘фтыд. Сæ бинонты — чысылæй, стырæй иууылдæр лæгæтмæ скодтой, хæринаг ссад фаг схастой æмæ Цыппу хæсты пълæнттæ æрæвæрдта.

Дыккаг бон æфсæдты хицау цæхгæр дзырд радта, хъазуат сæм бацагут, зæгъгæ, цасфæнды фæцæгъдæнт, уæддæр, æнæуый хос нæй, загъта. Æфсæдты хицауы уынаффæмæ гæсгæ дыккаг бон хъазуаты бацыдысты, фæлæ хъæуы афтид хæдзæртты йедтæмæ ничиуал уыд æмæ хъæуы æрæнцадысты.

Æртыккаг бон хæцын райдыдтой, æфсæдтæ лæгæтмæ бырстой. Топпы нæмыг ихуарæгау кодта. Лæгæты сæрмæ топпы фæздæг мигъ сбадти. Æфсæдтæй бирæ фæцагътой. Хæст бон изæрдалынгмæ нæ банцад. Изæрæй æфсæдтæ раздæхтысты.

Цыппурсæй донскъæфæнмæ топпæй фæхæцыдысты, фæсдонскъæфæны сæм сармадзантæ баластой æмæ хæст сæтынгдæр. Фыццаг æмыр нæмыгæй æхстой, цæмæй лæгæты раз хæцæн амад фехæлдтаиккой, фæлæ сын халын нæ бакуымдта, уый тыххæй æмæ галтæ, хъуццыты мæрдтæ кæрæдзийыл ныссалдысты æмæ сæ къæртт дæр нал хаудта. Уый фæстæ сæ халгæ нæмыгæй, фыдæлтæ хъумбара кæй хуыдтой, уымæй æхсын райдыдтой. Цæвиттон, лæгæты дуар бæрзонд уыд, æмæ хæцæн амады сæрты лæгæты хуылфмæ хаудта, сармадзаны нæмыг æмæ лæгæты хуылфы хæлд.

Зондджын.æфсæддон адæмæй сæдæ мин лæджы басæтдзæн. Цыппу хорз зыдта, уыцы рæстæджы сармадзаны нæмыг цæмæй хæлы, æмæ куыд арæзт у, уый æмæ лæгæты астæу дон смал кодта, æмæ-иу сармадзаны нæмыг лæгæты хуылфы къæдзæхыл куы сæмбæлд, уæд-иу малы смидæг æмæ-иу йæ фитил ахуыссыд. Цæвиттон, уыцы рæстæджы сармадзаны нæмыг фитилæй хæцгæ уыд, цалынмæ йæ фитил асыгъдаид, уалынмæ нæмыг нæ хæлди, æмæ доны руаджы сармадзаны нæмыг æнæхæлдæй зад. Нæмыджы хуылфæй та дæс æмæ æртиссæдз æхсты топпыхос истой æмæ уый руаджы топпыхос хъуаг нæ кодтой. Иухатт Цыппуйæн йæ къухты ‘хсæн сармадзаны нæмыг дæр ныггæрах кодта æмæ фехæлди, фæлæ йæхицæн дæр æмæ иннæтæй дæр никæмæн ницы кодта.

Цыппурсæй Тутыры дыццæгмæ лæгæтæй фæхæцыдысты, стæй лидзыны фæнд скодтой. Урс цикъæйæ æддаг дарæстæ бахуыдтой, урс миты хуызæн куыд уыдаиккой, афтæ, миты цæуæн къæлæттæ сбастой æмæ Тутыры дыццæг аехсæв алыгъдысты Къалодзæгатыл Хъелы рындзыты æддæмæ, боныцъæхæй Дзимыры Тогойты хъæуы балæууыдысты. Сæ бинонты, усæй, сывæллонæй лæгæты ныууагътой æмæ сæ дыккаг бон, æфсæдты хицау æркæнын кодта, æмæ сæ Калакмæ акодтой. Æртæ азы Калачы фесты, цалынмæ Цыппу бафидыдта, уалынмæ, стæй сæ рауагътой.

Тогойты хъæу карды комы хуызæн къæдзæх сынæгыл цæрынц фондз хæдзарæй, хъæуы астæу авд уæладзыджы мæсыг, ныр æй уырыс фехæлдтой, фæлæ уæддæр фидар цæстæнгас дæтты. Абырджытæ фыццаг Тогойтæй ракуырдтой, цæмæй сæ иу бон бауазæг кæной, уæд Тогойтæн сæхи расырдтой æмæ хъæуы æрцардысты. Бæгæны бахсыстой. Фос бирæ, кусæрттаг æмæ та Тогойты мæсыджы цæрын байдыдтой.

Бирæгъдзармæй цуанон сомæнхъæл. Чидæр та Косеты хицаумæ дзырд ныддавта: абырджытæ, дам, Тогойты мæсыджы бацыдысты. Арагуийы ‘рдыгæй та Косеты хицау ныццыд æфсæдтимæ. Чысаны ‘рдыгæй Ерыстаутæ æрбакодтой æфсæдтæ æмæ та хæст сси.

Нарон Гæуыс Цыппуйæн йе ‘рдхорд æфсымæргонд уыд. Иу бон Гæуыс æмæ Дзимыры сауджын æфсæдты хицауæн афтæ зæгъынц, абырджыты куы ‘рсайæм, уæд нын цы хæрзиуæг уыдзæни, зæгъгæ.

Хицау сын ныббаста хъуыры æфтаугæ сыгъзæрин майдантæ æмæ дæсгай тумантæ æхца..

Дыккаг бон сауджын æмæ Гæуыс Тогойтæм ссыдысты — абырджытæм æмæ сын хинæйдзаг былдау ныхæстæ райдыдтой.

Гæуыс загъта:

— Не ‘хсæн ард ис, Цыппу, æфсымæртæ стæм, баууæнд мыл æцæгдзинадæй, хицæуттæ дын бахатыр кодтой, цыдæриддæр æвзæр митæ фæкодтай, уыдон. Рацæут æмæ уæ бафидауын кæнæм. Æцæджы тыххæй та мын сауджын æвдисæн у. Сауджын дæр сын æцæгдзинады æууæнк лæвæрдта, йæ дзуар йæ къухы, афтæмæй. Зæронд цъиу зыгуымтæй сайын нæ комы. Цыппуйы фæлтæрд зонд тагъд бамбæрста уыдонæн сæ хин æмæ Гæуысæн афтæ зæгъы:

— Æри, уæдæ, ме ‘фсымæр, дæ хъама, дзуары угард ныккæнæм æцæджы тыххæй.

Гæуыс йæ хъама Цыппумæ радта. Хъама сæхи куы фæци, уæд æй рацахстой æмæ йæ цæджындзыл сбастой, сауджын йæхи былæй аппæрста æмæ дзодайыл аирвæзт, йæ сыдзы туг мизгæ дæлæ комы зæйнадыл абадт. Цыппу ма йæм фæстейæ хъæр кодта:

— Ма тæрс, сауджын, дæуæн ницы кæндзыстæм — динамонæг дæ. Фæлæ ма йæм чи хъуыста, фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ æфсадты ‘хсæн смидæг.

Гæуысы цæджындзыл бастæй иу къуыри фæдардтой, куы йæ æргæвдгæ кодтой, куы йын йæ цæстытæ къахтой, куы йæ мæсыджы сæрæй бæндæнæй уагътой æмæ-иу æй бонизæрмæ ауыгъдæй фæдардтой, ахæм митæ йын кодтой. Иу къуырийы фæстæ Гæуысы зыбыты бæгънæгæй, йæ мад æй куыд ныййардта, афтæмæй рауагътой æмæ йын Цыппу афтæ зæгъы:

— Цу, мæ хæдзар, мæлæт дын хатыр. Де ууæнк дæр бæгънæг æмæ дæхæдæг дæр.

Уалдзæг æрæввахс. Мит фæзæйнад. Æфсæдтæ алæрдыгæй тыхджын байдыдтой. Æхсæвæй-бонæй хæст нал хæлд. Мæсыджы фæрстæ топпы цæхæрæй пиллон уагътой. Алæрдыгæй сыл æртыхстысты. Раст куадзæны размæ майрæмæхсæвы фыдæхсæв скодта. Митæмхæццæ зæгъ уарыди. Цæгатфарсы тымыгъ унæргъыдта. Митæмхæццæ зæгъ уарын æфсæдтыл уылæнтæй калдта. Æфсæдтæ сфæлмæцыдысты æмæ алчи йæ цинелы бын ныттымбыл.

Раст æмбисæхсæв абырджытæ мæсыгæй рахызтысты, хуссæртты, зæйдзыдтыл дæлæмæ коммæ ныццыдысты, комы зæйвд бынты дон-дон фæстæмæ Хъуды æфцæгмæ ссыдысты æмæ фидæртты хохы дуры бын лæгæты æрæнцадысты. Хæринаджы тыххæй сæм уыд къæлуайы ссад, царв æмæ цæхдонын фыдтæ. Дыккаг бон, Тогойты мæсыгæй топпы хъæр куы нæ уал цыд, уæд æфсæдтæ хъæумæ бабырстой, фæлæ хъæуы ничиуал уыд афтид хæдзæртты йедтæмæ. Æфсæдтæ сын сæ фæд рацагур-бацагур фæкодтой æмæ куы ницы ссардтой, уæд фæйнæрдæм фæцыдысты.

Уалдзæг æрцыд. Зæхх сулæфыд. Хъæд сыфтæрæй сæхгæдта, бæстæ суæгъд ис. Абырджытæ Гуырдзыстонмæ афардæг сты. Раст Цхетайы мидæгæй хæзна байстой æмæ дзы бирæ æхца ахастой — урс æхцайæ цы фæрæзтой, уый, гæххæтт æхца та зонгæ нæ кодтой, æмæ дзы Цыппу иу гæххæтт нывы æфсон йæ къæртт дзыппы авæрдта. Гуырдзыстоны сын иу æлдар лымæн уыд æмæ уымæ куы бацыдысты, уæд æй уый базыдта гæххæтт æхцайы æмæ афтæ зæгъы:

— Адонæй цæуылнæ хастат, адон хуыздæр æхца сты! — æлдар сын бауайдзæф кодта, фæлæ ма цы хос уыд.

Калачы стыр хицаумæ дзырд бацыд, абырджытæ цы хæзна байстой, уый тыххæй æмæ карз дзырд радта, алы бæстыл, алы хицаумæ, æрцахсынæй-амарынæй сын иу амал куыд скæной, афтæ. Æддагон лæгæй сæ чи æрцахсын кæна, уымæн та хæрзиуджытæ ныббастой.

Зæронд цъиуы зыгуымæй чи ахсы. Цыппу куы базыдта, ацы бæстыл ын фæлæууæн нал ис, уæд Шамилмæ лидзын сфæнд кодта. Уыцы рæстæджы Шамил йæ тæккæ хæстыл уыд Уырысимæ, Дзарахы комы дæр фидыд нæма уыдысты уырысимæ.

Зондджын лæг хъуыддаг лыстæг луары. Цыппу Туаты Дзыбайы Дзарахмæ минæвар арвыста Хæмæтхъанатæм, цæмæй абырджыты бауæзæг кæной. Цæвиттон, Дзыба Хæмæтхъанаты хæрæфырт уыд. Хæмæтхъанатæ æмæ æгас Дзарах дæр сразы сты Хъуды абырджыты сæхимæ райсыныл. Туаты Дзыба Дзарахæй фæстæмæ бацыд æмæ Цыппуйæн загъта, Хæмæтхъанатæй цы фехъуыста, уый.

Раст æхсæвæрафоны абырджытæ Туаты Дзыбайæн арфæ ракодтой æмæ араст сты Хиуы комы дæлæмæ. Æхсæвбонмæ фæцыдысты, боныцъæхæй Ахгарайы хохы сæрæй Дзарахы коммæ акастысты. Хуры скастæй бæрзонд къæдзæхтæ, сыгъзæринау, æрттывтой. Дзарахы комы рæбынтæ сау æндæрг хастой. Терчы дон, хæрдгæ быдау, зылын-мылын Ирыстоны йæхи аивæзта. Хуры скаст ыл ранæй-рæтты хид авæрдта. Нæзы бæлæсты тæф комы нарæгæй ирдгæ уæлæмæ хаста æмæ лæджы зæрдæ рухс кодта. Цыппу ныуулæфыд æмæ афтæ зæгъы:

—Мæгуыр нæ бон, йæ райгуырæн бæсты уындæй чи нæ бафсæст, — æмæ æнцад æрбадт.

Йе ‘мбæлттæ дæр йæ цуры æрбадтысты. Бирæ фæбадтысты. Бæстыхъæдæй сæхи фæрæвдыдтой. Фæндаггон хæринæгтæй сæхи афсæстой æмæ та ацыдысты.

Раст уыцы бон Дзарахы Маты дзуарыбон уыд æмæ адæм дзуары уæлвæзы æрæмбырд сты. Фæсивæд бæхтыл хъазыдысты. Топпы фæздæг сæ сæрыл мигъ сбадт. Дзуаргæстæ адæмы фæдзæхстой. Адæм фæсабыр сты. Зæрæдтæ æрбадтысты. Хурскæсæны ирдгæ радымдта, фæздæг ахаста. Сау бæгæныйæ гаджидæуттæ кодтой.

Абырджытæ хъæды къохæй бæрæгбонмæ кастысты æмæ Цыппу афтæ зæгъы:

— Фæндæй хъуыддаг кæддæриддæр нæ фехæлдзæн. Уыдон нуæзтджын адæм сты. Мах сæм æмбырдæй куы ныццæуæм, уæд нæ тыхгæнæг фæхондзысты. Æз сæм иунæгæй ныццæуон. Мæхъæл уазæгуарзон сты. Сæхимæ мæ куы айсой, уæд сымахмæ дæр сæрвитдзынæн, — зæгъгæ. Цыппу йе ‘мбæлтты хъæды ныууагъта æмæ мæхъæлы æмбырдмæ ныццыд. Мæхъæл йæ размæ разгъордтой æмæ йæ хистæры бынаты сбадын кодтой, йæ разы йын уæздан фынг, цыбæл хæринæгтæ æрæвæрдтой. Уалынмæ иу чызг Гызæу, зæгъгæ, æрбакодтой, æвзагзонæг тæлмац æмæ тæлмацæй ныхас райдыдтой. Цыппу цас фæрæзта, мæхъæлæн сæ хабæрттæ радзырдта: сæ абырæгдзинад, сæ хæсты æмбисонд æмæ сын йе ‘мбæлтты дæр бацамыдта, мæхъæлы фæсивæд азгъордтой æмæ йын йе ‘мбæлтты дæр æрбакодтой. Фæцин сыл кодтой, хорз сæ федтой, чызджытимæ сæ фæкафын кодтой, бон баизæр æмæ уазджыты сæ фысыммæ Хæмæтхъанатæм хъазгæ æркодтой. Æхсæвы та сын Хæмæтхъанатæ гал аргæвстой. Адæм æрæмбырд сты, хорз лæвæрттæ сын фæкодтой. Дзарахы ма уыдон æрцыдмæ æхсæз мæхъæлон абырæджы уыд, уыдонимæ дæр балымæн сты æмæ хæтын райдыдтой. Иу хатт стыр Гуыданы фос—æртæ дзуджы ратардтой æмæ сæ æгас Дзарахæн байуæрстой.

Уалынмæ уырысы æфсæдтæ Дзарахы комы дымæгæй сау æндæрг бадардтой æмæ хæст сси. Комы дыууæ фарсæй топпы нæмыг, ихуарæгау, кодта. Дзарахы дон тугæмхæццæ сырх-сырхид уыди. Хæст бирæ нæ ахаста — мæхъæл фидауыны дзырд. радтой. Абырджытæ мæсыджы бацыдысты. Уырысы æфсæдтæ сæ алыварс æрæхгæдтой. Цыппу лидзыны фæнд скодта. Мæхъæлы абырджытæ загътой:

— Ацы мæсыг ханты ханæн нæ басаст, уырыс та йын цы кæндзысты? Уыцы æхсæв фыддуг скодта. Тæгъдызæй уарын фæйлауæнтæ хаста. Арв нæрыди, æрттывта.

Цыппу æмæ йе ‘мбæлттæ мæсыгæй рахызтысты. Сæ топпытæ сæ риуыл — бырын байдыдтой, æфсæдты астæу цеппы æхсæнты бырыдысты æмæ Маты хохмæ сфардæг сты. Лæгæты арт скодтой æмæ сæхи ссур кодтой. Дыккаг бон уырысы æфсæдтæ мæсыджы бын топпы хос ныккодтой æмæ йыл зынг бафтыдтой, сæхæдæг дард ацыдысты. Топпыхос схæцыд æмæ мæсыджы хæрдмæ фæхаста. Сау фæздæджы тымбыл, мигъау, абадт. Дымгæ радымдта, фæздæг ахаста æмæ разынди мæсыджы хуырдзæнд. йæ бынæй ма цыд мæхъæлы абырджыты уынæргъын, хъæрзын.

Цыппу æмæ йе ‘мбæлттæ Маты хохæй кастысты æмæ федтой, мæсыгыл цы æрцыд, уый. Æхсæвы хохы фесты. Дыккаг бон араст сты æмæ Хъулгъайы Бехоймæ бацыдысты. Æртæ боны Бехоймæ фесты, цыппæрæм бон Ахберд-Мæхæмæтмæ ныццыдысты. Ахберд-Мæхæмæт семæ сбадт æмæ сæ Шамилмæ бакодта.

Шамил — сæвджын цæхгæр лæг, стыр рихитæ, цæхгæр æлвыд зачъе, æрфгуыты астæу угард — æнкъард цæстæнгас лæвæрдта. Тахтины гауызы уæлæ бадт, бирæ хъуыдытæй цæсгом æнафоны фæлывд хуыз æвдыста. Хъамайы сæрыл стæдæджын къухтæй хъæбатыры хæст ныккодта. Абырджытæ йæ разы балæууыдысты, бакуывтой æмæ йын салам радтой. Самил дæр сын арфæ ракодта æмæ афтæ зæгъы:

— Хорз, — загъта, — мæ лæппутæ. Æз фехъуыстон, хохы адæм æмæ уырысы паддзах хæцынц, зæгъгæ, æмæ сымах тыххæй авд хуыцаубоны ламаз скодтон, ныр хуыцауы фæндæй цæрдзыстæм, — æмæ сæ рарвыста. Шамилы уынаффæйæ абырджытæн фатер радтой æмæ æрæнцадысты. Фæлæ сын хæринаг дæттæг нæ уыд æмæ æртæ боны æххормаг баззадысты. Цыппу сæ нæ уагъта Шамилмæ хъаст кæнын. «Гуыбыны хъаст, — загъта, — худинаг у».

Тотырадз—хæрз лæппу-лæг—афтæ зæгъы:

—Мæнæн гуыбыны хъаст худинаг нæу—лæппу дæн. Æмæ Шамилмæ бацыд æмæ загъта:

— Мах хæххон адæм — иуран бадын нæ уарзæм. Кæд искуы хæст ис, уæд нæ уырдæм арвит, æххормагæй та сырд дæр нæ цæры.

Шамил фæхудыны бæрæгæн йæ рихи фезмæлын кодта æмæ афтæ зæгъы: —Хорз, мæ хæдзар. Лæппуйæн гуыбыны хъаст худинаг нæу,—æмæ дзырд радта, хæдзарæн къусыдзаг царв æмæ къæлуайы ссад куыд æрхæссой, афтæ.

Цæсты тъæбæрттмæ абырджыты фатер царв æмæ къæлуайы ссадæй айдзаджы. Ахберд-Мæхæмæт дæр сын арфæ ракодта æмæ фæстæмæ раздæхти.

Æртæ боны фæстæ сæм Шамил басидт æмæ загъта:

—Ахсæв мæм тыхгæнджытæ цæудзæн æмæ мæ ныфс сымах стут. Цæут, æмæ уын кæм загътон, уым бабадут. Тыхгæнджыты разæй урс барæг цæудзæн, уый цæвут, иннæтæм ма бавналут, æмæ сын семæ лæг бафтыдта æмæ ацыдысты.

Иу сындзджын атагъайы нарæг фæндаджы фæйнæ фарс бабадтысты, æртæйæ иуæрдыгæй, æртæйæ иннæрдыгæй. Раст æмбисæхсæв æфсады разæй урс барæг æрхæццæ. Абырджыты гæрæхтæ ацыдысты æмæ урс барæг асхъиудта. Иннæ æфсад асæпп-сæпп кодтой, афардæг сты. Цыппу базгъордта æмæ барæджы рауын-бауын акодта æмæ дзы лæджы мард нæ уыд, æрмæст дзы федта дыууæ дамбацайы, худ æмæ нымæт. Дзауматæ рахастой æмæ рацыдысты.

Æртæ боны фæстæ та сæм Шамил басидт æмæ загъта:

— Цы бакодтат, мæ лæппутæ, исты фесгуыхтыстут? Цыппу раздæр бакъахдзæф кодта æмæ афтæ зæгъы:

—Æхсгæ хорз фæкодтам, фæлæ лæджы мард нæй, æрмæст нымæт, худ æмæ дыууæ дамбацайы йедтæмæ дзы мард нæ баззад æмæ уый тыххæй хъыг кæнæм, зæгъгæ.

Шамил йæ рихийы бын фæхудт æмæ афтæ зæгъы:

—Амардтат æй, амардтат, мæ лæппутæ!—нымæты топпы цæфтæ куы федта, уæд. Нымæт æмæ дамбаца Цыппуйæн радта, худ æмæ дамбаца та Сугъарæн. Арфæ сын ракодта æмæ рацыдысты.

Æртыккаг бон та сæм басидти Шамил æмæ урс бæхыл сбадт. — Урс цухъхъа, урс худ, урс сарыхъ, сугъахъ фистон кард йæ фарсыл тыбар- тыбур кодта. Йæ алыфарс абырджытæ, дыууæ наибы семæ æфсадты раз балæууыдысты æмæ сын Шамил арфæ ракодта æмæ афтæ зæгъы:

— Дæттын уæм лæгтæ. Сæ хъару равдисдзæн, цы сты, уый. Хæххон уæйгуытæй æхсæз. Уадзут сæ зæгъын.

Шамил хъæбатыр цæстæнгасæй æфсæдтыл азылд æмæ та сын арфæ ракодта. Абырджыты æфсæдтимæ ныууагъта æмæ фæстæмæ раздæхт. Абырджытæ æфсæдтимæ баиу сты, хæтын райдыдтой, сæ хъæбатырдзинад Цæцæны æмбисондæн баззад. Топпæй æрду нæ ивгъуыдтой, æхсæв бонау цыдысты. Хæсты быдыры знаджы нæмыгæй сæхи нæ хызтой.

Абырджытæ Шамилы æфсæдтимæ дыууæ азы фесты.

Иу хатт Терчы былæй рæгъау атардтой. Мигъбон уыд æмæ сæ рæстæг фæсайдта. Изæры æфсон рæгъаумæ æгæр раджы фæлæбурдтой. Ирæй, уырысæй фæдис фесты, хæст сси. Цыппу уариау бæхыл ратæх- батæх кодта. Фæдисонтимæ фæстæмæ хæцыд. Йе ‘мбæлттæ рæгъау тардтой. Йæ сæрыл мигъ сбадт топпы фæздæгæй. Æнæскъуыд æрвнæрæгау, йæ топпы хъæр нæ хицæн кодта. Æхсæв се ‘хсæн бацыд æмæ Цыппу фæдисон адæмы ‘хсæн фæци æмæ сын уырыссагау дзырдта, цæвут ‘сæ, зæгъгæ, цыма фæдисон адæмæй уыд. Иу ирон фæдисон лæгмæ топпыхос нал уыд æмæ хъазахъхъагæй куры. Цыппу хъазахъхъагыл топп ныццавта æмæ йын, иронау, афтæ зæгъы:

— Сис ын йæ топпыхос дæр æмæ йæ топп дæр —дæу сты, — йæхæдæг бæх æрцæлхъ ласта æмæ æхсæвы мæйдары аныгъуылд.

Афонтæ цыдысты. Рæстæг ивта. Хъазыбегаты Глаха Косеты зылды хицау сси. Уыцы рæстæджы Глахайы дзырдæн бæрзонд паддзахы раз бирæ кад уыд, Цыппуимæ та Глаха рагæй хæлар уыд æмæ абырджыты бафидауыны тыххæй зæрдиагæй зилын райдыдта. Слымæн кодта Терчы зылды хицауимæ дæр, базонын ын кодта абырджыты хабæрттæ. Дыууæ дæр зилын систой. Бирæ рафысс-бафысс, курынты фæстæ стыр хицæуттæй дзырд рацыд: «Хъуды абырджытæн се ‘взæр митæ—хатыр, сæ фыдыбæстæй — цух æмæ сæ Терчы зылды æрцæрын кæнут.

Хъазыбегаты Глаха Цыппумæ гæххæтт ныффыста афтæ: «Мæ уарзон фырт Цыппу! Æцæгдзинадæй дæм фыссын æмæ дын Хиуы Санибайæ æмæ Ломисы дзуарæй ард хæрын æмæ сомы кæнын, баууæнд мыл, Терчы зылды мæлар æмæ дæ æз бафидауын кодтам паддзахимæ. Бахатыр дын кодта де ‘взæр митæ иууылдæр. Æрмæст дæ фыдыбæстæй цух, æмæ дæ Терчы зылды кæм фæнды, уым æрцæр. Бафидауыны тыххæй та дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн Цымийы фæзы. Дудараты зæххыл раст зæрдæвæрæн бон». Гæххæтт гуырдзиаг æвзагæй фыст уыд æмæ йæ иу мæхъæлон Боратæй Темырыхъомæ радта æмæ йæ Цæцæны хæсты Цыппумæ арвыста. Мæхъæлон бирæ рацу-бацу нæ фæкодта, цыппæрæм бон раст Даргъийы хæсты Цыппуйыл сæмбæлд æмæ йæм гæххæтт радта æмае дзы бакаст.

Уалдзæг уыд æмæ хур тынгдæр судзын байдыдта. Адæм æнтæфæй хæхтæм лыгъдысты. Иу бон Цыппу Шамилæй ракуырдта æмæ загъта: —Дæ бæрзонддзинадæй курын, имам, æнтæфæй бафæлмæцыдыстæм æмæ нæ иучысыл Хъулгъайы хохмæ ауадз, зæгъгæ.

Шамилы дард хъуыдыгæнаг зонд æмæ фæлтæрд зæрдæ Цыппуйыл фæгуырысхо æмæ афтæ зæгъы:

— Æнхъæл дæн, мæ лæппутæ, сайын фæнд мыл кæнут!

Фæлæ Шамилæн Цыппу æцæгдзинады дзырд радта æмæ йыл баууæндыд. Уыцы рæстæджы Хъулгъайы æлдар Бехой Уырысимæ бафидыдта, Дзарахы мæхъæл дæр уырысимæ баиу сты. Абырджытæ æрмæст Бехоймæ æрцыдысты æмæ йын радзырдтой сæ фидауыны хабар. Бехой сæ хорз федта. Фæцин сыл кодта. Æхсæвы уым фесты.

Дыккаг бон раджы сбадтысты абырджытæ, Бехойы ссæдз барæджимæ рацыдысты. Глаха сын кæдæм сæмгъуыд кодта — Цымийы фæзмæ. Се ‘рцыдмæ æнхъæлмæ кастысты: Терчы зылды инæлар, Хъазыбегаты Глаха, фондзыссæдзы хъазахъхъ — конвой. Раст зæрдæвæрæн боны Цымийы фæзы баиу сты, иуæрдыгæй лæууыд дыууæ инæлары конвойимæ, иннæрдыгæй Бехой, мæхъæл æмæ абырджытимæ топпæлвæстæй. Глаха раздæр бакъахдзæфтæ кодта æмæ афтæ зæгъы:

— Цæуылнæ рацæуыс, Цыппу? Терчы зылды инæларæн салам радт. Цыппуйæн йæ топп йæ къухы æмæ афтæ зæгъы:

— Искуы ма бирæгъ фиййауимæ рæдæн дзырдтæй фидауы? Глаха бауад æмæ Цыппуйы сæрыл йæ худ акодта æмæ загъта:

— Абонæй фæстæмæ — мæ лæппу. Хиуы Саниба не ‘хсæн.

Абырджытæ бацыдысты. Бехой æмæ Глаха сæ разæй æмæ Терчы зылды инæларæн бакуывтой æмæ йын салам радтой. Иучысыл ныхæсты фæстæ файтоны сбадтысты. Абырджытæ бæхтыл сæ фæстæ, хъазахъхъ æмæ мæхъæлимæ Дзæуджыхъæумæ æрцыдысты.

Се ‘рцыдмæ инæлары хæдзары раз æнæхыгъд адæм æрæмбырд, ирæй, кæсæгæй, уырысæй зæххыл нал цыдысты æмæ æнхъæлмæ кастысты. Уалынмæ кæсæгæй сты æмæ инæлары хæдзары раз рæнхъ алæууыдысты. Дыууæ инæлары хæдзармæ бацыдысты. Абырджытæ мæхъæлы раз, Бехой сæ уæлийæ, рæнхъ лæууыдысты. Глаха уæладзыг балкъонæй радзырдта, инæлар уæм дзуры, зæгъгæ. Абырджытæ инæлары хæдзары дуармæ куы бахæццæ сты, уæд сын дуаргæс сæ топпытæ иста æмæ фæстæдæр ралæууыдысты æмæ Цыппу афтæ зæгъы:

—Æнхъæл дæн къæппæгмæ нæ æрсайдтой.

Уалынмæ та дыккаг хатт Глаха рауад æмæ та Цыппумæ дзуры: — Цæуылнæ рацæуыс, зæгъгæ, — инæлар дæм æнхъæлмæ кæсы. Цыппу та йын загъта:

— Дуаргæс нын нæ гæрзтæ исы æмæ дызæрдыг кæнæм, зæгъгæ. Глаха фæстæмæ разылд æмæ инæларæн загъта. Инæлар рауад æмæ дуаргæсмæ дзуры:

—Æдгæрзтæ сæ рауадз, зæгъгæ.

Æмæ уæд бацыдысты. Сæ топпытæ æрæвæрдтои æмæ та дыууæ инæларæн бакуывтой.

Терчы зылды инæлар сыстад æмæ загъта:

— Бирæ æвзæр митæ фæкодтат, номхуындæй сæ нæ дзурын, фæлæ цыдæриддæр æвзæр митæ фæкодтат, уыдон уын бахатыр кодта мæн æмæ Хъазыбеджы тыххæй иууылрæвдауæг паддзах. Æрмæст уæ фыдыбæстæй — цух, Терчы зылды уæ кæм фæнды, уым цæрут.

Цыппу равзæрста йæхицæн цæрæнбынат Туацъæйы—Æрыдонæй Къардоны астæу. Енесаты Мæхæмæт кæм цард, уыцы хъæуы. Хъазыбегаты Глаха семæ рацыд инæлары хæдзарæй æмæ бадзырдта Енесаты Мæхæмæтмæ æмæ йын загъта:

—Мæнæ дæ уазджытæ акæн æмæ куыд зоныс, афтæ сæ æрæнцайын кæн. Цыппу, Бехой æмæ йе ‘мбæлттæ арфæ ракодтой æмæ аздæхтысты. Цыппу æмæ йе ‘мбæлттæ Енесаты Мæхæмæты цур æрæнцадысты. Туацъæйæ Куыйанмæ алыгъдысты. Куыйанæй Дудар æмæ Тотырадз фæстæмæ Хъудмæ алыгъдысты. Гайти æмæ Цицо Куыйаны амардысты, Цыппу æмæ Сугъар Елхотмæ слыгъдысты æмæ уым амардысты. Рухсаг уæнт.

КЪАННÆГ НОВЕЛЛÆТÆ

ЛÆГ ÆВИ СЫРД

Уалдзыгон рæсугъд бон, хур арвы астæу тыбар-тыбур кодта, йæ хъарм тынтæ зæххыл æппæрста. Алы цæрæг удгоймаджы, мадау, рæвдыдта. Цъæх сгæлладау зæлдаджы хуызæн кæрдæг ирдгæ фæйлыдта. Зымты æхситт уасын айнæгæй айнæгмæ сау кæмтты хаста. Гæзæмæ дымгæ фаг улæфыд æмæ йын бæлæстæ фæлмæн хъырныдтой. Æврагъы дæргъдзинады мæргъты зарæг æнцад æнкъуыста. Цард алы къуыбырæй йæ мидбылты худт. Иудзырдæй, бæстæ бæрæгбон кодта.

Урс фосы дзугæн сæгъты къорд сæ разæй — Фидæртты хохыл схæлиу сты. Лæппу-лæг фиййау Ахмæт, нымæт йæ уæлæ, топп йæ хъæбысы къæдзæхы сынæгыл йæ фарсыл хуыссыд, кæрдæгджын хизæн, уымæл ривæддон, нард фосы дзугæй йæ зæрдæ рухс уыд.

Уалынмæ тигъæй сычъи сырдты къорд æрбазындысты, сæ цæу сæ разæй, сæгътæ йæ фæстæ, къæдзæхы сынæгыл амбырд сты. Кæмæн йæ сæныкк йемæ, чи та æнæ сæныкк. Цæу сæ разæй къуыбырыл лæууыд, æхситтытæ кодта. Хъæбатыры бæрæгæн йæ раззаг къахæй зæххы цъар цавта. Кæй зæгъын æй хъæуы, хуыцау рæсугъдæн кæй сфæлдыста, зæххыхъæд уæрæхæй кæй барæвдыдта, уыцы рæсугъд цæрджыты уынд æхсызгон кæмæн нæ уыдзæн, бирæ сæм фæкастæн.

Уалынмæ сæм мæ сæгътæ дæр сæввахс сты.

Сычъитæ æмбырдæй æрбазгъордтой æмæ сæгътимæ схæццæ сты. Æз æй нæ фæразын, куыд æй радзурон: уыдон хъæлдзæгад, уыдон циндзинад, æнусон хæстæг хицонтæ, лæджы æхсарæй чи фæхицæн ис. Бæрзонд æдзæрæг хæхтæ, æнæкæрон сау хъæдтæ сæрибар цардæн чи бацагуырдта, уыдон ныр сæ уарзон æфсымæртимæ баиу сты. Кæд дзургæ, ныхас нæ кодтой, уæддæр уарзондзинадæй кæрæдзийыл узæлыдысты, кæрæдзийы былтæ стæрдтой. Сæ фæстаг къæхтыл-иу фæлæууыдысты æмæ сæ сыкъатæй хъæбыстæ кодтой, æхсæрхуыз гæрæм стыр сычъи цæу къæдзæхы сынæгыл лæууыд æмæ бæрзæндты касти, æхситтытæ кодта, йæ уарзон æмбæлтты знагæй хъахъхъæдта, дæрдтыл фæлгæсыд.

— Ех, тæхуды, — загътон, — адæм дæр афтæ куы уарзиккой кæрæдзийы уынд, афтæ куы хъахъхъæнид тыхджын мæллæгы.

Уалынмæ фалейæ топпы гæрах фæцыд æмæ цæу асхъиудта, сау комы нарæджы зæйы сæр абадт. Сычъитæ дзыгуырæй тигъмæ сгæпп кодтой. Дыккаг гæрахæн дыккаг асхъиудта, фыццаджы фарсмæ зæйы сæр адаргъ, фаллаг къуылдымæй цуанон ныззарыд: «Радтай, æфсати, ноджыдæр та радт!» Хæлын худ йæ сæрыл, цъæх пæлæз, æрчъитæ, фæрдыгдзых хъримагæн йæ астæуыл хæцыд. Тигъыл фæцæуы. Туджджыны зæрдæ йæм бадардтон, туджджын мын фестад. «Ма сæ бахæрай, — загътон, — ма дын батайой, цы дæ хъыг дардтой? Цæмæн сæ амардтай? Хохы рындзытæ, кæрдæджы муртæ сын цы хæлæг кодтай?»

Чи ма дзы аирвæзт, уыцы сычъитæ цæгатфарсырдæм Сырхыты хохы сæрмæ слыгъдысты. Фос æрыздæхтон. Рындзыл та бадын. Сагъæссаг хъуыдытæ зæрдæмæ калын. Уалынмæ та Сырхыты хохæй топпы гæрæхтæ, æрвнæрæгау, кæмттæ сараудтой. Зораты Дзоццæ цагъды уæлдай уыцы сычъитæй æртæ рамардта. Фæхъыг та кодтон, ма уын бантысæд, мыггаг ма сæ куы. ныууадзат, уæд. Кæд сын хос нæ карстат, цæхх сын нæ дардтат, хохы бæрзæндты, цы хъыг уæ дарынц?

Хур дæр æрныгуылд. Фæстаг хатт ма йæ сыгъзæрин тынтæй хохы цыргъытæн салам авæрдта. Гæзæмæ дыдзы хур урссæр къæдзæхтæ æрттивын кодта. Фос æрыздæхтон, хъæумæ сæ æрбатардтон. Æхсæвбонмæ дæр нæ бафынæй дæн — уыцы сырдты цагъд мæ зæрдыл лæууыд. Цæй, ныр мын æй зæгъ, уыцы сырдтæй сырддæр кæцы у? Лæг æви сырдтæ?

ЗÆРВАТЫКК

Æгас цу, зæрватыкк,

Æлдар кæмæн нæй,

Дæу чи дары хъыг,

Фæкæнæд дæджи!

Уалдзыгон хъарм бон, хур арвы астæу тыбар-тыбур кодта, йæ хъарм тынтæ зæххыл æппæрста. Зæхх сулæфыд. Цæрджытæн царды хос цæттæ кодта. Алы удгоймаг, цæрæг базмæлыд: æнцад нал лæууыдысты мæргътæ, сырдтæ, фос; адæм сæхи куыстмæ сарæзтой æндонбырынкъ, иухъусыг гутон зæххы царм гæрзытæ уагъта. Алы зайæгхал, кæрдæг рухсмæ тындзыдта. Мæргътæ ахстæттæ кодтой, къогъоты, бындзыты сæ лæппынтæн хастой. Иудзырдæй, бæстæ змæлæг фестад.

Амонд куы нæ уаид, уæд ыл ном дæр нæ уаид. Амондджын лæджы цур алчидæр амонд ары, фыдбылызджын лæджы цур та — фыдбылыз. Иу мæгуыр, æнамонд зæрватыкк динамонæг лæджы хæдзары къулыл ахстон скодта æмæ дзы лæппынтæ рауагъта. Лæппынтæ тæхын нæма фæрæзтой, фæлæ сыл хъуынтæ фæхæцыд. Зæрватыкк боныцъæхæй тар изæрмæ æнцад нæ лæууыд, йæ лæппынтæн къогъотæ, бындзытæ хаста. Иудзырдæй, зæрватыкк дунеты амондджынтæй йæхи амондджындæр хуыдта æмæ афтæ зæрдиагæй йæ лæппынтæн уый тыххæй куыста.

Уалынмæ дзырд æрцыд, динамонджыты хистæр, дам, æрцæудзæн, зæгъгæ. Айдагъа, динамонæг цъил фестад. Уæды онг кувæндон рыгæй нал зынд, ныр æй афтæ ныссæрфта, ныссыгъдæг кодта æмæ ранæй-рæтты тыбар-тыбур кодта, фæлæ ма уæддæр йæ къуымтæй рыгтæ сау æндæрг хастой. Йæ хæдзар хæмпæлты астæу хæфсыты цады сымаг кодта, ныр уый дæр ныссæрфта, ныррæсугъд кодта. Йæ усы фæнадта æмæ тæргай лыгъд уыд йæ фыды хæдзары. Уый дæр æркодта. Иудзырдæй, уыцы сахат зæд фестад. Фæлæ адæймаджы зæрдæ цы тугыл арæзт уа, уый æндæр фестын кæнын йæ бон нæу. Динамонæг уыцы мæгуыр зæрватыччы ахстон дæр йæ хæдзары къулæй ракалдта æмæ йын йæ лæппынты хæдзары цур къанаумæ ныппæрста. Адæм дæр сызмæлыдысты, динамонджыты хистæры размæ сæхи цæттæ кодтой. Динамонæг бæгъæмсарæй ратæх-батæх кодта, цæмæй йæ хуыздæр æмæ дзæбæхдæрæй фена йæ хицау, уыцы сахат йæхи ууыл хъардта, адæмæн хуыздæр дзуапп, æгъдæуттæ амыдта. Фæлæ фысдзармы дæр бирæгъ бæрæг у.

Мæн та уыцы мæгуыр зæрватыччы лæппынты мæт уыдис æмæ æдзухдæр уыдонмæ кастæн. Зæрватыкк бонизæрмæ йæ лæппынты алыварс, цъилау, фæзылд. Куы-иу лæппынты цур балбæласыл абадт, æмæ та сæм-иу йæхи æрæппæрста, куы-иу арвы дæргъдзинады фырмæстæй æрбайсæфт æмæ та-иу цæстыны-къуылдмæ йæ лæппынты цур фестад.

Куы-иу ахстоны бынат хæдзары къулыл аныхæст, æмæ та-иу йæ лæппынтæм æртахт, стæй та-иу фæстæмæ æврагъы дæргъдзинады мæстæй катайтæгæнгæ аленчытæ кодта. Афтæмæй зæрватыккыл баталынг. Æхсæв-бонмæ уыцы зæрватыччимæ мæ зæрдæ фæдзырдта. Дыккаг бон раджы сыстадтæн, æнæуый дæр мæ раджы стын хъуыд, æмæ уыцы зæрватыччы лæппынтæм уынæг бацыдтæн. Федтон æмæ къанауы мидæг лæппынты уæлæ сæ мад зæрватыкк дæр амард.

Райсом хурыскасты адæм æрæмбырд сты кувæндоны раз, динамонæг дæр сæ астæу, æмæ динамонджыты хистæрмæ æнхъæлмæ кастысты. Уалынмæ æрбахæццæ динамонджыты хистæр æмæ адæмæн арфæ ракодта. Адæм дæр ын сæ сæрæй акуывтой æмæ йын арфæ ракодтой. Динамонæджимæ аныхæстæ кодта æмæ кувæндонмæ бацыдысты. Кувæндоны сыгъдæгдзинад йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ куыд æмбæлд, ахæм уайдзæф бакодта динамонæгæн. Уый фæстæ адæммæ раздæхт æмæ загъта:

— Уарзут кæрæдзийы. Кувут хуыцауæн. Уарзут мæгуырты æмæ сын уæ фæллойæ æххуыс кæнут. Ма хъыгдарут уæ гал, уæ бæхы, уæззау тыхкуыст сыл ма кæнут. Уарзут алы цæрæг удгоймаджы æмæ сын кад дæттут, — æмæ ноджы æндæр бирæ хорз ныхæстæ фæкодта, арфæ ракодта æмæ ацыд.

Уæд уыцы адæмæй уымæн афтæ ничи загъта, уæдæ дæ динамонæг мæгуыр зæрватыччы хæдзар цæмæн æрбайхæлдта, æд лæппынтæ йæ хæрзсæфт цæмæн æрбакодта, зæгъгæ. Уый зæгъын ничи бауæндыд цæстмæхъус адæмæй, тынгдæр мæхæдæг.

ФЫН

Уалдзыгон бон изæрмæ гутоны фæдыл афтæ ныффæлладтæн, æмæ фезмæлынхъом нал уыдтæн. Изæры лæппутæ касдонхъæрмхуыпп скодтой, фæлладæй дзы афтæ адджынæн бацымдтон, æмæ буар иууылдæр хид фестад. Лæппутæ æхсæвхизмæ галтæ .аскъæрдтой, æз мусонджы мидæг бæмбæджы хъæмпын,— мæ быны нымæт, мæ кæрц мæ уæлæ æркодтон, — афтæ бафынæй дæн, æмæ мæ цуры хох куы калдаид, уæддæр нал сæхъал уыдаин.

Фыны иу æнахуыр бæсты фестадтæн. Иууыл быдыр, цæст ыл не ‘ххæсти. Быдыры астæу карст айнæг къæдзæх — галуан. Галуанæн йае разы хæдзар, айнæгыл æмхæст, йæ дуар ме ‘рдæм.

Æз дойныйæ нал фæрæзтон. Мæ уд сцæйхаудта. Дон та быдыры æппындæр нæ уыд. Цон, загътон, уæртæ уыцы хæдзармæ, кæд сæм дон уаид, æмæ мын раттиккой. Дуар бакодтон æмæ бацыдтæн, фæлæ мæ бацыдыл фæсмон фæкодтон, мæ дойны цы фæци, уый нал базыдтон: хæдзары астæу стъолы фарсмæ иу лæг бадт, йæ цæсты къæлæттæ сасиры чъилы йас, йæ фындз даргъ гутоны гинонæй -къæдздæр, сау сыджыты хуызæн, хæйрæджы цæстæнгас лæвæрдта, йæ худыл стыр дамгъæтæй фыст уыд «Белиер», йæ цуры дыууадæсы бæрц лæгтæ, салдæтты лæуд кодтой. Белиеры чъылдыммæ, фæстейы, айнæджы — хуынкъ, лæг дзы бацыдаид æви нæ, ахæм рудзынг. Рудзынг æфсæйнагæй æхгæд. Рудзынгæй мæм бирæ адæм зынд, бындзыты хъæр кодтой, кæцондæр æвзагæй сæ хъæлæба цыд.

Белиер стъолыл цыдæр цъæх гæххæттытæ рафæлдах-бафæлдах кодта, æмæ-иу хаттæй-хатт гæххæттыты бакаст афтæ: «Иегула-дыгула, дзадæджын-дзыджыда, хъарахъуыстил, менталачъи, хæццу-мæццу, гæбыты- габо, рæнхъыл бега, авггæнæнтæ-чъыр-чъырæгтæ, донмыстытæ- сæлавыртæ, хохыл бады чысыл цъупп». Æмæ-иу гæххæтт, йæ разы чи лæууыд, уыдонæй иу лæгмæ авæрдта, уый-иу гæххæтт кæдæмдæр аскъæфта.

Мæн тынг фæндыди уыцы адæмы хабар бафæрсын, фæлæ . нæ уæндыдтæн. Размæ-иу бакъахдзæф кодтон, бафæрсон æй, зæгъгæ, фæлæ- иу мæ зæрдæ Белиеры тасæй аталынг, цæстытæ-иу атарытæ сты æмæ-иу фæстæмæ ралæууыдтæн. Афтæ иукъорд хæттыты бафæлвæрдтон. Иу хатт мæхи фæхъæбатыр кодтон, бафæрсон æй, зæгъгæ, хæстæгдæр бакъахдзæфтæ кодтон, фæлæ фыртасæй цы сдзырдтон, уый нал базыдтон. Мæ зæрдæ кæдæмдæр атахт, дуне мыл аталынг, марды хуызæн уадзыгæй баззадтæн.

Хуыцау зоны, цас фæдæн уадзыгæй. Куы ‘рчъицыдтон, уæд, уыцы галуаны цы адæм уыд, уыдоны ‘хсæн фестадтæн. Дис фæкодтон, ардæм кæцæй æрхаудтæн, зæгъгæ. Гъе дзы дуар куы нæй, гъе, фæрсаг, уæлейæ мæ æруагътаиккой, зæгъын, æмæ галуаны фæрстæ цъæх айнæг, тынг бæрзонд уыдысты æмæ йæм уæлейæ æруадзæн дæр нæ уыд.

Адæм цыдæр хъæлæба кодтой, кæрæдзийы дзырд не ‘мбæрстой, æз дæр сын се ‘взаг нæ зыдтон. Сæ уындæй зæрдæ рыст, фæлурс, марды хуызæн. Æз галуаны къуымы дурыл сбадтæн æмæ хъуыдытæ кодтон. Иу ирон лæг атæппæт адæмимæ куыд нæй, зæгъгæ, дзырдтон.

Уалынмæ иу лæг мæ цурмæ æрбацыд æмæ афтæ зæгъы:

— Ды та ам цы ми кæныс, кæцæй дæ хуыцау æрхаста? Æз уырдыг фестадтæн æмæ йын афтæ зæгъын:

— Нæ зонын. Мæ фыдбылыз мæ ардæм æркодта. Фæлæ, хуыцауы тыххæй, ацы адæм цы сты, ацы галуанмæ кæцæй æрцыдысты?

Уый ныууылæфыд æмæ афтæ зæгъы:

— Адон — цардагур адæм, царды фæндаг сæ ардæм æрхаста, æмæ сын ацæуæн ничердæмуал ис, цалынмæ арв снæра, мæлдзыджытæ сызмæлой, уалынмæ ам уыдзысты. Арв куы снæра, уæд мæлдзыджытæ сызмæлдзысты, галуан бадон уыдзæн, фæйнæрдæм акæлдзæн, ацы адæм суæгъд уыдзысты, царды фæндаг срухс уыдзæн æмæ мæрдтæ сæгас уыдзысты.

Ацы ныхæстæгæнгæ рудзынджы размæ бахæццæ стæм. Рудзынгæй мæм равнæлдта даргъ, стæгджын къух, йæ даргъ æнгуылдзтæй мын мæ астæуыл фæхæцыд æмæ мæ рудзынгæй фелвæста. Æз ницыуал базыдтон, бауадзыг та дæн.

Хуыцау зоны, цас фæдæн уадзыгæй. Куы ‘рчъицыдтон, уæд иу дзæбæх быдыры фестадтæн. Йæ тæккæ астæу стыр фурд цыди. Ранæй- рæтты иугай бæлæстæ кæрæдзимæ аууон лæвæрдтой. Фосы дзугтæ бæлæсты бынты ривæд кодтой. Миты хъæпæнау, урс æрттывтой. Гутонджынты зарæг дардмæ хъуыст, хуым кодтой, тындзыдтой.

Бæласы бынæй мæм, галуаны цы лæгимæ ныхас кодтон, уый сдзырдта:

— Рацу, хорз лæг, кæд минас кæныс.

Бацыдтæн æмæ йын салам радтон. йæ цуры мæ сбадын кодта. Уалынмæ гутонджынтæ æрæмбырд сты æмæ рæнхъ рабадтысты. Иу лæг сыстад æмæ ныхъхъæр кодта.

— Уæ, нæуæг царды къæбиц, цы и, цы нæ и, алцæппæт минас æркал нæ разы!

Бæласы бынæй зæрин фыр рацыд, йæ сыкъа йын сластой æмæ дзы алы минас скалд, сæ раз байдзаг и.

Фæминас кодтой, фæцæл кодтой, хæрд, нуæзт куы фесты, уæд та йын йæ сыкъа ныссагътой æмæ фыр бæласы бынмæ бафардæг. Адæм сыстадысты æмæ та хуым кæнын райдыдтой. Иуæрдæм хуым кодтой, иннæрдæм — таугæ. Иу хуым æвзæрди, иннæ — сыгхъæлæс, аннæ — кæрдиппæрд, кæрдынæн бæзгæ. Дис сыл фæкодтон.

Æз уыцы лæджы бафарстон: ацы адæм, галуаны кæй федтон, уыдон куы сты, уæд сæ чи рауагъта, ардæм кæцæй æрцыдысты, кæрæдзи дзырд куы нæ æмбæрстой, ныр иу æвзагæй куы дзурынц, уæд цы диссаг у?—загътон. Уый мын афтæ зæгъы:

—Арв снæрыди, мæлдзыджытæ сызмæлыдысты, галуан фехæлди, кæрæдзийы дзырд — ныхас базыдтой æмæ сæрибар царды быдыры хуым кæнынц. Зæхх къухы уонгæй баст æрцыд, уæлдай дзы нал ис. Цæрдтæ мæрдтæй хъауджыдæр нæй.

Уалынмæ хур аныгуылд æмæ уыцы лæг бæласы сæрæй ныхъхъæр кодта:

—Уаг уадзын афон у, суадзут кусæг фос, тæригъæд сты. Фидиуæджы хъæрæй фехъал дæн, ракастæн æмæ сбон и. Лæппутæ гутон ифтыгътой.

Бæргæ ма мæ фæндыди, дзæнæтон быдыры кусджытæм кæсын мæ фыны мидæг. Фæлæ галтæ сифтыгътой æмæ та иухъусыг гутон сым-сымгæнгæ зæххæй белтъыта? фæйлауын систа.

ФÆРАНК, БИРÆГЪ, СЫРДТÆ ÆМÆ ФОС

Фосæн, дам, мæ хицау скæн, бирæгъ загъта фæранкæн. Фæранк хъуыста адæмæй бирæгъы фыдгой æмæ æрæджиау, адæм афтæ куыд нæ загътаиккой, фæранк раст хъуыддаг нæ бакодта, зæгъгæ, бирæгъы фосæн хицау кæй скодта уымæй, уый тыххæй фæранк сырдтæм хонæг арвыста, цæмæй æрæмбырд уой фæранкмæ æмæ сæ бафæрса бирæгъы тыххæй.

Сырдтæ æрæмбырд сты фæранкмæ. Фæранк сæ бафарста, бирæгъ куыд цæры, цы ми кæны, зæгъгæ, фæлæ сырдтæй иу дæр бирæгъы фыдгой не скодта æмæ фæранк бирæгъы фосæн хицау скодта.

Цымæ уæд фос та цы загътой? Уынаффæйы хъуамæ уыдон дæр уыдаиккой.

Замана уый уыд, замана, æмæ дзы нæ уыдысты, ферох сæ кодтой. Афтæмæй фæрсын та уыдонæй хуыздæр никæй хъуыд.

СЫРДТЫ ПАРЛАМЕНТ

(Уынаффæгæнæг парламент)

Стырæй, чысылæй иууылдæр сырдтæ хъораджын хохы æрæмбырд сты, хъæуыхицау равзарæм, зæгъгæ, загътой.

Зыгъарæг раздæр сырдтимæ йæхи фæлымæн кодта: домбайæн йæ къæхтæ астæрдта, арсæн йæ былтæ, бирæгъ æмæ лыстæг сырдтæн цыдæртæ адзырдта æмæ зыгъарæджы иууылдæр бауарзтой.

Хъæуыхицау æвзарынафон æрхæццæ, сырдтæ иууылдæр æмдзыхæй зыгъарæджы равзæрстой æмæ йæ хъæуыхицау скодтой. Уынаффæ райдыдта зыгъарæг, йæ хъуыддæгтæй иу къорд фæрæстмæ… Домбайæн стыр хай лæвæрдта, арсæн дæр афтæ, бирæгъ дæр хъуаг нæ зади, лыстæг сырдтыл та æввæрсгæ нал кодта. Хъуыр-хъуыр байдыдтой уæд лыстæг сырдтæ. Руварс загъта:

—Диссаг у, диссаг, нæ хъæуыхицау æнæ къæдзилæй цæй хъал ныцци, йæ сæр нæм дзурын дæр нал дары.

— Ау, æмæ йæ къæдзил кæм аскъуыд, уый нæ зоныс? — загъта сæлавыр.—Хъораджын бæрзондыл Сымайлиатæ къæппæг сарæзтой, раст тъæнджы мæйы зыгъарæгæн йæ къæдзил уым ныссалд.

Уалдзæджырдæм хуры тæвдæй их куы стæфсти, уæд зыгъарæгæн йæ къæдзил феуæгъд æмæ раирвæзт, фæлæ къæдзилæн йе ‘рдæг уым баззад, æвæццæгæн, уымæн нервæсон кæны, загъта.

— Баууæнд мыл, — загъта ноджы сæлавыр, — хур куы нæ уыдаид, абон дæр ма Сымайлиаты къæппæджы мидæг ауыгъдæй лæууид.

КУЫРТТАТАГ ФИЙЙÆУТТÆ

Раджы кæддæр Куырттаты фиййæуттæ схъал сты, уазал дзыкка нал хордтой, сау фысы æхсыр нал цымдтой. Иу хатт бирæгъ æрцахстой æмæ йæ удæгасæй бастыгътой. Бирæгъ Хъæриуы хохы сæрмæ ссыд æмæ уырдыгаей ниудта. Бон-иу хурæнтæфæй йæ буар ныххус æмæ-иу йæ хъæр кæмттæ араудта. Æртæ боны Хъæриуы сæрæй фæниудта, стæй æнтæфæй йæ буар ахус æмæ йæ уд систа.

Цыппæрæм бон фиййæуттыл фыдæхсæв скодта. Тæгъдызæй уарын ихæмхæццæ фæлдзæгъдæг хаста. Арв нæрыди, цæхæртæ калдта. Зæхх æнкъуыст. Хæхтæ рызтысты. Фос иуран нал лæууыдысты, уылæнтæ кодтой. Фиййæуттæ сæ фос лæгæтмæ аскъæрдтой æмæ лæгæты бацыдысты. Лæгæты дуарыл стыр айнæг хох къæй æрирвæзт æмæ фиййæуттыл лæгæты дуар сæхгæдта. Дыккаг бон сæм адæм фæдисы ацыдысты, фæлæ лæгæты дуар айнæг цасдæр къахтой, уыйас айнæг дæлдæрæй-дæлдæр цыд. Бирæ фæцархайдтой æмæ куы ницы фæрæзтой, уæд сæ ныууагътой, æрмæст ма лæгæтæй æддæмæ хъуыст фиййæутты хъарджытæ.

«О, мæгуыр нæ бон, о, мæгуыр нæ зæхх!

Сыхгæдта махыл æнусы къæдзæх!»

Иукъорд бонты сæ уынæр хъуыст, стæй бамыр сты, хох сæ аныхъуырдта.

Æнæгъдауæй бирæгъы дæр ма хъыгдар.

ЗОНДДЖЫН ÆДЫЛЫЙЫ ЗÆРДÆМÆ НÆ ЦÆУЫ

Рагон ирон зондджын лæг Сем Санибайы комы фæцæйцыд æмæ фæндагыл иу лæгыл амбæлди:

— Дæ фæндаг — раст! — загъта Сем. Уый йæм æрбаздæхт. — Ды Сем дæ, адæм зондджын кæй хонынц?

Æмæ, арфæйæн фæстæмæ дзуапп радтыны бæсты, Семы æлгъитын райдыдта.

Цæуынц иумæ. Сем хъусы. Иннæ йыл æнæрæнцайгæйæ, алывыд калы. Хъæумæ куы баввахс сты, уæд Сем æрлæууыд æмæ æлгъитæгæн загъта:

—Дæ хорзæхæй, цасдæриддæр мæ æлгъитинаг дæ, уыйас мæ ацы ран фелгъит, кæннод хъæумæ куы бахæццæ уæм, уæд дыл адæм фæхуддзысты. Нæ басæтдзынæ мæстыгæры сабырдзинадæй, хæрам лæджы — хорз кæнынæй, чъынды лæджы — рæдаудзинадæй, гæды лæджы — рæстдзинадæй.

БУРДЫМ ÆМÆ БУЛÆМÆРГЪ

Уастæрджитæ, уасхотæ, уастутыртæ æрæмбырд сты Уасы къуыппыл æмæ зарыдысты.

Бурдым æмæ сæм булæмæргъ дæр ахуырмæ бацыдысты. Бурдым бафынæй, хæмпæлы схуыссыд. Булæмæргъ сæм хъуыста, хæстæг сæм ссыд. Æхсæвбонмæ фæзарыдысты дауджытæ. Булæмæргъ сахуыр уыдоныл хорз зарджытæ.

Боныцъæхæй сугдзау хъæдмæ фæцæйцыд æмæ хæрæгыл фæхъæр кодта, гокыс, зæгъгæ. Бурдым хъæрæй фехъал æмæ ма æрмæст сугдзауы хъæр фехъуыста æмæ уый сахуыр. Куы нæ бафынæй уыдаид, уæд уый дæр, булæмæргъау, дауджыты зарджытæ базыдтаид.

Ныр бурдым гокысгокыс кæны, булæмæргъ — дауджыты зарджытæ зары.

ФИППАИНÆГТÆ

МÆ ФЫЦЦАГ НЫХАС. Мыхуыр цæуы авторы къухфыст-мæ гæсгæ, “К. ф.”, сыф 1. Йæ быны авторы къухæй фыст ис— “Гæдиаты Секъа”.

АРАГУИИЫ ÆЛДАР НУГЗАР. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “Ц. с.”— 10, сыф 71—86.

1. Арагуийы Ерыстау æлдар Нугзар—у æцæг историон дæсгом, æлдариуæг кодта ХУП-æм æнусы райдианы, йæ амæлæт ын хæссынц 1618 азмæ. Историон æрмæджытæ куыд амо-нынц, афтæмæй Нугзар уыд Уанаты хъæуы (Хуссар Ирыстоны, абоны Цхинвалы районы) цæрæг Сидæмонты мыггагæй, ирон. Ныр дæр сæ мыггаджы фæдонтæ цæрынц уым. Райдианы уал Сидæмонтæ сæхи бакодтой Уанат æмæ йæ алфæмблай бæетæ” стæй та æгас Арагуийы ком дæр (Фæскавказы археологион къамисы Акттæ, т. 1. ф. 265—266). Райстой Ерыстауы уæздар ном æмæ Арагуийы æлдæрттæ уыдысты суанг Х”У1-а°м æнусæй.

Сырдон фыдмитæ кæнынæй баззад йæ ном адæмы зæрдæйьг Арагуийы æлдар Нугзарæн.

2.Моурау—æлдары фæллойгæс, йæ зæххытæм, йæ хæдзар-мæ, йæ дæлбар адæммæ хъусдарæг.

3. Аргъонахъ — стыр æмæ тыхджын цуанон куыдзы мыггаг.

МАД ÆМÆ ФЫРТ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “К. Ф”., сыф 13—20. Ис ын вариант “Ц. с”. — 11-ы дæр, уым радзырд хуыйны “Марине æмæ Тугъан”.

Фыццаг варианты радзырды архайд æндæр хуызты ахицæн вæййы. Ам æй хæссæм:

“…Афтæмæй фиййæуттæ быдырмæ афардæгысты. Уыцы зымæг фыд аз скодта, фиййæуттæ сæ фосæн хъармдæр зæхх агуырд-той, дарддæр, дарддæр цæугæ æмæ Цоллахъы фырты зæхмæ ныххæццæ сты. Алазаны былыл hs рæбынауы уæтæр скодтой æмæ сæ фос хизын райдыдтой. Марине æмæ Тугъанмæ хорз нæ фæкаст се ‘лдары зæххыл кæй æрцардысты æмæ лидзыны фæнд скодтой. Фæлæ се ‘намондæн уайтагъд æлдар Цоллахъы фырт хизæггаг исынмæ æрцыди.

Тугъан фос хызта, арвыстой йæм æмæ фос æрбатардта. Æл-дар комкоммæ Тугъанмæ фæкаст, хъуынтæ йыл æрхæцыд æмае йæ кæд нæ базыдтаид, уæддæр æй уымæй базыдта, æмæ Тугъа-нæн йæ цæсты раз уадулыл сау æстъæлф уыд æмæ йæ уымæй ба-зыдта æмæ фиййауæн афтæ зæгъы:
— Ацы лæппу дын кæм уыд?

— Хохы сæ баххуырстон иу усимæ.

— Ракæн ма йæ, цавæр ус у?

Маринейы æлдары размæ ракодтой æмæ йын зæронд усы цы базонын хъуыд æмæ афтæ зæгъы:

— А… дзагъло, дзагъло* Дзагъло—ома, куыдэ (гуырдзиагау). Гадзайы мыггаг! Æз дын бацамон-дзынæн, лидзын æмæ æмбæхсын куыд хъæуы, уый. — Æмæ зæ-ронд усыл ехсæй æрлæууыд.

Тугъан уæтæры раз лæууыд æмæ йæ цæстытæ туджы разылдта. Иæ зæрдæ ссыгъди. Сæры магъз къултыл йæхи схоста. Топп фелвæста. Гæрах ацыди. Æлдары фæивгъуыдта, фæлæ асаулытæй иу асхъиудта. Тугъаны асаулытæ сæ разæй ахастой, гæрæхтæгæнгæ, Алазаны былтыл дæлæмæ. Иу нарæджы моурауи-мæ баиу сты, кæрæдзи риутыл топпытæ авæрдтой æмæ моурауæн йæ чъылдымæй фæздæг акалд, цъилау ныззылд æмæ зæххыл сæмбæлди. Моурауæн йæ топп фæдзæгъæл. Тугъаны топпы нæ-мыг моурауæн йæ чъылдымы стæгæй фæрсчытæ арæмыгъта.

Уалынмæ йæ иннæтæ æрæййæфтой. Тугъан Алазаны доньг балиуырдта, афтæ æнхъæлдта аленк кæндзынæн, фæлæ уæззау цæфтæ уыд æмæ йæ дон фæласта. Уæддæр сын удæгасæй йæхи нæ радта. Маринейы бæхы къæдзилыл ныббастой æмæ йæ æлдармæ сластой æмæ йæ кæркгæс скодтой æмæ та фыдæбонæй йа? бонтæ хордта. 1861 азы Уырысы паддзахæй дзырд рацыди, ца-гъарты ссæрибар кæнут, зæгъгæ. Уæд Маринейы дæр рауагътой. Калачы иу йæхихуызæн зæронд мой скодта, цалдæр азы ма ацард, стæй амарди. Рухсаг уæнт!

САУДАРÆГ УС. Фыццаг хатт мыхуыры рацыд æур. “Чырыстон цард”-ы, 1913 аз, №№ 1, 2, 3. Ам мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “К. ф.”, сыф 2—11,

АИСÆ. Фыццаг хатт мыхуыры рацыд газет “Ног цард”-ы, 1907 аз, май, 11, 13 бон. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ.

ЗÆЛДА. Фыццаг хатт мыхуыры рацыд газет “Ног цард”-Ыг 1907 аз, сентябрь, 27, 30 бон, октябрь, 4 бон. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ.

1. Апхазов.—Абхазов, уырысы паддзахы æфсады инæлар, 1830 азы лæууыд, Цæгат Ирыстонмæ цы ‘фсæдтон-æфхæрæг экс-педици арæзт æрцыд, уый сæргъ. Æгьатыр, фыдмитæ кæнынæй баззад йæ ном.
2. Секъа йæ уацмысы персонаæ Мисталайæн цы ныхæстæ зæгъын кæны, тæтæры цагъарæй нæ фыдæлты фервæзыны хабары тыххæй, уымæн, æцæгæй дæр историйы ссарæн ис аналоги:
зæгъæм, 1741 азы,. Имам-Кули-ханы сæргълæудæй Персы æфсад æрбабырстой Чысан, Ломис æмæ Леуахигоммæ, пырх кодтой алцы, сæ разы дур-дурыл нæ уагътой. “Хохы ирæттæ уыдысты æнæсæттон, сайдæй сыл рацыдис (Шанше—Æ X.), уый куы ба-зыдтой, уæд иу нарæг комы сæ разы бабадтысты, сæхи сыл ныц-цавтой æмæ хъызылбаштæ
(сырххудджынтæ, сæ сæртæ уыдысты’ сырх хæцъилæй баст, — Æ. X.) лидзæг фесты. Æрцахстой ханы, амардтой Мухранбатъонишвили Папунайы æмæ скуынæг код-той хъызылбашты”. (Вахуштъи. 93).

(Ист у Гвритьишвили Д. чиныгæй — “Из исторрии социальных отношений позднефеодальной Грузии”, Тбил. университет, 1961, ф. 177). АЗАУ. Радзырдæн ис дыууæ варианты: æххæстдæр—фыц-цаг æмæ цыбырдæр — дыккаг. Фыццаг вариант мыхуыр кæньиг райдыдта æур. “Зонд”, (1907 аз, №№ 1, 2,). Уый фæстæ æурнал сæхгæдтой æмæ радзырдæн нал бантыст кæронмæ ныммыхуыр кæнын.

Фæстæдæр фæзынд дыккаг вариант. Куыд зæгъынц, афтæмæй иу заман радзырды фыццаг вариант фесæфт, æвæвдæгæн, “Зонд”-ы редакци куы сæхгæдтой, уæд, æмæ авторы бахъуыд уый ногæй ныффыссын. Уыцы вариант, цыбырдæр чи у, ис авто-ры къухфыстытимæ “Куырм
фæндырдзæгъдæджы”. Фыццаг хатт мыхуыр æрцыд альманах “Малусæджы”, 1922 азы. Уæдæй фæстæмæ рацыд къорд хæттыты, хаст у скъолаты ахуыргæнæн чин-гуытæм. Фæлæ уæдмæ разынд фыццаг—æххæстдæр вариант дæр. Хъавгæ дамгъæтæй, кæйдæр къухæй фыстæй, сыгъдæг сы-фыл ис ЦИЗИИ-йы Секъайы архивы дæлсæримæ — (“Уарзон-дзинады таурæгъ, æмбисонд”). Æнæххæст бæрæггæнæнтæм гæсгæ, у фыссæгæн йæ фырт Петры къухæй фыст. Уый фæстæ йæ Секъа бакаст æмæ йæм бахаста
барасткæнинæгтæ. Радзырды кæрон йæхи къухæй бафыста, текст бафидар кæныны тыххæй;

“Гæдйаты Секъа”. (Фонд № 3—8, къухф. № 8).

Фыццаг вариант, уырыссагау, Гæдиаты Цомахъьг тæлмацæй рацыд æур. “Æизнь для всех”, зæгъгæ, уым, Петербург, 1914 аз.

Радзырды фыццаг — æххæстдæр вариант ам, иронау, мыхуыр цæуы фыццаг хатт, уæлдæр банысангонд къухфыстмæ гæсгæ.

ДЫСА. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “К. ф.”, сыф 55—60.
1. Гызири — æлдары фæсдзæуин, йæ бардзырдтæ æххæст-гæнæг.
САФИАТ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “К. ф.”, сыф 30—33.
САДУЛЛÆ ÆМÆ МАНИДЗÆ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, ф. 6, Сфыст № 1, хъуыд. 19. Ис “К. ф.” дагр, уым хуыйны “Бабале”.
Секъайы лæппу Петры хорз чи зыдта, уыдон зæгъынц, зæгъ-гæ, дам-иу уый дзырдта, радзырд “Садуллæ æмæ Манидзае”-йы автор йæхи автобиографион æрмæгæй кæй спайда кодта, уый тыххæй. Уый нæ зæрдыл даргæйæ, æцæгдæр, ацы уацмыс Секъа-йы автобиографион поэмæ “Иунæгимæ куы æрæмных кæнæм, уæд сæ фендзыстæм къорд æнгæсдзинады, суанг хæрз чысыл деталты онг дæр.

1. Фаты бæх—чындзхæсджытæй чызджы фыды хæдзары уæлкъæсæр йæ фат раздæр чи ныссагътаид, уымæн-иу лæвæрд уыд фаты бæх, фæлæ йæ ныры дуджы ферох кодтой. Фат æмæ æрдын дæр нал сты (автор).

ХО ÆМÆ ÆФСЫМÆР. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “К. ф.”, сыф 22—27. Ис “Ц. с.”— 11-ы дæр, уым Хъа-зара хуыйны — Хъараман, Хъазара та- уыд Хъараманæн йæ фы-ды ‘фсымæры лæппу æмæ кæрæдзи амардтой Гомборы (Къахе-ты æфцæгыл Иры ‘фсад æмæ Лекъы хæсты рæстæджы.

ХЪУДЫ ЦЫППУ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “К. ф.”, сыф 35—47.

КЪАННÆГ НОВЕЛЛÆТÆ

ЛÆГ ÆВИ СЫРД. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, ис хицæн сыфыл, фонд 6, сфыст 1, Хъуыд. 17, сыф 12—13.

ЗÆРВАТЫКК. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “К. ф.”, сыф 97—98.

ФЫН. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “К. ф.”, сыф 72—74.
ФÆРАНК, БИРÆГЪ, СЫРДТÆ ÆМÆ ФОС. Мыхуыр цæ-уы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “Ц, с”.—11. сыф 113—114.

СЫРДТЫ ПАРЛАМЕНТ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “К. Ф.”, сыф 106.

КУЫРТТАТАГ ФИИЙÆУТТÆ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “Фынтæ”, сыф 21—22.

ЗОНДДЖЫН ÆДЫЛЫИЫ ЗÆРДÆМÆ НÆ ЦÆУЫ. Фыццаг хатт мыхуыр уыд æур. “Æфсиры, 1912 аз, № 4, ф. 15. Ам мыхуыр цæуы уыцы текстмæ гæсгæ. БУРДЫМ ÆМÆ БУЛÆМÆРГЪ. Мыхуыр цæуы авторы къухфыстмæ гæсгæ, “К. ф.”, сыф 107.

*ГÆДИАТЫ СЕКЪА. Рауагъдад «Ирыстон». Цхинвал, 1979.