ÆХЦАЙЫ ЧЫРЫН

Куыддæр фыццаг кæркуасæнтæ ахицæн сты, афтæ Сæйтт рауади хæдзарæй, йæ куырæты æгънæджытæ æвæргæйæ, æмæ кауы сæрты бахъæр кодта Уæсмæнмæ:

– Сыст уæлæмæ, мæрдфынæй бадæ æви цы?

Уæсмæны хуыссæнуат каумæ хæстæг уыди. Уайтагъд фехъал ис, йæ цæстытæ аууæрста æмæ рауади кæртмæ. Сæйтты дзурын кæй уыди, уый базыдта, фæлæ цæй тыххæй дзуры, ууыл дис кодта.

– Цы хъæр кæныс? Цы дыл æрцыди?

– Нæ фехъуыстай? Кадеттæ Дзæуджыхъæуы ныууагътой, хæхты сæрты фалæмæ фæхизынц. Коммунисттæ та иннæбонæй раздæр не ссæудзысты… Ифтындзгæ тагъд! Хъуамæ иннæтæй фæстæдæр ма баззайæм!

Уæсмæн ницыуал сдзырдта, фæлæ сарайы фæмидæг ис, бæхуæрдон цæттæ кæнынмæ.

Æрæджы, коммунисттæ куы фæлыгъдысты æмæ кадеттæ куы нæма схæццæ сты, уæддæр Уæсмæны ницы хай фæци æмæ уæдæй фæстæмæ бирæ маст уыди i8 зæрдæйы. Ныр хъуамæ баххæст кæна уæды хъуаг дæр… Акæс-ма, дæлæ сæгъыбоцъо Хъасболатмæ! Йæ цæрæнбонты галы йедтæмæ ницы радавта, ныр уый дæр ма йæ хæдзар алы дзаумайæ байдзаг кодта. Къæлæт-бандæттæ сласта 52, стъолтæ 18, ноджы ахæм айдæн, æмæ уаты фæрсмæ дæр нæ цыди, хæрдмæ дæр, – уæртæ сарайы къулыл æнцойгондæй лæууы… Æмæ фæныкгуыз Долæтмырзæ та? Фосимæ скъæты царди… Ныр æм акæс! Дзæуджыхъæуы кæрон кæйдæр хъæдын хæдзар райхæлдта æмæ йæ ам æрбалæууын кодта. Ханы цард кæны. Уымæй хуыздæр бæстыхай ам никæмæн ис. Уый æдде Ханджери. Даргъ-Къохы, бæхтæ давгæйæ, йæ худ æмæ йæ нымæт чи ныууагъта, уый дæр æрбалæууын кодта йæ хæдзары 150 путы лæхурæг мæнæу ссад… Дыууæ азы дæргъы йæ кусын нал бахъæудзæн… Нæй… хъуамæ Уæсмæн абон йæ хæдзары хъуæгтæ иууылдæр баххæст кæна. Кæннод исчи афтæ зæгъдзæн, æмæ йæ тæппуддзинады тыххæй æнæхай баззад…

Дæс минуты фæстæ Сæйтт æмæ Уæсмæны уæрдæттæ цæттæйæ ратулдзысты уынгмæ. Сæйтт иунæг уыди, фæлæ Уæсмæн йæ 18-аздзыд фырты дæр йемæ ракодта. Алырдыгæй æмызмæлд кодтой бæхджынтæ, уæрдонджынтæ æмæ фистæджытæ. Сеппæтæн дæр сæ арæзт уыди Дзæуджыхъæуырдæм.

– Фæсте нæ баззадыстæм, – сдзырдта Сæйтт, – фæлæ раззæгтимæ дæр не стæм.

Уæсмæн бахудт.

– Уыйас дæр ласын куы фæразиккам… Дзæуджыхъæу неппæты фаг дæр у, ма тæрс!

Цыма йæ туджы стылди, уыйау сырх-сырхидæй сцæйбырыди хур, йæ тынтæй Дзæуджыхъæуы хæдзæртты сæртæ алы æрттывд кодтой. Хурыскæсæнырдыгæй уынгты бацæуæн нал уыди уæрдæттæй, бæхджынтæй, фистæджытæй. Уый уыди цæуджытæн сæ сæр, сæ кæроныл та цæст нæ хæцыди, æвæццæгæн ма кæмтты æмæ цъассыты змæлыдысты фæстаг цæуджытæ. Сæйтт æмæ Уæсмæн сæхи сарæзтой базары уынгмæ, уым иу стыр хæдзармæ сæ зæрдæ æхсайдта – тынг дзаджджын æнхъæл ын уыдысты. Мæнæ йæм фæхæццæ кæнынц. Фæлæ уым сæ разы фегуырдысты дыууæ лæджы ифтыгъд топпытимæ, тæссармæ хъатаратимæ.

– Аздæхут æндæр уынгыл! Ацы хæдзар мах равзæрстам!

Акастысты размæ Уæсмæн æмæ Сæйтт – иу 10 уæрдоны лæууыди хæдзары раз. Лæппутæ, ас лæгтæ æмæ урсрихи зæрæдтæ хастой уæрдæттæм пъалтотæ, худтæ, айдæнтæ, чырынтæ, бандæттæ, агтæ, алгъацтæ, тæбæгътæ, уидгуытæ, тастæ, ведратæ æмæ æндæр ахæмтæ. Иу уæрдоны раз лæууыди саулагъз лæппын чызг. Йæ астæуыл æвзист рон, йæ риуыл æвзист æгънæджытæ, йæ галиу къухы дардта тымбыл айдæн, рахизæй та йæ сæрыл æвзæрста парижаг худ.

Уымæй чысыл æддæдæр æндæр чызг йæ иу къахыл скодта бæрзонд зæвæтджын батинкæ æмæ афтæмæй цæуын æвзæрста, фæлæ йæ иннæ къахыл сæрак дзабыр кæм уыди, уым-иу куы уæлæмæ хаудта, куы дæлæмæ. Йæ фарсмæ æртыккаг чызг йæ хæххон къабайыл æдде цыбыр юбкæ æрбабаста æмæ алырдыгæй йæхимæ æркæс-æркæс кæны.

– Ауадзут нæ иуфæрсты! Мах уæртæ æндæр уынгмæ цæуæм! – лæгъстæ кæнгæйæ, сдзырдта Уæсмæн.

– Кæд иуфæрсты цæут, уæд фæндараст! – загътой хъахъхъæнджытæ æмæ ног æрцæуджыты ауагътой дарддæр.

Проспектмæ сæ бирæ нал хъуыди, афтæ иу хæдзар сæ зæрдæмæ фæцыди – дыууæ уæладзыгон, рудзгуыты стыр æвгтæ æрттывтытæ калдтой. Йæ разы æндæр бардарæг ничи уыди, æмæ уæрдæттæ æрлæууыдысты йæ тæккæ раз. Лæппу уæрдæтты раз хъахъхъæнæг баззади. Уæсмæн æмæ Сæйтт та мидæмæ цæуыныл фесты. Æфсæйнаг кæрты дуар фидар æхгæд разынди, æнцонтæй асæттын нæ бакуымдтаид. Уæд Уæсмæн уæрдонæй фæрæт фелвæста æмæ парадон дуарыл къæртт кæныныл фæхæцыди. Дуар уайтагъд фæйнæрдæм схъистæ æмæ фæрчытæ ахаудта.

Иу адæймаг нæ разынди хæдзары, æвæццæгæн, цæрджытæ искæдæм фæлыгъдысты, искуы бафснайдтой сæ сæр ацы тас рæстæджы.

Дыууæ лæджы фæрæты руаджы байгом кодтой иннæ дуæрттæ дæр æмæ зилын байдыдтой хæдзары къуымты. Стъолтæ, бандæттæ æмæ афтид скъæппыты йедтæмæ хæдзары ницыуал уыди, æвæццæгæн, цæрджытæ иннæ дзауматæ иууылдæр семæ аластой. Иу къуымы ма дзы лæууыди æнахуыр цыдæр, – уый стъол дæр нæ уыди, скъап дæр нæ, чырын дæр нæ. Дисгæнгæйæ, ракæс-бакæс кодтой уыцы дзауматæм Сæйтт æмæ Уæсмæн. – Мæнæ цы уæззау у! – сдзырдта Сæйтт, æнахуыр чырыныл схæцгæйæ. Уæсмæн дæр ыл авзæрста æмæ йæ зæрдæ фехсайдта: “Кæд, мыййаг, æхцайы чырын у”.

– Къæдзтæ-мæдзтæ, ницæйаг дзаума у, – загъта Уæсмæн, – фæлæ йæ æз сарайы сæвæрдзынæн. Лæууæд уым!

– Бæзгæ ницæмæн кæны, – загъта Сæйтт, – фæлæ мæ хæдзары тыргъы сфидаудзæн!

Дыууæ лæджы “чырыны” алыфарс зилын байдыдтой, сгарынц æй, схæцынц ыл, дис кæнынц, цæлхытæ та цæмæн ис йæ къæхтыл!

“Ай у бæлвырд æхцайы чырын, – хъуыды кодта Сæйтт, – хъуамæ йæ мæхи бакæнон”, – цыма чырынмæ æппындæр йæ зæрдæ нал æхсайдта, уыйау ацыди иуварс æмæ æндæр дзауматæ уыны, хатæны астæумæ сæ хæссы. – Ацы æнæхъуаджы стъол ласынæй пайда нæй! – загъта Уæсмæн дæр æмæ æндæр дзауматæ агурыныл фæци.

Уыцы ныхас ын ацахста Сæйтт æмæ загъта:

– Чи зоны, мæнæн тыргъы æвæрынæн сбæздзæн!

– Уæззау у ласынæн, – загъта Уæсмæн дæр, – уый йедтæмæ мæнæн сарайы æвæрынæн сбæззид, исты дзауматæ йын йæ уæлæ самаин! Чи зоны, ацы дзаумамæ куы нæ фæкомкоммæ уыдаиккой дыууæ лæджы, уæд æндæр ранмæ ацыдаиккой, цы сты стъолтæ æмæ скъаппытæ! – Уыдон агуырдтой æхца æмæ исты зынаргъ дзауматæ.

Ныр сæм ардыгæй ацæуыны фæнд нал ис.

Бирæ рафæлив-бафæлив фæкодтой кæрæдзи дыууæ лæджы, æппынфæстаг бамбæрстой, сæ дыууæмæ дæр иу хъуыды кæй ис æмæ та иумæ афоныл æнахуыр стъолы фæйнæ фарс æрлæууыдысты.

Кæсынц кæрæдзимæ.

– Мауал фæстиат кæнæм, аласæм æй! – загъта Уæсмæн.

– Аласæм æй! Иннæ дзауматæ нæ ницæмæн хъæуынц!

Дзурын сæ нæ хъуыди кæрæдзийæн, цæй тыххæй ласынц ацы стъол иннæ дзаумæтты раз; æмхуызон æмбæрстой хъуыддаг сæ дыууæ дæр, цы ма йыл дзырдтаиккой!

х х х

– Цæмæн афтидæй цæуыс, æппын ницæуыл фæхæст дæ? – фарстой Сæйтты фæндагыл æмбæлджытæ.

– Мæ бæхыл цыдæр фыдбылыз æрцыди æмæ ма афтидæй дæр фæстæмæ куы схæццæ уаид! – афтæ дзуапп лæвæрдта Сæйтт.

Цæуынц дыууæ уæрдоны фæдыл-фæдыл. Стъол æвæрд уыди Уæсмæны уæрдоны. Уæрдон куы æргуыпп кæны, уæд стъолы хуылфæй цавæрдæр зæланг фехъуысы. Уыцы зæлангмæ Уæсмæны зæрдæ фырцинæй тынгдæр сриуыгъдтытæ кæны. Фехъуыста кæддæр Уæсмæн, ис дам, ахæм æхцайы чырынтæ, æмæ сæ исчи куы гом кæны, уæд фæдис ныццæгъдынц. Ацы чырынæн дæр æнæ ахæм хос нæй, – цин кодта хинымæры Уæсмæн. Ныр йæ кæрты алыфарс дурын быру самайдзæн. Йæ хæдзар зестæй бамбæрздзæн, цъæх ахорæнæй йæ сахордзæн, æмæ йæм æгас хъæу, хæлæг кæнгæйæ, кæсдзысты. Сараздзæн йæхицæн сыгъзæрин хъама, бæрцытæ æмæ рон, йæ бæхы дзауматæ иууылдæр æвзистæй сæрттивын кæндзæн æмæ… кæсыс? Дæлæ та Уæсмæн йæ сираг бæхыл Дзæуджыхъæумæ асхуыста. Бирæ, ноджы бирæ цыдæртæ бакæндзæн Уæсмæн.

Сæйтт бады фæстаг уæрдоны, йæ каст у иудадзыг чырынмæ, мыййаг æм Уæсмæн исты куы фæныхила. Йæ фæстæ бады Уæсмæны 18-азыккон лæппу. Уымæ дæр Сæйтт йæ хъус дары…

Цы нæ вæййы!.. Мацы хинæй йыл рацæуæнт!

Кæсы Сæйтт стъолмæ, хъуыдытæ кæны. 40 азы цæры ацы дунейы. Нырæй фæндарастдæр никуы фæци. Бæх-иу адавта, æмæ-иу æй ахæстоны бадын бахъуыди, йе та-иу бæхы фæстæмæ байстой. Иухатт ын фæдис йæ цонг дæр фæцæф кодтой, мæнæ ныр дæр дзæбæх нæ тасы… Ныр афтæ хъуамæ мауал уа.

Чи зоны, йæ зæрдæйы дзæбæхæн ма хаттæй-хатт давынмæ дæр цæудзæн, фæлæ давæггаджы хъуаг нал уыдзæн… Цы цард æм æрхаудта æрæджиау! Нард род-иу аргæвддзæн æмæ æдзух дзидза гарчицæимæ хæрдзæн… Кæуылты чырын у, кæуылты! Æххуысгæнджытæм куынæ фæдзырдтаиккой, уæд æй уæрдоны сæвæрын ницæй тыххæй бафæрæзтаиккой… Хъуамæ дзы милуанæй къаддæр ма уа æхца… Йæ фарс ын къухæй куы басхуыста, уæд куыд ныззæланг кодтой… Гъе ныр афтæ аразынц æхцайы чырынтæ, исчи сæ куы гом кæны, уæд фæдис ныхъхъæр кæнынц… Хуыцауæй бузныг, Сæйтты рад дæр æрцыди, дзæбæх ацæрдзæн!

Уыди æмбисæхсæвмæ æввахс. Хъæуæй искæдæм давынмæ чи цыди, уыдон раджы ацыдысты. Иннæ хъæуккæгтæ, хуырхуыргæнгæйæ, хуыссынц. Нæ хуыссынц æрмæст Сæйтт, Уæсмæн æмæ сæ бинонтæ. Уыдон æмбырд сты иууылдæр Сæйтты дуарæхгæд хæдзары. Сывæллæттæ, къуымты бадгæйæ, æнхъæлмæ кæсынц чырыны байгоммæ. Уыдон æнхъæл сты æмæ дзы рахаудзæн къафеттæ, уырыссаг гуылтæ æмæ исты хъазæнтæ. Хъомылдæртæ æмбæрстой, æхцайы чырын кæй у, æмæ, дæрддзæф лæугæйæ, кастысты Уæсмæн æмæ Сæйтты къухты змæлдмæ.

Уæсмæн æмæ Сæйтт зылдысты чырыны алыфарс, агуырдтой йын йæ байгомгæнæн ран æмæ йæ нæ ардтой. Уæд Уæсмæн атъыста фæрæты роцъо сæрвæйнæджы бын. Фæйнæг скъæр-къæр кодта æмæ фæхицæн ис. Мæсты хъырныд æмæ дзынæзт айхъуысти уаты къуымты.

– Уый йæхæдæг у, гъе! – сцин кодта Уæсмæн.

Ныккастысты дыууæ лæджы чырыны хуылфмæ. Алырдæм дзы телтæ ивæзт, цавæрдæр къæбæлтæ дæр дзы бирæ.

Уæсмæн æрцавта фæрæтæй иу кæрон æмæ фæтарсти, тынг ныззæланг кодта чырын – сыхæгтæ куы фехъусой, уæд уыдон дæр хай агурдзысты. – Тагъд кæнынæй пайда нæй! – загъта Сæйтт. Сындæггай йын расыгъдæг кæнын хъæуы йæ фæдис хъæргæнæнтæ!

Боны цъæхмæ бирæ нал хъуыди, уæд чырын иууылдæр хицæнтæгонд фæци фæйнæгæй, телæй, къæбæлæй, фæлæ дзы æхца æппындæр нæ разынди.

х х х

Хæлддзæгты алыфарс фæлладæй æрбадтысты Уæсмæн æмæ Сæйтт. Сдзурын дæр, кæрæдзимæ бакæсын дæр нал уæндыдысты. Сæ кæрæдзийæ дæр æфсæрмы кодтой, сæ бинонтæй дæр. Фæлæ сæ тынгдæр æрдиаг уыди уый тыххæй, сомбон хъæубæстæ куы базоной ацы хъуыддаг, уæд сын уынгмæ акæсæн нал уыдзæн – худдзысты сыл!

Æвиппайды Сæйтт дыууæ къухæй йæ сæрмæ фæлæбурдта æмæ фæхъæр кодта:

– Фæндыр уыди! Фæндыр уыди!.. Цæй рох мæ фæци!

Радзырдта Сæйтт, чысылæй йæ фыдимæ суг куыд нылластой Дзæуджыхъæумæ, уым куыд федта иу чызджы ахæм фæндырыл хъазгæ. Уæсмæн, æнæ дзургæйæ, йæ сæр æрдиаггæнæгау банкъуыста. – Фæхудинаг стæм, хынджылæг фæкодтам нæхицæй!

Уым Сæйтты цæстытæ æррайы цæстытау ферттывтой.

– Цом, Уæсмæн, фæстæмæ! Ифтындзгæ дæ уæрдон! Хъуамæ худинагæй ма баззайæм!

– Никæд ныххатыр кæндзынæн ацы рæдыд мæхицæн! – загъта Уæсмæн æмæ сыстад йæ бынатæй. Иу 15 минуты фæстæ дыууæ уæрдоны ратылдысты уынгмæ. Уым Сæйтт æмæ Уæсмæны хъустыл ауади: “Бафснайут уæ уæрдæттæ, коммунисттæ схæццæ сты!”