ГУЫТЪИАТЫ ХЪАЗЫБЕГ – РАЗНЫХАС

Ирон ныхас, ирон дзырды хæзнадоны Æрфæныфæдæй бæрæгдæр ысты Нарты кадджытæ – ирон адæмы номхæссæны епос Дзыхæй дзыхмæ, фæлтæрæй фæлтæрмæ цыдысты уыцы кадджытæ. Адæмы цард æмæ æнусмæйы тохæн уыдон æвæджиауы ‘вдисæн уыдысты кæддæриддæр æмæ стыр ныфс уагътой адæмы зæрдæты. Уый уымæн, æвæццæгæн, æмæ рагзамантæй суанг абоныбонмæ ныллæгдæр никуы кодта се стыр аивадон хъомыс. Царды цы стыр цаутæ ‘рцыди, цы бавзæрстой адæм хорзæй, фыдæй – æппæт уыцы хабæрттæ, кæм фæсномыгæй, кæм æргомæй фæкодтой сæ таурæгъты Иры куырыхон æмæ разагъды лæгтæ: Зыгъуытаты куырм Бибо, Беджызаты Леуан, Кертыбиты Кертыби, Хъалæгаты Иналдыхъо, Сланты Гаха, Туаты Зауырбег, Гуыриаты Хъæвдын æмæ Джусойты Кудза…

Цард ивгæ цыд. Ивта адæмæн йæ зондахаст, бирæ ног дзырдтæ бафтыд не взагыл, бирæ дзырдтæ ферох. Æвзаджы гæнæнтæ куы уæрæхдæр кодтой, куы къуындæгдæр. Фæлæ ирон æвзаджы – æнустæм – налхъуытау тæмæнтæ калдта нæртон зæгъгæ, ахæм дзырд. Нарты кадджытæн сæ кой дæр нæма уыд, уæдæй нырмæ йæ зонынц ирон адæм. Иу нысаниуæг ын уыди сæйраджы-сæйрагдæр уыцы дзырдæн, æмæ уыцы нысаниуæг у – лæг, лæгаулæг, æхсарджын, хъæбатыр. Нæртон, зæгъгæ – уый, йæ кары чи бацыд, æнцой чи нæ зоны йæ цардцæрæнбонты, ахæм лæгæй фæзæгъынц, хæсты быдыры чи расгуыхт æмæ царды стыр быцæуты иу æмæ дыууæ хатты чи нæ равдыста йе хсар, йæ лæджыхъæд… Нарт зæгъгæ, афтæ фæсномыгæй хуыдтой ирон адæм рагæй-æрæгмæ сæхи дæр.

Æнус æмæ ‘рдæгæй фылдæр цæуы, ирон адæм сæ фыдæлты таурæгътæ ‘мæ кадджытæ ‘мбырд кæнын куы байдыдтой, уæдæй нырмæ. Уыцы куыст уæлдай зæрдиагдæр æмæ æнувыддæрæй чи кодта, уыдон мысгæйæ фыццаджыдæр зæрдыл æрбалæууы Цорæты Елдзарыхъойы ном. Стыр куыст бакодтой уыйфæстæ Всеволод Миллер, Санаты Дзантемыр æмæ Гацыр, Тугъанты Махарбег, Æмбалты Цоцко, Гарданты Михал, Гуыриаты Гагуыдз, Тыбылты Алыксандр, Дзагуырты Гуыбады. Уæлдай ахсджиагдæр æмæ зынаргъдæр та сты ацы хъуыддаджы Беджызаты Чермен æмæ Дудары фæллæйттæ.

Бирæ фыстæрмæг баззад Ирыстоны архивты, газетты, чингуыты. Ис дзы, бæгуыдæр, йæ аивадон хуыз æмæ апп нывыл кæмæн у, ахæм фыстытæ. Фæлæ, раст куы зæгъæм, уæд иуыл хæрзхъæд æмæ бæллиццаг не сты сеппæт. Уыцы ‘рмæг лæмбынæг равзарын, бабæстонкæнын æмæ Нарты кадджытæй иу епикон уацмыс ыснывæндын æмæ самайын – уый бирæ азты фыдæбон уыд.

Фондз чиныгæй цæ уадзæм ныр. Уый ног хъуыддаг у. Ног уымæн, æмæ ирон епос афтæ ‘ххæст, æнæхъæн æмæ иугондæй никуыма рацыд нырыуонг. Ног уымæн, æмæ бынтон æндæрхуызон у й’ арæзт – ирон епос ам иу ыстыр нывæфтыд уацмыс у.

Фыццаг чиныгмæ сæйрагдæр бацыдысты Уæллаг Нарты кадджытæ. Дыггаг, æртыггаг æмæ цыппæрæм чиныджы ныхас цæуы фылдæр Астæуггаг æмæ Дæллаг Нартыл. Фæндзæм чиныджы сты, Æртæ Нартæн иумæйаг чи у, уыцы кадджытæ.

Фæндзæм чиныджы кæрон уыдзæн ыстыр иртасæн уац, мифологон нæмттæ ‘мæ географион бынæтты дзырдуат.

Рагон ныхæстæ ‘мæ зынæмбарæн дзырдтæ амынд цæуынц алы чиныгæн дæр йæ кæрон.

Нарты епос ирон адæмæн йе стыр хæзна у, йæ цардыфыст. Нæй нын ницы зынаргъдæр уыцы хæзнайæ.

* * *

Дзырдтой нæ буц фыдæлтæ раджы, мæнг дуне дам уыди фынæй, æмыр æмæ саудалынг. Стæй арвыл фæзынди мæйы зынг, стъалыты ‘рттывд, æмæ кæрæй-кæронмæ нывæндгæ рацыд Æрфæныфæд. Уыйфæстæ ссыгъди сæуæхсид, æмæ цъæх арвыл фæзынди хуры цалх. Стæй сæ рухсы ‘ндæрг фæрдыгау цæхæртæ ауагъта, æмæ арвæй фесхъиудта зынджыстъæлфæн. Æмæ куы ‘рхауди, уæд сау фæнык фестади зæххыл. Хуыцау ысфæлдыста уыцы æрвон арты сыгъдонæй Нарты.

Арвы цæссыгæй зæххыл сæвзæрди алцы ‘ппæт дæр: хæхтæ ‘мæ дон, бæлас æмæ дыргъ, кæрдæг æмæ хор. Фæзындысты сырдтæ.

Уалынджы хуры тæвдæй сулæфыд фурд, æмæ фæзындысты Донбеттыртæ.

Æмæ цын радта Хуыцау адæмæн зонд æмæ тых, амонд æмæ фыдбылыз.

Хъус-ма, ног фæлтæр, æз дын ракæнон Сырдоны фæндырæй нæ рагон фыдæлты æгъуыстаджы кадæг, æз дын фæдзурон сæ таурæгътæ.