“ФЫДÆБОНЫ ЧЫЗГ”

Колхозонтæ сæ сихор ахицæн кодтой.

Хæрæндонæй рацæуынц æртæйæ. Сæ иумæ – чиныг, йæ сыфтæ йын рафæлдах-бафæлдах кæны.

– Цы уын дзы бакæсон?

– Диссагдæр чи у, ахæм исты.

– Зæрдæйыл чи æмбæла, ахæм.

– Ис ахæм.. . Æрбадæм уæртæ уым бæласы бын бандоныл.

Æрбынат кодтой.

Рацæуынц дыууæйæ. Иуæн йæ къухты шашкæты фæйнæг, иннæйы къухты та шашкæты лагъз.

– Амбулдзынæн дæ абон.

– Фыццаг хæттыты хуызæн та æмбылды фæуыдзынæ.

Рацæуынц иннæ колхозонтæ дæр – нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ, фæсивæд. Зæрæдтæ æрбынат кодтой къулы рæбын, хурмæ (уалдзæг у, уазал у нырма) ныхас кæнынц, дзурынц алы хабæрттæ. Фæсивæд къордгæйттæ кæнынц, дзурынц, чи кæй бауарзта, чи кæй нал уарзы, чи кæй куры.

Мæнæ рацыди иу чызг фæндыримæ æмæ æрцагъта тымбыл кафты цагъд. Фæсивæд базмæлыдысты, байстой сæхи станы цур фæзмæ, æрлæууыдысты зиллакк, лæппутæ иуырдыгæй, чызджытæ – иннæрдыгæй.

Чидæр фæзынди хæдвæндæй:

– Æз дæн абон амонæг. Хъусут мæнмæ!.. Зиллакк ауæрæхдæр кæнут!.. Чызджытæ, чи уæ ракафдзæн раздæр?

Рацыди иу чызг, аленк кодта йæ къæхты фындзтыл. Йæ фæстæ йæхи ауагъта иу лæппу, хъæртæгæнгæ:

– Урц… урц!.. Æс… æс!..

Рацыди æндæр чызг.

Айхъуысти кæйдæр хæлæггæнæг хъæлæс:

– Стахановты раздзог! Кафты дæр йæхи разæй кæны!

Амонæг дзуры:

– Темболат, кæм дæ?

Амонæг зыдта, Темболат Динæйы кæй уарзы, уый.

Темболат ракъахдзæф кодта, фæлæ ам æрцыд æнæнхъæл цыдæр – иу чидæр фæраздæр ис æмæ уæртæ зилдух кæны Динæимæ.

– Æгъдау халыс, Тузар! – сдзырдта йæм амонæг, фæлæ йæ уый хъуыды дæр не ‘ркодта.

Роликтыл тулæгау ауагъта йæхи Динæ, рæсугъд азылдтытæ кæны ивæнты йæ къухтæ, цæстытæй хъазы, мидбылты худт æрвиты Тузарæн. Уый уынгæйæ Темболат та мæстæй судзы. Фæлæ мæнæ Динæ фæсындæгдæр кодта йæ кафт æмæ иуварсмæ фæласы йæхи.

Уый æмбарынгæнæн у кавалерæн, ома кафт фæци. Тузар йæ бынат бацахста лæппуты ‘хсæн, фæлæ Динæ зиллаччы астæуæй нæ ацыди. Фæндырдзæгъдæг бамбæрста Динæйы фæнд æмæ та базмæлын кодта йæ фæндыр.

Мæнæ та фæленк кæны Динæ, ныр йемæ зилæнтæ кæны Темболат, къухтæ фæйнæрдæм айсгæйæ, къæхтæй здухæнтæ кæны æмæ та фæхъæр кæны: – Урц… Урц!.. Æс… æс!..

Чызг цæстытæй хъазы, мидбылты худы Темболатмæ, ныфсытæ йын дæтты.

Фæсивæд сæхимидæг хъус-хъусæй:

– Фыдæбоны чызг у ацы Динæ!

– Сайæгой у!

– Хъаруджын чызг у!

Уый фæстæ кафынц æндæртæ. Фæсивæды фæндыди “симд” акафын, фæлæ уымæн рæстæг нæй, – мæнæ улæфты рæстæг фæци, æмæ та куыстмæ бавналын хъæуы.

х х х

Динæ асæй у рæстæмбис, мыдхуыз цæстытимæ, æлвыд къæбæлдзыг сæры хъуынтимæ. Уыди йын даргъ дзыккутæ – фадхъулты онг, фæлæ сæ фарон алвыдта. Бирæ аххытæ æмæ оххытæ фæкодтой бинонтæ, фыццаг хатт чызджы æлвыдæй куы федтой, уæд. Йæ мад æм æгас мæйы дæргъы дзыхæй дзургæ дæр нал скодта, суанг ма йæ хæдзарæй асурыны фæнд дæр кодта, фæлæ йын фæстагмæ ныххатыр кодта, – хъæубæсты чызджытæй æрмæст Динæ, мыййаг, куы нæ у æлвыд.

Динæмæ куысты мидæг уыди хицæн арæхстдзинæдтæ æмæ æгас бригады фыццаг стахановон дæр уый тыххæй сси. Йе ‘мбæлттæ йæ фарстой, куыд дын æнтысы, зæгъгæ, уыйас нартхор тонын кæнæ картоф къахын. Уый сын æмбарын кодта, æмæ йын иуæй-иутæ айстой йæ куысты методтæ, фæлæ йæ нырма æййафгæ ничи акодта.

Алы куыстмæ дæр Динæ у арæхстджын, æмæ йæм йе ‘мбæлттæй бирæтæ хæлæг кæнынц… Афон ын уыди моймæ цæуынæн дæр. Кусджытæ – бирæ, фæлæ сæ Динæ хъуыды дæр нæ кодта. Иу рæстæджы цымыдис адæймæгтæм афтæ кæсын байдыдта, цыма йæ зæрдæ дзуры Темболатмæ, æмæ уый тыххæй бирæ радзур-бадзур кодтой, уый фæстæ сæм афтæ кæсын байдыдта, цыма Темболаты нæ, фæлæ Тузары уарзы æмæ уæд та уый койæ ирхæфсын байдыдтой сæхи. Фæлæ Динæ йæхæдæг æппын никæмæн æргом кодта йæ зæрдæ.

Тузар æмæ Темболат уыдысты сахъ лæппутæ, æмгæрттæ, æмас, хæрзконд, рæсугъд. Сæ алкæмæ дæр афтæ касти, цыма Динæ уый уарзы. Барвыстой минæвæрттæ – фыццаг Темболат, уый фæстæ Тузар. Чызджы ныййарджытæ разы кодтой сæ иуæн дæр, иннæмæн дæр, фæлæ чызг йæхæдæг цæхгæр “нæ” загъта сæ дыууæйæн дæр.

– Цу, бамбар нын чызджы зæрдæ! – дзырдтой хъæубæсты. – Цæмæй сты æвзæр курджытæ? Æмæ йæм кæсут – “нæ”, дам.

– Уый Темболат дæр нæ уыдзæн, Тузар дæр, фæлæ æндæр исчи. Сусæгæй ацæудзæн Динæ ЗАГС-мæ æмæ ууыл ахицæн уыдзæн хъуыддаг, йæ ныййарджытæ йæ æрæджиау базондзысты.

– Цалынмæ йыл дзурæг арæх ис, уæдмæ йæхи хъал кæндзæн, стæй иу ницæйаг лæгмæ фæцæудзæн.

Ахæм æмæ уымæ гæсгæ койтæ цыди хъæубæсты Динæйы тыххæй. Темболат æмæ Тузар та кæрæдзимæ хæрам сысты: афæдзы æрдæджы бæрц кæрæдзимæ нæ дзырдтой. Колхозонтæ бафиппайдтой, дыууæ лæппуйы æхсæн хæрамдзинад æгæр кæй стыхджын ис, тарстысты се ‘хсæн исты фыдбылыз куы ‘рцæуа. Барвыстой чызгмæ иу дзырддзæугæ зæронд лæджы. Ницы нывыл дзуапп радта Динæ, афтæмæй фæстæмæ фæцыди минæвар.

– Арт у, арт, ацы чызг! – дзырдта уый хинымæры, йæ урс рихиты бынæй хин худт кæнгæйæ… – Фæлæ куы ницы фыдбылыз æрцæуид уый тыххæй!

Динæ-иу, æцæг дæр, хаттæй-хатт йæ цæст ахаста уыцы дыууæ рæсугъд лæппуйыл, æмæ сæ искæмæ моймæ ацæуа, уый тыххæй йæм хъуыды дæр никуы æрцыди. Фæлæ сæ исчи куысты куы фесгуыхид, уæд æм бæгуыдæр фæцæуид моймæ. Ныр, зæронды фæстæ кæсгæйæ, чызг хъуыды кодта: “Сахъ лæппутæ та куыд нæ сты, хæрзконд, рæсугъд, тыхджын, фæлæ лодыртæ, ницæйаг колхозонтæ. Абоны онг сæ иу дæр стахановон не сси… Æрмæст сæм уый ис – æддаг уынд!.. Фæлæууæнт, æз сын исты кæлæн сараздзынæн!..”

х х х

Иухатт колхозонтæ рывтой нартхор Цæлыччы быдыры.

– Дзæгъæлы фыдæбон кæнæм, – сдзырдта иу, – ницы райсдзыстæм ацы æнамонд зæххæй.

– Бæгуы дæр ницы райсдзыстæм, – загъта æндæр. – Хур та йæ басудздзæн, иу хал дæр дзы нал баззайдзæн.

Динæ куыста дзурджытæм хæстæг æмæ ныхасы йæхи фæкодта: – Ферганы каналы тыххæй фехъуыстат? Йæ дæргъ у дыууæ сæдæ æвдай километры. Узбекистаны колхозонтæ йæ сæхæдæг сарæзтой цыппор фондз боны дæргъы. Ферганы стонг быдыр бафсæсти донæй.

Динæйы раз чи уыд, уыдон æм ныхъхъуыстой.

– Ацы ран, æмбæлттæ, фæндзай километрæй фылдæр нæ уыдзæн, – дзырдта дарддæр Динæ. – Ау, мах нæ бафæраздзыстæм фæндзай километры иу мæймæ бакусын? Цæйут æмæ байдайæм кусын! Стонг быдыр бафсæддзæн донæй æмæ дзы алцы дæр хорз зайын байдайдзæн.

Ныхъхъуыды кодтой колхозонтæ. Алырдыгæй айхъуыстысты дзырдтæ: – Раст зæгъы Динæ!

– Цæуылнæ сараздзыстæм?

– Дыууын бонмæ йæ сараздзыстæм?

– Фынддæс бонмæ!

Бауынаффæ кодтой улæфты рæстæджы колхозонты фæнд сæрдарæн базонын кæнын.

Цæлыччы колхозонты фæндонты тыххæй уайтагъд хабар айхъуысти иннæ бригæдтыл æмæ сыхаг колхозонтыл.

– Фыдæбоны чызг у уыцы Динæ, – дзырдтой колхозонтæ, – цы та сфæнд кодта?

х х х

Республикæйы партион æмæ советон организацитæ æрлæууыдысты хъуыддаджы сæр, æмæ куыстытæ сцырын сты.

Инженертæ кæронмæ сбæрæг кодтой каналы трассæ. Æвæрд æрцыдысты шурфытæ æмæ трассæйы бæрæггæнæн нысæнттæ.

Куысты рæстæджы Темболат амбæлди Динæйыл.

– Цæй-ма, цы зæгъыс, Динæ, мæнмæ æви Тузармæ?..

Динæйæн йæ фæнд цæттæ уыди, фæлæ уæддæр иу секунды бæрц æнæ дзургæйæ алæууыдис, стæй бахудт æмæ загъта:

– Каналы куыстытыл хуыздæр æвдисæгтæ кæмæ разына, уымæ… Чызг фæцæуы. Лæппу лæугæйæ баззади. Ныхъхъуыды кодта. Æхсæны хъæзтыты Тузарæн бар ницæмæй уагъта. Ам дæр се ‘вдисæгтæ æмхуызон куы разыной, уæд та? Хъуыддаг уæд æнæ лыгæй баззайдзæн, æндæр цы? Нæ, хъуамæ сбæрæг кæна хъуыддаг. Аййæфта чызджы.

– Хъус-ма, Динæ, нæ куысты æвдисæгтæ æмхуызон куы разыной, уæд та куыд уыдзæн?

– Уый тыххæй дзурын нæма хъæуы, – дзуапп радта чызг.

Динæ йæ фæндон Тузарæн дæр фехъусын кодта.

Райдыдтой кусын. Боныхъæд уыди хорз. Уалдзыгон хур æрттывтытæ калдта æмæ йæ хъарм тынтæй рæдау тавта кусджыты. Дæсгай мин адæймæгтæ киркæтæ æмæ белтæй къахтой Цæлыччы быдыры нард саумæр. Адæймагæн ам сæфтысты йæ фæллой, йæ рæстæг æмæ йæ тауинæгтæ бирæ азты дæргъы. Ныр мæнæ æрæмбырд сты ам адæм æнæпайда зæхх донæй бафсадыны тыххæй, кæд, чи зоны, хорз тыллæг дæттын байдаид. Куы иу ранæй, куы иннæ ранæй, хъуыстысты инженертæ æмæ техникты амынддзинæдты хъæртæ. Кæмдæрты дзы, дæлбазырты бын хæринаггæнджытæ цæттæ кодтой хæринаг канал аразджытæн. Зард, худт, хъазæн ныхæстæ, бæхты уаст, цæлхыты гыбар-гыбур æмæ машинæты машинæты æхситтытæ сиу сты æнæскъуынгæ уынæры. Æнусты-æнусон уæйыг Хъазыбеджы хох, урс худы бын, хъуынджынæрфыгæй касти, ныронг цы ныв нæма федта, уымæ, æмæ дис кодта. Уыйбæрц цыдæртæ федта йæ цæрæнбонты. Йæ зæрдыл лæууы, лæгæтты куыд цардысты хъуынджын адæм къордгæйттæй æмæ хом фыд куыд хордтой. Уый федта, куыд цардысты адæм цуанæй æмæ кæрæдзи стигъынæй. Уый фæстæ уыдта – мæнæ кæрæдзи ныхмæ фесты дыууæ мыггаджы, – мæрдтæ фæвæййынц куы иуырдыгæй, куы иннæрдыгæй, æмæ-иу афтæ ахаста дæсгай азтæ, цалынмæ дыууæ мыггагæй иу бынтон скъуыд фæцадаид, уæдмæ. Мæнæ хохаг ирон йæхиуыл æрбабаста бæндæн, йæ кæрон ын афидар кодта михыл æмæ фæбыры хæрд къулыл, дæлæ кæмдæр кæрдæджы муртæ кæм зыны, уырдæм æмæ сæ кæрды, кæрды сæ æмæ зары, æмæ йæ зард зард нæу, фæлæ æрдиаг æмæ хъаст уæларвмæ йæ мæгуыр царды тыххæй. Мæнæ хохы цъассы цæрæг лæг æрцыди быдырмæ, ауæй кодта цыхты гуымбыл æмæ хъуыны тыхтон, йæ хæрæгыл сæвæрдта нартхоры уаргъ æмæ фæцæуы фæстæмæ йæ хæдзармæ къæдзтæ-мæдзтæ къахвæндагыл. Хæрæг цæуы размæ, йæ къæхтæ хъавгæ исгæйæ, фæлæ мæнæ иу фæзилæны фæцудыдта æмæ йæ уаргъимæ ахаудта æнæбын дæлджинæгмæ. Йæ хицау, катай кæнгæйæ, кæсы бынмæ, фæлæ дзæгъæл у йæ каст – уырдæм фæндаг нæй. Бирæ, бирæ диссæгтæ федта Хъазыбеджы хох йæ царды бонты, фæлæ ныр цы диссæгтæ цæуы, ахæмтæ йæ фыны дæр никуы федта.

Хæхтыл гæрдынц фæтæн фæндæгтæ æмæ сыл фæйнæрдæм згъорынц цавæрдæр машинæтæ æнæ бæхæй, æнæ галæй, йæ сæрты тæхынц æндон мæргътæ дуæрттæ æмæ рудзгуытимæ, кæцытæй зынынц адæймæгтæ, ныр та далæ бынæй, Цæлыччы быдыры, фæндзай километры бæрц адаргъ сты адæм æмæ кæнынц ног диссаг – донæй бафсадынмæ хъавынц, донхорыг чи нæ у, уыцы зæххы, райсынмæ хъавынц хъæздыг тыллæг уыцы зæххæй, кæцы уыди адæмæн æрмæст мæстæймарæн.

х х х

Тузар æмæ Темболат уыдысты диссаджы кафаг лæппутæ, бæхыл хъазынмæ дæр сæ ничи æййæфта, чызджытимæ дæр зæрдæмæдзæугæ ныхæстæ акæнынмæ тынг арæхстысты, фæлæ куысты мидæг нымад уыдысты фæстæгтимæ. Ныр ма уыдон никæмæ расидтысты ерысы куыстмæ, сæхæдæг дæр ерысмæ сидтæн дзуапп никуы ма радтой. Колхозы мидæг сæ ном уыди “ницæйаг колхозонтæ”. Каналы куыстмæ куы бавнæлдтой, уæд сын фыццаг ницы уыйас æнтысти, сæ сыхæгтæ къахтой фылдæр кубометртæ. Фæлæ ныр дыууæ æндæуæгъы бахъуыди сæ хъару равдисынæн, æмæ сæ алчи дæр кусгæ- кусын хъуыды кодта ахæм мадзæлттæ, сæ æнтыстдзинад сын чи фæфылдæр кодтаид, æмæ рæхджы сæ дыууæ дæр федтой, фылдæр сын æнтысын кæй байдыдта. Кусгæ кодтой хицæн участокты, фæлæ сæ зæххы хъæд иухуызон уыди æмæ уымæ гæсгæ рамбулыны фадæттæй хъауджыдæр нæ уыди, – хъуыддаг æнцади хи фылдæр хъарыныл æмæ куысты методтæ хуыздæр кæныныл. Бирæтæ куыстой каналыл ерысæй, мæнæн фылдæр бантысайæ, æз фæраздæр уонæй, фæлæ уæлдай тыхджын ерыс цыди Темболат æмæ Тузары æхсæн, – æмæ куыннæ – чи фæуæлахиз уыдаид, уымæ æнхъæлмæ касти стыр амонд. Уыдон бонæй-бонмæ зынгæ фылдæр кодтой сæ æнтыстдзинад. Канал арæзт фæци. Хуымæтæджы дон бабырста каналмæ æмæ уынæргæнгæ æмæ фæйлаугæ ауагъта йæхи дæлæмæ – дарддæр æмæ дарддæр. Адæм фырцинæй цæссыгтæ калдтой, худтысты, кафыдысты, сæ худтæ уæлæмæ æппæрстой. Æмæ куыннæ – нырæй фæстæмæ Цæлыччы быдыры дзæгъæлы нал сæфдзысты адæймаджы рæстæг, фæллой æмæ тауинæгтæ, нырæй фæстæмæ дзы абухын байдайдзæн уæлæмæ алы халсар, йæ уындæй рухс кæндзæн адæймаджы зæрдæ.

Канал байгомы охыл куывд йæ тæккæ цырыныл куы уыд, уæд Тузар æмæ Темболат бахыгътой сæ куысты бæрæггæнæнтæ – Тузар баззади састы бынаты. Бацыди Темболат Динæмæ, фæрсы йæ:

– Зоныс хабар?

– Зонын.

– Уæдæ цы зæгъыс?

– Цы зæгъын? Æз мæ дзырд нæ сайын, – кæд дæ фæнды, ныртæккæ дæр цом ЗАГС-мæ.

Тузар сæ хъуыды дардта. Бацыди Темболатмæ, йæ къух ын райста æмæ загъта:

– Арфæ дын кæнын дæ уæлахиздзинады тыххæй. Дæ хай уыди чызг. Фидыц æмæ амондимæ цæрут.

Дыууæ знаджы уæдæй фæстæмæ балымæн сты æмæ арæх фæсидынц кæрæдзимæ ерысæй куыстмæ. Ныр уыдон ничиуал хоны “ницæйаг колхозонтæ”.

* Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971