ФЫДБЫЛЫЗ

Батырбеджы хъуыддаг хорз ацыди. Компани уарзаг уыди æмæ-иу иунæгæй куы аззади, уæд цы ракодтаид, уый нæ зыдта. Фылдæр рæстæг æм хъуамæ исчи цардаид, исчи æнæфатер, æнæбынат, æнæ ‘хца адæмæй, æмæ-иу ын уыдон хæссинаг уыдысты, – афтæмæй йæхæдæг лæуд уыди чысыл бынаты, реалон скъолайы надзирателы бынаты æмæ мызд иста æрмæст æхсæз туманы. Ныртæккæ йæм ничи уыди æмæ тынг хъыг кодта. Æрæгмæ сыстади Батырбег ацы хуыцаубоны йæ хуыссæнæй. Тагъд дæр кæдæм кодтаид, – кусынмæ йæ цæуын нæ хъуыди абон. Иннæ бонты баст уыди службæйы, фæлæ абон сæрибар адæймаг у. Сыстади, йæхи цæхсадта, æддаг хæдон акодта, æфцæггот ыл æрфидар кодта æмæ галстук бæтты.

Къуырцц… Къуырцц… Къуырцц…

Чидæр дуар æрбахоста.

– Чи дæ уый? Мидæмæ!

Дуар байгом ис.

Йæ иу къухы чемодан, иннæйы хуыссæнты баст, афтæмæй базынди ныллæггомау саурихи лæг, – цыдаид ыл 30 азы бæрц. Уазæг йе стыр сау цæстытæй алырдæм адзагъултæ кодта, æнæ дзургæйæ чемодан æрæвæрдта уаты рахизырдыгæй къуымы, хуыссæнты баст ын йæ уæлæ æрæппæрста.

– Гъе ныр дæ райсом хорз æрбауæд, Батырбег!

– Гъе ныр хорз цæр æмæ æгас цу, Къоста! Кæцæй фæдæ?

– Раст кæцæй рацыдтæн, уырдыгæй.

– Æмæ уæддæр?

– Æмæ уæддæр нæ зоныс, кæм цардтæн, уый?

– Зонын, фæлæ цæмæн рацыдтæ?

Уазæг æрбадти æртæкъахыг венаг бандоныл. Венаг бандонæн вæййы цыппар къахы, фæлæ ацы бандонæн йæ иу къах йæ уæлæ нал уыди, цы фæци, уый Батырбег йæхæдæг дæр нæ зыдта, стæй ма йæ уазæг кæцæй базона! Æрбадти уазæг уыцы бандоныл, – иннæтæ ноджы фыддæр уыдысты, – кæмæн дзы бын нæ уыди, кæмæн чъылдым, – æрбадти æмæ йæ иу къах зулмæ сарæзта, куыд нæ афæлдæха, афтæ.

– Цæмæн рацыдтæ, зæгъыс? Дзуапп радтын зын у уыцы фарстæн. Мæ фысымтæй рафæлмæцыдтæн… Æдзух – “æри æхца… æри æхца!” Мæнмæ та æхца нæй. Ацы фæстаг рæстæджы тынг æнæ ‘хца сдæн, æмæ, уымæ гæсгæ, зын зæгъæн у, æз мæ фысымтæй рафæлмæцыдтæн, æви фысымтæ мæнæй рафæлмæцыдысты. Иудзырдæй, нæ характертæ иухуызон нæ разындысты. Уыдон фатеры мызд агурынц, мæнмæ та мызд бафидынæн æхца нæй… Æмæ уал мæнæ дæумæ æрфысым кæнон… Цы дын зæгъын, уый зоныс? Знон райсомæй нырмæ мæ дзыхы хойраджы мыггагæй ницы уыди. Цай ацæттæ кæн, æмæ дæм кæд кæрдзын ис, уæд уыимæ ахуыппытæ кæнон.

Батырбег галстук абæттынмæ дæсны уыди, фæлæ ацы хатт нал арæхсти, ныр дæр ма йæ баст нæма фæци. Къостайы æрбацыд… Хетæгкаты Къостайы æрбацыд ын æхсызгон уыди. Ныр иунæгæй хъыг нал кæндзæн, йæ рæстæг дзæбæх æрвитдзæн… Номдзыд Къоста – поэт, нывгæнæг, – кæм æмдзæвгæтæ кæсдзæн, кæм нывтæ фысдзæн.

Батырбег йæ галстук баст фæци æмæ загъта:

– Кæй æрбацыдтæ, уый хорз. Мæнæ дын уат, цас дæ фæнды, уыйас дзы цæр. Цай æз ныртæккæ ацæттæ кæндзынæн…

х х х

Чысыл самовар стъолыл сыр-сыр кодта. Йæ тæф уæлæмæ бырста æмæ фæйнæрдæм хæлиу кодта. Батырбег дыууæ агуывзæйы æрæвæрдта самовары къраны раз. Къран баздухынмæ куыддæр бавнæлдта, афтæ дуар бахостæуыди.

– Мидæмæ! – сдзырдта Къоста.

Дуар байгом ис. Иу къухы – чыргъæд, иннæйы – хуыссæнты баст, афтæмæй бацыдис уатмæ иу 27-азыккон лæг, саулагъз, схъæлфындз, йæ зачъе даст, рихитæ цыбыр æлвыд. Æрæвæрдта уаты астæу йæ дзауматæ, систа йæ худ галиу къухæй, йæ дзыппæй рахиз къухæй сласта къухты кæлмæрзæн æмæ йæ хид сæрфы цæсгомæй, сæрæй, бæрзæйæ.

– Бафæлладтæн… О, хæдæгай, уæ райсомтæ уал хорз уæнт… Курскаг слабодкæйæ ардæм афтидæй фæцæуын дæр зын у, ам та уыйас дзауматимæ! Файтон аххуырсон, зæгъгæ, æмæ, дам, дыууæ абазийы. Мæ дзыппы та фондз суарийы йедтæмæ æхца нæй… Къоста та ам цы ми кæны?

– Куыд дæм кæсын, афтæмæй раст ды цы ми кæнынмæ фæцыдтæ ардæм Курскаг слабодкæйæ, æз дæр уыцы ми кæнынмæ æрбацыдтæн абон, – загъта Къоста.

“Хуымæтæджы нæ фæзынди, æвæццæгæн, маргъау сбæгънæг ис, – йæхинымæры хъуыды кодта Къоста. Æнæзонгæ нæ уыди уыцы адæймаг Къостайæн, хæлар дæр ма уыдысты.

– Фæлæ йыл цы ‘рцыди? Йе ‘фсымæр облæстон газеты редактор куы у, хца бирæ куы исы…”

– Цы æнæбары бон дыл æркодта, æмæ уырдыгæй ардæм ахæм уаргъ фæхæссай? – бафарста Къоста.

– Æнæбары бон, зæгъыс? Уымæ гæсгæ у, æвæццæгæн. Ме ‘фсымæримæ фæхыл дæн. Алывыд ын фæкалдтон æмæ рацыдтæн. Стыр бынаты ис æмæ иннæ адæмы æппын ницæуыл нымайы.

– Уæдæ кæд афтæ у, уæд мын ды дæр æмбалæн бæззыс. Къордæй иумæ стонгæй мæлын æнцондæр у.

– Æввонгхортæ-йедтæ мын фæдзырдта æмæ йын æз дæр хорз фæдæн. Йæ зæрдыл бадардзæн мæ дзæбæх ныхæстæ… Фæлæ, Къоста, ды та кæцæй æрбахаудтæ ардæм? Æз афтæ æнхъæл уыдтæн, æмæ дыууæ уыдзыстæм, æз æмæ Батырбег æмæ, загътон, истæмæйты цæрдзыстæм… Ныр… Батырбег бахудти.

– Ма тæрс, Иван Абрамыч, дыуæйæн цас хъæуы, æртæйæн дæр уымæй фылдæр нæ хъæуы!

Вертепов, афтæ уыди дыккаг уазæгæн йæ мыггаг, йæ пъалто раласта æмæ йæ иннæ дзауматыл баппæрста.

– Оф… оф… оф!.. – загъта æмæ æрбадти йæ чыргъæдыл. Йæ хид та асæрфта.

– Бафæлладтæн (фæкомкоммæ ис самовармæ)… æркæнут-ма! Æз дыккаг бон, цай цы у, уый куы ферох кодтон.

Иван Вертеповы сæры стыр хъуыдытæ уыди, дардыл фæндтæ кодта. Зарынмæ дæсны,

– йæ хъæдабæйау фæлмæн баритонæй-иу куы зарыди, уæд бирæтæ дзырдтой, цы ми кæны ам, Италийы дæр, зæгъгæ, карьерæ куы скæнид! Иннæмæй та уый уыди диссаджы актер, фæлæ – йæ хъысмæт афтæ уыди, æви йæ цæсгомы конд хорз нæ рауади – театрмæ йæ æмгæрон дæр нæ уагътой.

– Фæлæууæнт, æз сын фенын кæндзынæн! – афтæ-иу æртхъирæн кодта.

Æртхъирæн кодта, фæлæ уал ныр йæ гуыбын афтидæй хаста. – Æркæнут цай! Рæхджы, рæхджы мæ хъуыддаг фæуæлахиз уыдзæн, æмæ уæд сæн æмæ физонæг нæ разæй цух нал кæндзысты.

Кадиты Батырбег, мидбылты худгæйæ, иу къуымæй иннæмæ рацу-бацу кодта. Æрлæууыди æмæ сдзырдта:

– Дунейы стырдæр адæймæгтæй цыппар баиу сты. – Иннæтæ йæм, дис кæнгæйæ, бакастысты.

– Цыппар стæм бæлвырд, – загъта Батырбег. – Стыр поэт æмæ нывгæнæг Къоста, стыр артист Вертепов, стыр æнæкъона интеллигент Тушманов æмæ реалон скъолайы стыр надзиратель Кадиты Батырбег, – уый дæр сымах сыхагдзинады руаджы сыстыр ис.

– Мах стæм, фæлæ Тушманов та кæм ис?

– Ардæм æй хъæуы. Знон мын загъта, – фатер, дам, мын нæй, æмæ цалынмæ мæ хъуыддæгтæ рæвдз кæной, уалынмæ уал дæумæ æрцæрон. Мæнæн æхсызгон уыди, иунæгæй сфæлмæцыдтæн, фæлæ ныр мæ хъуыддаг иууыл хорз рауадис, – цыппар баистæм.

Æртæ лæджы сæ тæккæ цайцымыныл уыдысты, афтæ Тушманов дæр æрбахæццæ ис, йæ къухы баз æмæ хъæццул синагæй бастæй.

– Байрæджы кодтай, – сдзырдта йæм Батырбег, – уыныс? Хуыздæр къуымтæ ахст фесты.

Тушмановæн хъыг уыди, иннæ дыууæ уазæджы ам кæй фегуырдысты, уый. Хæлæрттæ уыдысты, фæлæ дзы ардæм цæугæйæ, цæрыны тыххæй цы ныфс уыди, уый фæкъаддæр ис, – ныфс дзы афтæ уыди, æмæ хъуаг бонты Батырбегæй истаид æфстау æхца. Нырма уый кæм ис – уал æгуыст адæймаджы фаг кæцæй уыдзæн Батырбеджы мызд!

– Мæнæн уæлдай нæу, – загъта Тушманов, – æз дзы бирæ нæ фæцæрдзынæн. А дыууæ боны мæ хъуыддæгтæ срæвдз уыдзысты æмæ уæд – хæрзбон!

– Мæнæ уын уат, цас уæ фæнды, уыйас дзы цæрут! – загъта Батырбег, агуывзæты цай кæнгæйæ, – фæлæ хæлцы тыххæй æппындæр мæнмæ æнхъæлмæ ма кæсут. Æхсæз туманы исын æмæ мæхи фаг дæр не сты. Мæнæ уын самовар, агуывзæтæ, аг дæр ис, фæлæ тæбæгътæ æмæ уидгуытæ фаг нæй. Ссарут уæхæдæг. Дон – дæлæ будкæйы, – хæсдзыстæм радыгай… Хъусут!

Уыцы минутыл ныццавта Ирыхъæуы аргъуаны дзæнгæрæг сихоры аргъуыдмæ.

– Хъусут? Музыкæ дæр нæм ис. Хуыздæр нæм хъуыса, зæгъгæ, уæд- иу рудзгуытæ байгом кæнут…

х х х

Æртæ уазæджы ныр уазджытæ нал уыдысты, фатер уыдон баци, сæ бон, се ‘хсæв уым æрвыстой. Рæстæгæй-рæстæгмæ куы сæ иу, куы иннæ цыдис горæтмæ, æртхъирæн кæнгæйæ:

– Фæлæуут, мæнæ æз мæ хъуыддаг ахицæн кæнон, стæй уæд хъæздыг цард кæнын

байдайдзыстæм! Фæлæ уыцы æвзæр рæстæджы сæ иу дæр нæ хæст кодта куыстыл.

Сæ иуæн дæр йæ хъуыддаг нæ рæстмæ кодта. Къоста фыста нывтæ, фæлæ сæ æлхæнæг

нæ уыди. Искуы дзы иу фæуæй уыдаид, иукъорд сомтæ дзы райстаиккой æмæ сæ-иу

уыцы бон ахордтой. Сеппæтæй ныфсджындæр уыди Вертепов. “Гайдамактæ” йæ дзыхæй нæ цух кодта. Уый арæзта украинаг труппæ, фæстæдæр ын æнтысгæ дæр бакодта. Труппæ “Гайдамакты” ном æгас Уæрæсейыл айхъуысти. Фæлæ уал абон уыцы фæндтæй йæ дзыпмæ ницы хаудта æмæ уал æнхъæлмæ касти, кæд, зæгъгæ, иннæ æмбæлттæй исчи исты самал кæнид. Нæй, иннæ æмбæлттæ дæр амалæй тыхджын нæ уыдысты. Къостайы амæлттæ зындгонд уыдысты. Тушмановы амæлттæ та уыдысты афтæ, æмæ æдзух митæй мæсгуытæ амадта, – абон-иу цы мæсыг самадта, уый-иу райсом атади.

Цъиуы лæппынтæ ахстоны мидæг сæ мады фæзындмæ æнхъæлмæ куы кæсой, афтæ-иу æртæ лæджы æнхъæлмæ кастысты Батырбеджы фæзындмæ. Уый таучел адæймаг уыди, кæд фыццаг бартхъирæн кодта, хæлцы тыххæй мæнмæ æнхъæлмæ ма кæсут, зæгъгæ, уæддæр йæ зæрдæ нæ лæууыди, цы мызд иста, уый цыппар адæймагыл æмхуызон хардзгонд цыди. Фæлæ цас фаг уыдаиккой æхсæз туманы? Æртæ уазæджы дæр, сæ бон цы уыди, уый кодтой. Сæ бон та уый уыди, æмæ сæ уæлдай дзауматæ уæй кодтой толкучкæйы. Дыккаг хæлаф, дыккаг хæдон, дыккаг æндæр исты дзаума никæмæуал баззади. Æрцыди ахæм рæстæг дæр, æмæ цыппар адæймагæн æппындæр бахæринаг ницыуал уыди. Къорд бонты дæргъы афтид кæрдзыны къæбæр мондагæй агуырдтой. Хуыз сæ нал уыди, сæ рустæ бахаудтой, уатæй æддæмæ нал цыдысты, сæ мæгуырдзинад сын куыд ничи уыдтаид, уый тыххæй, фæлæ сæ искæмæн æдзæугæ нал ис, зæгъгæ, кæртмæ кæнæ æндæр искуыдæм, уæд хъуамæ райстаид спичкæйы хъæд æмæ цыдаид йæ дæндæгтæ схъаугæ. Фыццаджыдæр афтæ бакодта Къоста æмæ иннæтæн дæр загъта, зæгъгæ, афтæ хуыздæр у. Хуыздæр та уый тыххæй хуыдтой афтæ, цæмæй хæдзары хицау Петухова ма базона, маргъау бæгънæг кæй сты, уый. Батырбег мæйы бæрц фатеры мызд нæ бафыста, цы иста, уый уазджытыл хардзгонд цыди. Петухова йæ нæ тыхсын кодта, фæлæ йæм æхца нæй, уый базыдта, зæгъгæ, уæд асурыныл дæр нæ бацауæрстаид. Тæккæ æрæджы иу фатеры цæрæджы афтæмæй фæсырдта.

Уыцы Петухова, хуыдтой йæ Петушихæ, царди къæридоры кæрон иунæгæй. Хуыдтой йæ хъæздыг. Сыхбæсты зындгонд уыди, уый æхца пайдайыл кæй лæвæрдта. Фатеры йæм чи царди, уыдонмæ хæстæг нæ цыди, фатеры мызд сæ иста, уый йедтæмæ семæ нывыл ныхас дæр нæ кодта. Иу бур гæды йæм уыди, æмæ йæ ныхас, йæ хъазт, йæ цин – иууылдæр уыимæ.

х х х

Иубон Батырбег ссыди йæ службæйæ. Уаты дуары хъист куы фæцыди, уæд æртæ “уазæджы” сæ хуыссæнтæй сæ сæртæ схъил кодтой æмæ сæ æмхуызонæй фæстæмæ æруагътой. Иннæ хæттыты-иу Батырбег чысыл исты хæринаг уæддæр æрбахаста йемæ. Фæлæ ацы хатт йæ къухты æппындæр ницы уыди, ноджы йæ цæстæнгасыл зынди, йæхæдæг дæр стонг кæй у. Ницы сдзырдтой æртæ лæджы Батырбегмæ. Ницы сæм сдзырдта Батырбег йæхæдæг дæр, афтæмæй йæ батинкæтæ æмæ йæ пиджак раласта æмæ æрхуыссыди йæ хуыссæны.

– Йе… йех! – мæстыгæр уынæргъд ныккодта Къоста. Йæ къухты уыди чиныг, аппæрста йæ иуварс, аздæхта йæ цæсгом къулырдæм, йæ зæрды уыди фынæй кæнын… Фæлæ кæм уыди фынæй, – стонг адæймагæн йæ фынæй дæр фынæй нæу – афтæ удхары сæнттæ.

Изæрдалынгтæ кæнын байдыдта, афтæ Къостайы хъустыл ауади хъус- хъусæй ныхас. Бирæ нæ ахаста ныхас, афтæмæй бамынæг ис. Къоста дзы ницы бамбæрста. Дис кодта – йе ‘мбæлттæ йæ разы афтæ хъус-хъусæй никуы дзырдтой. Цы дзы æмбæхсынц, цымæ? Йæхи фынæй æфсон скодта, хуыр-хуыр кодта, фæлæ ныхасгæнæг нал уыди. Сахаты бæрц рацыдаид. Къоста хуыссы æнцад, хъуыдытæ кæны, чысылгай йæ хъуыдытæ рæдзæ- мæдзæмæ здæхынц. Æвиппайды йын йæ сæрымагъз ныццавта æнахуыр уынæр – цæйдæр сыф-сыф цæуы. Байхъуыста дзæбæхдæр – чидæр ссоныл кард цыргъ кæны, – афтæ æмбары Къоста уынæр. Уынæр фæсабыр вæййы хъус- хъус ныхасы æхсæн æмæ та райдайы.

– Бæлвырд, ме ‘мбæлттæй чидæр кард цыргъ кæны, – загъта хинымæры Къоста. – Фæлæ цы хабар уа уæддæр?! Мацы фыдбылыз сфæнд кæнæнт. Артисттæ æмæ æндæртæ сты, фæлæ стонгæй мæлæг адæймаг… Ацы ран Къостайы сæрымагъзы фегуырди ахæм хъуыды, кæцы йæ æмризæджы сризын кодта. Чысыл ма бахъæуа, ма фæгæпп кæна йæ хуыссæнæй, фæлæ баурæдта йæхи, загъта хинымæры:

– Бакæсон сæм æххæст. Марыны фæнд кæй скодтой, уый æцæг у, фæлæ сын хъуамæ ма бантыса! Нæ сæ бауадздзынæн!

Ныхас аскъуыди, ссоны сыф-сыф дæр нал хъуысы, уынджы уынæр дæр бамынæг ис. Горæты ацы кæрон раджы хуыссын ахуыр сты.

Хуыссы Къоста, хуыр-хуыр кæны. Мæнæ та йæ хъустыл ауади цыдæр уынæр – уый уыди сындæг змæлды уынæр, уый фæстæ хъавгæ къахдзæфты уынæр. Уалынмæ дуар сындæг байгом чындæуыди æмæ йæ фæстæмæ сæхгæдæуыди. Къоста хуыссæны сындæг раздæхти иннæрдæм. Æртæ лæджы уаты нал уыдысты. Æртæ афтид хуыссæны цур лæууыдысты батинкæтæ. Цы йæ фæхъуыды кæнын хъуыди Къостайæн – йе ‘мбæлттæ барæй цыдысты афтид цъындаты, сæ къахдзæфты уынæр куыд нæ хъуыстаид, афтæ. Рабадти Къоста, йæ батинкæтæ тагъдгомау йæ къæхтыл ацавта æмæ, дуар æнцад байгом кæнгæйæ, рацыди тыргъмæ. Уым йе ‘мбæлттæй ничи уыди. Мардзысты йæ, мардзысты йæ, зæгъгæ, талынг къæридоры бауади Петушихæйы фатеры дуарырдæм. Дуар æхгæд. Йæ разы ничи ис.. Уæдæ цы фесты, цымæ? Рауади фæстæмæ æмæ цæуылдæр йæ къах скъуырдта. Асин… Арæзт уыди цармæ хизæн хуынкъмæ… А… а… уæдæ, æвæццæгæн, цары фæйнæджытæ сисдзысты æмæ афтæмæй ныххиздзысты уыцы æнамонд зæронд усмæ.

Тагъд-тагъд суади Къоста асиныл. Бакасти цары талынгмæ. Йæ хъустыл ауади:

– Голлаг æри тагъд… – Уыцы дзырдимæ цары талынг байдзаг ис базырты пæр-пæрæй.

Фырджихæй Къоста йæ дзых бахæлиу кодта, афтæмæй аззади иу минуты бæрц, стæй йæ дзыхы дзаг æхсызгон худт ныккодта. Бамбæрста хъуыддаг: уыцы цар уыди дзæгъæл бæлæттæн æхсæвиуат… Къоста йæ худт куы фæурæдта, уæд æм райхъуысти Вертеповы ныхас.

– Æнæрай скæн дæ худтæй! Худыны бæсты цу æмæ нын арт акæн! Афтæ ахицæн ис уыцы “фыдбылыз”.

* Коцойты Арсен. Уацмыстё. Чиныгуадзён «ИР». Орджоникидзе. 1971